Яндекс.Метрика

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал

АДÆМОН СФÆЛДЫСТАД

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ХАБÆРТТÆ
УЫЙ ДÆР ХÆДЗАЙРАГ У

Хъалæгаты Гæуысæн уыдис бинойнаг – Кочиты чызг. Цардысты «а» æмæ «о»-йæ. Гæуыс цы нæ куысты бацыдаид – алцы дæр ын æнтысти, алцæмæ дæр дæсны уыдис. Уалдзæг райдыдта, зæгъгæ, уæд-иу æй адæм фарстой, кæд æмæ кæм байтауой хор. Æмæ-иу никуы фæрæдыдысты. Афтæ – æндæр хъуыддæгты дæр.

Адæм дис кодтой, куыд дæсны, куыд зондджын у, ууыл. Фæлæ æрмæст йæ мад зыдта, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Гæуысæн ма æндæр бинойнаг дæр уыдис хæйрæджытæй, æмæ йын уый æххуыс кодта, алцы дæр ын амыдта.

Иу рæстæджы Кочиан ауыдта, сылгоймаг чындзы дзаумæтты уатæй куыд рацæйцыд, афтæ. Диссаг æм куыд нæ фæкаст, фæлæ сылгоймаг цыдæр æрбаци. Хæдзармæ (цæлгæнæнмæ) йе ‹фсинмæ бацыд æмæ йын хабар радзырдта.

– Æрсабыр у, уым диссагæй ницы ис. Кæй федтай, уый дæр нæ хæдзайраг у. Ды цы бынат ахсыс ацы хæдзары, уый дæр уыцы бынат ахсы, – дзуапп ын радта æфсин.

Кæсын дарддæр

Уæд уый Гæуысæн загъта, мæ цæгатмæ цæуын, демæ нал цæрын, зæгъгæ.

Гæуыс æй æрсабыр кодта, æз æрмæстдæр дæу уарзын, зæгъгæ.

– Æмæ кæм вæййы, уынгæ дæр æй куы никуы кæнын? – бафарста ус.

Цы гæнæн ма уыдис Гæуысæн дæр, басасти, уыцы сылгоймаг хæйрæг у, зæгъгæ. «Дæ бæсты алцыдæр бакæны, нæ цард дæр хорз уый тыххæй цæуы, стæй арæхдæр ам нæ вæййы», – загъта лæг.

Ус дæр æрсабыр, фæлæ хæйрæджы никуы федта. Афтæмæй хъæздыгæй бирæ фæцардысты.

Радзырдта йæ 75-аздзыд Абайты Ленæ.
Ныффыста йæ Скъиаты Зоя,
Дзæуджыхъæу, 2009 аз.

ХÆЙРÆДЖЫ ÆВЗАЛЫТÆ

Ацы цау мын мæ сыхаг 80-аздзыд зæронд ус радзырдта. Йæ мадыхо цардис Пысылмонхъæуы. Иухатт сæм фæсæмбисæхсæв чидæр дуар бахоста. Ус рауад кæртмæ æмæ уыны: къулдуары æдде лæууы иу нæлгоймаг æмæ дзуры: «Хорз ус, бахатыр кæн, афтæ æнафоны дæ кæй тыхсын кæнын, уый тыххæй, фæлæ мæ де ‘ххуыс æхсызгон хъæуы. Мæ бинойнаг тынг тыхст у æмæ мæ дæумæ рарвыста. Æрмæст, дам мæ уый фервæзын кæндзæн».

Сылгоймаг талынджы нæ равзæрста, лæг чи уыд, уый æмæ сразы. Арæх-иу бахъуыд йе ххуыс сывæрджын сылгоймæгты.

Хъæуæй гыццыл куы ауадысты, уæд сылгоймаг фæдызæрдыг, ацы лæг мæ кæдæм кæны, зæгъгæ. Фæлæ ма цы акодтаид. Æрæджиау бахæццæ сты иу хæлд сарайы цурмæ. Мидæмæ куы бацыдысты, уæд ус джихæй аззад: хæйрæг, хъæрзгæ, сывæллон арыныл ныллæууыд. Ус айтæ-уыйтæ нал фæкодта, феххуыс ын кодта.

Сывæллон райгуырд. Хæйрæг æй йæ къухтæм райста, йæ цæстытæ йын, хъæдын къусы цы дон уыдис, уымæй айсæрста. Ус уый куы федта, уæд уый дæр йæ иу цæст уыцы донæй асæрфта.

Йæ куыст куы фæци, уæд та йæ сарамæ чи æрбахуыдта, уыцы лæг йæ цуры фестад, загъта йын бузныг, зæгъгæ, стæй йын йæ фæдджийы ныккалдта æвзалытæ. Ус сæ исынмæ нæ хъавыд, фæлæ йæ цыдæр тых дзурын не суагъта.

Сылгоймаг рараст сæхимæ æмæ хъуыды кæны: «Ацы æвзалытæ мæ цæмæн хъæуынц, уæд та сæ акалин». Фæлæ та йæ цыдæр тых баурæдта. Сæхимæ æрбахæццæ æмæ йе ‹взалытæ тыргъы æркалдта. Бацыд уатмæ, æнæдзургæйæ схуыссыд йæ хуыссæны.

Райсомæй йæм йæ мад дзуры: «Рауай-ма тыргъмæ, мæнæ адон цы сты?» Сылгоймаг рауад æмæ уыны: цы ‘взалытæ ‘ркалдта, уыдон сыгъзæринтæ фестадысты.

Бинонтыл цард фæхæцыд. Фæлæ амонд адæймагмæ æдзух кæм худы! Иу сæрдыгон бон райсомæй раджы сылгоймаг сыхæгты чындзытимæ донмæ рацæйцыд. Кæсы, æмæ цæугæдоны былгæрон бады иу сылгоймаг. Уайтагъд æй базыдта. Бахудт æмæ йæм дзуры: «Ам цы ми кæныс?» Йемæ чи уыд, уыцы чындзытæ худæгæй бакъæцæл сты, сæнттæ, дам, цæгъдыс. Дурыл цы сылгоймаг бадтис, уый та йæ хынцфарст акодта, цæмæй, дам мæ зоныс? Æмæ йын загъта, аргæ-арын ын куыд феххуыс кодта, уый. «Æмæ мæ уынгæ та куыд кæныс?» – ногæй та афарста хæйрæг. «Мæ иу цæстæй», – дзуапп ын радта сылгоймаг. Ды, дам, дæ сывæллоны цæстытæ цы донæй асæрфтай, уыцы донæй æз дæр сусæгæй мæ иу цæст асæрфтон æмæ, дам, адæм цы нæ уынынц, уый æз уынын. Йæ ныхæстæм ын хæйрæг фæмæсты, уыциу лæбурд æм фæкодта æмæ йын йе ‘нгуылдзæй йæ цæст акъахта.

Уæдæй фæстæмæ сылгоймаг йæ иу цæстæй йеддæмæ иннæмæй æппындæр нал уыдта.

Радзырдта йæ 70-аздзыд Тарханаты Сафиат.

Ныффыста йæ Дзуццаты Амыран, Дзæуджыхъæу, сентябрь, 1993 аз.

МÆГУЫР ЛÆДЖЫ ФЫРТ ДЗИБУККА ÆМÆ ХÆЙРÆГ

Цардысты мæгуыр лæг æмæ ус. Цæмæй цардысты, куыд цардысты, уый Хуыцау йеддæмæ ничи зоны, фæлæ иу бон ус фæрынчын æмæ йæ лæгмæ фæдзырдта:

– Мæнæй дын ницыуал пайда ис, нал фервæздзынæн, æмæ-иу нæ лæппу Дзибуккамæ дæ хъус фæдар.

Ус амарди. Лæг йæ мæгуыры къæбæртæй хаста Дзибуккайы. Лæппу куы бахъомыл, уæд иу бон йæ фыдмæ дзуры:

– Ауадз мæ балцы афæдзы æмгъуыдмæ. Кæд дæуæн, гъе мæхицæн исты фæпайда уаин, къуымы бадынæй сфæлмæцыдтæн.

Фыд уæлдай ницыуал загъта æмæ Дзибукка балцы араст. Цас фæцыдаид, чи зоны, фæлæ сфæнд кодта, фæндаджы был тар хъæды цы халагъуд уыдис, уым æхсæвиуат бакæнын. Бацыд халагъудмæ. Цъиуызмæлæг дæр дзы нæ баййæфта. Кæсы, æмæ фынджы сæр арынджы – ногæргæвст карчы фыд. Фæллад бæлццоны дæр ма хуыздæр цы хъуыд! Йæ хордзен дурыл æрæвæрдта æмæ стъолы фарсмæ æрбадт. Куыддæр дзидзамæ февнæлдта, афтæ йæм къуымæй сыкъаджын хæйрæг дзуры:

– Хорз лæг, дæ хæрын уал фæуадз. Цæй, хæснæгтæй ахъазæм.

Дзибукка сразы. Хæйрæг бæх æрбакодта æмæ дзуры бæлццонмæ:

– Ацы бæх æз ме ‘ккой дæс санчъехы ахæсдзынæн æмæ йæ фæстæмæ æрбахæсдзынæн. Ды дæр бафæлвар, æмæ мæ кæд амбулай, уæд дæу фæуæд.

Хæйрæг бæхы дæс санчъехы ахаста æмæ йæ, тыхулæфт кæнгæ, фæстæмæ æрбахаста. Дзибукка уый куы федта, уæд ын афтæ:

– Ацы бæхы ды де ‘ккойы тыххæй фæразыс, фæлæ йæ æз та мæ сагæхты ноджы дарддæр ахæсдзынæн æмæ йæ рогæн фæстæмæ æрбахæсдзынæн.

Йæхæдæг бæхыл абадтис æмæ йæ ссæдз санчъехы размæ атардта, ссæдз санчъехы та – фæстæмæ.

Хæйрæг дисы куыд нæ бацыдаид! Радта йын йæ бæхы æмæ та йын загъта:

– Цом, рагъмæ ссæуæм. Уым хизы мæ фосы дзуг, дыууæ дихы сæ фæкæндзыстæм æмæ сæ дыууæ комыл уæтæрмæ æртæрдзыстæм. Æрæййафдзæн нæ тыхджын тæрккъæвда. Æмæ кæд мæнæй къаддæр ныххуылыдз уай, уæд дзуджы ‘рдæг дæу фæуæд.

Дзибукка сразы. Уалынмæ арв æрттывдтытæ кæнын райдыдта, сау мигътæй райхъуыст сонт гæрæхтæ, уарын къæртайæ калæгау сæх-сæх кæны. Дзибукка рæвдз фелвæста йæ дзаумæттæ æмæ сæ залмы сыфты тыхтытæй йæ дæлармы бакодта.

Тæрккъæвда хæхты бирæ нæ хæссы. Цалдæр минуты фæстæ банцад, къæдзæхтыл æркъæдз арвæрдын. Дзибукка рæвдз-рæвдз йæ дзаумæттæ йæ уæлæ акодта æмæ фос уæтæрмæ батардта. Хæйрæг бæлццоны дарæс хусæй куы ауыдта, уæд джихæй баззад. Фембылд, уый куы бамбæрста, уæд йæ фосы æрдæг Дзибуккайæн радта. Йæ донласт дарæс аивта æмæ бæлццонмæ дзуры:

– Уæларв цæры мæ кæстæр хо. Хуртæ æмæ мæйтæ кæсынц йæ цæсгомæй, афтæ рæсугъд у. Кæд ын йæ къухмæрзæн æрхæссай, уæд дын æй усæн ратдзынæн, кæд нæ, уæд мæ цы амбылдтай, уыдон мын фæстæмæ ратт, стæй мæм æртæ азы æххуырстæй фæкус.

Хæйрæджы кæстæр хо, æцæгдæр, бæстырæсугъд уыд. Курæг æм цыдис алы бæстæй, фæлæ никæмæн куымдта. Ноджы йæм уыдис æнахуыр зондахаст: æрмæстдæр, чи йæ амбылдтаид, ахæм усгурæн бакуымдтаид. Иннæты-иу уæйыгæн бахæрын кодта.

Цæуы Дзибукка æмæ хъуыды кæны: ныр куыд хъуамæ ссæуон уæларвмæ, цы хуызы бафтдзæн хæйрæджы хойы къухмæрзæн мæ къухы. Æвæццæгæн, ам хæйрæгæн æмбылды кæндзынæн. Уалынмæ дын кæсы, æмæ иу caг хохы зыхъхъыры ныффидар. Дзибуккайы куы ауыдта, уæд æм дзуры:

– Хорз лæг, фервæзын мæ кæн, æмæ дын æз дæр истæмæй феххуыс кæндзынæн.

Дзибукка саджы фервæзын кодта æмæ йын йæ балцы хабар загъта. Саг иуцасдæр ахъуыды кодта, стæй йæ ирвæзынгæнæгмæ дзуры:

– Хæйрæджы кæстæр хо кæм цæры, уырдæм зæххон лæг зынтæй æфты. Фæлæ дæ хъару æмæ дæхæдæг. Йæ хæдзарæй бынмæ уалæ къæдзæхыл æрзæбул фидар æндæхтæй быд урс бæндæн. Радугъ кæн, æмæ дæ æз мæ сыкъатæй фехсдзынæн бæндæны онг. Æмæ кæд бæндæныл фæхæст уай, уæд дæ хъуыддаг атылд – къухмæрзæн дæ къухы бафтдзæн. Куы нæ йыл фæхæст уай, уæд доны къусы сæфт фæкæндзынæ.

Дзибукка разгъордта. Саг æй йæ сыкъатæй хæрдмæ фехста, æмæ лæппу бæндæн къухæй ацахста. Бæндæныл бырын райдыдта æмæ уайтагъд уæларв балæууыд. Хæйрæджы хо йæм ракастис æмæ йæ мидæмæ бахуыдта, фынг ын æрæвæрдта, стæй йæ схуыссын кодта, баулæф, зæгъгæ. Дзибукка, иуæй, тæрсгæ кодта, иннæмæй та, къухмæрзæныл хъуыды кодта, æмæ йæм хуыссæг хæстæг нæ цыди. Иуафон сыстад, тамако схус кодта æмæ йæ хæйрæджы хойы былтыл æркалдта. Чызг тамакойы тæф куы сулæфыд, уæд æхснырсын райдыдта. Йæ къухмæрзæн систа æмæ дзы-иу йæ фындз амарзта. Иуафон афынæй, æмæ къухмæрзæн, йæ къæхты бын цы гауыз тыд уыд, ууыл æрхаудта. Дзибукка йæ амбæхста æмæ ногæй йæ хуыссæны схуыссыд.

Куы ‘рбабон, уæд æй чызг фæрсы:

– Ардæм зæххон лæг тыххæйты куы ‘фты, уæд дæу цы хур, цы къæвда æрбахаста?

Дзибукка йын дзуапп радта:

– Мæ фæндагæй фæиппæрд дæн, æмæ мæ ме ‘дылы къæхтæ ардæм æрбахастой. Архайын фæстæмæ зæхмæ ныццæуыныл, фæлæ фæндаг нал зонын æмæ, кæд гæнæн ис, уæд мын æй бацамон.

– Хорз, баххуыс дын кæндзынæн, æрмæст ме ‘рцыдмæ арт скæн, – загъта чызг æмæ кæдæмдæр ацыд.

Дзибукка арт кæны, фæлæ сугтæ нæ судзынц. Уæд дын æм сынтæджы бынæй баст уæйыг дзуры:

– Цы ми кæныс, лæппу, афтæмæй дын арт не ссудздзæн.

– Уæдæ куыдæй ссудздзæн? – сонт фарст акодта Дзибукка.

– Мæнæ мæ кæстæр æнгуылдз фæлыг кæн, уый туг сугтыл бакал, æмæ арт схæцдзæн.

Дзибукка уæйыгмæ байхъуыста, æмæ, арт куы ссыгъд, уæд æй фæрсы:

– Сынтæджы бын цæмæн дæ баст?

– Уæдæ цы кæнон, ацы чызг хæйрæджы хо у, æмæ йæ чи амбула, уымæн бакомдзæн, инннæты мæнæн бахæрын кæны. Мæнæн мæ бон æнæ адæймаджы тугæй цæрын нæу. Фæлæ уый æдзух къухы не ‹фты, æмæ уæд сфæнд кодтон хæйрæджыты фæрцы цæрын. Базыдтой мæ æмæ мæ ам, сынтæджы бын ныр бастæй дарынц, адæймаджы туг мын нуазын кæнынц.

Дзибукка уæйыгмæ фæмæсты æмæ йæ хъамайæ æрбамардта, стæй къуымты азылдис æмæ ма диссагæй цы кæныс! Иу хатæны адæймаджы сæрыкъуыдыртæ – рагъамад. Иу зæронд гуыбыр ус фæсдуар бады æмæ кæуынæй йæхи мары. Дзибукка уый куы ауыдта, уæд æй фæрсы:

– Цæуыл кæуыс, мæ мады хай?

– Уæдæ цы кæнон, мæ хур. Ацы адæмы иууылдæр уæйыг бахордта. Абон йе ‹фсымæр фæзындзæн æмæ уымæн та мæн бахæрын кæндзæн.

– Æмæ хæйрæджы хо уыдæттæм афтæ куыд кæсы?

– Хæйрæджы хойæн йæ бон ницы у. Искуыдæм куы ацæуы, уæд фæзыны уæйыджы æфсымæр æмæ адæмы йæ баст æфсымæрæн бахæрын кæны.

– Æмæ уæйыг баст цæмæн у?

– Баст уымæн у, æмæ йыл хæйрæджытæ не ‹ууæндынц.

– Мауал тæрс баст уæйыгæй, æз æй хъамайæ амардтон.

– Уæдæ дæхи хъахъхъæн йе ‘фсымæрæй, уый дын йе ‹фсымæры мард нæ ныббардзæнис.

Цас рæстæг рацыд, чи зоны, фæлæ иуафон баст уæйыджы æфсымæр æрцæйцыд, æмæ зæронд ус Дзибуккамæ дзуры:

– Дæхи бааууон кæн, æрцæуы баст уæйыджы æфсымæр æмæ дæ бахæрдзæн.

Дзибукка æддæмæ рауади æмæ уæйыгимæ сæхи кæрæдзиуыл ныццавтой. Куы сæ иу фæбынæй вæййы, куы – се ‘ннæ. Лæппу куыддæртæй абырста уæйыджы æмæ йæм, йе ‘фсымæры цы хъамайæ барæхуыста, уый фелвæста. Уæйыг ын лæгъстæ кæнынмæ фæци:

– Маргæ мæ ма акæн, цы мын зæгъай, уый бакæндзынæн.

– Уæдæ де ‘фсымæр кæй бахордта, уыдоны фæстæмæ райгас кæн.

– Мæнæ мæ астæуккаг æнгуылдз фæлыг кæн, йæ туг ын доныл æртадз æмæ сыл уый бапырх кæн, æмæ райгас уыдзысты.

Зæронд ус къус бадардта уæйыджы æнгуылдзмæ. Туг дзы рауагътой, доныл æй æркодтой æмæ дзы сæрыкъуыдыртæ бапырх кодтой. Адæм райгас сты. Дзибукка мæсты каст бакодта уæйыгмæ, нæ йын ныббарста адæмы тæригъæд æмæ йæ хъамайæ барæхуыста.

Уалынмæ дын хæйрæджы хо дæр сау дарæсы æрцæуы. Дзибукка зæронд усы афарста:

– Сауты цæмæн æрцæуы хæйрæджы хо?

– Цæмæн куы зæгъай, уæд мæн хъуамæ уæйыг бахордтаид æмæ уый нæ фæндыд, тæригъæд мын кодта.

– Уæдæ мæнæн та афтæ цæмæн загъта, ме ‘рцыдмæ, дам-иу, арт скæн?

– Уымæн æмæ дын æмбарын кодта, уæйыгыл куы нæ фæтых уай, уæд дæ хæргæ кæй кæндзæни, уый.

– Æмæ адæм хæйрæджы хойæ уæд цæмæн хъаст кæнынц, кæд ахæм хорз сылгоймаг у, уæд?

– Зæххон адæм нæ зонынц, ам, уæларвы, цы хабæрттæ цæуы, уыдон.

– Æмæ мæ арт та цæуылнæ сыгъди?

– Уый та уымæн, æмæ ды зæххон лæг дæ. Зæххон тугæй цардис хæйрæг, æмæ хæйрæджы арт дæуæн никуы ссыгъдаид.

– Кæд раст дзурыс, уæд мæ хæйрæджы хо иунæгæй цæмæн ныууагъта?

– Фæлваргæ дын кодта дæ лæгдзинад.

– Цæмæн?

– Уымæн æмæ дæ бауарзта.

Хæйрæджы хо мидæмæ бахызт, уæйгуыты мардæй куы ауыдта, уæд мидбылты бахудт æмæ Дзибуккайы йæ хъæбысы ныккодта.

Ацы хабар хæйрæгмæ куы фехъуыст, уæд уый дæр Дзибукка æмæ йæ хойы уарзондзинадыл дыууæ нал загъта.

Дзибукка хæйрæджы хойы рахаста æмæ сæхимæ рафардæг, скодтой чындзæхсæв æмæ цæрынтæ райдыдтой хъæлдзæг æмæ æнæмастæй.

Радзырдта æмæ йæ ныффыста 68-аздзыд
Скъиаты Зоя, Дзæуджыхъæу,
2009 аз.

ХÆЙРÆДЖЫ МАСТ

Доны фаллаг фарсы хъæуккаг Сакъойæн бирæ бинонтæ уыдис. Цотæн се ‹ппæтæн бинонты хабар бакодта.

Кæстæр фырт Болатæн ракуырдтой сæ сыхаг чызг Зæлийы. Тынг хæрзконд, фæлмæндзураг, хъæлдзæг адæймаг. Йæ дыууæ дзыккуйы дæр чызджы аргъ уыдысты.

Бинонтæ сæхæдæг сæ ног чындзы цинæй рæзыдысты. Цас рацыдис, фæлæ Болат æнкъард кæнын райдыдта. Нал хæргæ кодта, нал дзыхæй дзырдта. Бинонтæ мæты бацыдысты, уæдæ цы кæны, зæгъгæ. Куынæуал æй уагътой, уæд сын радзырдта: «Мæ бинойнаг Зæли æмбисæхсæв цыдæр фæвæййы. Æз æй фембарын, фæлæ мæ бон райхъал уæвын нæ вæййы. Бонырдæм та йæ бынаты фæхуыссы. Бафæрсын æй, цы фæвæййыс, зæгъгæ, фæлæ нæ сæтты. Дæ фыны, дам, цыдæр феныс!»

Бинонтæ дæр фиппайын райдыдтой, чындз иуæй-иу хатт иу ранмæ кæсгæйæ кæй баззайы, йæ мидбылты цыма кæмæдæр фæхуды. Цы кæны, зæгъгæ, дæсныйы бафарстой, æмæ сын уый афтæ: «Уæ чындзæн хæзгул ис хæйрæджытæй, фæлæ йæ сымах нæ уынут. Æхсæв дæр уымæ ацæуы. Бавдæлут, æмæ уæ чындзæн зæгъын кæнут йæ хæйрæджы ном. Уæд хæйрæгæн йе сæфт æрцæудзæн».

Бинонтæ чындзы куынæуал уагътой, уæд сразы. Æмæ куыддæр йæ хæйрæджы ном сцæйдзырдта, афтæ йын уый йе ‘ртæ æнгуылдзæй йæ сæр ахафта, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ – сæр лæгуынæй аззад.

Афтæ лæгуынсæрæй фæцардис.

Радзырдта йæ 90-аздзыд Айларты Галæ.
Ныффыста йæ Дзуццаты Хасан, Ставд-Дуртæ,
2006 аз.

ФОНДЗ ÆФСЫМÆРЫ
ИУНÆГ ХО

Фондз æфсымæрæн уыдис иунæг хо. Тынг рæсугъд, сæрæн, хæларзæрдæ чызг. Йе ‹фсымæртæ йæ æгæрон бирæ уарзтой, хъахъхъæдтой йæ цæсты гагуыйау, йæ хæрд, йæ ацыдыл ын нæ хъæцыдысты, буц æй дардтой.

Сæ фыд куы мардис, уæд бадзырдта йæ фырттæм æмæ сын загъта:

– Уæ хо рæсугъд чызг у, куы ‹рцæуа йæ рæстæг, уæд æм бирæ курджытæ цæудзæн. Фæлæ йæ сымах ма фæдарут, фыццагдæр ыл чи сдзура, уымæн æй ратдзыстут.

Лæппутæн уыдис хорз хæлар, кæсгон æлдары фырт. Æмæ фыццаг уый æрбаминæвар кодта. Æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн радтой.

Чызджы ма сæхи хъæуæй дæр иу лæппу уарзта. Чызг чындзы куы ацыдис, уæд уый йæхицæн бынат нал ардта, тыхстис, йæ зæрдæ рыстис.

Иубон ыл хæйрæг амбæлд æмæ йæ фæрсы:

– Цæй, дæхи цы хæрыс, æз æй йæ лæгæй ахицæн кæндзынæн, æрмæст-иу мæнмæ хъус, æз дын куыд амонон, афтæ кæндзынæ. Фæлæ мын уый тыххæй дзырд ратт, куы амæлай, уæд дæ уд мæн кæй уыдзæн.

Лæппу сразы ис. Мардæй ма мæ уд цæмæн хъæудзæн, зæгъгæ йæ ауæй кодта хæйрæгæн.

Уæдæй фæстæмæ лæппу арæх æмбæлдис æфсымæртыл, æмæ йын хæйрæг куыд амыдта, афтæ хъаст кодта сæ сиахсæй. Уæ хойы, дам уын нæмы, фосимæ йæ бакæны æхсæв, йæхицæн дзы кусæг сарæзта. Æмæ цы нæ дзырдта ардауынæй сæ сиахсæй!

– Цом-ма, æмæ уыцы куыдзы хъыбылæн йæ куыст бакæнæм, нæ хойы та нæ хæдзармæ ракæнæм, – загъта æфсымæрты хистæр. – Чи зыдта, æмæ ахæм хæрæг разындзæн?

– Йæхи куыд уæздан дардта, стæй нæ хойы зæрдæмæ дæр цыдис, – загъта кæстæр æфсымæр.

Сæхи срæвдз кодтой æмæ сæ хойы бæрæггæнæг Кæсæгмæ абалц кодтой. Æрдæгвæндагмæ куы бахæццæ сты, уæд та уыцы лæппу сæ размæ фæцис.

– Мæгуыр йæ бон уæ хойæн! Йæ лæг та йæ знон ехсæй ахæм над фæкодта, æмæ сыстынхъом дæр нæу. Æнæхъæн къуыри йын хæринаг дæр нæ радтой. Æз ныр уырдыгæй цæуын, сæ сыхаг мæ мадыхо у.

Иучысыл ма куы ауадысты, уæд сыл сæ сиахс амбæддис. Бацин сыл кодта. Бæхæй æрхизон куыд загъта, афтæ йæ æфсымæртæй иу фехста, æмæ бæхæй æртылди.

– Уый та дын нæ хойы æфхæрд, – загътой æфсымæртæ.

– Сымах уал ам фæлæуут, – загъта сæ кæстæр, – æз цæуон, нæ хойы ракæнон.

Лæппу бахæццæ йæ хойы хæдзармæ. Хо йæ куы ауыдта, уæд йæ размæ разгъордта, йæ хъæбысы йæ ныккодта. Дари дарæсты, хъæлдзæг, цæхæртæ калдта. Лæппу йын хабар радзырдта, загъта: «Цом ныртæккæ нæхимæ».

– Хуыцау уын æй ма ныббарæд! Æз тынг амондджын уыдтæн. Уæ сиахс мын мæ къух уазал доны атулын дæр нæ уагъта, тынг бирæ уарзтам кæрæдзи. Ныр цом, æмæ йæ кæм амардтат, уырдæм мæ фæхæццæ кæн, иу хатт ма йæ фенон.

Йæхæдæг йæ роны кард бамбæхста. Цы гæнæн ма уыд æфсымæрæн дæр. Бахæццæ йæ кодта йæ лæджы размæ. Чызг мардыл ныддæлгом ис. Стæй кардæй йæ зæрдæ фæрæхуыста æмæ амард. Сæхи фæхостой æфсымæртæ. Стæй, цы лæппу сæ ардыдта, уый, куыд фæцæйлыгъди, афтæ йæ ауыдтой. Адон дæ бæллæхтæ сты, зæгъгæ йæ фехстой. Куыддæр йæ уд систа, афтæ йæм хæйрæг фæлæбурдта æмæ йæ зындонмæ аскъæфта.

Радзырдта йæ 68-аздзыд Мæрзаты Ленæ.
Ныффыста йæ Дзуццаты Хасан, Дзæуджыхъæу,
2009 аз.

БИАЗЫРТЫ Роланд

ÆМÆ, ДАМ, ЧЫНДЗЫ ФÆЦУ!

Зæрдылдаринаг свæййы алы чызг æмæ лæппуйæн дæр сæ фыццаг фембæлд. Бирæтæн та у сæ фидæны амондджын царды райдиан. О, фæлæ, кæмæндæрты та, хъыгагæн, сæ фыццаг æмæ фæстаг фембæлд рауайы.

Горæты фæсвæддæр уынгтæй сæ иуы фæрсæй-фæрсмæ цæуынц чызг æмæ лæппу. Кæд хæрзæрыгæттæ нал сты, уæддæр уый уыд сæ фыццаг фембæлд.

Лæппу – Хъайсын, æрыгон ахуыргонд у, уымæй дæр философ. Æрæджы кандидаты ном бахъахъхъæдта. Нæ университеты ахуыргæнæгæй кусы. Чызг – Зæли, ахуыры фæндаг нæ равзæрста, фабричы хуыйæгæй кусы. Чи сæ цы хъуыддаджы лæуд уыдис, уый зыдтой. Кæцы чызджы бæллиц нæу, ахуыргонд, философ цардæмбал ын уа! Уæдæ Хъайсын дæр, куыд философ, куырыхон, афтæ чызджыты нæ дих кодта хъæздыджытæ æмæ мæгуыртыл, ахуыргонд æмæ æнахуыргондтыл.

– Æвæдза, диссаг у цард, Зæли, – «байгом» кодта фембæлд Хъайсын, – Цыма цы уыдаид цард æнæ философи, æнæ философтæ-куырыхонтæ! Уæвгæ та сæйраг, цы хъуыддаджы лæуд дæ, уый нæу, сæйраг у, дæ куыстæй æхцондзинад куы исай. Æмæ уæдæ дæумæ дæр уыдзæн хæлæггæнджытæ, кæд дæ куыст уарзыс, уæд…

Кæсын дарддæр

Зæли уайтагъд йæ сæр разыйы тылд бакодта:

– Уарзын, уарзын! Тынг!

– Гъемæ дæ хъуыддаг раст! О, иу дæр уæ хуыйæг æмæ иннæ дæр, фæлæ, дæуау йæ куыст чи уарзы, æцæг профессионал уый уыдзæн. Философтæ бирæ уыдысты, фæлæ дзы авдæн æмбал нæ уыд. Дунейы иууыл зондджындæртыл нымад сты абоны онг дæр.

– Ау, æгас дунейы авд зондджын лæджы йеддæмæ нæй? – бадис кодта чызг.

– Уыдоны хуызæн – нæй!..

– Хъайсын, уарзон дын никуы уыдис? Ахæм зæрдæмæдзæугæ лæппу…

– Зæли йæхимидæг тыхст, фæлæ йын уæддæр фескъуыдта йæ ныхас цæхгæр фарстæй.

Лæппу цасдæр рæстæджы дзурын нал сфæрæзта, стæй æрчъицыдта:

– Уарзон? Нæ. Скъолайы азты цы уарзт вæййы, уый куы нæ нымайæм, уæд, – цыбыр дзуапп радта Хъайсын æмæ та йæ раздæры ныхасмæ раздæхт: – Омæ дын уый зæгъынмæ хъавыдтæн, уыцы авд куырыхонæй сæ иу уыдис ирæтты рагфыдæл Анахарсис…

– Мæнæ нæ горæты стыр библиотекæ кæй ном хæссы, уый? – афарста Зæли.

– О, о, уый …

– Æз та йæ цавæрдæр прибалтиаг лæг æнхъæлдтон. Зæгъын, цæмæн ын ахæм стыр лæггад кæнæм, цы хъуыддаджы басгуыхт нæ адæмы раз…

– Зоныс, Зæли, иуахæмы Анахарсис Солонæн цы загъта? Солон дæр уыцы куырыхонтæй уыдис. Анахарсисы æвзонгæй бафæндыд Солонимæ сæмбæлын, æмæ йæм Грецимæ фæцыд. Цагъарæн загъта, цæмæй Солонæн фехъусын кæна, Анахарсис æм дардæй кæй фæзынд, æмæ йæ фæнды демæ хæлар суæвын, зæгъгæ. Солон æм рарвыста ахæм ныхæстæ:

– Хæлæрттæ фæагурынц райгуырæн бæстæйы.

Анахарсис нæ фæтыхст æмæ йæм арвыста ахæм дзуапп:

– Æмæ мæнæ ныр ды дæ дæ райгуырæн бæстæйы æмæ дæхицæн ссар хæлар.

Ацы ныхас фæцыд Солоны зæрдæмæ, фæхуыдта уазæджы мидæмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ схæлæрттæ сты.

Чызгæн йæ цæсгомыл иунæг нуар дæр нæ фезмæлыд, зындис ыл, йæ хъуыдытæ æндæр кæмдæрты кæй хæтыдысты.

– Æмæ æппын никуы никæй бауарзтай, гъе та дын дæхи ничи уарзта? – йæ фарстæй рабæрæг сты йæ хъуыдытæ.

Дыууæ æрыгон адæймаджы ныхас цæхгæр фæивта. Хъайсын, философи иуварс фæуадзгæйæ, дзуапп радта:

– Раст зæгъгæйæ, никуы мæм æрцыд ахæм уарзт, æмæ æрратæ кæнон, уымæн мын рæстæг дæр нæ уыдис. Мæхи мын, æвæццæгæн, уарзтой, фæлæ сæ уарзтæн уарзтæй дзуапдæттæг ме ‘рдыгæй нæ уыдис…

Цасдæр рæстæгмæ сæ иуæй дæр ныхас нал схауд. Лæппу æмбæрста, дзурын кæй хъæуы æмæ та раздæхт философимæ.

– Цымыдисаг у рагон философты цард. Диоген дæр уыцы авдæй у. Цардис æлыгæй арæзт боцкъайы…

– Боцкъайы?

– О, о, боцкъайы…

– Æмæ дзы цæмæн ныббырыд, цы йæ нæ уагъта, æмæ дзы цардаид?

– Бафæндыд æй зæххон хæрзиуджытыл йæ къух сисын, æмæ ахæм цардæй цардис…

– Æмæ дæм уый зондджын, куырыхон лæджы ми кæсы? Уый сæрхъæн нæ уыд? – мæсты кæнын райдыдта чызг.

– Нæ, уый сæрхъæн нæ уыд. Бирæ, тынг бирæ хорз хъуыдытæ йæм уыдис, æмæ сыл абон дæр адæм сæхи ахуыр кæнынц. Цæвиттон…

– Нæ сæ хъæуы нымайын, Хъайсын. Цон, æз цæуон, – йæ рахиз уæхскыл ауыгъд хызын йæ къухтæм æриста Зæли.

– Ацæуай? Ау, исты дæм хъыг фæкаст?

– Нæ, хъыг мæм ницы фæкаст. Æрмæст…Æз æртыккаг дæн. Уæлдай. Уарзты та æрмæстдæр дыууæйæ хъуамæ уой…

– Ау, куыд дæ æртыккаг, нæ дыууæйæ дарддæр ам куы ничи ис? – фæдисы Хъайсын.

– Æртыккаг дæн, æртыккаг, Хъайсын. Дыккаг дын философи у, æмæ цæр йемæ, уарз æй…

Æрыгон ахуыргонд æдзæмæй каст, дардæй дарддæр дзы чи кодта, уыцы чызджы фæстæ…

ЕСПИНЕ

Æрыгон лæппу-лæг милицæйы дарæсы, йæ къухы сæрак папкæ, афтæмæй асинтыл тагъд-тагъд суад æмæ дыккаг уæладзыджы æртæ фатермæ бахизæн дуæрттæй астæуккаджы раз æрлæууыд. Йæ формæ æррæстытæ кодта, стæй дзæнгæрæджы джыбы хъуамæ балхъывтаид, фæлæ амонæн æнгуылдз джыбыйы комкоммæ уæлдæфы растæй андзыг, цыма йыл хæцгæ фæкодтаид, уыйау.

«Ам æцæгæйдæр хæст куы цæуы», – ахъуыды кодта йæхинымæр милиционер, мидæгæй сылгоймаджы хъæр-хъыллист хъусгæйæ, æмæ исдуг фæсагъæсыл, дзæнгæрæг ныццæгъда æви фæстæмæ аздæха. Фæлæ службæ службæ у, хæс æххæст кæнын хъæуы æмæ, æппынфæстагмæ, æнгуылдз уæддæр джыбыйы балхъывта.

Дуар байгом. Æрмæст иууыл нæ. Адæймаг дзы йæ сæр куыд радардтаид, афтæ. Æмæ дзы радардта йæ сæр Еспине – фатеры хицау. Милиционер æнхъæл уыд, чи ракæса, уый сæр йæ сæры комкоммæ уыдзæн, фæлæ йæм уæлдæрæй бынмæ куы ‘ркаст уыцы сæр, йæ тызмæг цæстытæ, йæ тар цæсгом ын куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис. Стæй ма йæ бæзджын, æндон ныхæстæ «цы ‘рцыд, цы хабар у?», зæгъгæ, йæ хъустыл фарсты хуызы куы ауадысты, уæд бамбæрста, йæ къæхтæ йæ хорз ранмæ кæй нæ бахастой.

– Ы-ы, де ‘зæр хорз… – райдианы уал салам радта лæппу.

– Чи дæ хъæуы, кæй агурыс? – салам раттыны бæсты цæхгæр æркарста сылгоймаг.

– Æз… æз уæ участокы ног инспектор дæн. Мæнæ уæ хæдзар дæр мæ территоримæ хауы. Гъе, æмæ телефонæй радгæстæм æрбадзырдæуыд, ацы хæдзары, дам, уыцы æмæ уыцы фатеры, ома, мæнæ сымахмæ, хæст цæуы æмæ, дам æй ныммынæг кæн.

– Йæ сæр хæсты цæхæры басудзæд йæ фæдзурæгæн. Багъæцæд, æз æй сбæрæг кæндзынæн, æмæ сар йæ сæр кæны. Рахиз, гъа, æмæ мынæг кæн хæсты, – æмæ дуар æгасæй дæр байгом. Разынд милиционермæ сылгоймаг дæргъæй уæрхмæ. Фæкаст æм æцæг къæдзæхы хуызæн. Дардыл зылд астæуы, синты æмæ уым дæлæмæ буары сæлхъывта сау хæлаф – бæрæг уыд, фидар хъуымац фидар æндахæй хуыд кæй уыдис. Астæуæй уæлæмæ та æмбæрзт уыд рог кофтæйæ. Ахæм бæрзонд, фæтæнтæконд сылгоймæгтыл йæ цæст царды куыннæ схæцыд, фæлæ йæ семæ хъуыддаг никуы уыд.

Дуар йæ фæстæ сабыргай, хъавгæ ахгæдта милиционер æмæ фæраст Еспинейы фæстæ, фæлæ йæ цæст хæдзары къуымты ницæуыл хæцы – бамбæрзтой сæ сылгоймаджы фæсонтæ, синтæ. Æрмæстдæр залмæ куы бахызт æмæ иуварс куы алæууыд, уæд æм разындысты хатæны къуымтæ, йæ мидæг æвæрд дзаумæттæ æмæ… диваны кæрон ныгъуылдæй бадæг мæллæг, фæлæ интеллигентон бакаст кæмæн уыд, ахæм лæг. Уый уыд Еспинейы цардæмбал Хъазбег.

Милиционеры куы ауыдта, уæд æм лæг тæригъæддаджы каст ракодта, стæй йæхиуыл фæхæцыд, уæхсджыты фæйнæрдæм айвæзта æмæ риуыдзаг йæхицæн рогæй сулæфыд. Æвæццæгæн, æнхъæлдта, йе ‘вварс кæй рахæцдзæн, кæй йæ бахъахъхъæндзæн. Уый ма зона, æмæ милиционер йæхæдæг дæр Еспинейы цур йæхи хорз кæй нæ хаты. Æмæ уым диссагæй дæр ницы ис, милицæйы нырма æрæджы райдыдта кусын, нæма сфæлтæрдта, нæма сфыхтис уыцы хъуыддаджы.

Райдианы уал Еспине цалдæр санчъехы акодта æмæ Хъазбеджы раз февзæрыд. Æргуыбыр æм кодта, йæ риуыл ын костюм, галстук, хæдонæй йе ‘нгуылдзтæ цæуыл фæхæст сты, уыдон æрбассывта йæ мустучъийы, æмæ лæг цадæггай диванæй фæхицæн. Милиционермæ афтæ фæкаст, цыма йæхæдæг райдыдта стын, фæлæ зæвæттæ, стæй та дзабырты фындзтæ астæрдæй куы фæхицæн сты, уæд бамбæрста, уый йæ Еспинейы цонджы тых кæй систа æмæ уæд йæ хуыз бынтон фæцыд, ай кæдæм бахаудтæн, зæгъгæ.

– Афтæ æнхъæлыс, æмæ дæм милиционеры цур нæ бауæнддзынæн. Нæ йæ зыдтай командировкæйæ æрцæуинаг дæн, цæуылнæ мыл сæмбæлдтæ, кæм хъеллау кодтай? – райхъуыст арвы нæрдау йæ хъæлæс Еспинейæн.

– Никуы уыдтæн, мæ лабораторийы афæстиат дæн… – куыддæрты райхъуыст йæ нымд хъæлæс Хъазбегæн.

– А – гъа, мæнæй дын дæ мыстытæ зынаргъдæр сты, нæ?!

– Нæ-æ… мæ кандидатон диссертацийыл тагъд кæнын, æмæ… – хъуыры сæлхъывтой дзаумæттæ, æмæ хуыр-хуыр кæнын райдыдта лæг.

– Кæсыс, милиционер, æз æхца ссивын мидæмæ, уый та гæххæттытæ змæнтыны куыст кæны!

Еспине лæджы æруагъта. Уый йæ дзаумæттæ бадзæбæхтæ кодта æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадт. Диваны иннæ кæрон та Еспине æруагъта йæхи æмæ йæ иу къах зынтæй баппæрста иннæйы æккой.

Сабырдзинад бирæ нæ ахаста. Еспинейы барджын ныхæстæ ныр та милиционеры ‘рдæм здæхт уыдысты:

– Цæй, æрæвнал дæ куыстмæ, хæстыты æртытæ мынæггæнæг.

Милиционер залмæ бахизæны, цыма йæ садзгæ æркодтой, уыйау æнæзмæлгæйæ æмырæй лæууыд. Цы акодтаид, уымæн ницы зыдта.

– О, фæлæ…– æрæджиау сфæрæзта дзурын милиционер, фæлæ дарддæр цы загътаид, уымæн ницы зыдта. Æмæ Еспине ныхас адарддæр кодта:

– Фæлæ цы? Нæ уыныс хæст? Нæ зоныс, цы ныммынæг кæнай, уый? Æмæ цы хъуамæ фенай? Хæсты дыууæ ныхмæлæууæджы кæрæдзи дæрæн кæнынц, кæрæдзи маргæ кæнынц, æмæ ам та мæнæн кæм уыныс мæ ныхмæлæууæджы? Мæнæ уый? – йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта нæлгоймагмæ. – Уый мæ лæг у! Æмæ йын ныхмæлæууæджы хуыз ис? Штангæйæ бæстæйы дыууæ хатты чемпионкæ, æнтыстджын бизнесмен хæст самадта, мыстытыл йæ лабораторийы фæлварæнтæ чи аразы, мыстæй уæззаудæр чи ницы систа, уыимæ! Ха-ха-ха! – анæрыд йæ бæзджын хъæлæс æгас фатеры сылгоймагæн. Стæй уæззаугай сыстад йæ бынатæй æмæ… милиционеримæ се ‘хсæн дæрддзæг къаддæрæй къаддæр кæнын райдыдта…

Хъазбег ныгъуылдæй кæсы, цы ‘рцæудзæн дарддæр, уымæ. «Йæ цæрæнбон бирæ, милицæмæ чи фæдзырдта, ныр ын ацы милиционер уайдзæф уæддæр кæд бакæнид», – ахъуыды кодта сæры магъз æмæ дарддæр та, цы аскъуыддзаг кæндзæн, уый баст у, цæстытæ цы феной, ууыл. Уыдон та уынынц, милиционер куыд «æрбайсæфт» Еспинейы аууон.

Цы уавæры уыд милиционер та? Дæ балгъитæг ахæм уавæры ныххауæд! Еспине йæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уый дæр фæстæ-фæстæ лæууыд, фæлæ кæйонг алæууыдаид, йæ фæстæ уыд къул, æмæ йыл сныхæст, уæдæ æндæр цы кодтаид. Йæ хуыз бынтон фæцыд, уæрджытæ дон кæнынц. Афтæ фенхъæлдта, ныртæккæ уымæн дæр йæ риумæ бавналдзæн, йæ дарæсæй цæуыл фæхæст уа, уыдоны мустучъийы атымбыл кæндзæн, æмæ уый дæр уæлдæфы дзедзырой кæндзæн.

Лæппу-милиционер цæмæй тарст, уый не ‘рцыд, Хуыцау æй бахызта. Фæлæ тас нырма йе уæнгты бадт – хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый бæлвырд нæма зыдта. Йæ дуне та йыл бынтон æрбауынгæг – фæсте – къул, йæ разы – Еспине, æмæ уымæй дæр йæ уавæр ноджы зындæр кодта.

Уæдмæ Еспинейæн йæ армы тъæпæнтæ йæ фæрстыл хæрдмæ сабыргай бырын райдыдтой. Дыууæ лæджы сæм дзагъырдзастæй кæсынц. Армы тъæпæнтæ куыд уæлæмæ цæуынц, афтæ цæнгтæ та фæйнæрдæм сæхиуыл æнцайынц. Фæстагмæ армы тъæпæнтæ синты сæрыл æрæнцадысты æмæ Еспинейæ «Ф» дамгъæйы хуызæн рауад, кæд рæсугъд нæ уыд, уæддæр.

– Ацы дзæбæх милиционер, нæлгоймаг йæ цардæмбалæн куыд æмбæлы, афтæ куы нæ лæггад кæна, уæд ын цы бакæнын хъæуы?

Милиционер иуцасдæр æдзынæг алæууыд, цыма йе ‘взаг аныхъуырдта, уыйау, стæй йæ нарæг уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ æрмæстдæр уый фæстæ сфæрæзта дзурын:

– Мæгъа… Мæнæн нырма ус нæй…

– Ма дын уæд, фæлæ йæ хъуамæ зонай: уæд æм хъæуы хыл кæнын, куы бахъæуа, уæд та нæмын дæр! Раст нæ дæн?

– О, о…– разыйы дзуапп райста сылгоймаг.

Хъазбег милиционерæй йæ бон базыдта æмæ йæхæдæг йæхи хъахъхъæнынмæ фæцис:

– О, фæлæ мæнæн дæр мæхи куыст ис, сæрибар рæстæг мын нæ фаг кæны…

– Ныхъхъус у! Дæ мызды капеччытæй мæ уæлвæндаг фæкодтай… – æмæ та милиционермæ бадзырдта:

– Сылгоймаг уæвгæйæ, дæ нæлгоймагæн цард, бухъ цард куы уынын кæнай, йæ къахæй йæ ассон-ассон куы кæна æмæ дæ куы нæ æмбара, дæ фарсмæ куы нæ лæууа, уæд ахæм лæгæн цы кæнын хъæуы?

– Нæмын æй хъæуы! – фæныфсджын милиционер.

– Æз бизнесыл хæст нæ дæн… – райхъуыст та Хъазбеджы ныхас.

– Бизнес, бизнес! – фæзмæгау скодта сылгоймаг, – нæ дæ бизнесыл хæст æмæ цы царды ныххаудтæ, уый уæддæр æмбар! Мæнгæй нæ акæнынц, уæрццæн, дам, зад хуымы хизын нæ фидауы!

Æмæ та радон фарст милиционермæ:

– Мæ хъуыддæгты фæдыл куы уон, хæдзармæ æрæгмæ куы ‘рбацæуон æмæ хæринагæй мæ дзыхы цы акæнон, уый куы нæ ‘рбаййафон, дæ разы дын, æгæрыстæмæй, кофийы чашкæ дæр куы нæ авæра, уæд ахæм лæгæн цы бакæнын хъæуы? Нæмын æй нæ хъæуы?

– О, о, – æвæстиатæй та сразы милиционер.

Лæгæн дæр йæ дзуапп цæттæ уыд:

– О, фæлæ хæринæгтæ цæттæ кæнынмæ адæймаг куы нæ арæхса, уæд цы хъуамæ бакæна?

– Дæ сыбыртт мын ма хъусын кæн! Арæхсгæ та цæмæ кæныс, дæ мыстытимæ архайынæй дарддæр!

– Зæгъ-ма, милиционер, лæг æмæ ус дыууæ азы бæрц иумæ куы цæрой æмæ сывæллоны кæуын куы нæ райхъуыса сæ хæдзарæй, уæд ахæм лæгæн цы хъæуы?

– Нæмын! – сæрыстырæй загъта милиционер.

Лæг ацы хъуыддаджы дæр йæхи раст кæныныл схæцыд:

– О, фæлæ дын дохтыртæ мæ цуры куы загътой, зæнæг нын кæй нæ цæуы, уый дæ аххос кæй у…

– Ныхъхъус у. Ды дæр уыдонæй хуыздæр нæ дæ, чи сыл æууæнды!..

Милиционер ма Еспинейы цалдæр фарстæн радта уыцы цыбыр дзуаппытæ «о» æмæ «нæмын æй хъæуы», зæгъгæ, стæй сылгоймаг йемæ йæ ныхас балхынцъ кодта:

– Æмæ уæдæ цæмæн æрбацыдтæ, милиционер? Афардæг у æмæ дæ куыст кæн!

Милиционер, цингæнгæйæ, феддæдуар.

Рацыд бæрцæй цасдæр рæстæг, æмæ та растдæр ацы милиционер ногæй хизы уæлæмæ, æрдæбон фыр цинæй дæлæмæ цы асинтыл æрызгъордта, уыдоныл. Хъæлдзæг нал у, йæ къæхтыл цыма здыйæ цырыхъхъытæ ис, уыйау сæ иу къæпхæнæй иннæмæ исы уæнгтæхъилæй. Нал æй фæнды уыцы дуары раз æрлæууын, уыцы æнæхайыры джыбыйы балхъивын. Фæлæ службæ службæ у, хæс æххæстгæнгæйæ у. Æмæ та мæнæ æрлæууыд уыцы Еспинейы дуары раз. Бирæ фæлæууыд æдзынæгæй ам. Хъуысы йæм мидæгæй хъæр-хъæлæба, æмæ йын уый ноджы йе уæнгтæ мары. Цалдæр хатты амонæн æнгуылдз бахаста дзæнгæрæджы джыбымæ, фæлæ йæм йæ нылхъивыны æхсар нæ разыны, æмæ та цонг йæхи уырдыгмæ ауадзы. Фæлæ цас хъуамæ лæууыдаид кæйдæр дуары раз. Æмæ дын йæхи куы фесхъæл кæнид, йæ формæ æррæстытæ кодта, цæсгом тызмæгхъуыз райста, афтæмæй дзæнгæрæджы джыбы балхъывта.

Дуар байгом, æмæ дзы йе стыр хъуынджын сæр радардта Еспине.

– Цы ма дæ ферох ам? – тызмæгæй йæ фæрсы.

– Хатыр, фæлæ… – милиционер нæ баурæдта сылгоймаджы цæстæнгас, æмæ йе ‘уæнгтæ æрызгъæлдысты.

– Ногæй мæ рарвыстой, хæст та, дам дзы стынг ис…

– Рахиз-ма, æмæ дын æз бацамонон, хæст куыд мынæг кæнын хъæуы, уый, – Еспинейы æнгуылдзтæ фæхæст сты милиционеры риуыл, æмæ йæ фæмидæг кодта.

Лæппу йе ‘намонд базыдта. Ныртæккæ Хъазбегау йæ къæхтæ уæлдæфы кæй дзедзылой кæндзысты, ууыл нал дызæрдыг кодта. Фæлæ та ацы хатт дæр афтæ нæ рауад. Еспине йæ æввахс йæ гуыбынмæ æрбалвæста, стæй йæ асхуыста æмæ гом дуарæй шампайнаг сæны къæрмæгау ратахт, худ та, цыма йæ хицауæй тынгдæр фæтарст, уыйау сæрæй атахт æнцойгæнæны сæрты æмæ бынæй кæмдæр йæ тъæпп фæцыд.

Милиционер фæгæпп ласта æмæ асинтыл дæлæмæ ныййарц, фæлæ бæрæг нæ уыд, Еспинейæ лыгъд æви йæ худы фæстæ.

Хуыцауæн æртæ чъирийæ фæкувынц. Æмæ та æртыккаг хатт дæр куы балæууиккой Еспинейы фатеры къæсæрыл. Æртæ гуыппырсары. Гамхудты мидæг. Æд хотыхтæ. Æвæццæгæн сын милиционер бамбарын кодта, хъуыддаг сæ кæимæ уыдзæн, уый. Уыдон айтæ-уыйтæ нал фæкодтой, фæлæ бадзæнгæрæг кодтой æмæ, Еспине куыддæр дуар байгом кодта, афтæ йын йæ базгуытыл фæхæцыдысты æмæ… уынджы ахæсттæласæн машинæйы смидæг ис. Лæг ма йæ фæстæ тарстхуызæй ракаст, фæлæ асинтыл никæйуал раййæфта.

Еспинейы цалынмæ милицæйы хайадмæ ластой, уæдмæ йæ телефон йæ дзыппæй фелвæста, кæдæмты хъуыд, уырдæмыты адзырдтытæ кодта, æмæ йыл сæмбæлдысты… диссаг… цытджын æгъдауæй. Æгæрыстæмæй дзы хатыртæ дæр фæкуырдтой, афтæ кæй рауад, уый тыххæй. Йæ хæдзармæ йæ фæстæмæ дæр сæхæдæг æрбаластой. Ахæсттæласæн машинæйыл нæ – фæлмæн, чи не ‘нкъуыст, ахæмыл.

Æрбаластой йæ, фæлæ… диссаг – хæдзары йæ лæджы нал æрбаййæфта.

«Цы, лидзгæ акодта? Æмæ кæйонг алидздзынæ мæ хæдзæрттæй – Мæскуыйы фатер, Дзæуджыхъæуы дыууæуæладзыгон хæдзар, ам мæнæ ацы фатер… Кæдæм алидздзынæ банкты ме ‘хцатæй, балæууæндон дæр дын куы нæ ис, уæд? Дæ цыппæртыл мæм æрбабырдзынæ фæстæмæ мæ куыдзау!» – гуым-гуымгæнгæ рацу-бацу кодта хæдзары къуымты Еспине, стæй йæ хуыссæн бацагуырдта. Дуар дæр нæ сæхгæдта йæхиуыл – æнхъæл уыд, Хъазбег кæй æрбаздæхдзæн æмæ, хæдзарæй кæй ацыд, уый тыххæй дзы хатыртæ кæй ракурдзæн.

* * *

Ацы хабар раджы æрцыдис, уартæ иу-æртын азы размæ, ног дугивæны цы змæст, хæццæ рæстæджытæ ныллæууыдысты, уыдонæн сæ райдианы. Уæдæ цавæр рауадысты сæ царды фæндæгтæ мæ радзырды архайджытæн, хъысмæт ма сæ искуы сæмбæлын кодта, æрбаздæхт ма Хъазбег фæстæмæ йæ хæдзармæ æви нæ? Фарст цымыдисаг у, æмæ мæ фæнды, дзуапп ын радтон. Цыбыртæй, – нал фембæлдысты. Лæмбынæгдæрæй та, сæ хъуыддæгтæ афтæ рауадысты. Еспине раздæрау схъæл, æндон хъæлæсы хицау нал у. Кæддæры фидар, нуарджын уæнгтæ æрбампылæгау кодтой, фæгуыбыр, цæстыты цæхæр æрысыст. Æмæ уый йæ аххос нæу – рæстæг йæ кæнон кæны. Фæлæ рæстæджы аххос дæр нæу. Йæ бизнесы хъуыддæгтæн иу афоны æнæнхъæлæджы сæ бындур ныззылд, æмæ ныпырх сты. Йæ исад ын сфыстой хицауады пайдайæн, банчы æхца нал аззад. Хорз уыд, æмæ йæхæдæг ахæстонæй аивæрзт. Ныр цæры, йæ бонтæ иунæгæй æрвиты, йæ цардæмбал кæцæй фæлыгъд, æрыгон милиционеры кæцæй ратардта, уыцы фатеры.

Бафæрсдзыстут, æнхъæлмæ ма кæсы Хъазбегмæ? Кастис æм æнхъæлмæ дыккаг бон, æртыккаг бон, мæйы, афæдзы æмæ дæс азы фæстæ дæр. Æмæ йæм абон дæр, чи зоны, æнхъæлмæ кæсид, иу изæрыгон ыл, телевизормæ кæсгæйæ, йæ цæст куы нæ схæцыдаид, уæд. Сæрмагонд равдыст ыл сарæзтой. Йæ цард, йæ зонадон архайды тыххæй дзырдтой. Равдыстой йын йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ сывæллоны дæр. Стыр ахуыргонд ссис – профессор у. Еспине йæм куыд хъуыста, афтæмæй йæхи амондджын хоны зонады дæр æмæ бинонты царды дæр. Растдæр уæд бамбæрста кæронмæ сылгоймаг, йæ къæсæрæй кæй никуыуал æрбахиздзæн. Зын ын уыдис, гъай-гъайдæр, уыцы хъуыддаг, фæлæ йын йæ зæрдæйы маст цыма чысыл рогдæр кодта Хъазбеджы ныхас, уадз, телевизорæй дæр уæд, ногæй йæ хæдзары кæй хъуысы, уый. Фæлæ равдыст фæцис, æмæ Хъазбег ацыд телевизорæй, бамыр йæ хъæлæс Еспинейы фатеры къуымты. Еспине та, йе ‘взонгады стыр рæдыдыл хъуыды кæнгæйæ, йæ сагъæсты ныдздзæгъæлтæ…

Базыдтам цыдæртæ Хъазбеджы цардæй дæр. Цы бацис нæ æрыгон милиционер та? Ацы цауы фæстæ йæ куыстæй йæ зæрдæ афтæ фæцъæх, афтæ йын фесхъиуæггаг, æмæ йæ ныууагъта. Ныллæууыд ахуыргæнæджы куыстыл. æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй дзы йæ хъуыддаджы хорз дæсны рауад.

ДЗАБАЙТЫ-КЪЕСАОНТИ Таисæ

УÆД МА… ХÆСТЫ РАЗМÆ…

(Æцæг хабар)

Хестанты Саукуыдз йæ хо Венерæйы фæстæ хуын æрвыста. Хъарман-Сындзыхъæуы фæтæнуæхск, æлвæстастæу, уæздан фæсивæд сæ дуармæ бонасадæн кодтой. Иутæ та кæртмæ сæхи байстой – хъазтмæ. Хæдзар лæууы, хъæуысæрмæ цæугæйæ, галиу фарс тигъыл. Æхсæруисæй быд аив нывæфтыд кулдуарæй дæлæмæ уынджы чылауи бæлæстæ – рæнхъæй сагъд.

Сæ кæрон, Борæтæм хæстæг домбай тута бæлас сæрыстырæй фæлгæсы, макуыцæй фæзынæнт цъиусур, гæркъæраг, гъе халон æмæ ма бахъыгдарæнт, сыхбæсты бæлæстæй цы алымыггаг цъиуты зарыны симфонии хъуысы, уый уагæвæрд. Йæ быны къордтæ-къордтæй цы бабызтæ бадынц сæ лæппынтимæ, уыдоны æдасдзинадмæ дæр йæ цæст дары. Бæласæй тута куы æрхауы, уæд, фæдисон бапп-бапп кæнгæ, сæхи тутайы нæмыгыл ныццæвынц… Фæстæмæ æрбадынц. Алчидæр сæ йæ мæстæлгъæд цæстæнгас ахæссы йе ‘мбæлттыл, уæдæ, чи аныхъуырдта тута, зæгъгæ. Сæ базыртæй цы рыг скалынц, уый нæма æрбады, афтæ та æрхауы тута, æмæ та бабызты бапп-баппы айзæлд Урсдоны донгуыроны ныййазæлы.

Кæсын дарддæр

Уæллаг тигъыл Габанты хæдзары раз дæр фæйлауы тута, урс тута бæлас. Уым та бадынц хъазты къорд. Цал тутайы нæмыджы æрхауы, уал хатты хъазты хъæр сыхбæстæ йæ сæрыл сисы.

Цæхгæрмæ уынджы Додтиты ‘рдыгæй донгуырæнæй узгæ-узгæ сæрбæрзондæй, рæнхъæй æрбацæуынц хъазты дзуг. Ныфсхастæй се ‘ргом фездæхтой урс тутамæ. Фæлæ сын уайтагьд сæ раз рацахстой цалдæр хъазы хъуырдаргъ æмæ æхситт кæнгæ. Æмæ уæд сæ цыды уаг кæнгæ Джерджыты ‘рдæм фæраст сты.

Уалынмæ, хъæлæба кæнгæ сывæллæттæ фæзындысты, сæ иутæ тутамæ бырынц, иннæ къорд ныййарц урс тутамæ, фæлæ Хестанты раз адæмы куы ауыдтой, уæд фæфæстæмæ сты æмæ уайтагъд Борæты бæласы сæрæй ракастысты… Тута бæлас, рог дымгæмæ йæ фыр цинæй æмризæджы рызти йæ къалиутыл, йæ цæнгтыл æхсæрсæттæгтау сывæллæттæ куы апырх сты, уæд… Бабызты бын нал æрхъарм – тутайы фæлмæн нæмгуытæ згъæлдысты миты тъыфылтау… Куы бафсæстысты, уæд доны былмæ уæздан атындзыдтой. Уайтагъд бæласы бын фæзындысты гогызтæ æмæ кæрчытæ сæ лæппынтимæ. Нæл гогыз, хъуа-хъуа кæнгæ, кафыд куы иуырдæм, куы иннæрдæм. Искуы-иу хатт-иу зæххмæ тутамæ æнæбарыгомау æрæвнæлдта…

Тута бæласыл фæззæг былысчъилтæ фæкæнынц зымæгон сырхфарс фæткъуытæ, уæлдайдæр та фæткъуыты паддзах сафран фæткъуы… Салыгæрдæйнаг кæрдоты хъал ныхæстæн та кæрон нæ вæййы. Фæлæ сæ тута хъуыды дæр нæ кæны. Зоны йæхи. Адæм дæр æй зонынц. Рувæнтæй суанг мæнæугæрдæнтæм сывæллæттæ йе ‘ккойæ нæ хизынц. Адæм дæр дзы сæ дыргъмæ мондæгтæ суадзынц. Хæдзары æфсинтæн, сæ цæнгтыл сæ сывæллæттæ, афтæмæй сæ сæ бабызтæ æмæ хъазтæ агурын нæ фæхъæуы, фæстаг тутайы онг бадынц йæ быны. Уæдæ, æмбисонды цыллæйы кæлмыты дæр тута хæссы йæ фæлмæн сыфæй. Гъе, æрмæст нæ уарзы, хъомыл кæлмытæ къуыбырмæ куы бахизынц, уæд ын йæ лæппын къалиутæ æд сыфтæ ракæнынц… Зын ын вæййы, фæлæ быхсы – адæмæн хъуыддаджы хъæуы. Иннæ аз та сæ баххæст кæндзæн, ног къалиутæй. Бурфарс кæрдотæ æмæ сырхфарс фæткъуытæн тута бæлас «дыууæ ныхасы» бæргæ зæгъид, фæлæ йæ фыдæлты ныхас йæ зæрдыл дары: «Цæргæс бындзытæ нæ ахсы».

Ныр скæсæм, чылауиты бын цы бричкæ лæууы, дыууæ сырх бæхы ифтыгъд кæм ис, уымæ. Бæхтæй иуы ныхы урс зыгъар йæ къухæй сæрфы бричкæйы хицау, хæрзконд, бæрзонд бæрæгбон арæзт саухил лæппу. Йæ бæзджын сау сæрыхъуын, йæ фæтæн ныхыл æхсырфкъæдз, аив къæлæтхуызæй, йæхи хæрдмæ систа, æмæ хосы лæвæрæнау æрбадт сæрыл.

Ацы сау къобор лæппу, йæ бæхыл узгæ, уысмæй-уысммæ йæ цæстæнгас уæлæсыхмæ фехсы – уæдæ Тамарæ цæй æрæгмæ цæуы? Кæд сæрмагонд дыккаг хонæг æрвыст нæма æрцыд. Уæвгæ чызджы æфсымæртæ æмæ сæ сыхбæсты лæппутæй дæр йæ цæст никæуыл ма æрхæцыд. Йæ миддунейы хъуырдухæнæн дзуапп дæттæгау, цæхгæрмæ уынджы тигъæй æрбазындысты Дзбойты Сосланбег, Тæтæрхъан, Алибек, Цæбиты Дзамболат, Цæрукъаты Дзанхот, Мæир, Хъамболат, Батыр, Хъараты Цæрай, Алыкка, Сау, Кудзи, Атарбег… Сæхи бричкæмæ хæстæг æристой. Салам радтой бæхтæрæг Адамæн. Лæппу бæхы галиу фæстаг къахы фатхъулыл уыдисны бæрц цы урс зыгъар уыди, уый йæ къухæй сæрфта. Фестад æмæ сын салам радта. Уыдон йемæ хъазгæ æмхасæн ныхас кæныныл схæцыдысты.
– Адам, дæ бæх йæ иннæ урс цъында кæм фесæфта?

– Цы æрттывтытæ калынц, цы, йæ бæхтæ!

– Кæсут-ма, кæсут, – Сосланбег бакъуырдта Дзанхоты, – йæ бæхты дзылæрттæ хурмæ налхъуыт-налмасау цæхæртæ куыд калынц!

– Лыстæг-ма сæм бакæсут, – йæ сæры тылдæй йæ цæстæнгас аразгæйæ сæм дзуры Алыкка, – бæлæсты сыфтæ сыл кæрдæгхуыз тæмæнтæй куыд хъазынц!..

Æхсызгонæй кæсынц дзылæрттæм. Æрæджиау Сау ныфсхаст ныхасы уагæй афтæ загъта:

– Æвзист цады тылд сты дæ бæхтæ, æви?!

– Æниу йæ бричкæйы гуыффæ дæр æвзæрдæр не ‘рттивы, цыма йын йæ фæйнæджытæ хырхфадæны хъæлæсæй ныр фелвæстой, – загъта Цæрай.

– Ногфаст фæйнæг, – йæ армытъæпæнтæ амбæхста Атарбег, – мæнæ Батыры къухты хуызæн дæрзæг вæййынц, бричкæйы фæйнæджытæ та, æхсæруисхуыз бархæтау æрттивынц…

Иууылдæр ныххудтысты, сæ фыргуыст скъуыдтæ стыр къухтæ аивæй æмбæхсгæйæ.

– Æз федтон, – худын фæсыкк кодта Кудзи, – Мæскуыйы иу музейæн раст ахæм дуæрттæ ис.

– Мæскуымæ цæмæн цæуыс! – фæхъыг Хъамболатæн, – мæнæ нæ сыхы кæцыфæнды хæдзармæ бацу æмæ фендзынæ змис æмæ фæныкдонæй æхсад дуæрттæ, къæлидорты решоткæтæ, агъуысты силифкæ цартæ…

– Æцæг, æцæг, – асырх Кудзи.

Уалынмæ сæ размæ тута бæласы бынæй сызгъордтой, сæ къухтæ, цæсгæмттæ, сæ дарæс тутайæ хъулæттæ, афтæмæй сыхы сывæллæттæ. Кæрæдзийæн дзырды бар нæ дæтгæйæ, дзырдтой: «бричкæ», «дон», – æндæр ницы бамбæрстой сæ ныхæстæй. Дзургæ-дзурын сæ тутайæ сау былты агъудæй сæ дæндæгтæ дзæнхъа дуртау æрттывтой. Иутæн та – михцухæй.

– Фæлæуут, – дзуры сæм Адам, – уæ иу уал радзурæд.

– Дзылæрттæ… – сдзырдта иу лæппу.

– Стæ-ма, – размæ рахызт цурчы хуызæн иу цыппæрдæсаздзыд лæджы бындзæфхад. – Знон донбылмæ нæхи найынмæ ацыдыстæм. Кæсæм, æмæ куыройы раз донхæрис бæлæсты бын лæууы Адамы бричкæ. Уайтагъд дæр æй бамбæрстам, хуындзау та кæй цыдаид, уый. Чындзхæссæг куы фæцæуы, уæд йæ бричкæ фехсы. Сапонæй ныхсадтам дзылæрттæ, цалынмæ уыдон хурмæ хус кодтой, уæдмæ бричкæ змис æмæ цъалайæ æхсадтам…

– Цъала цы у? – афарста Мæир.

Цалдæр сабийы хъæлæстæ та фæиу сты. Фæлæ сæ Цæрукъайы-фырты къухы тылд фемыр кодта. Æмæ, чызджытæй зына-нæзына бæрзонддæр чи уыди, уый радзырдта:

– Цъала зайы тæккæ доны былгæрон, – йæ къухты пака æнгуылдзтæй къозогонд акодта, – цупалæй зайы, гæдыйы дымæджы æнгæс йæ сыфтæ, фæлæ цыбыр. Æнцонæй йæ стонæм, уымæн æмæ йын йæ æмбис дон æхсы. Нæ бедратæ дæр уымæй фехсæм доныбыл.

– Бамбæрстам, – хъуыды ныхасы уагæй загъта Цæрай æмæ йæ бафарста, – кæй чызг дæ?

– Бадтайы.

– Адон профессортæ куы сты, – загъта Дзанхот. Цурчы хуызæн лæппу та йæ ныхас райста:

– Дзылæрттæ куы схус сты, уæд сæ хус фæнык æмæ нымæтхудæй ныссæрфтам.

– Фæлæу-ма, фæлæу, Адам, – бахатыд æм Алибек, – знон чызгæрвысты нæ уыдтæ?

– Азилæнтæ кодтон æмæ рацыдтæн.

– Цæмæн, дæ бричкæ æхсынмæ?

Адамы сдзурын нæ бауагьта иу фынддæсаздзыд гъе ‘нгæс саухил лæппу.

– Баба фынгыл бадт чындзхæсджытимæ. Æмæ, – ацамыдта Сосланбегмæ, – ды дæр иуварс лæппутимæ лæууыдтæ, уымæн æмæ дæ фыд Зауырбег дæр чындзхонтимæ бадт, – йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта лæппу.

Сæрыстыр фæсивæд, сæ сæртæ тилгæ, сæ мидбылты бахудтысты сывæллæтты æмбаргæ ныхæстыл. Тæтæрхъаны къухы бафтыд бафæрсын:

– Кæй лæппу дæ, кæ? Дæ ном цы хуыйны?

– Дрис…

– Ме ‘фсымæр у, – загъта Адам.

– Цал æфсымæры стут? – афарста Мæир, – дæ хорзæхæй.

– Æхсæз…

– Хуыцау уæ фылдæр фæкæнæд.

– Кæсут-ма, – дзуры Хъамболат, – нæ буц хистæр сылгоймæгтæ, сыгъдæгæй дæр, хуын уынынмæ ссæуынц.

Фæсивæд бричкæйы алыварс аив алæууыдысты. Кæрæдзийæн салам раттыны фæстæ сæм Лесга дзуры:

– Сымахæй дæр бирæты тыххæй ахæм фæрнджын хъуыддаджы фæдыл тагъд рæстæджы куыд æрбамбырд уæм, ахæм амонд уæ уæд.

Уайдзæф кæмæ хауд, уыцы усгур лæппутæ къæмдзæстыгæй сæхи бæхты фæстæмæ байстой…

– Мæнмæ дæр фæлæуут, – сæ размæ балæууыд къæрæмисæй доны дыууæ бедраимæ Гадзыга Борæты.

Мæир Саумæ аивæй бадзырдта:

– Йæ бедратæ куыд æрттивынц. Цъалайæ æхсад сты, сыгъдæгæйдæр…

– Кæм уыдтæ уæдæй нырмæ? – Бабуца йæ афарста, – æз куыройæ куы рацыдтæн, уæд ды та Надзыггаты цæхæрадоны фисынæй куы фæзылдтæ?

Гадзыга, цыма дыууæ лæппуйы сусæг ныхас банкъардта, афтæ дын куы зæгъид:

– Мæ бедратæ æхсадтон. Æз ныртæккæ, – сæ кулдуарæй фæмидæг.

Сывæллæттæ сæ нанатæм базгъорынмæ хъавыдысты, фæлæ, сæ тутайæ хъулон къухтæ æмæ уæлæдарæс фæхъуыды кæнгæйæ, æнцад алæууыдысты.

Гадзыга фæдисонæй, йе уæхсчытыл йæ райс-бавæрды гуырдзиаг зæлдаг кæлмæрзæн кæнгæ, рауад.

– Цæй æрæгмæ та уыдтæ? – афарста йæ Авдокия. Гадзыга, йæ цæсгом фенцъылдтæ кодта, йæ сæр батылдта æмæ загъта:

– Сирæн хуырх фæуæларт кодтон, донмæ куы цыдтæн, уæд æмæ…

– Æмæ зæххы бар баци, и, – сдзырдта Дадинна. Уыцы иумæ сылгоймæгты худын, фæсивæды худын æмæ бæхтæй сæ иуы мыр-мыр фæиу сты, æмæ раст уыцы цъусдуг доны былæй райхъуыст хæрæджы уасын.

Сылгоймæгтæ худгæ фæраст сты хуын уынæг. Сабитæм дзуры Кудзи:

– Сымах тынг хорз сывæллæттæ стут. Ныр цæут æмæ уæхи цæхсут.

Сабитæ уæрыччытау азгъордтой, кæрæдзийы къуыргæ…

Сæ фæстæ цыдæр æнахуыр иу-цъусдуг бæстæ ныссабыр.

Фæлæ дын кæсынц, æмæ бричкæйы фæстæйæ рацыд аргъæутты дзуринаг иу – æхсæзаздзыд чызг.

Æмхуызонæй йыл бацин сты. Цыма сæм арвæй цыкурайы фæрдыг æрхауд, уыйау.

– Рауай-ма, кæй дзæбæх чызг дæ, кæ? – афарста Куыдзи.

– Ме ‘фсымæры чызг у, – загъта Адам.

Сагсур лæппуты раз лæууыд саби урс джиппæйфыст къаба æмæ хихуыд ирон кæрдæгхуыз дзабырты. Йæ цыллæхуыз бæзджын дзыккутæ рог уылæнтæй йе уæхсчытыл калд. Йæ сыгъдæг егъау æрвхуыз цæстытæ се ‘ппæтыл ахаста, стæй æрынцадысты, чи йæм сдзырдта фыццаг, ууыл нæ, фæлæ Алыккайыл. Цæмæн? Хуыцау йæ зонæг. Чызгæн, хæрдмæ кæсгæйæ, йæ сæр афтæ акъул, æмæ йæ дзыккутæ йæ астæумæ æрхæццæ сты.

Алыкка чызджы бур дзыккутыл йæ дæрзæг къух фæлмæн æруагъта æмæ загъта:

– Ацы чызджы сæр уæларвон Куырдалæгон йæ куырдадзы хæрз æхсыст бакодта сызгъæринæй. – Дæ ном цы хуыйны?
Чызг ныфсæрмы, йæ цæстæнгас байста йæ фыдыæфсымæрмæ.

Æмæ йын Адам радта дзуапп:

– Нæ хæдзарвæндаджы сывæллæттæй иунæг ацы чызг у бурсæр…

Гыццыл чызгыл ацин кæныны рæстæг сæ нал фæци. Саукуыдз та сæ уæлхъус алæууыд æмæ сæ йæ разæй хæдзармæ ахуыдта.

Адам чызджы арвыста сæхимæ, æмæ егъау сæрвасæнæй бæхты бæрцытæ фасынмæ бавдæлд.

Саукуыдзы бæстон митæ Адамы дисы æфтауынц, цыма арвы айдæны акæсы, афтæ, уайтагъд йæ хуынд адæмы раз февзæры. Уый афтæ æгъдау дæттынмæ йæ ныфс нæ хæссы, кæд æмгæрттæ сты, уæддæр. Саукуыдз лæппутæй хистæр у хæдзары, уымæн та дыууæ хистæр æфсымæры ис, æмæ йæ æгъдаудæттыны æфсарм нæма æрцахста.

Йæ хъуыдытæ йын фемхæццæ кодта нæлгоймæгты ныхас. Аив цыды уагæй ссæуынц дæлæ сыхы фæсивæд: Уырымты Арыпхан, Цæрукъаты Голо, Бутаты Адзæдзе, Габанты Дæтту йæ хоимæ. Уæлæсыхы лæппутæ дæр тагæй дзæвгар фæдæле сты, хæрзконд æмæ хæрзарæзтæй: Бутаты Дзанте, Валодя, Цæразон, Саланджери, Михел, Цæрæкты Алыксандр, Дзибо, Сало; Дзалаты Геор, Бузарты Елхъан, Дзугкойты Гаврил, Бимболат, Осмæн; Магкæты Гаги, Тотрадз, Адасо, Константин; Кокайты Гермæн, Бутаты Аслæнбек æмæ, кæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый æфсымæры семæ куы федта, уæд бынтон батыхст. Йе ‘фсымæр Ладеимæ кæм нæ рацыд, уым!.. Цæй, чызджытимæ зындзæн… – ахъуыды кодта Адам…

Дыууæ сыхы фæсивæд кæрæдзийæн салам куы лæвæрдтой, уæд та сæ уæлхъус алæууыд Саукуыдз. Дуарæй сæ фæмидæг кодта æмæ Адаммæ дзуры:

– Рацу мидæмæ, фынгыл абад.

– Нæ цæуын. Чертыби… Чертыби уым ис.

– Уый кафынæй не ‘вдæлы, – ныххудтысты. Сæ сиахс Азæмæт сæм дзуры кулдуарæй:

– Рацæут, сымахмæ кæсынц. Саукуыдз атындзыдта кæртмæ.

Адам, раст хуынтæ æвæрæн бынат гуыффæйы куыд бæстон кодта, афтæ йæ хъустыл ауад чызджыты худын. Фæкаст, æмæ тигъыл лæууынц доны хъуазтау сæ сыхы чындздзон чызджытæ рæсугъд æмæ хæрзарæзтæй. Семæ Борæты Тимофей йæ хо Нюрæимæ, Къæбысты Граф, Гатеты Аким… Адонимæ дæр та нæй… «Хацъæты чызджытæй дæр ам ничима и», – зæрдæ та авæрдта йæхицæн.

Кæртæй рацыдысты сылгоймæгтæ митыхъæпæнау урс тæбæгъбæттæнтæй баст бæрзонд хуынтимæ, æмæ сæ гъа-ныр бричкæйы сæвæрой, зæгъгæ, афтæ бæхтæрæг сгæпп кодта бричкæмæ.

Адæм фæсах сты…

Æфсинты мæсты хъæлæба, лæппуты айуан ныхас æмæ худт, цыппæрвадæй згъорæг бæхты къæхты хъæр, цæлхыты гыбар-гыбур… уыдон иу кодтой Урсдоны стыф хæл-хæлимæ, æмæ уыцы æхцон уынæр, хæхтæй рог дымгæйы уддзæф фæстæмæ æмбæлын кодта хъæубæстыл æхсызгон айзæлдæй.

Бричкæйы фæдисон хъæр фегуыппæг Бутаты Сафонкæйы хæдзары дуармæ. Дыууæ бæхы сæ фæстæгтыл алæууыдысты. Хъал бæхты сæртæ, мыр-мыргæнгæ, схæццæ сты раст сæ размæ бур чылауийы бæласы цъуппмæ, цыма дзы æвирхъау маргъ ауыдтой æмæ йæ сæ комытæфæй сырдтой, ахæм хуызæй. Æмæ, æцæгдæр, бæласæй фæдисонæй апæр-пæр кодта сырддонцъиуты бал.

Бæхтæрæг асæррæтт ласта, бози бричкæйы рæтæнагъдыл баппаргæйæ. Хæдзармæ кæй барвита, ууыл æй тыхсын нæ бахъуыд. Хæдзары хицау йæхæдæг ракаст æнæсæрфат уæрдоны æрфистæгмæ…

Сæ чызг Тамарæ æнæвдæлон уыди, стæй йæ кар дæр уыйас нæма амыдта. Уымæ гæсгæ йæ хъусы тъæбæртты дæр нæ уыд хуындзау ацæуын. Фæлæ йæм ныр йæ фыд дзуры:

– Къесаоны фырты бæхты мыр-мыр нæ тохынайы сæрæй ма айхъуысын кæн!..

Талф-тулфæй арæвдз чызг, æмæ …бричкæйы скуысси, йæ цæсгом сæрфгæ. Уырдыгæй йæ мад Фаризæтмæ хисæрфæн раппæрста. Чызджы рæсугъд цæсгом зынди рагуалдзæг уымæл кæрдæгау.

Адам йæ сæрæй арфæ ракодта Сафонкайæн, бозийыл фæхæцыд. Бричкæ цæхгæр зылд ныккодта. Цæлхытæ, цæугæдоны ‘рдыгæй – раззаг æмæ фæстаг цæлхытæ, сæ мидбынат æрзылдысты, фæстаг цæлхытæй галиу цалх та зæхх афсæрста, гутон ауæдзы йæ фындз куы ацæвы, фæлæ дзы куы нæ абыры, уыйау. Цæвиттон, цыппар цалхы зæххыл æрфыстой, Ногбоны Басылгур хоры æфсирхуыз ныв.

– Сабырдæр цу, мæ игæртæ мын фехæлдтай! – схъуыр-хъуыр кодта Тамарæ, фæлæ йæм лæппу кæсгæ дæр нæ фæкодта, нæ, фæлæ ма таджы куы фæуырдыг сты, уæд бричкæмæ сгæпп кодта… æрбалвæста бози…

Таджы амбæлдысты æртæ хæрзарæзт хуындзау лæппуйыл, кæцытæ æвæстиатæй хъазæн-айуан ныхæстæ фехстой Адаммæ: «Къесаоны-фырт йæ уарзоны фескъæфы»… «Йæ файтоны»… Тамарæ дæр бæхтæрæгмæ цыдæртæ дзырдта…

Фæлæ бричкæ цæстыфæныкъуылдмæ уыцы-иу дугъæй бассæста таджы доны, раст зæрватыкк доны рæвдз йæхи куыд анайы, афтæ бæхтæ иу уысммæ сæ къæхтæ ахсадтой, бричкæ та йæ цæлхытæ ахсадта. Лæппутæ федтой царциаты æмбисонды ныв: бричкæйæн йæ рахиз цæлхыты бынæй, доны егъау стъæлфæнты уылæн йæхи фехста æмæ, таджы фахсыл Хъараты Саулохы цæхæрадоны стыр дзæнæт бæласыл бацæллахъ ласта. Бæлас æхцонæй уæзбын йæхи батылдта.

– Кæсут-ма, – фыр цинæй сдзырдта Дзобаты Батырбег, бæласмæ амонгæйæ йæ рахиз къухæй, – доны æртæхтæ дзæнæт фæткъуыйы сыфтыл фæрдгуытæй куыд тыбар-тыбур кæнынц хуры тынтæм.

– Гъеныр ын йæ хуыз сис, йе та йæ сныв кæн, – бахæлæг кодта Дзæгу Бутаты. – Исчи нæ Ленинграды нывгæнджыты академийы куы ахуыр кæнид…

– Æмæ цы мæнг зæгъыс, Дзæгу, – йæ сæр батилгæйæ, загъта Дзугкойты Алыксандр, – ды ныв кæнынмæ скъолайы дæр тылавæст уыдтæ. Бавдæл æмæ ма дæ фæччитæ дæ сины сæр асадз æмæ тæккæ ацы сæрд Ленинградмæ афардæг у нывгæнджыты академимæ.

Дзæгуйы сау цæстытæ цины цæхæртæ скалдтой.

– Æз нæхи Едзиты нывгæнджытæм цæуын, – фæстæмæ здæхыны змæлд скодта Батырбег.

– Фæлæу-ма, – дзуры Дзæгу, – Саукуыдзæй худинаг у. Уæдæмæ хуындзау нæ ацæудзыстæм, кæд нын бантыса йæхи фæаууон кæнын, уæд дыууæйæ ацæудзыстæм. Гъе, æрмæст бæлас бæстон бахъуыды кæнæм æд æртæхтæ, кæннод айсысдзысты…

Батырбег тамако ссыгъта, сдымдта æмæ афтæ зæгъы:

– Ау, Едзиты Сосланбеджы къухты уираг дур куы сдзуры, уæд бæласыл дон нæ «бапырх» кæндзæн, æви?!

Лæппутæ мидбылхудт кæнгæ аззадысты Саулохы дзæнæт фæткъуы бæласмæ кæсгæйæ…

Ахæм хуызы сæ æрæййæфтой Бутаты лæппутæ Хъазджери, Хъасболат æмæ Сланджери.

– Дзæбидыр ныууыдтат, æви? – Батырбеджы цонгмæ февнæлгæйæ, сдзырдта Сланджери.

Хъазджерийы ауынгæйæ, Гаппойы фырт йæ тамако амбæхста. Къæмдзæстыг æмæ сæргуыбырæй иуварс алæууыд. Иннæтæ дæр салам раттыны фæстæ йæ фарсмæ алæууыдысты.

– Цомут, – дзуры сæм Хъазджери, – уæ гуырыкондмæ гæсгæ сымах дæр хуындзау хуынд стут.

Фæсивæд фæныфсхаст сты æмæ хистæрæн къаххидмæ фæндаг раттыны фæдыл иуварс сæхи айстой.

Дыууæ фæйнæгæй конд хидыл фыццаг, йæ æрттивгæ хром цырыхъхъы, йæ рахиз къах æрывæрдта Хъазджери…

Бричкæ уым дæлæмæ згъордта, кæрчытæ æмæ гогызты каурæбынтæм сургæ. Бæхтæ сæ фæстæгтыл алæууыдысты хуындзæутты раз. Адам æргæпп ласта, бадæн фæйнæджы бынæй хæцъил фелвæста æмæ бæхты рагътæ сæрфынмæ фæци.

Саукуыдзы мад Хадзыгуа хæстæг бацыд Тамарæмæ, къухаууонæй йæм скаст бричкæмæ æмæ былысчъилæй загъта:

– Мæнæ амæ бахъуыд дыууæ бæхæй хонæг?..

Сындзыхъæуы уæздан æмæ сæрыстыр фæсивæд æрфистæг сты Салыгæрдæны Цæрæкты дуармæ…

Хъазты зилахар сæ йæхимæ байста.

Рагæй-æрæгмæ дæр Алагир æмæ Црауы лæппутæ Сындзыхъæуы чызджытæм æмхиц сты… Мæнæ ныр дæр, Тамарæйыл йæ цæст æрæвæрдта салыгæрдæйнаг æрыгон лæппу Фардзинты Дзамболат. Хъазты чъегърейæн бамбарын кодта, æмæ нысангонд кафты аив басирдта Тамарæмæ.

Фæндыры цагъд, зард, æмдзæгъд, зæрдæхцон уылæнæй айзæлд хъæдрæбын. Тамарæ гуырцæй сæрæн уыди, иннæмæй та йæ кар нæма æййæфта, уымæ гæсгæ йæхи æнæмæт хуыз дардта. Фæерыс сты кафты мидæг. Лæппумæ бадзырдта нæлгоймæгтæй чидæр:

– Сæр дæ бахъуыд, Дзамболат, ацы чызг Ирыстоны номдзыд мыггæгты цырвы сæртæй конд у!

Уаты кæстæр уазджытæн фынгыл хистæрæн бадти Бецыкк. Фысымтæй сæ иу уыди Фардзины-фырт. Фынджы æгъдаумæ гæсгæ Тамарæйы фарсмæ бадт куы фæци Дзамболат, уæд Къесаоны фырты цæстытæ мæсты æрттывд фæкодтой.

Цал хаты кадджын хай æмæ нуазæнæн фестадысты бадты адæм, чи сæ банымайдзæн. Иуахæмы Дзамболаты къухы карчы риугуыдыры саджил сгуы бафтыд. Сфæнд кодта Тамарæимæ хæснаг скæнын.

Уæд ма… хæсты размæ фæсивæд хъазтмæ кафынмæ цыдысты. Уæд ма, ног усджын лæппу ныййарджытæ æмæ хъæубæсты хистæртæй мæйгæйттæ йæхи æмбæхста… Уæд ма, чындзытæ сæрбæттæнтæ дардтой. Уæд ма чындз йæ хицауимæ æмдзырд æмæ æмвынг нæ уыди. Уæд ма скъоладзау æнхъæл уыди, æмæ ахуыргæнæг комдзаг нæ кæны…

Уæд ма…

Фынджы æгъдаумæ гæсгæ Дзамболат йæ фæндон бамбарын кодта хистæрæн. Акæс ма, Бецыккæн дæр йæ бон нæ уыд, сæ хистæр Арыппханы хивастæй хæснаг кæныны бар раттын æмæ хай æмæ нуазæн арвыста кæртмæ хистæртæм. Фæндон дзуаппимæ йæм æрбаздæхстысты хатджытæ.

Дзамболат æмæ Тамарæ хæснаг кæныныл æрлæууыдысты. Æвдисæн сын уыди Бецыкк йæхæдæг. Адамы тымбыл къухтæ сæхи фынгæмбæрзæны къæдзыбын амбæхстой. Тамарæ æмæ Дзамболат фынгæй фестадысты.

Лæппу загъта:

– Кæд æмæ дæ амбулон æз – баззадтæ ам.

– Куыд!? – фестад Къесаоны-фырт, фæлæ йын фынджы фарн йе уæхсчытыл æрынцад. Хорз, æмæ йæ хистæр нæ федта, æндæр дæ гуырæй райгæ у – ивар сыкъа йыл сæмбæлыдаид. Иу æхсгæ каст ма фæкодта хистæрмæ æмæ уæзбын йæхи æруагъта. Хæснаг кæныны фæтк йæ тыхы куы бацыд, уæд Бецыкк бафарста Дзамболаты:

– Ды куы фембылды уай, ды, уæд та?

– Уæд?! – æнæсæрфат фæкаст Дзамболатмæ ацы фарста. Ау, куыд фæхæрд уыдзæн?! Æмæ йæ чи амбулдзæн? Лæппын зæрватыккау хъуымыздзых чызг?! Уæд æмбисондæн куы баззайдзæн Ирыстоны. Цы йæм бауæндыдысты, дæ хорзæхæй, ацы сындзыхъæуккæгтæ!

– О, о, уæд та? – айхъуыста та Бецыччы фарста.

– Уæд?.. – цæттæ нæ уыди сæрыстыр Фардзины-фырт ацы фарстæн дзуапмæ, уымæн æмæ, уый цы зæгъы, уый æнæмæнг йæ бынаты уыдзæн, фæлæ? Йæ цæсгом фæтар, йæ хъуыддаг, Хуыцау бахизæд, куы фæсыкк уа, уæд?! – Уæд та æз Тамарæйы хынцын дыууиссæдз лæгимæ!..

Чызг дзыхъхъы лæуд кæм уыди, æмæ дын йæ сæр ахъаззаг нæ разыйы тылд куы бакæнид. «Цымæ цы йæ зæрды ис сау рæсугъдæн?», – ахъуыды кодта Адам. Йе ‘фсымæр Ладе йæ дæле бады æмæ разыйæ йæ мидбылты худы.

Æппынфæстаг Бецыкк чызгæн йæ фæндон зæгъыны бар радта.

Æмæ дын Тамарæ сæрыстырæй афтæ куы зæгъид:

– Уæд та ды рацæудзынæ немæ…

Фынгыл ауылæн кодта дисы тауыс. Ладе йæ рихи адаудта. Дзамболат та йæ йæхирдыгонау бамбæрста æмæ сæрыстырæй йæ хъамайы сæрыл æрхæцыд. Ацæудзæн, бæгуы, æмæ чызгимæ фездæхдзæн.

Тамарæйы ныхасмæ Адам, къæдзæх йæ мидбынат базмæлæгау базмæлыд, фæлæ йын чызджы ныхас йæ иу къух иннæйы рацахсын кодта.

– Æххуырстæн нын бæздзынæ.

Дзамболат фæуыргъуыйау. Фæлæ ницы сдзырдта. Куыддæр фынгæй фестой, афтæ лæппутæ фендзысты, чи кæдæм цæудзæн, уый?! – афтæ ахъуыды кодта Фардзины фырт.

Уæд ма, хæсты размæ, фынджы фарн фынгыл бадыны рæстæг хæснаг хæссыны бар нæ лæвæрдта. Фæстейы аззад фынджы æгъдаумæ гæсгæ кадджын хæйттæ æмæ нуазæнты дугъы уагъд. Адæм нæма сбадынц, æмæ та кæс æмæ нуазæн æрфистæг вæййы. Фынг цæмæй ма «алидза», уый тыххæй бадгæ æрцæуы иунæг адæймагæн. Иннæтæ уырдыг фæлæууынц, цалынмæ хай æмæ нуазæнæн се гъдау раттынц, уæдмæ. Кæртæй – уатмæ, уатæй – кæртмæ, уæд – хистæртæм, уæд – цæлгæнæнмæ, æфсинтæн, уæд – хæдзары хицауæн…

Æмæ… Æппынфæстаг, фынгæй фестадысты. Кæрт рухс уыди бонау: фанартæ ауыгъд уыдысты бæлæстыл, тыргъты цæджындзтыл. Кæрты хъазты астæу уыди цыппар фанары. Чызджытæ ивтой рæстæгæй-рæстæгмæ фанартæ сыгъдæг авг фанартæй. Цалынмæ кæрты хъазтмæ хæццæ кодтой, уæдмæ дæр дыууæ уысмы скодта Дзамболат хæснаджы нысаныл, фæлæ-иу Тамарæ хин мидбылхудт бакодта.

Симды гуылфæны смидæг сты хуындзаутæ. Уыйас хъæлдзæгдзинад, уыйбæрц дзыллæ, хистæрæй-кæстæрæй, фæсивæд, змæлыд кæрты, раст цыма хъæубæстæ æрæмбырд сты. Куы «Симд»-ы уæздан цагъдæн фæрсаг кодтой лæппу-фæсивæд, куы та – «Хонгæ»-йæн.

Кадджын хай æмæ нуазæн та æрфистæг хъазтмæ. Бæрзонд хæрзарæзт зæронд лæг рацыд, йæ галиу фарс лæппуйы къухты – хай æмæ нуазæн. Кафджытæ – дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы, чи сæ кæм кафыд, уырдыгæй хъуазтау асирдтой фæстæмæ хъазты рæгъмæ. Цæсты фæныкъуылдмæ æмдзæгъд, зард, цагъд фегуыппæг сты. Фæндырдзæгъдæг дæр æд фæндыр уырдыг слæууыд.

Зæронд лæг йæ сæры тылдæй арфæ ракодта:

– Фарн уæ хъазты, нæ дзæбæх фæсивæд! – Галиу фарсмæ лæппумæ раздæхт. Лæппу дæр хатыр ракурын æмæ арфæ ракæныны фæстæ загъта:

– Нæ буц хистæр Хъайтыхъты Хъайтмырзæ нуазæн рахаста йе ‘рдхорд Бутаты Сафонкайы чызгæн!

– Лæппу дыууæ къахдзæфы ракодта размæ. – Саккаг кæнæд. – Йæ цæст ахаста чызджытыл. Тамарæ фефсæрмы, батыхст. «Дæумæ кæсынц», – чидæр æй бакъуырдта.

Чызг рацыд. Нуазæн райста лæппуйы къухæй. Сæры тылдæй йын раарфæ кодта, зæронд лæгæн дæр. Иу уысм алæууыд, стæй… фæраст фæсивæдмæ æмæ … æрлæууыд, йæ сæрæй акувгæйæ, Дзамболаты раз, афтæ аив æмæ бамбæрста, йæ къæхты хæцъæфтæ кæрæдзи куыд алвæстой, уый.

Фардзины-фырт сæрыстырæй, йæ сæрæй салам ратгæйæ, райста нуазæн, «нуазæнæй дæ сæр кадджындæр уæд», загъта. Тамарæ цыппар къахдзæфы фæстæмæ акодта æмæ та хæрз аив æрлæууыд. Хъазты ауылæн ис дисы тауыс: «Амбылдта йæ… Амбылдта йæ…»

Фæлæ, нæдæр Тамарæ исты сдзырдта, нæдæр Дзамболат йæхи исты хуызы фæкодта, нæ фæлæ ма куыддæр фæстæмæ акъахдзæф кодта, афтæ та, æгъдау куыд домы, афтæ чызгæн йæ сæрæй акуывта æмæ бацыд Хъайтмырзæйы галиу фарс цы зæронд лæг лæууыд, уый размæ, акуывта йын йæ сæрæй æмæ загъта:

– Нæ буц хистæр, саккаг кæн.

Уыцы цъусдуг сæ размæ февзæрдысты дыууæ лæппуйы графин, тæбæгъы фыды карст æмæ нуазæнтимæ. Дзамболат сæ райста дыууæ нуазæны, иу радта Хъайтмырзæмæ, иннæ та хуындзауты хистæр Уырымты Арыппханмæ. Æмæ æрмæстдæр гъеуæд иуварс алæууыд, зæрæдты нуазæнты æгъдаумæ йæ хъус даргæйæ.

Зæронд лæгтæ хъазты адæмæн, фысымтæн, уазджытæн, уазджыты хистæр Арыпханæн, арфæтæ фæкодтой.

Зæронд лæгæн нуазæнимæ йæ къух куы фæхæрд кæны, афтæ уыцы иу уысмы аивæй фæндыры «нуазæны цагъд», зарын æмæ æмдзæгъд аивылынц рагсæууон хъæубæстыл. «Айс æй, ануаз æй, ахуыпп æй кæн, айс æй, ануаз æй!..»
Кадджын нуазæнтæн се ‘гъдау куы бакодтой, уæд хъазты чъегъре, йæ сæрæй акувгæйæ, бахатыд Хъайтмырзæмæ.

– Нæ буц хистæр, иу кафт саккаг кæн. Хъайтмырзæ аив басирдта Тамарæмæ…

Æппынфæстаг, хуындзæуттæ цæуыныл ныллæууыдысты. Дзамболатмæ айуан дзырдæппарæн кæнынц. Уый дæр сæм хъуыста, уæздан æмæ мидбыл худгæ, уæдæ цы кодтаид. Хъыг та йын искуы ма нæ уыд?!

Арыпхан дзуры Тамарæмæ: – Ацы лæппуйæн цы кæнгæ у?

– Сбадæд немæ, – загъта стырзæрдæйæ чызг. Къесаоны-фырт йæхи нал бауырæдта: «Кæдæм?!» Тамарæ йæм бакаст.
– Тыхсгæ ма ма кæн, Адам, хуыгæсæн нын бæздзæн.

Уыцы ныхасмæ Фардзины-фырты дæндæгтæ кæрæдзийы нылхъывтой, гæркъа æлвасæгау, фæлæ йæхи ницы уæлдай хуызы равдыста, афтæмæй бабадт дыккаг бричкæйы фæстейæ, Сындзыхъæуы хъал фæсивæдæн уым фалæмæ хъазæн хъулæн.

Авдæнæй сабийы бахудтау бонивайæн хурскæсæны арвгæрæттыл йæ уардихуыз сæуæхсид айтыгъта. Уыцы сауæхсиды уддзæфæй талынг денджызы – рог уылæнау, зивæггæнгæ, бырыди ныгуылæнмæ, йæ фæстæ æгæрон арвы тыгъдадыл копрадзхуыз зæлдаг кæлмæрзæн таугæ.

Раст уыцы афон, хуындзауты фæндыры цагъд æмæ бричкæты цæлхыты уынæр æрдæгфынæй Црауы хъæууынгты айзæлд.

Хъæугæрон Сындзыхъæумæ ахизæны уынджы кæрæдзийы комкоммæ цардысты Черчестæ æмæ Дудиаты Биаслан. Черчесты Чермен – Арыпханы сиахс, Дудиатæ – Чертыбийы каистæ. Хъуыддаг зыдтой æмæ, карк æфтуанхъæдыл куыд фынæй кæна, ахæм уавæры уыдысты канд Черчестæ æмæ Дудиатæ нæ, фæлæ æппæт сыхбæстæ дæр. Уалынмæ сæм сæууон дымгæ йæ уæлныхты баскъæфта фæндырдзагъд, уасджыты уасын алы мыггаг мæргъты зарыны сæууон симфони æххæст, кæнгæйæ.

Хуынимæ сæ размæ рацыдысты… Бричкæты ифтыгъд хъал бæхтæ мыр-мыргæнгæ, æххæст нæма æрлæууыдысты, афтæ фыццагдæр рагæпп кодта Чертыби, йæ каис Биаслан æй бричкæйы ма ауынæд.

Дзырды уысммæ уæрдæтты ничиуал аззад.

Дыхъусыг хъæдын бæгæныйы къусæй Чермен Хуыцаумæ скуывта, “æгас цæут”, загъта æмæ, æрлæууыд Арыпханы цур, бæгæныйы къус æм дæтты:

– Дæ разæй кувгæ скодтон, фæлæ дæ кæстæр та нæ кæнын.

Арыппхан райста дыхъусыг нуазæн…

Алы нуазæнæн нуазæны фæндырдзагъды, зарыны, æмæ æмдзæгъды æхцон уынæртæ иу кодтой æмæ сæууон хъæубæсты æмæ хъæды кæмтты айзæлыдысты. Уынджы адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой. Искуы-иу сылгоймаджы къæхтыл уыди туфлитæ, иннæтæ иууылдæр хихуыд ирон дзабырты. Иууылдæр цъындаты. Сæ рæсугъд цæсгæмттыл мидбылхудт хъазыд.

Фæндыры хъæлæсæй раивылд уæздан «Хонгæ» кафты зæлтæ. Дзобаты Батырбег аив басирдта цырайуаг чызг Венерæмæ… Кафты фæстæ Батырбег Алыккайы хъусы бадзырдта:

– Кæимæ кафыдтæн, уымæн ныууадзæн нæй.

– Кæй чызг у, уый зоныс?

– Кæйфæндыйы дæр уæд, – ныфсхастæй загъта Дзобайы-фырт, стæй, йæ цæсгом фæтар уæвгæйæ, афарста:

– Кæй чызг у, кæ, уæддæр?

– Уæртæ Чермены. Арыппханæн та йæ хо Лазиггайы чызг.

– Мæ фыд Гаппо тæккæ аизæр фæцæуы Уырымтæм, – ныфсхастæй загъта Батырбег.

Хур нæма скаст, фæлæ йæ зæрин тынтæ Эльбрусы хохы саргъæвæрд æвзист цъуппыл куы сæмбæлдысты, уæд хуындзау фæсивæд уынджы – хъæугæронмæ аивылдысты. Сыхбæстæ дæр – сæ фæстæ.

Бричкæтæ сæ размæ куы æрлæууыдысты æмæ, Сындзыхъæуы фæсивæдимæ Дзамболат фæстаг бричкæмæ куы сгæпп кодта, уæд æй Биасланы хо Госæда дисæй афарста:

– Мæ бæрзонд тиу, уæд ды та кæдæм цæуыс?

Адам дзуапмæ фæрæвдз, бозимæ февналгæйæ:

– Хъуыддаджы фæдыл!..

Хъæлдзæг худт æмæ фæсивæды зард тулгæ цæлхыты гыбар-гыбур сæ быны анорстой.

Хуындзæуттæй нæ ферох Фардзины-фырт.

– Æз дыууиссæдз хуыйæ къаддæр нæ раскъæрдзынæн, – загъта Гатеты Аким.

– Уæдæ æз та уымæй фылдæр, – загъта Бæцойты Майрæм.

– Мæнмæ дыууæ дзæргъы ис, уыййас хъыбылтæ-иу куы адзоргъа кæной куы иу æрдæм, куы иннæрдæм!.. – худæгæй бакъæцæл Бутаты Михел.

– Мæ хуыты мыггаг сыскъуыдтон, фæлæ та мын æнæ сынтаугæ нæй, мæнæ сау хъулон хуытæ, – куыройы гæркъæраджы хъæр, фыдты уынæр йæ быны куыд фæкæна, афтæ, Бутаты Адзæдзейы ныхас худæджы бын фæци…
Тынг хъуыддагхуызæй Къæбысты Граф дзуры Дзугкойты Гаврилмæ:

– Хæрзмыггаг хуытæ уæййаг никæмæ зоныс?

– Хæдæгай, æз дæр дæ уымæй фæрсинаг куы уыдтæн, худгæ-худын йæ ныхас баппæрста Хъараты Алыкка.

– Цы, уый зонут? – йæхи сæм фæкарз кодта Дзобаты Батырбег, – хуытæ кæй хъæуы, уый сæ Чырыстонхъæуы базары агурæд… сæударты…

Хорз куы фæхудтысты, уæд ныфсджын æмæ æнæ худгæйæ дзуры Ладе:

– Кусарт кæй уыди, уый, дам, къæдзил дæр нал фæци. Æххуырст мах у, æмæ йæм нырма уасæг дæр нæма раскъæрдтам, уасæг!

Уый дын фехъуыстой, цы? Уæлахиз æмæ сæрыстыр фæсивæды худын бричкæйы згъоргæ цæлхыты гыбар-гыбур бамынæг кæнгæ, айзæлд Гаспойы дыргъ цæхæрадонæй суанг хъæды Бадзийы комы.

– Тынг раст зæгъыс… – амоны йæм Тимофей, – цыдæр зæгъын æй фæнды, фæлæ йын йæ ныхасыл тыхджындæр кæны худæджы дзæкъул.

– Ды йæм æппæты фæстаг раскъæрдзынæ, – худæджы цæссыгтæ сæрфгæ Ладемæ бадзырдта Сандыр Хымылонты.

– Уасæг, и?! – худы Дæтту.

– Уасæг, уæдæ, – уасæджы бынат ноджы фæбæрзонддæр кодта Чертыби. – Хорз фыййауы фысвосы дзугæн Бодз у раздзог, Фардзинтæн та – Уасæг…

Уæдмæ хур Арвы тыгъдады дзæвгар суади. Бричкæтæн сæ рахиз фарс хурыскæнæнырдыгæй хъуыдыды мæнæуы хуымыл æмæ кæрдæгыл сæууон æртæхтæ хуры тынтæм тыбар-тыбур кодтой налхъуыт-налмасау.

Тамарæ аивæй, цæстæнгас æмæ зына-нæзына сæры тылдæй «аныхас» кодта Арыпханимæ æмæ, Саууисджыны тагмæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд йе «’ххуырстмæ» афтæ дзуры:

– Ацу, дæ хæдзар бацагур.

Дзамболат исдуг нæ бамбæрста, æмæ йæ цæст ахаста фæсивæдыл.

Уыдон æм зæрдæхæлар мидбылты худгæ кастысты… Йæ дызæрдыджы уавæр та сыл худæг æмæ айуан бафтыдта. Æмæ гъеуæд, рагæпп кодта бричкæйæ. Хъал бæхтæ Сындзыхъæуы фæсивæды хъæлдзæг худт æмæ хъазæн ныхас дарддæрæй-дарддæр аскъæфтой.

Дзамболат исдуг цавддурау лæууыд, стæй сæм йæ къух тилы, уыдон дæр æм æмхуызонæй тилынц… стæй фесхъиудта, цыма йæ исчи фесхуыста, афтæ æмæ азгъордта сæ фæстæ. Згъоры, згъоры… йæ къухтæй йæ былтæн агъуд акæнгæйæ, ахъæр кодта:

– Зындзынæн уæ-æ-æм!!!

Æппынфæстаг, нал хъуысыд Дзамболатмæ нæдæр сæ хъæлдзæг айуан ныхас, нæдæр сæ худын, нæдæр бричкæты цæлхыты гыбар-гыбур, æрмæст ма уыдта сæ къухты тилын. Иутæ йæ бамбæрстой, цыдæр сæм кæй дзуры, уый, æмæ йæ, лæугæйæ, къухы тылдæй фарстой, уый дæр сын амыдта йæ къухæй – рæхджы сæм кæй зындзæн…

Фæлæ, оххай-гъе… кæрæдзийы феныны бон сæ нал фæци…

Ацы таурæгъы кæй ном ссардтам, нæлгоймæгтæй Сафонка, Чермен, Биаслан æмæ Хъайтмырзæйæ фæстæмæ, уыдон… нæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау гитлерон фашизмимæ карз тохы, Уæрæсейы хæстон быдырты æнусмæ баззадысты… 1941–1945 азты Фыдыбæстæйы хæсты.

ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт

ЧЫНДЗ-БОГАЛ

Таурæгъ

1768 аз Прагæйы, П. Галасия Доппер джиппы цы чиныг рауагъта, «Боливийы историон цыртдзæвæнтæ», зæгъгæ, уым дыккаг томы фыст ис.

Ныртæккæ мах кæй истори ахуыр кæнæм, уыцы Сим уыдис стыр Хуыцауæн æнувыд лæггадгæнæг. Уый фæсхъаймæт дыккæгæм азы рухс дунемæ рантысын кодта Эламы. Дзурынц, зæгъгæ, дам, уымæй та Скæсæны равзæрдис аланты фæрнджын мыггаг – æппæтæй уæздандæр адæмыхатт; сæ нæлгоймæгтæ диссаджы хæрзконд æмæ хъаруджын.

Уыдон уыдысты нæ разагъды сæрибаруарзаг фыдæлтæ. Æндæр адæмтимæ сæхи цы хæлардзинады тæгтæй бастой, ууыл дзурæг сты бирæ рагон цыртдзæвæнтæ æмæ таурæгътæ. Кæд ирон паддзах Алгъуызы таурæгъыл æууæндæн ис, уæд уый хыл никуы никæмæй ракъахта, хæсты цæхæры никæй баппæрста, фæлæ йæ æфсæддон кард æмæ уарт æнцой нæ зыдтой, йæ цъæх бæхы хид фæдисты уайынæй сур нæ кодта. Æппынæдзух æнæнымæц фыдгултимæ уæззау тохты ирон адæм дыууæ милуанæй цалдæр æмæ ссæдз минмæ æрхаудтой. Сæ нæргæ сахартæ æмæ гуыпп хъæутæ æртхутæг фестадысты. Цæрынæн халагъуд дæр кæмæн ныл уыд, уыдонæн сæ мæрдты сахар стырæй-стырдæр кодта.

Фæлæ, дам, арв нæрæг – нæ уарæг, фæзæгъынц. Къæвдаты фæстæ та-иу йæ зæххон хъæбултæм ракаст æмæ сын сæ тугæрхæм цæфтæ æвдадзы хосæй сæрста.

Кæсын дарддæр

Хуыздæр уавæры нæ уыдис ногъайаг адæмы хъысмæт дæр, æмæ Сурададжы сæрты æрвдзæф бæлæстау кæрæдзимæ сæхи бакъул кодтой дыууæ адæмы. Ирæттæ сæ цæрæн бынат схуыдтой Æлдарыхъæу, ногъай та Агъымыхъо æмæ сæнары арты фæздæгæй хуыцауы æрвхуыз дæлбазыртæ ала кодтой. Дыууæ адæмы-хаттæн кæд се ‘взаг æмæ сæ дин фæйнæхуызы уыдысты, уæддæр цæстæнгас æмæ зæрдæйæ кæрæдзи хорз æмбæрстой. Афтæ лымæнтæй цардысты, æмæ сын иу хæдон дæр сауджыны пæлæзау уæрæх уыдис. Кæрæдзийы зынджы муртыл хус суджы æргъæмттæ æвæрдтой, æмæ сæ ныфсы иу мæйаг мæсыг бонæй-бон цардхъомдæр кодта.

Дыууæ хъæуæн уыдис иумæйаг стыр ныхас, æмæ та се ‘вдæлон бон уым æрвыстой. Зæронд лæгтæй чи æлдыгъы тылд фысдзарм худагæн æууæрста, чи та нæрвы æрчъиаг надта, афтæмæй нæртон таурæгътæ мысыдысты. Чысыл фалдæр фæсивæд дæр алыхуызон хъæзтытæй сæхи ирхæфстой.

Ногъайаг Нури дæс æмæ ссæдзаздзыд мызыхъхъ лæг та дурыл бадтис æмæ къамбецдзармæй гæрзытæ уадзыныл архайдта. Йæ карды ком тасмачъийау цъулатæ кодта, æмæ-иу тæнæг рихиты бын æфсæртæ æддæг-мидæг ауадысты. Сæгъдзармæй хуыд лæгуын худ-иу æлхынцъ æрфгуытыл фæарфдæр кодта, дæргъæлвæс цъæх цæстытæ-иу фæцъынддæр сты, фæлæ йæ хъуыддаг нæ цыд æмæ хъуырхъуыргæнгæ йæ кард зæххыл ныццавта.

Фæтæнуæхск, нарæгастæу, бæрзонд ирон лæг Хуысин йæ разы балæууыд. Кæрддзæмæй йæ фæринк кард сласта æмæ къухызмæлды руаджы бамбарын кодта:

– Мæ хæлар, тыхсгæ ма кæн, мæнæ-ма амæй афæлвар!

Хус, бæзджын æрчъиагыл Хуысины кард цыма ныдзæвгæ дæр нæ кодта, уыйау æй карста, æмæ уайтагъд къамбецдзарм гæрз бæндæнтæй агæпп ласта.

– Уый дын дзаума гъе, мах дæр дзы кæрдтæ дарæм,– сæхирдыгонау æппæлыд Нури æмæ-иу æй цыкурайы фæрдыгау куы йæ хурсыгъд риумæ балхъывта, куы та йæ нард былтæм.

Фæсивæд сыл æрбамбырд сты, æмæ æмбисонды кард къухæй-къухмæ ацыд. Чи йын йæ ком уырзæй сгæрста, чи та йын йæ хъæбæрдзинад комытæфæй бæрæг кодта, чидæр та йыл æрду бафу кодта, æмæ йæ куы адзæнгæл кодта, уæд, уый кард у, кард, зæгъгæ, дис кодтой.

Кардæн йæ кæнæг дæр Хуысин йæхæдæг у, уый Нури куы бамбæрста, уæд йæ тарбын цæсгом фæхъæлдзæгдæр æмæ арфæтыл схæцыд:

– Ды тæхудиаджы лæг дæ, ахæм сызгъæрин къухты хицау чи у æмæ ахæм диссаджы хæзна дзаума кæмæ ис. Кад æмæ радимæ йæ фæрнæй бирæ азты дар!

– Бузныг, мæ хæлар, фæлæ мæ кард афтæ тынг дæ зæрдæмæ кæй фæцыд, кæй дзы раппæлыдтæ, уый мæнæн къуди аныхæгау æхсызгон у æмæ дын æй æд кæрддзæм лæвар кæнын. Афтæ амоны ирон æгъдау, æмæ, дæ хорзæхæй, саккаг æй кæн! – зæрдиагæй йæ ныхас балхынцъ кодта Хуысин æмæ кæрддзæм йæ фарсæй райхæлдта.

Ногъайаджы дынджыр цæсгом мæймæбулкъау фæсырх. Цъындгомау цæстытæ тъыбартъыбургæнгæ фæстæрдæм иу къахдзæф акодта, йæ хъуынджын цæнгтæ риуы къæйыл фæдзуар сты æмæ уæздан дзуапп радта:

– Стыр бузныг, мæ хæлар, фæлæ афтæ ма бакæ. Дæ хуызæн уæздан лæджы йæ адджын дзаумайæ фæхицæн кæныны бар мын ме ‘фсарм нæ дæтты, æмæ бахатыр кæн…

– Ехх, ныр йе ‘взагæй куы зонин, уæд бæргæ, – фæтыхсти Хуысин, фæлæ та къухтызмæлды руаджы йæ фæнд бамбарын кодта:

– Лæг, Нури, йæ ныхасæй лæг вæййы, æмæ, мæ зæрдæ цы скарста, æз уый нал аивдзынæн. Айс мæ лæвар æмæ йæ мæ номыл фæрнæй дар!

– Уæдæ, Хуысин, ацы стыр лæвар нæ дыууæ хъæуæн лымæн-дзинады фидар æвдисæн фæуæд. Чъизи къухæй йæм чи ныхила, уый та-иу æй йæ уырджы ссарæд, – кард йæ роныл бæтгæ загъта Нури æмæ Хуысины къух йæ дыууæ армы нылхъывта.

Къуырийы фæстæ Нури, йæ ирон æрдхорды кæрты æфсургъы хуызæн лыстæг зæнгджын бæх бабаста æмæ афтæ зæгъы:

– Хуысин, ацы лæвар дын æз кæнын нæ хъæубæсты номæй æмæ дын хайыр уæд, макуы дын бастайæд, макуы дын фæкæлæд…

– Нæ, мæ хæлар, уый нæ уыдзæн, мæ дзаума дын æз уый тыххæй, мыййаг, нæ балæвар кодтон, – уазæджы ныхас фескъуынгæ фæцырд и фысым æмæ йæ цæхæр цæстытæ æфсæрмæй зæххы ныццавта.

Уазæг ын йæ уæздан ныхæстæ зæрдæйæ банкъардта æмæ йын хъæлдзæгæй хатиагау дзуапп радта:

– Ногъайаджы зæрдæ кæлых хъулæй балхæн æмæ дын дæ арм тохсийæ аныхдзæн, уыцы æгъдау нæ фыдæлтæ бæрзæндты хастой, æмæ йæ мах дæр ныллæгмæ нæ уадзæм!

– 0 мæ кæнæг Хуыцау, мæ карды хæррæгъ дæрчъы хъусы аргъ дæр куы нæ у, уæд ацы фæлмæн лæджы царм куыд астигъон, – скатай фысым, фæлæ йæ æгъдау æрцахста æмæ йын фезмæлæн нал уыдис.

Чысыл фæстæдæр дыууæ лымæны сæ ком суагътой цъысцъысгæнаг бур физонджытæй æмæ сæ дойны басастой сæрсæргæнаг сау бæгæныйæ.

– Мæнæ цы диссаджы нуазинаг, – йæ былтæ сдæргæ дис кодта Нури æмæ та-иу дзы къусы дзаг ныххырхта.

Дыккаг бон Хуысин йæ ногъайаг лымæны хæдзармæ лалымы дзаг ирон бæгæны баласта. Нуримæ цыма уæларвæй фосы Фæлвæра æртахт, уыйау фыр цинæй зæххыл нал хæцыд. Уазæджы раз сивыры дзаг къуыдырвых фыдызгъæл фæздæгкалгæ авæрдта æмæ йын къухты змæлдæй ацамыдта, ахæр, зæгъгæ.

«Кæд бæхы фыд у», – скатай Хуысин æмæ йæ фæсхъус ныхгæ куы фысыммæ бакæсы, куы та фыдызгъæлмæ. Нури дынджыр къуылдых систа æмæ адджын комдзæгтæгæнгæ уазæгæн амоны, барвæсс нын нæ хойрагыл, зæгъгæ.

Хуысинæн гæнæн нал уыд, æмæ, дзидзатæм амонгæ бæхы мыр-мыр куы бакодта, æрмæст уæд фæхъуыды кодта йæ уазæджы уавæр Нури. Амонæн æнгуылдзтæй йæхицæн сыкъатæ ацарæзта æмæ галау му-у, зæгъгæ, бауасыд, ома, дам, стуры фыд у.

Уазæг йе ‘муд æрцыд, арф ныуулæфгæ фынгмæ æнгомдæр æрбабадт, фæлæ йын комдзаг скæнын дæр нæ бантыст: кардæлвæстæй хæдзары кауын дуар сæ сæртыл æрбахастой лекъаг дыууæ абырæджы æмæ бирæгътау дзагъултæгæнгæ сæ амæттæгты уæлхъус алæууыдысты. Нури йæ номхæссæны лæвар кард фæцыхауи кодта æмæ размæ акъахдзæфгæнгæ йæ дæрзæг хъæлæс анæрыд:

– Цы уæ хъæуы, уый сисут æмæ ахæссут, фæлæ мын мæ уазæгыл абиу дæр чи бакæна, уымæн ацы сауфистонджын кард йæ зæрдæйы ныссадздзынæн!

«Чи куыдз, чи хæрæг, дамкъайы рæйд кæнын ныл чи уæнды?» – дзырдта тыхгæнджыты тызмæг æнгæс, æмæ сæ хъуынджын худты бын цыппар цæсты туджы малтæ фестадысты. Куыддæр сæ хотыхтæ залиаг кæлмытау фехситт кодтой, афтæ сыл Хуысин фынг фæфæлдæхта æмæ чъырттымæнгæс абырæджы къухтæй хъама стыдта. Аннæуыл Нури кард ныззыввытт ласта, æмæ фистоны онг йæ хурхы ныссагъди. Уынгтæ хъæр, хъæлæба систы. Лекъаг абырджытæ хæдзæртты дæрæнгæнгæ джигул кодтой, сабиты скъæфтой. Сылгоймæгты зæрдæхалæн цъæхахст, знæт куыйты рæйд æмæ тарст фосы æмбуйæ хъустæ арыдтой. Чи зоны, дарддæр ма цы фыдбылызтæ æрцыдаид, фæлæ Æлдарыхъæуæй иры фæдисæттæ æрбафсæрстой æмæ тыхгæнджыты сæ хъæлæсы ахастой.

Нурийы кæрты дыууæ абырæджы марды, æвæццæгæн, нæма æруазал сты, афтæ та Æлдарыхъæуæй райхъуыст фæдисы хъæр. Æвæццæгæн, лекъ ирæттæй сæ маст истой æмæ тæргæбæхтыл уайгæ хъæзæй æмбæрзт хæдзæрттыл зынг æфтыдтой. Уынгты кæй ардтой, уыдоны æхсаргæрдтæй дыууæрдæм цъыкк ластой.

Хуысинæн йæ иу къухы æхсаргард, иннæйы арц, афтæмæй йæ зыгъар бæхыл тыхгæнджыты æхсæн цъилау зылд. Æфсургъ знæгты зæвæтдзагъд кодта, дæндагæй сæм лæбурдта. Йæ фæтæн риуæй-иу кæй скъуырдта, уый-иу æд бæх асæрбихъуырой кодта.

Уалынмæ Ногъайы фæдисæттæ дæр, Нури сæ разæй сæхъис архъан тилгæ, сæ уадсур бæхтыл æрбахæццæ сты, æмæ тыхгæнджытæн быдыр снарæг. Къуырийы фæстæ дæр ма сын сæ тугвæдтæ æххормаг рувæстæ сдæрдтой.

Афтæ, сæрибары сæрыл тохты, Ногъай æмæ Иры хæлардзинады иумæйаг мæсыг болат æндонау æхсысти, æмæ сæ ныфс сæ хъарутæ бонæй-бон фидардæр кодтой.

«Ногъай не стыр дзуары кувæндон бæлас у, æнтæф бон нын аууон дары, къæвда бон та нæм æртæх нæ уадзы», – æппæлыдысты уыцы дуджы нæ фыдæлтæ се ‘нæмаст сыхæгтæй.

Уæдæ ногъайаг адæммæ дæр бирæ рагон таурæгътæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ ис, мах фыдæлтимæ сын цы æнгом бастдзинæдтæ, уыдис, уый тыххæй. Дæнцæгæн æгъгъæд у мæнæ ацы æмбисонды хъуыдыйад дæр:

«Ирон адæмæй лымæн кæмæн нæй, уый хуыцауы хорзæхтæй дæр æнæхай у».

Рæстæг æххормаг къамбецау тар бонты æууилгæ размæ хылди, уæдæ цы уыдаид. Фæскъæвда зокъотау ир æмæ ногъайы хъæутæ цас фылдæр кодтой, уыйас зæхх та кадавардæр кодта, æмæ адæм куы бабирæ сты, уæд ыл кæрæдзийы тонын байдыдтой. Фыццаг дыууæ адæмы æхсæн, стæй хъæуæй хъæуы æхсæн дæр сарæх сты арæнтæ, æмæ алчи йæ зæххы гæппæл цæсты гагуыйау хъахъхъæдта. Мулк тыхджынæй-тыхджындæр кодта æмæ дыууæ къухæй хæрамдзинады марг адæмы æхсæн зæрста. Тугæй дымст мисындзæгау арæнмæ æнæбары дæр фæныхил, æмæ та-иу зæхх сырх хъулон адардта.

Ир æмæ ногъайы фæсивæды æхсæн кæрдæджы хал æмæ хъуыны цъуппыл дæр хъаугъатæ, хъæлæбатæ куы сарæх сты, уæд се ‘фсармджын хистæртæ, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, катайы бацыдысты. Ныхасмæ æрæмбырд сты æмæ бирæ уынаффæты фæстæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: «Арсы хъыбылтæ куы байрæзынц, уæд сын иу лæгæт скъуындæг вæййы. Нæ иутæн ардыгæй цæугæ у». Фæлæ уыцы фæндыл барвæндонæй куы ничи сразы, уæд фидарæй бауынаффæ кодтой:

– Иннæ хуыцаубон нæ цуанæттæ милмæ фехсæнт, дыккаг хуыцаубон нæ дугъæттæ дугъы рауайæнт, æртыккаджы та нæ богæлттæ хъæбысæй рахæцæнт æмæ, уыцы ерысты чи рамбула, уыдоны адæм сæ бынаты фæрнæй цæрæнт, чи фæхæрд уа, уыдоны адæм та – фæндараст.

Ацы фæндоныл се ‘ппæт дæр сразы сты æмæ кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой. Лæгæвзарæн бон Хъазæнлæгъзмæ уый бæрц дзыллæ æрæмбырд, æмæ, арвæй дур æрхауд, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, зæххыл нæ сæмбæлдаид. Тæрхоны лæгтæ адæмы дыууæ дихы фæкодтой, æмæ се ‘хсæн милмæ æхсджытæн даргъ, фæтæн «уынг» рауад. Ногъай æмæ Иры æвзæрст дыууæ рæстдзæвины йæ иу кæрон фæрсæй-фæрстæм куы ‘рлæууыдысты, раст уыцы рæстæг сæ сæрмæ арвы цъæхы зилахаргæнгæ дыууæ цæргæсы февзæрд.

– Нæ, фæлæ ма уалæ уыцы дыууæ тугдзыхы æрысхойæнт, – схор-хор кодтой æвдисæн адæм æмæ, тæрхонгæнджытæ семæ куы сразы сты, уæд дыууæ цæхæрцæст лæппуйæн фехсыны бар радтой.

Сахъгуырдтæ сæ къæрид худты хæррæгътæ фæчъилгæнгæ сæ галиу къæхтæ размæ авæрдтой æмæ фæйнæ маргъы милмæ систой. Æрдынбостæ атонын æввонг айвæзтысты. Цымыдис адæм сæ улæфт баурæдтой æмæ цавддуртау сæ мидбынат бандзыг сты. Уалынмæ дыууæ фаты фæцъыввытт ластой æмæ æхситгæнгæ арвы талынгтæм сфардæг сты. Чысыл фæстæдæр дыууæ цæргæсы пакъуы калгæ фæуырдыгмæ сты æмæ уалынмæ дуртау сæ тъæпп зæххыл фæцыди.

Адæм се ‘муд æрцыдысты æмæ хæрæгсаст, хæрæгсаст хъæргæнгæ рæстдзæвин фатæхсджыты сæ уæлныхты систой, фæлæ диссæгтæ нырма фæсте уыдысты, æмæ сæм дыууæ адæмыхатты сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой.

Ирон адæмæй дугъы уайынмæ Хуысины хал схаудта, Ногъайырдыгæй та Нурийы, æмæ дыууæ лымæны сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой. Сæ уадсур цæргæстæм цæкуыйæ зылдысты, цæмæй сæ хытъынтæ сæлвасой, уый тыххæй сæ бон дыууæ хатты цъити доны дардтой. Дугъы даргъ фæндагыл сæ фæлтæрдтой.

Тæрхоны лæгтæ дæр æнцад нæ бадтысты. Дугъæтты гуыргъахъ фæндагыл сбæлвырд кодтой доны сæрты гæпгæнæнтæ, цæхгæр фæзилæнтæ, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ. Банысан кодтой, барджыты хъузæттæй чи кæй онг æххуыс кæндзæн, уыдæттæ, æмæ та афтæмæй амондæвзарæн бон æрхæццæ.

Хъузæттæ сæ астæутæ нарæг балвæстой æмæ сæ бынæттæ бацахстой. Цымыдис адæм чыртæ-чыртæй бæрзæндтæй кæсынмæ цыдысты. Дугъы фæндаджы сæр дыууæ барæджы фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты, æмæ сæ хъал бæхтæ сæ быны кафыдысты.

Уалынмæ райхъуыст æууæнчы лæгты ерысмæ сидæг сыкъаты æхситт. Æфсургътæ мырмыргæнгæ фыццаг сæ фæстаг къæхтыл алæууыдысты, стæй уаритау сæхи размæ фехстой. Æвзыгъд барджытæ, цыма бæлæттæ ахстой, уыйау размæ агуыбыр сты æмæ сæ хъусты фæрсты дымгæ къуыззитт кодта. Дыууæ хайуаны цыма сæ хæс æмбæрстой, уыйау сæ быцъынæг размæ тыдтой, фæлæ дзы иу иннæмæн гæпп нæ лæвæрдта. Сæ сæфтджыты бынæй зæххы къуыбæрттæ фæстæрдæм халæттау тахтысты, æмæ сæ фæдыл рыг мигъау сыстад. Адæмæй иутæ дурты сæр сæ къахфындзтыл слæууыдысты, аннæтæ обæутты сæр лæугæйæ сæ хурсыгъд къубæлттæ размæ айвæзтой, афтæмæй сæм æдзынæг кастысты. Иу гæппы бæрц-иу кæй дугъон раздæр кодта, уыдон-иу фыр цинæй хъæргæнгæ сæ мидбынат скафыдысты, аннæтæ та-иу сæ былтæ æруагътой.

Фæндаджы дæргъæн кæрон нал уыдис. Бæхтæ сæ фындзыхуынчъытæй уадындзтау æхситт кодтой. Сæ комы фынк къоппæй калдис. Фæхæрдгæнæны сæ гæпп фæуæззаудæр, æмæ хъузæттæ сæ куысты тынджы бацыдысты. Дугъы кæрон æрхæстæг. Барджытæ ма сæ худтæ дæр аппæрстой æмæ æзфæраздæронæй сæ удтæй арт цагътой, фæлæ дыууæ бæхы цыма дзырд бакодтой, кæрæдзийы ма фегад кæнæм, зæгъгæ, уыйау фæрсæй-фæрстæм уæззау улæфтгæнгæ æмгæпп кодтой.

Райдайæн кæмæн уа, уымæн кæрон дæр вæййы. Хъузæттæ сбирæ сты, æмæ нысануатмæ фæллад бæхты æд барджытæ сæ уæлныхты хæссæгау бæргæ кодтой, фæлæ та ацы ерыс дæр хъысмæт хæрæгсастæй алыг кодта. Дыууæ барæджы рæвдз æргæпп кодтой сæ бæхтæй æмæ кæрæдзийы ныхъхъæбыс кодтой. Адæмы хор-хорæн кæрон нал уыд.

– 0 хуыцау, ма нæ фенамонд кæн!

– 0 аллах, батæригъæд нын кæн!– куывтой иры æмæ ногъайаг адæмты хистæртæ æмæ та-иу Æрджынарæджы комыл сæ цæстæнгас ахастой. Иу схæцæн ма, æмæ иутыл амонды хур йæхи стигъ кæндзæн, иннæты та барæвдаудзæн.

Ногъайы богал Байрамхан ахæм мæнтæгрæмудзæг уыд, ахæм, æмæ йын йæ цонг чи фæтасын кодтаид, ахæм хъуынджынриу толппар лæппу, æвæццæгæн, Терк-Турчы бæстæты дæр нæ уыди. Сардзины дæргъæн, ставд хъамбулджын лæг цыма хæдуагъд уыдис, уыйау йæ цæнгæтхуыз буар сойдзæстытæ æвæрдта. Æхсырфæй даст, насы хуызæн тымбыл сæр хурмæ æндонау æрттывта. Ныллæг къуыпп ных æмæ хъамыл æрфгуыты бын цыма знæт стай бадти, уыйау йæ донхуыз цæстытæ сæ къуырфыты зылдысты. Йæ дзыхæй бындзытæ ахсæгау гуылмыз фындзы бынмæ бинаг был куыройы кæхцау æрзæбул, æмæ халамæрзæны дæндæгтау йе ссыртæ зындысты. Ахæм уæйыгæй ногъай сæ сины сæртыл хæцыдысты æмæ сæ рæстæг хъулæй хъазгæ уымæн æрвыстой.

Уыцы тыхст рæстæг ирмæ богал нæ уыдис æмæ сæ уынаффæгæнæг лæгтæ састбазыр цæргæстау сæргуыбыр, уæнтæхъилæй бадгæ адзалæн мадзал агуырдтой. Адæм алы дам-думтæ кодтой, сæ къонатæ сæ нал тавтой, сæ хъуыры къæбæр нал цыд, бон сыл талынгтæ кодта, афтæмæй æбæрæг фæндагмæ сæхи ифтонг кодтой. Фæлæ хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ сæ сæрты амонды стъалы атахт.

Тæрхоны лæгтæ куы ницы фæрæз ардтой, уæд сæ разы æфсæрмытæгæнгæ æрбалæууыд урс дадали Нана æмæ хатыр ракургæ афтæ зæгъы:

– Фарн уæ ныхасы, нæ буц хистæртæ, кæд гæнæн ис, уæд мын иу ныхасы бар куы раттиккат!

Лæгтæ фестадысты, æмæ йын худайстæй ныллæг акувгæ арфæйы ныхас загъта хистæрты хистæр Хъуыдæберд:

– Бирæ нын цæр, Нана, æмæ нæм фарны къах æрбавæр! Дæ хорзæхæй, мæнæ ам нæ разы дæхи æруадз, æмæ дæм хъусæм!

– Уанцон нæу, æнæуи дæр уæм мæ ных кæй æрбатардтон, уый мын хатыр уæд. Нæ адæмы хъысмæт мæ мæ цонгæй ласæгау æрбакодта æмæ гæнæн нал ис. Сбадут, уæ хорзæхæй, æмæ мæм чысыл байхъусут. Мæ хуызæн зæронд хъындырыл хуыссæг æхсæв хорз нал фæхæцы. Ме ‘дзард мæрдтыстæн, бауырнæд уæ, аргъау уын нæ дзурын, фынтæ дæр нæ федтон. Айфыццаг нæ къамбец кæй ныххæдмæл, уымæн уе ‘ппæт дæр – æвдисæн, хъæстæ хал, дам, ахордта! Нæ, мæ мад, мæ фыдыстæн, уый уæд нæ чындз фæсутъыр кодта…

– Бахатыр кæн, Нана,– йæ ныхас зæлдагау айвæзта Хъуыдæберд,– фæлæ абон махæн нæ сæр нæ кой у æмæ чындзыты хъуыддæгтæ не ‘взарæм!

– Ме ‘дылы къоппа уæ нывонд уа, æз дæр уый тыххæй ам дæн,– амонæн æнгуылдз йæ цыргъ роцъойыл авæргæ фæзæгъы Нана æмæ дарддæр йæ хъуыды къуыбылойау сындæггай хæлдта:

– Иу сæумæрайсом нæ чындз кæрты хъомтæ дыгъта. Уыцы æнæхайыры къамбец фосыл богъдаби кодта æмæ ногзад стуры дуцын нæ уагъта. Чындз æй цалдæр хатты иуварс бæргæ аздæхта, фæлæ йе ‘хсыры къæрта куы фæфæлдæхт, уæд ын, абоныстæн, йæ дыууæ сыкъайыл фæхæцыд æмæ йæ быруйы сæрты гæдыйы мардау фехста. Мæ цæстытæй кæфойы дзаг цæхæртæ акалд. Цъынайы аууон нынныгъуылдтæн, æмæ уæ бауырнæд, улæфын дæр нал уæндыдтæн. Нæ адæмы хъысмæтыл мæ зæрдæ куы нæ риссид, уæд æз ацы диссаг дуры хъусы дзурын дæр нæ бауæндыдаин… Ныр уæ кæд мæ ныхæстæ нæ уырнынц, уæд æм фæдзурут æмæ йæ бафæрсут. Æрмæст, уæ хорзæхæй, адæмы цæсты мæ ма бæфтаут, науæд мæ зарæггаг фæкæндзысты, йæ чындзы хабæрттæ хыдыры цыхтау ныхасмæ рахаста, зæгъгæ. Абабау, мæнæй ницы фехъуыстат. Уæ фæндтæ уæхи фæндиаг, æз цæуын, – загъта ма Нана æмæ йæ кæлмæрзæн фæарфдæргæнгæ разылд.

– Стыр бузныг, Нана, ды махæн нæртон Сатана дæ æмæ дæ цæрæнбон бирæ, – йæ фæдыл сыстгæ раарфæ кодта Хъуыдæберд.

Нанайы ацыды фæстæ бирæ ныхæстæ рауад тæрхоны лæгты æхсæн:

– Ау, сæгуыт арсимæ кæрдо куыд æрцæгъддзæн?

– Нæ зонын, Байрамхан сылгоймагимæ рахæца?

– Æмæ нæ фæсивæдыл худинаджы гакк не сбаддзæн?

Хъуыдæберд сæм лæмбынæг хъуыста æмæ, куы банцадысты, уæд афтæ зæгъы:

– Бирæгъыл мæгуыры бон куы скæны, уæд, дам, куыдзы бын атулы. Хуыздæр гæнæн нал ис, æмæ цомут бафæрсæм нæ чындзы.

Кавказы æрдзмæ цыдæриддæр рæсугъддзинадæй уыд, уыдон,æвæццæгæн, Ацырухсæн балæвар кодта. Нарæгастæу, гуырвидауц, уæздан æмæ хæдзонд чындзыл Æлдарыхъæу сæ цæст æрæвæрдтой. Дондзау-иу тасгæ-уасгæ куы рацæйцыд, кæнæ-иу чызджытимæ изæрыгæтты уынгтæ уисойæ куы марзта, уæд æм-иу адæм кæсынæй не ‘фсæстысты. Мыдхуыз хъуымбыл дзыккутæ дыууæ быдæй хæццæ кодтой зырнæйзылдау рæсугъд зæнгты хæцъæфтæм. Хъæлдзæг дыууæ сау цæсты сæрмæ сынты базыртау сæхи уæрæх айтыгътой дыууæ къæлæт æрфыджы. Сырхфарс фæткъуытау пумпуси рустæй хуртæ æмæ мæйтæ цыма касти, уыйау адæймаджы цæстæнгас сæхимæ æлвæстой. Хурдзаст цæсгом ноджы аивдæр кодтой цыбыргомау фындз æмæ цæттæ æрыскъæфау пухгонд былтæ, роцъойы чысыл тæрф æмæ урс дæллагхъуыртæ. Уæлдай цымыдисагдæр та, риуыгънæджытæ фидар æхгæд кæуыл уыдысты, уыцы дыууæ къаннæг обауы уыдысты.

Чи хæйрæг уыдис, æмæ нæлгоймæгтæ зæрдæхъæрмттæ кæмæй фæкæнынц, уыцы хæзнаты бын домбайы зæрдæ тæлфы, уымæн.

Хистæрты стыр фарн уайсадæг чындзы ком райхæлдта. Зондæй æххæст сылгоймагимæ тæрхоны лæгты бирæ радзур-бадзур нал бахъуыд. Æфсæрмæй мард Ацырухс, Нанайы аууон ныгъуылдтытæгæнгæ фæсус хъæлæсæй цыбыр дзуапп радта:

– Нæ Иры дзыллæйы кæд мæ рахиз цæст хъæуы, скъахут æй, кæд æй мæ рахиз цонг хъæуы, ратонут æй, мæ риуæй мын фелвасут мæ зæрдæ, æз уæддæр, уæуу, нæ зæгъдзынæн. Нал ис хуыздæр мадзал, уый бæлвырд у, фæлæ кæд гæнæн ис, уæд мын цыппар æрмæрины бæрц сæрак раттут, æмæ мæ Байрамхан хæргæ куы кæна, уæддæр уын уæ фæндон сæххæст кæндзынæн.

– Сау туг мæ зæронд сæрыл æруара, чындз, хуыздæр куы ахъуыды кодтаис, сылгоймаг сæттаг дидинæгау тæлæс у, æмæ куы фæхудинаг уæм, – Хъуыдæбердмæ йæ цæст фæныкъулгæ загъта Нана.

– Æз мæ фæндон загътон, – сабыр дзуапп радта чындз, æмæ ууыл сæ ныхас ахицæн.

– Уæ сардауæг мæ тæригьæд фæхæссæд, – загъта ма чындз, сыхæгтæ куы ацыдысты, уæд.

Лæгæвзарæн бон та æрхæццæ æмæ та Хъазæнлæгъзы адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Сау ногъай нæ зыдтой, сæ богалы ныхмæ чи рацæудзæн, уый. Ацы бон сæ хъул сах кæй абаддзæн, уый сæ уырныдта æмæ сæрбæрзонд, зæрдæрухсæй æнхъæлмæ кастысты. Байрамхан дæр йæхиуыл йæ зæрдæ дардта æмæ тæрхонгæн-джыты рæгъы арсау дзагъултæгæнгæ æнæ мæтæй бадти. Йæ тъæпæн нард цæсгом сойы æвдылди. Йæ хъамбул цæнгты хæцъæфтæй дымст лалымтау хъазыди.

Каст ма Ацырухсмæ уыдис æмæ, йæ афон куы æрцыд, уæд æнæнхъæлæджы фæзынд. Йæ уæлæ, чындздзон дарæсы æдде уыдис хъуымаг сæракæй лыстæг сынк хъæбысæйхæцæн æнгом къандзол, афтæмæй доны хъазау тæрхоны лæгты размæ басирдта æмæ салам раттыны фæстæ бафарста:

– Байрамхан та кæцы у?

Куы йын æй бацамыдтой, уæд йæ разы уæздан лæуд æркодта æмæ йын сæрæй æркувгæ салам радта.

«Ацы зæд та мæм кæцæй æртахти?» – хинымæр бадис кодта сау ногъайаг богал æмæ æгъдаумæ гæсгæ фестинаг уыд. Фæлæ йын, бад, загъгæ, Ацырухс йæ уæраджы сæр фелхъывта, æмæ дæ балгъитæг уыйау: стджыты хъыррыст фæцыд. Богалы дзагъыр цæстытæ сæ къуырфытæй федде сты. «Æллах!» – арсау ма ныб-богъ ласта æмæ бауадзыг.

– Ам мæнæн куыстаг нал ис,– загъта тæрхоны лæгтæн ус богал æмæ тагъдгомау сæхирдæм фæраст и. Адæм хабар куы бамбæрстой, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд.

«Сæ сылгоймæгтæ ахæм хъаруйы хицау кæмæн сты, махæн уыдонимæ дзургæйæ нал у», – загътой ногъайæгтæ æмæ сæ богалы сынтыл ахастой.

Ирон хосгæнæг Хъасай халсасчъы уидаг скъахта. Хъæрмуст донæй йæ сыгъдæг ныхсадта, стæй йæ кардæй лыстæг ныххафта æмæ дзы Байрамханы саст уæраг хъæдын фæрсчъытимæ æнгом бабаста. Рынчын дыууæ къуыримæ йæ къæхтыл слæууыд, æмæ ногъай сæ уæрдæттæ ифтындзынмæ бавнæлдтой.

Агъыныхъойы хъæу дæр зæйау фенкъуысыди. Æнæсæрст сæмæнты хъыррыст æмæ цæлхыты гыбар-гыбур сарæх сты.

– Цымæ ма искæд фембæлдзыстæм? – æрхæндæгæй фарста Нури Хуысины.

– Чи зоны, мах куынæуал, уæддæр нæ байзæддæгтæ æнæмæнгæй фембæлдзысты, – дзуапп радта Хуысин, æмæ дыууæ æрдхорды кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Зын у фæхицæны сахат.

Æрбайхъуыст ма дард кæцæйдæр фæстаг уæрдоны хъыррыст æмæ Агъыныхъойы хъæууатт ингæнау ныссабыр. Йæ артдзæстыты уазал фæнык ын халæттæ фæйнæрдæм фæйлыдтой. Æдзæрæг хъæуты æххормаг рувæстæ æлдариуæг кодтой.

Чи зоны, цæй бæрц рæстæг рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ ма абон дæр Иры зæххыл ногъайы уæлмæрдты обæуттæ нæма слæгъз сты. Нæ хæлардзинады æртхутæг нæма ныууазал, æмæ сæ мысæм нæ таурæгъты.

ДЖЫККАЙТЫ Шамил

ХÆЛÆГ ÆМÆ ХÆЗНА
Таурæгъ

Адæм дзурынц: цард хæлæгæй нæу. Æз та зæгъын: цард хæлæгæй у. Цагъар сæрибар лæгмæ хæлæг кæны æмæ йæ рæхыстæ сæтты. Æвзæр хорзмæ хæлæг кæны æмæ йæ фæзмы. Хæлæг кæнынц, æрдзы сконды цыдæриддæр ис, уыдон: мæй – хурмæ, стъалытæ – Бонвæрнонмæ, сæ удæй арт цæгъдынц æмæ рухс кæнынц, сæ бон цас у, уыйас. Раст куы зæгъон, уæд бирæтæ хæлæгæй мæлгæ дæр кæнынц, фæлæ уыдон тæригъæддаг сты, æмæ сын Хуыцау тæригъæд кæнæд. Хæлæг ахæм фыдбылыз у, æмæ йын ис сæдæ хуызы. Иу ныхасæй, хæлæг Сырдонæй уæлдай нæу. Нарты фыдбылыз уыд зæххы хин æмæ арвы кæлæн. Йæ бон уыд йæ хуыз раив-баив кæнын. Бацыдаид зæронд ус кæнæ чындзы хуызы, фестадаид худы быдыргъ кæнæ сызгъæрины кæри, сурдымæн кæнæ мыстулæг. Ахæм æууæлтæй æххæст æмæ ифтонг у хæлæг дæр.

Æнахуыр цыдæр у хæлæг. Назым Хикмет сæрыстырæй фыста: хæлæг никæмæ кæнын, суанг Чарли Чаплинмæ дæр. Чаплинмæ æз дæр нæ хæлæг кæнын, быдзæу цастæ лæг у. Фæлæ, афтæ куы зæгъон, никæмæ хæлæг кæнын, уæд мыл ничи баууæнддзæн. Мæ фыдгул мæнг зæгъæд. Тæхудиаг мæм кæсынц Байрон æмæ Дон Жуан. Фæзмгæ дæр сæ кæнын, сырддонцъиу цæргæсы куыд фæзма, афтæ. Уым диссагæй ницы ис, уый æрдзон хъуыддаг у. Фæлæ хæлæг ахæм парадокстæ раппары, æмæ сæ хæйрæг дæр нæ бамбардзæн.

Кæсын дарддæр

Кæддæр, колхозтæ куы нæма сарæзтой, уæд мах уыдыстæм цæрæг хæдзар, уыдис нын æстдæс хуымы, даргъауæдз хуымтæ. Фыдæлтæ дзырдтой: зæххы бирæйæ макуы стыхс, зæхх йæхæдæг йæхи кусы. Уый раст ныхас дæр у, фæлæ мæнг ныхас дæр у. Зæххæн хицау хъæуы, хорз усæн хорз лæг куыд хъæуы, афтæ. Зæхх къæпи æмæ хидæй æфсис нæ зоны, иудадзыг рæвдыд домы. Æмæ уын уый дзырдтон. Нæ хуымтæй цалдæр уыдысты Дæллагхъугомы. Уым та не ‘рвадæлтæй цалдæр хæдзары царди хицæнæй. Иу æнтæф бон мæ мад хуым рувы. Сусæны тæвд тыхсæттæн у. Уый иу зын у. Фæлæ мад йæ дзидзидай сабийы ныууагъта авдæны бастæй, ныууагъта йæ мæлдзой зæронд усы æвджид. Кусы, архайы, тындзы йæ куыстагыл. Фæлæ зæрдæ ‘хсайы сабимæ, мæргъты зард æм кæсы сывæллоны кæуын. Уыцы афон æрвадæлты ус, йæ сывæллон йæ хъæбысы, афтæмæй хъæдрæбынты къахвæндагыл тезгъо кæны. Сатæджы иуæрдæм ацæуы, иннæрдæм æрбаздæхы. Мæ мад йæхи нал баурæдта æмæ йæм дзуры:

– Тæхудиаг фæуай, Мæхъион! Аууоны йæхи ирхæфсы, йæ сывæллон йæ хъæбысы буцæй цæуылнæ рæза…

Мæхъион йæхи иннæрдæм фæзылдта. Фæлæ къутæрбынæй растад æмæ разынд йæ мой Ардзим. Сыстад лæг, ракаст уæлбылæй æмæ дзуры дæлæмæ:

– Гъей, Гæбуон, хъал ныхæстæ ма кæн! Мæхъионæн дæ уавæртæ куы уаид, уæд уый дæр дæуæй æгаддæр ус нæ уаид.

Цы сдзырдтаид æрыгон сылгоймаг йæ тиумæ. Лæг бæлæсты бын бонасадæн кæны, уый æнхъæл нæ уыд æмæ фефсæрмы. Сылгоймагæн йæ маст уадзынæн хуыздæр мадзал у кусын, æмæ тынгдæр бавнæлдта. Кусы æмæ хъуыдытæ кæны: «Мæнæ диссаг. Æз Мæхъионмæ тæхуды кæнын, уыдон та мæнмæ хæлæг кæнынц. Уыдонæн зæхх нæй, æвдæлон сты æмæ сæ рæстæг тонынц. Зонынц æй, рæувæззæг кæндзысты, æмæ сæ цæсты фиутæ тайынц». Фæсмон кæны мæ мад, сæ риссаг сын кæй фæцагайдта, уый тыххæй. Фæлæ, иугæр дур фехстай, уæд ын раздахæн нæй. Фæнда дæ, нæ фæнда, уыддæр искæм йæ тъæпп фæцæудзæн.

Æнæмæнг, хæлæг æмбисондаг у. Гуырысхо йыл мачи кæнæд. Кæм фæзындзæн, кæцырдæм ныццæвдзæн, уый нæ зоны нæдæр уæллаг, нæдæр дæллаг. Æз уын æрхæсдзынæн æцæг æмбисонд. Худын чи зоны, уый худæд, чи нæ зоны, уымæн – къах йæ роны.

Хъобаны цардысты лæг æмæ ус – Алыккаты Мæхæмæт æмæ Хъариан. Цытджын лæг æмæ ус уыдысты кадджын мыггæгтæй. Цардысты, уæдæ куыд вæййы. Фыдæлтæй сын баззад кад æмæ ном, баззад сын бынтæ дæр. Бын, дам, кæмæн нæ баззайы, уый хъæздыг нæ кæны. Нæ зонын, цас раст у ацы æмбисонд. Уыйхыгъд зонын, йæ фыд хæрæгыл хуысчъытæ кæмæн хаста, йæхæдæг та «мерседес»-ыл чи скъæры, ахæмты. Зонын, сыд хуыскъæлæй чи схъомыл æмæ ныр еугæфæй чи цæры, ахæмты. Стонг адæмæн Чырысти кæсаг нæ радта, бацамыдта сын кæсаг ахсын. Бирæтæ сæ цотæн бынтæ нæ ныууадзынц, уыйхыгъд сæ сахуыр кæнынц сайын, давын æмæ стигъын. Уыдон чысыл фæрæзтæ не сты нæ рæстæджы, уыдоны фæрцы ис цæрæн, ис хъæздыг уæвæн. Фæлæ ‘мбисонды мидис растдæр у. Лæг бынхор куы нæ уа, уæд бынтыл бынтæ æфты. Исбон тауинагæй уæлдай нæу. Нæмыг æфсир кæны, æфсир куырис дæтты. Фарн дæр, фарн кæмæ ис, уымæ цæуы.

Цардысты Мæхæмæт æмæ Хъариан хъæрмудæй, уæдæ цы кодтой. Лæг – сæрæн æмæ амалджын, ус – хæдзардзин æмæ бæркадарм. Зыдтой уынаффæ кæнын æмæ фæндæй цæрын. Афтæмæй сæ хæдзар мыды къускау уыд дзаджджын æмæ адджын. Æниу, бынтон раст нæ зæгъын. Сæ къона сын адджын уыд уарзт æмæ аргъуыцæй. Уыдон хæзнатæй хæзнадæр сты, фæлæ уыдон дæр фаг не сты æххæст амондæн. Æниу, æххæст амонд кæмæн ис? Никæмæн. Суанг Хуыцауæн дæр. Уæд ын Амыран давы йæ зынг, уæд ын Батырадз цæгъды йæ зæдты. Нæй йын æнцой, мæгуырæг. Мæхæмæт æмæ Хъариан дæр Арвæн бынтон уарзон нæ уыдысты. Цот сын нæ рацыд. Дзурынц: кæмæн нæй, уый дæр кæуы, кæмæн ис, уый дæр. Ацы уарзон бинонтæ кæугæ нæ кодтой – зыдтой, цæссыг цот кæнынæн ахъаз нæу, æрдиаг арвмæ нæ хъуысы, стæй ацы хъуыддаджы Хуыцау дæр æвæрæз у, Йæхицæн иунæг фæдон уыд, æмæ уый дæр – фуйæ гуырд. Хос цæмæн нæй, уый катайаг нæу. Фæлæ азтæ цыдысты, æмæ æнæзæнæг бинонтыл мæт хатгай йæ сау мигътæ хаста. Уæд-иу хъынцъым кодтой, тыхстысты, сæ зæрдæтæм хъуыстой, – уырдыгæй та хъуыст хъыг æмæ сагъæс. Ахæм сахат сын сæ адджын хæдзар кодта мастад, фæлæ уæддæр сæ бон уыд быхсын æмæ хиуыл хæцын.

Уыди сæм кусæг, йæ ном – Иван. Цы адæмæй уыд, кæцæй æрбафтыд – ничи йæ зыдта. Лæппуйæ ‘рцыд æмæ æрбынæттон ис Мæхæмæты хæдзары. Ам кусы æмæ цæры иу-дæс æмæ ссæдз азы. Ницы дзуры, ничи йæ фæрсы, кæцон дæ, кæмæй дæ, уымæй. Хæдзары хицау ын радта кæройнаг уат, хуыссæнгарз, æмæ дзы ‘рцард йæ уды дзæбæхæн. Æнæхæдзар хæдзарджын сси. Йæ гуыбын – æфсæст, йæ рагъ – æмбæрзт, йæ зæрдæ рухс, æмæ кусы æнувыдæй, хъаруджынæй, иттæг разы дзы уыд йæ хицау дæр. Фæскуыст йæ хуыссæнуаты йæхи уæлгоммæ аппары æмæ зары. Хатгай хъисфæндыр райсы æмæ цæгъды, йæхæдæг йæхицæн хъырны. Бæгуы дæсны нæ уыд зарынмæ, фæндыры дæр удхарæй цы мардта, æндæр æй нывыл суасын нæ уагъта. Фæлæ хъал уыд, йæ зæрдæ йæ хаста, æмæ зарыд, фæндырæй хъазыд.

Дис кодта Мæхæмæт: «Мæнæ мæ хуыцау федта. Амæн куынæ мыггаг æмæ хион ис, куынæ йын арт æмæ фæнык ис, уæд цæуыл зары? Цы хорз ыл æрцыд æмæ цæмæй хъал у?» Тыхст-иу куы уыд, уæд æм йæ маст дæр æхсыст, фæлæ уæздан лæг йæ сæрмæ нæ хаста æххуырсты ‘фхæрын. Загъта-иу йæхинымæры: йæ куыст кæны, фау æрхæссæн æм нæй, уадз æмæ зара. Лæгыл фæнды хъадамантæ бакæн, фæнды йæ зарын ма уадз, – уæлдай сæ нæй. Уыцы хъуыдытæ иргъæвтой лæджы йæ мастæй.

Иу фæсахсæвæр та бадынц Мæхæмæт æмæ Хъариан. Сæ зæрдæтæм та æрбакалд сагъæсы сау мигъ. Бадынц, артмæ кæсынц, йæ сабыр гуыр-гуырмæ хъусынц. Дзырд сæ нæ хауы. Цы мысынц, уый та ды базон. Иван дæр фосмæ базылд, кæрт бафснайдта æмæ та йæ кæнон кæны: уæлгоммæ хуыссы, зарджытæ кæны, куы сæ иуæрдæм здухы, куы та – иннæрдæм. Уалынмæ систа Хазбийы зарæг:

– Барæг, дæ бæх та цæмæй у?

– Йæ саргъæй æмæ идонæй.

– Саг лæг дзæбæх та цæмæй у?

– Йæ кардæй æмæ ливорёй.

Мæхæмæтæн ацы хатт тынг хъыг уыд æххуырсты зарын. Хъайтары зарæг цыма йæ дзыхы нæ фидауы, афтæ йæм фæкаст. Нæ, афтæ дæр нæ! Уый æгад кæны зарæг. Йæ кусæг æм ныртæккæ зынд,æфсæст гæды пырдтытæй куыд хъырна, уый хуызæн. Йæхинымæр дзырдта: «Мæлæты лæг! Æвзары мын лæджы хорз æмæ бæхы хорз. Цы зоныс ды, саг лæг цы у, уымæн?» Уыцы ныхæстæ æххуырстмæ нæ хъуыстысты, æмæ хъæлдзæгæй йæ зарæг нывæста дарддæр. Мæхæмæт иуафон йæхиуыл нал фæхæцыд æмæ загъта:

– Ныр уымæн йæ хъæлæсы тæвд фæнык бакал, уæд ын нæ хъæуы! Мартъийы гæдыйы уаст кæдмæ кæндзæн?

– Нæл гæдыйы цард ын ис, æмæ цæуылнæ зара, – дзуапп ын радта сылгоймаг.

– Цæй цард у уый, тынд мæгайæ гæвзыкдæр куы у, уæд. Йæ номыл куы ницы ис, нæ куыдз, нæ гæды.

Хъариан йæ мойы ахæм карзæй дзургæ никуы фехъуыста. Бамбæрста, маст дзы бацыд, уый æмæ ныхас хъазынмæ здахы, йæ цæсгом сыхæлдта, афтæмæй.

– Æмæ уыдон гыццыл хæзна сты лæгæн? Фагæй уæлдай.

Лæг æрхуым уыд, æмæ йæм диссаг нæ фæкаст усы къæйных ныхас.

– Чи бамбардзæн царды хъулæттæ, – дзуры æрхæндæгæй лæг.

– Нæ хæдзар – дзаг, уæддæр ныл бæхбадт кæнынц мæт æмæ сагъæс. Иван – хъæды халонæй иунæгдæр æмæ мæгуырдæр, уæддæр йæ зæрдæ уæрыккау кафы. Кæд уый диссаг нæу, уæд ма диссаг æмæ ‘мбисонд та цы вæййы.

Сылгоймаг царды хъуыддæгтæ лæгтæй лыстæгдæр æвзары, хъысмæты хъæзтытæ хуыздæр æнкъары. Æнæ уый дæр хæйрæг кæм нæу: уынаффæ кæнынмæ – Сырдонæй дæсныдæр, ардауынмæ, бацырын кæнынмæ йæхицæй дипломатдæр зæххы цъарыл нæ, фæлæ Олимпыл дæр нæй. Хъариан зæгъы:

– Лæгæн йæ хъæлæсы тæвд цæхæр цæмæн калыс? Йæ тæригъæд дæхимæ цæмæн исыс? Йæ зарынæй тыхсыс, æмæ уымæн æз зонын йæ хос. Дæ сызгъæринтæй йын иу чыссæ ратт. Дзырд дын дæттын, йæ зарæг дæ хъустыл нал æрцæудзæн. Бафæлвар æй. Мах уыцы армыдзагæй мæгуырдæр нæ фæуыдзыстæм. Ратт ын æмæ йын уæд йæ митæ уындзынæ.

Мæхæмæт исдуг фæджихау и, стæй хъуыдыты ацыди: «Уый та куыд. Мæ хуыссæг мын фæсырдта, æз та йын лæвæрттæ кæнон? Гал марæггаг – хъуг. Науæддæр уый цы хос у? Хъал лæг хæзнаджын куы суа, уæд бынтон зæххыл нал æрхæцдзæн. Ныр чъыртдымау чъыртт-чъыртт кæны хатгай, уæд та ололи фестдзæн. Фæлæ гæнæн нæй. Цы уа, уый уæд, бакæсон сылгоймаджы коммæ. Фенæм, чи нæ цы рамбула, уый».

Лæг сыстад йæ къæлæтджынæй, байгом кодта хæзнаты чырын, иу чыргъæдæй систа армыдзаг сызгъæринтæ æмæ сæ ныккалдта сæрак чыссæйы. Араст æмæ бацыд Иванмæ, йæ номæй йæм бадзырдта æмæ бахызт хатæнмæ. Иван фæгæпп ласта æмæ йæ разы алæууыд.

– Цы хабар у, исты ’рцыд, мыййаг? – тарстхуызæй афарста æххуырст.

– Ницы ’рцыд мур дæр, – загъта хицау. – Æрбад, ныхас мæ ис демæ. Ацал-ауал азы кусыс мæ хæдзары. Кусыс æнæ зæрдæхудтæй. Хуыцау дæ разы уæд, æз дæ бузныг дæн. Дæ куыстæй дарддæр мæ дæ зардæй хъæлдзæг дарыс, æмæ дын хъуамæ иу лæвар бакæнон.

– Арфæгонд у, – гуырысхо æмæ цымыдисæй зæгъы кусæг. – Мæн цæй лæвар хъæуы. Дæ фæллойæ хайджын дæн, ницы хъуаг дæн. Цы мæм æмбæлы, уый хæрын æмæ цæрын. Бузныг, ницы мæ хъæуы, æз мæ цардæй разы дæн. Хъаст ницæмæй кæнын. Нæ зонын, дæ зæрдæ мæм цæмæй фехсайдта, уый. Кæд исты рæдыд æруагътон, уæд мын æй ныббар, дæ хорзæхæй.

– Цæй рæдыд, цæ! Хæдзарыл æнувыд дæ. Хус бузныг дын фæ- зæгъын, æмæ уый цы у? Ницы. Сæууон уддзæф къуылдымтыл.

– Мæнæн уый фаг у. Фагæй фылдæр. Æгæр, æгæр. Дæ хæрзтæ мын Мæрдты Бæсты фидинаг ма фæуæнт.

– Лæвар фæстæмæ ничи здахы, – йæ ныхас фæлмæн ауагъта Мæхæмæт. – Айс мæ номыл ацы чыссæ, уый дын срухс кæндзæн дæ зæронды бонтæ.

– Ма мæ бафхæр, дæ хорзæхæй, – лæгъстæгæнæгау дзуры æххуырст. – Кæд исчи хæсджын у, уæд æз сымахæй. Мæ зæронд дæр тыхсинаг нæу. Даринаг уон, уымæ не ’руадздзынæн мæхи. Хъобан уæздан сты, мæ мард мын лæвар дæр бавæрдзысты. Уый мæ уырны.

– Æфсины дæр афтæ фæнды. Нæ уынаффæ иу у. Æгадæй мæ ма аздах, айс нæ лæвар, уыцы хатыр бакæн.

Цы гæнæн ма уыд. Айста Иван сызгъæрины чыссæ. Арфæтæ фæкодта йæ рæдау, йæ уæздан хицауæн. Мæхæмæт раздæхт хъæлдзæгæй. Фæлæ дистæ кæны: «Кæс-ма, ницы йæ хъæуы. Æвæццæгæн, лæг цы цардыл сахуыр уа, уый ивын æм зын кæсы. Нæй йæм, æмæ йæ нæ хъæуы. Кæмæ ис, уый та фылдæр хъæуы, æмæ йæ мулкыл мулк æфтауы. Мæсыг бындурыл амайынц. Ацы æнæфæнык æдылы нæу, фæлæ нæ зоны хæзнаты ад, нæ федта сызгъæрин æмæ налхъуыт-налмасы æрттывд, æмæ йæ нæ хъæуынц, нæ сæм бæллы. Нымæтыл хуыссын чи сахуыр, уый нæ зоны аргъ кæнын хъæдабæ æмæ хуысар хъуымацæн. Уыры боны рухс нæ уыны, æмæ йæм хур нымады дæр нæй».

Æндæр сагъæсты уыдис уыцы ’хсæв Иван. Бирæ фæкаст йæ сызгъæринтæм. Цас сыл фæцин кодта, уый ничи зоны. Фæлвæрдта сæ уæзæй, сгæрста сæ дæндагæй, нымадта сæ бæрцæй. Иуафон сæ йæ нывæрзæны бакодта æмæ схуыссыди. Хуыссы, рæдзæ-мæдзæ кæны. Кæсы цармæ, кæсы рудзынгмæ, йæ хъус дары дуар æмæ кæртмæ. Цас рæстæг рацыд, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ йæ хъæццулы зæронд иуварс аппæрста, сыстад, къулæй йæ сауарæзт хъама райста æмæ уый дæр йæ нывæрзæны бавæрдта. Хуыссы, сагъæстæ æмæ фæндтæ кæны. Йæ мутакайы зæронд – дурæй хъæбæрдæр, ихæй уазалдæр. Хуыссæг фæлыгъд, хæйрæг æй фæхаста, æмгæрон нал цæуы. Лæг рафт-бафт кæны йæ хуыссæнуаты. Иу заманы чыссæ нывæрзæнæй райста, йæ хъæбысы йæ æрæфснайдта, хъама кæрддзæмæй сласта, фистоныл хæцы, афтæмæй боныцъæхтæм удхарæй мард, стæй, Бонвæрнон куы скаст, уæд фæлладæй афынæй.

Нæ базыдта фæстаг кæркуасæн. Хур æй æрæййæфта йæ хуыссæны. Фестъæлфыд, Мæхæмæт æм куы бахъæр ласта, уæд. Фæгæпп ласта, йæ уæлæфтау йæ уæлæ æрбаппæрста æмæ къæсæрыл февзæрд.

– Мæрдфынæй бадæн, фос сыдæй фæцагъды сты, ныххатыр кæн, дæ хорзæхæй, – йæхи рæстытæ кæны. Ныр æм бакæс, уæд фыдфыны фæллад.

– Фосæн ницы у, дæхæдæг æнæниз у, æндæр, – сабыр æй кæны хæдзары хицау.

Æххуырст размæ фесхуыста, фæлæ ‘васт фæстæмæ фæзылд, нымæты бынæй чыссæ фелвæста, йæ роны йæ арф атъыста, афтæмæй кæрты балæууыд. Рауагъта фос. Хъариан ын йæ хызын дзагæй рахаста, Иван дæр фосы йæ разæй айста, уынгты сæ атардта æмæ сæрвæтмæ бахæццæ. Хизы хъомтæ.

Иуафон аходæн хæрын æрымысыд. Йæ нымæт кæрдæгыл æрытыдта æмæ йыл æрæвæрдта йæ хызын. Хойрагмæ нæма бавнæлдта, афтæ йæ ронæй чыссæ систа. Йæ ком ын ахæлиу кодта æмæ сызгъæринтæм кæсы. Боны рухсмæ сæ уыны фыццаг хатт. Хæзнатæ хурмæ тыбар-тыбур кæнынц, æрттывдтытæ калынц, цæсты тигътæ сæм нæ лæууынц. Дзæвгар сæм фæкаст, стæй чыссæйы ком бæхсныгæй æрбалвæста æмæ йæ фæстæмæ йæ роны арф афсæрста, æрбæстон æй кодта æмæ хæрыныл æрбадт.

Бон-изæрмæ йæ зарæг нæ райхъуыст. Тæппуд лæг нæ уыд. Иу бирæгъ кæй бахæра, ахæм дæр нæ уыд. Калмæй никуы тарст, ныр æм кæрдæджы астæу алы хъулон къæцæл каст хæцаг калм, æмæ дзы хæрдмæ схъиудта. Къутæры сыфтæр базмæлыд, зæгъгæ, уæд-иу йæхимидæг барызт. Цы йыл æрцыд, уымæн ницы зыдта, æмæ йыл йæ бон ныддаргъ и, æрхъæцмæ нал хъæцыд хуры ныгуылдмæ.

Изæры фос æртардта, бафснайдта сæ, суг æрсаста, кæрт ныммарзта. Йæ куыстытæ фæци æмæ йæхи æруагъта йæ хуыссæны. Йæ цæстæнгас зилы къуымты. Зæрдæ зарын нæ агуры, тыхсы, æмæ йыл йæ фæллад тæфсы. Сыстад, къуымы иу гайла уыд, уырдæм бацыд, æркаст æм, армæй йæ æрысгæрста, – нæй, уый Хъарсы фидар нæу, нæй дзы хæзна æмбæхсæн.

Æхсæв цæуы, цырæгътæ ахуыссынц, хъæу ныссабыр. Æрæнцадысты хицау æмæ йæ бинойнаг дæр. Уæд Иван аивæй рацыд йæ хатæнæй, хъавгæ æрхызт асинтыл, йæ къахфындзтыл ахызт кæртæй æмæ сисрæбынты араст комы ‘рдæм. Йæ къухы – бæрз лæдзæг, йæ кæрон – джебогъы саст, йæ фындз – цыргъ. Лæг доны бауад. Фаллаг фарс, æрдузы кæрон, – стыр, зæронд кæрдо бæлас. Уый бын æрлæууыд, фæйнæрдæм акæстытæ кодта, алырдæм ахъахъхъæдта, – бæстæ сабыр, æнцад. Лæдзæджы фындзæй зæхх размæста, мæр – фæлмæн, æнцонкъахæн. Æндæр ранмæ æрæвнæлдта, нæууæй гæбаз систа, йæ бын ма йын ракъахта æмæ та цæстæнгасæй йæ алфамбылай асгæрста. Хуыцауæн табу, змæлæг нæй. Æдæрсгæ систа чыссæ æмæ йæ дзыхъхъы цадæг ауагъта. Йæ уæлæ йын къæй æрæвæрдта æмæ йыл сыджыт æркалдта. Нæууы гæбаз арæхстгæ æвнæлдæй йæ бынаты абадт. Лæг æй йæ армæй адзæбæхтæ кодта, æмæ дзы йæ зæрдæ барухс: хорз у, хæйрæг дæр æй нæ рахатдзæн. Акаст алырдæм æмæ ныфсджынæй рараст йæ цæрæнуатмæ.

Донмæ æрбахæццæ. Уæд йæ хъустыл ауад цыдæр маргъы уаст. Лæг адæргæй æрбадт дурыл. Кæсы донмæ. Дон æнæмæтæй уайы, гуылфæнтæ кæны æмæ зары. Лæг хъуыдыты ацыд: «Цæуыл уасы уыцы маргъ? Æвæццæгæн, искæмæй фæтарст, æндæр цы. Бæлвырд, чидæр мæ фæстæ зылди. Адæмы цæст уынаг у, ницы дзы ирвæзы. Мачи мæ федтаид, уый гæнæн нæй. Чи уа уыцы æхсæвдзу, мæ хæдзар мын халдзæн».

Сыстад лæг, фæстæмæ аздæхт. Дуртыл йæ къæхтæ къуыры, сындзытæ йæ тонынц, къæмдзыгтæ йæ зæнгæйттыл æндæдзынц. Æлгъыст йæ дзыхæй никуы суагъта, ныр сæ дурæй, сындзæй кæны сауæлгъыст. Ссардта талынджы йæ бæлас. Æркаст нæумæ, уырзæй йæ æрысгæрста – æвнæлд æм нæй. Иуцъус алæууыд, стæй загъта йæхцæн: «Нæ, ам ын нæй уадзæн. Адæймаджы къухы куы нæ бафта, уæддæр ыл иу сырд æрбафтдзæн. Рувас æй тæфæй цæуылнæ базондзæн? Бæгуырдæр æй базондзæн. Сæппардзæн æй, чыссæ бахæрдзæн, хæзнатыл дæ къух ауигъ…»

Ракъахта æвæрæн. Табу Рекомæн – ничи йæм фæраздæр. Чыссæ йæ роны бафснайдта æмæ фæсæмбисæхсæв йæ хæдзарыл сæмбæлд. Йæхи æруагъта æмæ хъуыдытæ кæны, агуры хуыздæр æфснайæн. Ницы йын æнтысы, тыхсы, йæ сурхид кæлы.

Фыццаг кæркуасæнты Иван ныххойы Мæхæмæты дуар. Йæ номæй йæм бадзуры.

– Цы ’рцыд, бон дыл нал кæны? Цавæр фæдис у! – радзырдта йæм зæронд лæг.

– Фæдис та куыннæ у! Мæнæ лæг сæфы. Дæ хорзæх мæ уæд, сæфын æй ма бауадз.

– Цы ’рцыд, зæгъын, цы хабар у?

– Мæнæ хæйрæгыл фæхæст дæн. Сæфын. Бабын дæн. Мæ хос дæ къухы, ма мын æй бавгъау кæн… Айс дæ лæвар. Мæ тæригъæд дæм фехъуысæд галы богъы йас. Лæггад дын кодтон, табу дын кæндзынæн, ма мæ ныууадз ацы маргимæ, Хуыцауы хатыр бакæн.

Бинонтæ сыстадысты. Мæхæмæт чыссæ исынмæ нæ хъавыд. Уæд Иван йæ разы йæ зонгуытыл æрхауд æмæ йын чыссæ йæ къæхты бын æрæвæрдта.

– Мæ хорз хицау, мæнæн ам цæрæн нал и. Дæ Хуыцаумæ скæс – суæгъд мæ кæн, ауадз мæ мæ сæфты фæндагыл. Ницы мæ хъæуы, мæ куыст уын хæлар уæд. Мæ буц æхсин, æрмæст мын иу бонваг фæндаггаг ратт дæ рæдау армæй. Ауадзут мæ мæ сæфты фæндагыл, уый мын уæ цæст бауарзæд Хуыцауы хатырæй.

Лæг æмæ ус кæрæдзимæ кæсгæйæ баззадысты.

Боныцъæхтыл зноны æххуырст араст Хъобанæй. Йæ фæндаг æй кæдæм хаста, уый ничи зыдта, нæ йæ зыдта бæлццон йæхæдæг дæр.

2004 азы

НЫСТУАН

Авторæй

Боныг никуы фыстон. Мæ цард афтæ æгъуыз у, афтæ иугъæдонæй цæуы, æмæ дзы, рæгъмæ цы рахæссон, ахæмæй ницы ис. Фæлæ мæ дзыппы æдзухдæр вæййы фыссæн чиныг. Уым цыбырæй афыссын мæ хъуыдытæ, мæ зæгъинæгтæ, мæ сагъæстæ. Фæнысан кæнын мæ цæстæнгас, мæ алыварс цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххёй. Уым фæзынынц æмдзæвгæты темæтæ, хицæн рæнхъытæ, гыццыл нывтæ. Мæ бон нæу стыр уацмыстæ нывæндын, мæ зæрдæ мын цы цаутæ агайынц, уыдон æвдисын æмбисæндтæй, фæсномыг ныхасæй кæнæ аллегорион нывтæй. Фыссын мæ чиныджы, адæмæй цы хъусын, уый дæр – цыргъзонд ныхæстæ.

Max цæрæм вазыгджын дунейы. Царды ис бирæ быцæутæ, ныхмæвæрд тыхтæ, хъæуы дзы тох кæнын рæстдзинад, намыс æмæ идеалты сæраппонд. Тохæн хъæуы фæрæзтæ. Æз рафыссын стыр лæгты куырыхон ныхæстæ, тæлмац кæнын се ‘мбисæндтæ æмæ баснятæ, цыбыр радзырдтæ æмæ историон хабæрттæ. Æвзарын дзы, нæ судзаг фарстытæн дзуапп чи дæтты, мæ сагъæстæ кæм уынын, ахæмтæ. Зонды ныхæстæ адæмæн иумæйаг сты хуры тынтау, рæдауæй нын рухс кæнынц нæ хъуыды æмæ нæ развæндаг. Хохы мæ рæстæджы хортæ карстой цæвæгæй. Зæххы-иу баззад бирæ æфсиртæ. Max уыдыстæм сабитæ æмæ сæ уыгътам хистæрты амындæй. Арæх-иу цæндты ссардтам мыстæвæрæн – кæрвæдзы æфсиртæ бæстон æфснайдæй, – уый махмæ каст хæзнаты кæри. Ныр чингуыты æмæ адæмы ныхæсты уидзын зонды æфсиртæ.

Мæ фыссæн чингуытæй бирæтæн лæвæрдтон хуымæтæг нæмттæ: «Æхсæдæнтæ», «Луарæнтæ», «Цъæмæлтæ». Иу къорд дзы мыхуыры рацыд, уыди сын иумæйаг сæргонд – «Æхсныфтæ». Уыцы нæмттæ бадынц мæхи фыстытыл. Фæлæ иугæр ацы хайы кæйдæр æмбисæндтæ ис, уæд ыл фидауы хорз ном «Æфсиртæ» дæр. Пайда сæ нæ агурын, кад мын æрхæссой, уый мæ зынтæй уырны. Фæлæ зын у, мæ зæрдæйы сæ æмбæхстæй дарон, уый дæр. Суг нæй, æмæ арт æндзарын æхсныфтæй.

ÆНАХУЫР БÆЛЛИЦ

Проспекты хъæлдзæгæй æрцæуын. Хъайттаты Сергей æдзухдæр тезгъо фæкæны, æмæ йыл хæрхæмбæлд фæдæн. Кæрæдзийæн салам радтам.

– Кæцæй цæуыс, цъамадаг? – фæрсы мæ. Афтæ мæ буцæн хоны, нæ фыдæлтæ иу хъæуæй рацыдысты – Цъамадæй.

– Уæллæй, кинойы уыдтæн. Иунæгæй æнкъард кодтон æмæ, зæгъын, мæхи аирхæфсон.

– Æмæ куыд, аирхæфстай?

– Афтæ хорз, æмæ йын зæгъæн дæр нæй.

– Уагæры цы федтай?

– «Капитан». Жан Маре дзы хъазы. Уый иу гуыппытæ кæны, иу гуыппытæ, æмæ диссаг. Цъаммæртты цæгъды æмæ лæгæн æхсызгон цин хæссы.

– Цæгъды, зæгъыс? Æмæ йын уæд ардæм æрбакæнæн нæй?

1982 азы июнь

ЦЫРАГЪ ÆМÆ ГÆЛÆБУТÆ

Васо Мæскуыйæ ссæуы.

Базмæлынц гæлæбутæ, рухс цырагъыл æмбырдтæ кæнынц. Талынджы нæ зынынц, рухсы пæр-пæр кæнынц, æмæ сæ адæм уынынц.

Цырагъ нал и, уæд абадынц зæххыл, ссарынц бырондон æмæ дарддæр сæ хъуыддаг кæнынц. Абухынц, сисынц талф-тулф, сæ хæлцыл кæрæдзи тонынц, кæй фæвæййы, уый кайф кæны.

Бадæм рестораны. Немæ Абайтæй иу лæг. Нæ ныхмæ æндæр фынгыл бадынц æртæ гуыппырсары. Иу дзы разынд Абайты хæстæг. Замманайы æгъдауджын лæппу – уайтагъд нуазæн æрбахæссын кодта нæ фынгмæ.

Фæрсы Абайы-фырты:

– Уæдæ ды Васойы дæр зондзынæ, и?

– Зонын æй, Васойы чи нæ зоны.

– Нæн-нæ, хорз зонгæ стут?

– Æрвылбон иумæ нæ бадæм, фæлæ хаттæй-хатт кæрæдзи фенæм.

– Гъемæ дæ цæрæнбон бирæ уæд! – бацин кодта лæппу. – Васойæ мах нæ сæртæ бæрзонд хæссæм. Уый нæ кад у, æгас ирон адæмæн дæр. Уый нæ ныфс у.

Лæппу нын йæ авгæй фæйнæ рауагъта. Анызтам.

– Уæдæ мемæ Мæскуымæ нæ ныууаис? – афарста лæппу.

Абайы-фырт фæкуыддæр ис. Цæхæрцæст лæппу йæ уайтагъд фæфиппайдта æмæ тагъд-тагъд сдзырдта:

– Нæн-нæ, тыхсгæ ма кæн, хæрдзтæ иууылдæр мæнæй.

– Цæмæн нæ бахъуыд уырдæм цæуын, рæхджы ссæуинаг у, æмæ йын дæ зæрды цы ис, уый ам дæр бакæн, – бахатæгау кодта Абайы-фырт.

– Уырдæм, уырдæм! – зæгъы цардхуыз гуыппырсар лæппу. Зоныс Хазбийы зарæг? Барæг, дам, цæмæй фидауы, æмæ, дам, хорз бæх æмæ ливорæй. Æрбакæс-ма дæ туг, де стæгмæ: æз, «Жигули»-йыл чи цæуа, ахæм лæппу дæн? Бæгуыдæр, нæ дæн. Мæн хъæуы «Волгæ». Зоныс, базары туджы аргъ у, æниу туг цы у, туг, раст йе ’муæз сызгъæрины аргъ. Ам мын зонгæтæ – хæрх, фæлæ уыдон мелочь сты, сæ бон ницы у. Васо мын куы нæ самал кæна уыцы хайыры фос, уæд ничи.

– Æмæ уый ахæм хъуыддæгтæм кæм æвдæлы, – æнæбары дзуапп ын радта Абайы-фырт.

– Ау, хæстæгæн нæ баххуыс кæндзæн, уæд йæ хуыздæр куыст цы у? – бадис кодта лæппу.

– Уый наукон куыст кæны, æнæвдæлон у. Стæй йæ бон дæр нæу – ахæм бастдзинæдтæ йын нæй.

– Уæдæ мæн ахæм хæстæг ницæмæн хъæуы. Æз та йæ лæг æнхъæлдтон.

Лæппуйы цæсгом фæтар. Æрдæг авгмæ зул цæстæй бакаст æмæ йæхи фынгмæ азылд.

1990 аз

ЦЪАР ÆМÆ ДАРÆС

Лæгыл æмбисæндтæй фылдæр цы цæуы.

Бадын фæндзæм къласы. Ахуыргæнæг – дзырддзæугæ лæг. Æлхæнын кæны цыдæр чиныг, йæ аргъ, дам, тæнæг цъары – 2 сомы, хъæбæр цъары – 3 сомы. Æз æй цымыдисæй афарстон:

– Хъæбæр цъары зынаргъдæр цæмæн у – уыцы иу чиныг нæу?

– Æмæ дæуæн иу аргъ уыдзæн бызгъуырты æмæ зынаргъ дарæсы?! – дзуапп мын радта куырыхон зондамонæг.

Уыцы ныхас мæ зæрдæйы æрхъисау баззад. Фæстæдæр базыдтон, цъар æмæ дарæсæн цы аргъ ис, уый.

Фæлæ хохаг дæн æмæ æнæфендæй баззадтæн. Исчи мын мæ дарæсæй куы раппæлы, уæд мæ зæрдæ ныккæрзы: «Кæс-ма, раздæр-иу, мæ уæлæ цы ис, уый ничи фиппайдта, ныр сæм мæхæдæг нал зынын, уынынц мын æрмæст мæ фæлыст. Уый зæронд æмæ сæфты нысан у».

Ис мын иу хæлар. Поэт. Зонды къуыбылой. Ис æм цыкурайы фæрдыг – курдиат. Фæлæ асæй – мæнæй ныллæгдæр, æмæ уый дæр нæ быхсы, хардзау æм кæсы. Агуры мæм аиппытæ. Фæзæгъы: «Дарæс æгæр хорз дарыс, иугæр афтæ у, уæд дæм курдиат нæй». Æмæ йын цы мæ бон у? Курдиат Æрдз дæтты. Нæй – дурæй хъæбæрдæр.

Фæцæуын та проспекты. Мæ разы – цыппар фыссæджы, семæ – мæ хæлар. Кæстытæ мæм кæны æмæ зæгъы:

– Зынаргъ костюм та ныццавтай, нæ!

– Хорз мыл фидауы? – фæрсын æй æз дæр.

Уæд йæ разы æрзылдтытæ кодтон, цæмæй мæм æрбакæса алырдыгæй. Йæ цæстытæй цæхæртæ калд.

– Уæдæ кæс дзæбæх! – æмæ сфæлдæхтон мæ фæдджитæ. Мæ дзаумайы мидæггаг – лæзæрд, æмпъызтытæ. Æдде – сыгъдæг, итувæрд. – Цæй, куыд у мæ ног дзаума, и?

Мæ хæлар хорзау нал фæци.

Хъазæн ныхасæй хуыздæр хотых нæй: бæззы кардæн дæр æмæ уартæн дæр. Дзурын сын худæгæн:

– Уынут, дарæс лæгæй фидауы. Хæрæгыл сызгъæрин саргъ сæвæр, уæддæр цæсты нæ ахады. Æфсургъыл нымæт дæр фидауы.

Æниу, æвæдза, алæмæт сты цъар æмæ дзаума.

1984 азы сентябрь

ДОМБАЙ ÆМÆ ЙÆ ХÆРÆГ

Бирæтæ дис кæнынц: «Нæ сæрдар уыцы сæрхъæнты йæ фарсмæ цы дары?!»

Цы сын зæгъон? Мæнæ сын Лессингы æмбисонд «Домбай æмæ йæ хæрæг».

Домбай цыди хъæдмæ, йемæ кæны хæрæг. Кæны йæ, цæмæй йын йæ нæргæ хъæрæй сырдты тæрсын кæна, йæ размæ сæ тæра, æмæ йын æнцон уа цуан кæнын.

Уæд æм иу къæйных халон дзуры бæласæй:

– Худинаг дæм нæ кæсы хæрæгимæ цæуын? Кæимæ кæныс æмдзæхдон? Кæмæн кæныс æмбалы кад!

– Чи мæ хъæуы, пайда мын чи у, уымæн! – дзуапп радта домбай.

Афтæ у, гъе, се ’гъдау бæсты хицæуттæн.

ÆФСАРМ

Дзиццойтæй иу лæг Зураб хуынди, нæхи Дауиты æмхæрæфырт. Урсдзуарæй балцы рараст и, æфцæгыл Джинатмæ æрхызт. Уым, Камахы бын, фæндаггæрон нæууыл æрулæфыд. Рифтæгтæй йæ фæндаггаг систа æмæ хæрыныл æрбадт. Сихор ахицæн, æмæ анцад йæ фæндагыл. Цъыпы дзуарæй ахызт, Сауыбынмæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ æрлæууыд æмæ ныккатай кодта: «Гъæй, мæ мæлæт куыд уыди, гъе! Мæ хæрынкъа уым байрох ис. Æнæуый дæр æвзæр уыд, къухы дарынмæ нæ бæззыд, ныр мын ноджы æнæсæрфтæй баззад. Исчи йæ куы ссара, уæд мын мæ мады фелгъитдзæн, дæу йæ дзыппы чи хаста, уымæн афтæ-уфтæ, зæгъгæ».

Бæлццон фæстæмæ раздæхт, ссардта хæрынкъа æмæ йæ донмæ фехста.

Хорз лæг йæ фæстæ æвзæр фæд нæ уадзы.

1980 аз

РÆСУГЪД ТИТА

Сырхаутæй иу лæг Григол хуындис. Лæг кæм федтат, ахæм – уæздан, куырыхон. Хуыцау ын радта æмбисонды чызг, йæ ном – Тита. Дыккаг ахæм рæсугъд нæ уыд нæдæр арвыл, нæдæр зæххыл, хуртæ æмæ дзы мæйтæ каст. Ныр чызг, æдылы цы вæййы, уый. Æрдзæй афтæ рахаста, хæйрæг æй фæсайдта, хинтæ йын счынди, уый ничи зыдта, дис ыл цы кодтой, æндæр. Фыд тыхсти, йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста, фæлæ зæнæг адджын у, – йæ хъæбулы дардта буц æмæ рæвдыдæй.

Чызджы хъæубæстæ зыдтой, фæлæ æддаг кæмттæй курджытæ арæхæй-арæхдæр кæнынц. Григол фæндаг никæмæн дæтты, хæстæг никæй уадзы, йæ дзуапп – цæхгæр æмæ фидар: махмæ чызг дæттинаг нæй.

Уæд иуахæмы хъæуы уыдис бæрæгбон – Атынæг. Хисты дзуары бын куывды сæмбæлд дæлæрдыгон лæппу. Йæ фыдбылызæн федта нæртон рæсугъды, – йæ уд дзы баззад. Фидауц алæмæт у. Чызг бахауд лæппуйы цæстыты, ныххауд йæ зæрдæйы. Уарзондзинад куырм кæны, фæлæ æнæ уый дæр хурыл сау тæппытæ ничи уыны.

Лæппу – цæрæг хæдзарæй, йæ фыд – номдзыд лæг. Фыд дыууæ лæгимæ æрбацыд Сырхаутæм æмæ Григолæн æрхабар кодта, куы бахæстæг кæниккам, уый мæ фæнды, зæгъгæ. Уæздан лæг зын уавæры бахауд, цы кæна, уый нæ зоны æмæ тыхсы. Йæ хъæбулы фауын йæ зæрдæ нæ комы, минæвæрттæн та дзуапп дæттын хъæуы. Уыйадыл сын æфсæнттæ мысы, æмгъуыдтæ кæны.

Дыккаг хатт дæр афтæ. Уæддæр чызгагурджытæ сæ хъуыддаг нæ уадзынц. Усгур къæйных вæййы, йæ ных тæры æмæ æхгæд дуæрттæ гом кæны.

Минæвæрттæ фæзындысты æртыккаг хатт дæр. Григол загъта: нал мæ ныууадздзысты, фæлæ сын исты æрхъуыды хъæуы. Рацыд йæ чызгмæ æмæ йын зæгъы:

– Дæ бонæй у: Уанелы дукани фæдавд, æмæ йæ дæуыл æвæрынц. Минæвæрттæ хъуыддаг цырын кæнынц. Уæд фыд зæгъы:

– Чызгмæ фæдзурæм, бафæрсæм æй. Цы зæгъа, уый уыдзæн.

Тита æрбацыд. Фыд æм дзуры:

– Чызг, мæнæ дæ ацы уæздан адæм агурынц, æмæ сын дзуапп ратт: разы дæ æви нæ.

Уæд Тита зæрдæсастæй зæгъы:

– Цы уын зæгъон… Уанелы дуканийы давд мæныл æвæрынц. Дау мыл кæнынц, мелицæ мæ фæдыл зилынц, æмæ цы зæгъон, нæ зонын.

Усгуры фыд хорзау нал фæци. Йæхинымæр загъта: «Гъай фыдбылыз куы агурын, фыдбылыз! Алчи фыдбылызæй дардмæ лидзы, уæд мæн цы ’рсырдта, боны рухсæй йæ цæмæн агурын?»

Уæлæнгай ныхæстæ ма акодтой, бæркад загътой æмæ цæуыны къахыл ныллæууыдысты. Кæрты рахизæны сæ бæхты ныкъкъæрццытæ ластой æмæ Дзуары бынты адымдтой, сæ кой, сæ хъæр нал фæзынд.

1985 азы август

ХÆДЗАР – ХОРЗГÆНÆГ

Иу æвзæр чызг хорз хæдзармæ бахауд. Йæ сæрыхицау – хъаруджын, сæрæн, дзуапджын адæймаг, тиутæ – уымæй лæгдæртæ. Куыстой, дурæй дон уагътой, зæххæй сой лæмæрстой.

Чызджы цæгатмæ хъуыст æфсымæрты кой, фæлæ сын дардмæ цæмæй зыдтой се ‘гъдау, сæ цард. Дæ чызджы агурæг ис, уæд æй хуры чызг хон, æмæ, цы уа, уый уæд, амонд – йæ хай.

Ахицæн каисты хуынд. Чызджы цæгат бæстон æркастысты сиахс æмæ йæ хæдзары уагмæ. Сæхиуыл æрхудтысты, æфсарм сæ бацыд, æмæ катай кæнынц. Гæнæн нал уыд æмæ скарстой: “Нæхи азимаг фæкодтам, фæлæ уыцы лæппуйы тæригъæды ма бацæуæм, нæ цæсгом йæ разы ныхсæм”.

Æрцыдысты сæ ног хæстæджытæм æмæ къæмдзæстыгæй зæгъынц:

Уæздан адæм стут æмæ Хуыцауы хатыр бакæнут. Æнæ зонгæйæ рæдыд æруагътам, фенамонд кодтам фæрныг хæдзар, æмæ нæ уæ хорзæх уæд. Нæ чызг уæ аккаг нæу, уый нæхимæ кæнæм, уæ ирæд уыл æххæстæй æмбæлдзæн.
Тиутæ зæхмæ ныккастысты. Уæд сиахс размæ рахызт, æфсымæртæй хатыр ракуырдта æмæ зæгъы:

– Уый та куыд? Ау, цæмæй хорз стæм мах, кæд иу æвзæры схорз кæнын нæ бон нæу, уæд?

Уыйадыл чындз баззад…

Мæ мад-иу дзырдта: “Фæрныджы хæдзармæ сæхъхъисты къуыбылой батул, æмæ йæ сылгоймаг фестын кæндзæн”.

1985 азы август. Дзомагъ

ДЖУСОЙТЫ Нафи

АЗТÆ ЦÆУЫНЦ
Эссе

Азтæ цæуынц… Кæд цæуынц æрмæст фæстæмæ. Лæгыл æмбæлæгау кæнынц йæ дард балцы, йæ цыбыр царды. Хъызт боны бæлццонæн тымыгъ йæ риу куыд цæва, уыйау фæлварынц лæджы сæ хæрзæбон, сæ азарæй. Уæддæр бæлццон адæймаг цæуы се ‘хсæнæй, судзгæ æхсидавау. Азтæ йыл сæхи хойынц, дымынц сæ тых, сæ бонæй удæгас артæвзагыл – адæймаджы цардыл, фæлæ йын ахуыссæн нæй, цалынмæ кæронмæ сыгъд фæуа.

Азтæ цæуынц… Æрмæст фæстæмæ! Лæг цæуы… Æрмæст размæ! Цæуы æмæ уыны. Уыны æппæтдæр. Чи аивгъуыдта, кæй батыдта, уыцы азты дæр. Ныртæккæ йыл сæ базыртæ цы тæхгæ бонтæ хойынц зæрнæджыты балау, уыдон дæр. Тымыгъы фæлмæй чи нæма зыны, фæлæ æнæфæивгъуыд кæмæ тырны, уыдон дæр.

Дзагъырдзæст у лæг, æппæт уыны! Канд зæххы сау, арвы цъæх æмæ боны рухс нæ. Уыны зæрдæдзæстæй ивгъуыд æмæ фидæн дæр, рох æмæ суинаг дæр. Ивгъуыд, абон æмæ фидæн æфсæн рæхысы цæгтау куырмæлхынцъ сты лæджы зæрдæйы. Ахицæн сын нæй, зæрдæйы туджы байсæрыдысты. Ахицæн сын нæй, цалынмæ зæрдæйы туг уа, сæры – хъуыды, цалынмæ судза удæгас артæвзаг.

Кæсын дарддæр

Азтæ цæуынц. Лæг цæуы. Æппæтдæр уыны, æппæтдæр нымайы, йæ фæндагыл бæрджытæ уадзы. Уый тыххæй нæ, æмæ йæ фæдыл исчи цæудзæн. Царды иу фæндагыл дыууæ хатты нæ цæуынц. Цард иу у, фæндаг дæр иу. Æрмæст ыл размæ цæуæн ис. Искуы куы фæуа сыгъд царды æхсидав, куы ахуысса царды цырагъ тæхгæтæхын, – ссудздзæн æндæр, æмæ та уый дæр цæудзæн йæхи фæндагыл, æрмæстдæр размæ.

Æрмæстдæр размæ! Фæлæ лæг йæ дард, йæ зын балцы, йæ цыбыр царды тыхджын æмæ ныфсджын æрмæст йæхи уды хъаруйæ нæу. Ууыл æнцайынц размæ ивгъуыд азтæ, йæ размæ цы цардбæлццæттæ уыд, уыдон. Сæ фæндаджы бæрджытæ кады цыртдзæвæнтау лæджы зæрдæдзæсты раз лæууынц æнæсцухæй. Лæг цæуы æрмæст размæ, фæлæ хъуыды… Хъуыды æрвæрттывдау айгæрды азты æгæрон тар, барухс кæны ивгъуыд æмæ фены, чи ахуыссыд, сыгъд чи фæци, уыцы бæлццæтты бæрджытæ. Хъуыды хæстон сгарæгау ахизы æрвгæрæтты сæрты, барухс кæны лæджы развæндаг. Лæджы хъуыды суинаг азтæм тæхы ракетæйау – æнæзонгæ планетæтæм.

Нæ, размæ æрмæстдæр лæг цæуы, фæлæ йæ абон йæ зæрдæйы куыд ис, йæ ивгьуыд æмæ йæ фидæн дæр йемæ афтæ сты. Рифтаджы цæстытау, иу – фæсте йæ фæсон, иннæ – разæй, йæ зæрдæйы уæлæ. Зæрдæ йыл йæхи хойы æхгæд дуарау. Ивгъуыд – фæсте размæ схойы лæджы, фидæн – разæй цуаноны фæндаггагау хоны размæ: хæссынæн – рог, хæрынæн – адджын. Дыууæ дæр хонынц размæ, æрмæстдæр размæ!

Кæдæм? Лæг йæхи куы базоны, уæдæй фæстæмæ фæлгъауы ацы фарст: кæдæм? Цардмæ, цæрынмæ? Кæд хох – бæрзæндмæ? Бæрзæндæй дарддæр уыны лæг. Бæрзондыл лæууæгæн уæрæхдæр сты йе ‘рвгæрæттæ. Фæлæ, цымæ, ‘рмæст уый тыххæй?

Кæдæм? Бирæ дзуаппытæ ис. Мæнмæ хуыздæр кæсы се ‘ппæтæй: цардмæ, цæрынмæ! Бæлвырддæр дзуапп, бæрæгдæр нысан, æвæццæгæн, нæй. Бæлвырд нысанмæ æнцон бафтæн у. Ахæм нысæнттæ дард фæндаджы æнæнымæц бирæ фæзилæнтау сты. Бахæццæ йæм дæ, йæ цуры чысыл аулæфыдтæ, æрнымадтай дæ фæндаджы ивгъуыд уаццаг æмæ стæй йæ фæрсты ахызтæ, фæсте йæ фæуагътай, ивгъуыдмæ аивгъуыдта. Фæндаг та дарддæр цæуы фидæны æбæрæгдзинадмæ, цыдæр стыр æмæ бæллиццаг нысанмæ, æдзæугæ кæмæ нæй, фæхæццæ кæмæ нæй, иумæйаг чи у æппæт бæлццæттæн.

Бадын Бæххизæн къуылдымыл æмæ сагъæс кæнын. Дæлæ комы, доны уæлхъус бабукъ нæ чысыл хъæу. Дæс азы нал уыдтæн ам. Дæс азы… Бонтæ минтæ æмæ сæдæтæй мæ сæрты тæхынц фæстæмæ, ивгъуыдмæ, фæззыгон зырнæджытау. Рæствæндаг! Кæсын сæм мæ къухаууонæй. Рæствæндаг! Раздæхæн уын нал ис, фæхуыздæргæнæн уын нал ис. Нæй уæ хæрзæбонæн фæфылдæр, уæ азарæн – фæкъаддæр. Рæствæндаг!

Дæс азы размæ уыдтæн ам æмæ фыстон «Бæлццоны сагъæстæ». Сагъæстæ ме ‘мкарты – мæ фæлтæры æрвылбоны цардыл, сæ зæрдæйы рæсугъдæй æмæ ‘нæаивæй цы ис, ууыл. Адæмы цардмæ ногæй цы ‘рхастой, ууыл. Бирæ сæ ис æууæндаг сонты æууæлтæ. Куыддæр къæмдзæстыг кæнын сæ коймæ. Кæм æргом публицистикæ, кæм та нæ адæмы рæсугъд таурæгъты аууон балæууыдтæн къæвдабоны бæлццонау.

Ныр куыд? Æндæр хуызы сæ рафыссон? Нæ, уый ивгъуыд хуыздæр кæнынау уаид, саби йæ фыды худы бынæй ас лæджы каст куы кæна, уыйау. Нæ, цы уыд, уый уыд, здæхæн æм нал ис. Ныр – æндæр рæстæг, æндæр сагъæстæ… Цырддзæстдæр у, рæстдзинадуарзонæй кæс æмæ фысс. Рæстдзинад уарзынæн стыр лæгдзинад хъæуы? Æмæ цы? Нæй дæм? Ныхъхъус у! Ис – дзур! Лæгæн иу цард ис, цардæн – иу фæндаг, размæ! Аивадæн дæр – иу рæстдзинад!

Фест-ма, бæлццон, фæндаг дард у, фæлæ дæлæ иу æввахс фæзилæны фæстæ – дæ хъæу!

УРС НЫМÆТ
Кадæг

Сæрдыгон ирд æхсæв ивайын райдыдта. Мæй фæлурсæй-фæлурсдæр кæны. Стъалытæ иугай-дыгай тайынц арвы æгæрон тыгъдады. Арвы бæзджын, лылагъуыз цъæх тæнæгæй-тæнæгдæр кæны, фæлæ нырма хуры цæст никуыцæй зыны. Æвæццæгæн, дзæгъæлдзу дымгæ нæма райхъал йæ тарф фынæйæ, дард æрвгæрон иу чысыл урс мигъы бындзыг æнцад-æнцой хуыссы, не ‘змæлы фæллад сабиау.

Фæлæ мæнæ чысыл фæрухсдæр. Æхсæвы милтæ ныффæлурс сты æмæ лæнчыты, адгуыты фæхъуызынц уырдыгмæ – кæмттæм. Хæхты айнæг тигътæ барухс сты æмæ æнцад лæууынц. Сыбыртт никуыцæй хъуысы.

Æгæндæг, æнусон, æвæджиауы сабыр ныццахсти бæрзонд гæмæх хæхты счъилты.

Сау хохы цыргъ æвзист æнгуырстуанау райсомы дыдзы рухсмæ гæзæмæ æрттивы, фæлæ къæдзæхты æмуырдыг карст фæрстæ дзæбæх нæма барухс сты. Хохы хæд цъуппыл цыдæр æндæрг бандзыг: йе къæдзæхы фæзгъæр у, йе та зæронд дзæбидыр лæугæйæ рæдзæ-мæдзæ кæны.

Ноджыдæр фæрухсдæр. Æрцæуы рухс райсом хæхтæм, фæлæ нырма æхсæвы сабырдзинад æмæ æнæхъыгдард æнцойад сæ базыры бын дарынц кæмтты, хъæд, кæрдæг, адæм, сырдтæ æмæ мæргъты.

Райхъал, дард æрвгæрон цы урс мигъы бындзыг фынæй кодта, уый. Айвæзта йе уæнгтæ, айтынг нымæты фæччитау æмæ рараст Сау хохы цъупмæ. Æрбадт хохы цъуппыл, йе та дзæбидыры сытыл æрцауындзæг, фæлæ афтæ зыны, цыма уæлæ æрыгон фыййау урс нымæты дымджыты æрбатыхта йæхи æмæ йæ лæдзæджы ‘нцой цæуылдæр сагъæс кæны… Скæс-ма, æфсымæр, чи зоны, æмæ дæм сæурайсомы æгуыппæгдзинад æрхæсса фыййауы сагъæстæ, йе ‘нцон æмбæхст мæт…

Кæддæр, раджы кæддæр, Сау хохы дæлбазырмæ æрёфтыдысты дыууæ лæппу-лæджы, ацы дунейыл «мæн у» зæгъæг кæмæй нæ уыд, æрвады рæвдыд, хионы адджын ныхас чи никуы зыдта. Сæ иу – кæстæр, рафтыд Къуыдаргомæй, иннæ – хистæр, Хъелы ‘фцæгыл æрхызт Хъуды уынгæг комæй, Арагвийы былгæрæттæй.

Райдыдтой цæрын æххуырст фыййауæй. Сагджын къуырфæй-иу раскъæрдтой фос, схызтысты-иу Сау хохы дæллагхъуыр зад хизæнтæм, сæрд дзæнæты хуызæн кæм у, уыцы Сомихы коммæ-иу сыскъæрдтой… Аивгъуыдта-иу сæрд, фæззыгон цыбыр бонты дыууæ фыййауы тауыл хызтой сæ фос, æнкъард, æгуыппæг уæлдæфы-иу сæ зарæг, сидзæр уадындзы æнтъыснæг хъæлæс ленчытæ кодта…

Æрцыд-иу даргъ зымæг, фезмæлæн-иу нал уыди, æддæмæ ракæсæн-иу нал уыд… Мит æмæ мит, æгас дуне хъæпæн фестад… Кæдæм фæцыдаиккой æнæхицау фыййæуттæ, сæ фысымæн-иу зымæгон фосгæстæ систы… Кæд-иу искуы фысымты лæппутимæ цуаны ацыдысты, уæд уый уыди сæ хуыздæр бæрæгбон… Науæд иунæг, иунæг æмæ иунæг… Æвæгæсæг, æнæхицау гуырдтæ… Иунæгæй та адæм сæхи дард ластой, амонд та йæм хæстæг нæ цыдис.

Цыдæр хорз сыл сæмбæлд, кæрæдзийæн адджын кæй фесты, уымæй. Иу сæрдыгон æмбисбон, сæ сихоры къæбæр хæрд куы фесты, уæд иудзæвгар æнцад, æнæсымæй абадтысты, стæй хъудаг – Хазби йæ хуыдтой – афтæ зæгъы:

– Барсæг, къуыдайраг, ничи ис нæ дыууæйæн дæр а мæнг дунейы. Куы фæтыхсæм – æххуысы арм нæм ничи æрбадардзæн. Уæлæмæ дæр æххуырст фыййæуттæ, дæлæмæ дæр кæйдæр дзæгъæлзад лæппутæ… Цæй, ныр дыккаг аз фаззон æфсымæртау иумæ цæрæм, иу у нæ мæт æмæ нæ цин дæр… Дзырд раттæм кæрæдзийæн, цæргæ-цæрæнбонты кæй никуыуал ахицæн уыдзыстæм, æфсымæртæй кæй цæрдзыстæм, ууыл. Æз дæ хистæр дæн, æмæ дын мæнæ мæ къух.

Мадзура къуыдайраг æм йæ къух радта, æмæ дыууæ дæрзæг, фидар къухы кæрæдзийыл æртыхстысты дыууæ тулдзы арф уидæгтау.

Чи зоны, цал азы ма рацардысты уым æфсымæртæ. Сфæнд кодтой сæ куысты мыздæй зæххы гæппæл балхæнын æмæ Сагджын къуырфы æрцæрын. Фæлæ, лæг куыд сфæнд кæны, йæ хъысмæт афтæ нæ рауайы.

Рæсугъд чызг уыд фысымæн, чындздзон чызг. Бирæ дзурджытæ уыд Зæринæйыл, фæлæ-иу сæ хъуыддаг цæйдæрты ‘фсон фехæлд: куы чызг нæ куымдта, куы фыд нæ уыд разы, æмæ Зæринæ йæ фыды уæзæгыл сæгуытау сæрибарæй рацу-бацу кодта.

Чи цы ‘нхъæл уыд дзæгъæлзад æххуырстытæй та! Фæлæ зæрдæ зæрдæ у. Цы бæрæг ис, рæсугъддæр æмæ тыхджындæр зæрдæ кæй риуы тæлфы: фысымы æви æххуырсты.

Хъуыддаг афтæ рауадис, æмæ дыууæ фиййауы дæр бауарзтой фысымы чызг Зæринæйы. Цы ныфс хъуамæ уыдаид æххуырст лæппуты, фæлæ зæрдæ зæрдæ у. Къоста мæнгæй нæ загъта:

Йæ бонæй уа зæрдæ!
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ-ма йын: æвзæр дæ, –
Уырны йæ бæгуы!..

Нæ, æвзæры тыххæй бæргæ никæмæн ницы ауагътаиккой дыууæ ‘фсымæры, фæлæ мæгуыр, мæгуыр… Æтт, лæджы-иу мæгуыр цы фæкодта, уый авд дæлзæхх ныххауа!.. Æтт, мыггагмæ æлгъысты фæуа, æвзæрæй хорз чи кодта, æдылыйæ – зæндджын, фыдуындæй – рæсугъд, уыцы фæллойы бирæ!.. Бæргæ, фæлæ кæм ис! Æлгъыст æлгьыст у, мæгуыры хъæздыг нæ кæны, хъæздыджы – мæгуыр.

Цардысты дыууæ ‘фсымæры цыдæр ныфсæй. Сагъæс кодтой сусæгæй, фæлæ дзургæ ницы, кæрæдзийæн дæр нæ хъæр кодтой сæ мæты сæр.

Иу сæрдыгон изæр та дыууæ фыййауы фос æртардтой сæрвæтæй, фæхицæн кодтой фос æмæ хъомты, кæртыты сæ бакодтой. Кæртæй чысыл æддæдæр ногкарст хосы тъыфыл æрытыдтой æмæ арт скодтой. Нытталынг, ныммæйдар. Æрæджиау сын фысымы чызг æхсæвæр рахаста: дзидзайы кæрдихтæ, хæбизджыны кæрстытæ æмæ иу чысыл арахъхъ. Цыдæр æнкъардхуызæй балæууыд сæ цуры, стæй сæм æнæдзургæйæ бадардта тæбæгъ æмæ чысыл дурын. Фыййæуттæ фæджихау сты. Бамбæрстой, цыдæр сагъæссаг хабар æрцыд, фæлæ ницы дзырдтой.

Барсæг райста тæбæгъ, æддæдæр æй æрæвæрдта æмæ уырдыг слæууыд. Хазби зæхмæ ныккаст, йæ цæстыхаутæй æрæмбæрзта йæ къæлæты йас цæстытæ æмæ ныхъхъус. Ницы дзырдта Зæринæ дæр. Фæлæ цæугæ дæр нæ акодта, æнæуи та сæ цуры сдзырдмæ дæр никуы лæууыд.

– Цы ‘рцыди, цæй куывд кæны дæ фыд? – уайдзæфгæнæгау бафарста æрæджиау Хазби.

– Цы ма уа, уæртæ сыбайæгтимæ бафидыдта мæн тыххæй. Бирæ фæллой йын ныббастой, æмæ цин кæны, – мæстджын хъæлæсæй, æрхæцгæ-æрхæцгæ, загъта Зæринæ.

Барсæг æддейауæй каст Зæринæйы цæсгоммæ. Арты рухсмæ дзæбæх зынд йæ цæсгом.. Уæртæ цæстыхаутыл хъазынц цæссыгтæ… Йæ былтæ зыр-зыр кæнынц… Иучысыл ма, æмæ ныггæр-гæр кæндзысты ставд цæссыгтæ. Фæлæ нæй. Зæринæ йæ бинаг был йæ дæндæгтæй ацахста, арф ныуулæфыд, цæссыгтæ алыгъдысты фæстæмæ цæстыгагуыйы бынмæ.

– Цæй, хæрзæхсæв ут… – Æнæбары сдзырдта, цæхгæр фæзылд æмæ ацыд.

– Зæринæ, фæлæуу-ма, – сыхъуыст Хазбийы мæрдон хъæлæс.

Барсæгмæ афтæ фæкаст, цыма дыууæ къахдзæфмæ дæр нæ фехъуыстаид уыцы ныхас, фæлæ Зæринæ дзыхълæуд фæкодта. Иу сонт каст фæстæмæ фæкодта æнкъард хъоппæг цæстытæй æмæ та сæргуыбырæй араст дарддæр. Хазби йæм каст æдзынæгæй, рахиз къухæй асгæрста дамбаца, галиуæй бараст кодта хъама æмæ йæ фæдыл араст. Иу уысммæ тары аныгъуылдысты сæ дыууæ дæр.

Барсæг нымæт æрытыдта хосыл, æрбадт, йæ къухтæ йæ уæрджытыл æрбатыхта, стæй йæ роцъо йæ зæнгты кæхцытыл æруагъта æмæ артмæ кæсгæйæ баззад.

Чи зоны, цæуыл сагьæс кодта, фæлæ йын æрæджиау чидæр йæ уæхсчытыл йæ къух куы æрæвæрдта, уæд фестъæлфыд:

– Хазби!..

– Йе ‘ндæрг уæддæр дæн, – æнæбары худт бакодта Хазби. – Дон-ма æрбадав адагæй, нæ къухтæ æрæхсæм æмæ нæ фысымы хъуыддагæн бакувæм.

Барсæг дон æрбахаста дурыны æмæ Хазбийы къухтыл кæнын райдыдта. Хазби иу-дыууæ хатты аууæрста йæ къухтæ, стæй ныджджих. Хъуыдыты ацыд Барсæг дæр. Кæсы: дон дурынæй кæлы Хазбийы нукау æвæрд къухтæм æмæ стæй зæхмæ цыхцырæгау кæны.

Æрæджиау Хазби хъæрзæгау ныккодта, йæ астæу сраст кодта æмæ цыдæр æнахуыр æвзагæй сдзырдта:

– Уæ, Хуыцау, мæгуыр æмæ иунæджы дæр æнамонд ма скæн!..

– Аммен! – загъта Барсæг, æмæ та фæхъус сты. Æхсæвы дыууæ дæр нымæты бын рафт-бафт кодтой, стæй æрæджиау цыма афынæй сты. Фæлæ цæй фынæй! Мæнæ кæрчытæ дыккаг уаст ныккодтой. Хъæугæрон ма иу æвзонг уасæг цъæхснаг хъæлæсæй тыхуаст фæлвары. Стæй уый дæр ныссабыр. Хазби быноз улæфт ныккодта æмæ йæ иу фарсыл æрзылд.

– Нæма бафынæй дæ, Хазби?

– Нæ, – фехъуыст æнкъард дзуапп.

– О, æмæ цы кæныс? Куыд ницы хъæр кæныс?

– Барсæг, мæ иунæг æфсымæр, – æвиппайды цыхцыр ныллæууыдысты Хазбийы ныхæстæ, цыма йæ мæт фæкъæртт æмæ ныззæй кодта, – мæгуыр стæм æз æмæ ды. Фæлтау куы нæ райгуырдаиккам, уæд хуыздæр уыдаид. Цы ма дын æй æмбæхсон. Фысымты чызг мын цыдæр адджын фæцис, уый исчи куы ахæсса, уæд мæнæн дæр цæргæйæ нæу. Фæлæ цы бакæнон? Æгъдауæй цы нæ бон у? Ницы. Тыхæй? Æмæ тых дæр кæм ис? Дыууæ иунæджы дыууæ мыггаджы ныхмæ цы бакæндзысты?.. Уарзын æй, Барсæг…

«Æз æй дæуæй тынгдæр уарзын», – хъуамæ ныббогъ кодтаид Барсæг, фæлæ йæхиуыл ныххæцыд, æрмæст йе уæнгтæ куыддæр адон сты, йæ сурхид акалд, йæ уæлармæй йæ ныхы хид асæрфта æмæ дарддæр хъуыста.

– Уарзын æй, Барсæг, æмæ ма цы бакæнон, ницы мæ сæрæн зонын. Скъæфгæ, æмæ – кæдæм?!

Ныхъхъус та сты дыууæ хæлары, æрмæст ма хъуысы сæ тыхулæфт, цыма ныртæккæ сæ фыдызнагимæ хъæбысæй равнæлдтой æмæ йæ ныббырстой, уыйау.

– Хазби, кæдæм та цы хоныс? Дуне стыр у, – ахъуыды кодта Барсæг æмæ йæ ныхас дарддæр нывæнды: – Алидз Къуыдары ‘рдæм, уыдон дæ уæхирдыгæй агурдзысты. Уæлæ Сау хохы дæлбазырты Чеселтгоммæ бахиздзынæ, стæй уæд Къуыдармæ ныггæпп кæндзынæ. Хæйрæг дæр дæ не ссардзæни…

– Куы мæ расура фæдис, уæд сæ чи бауромдзæн, чи фæуыдзæн сæ размæ?

– Ау, æмæ мæнæй æппын ницы ныфс æвæрыс?

– Мемæ алидздзынæ? – цыма йын æнхъæл нæ уыд, уыйау фæрсы Хазби æмæ йæ рæмбынкъæдзыл рабадæгау кодта.
– Нæ, – æрæджиау зæгъы Барсæг, – лидзгæ нæ. Фæлæ уæртæ Сау хохы рæбын, Дурджын кæй хонынц, уыцы нарæджы фæдисы раз бабаддзынæн. Цалынмæ удæгас уон, уæдмæ дзы иуы дæр дæ фæдыл ацæуын нæ ауадздзынæн.

– Æмæ дæ æз мæ сæрвæлтау хæссын? Нæ, уый нæ уыдзæнис. Кæд цæргæ, уæд – иумæ, кæд мæлгæ, уæддæр – иумæ!

– Нæ, Хазби, мæнæн цæргæйæ нæу, фæлæ мыл дæ разы цы ‘фсымæры хæс ис, уый та искæмæ нæ аппардзынæн. Мæрдтæм мæ цæсгом чъизийæ нæ бахæсдзынæн.

«Дæуæн цæргæйæ нæу?..» – йæхимидæг сындæггай дзырдта Хазби, æмæ бандзыг. Бамбæрста, Барсæг цæмæн афтæ загъта, æмæ цыма йæ риуыл нæмыг сæмбæлд, уыйау уæлгоммæ æрфæлдæхт йæ хуыссæныл.

Ницыуал загътой. Райсоммæ æнцад хуыссыдысты фæрсæй-фæрстæм. Дыккаг бон дæр афтæ æнкъардæй, сагъæсгæнгæ фæхаттысты сæрвæты. Фæлæ изæры, Зæринæ лыстæг фос дуцынмæ куы ‘рбацыд, уæд Барсæг Хазбийæн аивæй афтæ зæгъы:

– Чызгæн бамбарын кæн, æмæ, кæд разы у, уæд райсом æхсæвыцъæхæй лидзгæ. Фысымы бæхтæ уæртæ хъæугæрон хизынц. Саргътæ æз хосы бын бааууон кæндзынæн. Фæстиат нал хъæуы, – загъта ма Барсæг æмæ араст кæрты цур арт кæнынмæ.

Цыдæр мæт сын хордта сæ зæрдæ. Зыдтой йæ сæ дыууæ дæр æмæ йæ кæрæдзийæн дæр уымæн нæ дзырдтой. Æхсæвы Хазби хуыссынмæ куы ‘рбацыд, уæд æнæбары загъта:

– Чызг разы у. Райсом, цæуинаг цы уа, уый æрцæудзæн, – стæй йæхи нымæты батыхта æмæ фынæй æфсон скодта.
Куы фæбонырдæм, уæд Барсæг æртдзых бакодта, йæ дамбацайы хъусхос раивта, хъримагмæ æркæстытæ кодта, стæй йæ йе уæхскыл баппæрста æмæ бæхтæ ахсынмæ ацыд. Чысыл фæстæдæр дыууæ ифтыгъд бæхы кæрты цæджындзыл æрбаста æмæ афтæ зæгъы:

– Хазби, цæй, ныр дæ мæ сæр ницæмæнуал хъæуы. Дæ хъару æмæ дæхæдæг. Æз иу къахвæндагыл цæуын Дурджыны нарæгмæ. Уырдыгæй куы аирвæзай, уæд дын тас нал у.

Хазби æнцад алæууыд, стæй афтæ дзуры къуырма хъæлæсæй:

– Дæ къух мæм уæддæр ратт, ме ‘фсымæр, чи зоны, кæрæдзи нал фенæм ацы мæнг дунейы.

Барсæг æнæдзургæйæ райста Хазбийы къух. Цæссыгтæ хъуырмæ схæццæ сты, фæлæ сæ аныхъуырдта:

– Цæй, ницы кæны, тæрсгæ мын ма кæн, фæлæ арæхстгай архай. Æз цæуын, – йæхи æрбатыхта, фарон ын Дзугаты цуанон лæджы идæдз йæ фосхизæггаг цы урс нымæт балæвар кодта, уым, æмæ тары аныгъуылд.

Бон цъæх кодта, афтæ схæццæ Барсæг Дурджын нарæгмæ. Уынгæг фæндаджы сæрмæ ставд дурты цæнд ныззæй кæнын æввонг кæм уыд, уым йæхицæн хъавæн æрцарæзта. Бады иунæгæй, рæгъауæй хъоды дзæбидырау, æмæ сагъæс кæны Барсæг. Чи зоны, абон йæ фæстаг бон у. Чи зоны, фæстаг хатт фендзæн хурыскаст. Тæхуды кæны Барсæг йæ хæлармæ, фæлæ уый тæхудиагæн Барсæг хъуамæ æрхæсса йæ сæр…

Æтт, сæруæлдай къуыдайраг, куыд адджын у цард, куыд зын у мæлын! Фидар лæуу, мæнæй уый, – йæхицæн ныфсытæ ‘вæры Барсæг. – Ницы у уæддæр дæ цард. Иу мæлæт дарыс Хуыцæуæй, бафид æй абон дæ иунæг æфсымæры сæрвæлтау, дунейæ фылдæр кæй уарзыс, уыцы Зæринæйы сæрвæлтау. Цæрæнбонты фæсмойнаг æмæ амондмысæгæй рæсугъд мæлæт хуыздæр у. Кæд ракæсдзæн хур, хуры цæст ма уæддæр куы федтаин… Кæд тохы агъоммæ хур скæса, уæд мын мæлæт нæй, – ахъуыды кодта Барсæг æмæ скæсæнмæ фемдзаст.

Сбон, фæлæ нырма хур фæсхох фынæй кæны. Дæлæ хъæдгæрон къудзиты цъыбар-цъыбур райдыдтой цъиутæ, фæлæ хур нырма æрæгмæ скæсдзæн. Мæнæ дурты цæндæй хæххон хъоппæг йæ сæр сдардта, ивазы йæ къубал хурмæ, фæлæ нырма дард у хурыскаст…

Уæртæ æрбатæхынц æхст фатау дыууæ барæджы. Дæлæ бæрæг фæстæдæр – ноджы ссæдз бæхджыны. Æтт, гæрах фæцыд, фæлæ дзæгъæлы, тæрсæн æхст. Комы иу фахсæй иннæмæ нæмыг ничи хардз кæны.

Æрбаввахс сты. Дæлæ æрбазындысты Хазби æмæ Зæринæ. Æтт, Барсæг, дæ рæстæг æрцыд, фидар лæуу!

Хазби æмæ Зæринæ Дурджыны нарæгмæ куы баирвæзтысты, уæд Хазби дæлвæндагмæ фæкаст, кæд фенид йæ хæлары, фæлæ дзæгъæлы, – ницы федта. Ницы сдзырдта Барсæг, æрмæст, чысыл куы баивгъуыдтой, уæд Хазбийы хъустыл ауад йе ‘фсымæры уынгæг хъæлæс:

– Фæндараст фæут! Тæрсгæ ма кæнут, ам уын дæн!

– Хæрзбон, ме ‘фсымæр! – ныхъхъæр кодта Хазби, фæлæ бæхы цыд нæ фæурæдта. Дард нал у тархъæды къох, йæ ирвæзæн бынат, – уайгæ, уайгæ!

Æрбаввахс сты фæдисонтæ. Дæлæ сæ разæй уайы чызджы фыд, йæ хъримаджы дзыхæй ныр дæр ма цæуы фæздæг. Баййæфта, зæгъгæ, лидзджыты – лыстæг къуыхтæ сæ скæндзæн. Нæ, хъæздыг Баргъуын, нæ сæ баййафдзынæ, фæлтау атутæ кæн дæ чызг æмæ де сиахсы фæдыл æмæ фæстæмæ аздæх! – хъуыды кæны Барсæг. Фæкаст скæсæнмæ, фæлæ йæ ныфс асаст – хур нæма скаст, æнæ мæлгæ дзы нæй!..

Топпы ‘хстмæ йæм куы ‘рбацыдысты, уæд фæдисæттыл йæ тых, йæ бонæй фæхъæр кодта Барсæг:

– Фæстæмæ! Кæдæм цæут! Фæстæмæ, мæлын кæй нæ фæнды, уый!

Барджытæ сæ бæхты фæуромæгау кодтой, фæлæ чызджы фыд сонт хъæр фæкодта:

– Сургæ, худинаггæнджытæ! Размæ!

– Марон æй æви нæ? – ахъуыды кодта Барсæг. – Нæ, туг хъуамæ ма уа дыууæ хæстæджы ‘хсæн, уæд сын лымæнгæнæн нæй.

Гæрах фехъуыст, æмæ раззаг барæджы бæх зæххыл сæмбæлд. Барæджы къах йæ быны фæци. Фысым ныббогъ кодта:

– Амардтой мæ!

Æргæппытæ кодтой барджытæ æмæ бауадысты цæф барæгмæ. Топпы цæф нæ разынд, фæлæ фæдисонæн нал бæззыд. Æхст нал цыд, æмæ фæдисæттæ дисы бахаудтой: чи уыд, чи фехста, кæцæй фæцыд гæрах?

Фысым фæныфсджындæр æмæ та фæхъæр кодта фæдиссæттыл:

– Уæ бæхтыл бадгæ æмæ сургæ! Мæн ам уадзут! Худинаг! Худинаг!

Багæппытæ кодтой фæдисæттæ бæхтыл æмæ та, фæцагайæм, куыд загътой, афтæ фæгæпп кодта уæлбыл цæнды сæрмæ урснымæтджын æмæ сыл фæхъæр ласта:

– Цæрын кæй фæнды, уыдон фæстæмæ!

Базыдта фысым йæ фыййауы хъæлæс:

– Цæвут уыцы дзæгъæлзад хæрæджы! Размæ, фæдис!

Лæппутæ æмæхст фæкодтой уæлбылмæ, фæлæ, сæ бæхты куыддæр бацагайдтой, афтæ урснымæтджын иу дур фелвæста æмæ йæ рахста. Фенкъуыст хохы фахс æмæ æрлæбырд. Урснымæтджын йæхи пуртиау фехста фæндагмæ, фæдисæтты размæ.

Фæлæ не ‘рхæццæ зæхмæ, йæ урс нымæты фæдджитæ йын дымгæ ныффæйлыдта цæргæсы базыртау.

– Фæстæмæ! – азæлыд æрвнæрæгау йæ хъæр, æмæ лæг комы хъæлæсы мигъы бындзыгау ауыгъдæй баззад.

Фæдисæттæ сæхиуыл дзуæрттæ бафтыдтой: «Уæ, Хуыцау, мах дæ фæдзæхст, мацы нын кæн. Ай царциаты диссæгтæ куы уынæм, хъаймæты дуг куы ‘рцыд. Бахиз нæ дæ азарæй, уæ Хуыцау!»

Кæсынц фæдисæттæ: фæндагæн йæ кой дæр никуыууал ис, хохы сынæг æрлæбырд æмæ йæ ныххафта. Кæсынц: урснымæтджынæн йæ кой, йæ хъæр нал ис. Æрмæст урс мигъы тъыфыл бады фæндаджы сæрмæ, æмæ йæ аууонæй нал зынынц лидзджытæ.

Тасы бацыдысты фæдисæттæ. Ай Хуыцауы фæндæй у, загътой, сæ цæф æмбалы рахастой æмæ раздæхтысты.

Аирвæзтысты Хазби æмæ Зæринæ.

Кæмдæр Иры дард хъæутæй иуы æрбынат кодтой æмæ зæронды бонмæ æнцад-æнцойæ фæцардысты.

Барсæг – урс мигъы бындзыг – æнус-æнус зилы арвы æгæрон тыгъдады. Æрмæст æрвылхатт, æхсæв бонæй куы ахицæн вæййы, хур скæсынмæ куы фæхъавы, уæд æртæхы Сау хохы цъупмæ. Æрлæууы уым æмæ, цыма раздæрау йæ урс нымæты тыхтæй йæ лæдзæджы ‘нцой цæуылдæр сагъæс кæны, уыйау фæфæлгæсы бынмæ, Дзомагъы къуылдыммæ, Сагджын къуырфмæ.

Скæс-ма, æфсымæр, Сау хохы цъупмæ, чи зоны æмæ дæм сæумæрайсомы æгуыппæгдзинад æрхæсса фыййауы зарæг, иунæджы æнусон мæт, таурæгъгæнæджы зæрдæйы сагъæс!

ИРОН ПРОЗÆЙЫ АНТОЛОГИ

МАЛИТЫ Хасан

Малиты Георгийы фырт Хасан райгуырд Æрæфы районы хæххон хъæу Москæйы 1953 азы 3 декабры.

Парахат зæрдæйæ йын Сфæлдисæг балæвар кодта журналист æмæ фыссæджы ахъаззаг курдиат.

Астæуккаг скъолайы фæстæ 1979 азы каст фæцис Мæскуыйы Ломоносовы номыл Паддзахадон Университеты журналистикæйы факультет. Йæ царды фылдæр азтæ баст уыдысты газет «Рæстдзинад»-имæ: уыдис уацхæссæг, бæрнон нымæрдар, сæйраг редакторы хæдивæг.

Йæ фыстыты æрмдзæф кæддæриддæр бæрæг дардта сæ арæхстæй, хъуыды æмæ дунеæмбарынадæй. Фæлæ афтæ дæр зæгъдзыстæм, æмæ газеты куыст фыссæджы удхор кæй у, йæ хъарутæ йын æнæвгъауæй исæг. Æрмæст та уæддæр лæджы цæрын хъæуы, йæ бинонты хæссын æмæ дарын, фыссæджы фыдæбойнаг фæллойы та бæркад нæ уыд æмæ нæй…

Уæддæр Хасанæн бантыст стыр аивады хуызы ахадгæ литературон уацмыстæ сфæлдисын алы жанрты – чысыл нывтæй романы онг. Фæлæ та ам дæр зæрдæйы хъыгæн æмæ аив дзырды къахырæн зæгъæм уый, æмæ йын æрмæстдæр иу чиныг йеддæмæ кæй нæ бантыст джиппы рауадзын 2013 азы – йæ уацмысты æмбырдгонд «Царды цалх». Уый аккаг ын у, цæмæй æндæр чингуыты чъылдыммæ рохуаты ма баззайа.

Йæ хъазуатон фæллойы сæрмæ Хасан хорзæхджынгонд у «Ирыстоны кадæн» майданæй, райста ма ноджыдæр грамотæтæ æмæ кадджын нæмттæ.

Нæй, нæ бантыст ацы æвзыгъд лæппуйæн дæр йæ бæрзонд нысæнттæ царды рауадзын: ныры дуджы цæстæй кæсгæйæ æмæ нымайгæйæ, æгæр раджы фæхъуыд Ирыстоны размæцыддæрты ΄хсæнæй. Малиты хорз Хасан йе ΄нусон фæндагыл æнæнхъæлæджы фæраст 2015 азы 17 январы.

 Дзæнæты рухсæй цардаудæн кæнæд, кæй уарзта, уыдоныл.

ЦАРДЫ ЦАЛХ

I

     Абон хур цыдæр æнад каст кæны Æхсæрджынмæ. Цымæ цы уа?

Райсомæй раджы хур Хуысджыны тигъæй йæ был куыддæр сдардта, афтæ йæ арцтынты ныдзæвдæй хæрæгсындзы бæзджын сыфтæ сæхи бауыгътой: ахæм ма дзы тæвд уа! Цецелейы лæгуын рагъ æнахуыр æрттывд фæкодта, раст ыл цыма хур сыгъзæрин змисæй хуртуан айзæрста, уыйау, æмæ уымæй суанг йæ хæрæгдымджын тæссæрттæ дæр цæхæр акалдтой. Афтæ никуы вæййы – цъиуæхсæны дур дæр нал змæлыд Астъоны хæрзуырдыг фахсыл, бамыр сты иууылдæр: хъæдæй, дурæй, донæй, цæрæгойæ. Æрмæст иуафон Нафиаты урс аргъонахъ срæйдта бæзджын хъæлæсæй, стæй фæхъус. Ныффынæй та, æвæццæгæн. Æви йæ зæрдæ исты зоны?..

Æвзæр хъуыддагæн æфсон бæргæ нæй. Уый нæ – фарны хъуыддаг ис абон Æхсæрджыны.

Саматы Сæрмæт йæ фыртыфырт Ханæн куывд кæны.

Кæсын дарддæр

Рæстæг йæ дугъон бæх Хъарм суадоны цур æргъæу бæхбæттæныл абаста æмæ æнхъæлмæ каст, æрвон арандзал йæ дойны кæд суадздзæн, уымæ. Сæрмæты зæрдæ бахъæлдзæг: цыппар боны æнæрынцойæ фæуарыны фæстæ хæрзæхсад Цæгат цыма ныр цъæхдæрæй разындис – куывдæн хурбон куы нæ уа, уæд фыдæбæттæ дæр – дзæгъæлы, фæрзиу дæр – æнæпайда. Йæ фыртыхстæй йæ арвмæ скæсынмæ дæр нæ равдæлд, – æгайтма фæбон кодта. Хур та сындæггай лæсыд цæмæйдæр тарст арвы фæлурс цæсгомыл.

Хуынд адæм Фæйзæты дæлбазыр зæронд мусуæтты рæсугъд фынгтыл рабадынæввонг куы уыдысты, уæдмæ фæсивæд та хъазт æрцарæзтой.

Фæндыр йæ гæлæбуйы базыртæ йæ уæлæ æрбаппæрста. Зæрдæтæ риуы агъудты нал лæууыдысты. Рог уддзæф Цецелейæ мыдгæрдæджы хæйрæджджын тæф хаста, æмæ уымæй куывддон адæмы зæрдæтæ æхсызгон хъыдзы кодта.

Раст ын цыма исчи йæ тæрныхы астæу сырхзынг туас атъыссынмæ хъавы, ахæм судзгæ æнгас банкъардта Темыр æмæ йæ сæр фæхъил кодта. Сивыр æд дзидзатæ йæ къухтæй æрхауд. Стыр кæрты адæмы гуыв–гуыв æрбайсæфт йæ хъустæй – комы хуссарварс, бæзджын къохы хæдсæрмæ, Уыганы лæу-лæу цъымарамæ фæкомкоммæ. Цыдæр дыз-дыз йæ буарыл уылæнтæй аивылд. Цъымарайæ йæ цæстæнгас нæ исгæйæ, уыцыиу тахт акодта Фæлгæсæн рындзмæ æмæ йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:

– Нокар!

Уыганы ауыгъд цъымара цыма уыцы хъæрæй фехъал. Йæ сæрмæ хæлуарæджы тынау бадæг урс мигъ фæпырх, æмæ йæ бынатæй фезмæлыд. Æнахуыр гуыпп фæцыд, æмæ йæ хæдфæстæ хъусты сыфаутæ тæвдхъæстæ цыргъ дымгæ бакъуырдта.

– Нокар! Лидзгæ уæлæмæ! – ныййазæлыд та Темыры удаист хъæр, стæй бæстæ æмыр гыбар-гыбуры бын фæцис.

Адæм цавддуртау лæууыдысты æмæ сасиры йас цæстытæй кастысты, Уыганы цъымара нарæг ком араугæ æмæ уыраугæ йæ хъæлæсы куыд рахаста, уымæ. Хуры цæст фæтар, сау ададжы залиаг калмау æхситгæнгæ æмæ ссæндгæ цы лæсæн раивылд, уый йæ быны афсæрста хъæдтæ, æрдузтæ. Белы къада æд куырæйттæ калмы хъуыры аирвæзт. Хъуылайы скъæттæ цыдæр æрбаисты.

– Нокар! Лидзгæ!

Оххай, цæмæ цыдтæ, Нокар, комы бынмæ, цы фыдбылыз дæ ацардыдта, бæхтæм ныккæсон, зæгъгæ. Адæмы цæстæнгас залиаг калмæй фескъуыд æмæ аныхæст фахсыл хæрдмæ лидзæг лæппуйыл.

– Нокар!

Залиаг калм æрæййæфта лидзæг лæппуйы, æмæ йын лæсæны сау фæдджи йæ къæхтæ бакъуырдта. Нокар фæкалд, фæлæ ма æхсæлыйы къутæрмæ фæлæбурдта. Уыцы уысм лами æмæ дурты иннæ уылæн акалд йæ сæрты, æмæ залиаг калм, комы нузал фахсы царм астигъгæйæ, Хорайы рагъы аууон фæцис.

– Нокар!!!

Темыр Фæлгæсæн рындзæй уыциу тæррæтт æркодта, цалдæр гæппæн февзæрд ададжы был, стæй йæ къухтæ фæхъил сты, æмæ лæг уæлгоммæ ахауд.

II

Изæрæй мигъ стыггай скалди, бæстæ йæ зыруггон æмæ сатæг дæрзæг пæлæзæй æрæмбæрзта, фæлæ фæдисон адæмæй сæ хæдзæрттæм ацæуыны зæрдæ никæмæ уыд. Белы хафт комы дыууæрдыгæй æд къахæнтæ, зазн-мæцъистæ, белтæ адæм рацу-бацу кодтой куы уæле дæлæмæ, куы – дæле уæлæмæ. Темыр уæззау дуртæ къахта æмæ сæ иуварс æппæрста. «Гъы, гъы, гъы». Къахæны алы цæфæн дæр – «гъы». Æндæр йæ дзыхæй ницы хауд. «Гъы, гъы, гъы» – цыма сау дурты хуылфæй Нокары срæдувынмæ хъавыд. Ныскъуыдтæ сты йæ пысултæ – «гъы, гъы, гъы», – уæззау цыргъ къахæн ныссæдзы писийы хуызæн цъыфы, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд ратонын комы. Тъæпæн къæйдур фæцис йæ размæ – фæлæбурдта йæм, раст цыма йæ цыфыддæр знагыл фæхæст, раст ын цыма уый фæкодта йæ быны йæ хъæбул Нокары, фæлæ… Нæ фезмзæлыд хъаймæты тъæпæн дур йæ бынатæй. «Нокар» – суынæргъыдта Темыр æмæ æнæбонæй дуры фарсмæ йæ уæрджытыл æрхауд. Иу уысм тъæпæн дурмæ дзагъырæй кæсгæ аззад, йе знагмæ кæцырдыгæй ныббырса, ууыл цыма хъуыды кодта, уыйау, стæй рæвдз фестад, æмæ йæ хъæр азæлыд мигъæмбæрзт комы:

– Ардæм!

Донгоймаг дурæй конд зæрдæ дыууæ дихы фæуыдаид уыцы хъæрæй. Гуыбырæй кусæг адæм сæ сæртыл схæцыдысты æмæ æмхуызонæй акастысты, хъæр кæцæй цыд, уырдæм. Фæлæ лæг мигъы фæлмæй нæ зынд.

 – Ардæм! Ам ис!

Темыр ныффæлдæхт тъæпæн дурыл æмæ йыл куы иуырдæм ахæцы, куы – иннæрдæм.

Цалдæр лæгæй æрызгъордтой Темыры цурмæ. Лæджы уæззау дурыл рахæц-бахæц кæнгæ куы ауыдтой, уæд сæ зазн-мæцъистæ къæйдуры бын атъыстой.

– Гъы, гъы, гъы, – йæ утæхсæн та райхъуыст Темырæн.

Иумæйаг тыхы ныхмæ дур нæ фæлæууыд æмæ йæ бынатæй фезмæлыд.

– Оппа, ахæц ыл, – сирвæзт лæппутæй кæйдæр æнæрцæф ныхас, æмæ тъæпæн дур ламийыл дзоныгъы бырд акодта. Йæ бын уыд афтид, æрмæст дзы кæрæдзийыл стыхстысты мæцкъоры лыстæг хæлттæ.

III

 Садуллæ, Гамырзæ, Хæмыц æмæ Тауби сындæггай æрхызтысты Белы комы фахсы къадзелæгтыл æмæ, Темыр йæ уды хъуырдухæн кæм кодта, уырдæм хæстæг æрлæууыдысты. Темыримæ архайæг лæппутæ сæ куы ауыдтой, уæд сæ кусæнгæрзтæ æрæппæрстой æмæ се ‘мбæрц сыстадысты. Темыр æрбацæуæг лæгты æрæджиау бафиппайдта. Фæлæ сæ цыппарæй йæ ныхмæ æнæдзургæйæ сæркъулæй лæугæ куы федта, уæд фæсонтау. Уый та куыд? Цæмæн?

Лæгтæй ничи ницы дзырдта. Алчидæр сæ Темыры цурмæ хаста, сисæн кæмæн нæй, ахæм стыр уæз. Алкæмæн дæр йе ‘взаджы кæрон рауай-бауай кодтой, Темыры астæумагъз чи асæтдзæн, ахæм ныхæстæ. Æбуалгъ мæты, æвирхъау зыны рæстæг ныфсы ныхас цыма йæхи дурлæгæты нымбæхста, фараст дуарыл фараст æмыр гуыдыры бакъуырдта. Цæст æрттивы, дзых – фæхæлиуæввонг, фæлæ æвзаг ницы кæрды. Хох куы акæлы, уæд ма цавæрдæр къæйдуры кой исчи кæны? Уæддæр Гамырзæ размæ ракъахдзæф кодта.

 – Темыр.

– Гъы, – Темыры цæстытæ æрцытау хистæрты зæрдæты аныхстысты.

– Дæс боны рацыд, Темыр. Ныфсæн дæр мæлæт ис, мæ хур. Рухсаг уæд Нокар…

Темыр йæ сæр бынмæ æруагъта. Гамырзæйы ныхас ын йæ зæрдæ æмæ йæ уды кæцы къуым бацагайдта, уый зын базонæн уыд. Ныфс цæргæсау атахт, æмæ зилгæдымгæйæ хаст быдыры йæ æнæтуг бумбулиты фæд баззад. Фæлæ… Цæф сырдау адзагъул кодта Темыр, йæ буар барызт, фæцыд йæ дæндæгты хъыррыст, стæй, дæлмагуырæй цыма дзырдта, уыйау æрæджиау йе ‘лхъывд былты ‘хсæнæй райхъуыст:

 – Нæ, Гамырзæ. Нырма раджы у…

IV

Лæгтæ Къоппа-дуры цур лæууыдысты æмæ тæрхæттæ кодтой сæрысæфт Нокар æмæ йæ фыд Темырыл.

 – Æ, дæ мард фесæфа – нырма мæм ныр бахъардта уыцы æлгъысты мидис, – загъта Садуллæ.

– Ныхас, мæ хур, дымгæйæ хъауджыдæр нæу. Кæм æй зæгъай, уым фесæфы, – ныуулæфыд Гамырзæ.

– Уанцон нæу, – сдзырдта Тауби. – Ныхас йæ фæд уадзгæ кæны тохынайы алайау. Стыр ныхас та – уæлдайдæр.

– Е-е, Тауби, – йæ лæгуын сæр армытъæпæнæй æрсæрфгæйæ, загъта Хæмыц. – Хъысмæт цы фæндагыл ардауы, уый лæг нæ зоны. Æндæр… Цымæ цы куыста Нокар уыцы бæллæхы заман комы астæу? И?

– Æцæгæйдæр, – йæ сæр разыйы тылд бакодта Тауби. –Ды та куыд зæгъыс, Гамырзæ?

Гамырзæ лæууыд æдзæмæй. Стæй сабыргай йæ сæрыл схæцыд æмæ йæ къуындза æлхъывд цæстытæ Таубийы хъамайау ныссагъта:

– Æз никуыд зæгъын, Тауби. Мæнæн хъысмæт цы зæгъинаг уыд, уый мын æххæстæй загъта.

V

Гамырзæ йæ лæдзæг райста, йæ сæр æнахуыр тылд бакодта æмæ Белы комы дымæгмæ Темыры æхсæвбадæнмæ сындæггай араст.

Таубийы æрфгуытæ кæлмытау кæрæдзийыл атыхстысты, стæй, цыма исты стыр хъуыддаг йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыйау йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта æмæ Хæмыцмæ йæхи бакъул кодта:

– Æз дæн хæрæг дæр æмæ куыдз дæр. Куыд бауæндыдтæн Гамырзæйæн уыцы ныхас зæгъын. Ехх…

Гамырзæ къардиуы тæккæ был зæххоныг дурыл йæхи æруагъта æмæ лæмбынæг каст, Темыр Уыганы æрхы фараст тынгдары уæрхæн фæлтæр къахгæ-къахгæ йæ разæй куыд хаста, уымæ.

– Хъхы-хъхы, – хъæрæй схуыфыд Гамырзæ.

Темыр йæ сæр схъил кодта. Къахæны фындзыл сыджыты ставд къуыбæрттæ ныддæвдæг сты. Гамырзæ каст цæгатырдæм, раст цыма, Белы комы цы ‘рцыд, уый уымæ нæ хаудта, афтæ.

– Сыст уæлæмæ, Темыр, рацу ардæм.

– Гъы?

– Рацу ардæм, мæгуыр.

Темыр йæ къахæн аппæрста æмæ коммæгæсæй Гамырзæйы цурмæ ссыд.

– Сбад мæ фарсмæ.

Темыр æнæдзургæйæ сбадт.

– Хъæбулы сæфт зын у, Темыр? – Гамырзæйы русыл цæссыджы ставд æртах æрхъуызыд. Фæлæ уый Темыр нæ федта.

– Зын, Гамырзæ.

– Фыды рыст уæззау у?

– Тынг уæззау, Гамырзæ… Зæгъæн ын нæй. Мæхи фидар кæнын, фæлæ мæ бон нæу, Гамырзæ! Мæ бон нæу! –Темыр йæ цæсгом йæ тæппæлттæй дзаг армытъæпæнтæй амбæрзта. Йæ уæхсчыты змæлдæй бæрæг уыд, дурæмвидар лæг кæугæ кæй кæны, уый.

– Уæдæ æз куыд быхсын, Темыр? – сабыргай сдзырдта Гамырзæ æмæ Темыры фæллад цæстытæм ныккаст. – Æз куыд быхсын? Куыд быхсын мæ дыууæ хъæбулыл, Темыр?

Темыр фæсæццæ уыцы ныхæстæм. Йæ кæуындзæг йæ хурхуадындзты фæныхст, æмæ схæкъуырцц кодта. Йæ зæрдæйы йын цыма сырхзынг туас æнæвгъауæй исчи атъыста. Йæ зонды арвæрттывдау ныррухс сты дыууæ азы размæ цаутæ: Гамырзæйы дыууæ фаззон фырты Гасан æмæ Асан цуаны, дзæбидырты фæдыл бафтгæйæ, зæйы бын фесты. Къуыри сæ фæцагуырдтой. Ссардтой сын сæ мæрдтæ. Сæ ныгæнæн бон та Гамырзæ мæрддзыгой адæмы сабыртæ кодта: «Уæхиуыл фæхæцут, уæхиуыл фæхæцут». Рацу-бацу кодта хъыггæнæг дзыллæйы æхсæн. «Уæхиуыл фæхæцут…» Йæхи зæрдæйы цы тымыгъ уыд, уый та Сæнайы хох бамбæрзтаид. Уæддæр… Донгоймаг дурæй конд зæрдæ дын ис, Гамырзæ, фæлæ ма Темыры уды рыст та дæхимæ цæмæн исыс? Ехх, цæй фидар дæ, лæджы зæрдæ!

VI

Ихæврагъ рацыди æмæ Хорайы къуыбырыл йæхи ныццавта. Уасиаты Бечмырзæ йæ сæрыл уæлæфтау амбæрзта æмæ Белы æрхбадæнæй лидзæг фæцис. Цадуаты дæлбазыр æрхы иу дурæй иннæмæ багæпп кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ йæ цæст ацахста… Уарындонæй фегомуæвæг ламийы бынæй зынд Нокары фæныкхуыз нымæтхуды кæрон. Лæппу дурæй æргæпп кодта æмæ худыл схæцыд…

 Бечмырзæ комкоммæ ныхасмæ бацыд, Нокары нымæтхуд йæ тарæй систа æмæ йæ Къоппа-дурыл хъавгæ æрæвæрдта. Лæгтæ сыстадысты.

– Гъæй–да–гъа! – йæ сæр батылдта Тауби.

– Кæм æй ссардтай? – сабыргай бафарста Гамырзæ.

– Цадуаты бын, Сырхы лæгæты фарсмæ.

– Темыр æй федта?

– Нæ. Мæ бон æм æй равдисын нæ баци.

– Темыры уарын дæр нæ уромы. Уыцы сах-къæвдайы дæр къахгæ кодта, – фæлмæст хъæлæсæй загъта Хæмыц.

 – Ныр дæр уым ис, – сдзырдта Бечмырзæ. – Цадуатæй дæлæмæ къахынмæ бавнæлдта.

– Ехх, мæгуыр йæ бон. Уым дзæгъæлы къахы.

– Цæмæ дзæгъæлы? – бафарста Тауби.

– Лæсæн Нокарыл уым фæхæст. Лæппу кæд искуы ис, уæд – бынтон дæлиау.

– Чи йын цы зоны…

 – Темыр иунæгæй у? – бафарста Гамырзæ Бечмырзæйы.

– Хъæуы лæппутæ ма æхсæзæй.

– Къахынц, фæлæ ма исты ссарой… Йæ сыджытыл æй уæддæр куы сæмбæлын кодтаиккой.

Уæдмæ æдзæмæй лæууæг Сабан йæ дзыппæй хæрынкъа систа æмæ, кард æхсæр лæдзæджы кæроныл æруадзгæйæ, сабыргай загъта:

– Æмæ ныр сыджыты нæй? Агургæ дæр ма йæ цы кæнынц, нæ зонын… Темыр дæр æй уымæй арфдæр нæ баныгæндзæн.

Лæгтæ æмхуызонæй сæ сæртыл схæцыдысты – ахæм ма дзы æбуалгъ ныхас лæджы дзыхæй схаугæ уыдис. Цасдæр рæстæг лæгтæ хъыпп-сыпп нал сфæрæзтой, стæй æрæджиау Гамырзæ йæ сæр батылдта æмæ ныдæн хъæлæсæй загъта:

– Хуыцау дын æй ма ныббарæд, æндæр дын мæ бон ницы зæгъын у.

VII

– Халвиатæ маргас æрбахастой, æмæ йын цы кæнæм? –сабыргай бафарста Хæмыц.

– Ныххæлар сæ кæнут, æндæр цы, – загъта Тауби. Кæрты лæууыдысты Темыры каистæй цалдæр лæджы, стæй сылгоймæгтæ. Нокары мадырвадæлтæ. Хæлайраг фæрзиу – арахъхъ, фæхсын, иннæ лыстæг хъуыддæгтæ, куыд æмбæлы, афтæ. Халвиатæ æнхъæлмæ кастысты Темырмæ. Уæдмæ уый дæр ссыд. Къахæн æмæ бел йе уæхскæй æриста æмæ сæ сугдонмæ баппæрста. Йæ кæрты цы адæм лæууыд, уыдонмæ иу каст фæкодта æмæ къуыдыроныл æрбадт. Хæмыц баздæхт Темырмæ æмæ йын загъта:

  – Темыр, адæмы æгъдау куыд фехалæм, цы зæгъыс?

– Гамырзæ, ды зæгъ. Мæнæн мæ бон дзурын нæу.

Гамырзæ йæ худ систа, хæлайрæгтæм æввахс бацыд, бирæ сæм фæкаст, стæй адæммæ йе ‘ргом аздæхта æмæ загъта:

– Хорз, мæ хур. Гæбæр бæх йæхи гæбæр бæхыл хафы. Хæстæгдæр рацæут, мæ хуртæ, Нокарæн ныххæлар кæнæм ацы цæхх æмæ кæрдзын.

Уæды онг Темыры кæугæ ничи федта…

VIII

Фырфæллад Темыр йæ сæр базыл куыддæр æруагъта, афтæ афынæй. Хуыссæгхъуаг буар æрфæлмæн, фындæттæг зины мæсыджы рудзынг фегом, æмæ æхсæвидартæ фæйнæрдæм гæлæбутау ныппæр-пæр кодтой. Темыр йæ фыны ауыдта сæ кæрт. Даргъ фынгтæ æвæрд дзы хæрд æмæ нозтæй бынмæ тасыдысты. Нокар сугдоны кæрон бадт къуыдыроныл æмæ мæгуыр каст кодта уыйбæрц хойрагмæ.

 Темыры къухы уыд цæвæг, цыма сæ цæхæрадоны арæн-уыгæрдæн ракæрдынмæ рараст. Нокары куы ауыдта, уæд фæлæууыд.

– Ам цы кусыс?

– Æххормаг мын у, баба, – дзургæ æви кæугæ кодта Нокар, уый Темыр нæ бамбæрста.

– Æ, мачи дзы уа, – рамæсты Темыр, фæлæ йæ зонды кæцыдæр къуымæй фембæрста, фын кæй уыны, уый, æмæ йæ ныхас фæфæлмæндæр. – Дæлæ дæ разы фынгтæ хойрагæй – сæ тæккæ дзаг. Цæуылнæ хæрыс?

– Ды мæ нæ уадзыс, баба…

Темыры сурхид акалд, афтæмæй фехъал. Чысыл йеддæмæ нал хъуыд зæрдæйы йæ агъудæй æддæмæ рагæпп кæнынмæ. Лæг йæ сæр батылдта æмæ сынтæджы рабадт. Нокарæн рухсаггагæн кæй æрхастой, уыдонæй ныронг нæ сахуыста йæ уды рыстæй – кæй зæрдæ бакомдзæн?

Цы акæна, уый Темыр нæ зыдта. Æрæджиау йæхи куы æрæмбæрста, уæд хъавгæ сыстад, хиуæттæ цы фæрзиу æрбахастой, уыдонмæ бацыд æмæ сæм бирæ фæкаст. Стæй цæххы тæпп фынгыл æркалдта, чысыл дурынæй арахъ агуывзæйы рауагъта, нозтæй хойрагмæ æртагъта æмæ ныдæн хъæлæсæй загъта:

– Рухсаг у, Нокар. Рухсаг у, мæ хъæбул…

Бæстæ уыд сабыр. Æрмæст Белы æрхуатæй сыхъуыст тоймон уыджы у-ха-ха. Нафиаты урс аргъонахъ зивæггæнгæ срæйдта, стæй ныхъхъус. Ныффынæй та, æвæццæгæн. Уæларвы стъалытæ та цыма садахъа–хисты бадтысты, уыйау сын се ‘рвон фæндагыл размæ аггуырсыны фадат нал уыд.

IX

Адæмы ныфс фæтых, æмæ Уыганы залиаг калм ссæдзæм бон йæ сау дзæмбытæй феуæгъд кодта Нокары. Хадзыбечыр æмæ Зауыр Хорайы къуылдымы хæрздæле æрхы фондз метры уæрхæн фæлтæр сæ разæй хæсгæ куыд цыдысты, афтæ, мæгуыр, царæфтыд лæппу фæзынд хуыр æмæ цъыхырыйы хæдызмæсты мидæг… Мæ фыдгул ахæм нывмæ æркæсæд. Фæлæ… Цыма стыр уаргъ ахаудта Æхсæрджыны цæрджыты уæхсчытæй.

«Æ, дæ мард фесæфа», зæгъгæ, уыцы ныхас æлгъыстæн куы баззад – æгайтма Нокар йæ хъæубæсты уæлмæрдтыл сæмбæлд. Цыма фенцондæр Темырæн. Кæцæй фæзындысты, уый нæ зоны, фæлæ йæ сæры фæмидæг сты уыцы хъуыдытæ… «Тыхсгæ мауал кæн, мæ хъæбул, ныр дын дæ ныййарæг мад дæ сау тугтæ æрыхсдзæн, дæ саст уазал уæнгтæ дын бахъарм кæндзæн, барæвдаудзæн дæ. Ацу йæм, ацу. Бирæ дæм фенхъæлмæ каст, мæгуыр».

X

Рæстæг цыд. Нокары сæфты бынаты исты цыртдзæвæн æвæрын хъæуы, зæгъгæ, Темыры зæрдыл хъаймæты тъæпæн къæйдур æрлæууыд. Иубон æрхмæ ныццыд æмæ йæ ссардта. Дур æрхуаты кæрон кæркмисындзæджы къутæры ныссагъди, æрдæгæй уæлæмæ ма дæвдæг ламийæ зынд. Скъахын æй хъæуы, зæгъгæ, загъта Темыр æмæ йæ къухмæ бел райста. Сихæрттæм ыл фæцархайдта, йæ хид къоппæй акалд, фæлæ йæ уæддæр хъæбæр сыджыт æмæ сындзытæй рауæгъд кодта. Уый фæстæ зæххоныг дурыл æрбадт йæ фæллад уадзынмæ. Хæцъилы тыхтон æрбайста йæ хъæбысмæ æмæ йæ райхæлдта: æртæ айчы дзы, кæрдзыны къæбæр, цæхх, хæсты рæстæг салдæттæ кæй дардтой, ахæм къубуцкæ. Темыр йæ къухтæ йæ хæлафыл асæрфтытæ кодта æмæ иу айк систа. Йæ зæрдыл та æрбалæууыд йæ сæфт хъæбул. Цасдæр рæстæг зæхмæ æдзынæг фæкаст, арф ныуулæфыд, стæй айк стигъынмæ фæцис.

– Æз айк нæ уарзын.

Темыр йæ сæрыл схæцыд æмæ йæ алыварс ахъахъхъæдта. Гыццыл фалдæр, æрхы фаллаг фарс, дурыл бадт бæгъæмзæнг лæппу, авд-астаздзыд.

– Цы?

– Æз та, зæгъын, айк нæ уарзын.

– Рауай-ма ардæм, – лæппумæ æдзынæг кæсгæйæ, хъæрæй загъта Темыр. Диссаг æм фæкаст, æнæзонгæ сывæллон ам куыдæй февзæрд, уый. Лæппу сындæггай сыстад æмæ Темыры размæ æрбацыд. Лæг сыгъдæггонд айк бадаргъ кодта сабимæ:

– Гъа, ахæр.

– Æмæ ды та?

– Уыныс мæнæ? Мæ фаг дæр дзы ис. Гъа, дзул дæр дын. Сабыргай хæр, дæ хъуыры фæсæдздзысты.

Темыр ныджджих сабийы цæстытæм. Кæмдæр ма сæ федта, æви? Цыдæр хъарм уылæн дзы ракалд, æмæ Темыры зæрдæ æхцон хъыдзы скодта. Кæй лæппу у, ам цы кусы?

– Дæ ном цы хуыйны?

– Батыр.

– Æмæ ам цы архайыс?

– Фæдзæгъæл дæн. Дыууæ боны размæ туристтимæ ардæм ссыдтæн, фæлæ мæ ныууагътой æмæ хæхтæм ацыдысты.

– Кæй лæппу дæ, кæ? Дæ мад æмæ дæ фыд та кæм сты?

Лæппу йæ сæр æруагъта. Темыр ын йæ бæгъæввад къæхтæм фæкомкоммæ, цъыхырытæ йын йæ лыстæг зæнгтæ ныххафтой, æмæ йын цъиахы къæхтау сырх-сырхид дардтой.

– Дæ мад æмæ дæ фыд кæм сты? – бафарста та ногæй Темыр æмæ лæппуйы йæ рахиз къухæй æрбахъæбыс кодта.

– Нæй мын мад дæр, фыд дæр. Дзæгъæл дæн.

– Æмæ цæргæ та уæд кæм кæныс?

– Горæты. Сывæллæтты хæдзары. Æз дзы ралыгътæн. Фæлæ ныр фæстæмæ фæндаг нал арын. Ды зоныс фæндаг горæтмæ?

Темыр йæ цæстæнгас нæ иста Батыры æнæхсад цæсгомæй. Йæ зонд фестад денджызы фæлхъæзæн. Хохы йас уылæн дзы куы иуырдæм ныццæллахъхъ кæны, куы – иннæрдæм. «Рухсаг у, Нокар» – сау-сауид хъуыдыйы уылæн йæхи ныццавта зонд æмæ æрхуымы къæдзæхыл. «Мæнæ дæн, баба» – йæ хæдфæстæ æнахуыр ныфсы уылæн йæ быны афсæрста мæты фидæрттæ.

– Зонын, мæ хъæбул, фæндаг. Цом. Ам бадынæй пайда нал ис.

Уыцы бон сихæртты фæстæ Æхсæрджыны цæрджытæй Белы комы æрхуатмæ чи каст, уыдон федтаиккой ахæм ныв: кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ, кæрдæгæмбæрзт фахсы нарæг къадæлæгтыл хъæуырдæм сцæйцыдысты дыууæйæ – нæлгоймаг æмæ æнахъом саби.

Царды цалхæн бауромæн нæй.

2004 аз.

КУВИНÆГТÆ

Додæбейы уыгæрдæн дидинджытæй ацы аз уæлдай рæсугъддæр уыд. Мыдыбындз æрбатахт, адыв-дыв кодта, раст цыма сыгъдæгдæр ранæй дон сисынмæ хъавыд, уыйау, стæй йæ фындз морæ дидинæджы къусчы фæцавта æмæ иу уысм фæсабыр, цыма кæимæдæр сусæг ныхас кодта, уыйау. Уыцы уысм æй ауыдта Бетъыры фырт æмæ йæ ныффæртт ласта – мыдыбындз кæрдæгмæ æрхауд, йæ къæхты сæрмæ цы бур чъиригæндтæ уыд, уыдон дæр ын, мæгуыр, уыцы цæфæй æрызгъæлдысты.

 – Цæмæн æй ныццавтай? – бафарстон Бетъыры фырты, – уæдтама уыцы бындз йæ хæдзармæ кувинагæн æртæ чъирийы хаста?..

УАРДЗÆН

Дадо рацыд æмæ, хур зæхмæ куыд æдзынæг каст, уымæ гæсгæ загъта:

– Уардзæн.

– Цæмæй йæ базыдтай, Дадо, хур куы кæсы? – бафарстон æй æз.

– Бонæн йæ цæстыхаутæ хуылыдз сты…

ФАРСТ

Хуры тын мын иубон ме уæхскыл баныдзæвыд æмæ мæ афтæ фæрсы:

– Ам ма дæ?

УЫРЫЙЫ ХЪУЫДЫ

Адæм се ‘взæрты калдтой куыдзæппарæн былæй. Ацы хатт дæр æвзæргæнæг æмæ адæмы цардхалæг Куыдзийæн ахæм тæрхон рахастой. Адæмæн нæ, фæлæ йе ‘фсымæртæн бафæдзæхстой, цæмæй йæ сæхæдæг схæссой куыдзæппарæн былмæ æмæ йæ аппарой, туджджын сын куыд ничи уа, афтæ. Лæппутæ се ‘фсымæры къæхтæ æмæ къухтæ бастæй ныззыввытт кодтой дурджын комы бынмæ, раст цыма æмбыд къæсса бырæттæм æппæрстой, уый хуызæн. Куыдзи тæхгæ-тæхын халоны хъыллист ныккодта æмæ йæ тъæпп фæцыд худинаджы æнусон зыртыл – адæм сæ уырдыгæй исгæ дæр нæ кодтой ныгæнынмæ – алыхуызон сырдтæн æмæ кæлмытæн уыдысты хæринаг.

Дыууæ нард уырыйы рацыдысты сæ цæрæн бынатæй, басмыстой Куыдзийы мардмæ, стæй сæ иу афтæ зæгъы:

– Ацы лæджы ардæм чи раппæрста, уыцы адæм кæнæ фырæгъдауджын сты, кæнæ сæ сæры зонд фæцыд.

– Мæнмæ хъус, уæдæ, – загъта хистæр уыры, – ацы лæджы фыд хæрынмæ нæ бæззы, уыйбæрц маргæй нæ гуыбынтæ фæрисдзысты.

ÆГЪДАУ

– Абон хур раздæр аныгуылд.

– Зымæгмæ цæуы хъуыддаг.

– Исты æрæмбырд кодтат?

– Хуыцауы фæрцы цыдæртæ, æххормаг нæ уыдзыстæм.

– Æххормаг диссаг нæу, хор æмæ донæй дæр фæцæрæн ис, æгъдау раттыны фаг дæр нæм куыд уа…

– Æгъдау раттыны фаг дæр нæм ис. Алцы гуыбыны хардзæй баргæ нæу!

– Уæллæй, раст зæгъыс.

Уый ныхас кодтой хуымæтæджы мæкъуылы мыстытæ.

МЫДЫБЫНДЗ

Уыгæрдæны мыдыбындзыты къускмæ куыд фæцæйæвнæлдтон, мыд дзы сисон ахæрынæн, зæгъгæ, афтæ бындзытæн сæ лæгдæр рагæпп кодта фæдисы æмæ мын мæ къух ныццавта:

– Амæйфæстæмæ йæ зондзынæ, лæджы фырт, адджын хæринаг æнæ мастæй ссарæн кæй нæй, уый.

ТЫХДЖЫНДÆР

Бадтысты фондз зæронд лæджы æмæ кæстæрæн амыдтой, куыд цæрын хъæуы, уый. Уалынмæ хæдзармæ бахызт Хуыцау. Лæгтæ сыстадысты æмæ йын салам радтой. Хуыцау сын бузныг загъта æмæ сын ацамыдта, цæмæй сбадой. Лæгтæ сбадтысты. Лæппу лæугæйæ баззад. Хуыцау та йын загъта, цæмæй лæппу сбада. Кæстæр та лæууы. Уæд æм зæронд лæгтæ фетхæлдтой: «Хуыцау дæм йæхæдæг дзуры, цæуылнæ сбадыс?».

Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы: «Сымах ын цы æгъдау бацамыдтат, уый мæ ныхасæй тыхджындæр у».

Горæты исты къуым саразон, зæгъгæ, хохæй, мæ фыдыуæзæгæй, иу чысыл дур раластон æмæ йæ мæ ног хæдзары бындуры сæвæрдтон, зæгъын мæм мæ фыдæлты уæзæджы фарн хæццæ кæна. Иу æхсæв мæ фыны уыцы дур йæ цæстытæ доны разылдта æмæ мын кæуынхъæлæсæй афтæ зæгъы: «Нæхимæ мæ фæнды».

ДОНГУР

Дард кæмдæрты бирæ рæстæг фæрахау-бахау кодтон, стæй мæ фыдыуæзæгмæ æрцыдтæн, æмæ мæ фыдæлты донисæн Сурæдонæн, нымдгæнгæ, афтæ зæгъын: «Дæ донæй ма мын авæр».

Æмæ мын дон афтæ зæгъы: «Æмæ мæ нырмæ кургæ куы никуы кодтай, дæ нывонд фæуон. Æви мæм бирæ рæстæг кæй нал фæзындтæ, уымæ гæсгæ афтæ ‘нхъæлыс, æмæ дыл мæ зæрдæ сивтон?».

КÆСТÆРЫ РÆДЫД

Æвзонг лæппу уыдтæн, афтæ иухатт Хъабаны уыгæрдæнмæ хосдзаутæн хæринаг ахастон. Лæгтæй мæ иу фæрсы:

– Дон нæ рахастай?

Æз ме уæхсчытæ базмæлын кодтон, ферох мæ, зæгъгæ…

– Æ, дæ рарвитæг… – схъуыр-хъуыр кодта лæг.

– Ма йæ ‘фхæр, – загъта хосдзауты хистæр Басыл,– дойны цы у, уый нæма зоны…

КЪÆЙДУР

Мæскуымæ ахуырмæ куы цыдтæн, уæд мын мæ мад абазийы йас чысыл тымбыл къæйдур радта æмæ мын афтæ зæгъы:

– Мæ царды ныв, мæнæ ацы къæйдур ахæсс демæ æмæ, кæм цæрай, уым-иу æй дæ базы бын сæвæр, æмæ алы æхсæв дæр дæ фыны нæхимæ уыдзынæ.

Мæ мады фæдзæхст сæххæст кодтон, фæлæ иунæг хатт дæр мæ фынты нæхимæ никуы уыдтæн, æрмæст-иу ацы дур куы ауыдтон, уæд-иу нæ хæдзар æмæ мæ мады худгæ цæсгом мæ цæстыты раз февзæрдысты…

УАЗАЛ ГОРÆТ

Гыццыл лæппутæ ма уыдыстæм, афтæ мæ мæ фыд горæтмæ дохтыртæм сласта нæ сыхæгты лæппу Албегимæ – нæ хъуыртæ рыстысты. Иубон рынчындоны кæрты нæхи хурмæ тавтам, æмæ мын Албег афтæ зæгъы:

– Горæтæн йæ хур дæр цы уазал у, нæхимæ хур бирæ хъармдæр вæййы.

СÆРЫЗÆДЫ ДЗУАР

Зæронд хъæуы фæстаг цæрæг Хъантемыр йæ дзаумæттæ æмбырд кодта æмæ сæ машинæйы амадта.

– Кæдæм цæуыс? – бафарстон æй æз.

– Ацы хъæуы ничиуал ис,– загъта лæг,– æз дæр мæхи искуыдæм айсон, адæм кæм цæрынц, иу ахæм ранмæ.
Мæ зæрдæ фæрыст уыцы ныхæстæй.

Хъантемыр куы ацыд, уæд æз сфæнд кодтон уыцы афтид хæдзары бахсæвиуат кæнын. Æмбисæхсæв уыдаид, афтæ иу рæсугъд сылгоймаг фæзынд хæдзары. Сæрызæды хæцъил къонайы сæрæй райста æмæ загъта: «Цомут, ам махæн ницыуал ис». Кæмæ дзырдта, стæй кæдæм ацыдысты, уый абон дæр нæ зонын.

ЦАРДЫ КÆРОН

Хъуылайы стонуæтты фондз æмæ дыууиссæдз лæгæй хос карстам. Дæргъæй-дæргъмæ фахсыл дыккаг уис æрдæгмæ куы ‘рхæццæ кодтам, уæд хъæуæй схæццæ Гæбыла æмæ, йæ ехс галиу къухмæ райсгæйæ, загъта, хосдзауты хистæр Беппайæн йæ бинойнаг кæй фæзиан, æмæ йæ хъæуы хистæртæ хабар махæн фехъусын кæнынмæ кæй рарвыстой.

Беппа хабар куы базыдта, уæд йæ цæвæг аппæрста æмæ уæззаугай кæрдæгыл æрбадт. Тауби йæм бацыд æмæ йын афтæ зæгъы: «Рухсаг уæд де ‘фсин, Беппа».

«Рухсаг уæд мæ цард…» – йæ былты змæлдæй базыдтон, Беппа цы загъта, уый.

СЫЧЪИ

Уæллаг тигъыл дуры фарсмæ бадтæн æмæ æдзынæг кастæн комы бынмæ. Ахæм ныв никуы федтон: далæ кæмдæр, бынæй, Æрæфы дон æвзист лентау хуры рухсмæ тæмæнтæ калдта, цæстытæ йе ‘рттывдмæ нæ лæууыдысты. Куыд рæсугъд уыд, æвæдза…

Цыдæр пыррыкк мæ хъустыл ауад, æмæ бæрзы къутæрмæ фæкастæн. Мæнæй ссæдз метры дæлдæр къуыппыл лæууыд сычъи æмæ ныджджих комы бынмæ. Йæ рæсугъд гуыр змæлгæ дæр нал кодта.

Комы гæрах азæлыд, æмæ сычъи йæ мидбынаты æрхауд. Бетъыры фырт топпæргъæвдæй мæ цурты лæф-лæфгæнгæ æрсæррæтт кодта æмæ сычъийы цур алæууыд. Йæ тугæй йын йе ‘нгуылдз ацахуырста æмæ йæ йæ былыл сдардта.

– Ис та дзы!

Æз сабыргай йæ цурмæ æрхызтæн, мæ хурхыуадындзтæ фыр мæстæй адымстысты, афтæмæй йæ бафарстон:

– Уый цы бакуыстай?

– Куыд цы? Æфсатийы лæвар! Фыццаг æмбæлæджы хай – дæуæн! – цингæнгæ сдзырдта Бетъыры фырт æмæ кусартгæнæн кард фелвæста.

– Уый цы бакуыстай? – адæргæй та бафарстон æз. Æргуыбыр кодтон мард сырдмæ. Сычъийы цæст уыд гом. Зындис дзы Æрæфы тæмæнкалгæ дон æвзист лентау.

УАРЗОНДЗИНАД

Сусхъæдджыны æрдузы-иу алы аз дæр тынг рæсугъд хъоппæг дидинæг æрзад, скъамо дæр ма йæ хонынц. Ацы аз дæр та йæ хъал зæнгыл фараст бурдзалыг сыгъзæрин дидинæджы хуры фараст чызджы хуызæн цæхæртæ калдтой. Æз уарзтон уыцы æрдузы хъæлæрдзыйы къутæры фарсмæ абадын, йæ сатæг хæрздæф мын мæ уды тæгтæ æхсызгон хъыдзы кодта. Æмæ мын иухатт хъæлæрдзыйы къутæр зæрдæхъæлдзæгæй афтæ зæгъы:

– Мæ лæппуйы абон фæлваргæ кодтон. Зæгъын, уæртæ уыцы бурдзалыг чызджытæй иуы ракурæм, куыд рæсугъд у, уый нæ уыныс? Æмæ мын мæ лæппу афтæ: «Нæ, уæртæ дыууæ къæйдуры æхсæн цы хъæлæрдзыйы къутæр æрзад, уый чызджытæ бирæ рæсугъддæр сты».

ДЖИМИТЫ Æхсар

ЦАРДЫ ЦОППАЙ
(Мысинæгтæ)

Уый уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæд фæстæ. Мæ фыдыфсымæр Гыдто нæ цæхæрадоны тыдта картофы дидинджытæ æмæ мæм фæдзырдта:

– Æхсарбег, хæстæгдæр ма мæм æрбацу.

Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

– Æз Æхсар хуыйнын.

Уый мыл фæхъæр кодта:

– Цавæр Æхсар дæ, æз дыл Æхсарбег ном сæвæрдтон. Уый дæ фыд коммунист у æмæ бегты нæ уарзы, фæлæ дæ искуы бахъæудзæн дæ ном бегимæ.

Стæй мын, йæ къухы цы дидинджытæ уыд, уыдон, хицæнтæ кæнгæйæ, зæхмæ æппæрста нымайгæйæ:

– Фондз картофы, авд картофы, дыууæ картофы, – калд сæ куы фæцис, уæд мын загъта: – Дæ мад ацы цалдæр бынæй скъахдзæн къæртайæ фылдæр.

Уый та куыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын ахæм дзуапп радта:

– Абонæй фæстæмæ дæ зæрдыл бадар: халсартæн дæр сæ уæлдай дидинджытæ куы тонай, уæд сæ тыллæг уыдзæн бирæ фылдæр.

Æз уæд фæныфсджындæр дæн æмæ та йæ бафарстон:

– Гыдто, уæ дыргъдоны та кæрдо бæласæн йæ иу къалиуыл фæткъуытæ цæмæн зайы?

Уый мын афтæ:

– Куыд адæмæн, афтæ зайæгойтæн дæр ис баиу кæнæн. Мæнæ мын æххуысхъом куы фæуай, уæд дæ кæрдо бæлæстыл дæр зайдзæн фæткъуытæ, æхсынцъыйыл – чылауитæ, фæлæ уый кæд уыдзæн?! Æз та иу къухæй зивæг кæнын райдыдтон ахæм лæмбынæг куыстытæм. Уыцы куыст та хуыйны пырсип кæнын.

– Гыдто, хæсты куы нæ уыдтæ,уæд дæ цонг цæмæн бахуыскъ?

– Уый дын афтæ æнцонты нæ фæуыдзынæн дзырд, фæлæ дын æй бæлвырд радзурдзынæн, мæнæ иумæ пырсип кæнын куы райдайæм, уæд.

Кæсын дарддæр

1946 азы уалдзæг. Иу райсом, хурмæ куыд бадтæн, афтæ Гыдто кæцæйдæр фæзынд æмæ мæм фæдзырдта. Йæ къухы уыд кæттагæй хызын, æмæ мæм æй радта:

– Абонæй фæстæмæ дæу фæуæд.

Хызын разынд æнахуыр уæззау, æмæ æз хорзау нал фæдæн. Ныккастæн æм, æмæ дын дзы разынд цыргъ фæрæт, цыдæр зылын хырх, хæцъилы цыдæр лæхъир змæст сæнары тæфгæнаг, цалдæр зылын карды, иуæн дзы йæ кæрон уыд уасæджы къоппайы хуызæн. Фæлæ мæм æппæты диссагдæр фæкастысты цалдæр къуыбылойы гæны цъæрттæй – мах ехсытæ цæмæй быдтам, ахæмтæ, фæлæ хусæй. Цыдæртæ ма дзы уыд, фæлæ мæ ферох сты. Гыдто мыл схъæр ласта:

– Рæвдз сæ фæстæмæ хызыны бавæр, уæртæ дæ фыд æрбацæуы, æмæ ныл мæгуыры бон акæндзæн.

Æз хызын мидæмæ бахастон æмæ йæ кæфойы бын бакодтон. Рацыдтæн æмæ дурыл æрбадтæн. Мæ фыд куы ‘рбахæццæ æмæ йæ бæх бæласыл куы бабаста, уæд Гыдтомæ дзуры:

– Цы хорзыл æй ардауыс дæ хъаны?

Гыдто йын загъта:

– Уæртæ ме скъæт мæрзын, æмæ мын фаджыс хæссынмæ аххуыс кæн, зæгъгæ йын лæгъстæ кæнын, фæлæ мын нæ комы.

Уæд мæ фыд бидаркæйырдæм фездæхт ехс агурæг, фæлæ æз тигъмæ алыгъдтæн. Гыдто рацыд тигъмæ æмæ мæ сæхимæ акодта. Цардис махæй иу хæдзар уæлдæр. Æцæгæйдæр, се скъæты дуармæ уыдис дыууæ бедрайы фаджысимæ…

Уый фæстæ уыдис, æвæццæгæн, 1 Май, æмæ нæ скъолайы мæт нæ уыди. Лæппутæ къуыбыртыл хъазыдысты стыр дуры сæрæй гæпп кæнынтæй. Уыдонæй мæм иу хъæр кæны, цæмæ, дам, ма ссыдтæ, дæлæ, дам, дæм де ‘рдхорд æрцæуы, зæгъгæ. Мæстæй-иу мæ мардтой, Гыдтойы хъан-æххуырст, зæгъгæ. Иумæ-иу куы куыстам, уæд та мæм-иу хæлæг кодтой. Цыдæр диссæгтæ, дам, ын дзуры.

Æцæгæйдæр, сæ цæхæрадæтты кæрæтты æрцæйцыд. Æз йæ размæ рауадтæн, æмæ йæ куы бафарстон, кæдæм цæуыс, зæгъгæ, уæд мын загъта:

– Абон æмæ райсом мæй амоны пырсип кæнæн бонтæ, æмæ дзы фæпайда кæнæм.

Хызын мын рахæссын кодта, æмæ лæппутæ хызын куы федтой, уæд нæ фарсмæ æрæмбырд сты. Фæлæ сын Гыдто загъта:

– Æз Æхсарбеджы кæнын пырсип кæнынмæ. Уый уын æй фæстæдæр бацамондзæн, ныр ацæут æмæ хъазут.

Мах ацыдыстæм цæхæрадæтты кæрæтты уæлæмæ æмæ бахызтыстæм Петкæйы дыргъдонмæ. Мæн схизын кодта æмæ мын æртасын кодта чылауи бæласы къалиу. Уый йыл ныххæцыд æмæ мæм дзуры:

– Æрхиз æмæ мæм къуыбылой ратт.

Æз æм æй куы радтон, уæд дзы уый иу тагыл дæндагæй ныххæцыд, къуыбылой та зæхмæ æрæппæрста. Гæны кæрон бабаста къалиуыл æмæ мæм дзуры:

– Куыбылой сис æмæ гæны кæрон бабæтт дæлæ уыцы къодахыл.

Æз афтæ бакодтон, æмæ уæд уый къалиу суæгъд кодта. Къалиу ма иучысыл уæлæмæ ссыд, фæлæ йæм Гыдто хорз æххæссыд. Бацагуырдта зылын хырх æмæ дзы къалиу алыг кодта. Бацагуырдта хæцъилы тыхт æмæ дзы йæ къухы æнгуылдзтыл систа змæст къалиуы лыг бынат сæрдынмæ. Бацагуырдта æнахуыр кард æмæ бацыд æндæр бæласмæ.
Уымæй дæр ралыг кодта къалиу æмæ йæ ‘рбахаста иннæ бæласы размæ. Райста уыцы æнахуыр кард æмæ дзы къалиу йæ астæуыл дих кæнын райдыдта. Дих куы фæци, уæд ын, уасæджы къоппайы хуызæн цы кард уыд, уый фазы мидæг фæцавта æмæ йæ змæлгæ-змæлын рахæлиу кодта. Иннæ кардæй цы къалиу алыг кодта æмæ æрбахаста, уый кæрон дыууæрдыгæй ацыргъ кодта æмæ, кард цы къалиуы уыд, уырдæм æй бахаста.

– Мæнмæ хъус ныр лæмбынæг: мæнæ æз ацы къалиу тъыссын иннæ къалиуы зыхъхъыры, фæлæ мæ кард нæ уадзы. Бамбæрстай, цæмæн мæ хъæуыс, уый? Æз тъысдзынæн ацы къалиу, ды та кард фелвасдзынæ зыхъхъырæй.

Афтæ бакодтон, æмæ йæ уæд нытътъыста иудзæвгар, стæй ма фæцархайдта цыдæртæ æмæ йæ байсæрста, хæцъилы цы змæст уыд, уымæй. Гæны къуыбылой мын райхалын кодта. Иу хал дзы фæхицæн кодтон, æмæ мæм дзуры:

– Иу кæрон дзы мæнмæ ратт.

Радтон æм синаджы кæрон, æмæ йыл уый ныххæцыд дæндагæй, кæм баиу кодта къалиутæ, уымæй гыццыл бындæр. Мæнмæ та сдзырдта:

– Ныр ды гæны зил къалиуы алыварс, æцæг æй æлхъивгæ кæн, стæй йын йæ кæрон балхынцъ кæн.

Сау чылауийы къалиуыл баиу кодтам урс чылауийы къалиу. Уый фæстæ мæм дзуры:

– Ауай, æмæ уæртæ хæдзары сынтæджы бын дурыны къуымæл, æмæ дзы рахæсс.

Бацыдтæн хæдзармæ æмæ сынтæджы бын дынджыр дурынæй къуымæл рауагътон æмæ йæ рахастон. Æз ын къусмæ уадзын, уый мæм дзуры:

– Æгъгъæд у, уыйас бануаздзынæ – уый дæхицæн уагътай.

Æз нæ куымдтон, æмæ мын Гыдто уæд афтæ бакодта, дон кæстæрæй нуазгæ у, зæгъгæ. Бануæзтон.

– Амæй фæстæмæ мæм афтæ куы хъусай, уæд цардæй истытæ базондзынæ. Мæ цонгæй мæ фæрсыс, æмæ дын æй кæд ацы уалдзæг нæ фæуин дзырд..

Йæ ныхас райдыдта афтæ:

– Мæнæ Фыццаг Дунеон хæстæй фæстæмæ нæхимæ чи ссыд, уыдоны зондахаст сси бынтон æндæрхуызон. Æппæлыдысты фæсарæнты цæрджыты цардæй. Загътой-иу: «Иугыццыл ахæм цардæй ацæр!»

Уыдæттæм хъусгæйæ, æз дæр бахæлæг кодтон ахæм цардмæ. Цæмæн мæ хъæуы ахæм цард, дæ кæстæр дыл хъæр кæм кæна. (Ома, мæ фыд йæ кæстæр уыд, æмæ уый тыххæй афтæ дзырдта). Иу фæссихор Дабегимæ ацыдыстæм доны фалæмæ, Гæбисы куыройы бакомкоммæ цигантæн цы цатыртæ лæууыд, уырдæм. Иу цатыры цурæй нæм æнæдаст лæг цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæ мах не ‘мбæрстам. Йæ къухы уыд цыдæр лæдзæггонд, фæздæг чи калдта, ахæм. Йæ иу кæронæй та йæ фæздæг, цатырмæ цыма амыдта, уыйау апырх кодта æмæ та нæм дзуры: «Фенын уæ фæнды, цæфхæдтæ бæхтæн куыд кæнæм, уый?».

Дабег ын загъта: «Нет». Уый ныл фæхæцыд æмæ нæ цатыры фæмидæг кодта. Цалдæр лæгæй архайдтой арты алыварс. Æнæдаст лæг иуы къухæй райста стыр дзæбуг æмæ йæ мæнмæ радта. Къаддæр дзæбуг кæмæ уыд, уый æркъупп кодта сырхзынг æфсæйнаг. Æнæдаст лæг мын мæ фарс æрбасхуыста æмæ мын æфсæйнагмæ амоны, цæв æй, зæгъгæ. Æз дæр æй уыцы иу цæф ныккодтон, æмæ йæ иу æрдæг кæдæмдæр къуыммæ батахт. Цалынмæ йæ агуырдтой, уæдмæ къуымы кæттаг ссыгъд. Бæстæ хъæрæй байдзаг. Æнæдаст лæг нæ æддæмæ ракодта æмæ загъта:
– Фыдбылыз сарæзтат, æмæ уæ райсом ам бакусын хъæудзæн.

Дыккаг бон мын Дабег нал бакуымдта, ды басыгътай кæттаг æмæ ды ацу, зæгъгæ. Ацыдтæн иунæгæй. Æнæдаст лæг уым нæ уыд. Куы бафарстон, кæм ис, зæгъгæ, уæд мын бамбарын кодтой, нæ барон, дам, хъæуыхицау у. Ды дæр, дам, æм барон, зæгъгæ, дзур. Раззаг бон, дынджыр дзæбуг кæмæ уыд, уый мæ цатырмæ бакодта æмæ дзæккор дзæбугæй куыд кусын-цæвын хъæуы, уыдæттæ мын амыдта: «Ды гыццыл дзæбуджы иу къуырццæн кæндзынæ зына-нæзына цæф, уымæн æмæ æфсæйнаг вæййы фæлмæн. Дыууæ къуырццы куы æркæна, уæд æй ды æркъуыр хъавгæйæ, æртæ къуырццы фæстæ – тыхджындæр цæв, уæд нал атæхдзæн æмæ ницыуал басудздзынæ», – æмæ ныххудт.

Уалынмæ барон дæр фæзынд. Куы йæ бафарстон, кæм уыдтæ, зæгъгæ, уæд мын ахæм дзуапп радта:

– Мах стæм уæгъд адæм æмæ цæрæм, куыд нæ фæнды, афтæ, мæнæ Европæйы куыд у, афтæ.

Мæхинымæр ахъуыды кодтон, мæнæ мæм Европæ йæхæдæг æрбацыд, зæгъгæ. Барон мын загъта:

– Кæттаг не ссардтон, æмæ дæ лæвар кусын хъæуы цыппар боны. Де ‘мбалы бæсты дæр.

Æртæ боны куы бакуыстон, уæд мын барон загъта:

– Ахсæв цæугæ кæнæм, æмæ дæ бон кусын хъæуы. Уый та амоны афтæ: махимæ ацæудзынæ æмæ, кæм æрлæууæм, уым бон бакусдзынæ, стæй уæд сæрибар дæ.

Хорз, зæгъгæ, загътон, нæ ахъуыды кæнгæйæ. Рараст дæн нæхимæ, æмæ Гæбисы куыройы раз мæ размæ фæцис иу цигайнаг. Уый йæ иу къухæй хæрдмæ ацамыдта, иннæ къухæй та Елхотырдæм. Ома, дам, мæй куы скæса, уæд араст уыдзыстæм уыцырдæм. Барон уый размæ се ‘ппæтæн дæр фехъусын кодта, æз семæ кæй цæуын, уый.

Æрбаздæхтæн нæхимæ æмæ нæ дыууæ кæрты дæр уæлдай дзаумæттæ бафснайдтон. Уæдмæ мæй дæр скаст. Куы бацыдтæн табормæ, уæд чъибиткæтæ лæууыдысты иу даргъ рæнхъæй. Барон бадзырдта иу лæппумæ æмæ йын цыдæртæ фæдзырдта.

Лæппу мæ акодта æмæ мæ сбадын кодта дыккаг чъибиткæйы разæй, бæхтæрæджы фарсмæ. Æхсæв-бонмæ фæцыдыстæм. Базыдтон далæ Кæсæджы хъæутæй иу, стæй ма базыдтон, Стъараполы бынмæ куыд æхсæвиуат кодтам, уый дæр. Цас фæцыдыстæм дыккаг бон, нæ зонын, фæлæ бахæццæ стæм, уырыссагау кæм нæ дзырдтой, ахæм ранмæ. Æрбынат кодтам иу змисджын ран. Фыццаг бон нæ куыстам. Сылгоймæгтæ сæ сывæллæттимæ цыдæр æрбаисты æмæ изæры рухсæй фæзындысты. Семæ æрбахастой картæфтæ, хъæдындзтæ, суанг ма кæрчытæ дæр. Сывæллæтты акодтой кæрчытæ ахсыныл ахуыр кæнынмæ. Уыцы изæр кæрчытæн сæ сæртæ фæрæтæй акъуырдтой.
Фыццаг бон бакуыстон мæ бегарайы хæс. Бароны бафарстон, ныр кæцырдæм ацæуон, зæгъгæ. Уый ныххудт:

– Дæуæй уæгъдибар адæймаг нæй: нæй дын хæдзар, нæй дын бинонтæ, нæй дын куыст, нæй дæм æхца. Цы ма дæ хъæуы, ацу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм. Фæлæ дæм цы дзæбуг радтон, уымæй хуыздæр никуы ницæуыл фæхæст уыдзынæ…

Афтæмæй семæ баззадтæн. Уыцы бæстæ хуыдтой хахолтæ– Украинæ. Уым фестæм 3-4 мæйы. Араст стæм дардæр æмæ бахæццæ стæм иу ранмæ, цигантæ цин кодтой, уымæн æмæ се ‘взаг уыдис иухуызон. Иу къуыри дзы куы ацардыстæм, уæд нын иу райсом барон загъта:

– Абон нæ кусæм. Кæнæм бæрæгбон, æмæ нæм уыдзæн уазджытæ.

Бон-изæрмæ иууылдæр сæ ног дзаумæтты кафыдысты æмæ зарыдысты. Мæнæн иу чызг æрбахаста дзаумæттæ: цъындайæ шляпæйы онг. Фæстæдæр æндæр чызгимæ æрбацыд, æмæ мын мæ дзаумæттæ скæнын кодтой, стæй мæ кафын ахуыр кодтой, изæры дæ кафын хъæудзæн, зæгъгæ. Уыцы бонæй даргъдæр бон мыл никуы скодта. Бафæлладтæн æмæ цатырмæ ацыдтæн, фæлæ мæм уайтагъд фæзындысты, барон дæм дзуры, зæгъгæ. Ацыдтæн, æмæ барон цавæрдæр арæзт адæймагимæ лæууы чъибиткæйы раз. Баввахс æм дæн, æмæ мæм диссаджы быд æмæ арæзт ехс радта. Æз лæууын, ехс мæ къухы, афтæмæй сæ разы, æмæ мæм æнæзонгæтæй, сæ хицау, æвæццæгæн, дзуры:

– Эй, цыган?

Æз æм нæ фæкастæн, æмæ мын уæд уый бамбарын кодта, уыцы ехс абонæй фæстæмæ мæн кæй у æмæ дзы ныр мæхи цæвын кæй хъæуы, уымæн æмæ мæм куы дзырдта, уæд æм нæ акастæн. Стæй ма бафтыдта:

– Æз дын у мæ фыццаг лæвар, дыккаг лæвар та мæнæ ацы чъибиткæ, фæлæ дын бар ис, æмæ сæ ма райсай. Æртыккаг лæвар та дын æнæисгæ нæй, æмæ дæ уæд æртæ лæвары иумæ бахъæудзысты. Цæуылнæ мæ фæрсыс æртыккаг лæварæй?

Æз ницы дзырдтон, фæлæ йæхæдæг загъта:

– Æртыккаг лæвар абон райсомæй нырмæ демæ ис.

Æз ын загътон:

– Мемæ ницы ис.

Уæд мын уый афтæ:

– Уæдæ дын уыцы дзаумæттæ кæм уыдысты, стæй дыл сæ чи скодта?

Йæ къухтæ хæрдмæ систа, æмæ чызг йæ разы фегуырд. Чызджы мæм æрбакодта æмæ йæ мæ разы æрлæууын кодта, стæй та йæ къухтæ хæрдмæ фæхъил сты, æмæ хъазт-чындзæхсæв райдыдта . Уый уыдис бароны чызг.

Æз банхъæлдтон, æмæ мын æй лæвар кæнынц куыд бинойнаг.

Тынг фæрæдыдтæн уымæй, æмæ чызгмæ бавнæлдтон. Уыцы лæг мыл фæтъæлланг ласта, фæстаг хатт ма йыл андзæвыдтæ, зæгъгæ.Уый фæстæ мын загъта:

– Абонæй фæстæмæ у дæ бæрныгонд, æмæ йыл искæй къух куы андзæва, уæд дæтдзынæ дзуапп, цы ехс дæм ис, уымæй. Æрмæстдæр бароны бон у чызгмæ бавналын.

Кæд тынг нæ бацин кодтон ме ‘ртæ лæварыл, уæддæр мæ цард аивта хуыздæрырдæм. Алцæмæй дæр нæ чъибиткæ уыд дзаг: хæринагæй, дзаумайæ, суанг ма дыууæ авджын дурыны диссæгтæй: сызгъæринтæ æмæ æндæр цыдæртæ, адæм кæй æрæмбырд кодтой, уыдонæй. Бароны бинонтæ сæ рахæсс-бахæсс фæкодтой, стæй сæ чъибиткæйы бафснайдтой. Мæ ног цард райдыдта чъибиткæйы. Мæ хуыссæн – уæле, бароны чызг та – бынæй. Уыцы бæстæйы фæцардыстæм фондз мæйы бæрц. Æмæ араст стæм хурыскæсæнмæ. Цас фæцыдыстæм, нæ зонын, фæлæ нæ, арæнтыл хизгæйæ, кодтой æрмæстдæр нымайгæ. Барон-иу цал загъта, уал-иу ауагътой. Мæ цардæй хъаст нæ кодтон, фæлæ мæ цигантæ мæстæй мардтой, ахæм уæззау кусæг лæг æнæ усæй цæры, зæгъгæ. Иу хатт æхсæвы куыддæрæй райхъал кодтон чызджы, æмæ мæ бароныл сардыдта. Райсомæй барон æрæмбырд кодта таборы адæмы æмæ сын бамбарын кодта: ацы лæг нын не ‘гъдау халы, æмæ йын стæрхон кæнæм. Иу зæронд ус размæ рацыд æмæ загъта:

– Ды йын æй нæ балæвар кодтай æмæ фæдзур лæвар кæнæгмæ.

Ууыл ахицæн æмбырд. Фæрсын райдыдтон, хорз кæй зонын, уыцы цигайнæгты, æмæ мын уыдон загътой, уыцы лæг куы ‘рбацæуа, уæд дæ амардзысты, зæгъгæ. Æз сæ бафарстон, уæдæ, зæгъын, куыд кæнон. Фылдæр мын дзырдтой:

– Алидз.

Æмæ ралыгъдтæн. Цас фæцыдаин, уый дæу цæмæн хъæуы, фæлæ далæ горæт Ростов кæй хонынц, уырдæм æрбахæццæ дæн. Базармæ бацыдтæн, исты хæринаг самал кæнон, зæгъгæ. Уым уыдис бирæ цигайнæгтæ æмæ дзы иу – хъæздыг арæзт дзаумайæ – мæ фæстæ рацу-бацу кодта. Æз уый нæ бамбæрстон, фæлæ хæринæгтæм кæй кæсын, уый куы базыдта, уæд мæм æрбацыдис æмæ мыл цинтæ кæнын райдыдта. Стæй мæ йемæ ахуыдта базары къуыммæ. Уым бадтысты цигантæ æмæ хордтой. Æрбадын мæ кодта уым æмæ мын мæ разы хæринæгтæй айдзаг кодтой. Хæрын нæма райдыдтон, афтæмæй мæ алыварс алæууыдысты иу авд-астæй. Цалынмæ хæрдмæ стадтæн, уæдмæ мæ бæндибæстытæ скодтой, æвæццæгæн, мæхæдæг цы рæхыстæ арæзтон, уыдонæй. Мæ хæринæгтæ мын батыхтой æмæ мæ сæвæрдтой, тарантац цы бричкæ хуыйны, уым. Уым мын мæ къухтæ суæгъд кодтой æмæ мын мæ хæринæгтæ мæ разы æрæвæрдтой. Иу мын дзы загъта:

– Хæргæ кæн, дард фæндагыл дæ бахъæудзæн цæуын.

Дыууæ-æртæ боны фæстæ бахæццæ стæм иу табормæ. Мæн рахизын кодтой тарантацæй æмæ мæ сбадын кодтой æндæры. Æмæ та фæцыдыстæм иу уыйас, раст кæуылты лыгъдтæн, ууылты. Цал тарантацы аивтон, мæгъа, фæлæ иу æхсæв бахæццæ стæм, кæцæй ралыгъдтæн, уыцы табормæ. Барон лæппутæн раарфæ кодта, мæнмæ ницы сдзырдта. Фæлæ мæ бакодтой, раздæр цы чъибиткæйы цардтæн, уым, фæлæ чъибиткæ уыд афтид. Райсомæй æрбацыд, мæлæтæй тас мын кæмæй уыд, уыцы лæг, æмæ барон æрæмбырд кодта табор. Мæнмæ бадзырдта æмæ мын загъта:
– Ды дæ маринаг, фæлæ мах ныр хъæугæ кæныс, кусыс дыууæ-æртæйы бæсты, æмæ дын хатыр кæнæм. Ныр цæрдзынæ бароны чызгимæ нæ, фæлæ æндæр сылгоймагимæ.

Хъæрæй загъта:

– Цæрут иумæ, æцæг уæ фæстæ сывæллон куыд нæ уа, афтæ.

Мæнæн дæр, стæй сылгоймагæн дæр загъта:

– Куыд загътон, афтæ кæнут.

Уыцы ран дзæвгар рæстæг фæцардыстæм. Куыстон бирæ æмæ мæ æппæлыдысты, цин кодтон, фæлæ мæ рæбыны ницы уыд. Мæн та хъуыд æхца, цæмæй нæхимæ афтид армæй ма ацæуон. Уыцы рæстæджы барон æмбырд кодта лæппуты. Тыхджындæр чи уыд, уыдоны, иннæ табортæй дæр. Ме ‘рдхорд цигайнаг мын сусæгæй загъта, æхца кусынмæ сæ кæй æрвиты. Æз баронмæ бацыдтæн æмæ мæхи ныффыссын кодтон. Уый уæд ахахх кодта æртæйы. Уыдыстæм дæсæй фылдæр, æмæ нæ сбадын кодта иу сæвджын чъибиткæйы. Хицау нын нæхицæй равзæрста, цалдæр æвзаджы хорз чи зыдта, ахæм. Барон йемæ бирæ фæныхæстæ кодта, стæй араст стæм. Иу ран стыр доны был фæлæууыдыстæм цалдæр боны. Стæй былмæ æрбацыд дынджыр, уæртæ мæзджыты бæрзæндæн нау, йæ фæздæг калгæ. Мах, æнæхъæн чъибиткæйы бадгæйæ, æд бæхтæ йæ хуылфмæ бахаудтам. Фæцыдыстæм къорд бонтæ, æмæ та нæ доны былмæ раргъæвтой. Нæ хицаугондмæ цыдæр шляпæджынтæ кæдæмдæр цæуыны тыххæй æрбацыдысты. Уый фæстæ дзы иу сбадт немæ разæй, æмæ цалдæр боны фæцыдыстæм хъæдты, цъымыраты, стæй иу гыццыл доны былгæрон æрбынат кодтам. Дыккаг бон нын иннæ шляпæджынтæ æрбаластой æнахуыр сасиртæ, мæнæ махмæйы кæфойы хуызæттæ. Æмæ ма – фæрæттæ æмæ дзæкъултæ, хæринаг. Иу дзы баззадис немæ. Уыцы лæг нын загъта:

– Мæгуыртæ-гæвзыктæ, фæлæ иу-цалдæр къуыримæ иууылдæр хъæздгуытæй агæпп ласдзыстут.

Куывд скæнын кодта, нæ фаг фæкафыдыстæм, фæзарыдыстæм. Райсомæй нæ акодта доны былмæ. Уым нын байуæрста, цыдæриддæр æрбаластам, уыцы дзаумæттæ, стæй нæ акодта, доны былгæрæттæ-былгæрæттæ цæугæйæ, уæлæмæ. Иучысыл куы ауадыстæм, уæд бел райста æмæ донмæ ныххызт. Иуцъус дзы куы ацархайдта, уæд махмæ дзуры:

– Федтат, уæ куыст цы уыдзæн, уый?

Дарддæр райста, белæй къаддæр чи уыд, ахæм къуырфдæр дзаума æмæ дзы донæй систа змисы змæст. Стæй йæ фæстæмæ ныккалдта. Афтæ бакодта къорд хатты. Фæстагмæ систа змæст æмæ йæ кæфойгонды ныккодта, доны йæ æрдæгмæ аныгъуылын кодта æмæ йæ ратил-батил кæнын райдыдта, йæ къухæй дæр-иу æй иуæй-иу хатт азмæста. Уæлæмæ нæм схызт æмæ нын, кæфойы цы змис баззадис, уый фенын кодта. Дарддæр нын бамбарын кодта, кæй кæм æрлæууын кæна, уым иу санчъех дæр иуварс ма ацæуæд, кæннод, дам, ам баззайдзыстут. Алкæй дæр нæ æрлæууын кодта хицæнæй.

– Кусын райдайут, æцæг кæрæдзимæ хъæр ма кæнут. Исчи уæм куы æрбацæуа, уæд йемæ ныхасы ма бацæут. Алчидæр уæ змис æмбырд кæнæд хицæнæй. Уымæн æмæ уæ мызд уыдзæн уымæй аразгæ.

Афтæ райдыдта нæ америкаг цард. Цалдæр мæйы фæстæ нын бамбарын кодтой, нæ куыст сæ зæрдæмæ нæ цæуы, зæгъгæ, æмæ, дам, уæ мызд уыдзæн æмбис къаддæр. Нæ хицау нын загъта, мæ бон уын ницы у, æмæ, дам, сбунт кæнæм. Сбунт кодтам: цалдæр боны нæ куыстам. Æмæ нæм уæд æрбацыд шляпæджынтæй иу æмæ нын загъта:

– Баныхас кодтам хицауадимæ, æмæ уын уæ бакуысты мыздмæ дæтты æхца æрмæст фæндаггаг ардыгæй уæхимæ.

Уыйадыл гæвзыккæй æрхæццæ стæм нæ табормæ. Нæ бакаст хорз уыд, æмæ иууылдæр æнхъæл уыдысты, дуне мулк сластам, зæгъгæ. Ме ‘мбал сылгоймаг дæр цин кодта, фæлæ мæ бафæрсын нæ уæндыд, цы лæвæрттæ йын сластон, уымæй. Иу бон мæм цигайнаг зæронд ус æрбацыд æмæ, дам, æри, дæ усæн цытæ æрбаластай, уыдон – æз æм сæ ратдзынæн, зæгъгæ, стæй, дам, мæхи лæвæрттæ дæр æри.

– Цавæр лæвæрттæ уæ хъæуы, куы ницы бакуыстам, уæд?!

Уый фæстæ мын сапон дæр нал лæвæрдтой мæхи æхсынмæ. Æз дæр ралыгъдтæн. Цыдтæн иу доны былтыл æмæ æнхъæл уыдтæн, æнæкæрон у, фæлæ ‘рбахæццæ дæн, кæм ныффæтæнтæ ис, уырдæм. Уый та разындис Сау денджыз. Сахары-иу хаттæн айхъуыстон уырыссаг ныхæстæ. Иу бон хæрæндонмæ бацыдтæн æмæ, мæ хæлафы даргъ фадыгæй æхца куыд истон, афтæ мæм дыууæ æнæдаст лæджы æрбацыдысты æмæ мæ фæрсынц:

– Ды цигайнаг дæ?

Æз сын загътон, кавказаг дæн, зæгъгæ. Мах дæр, дам, Кавказæй стæм, Батумæй. Фæбадтыстæм хæрæндоны æмæ мын сæ хъизæмæртты тыххæй бирæ фæдзырдтой, стæй мын загътой:

– Мах кусæм иу хъæздыг румынагмæ, цæмæй нын æхца бафида нæхимæ ацæуыны фаг. Кæд дæ фæнды, уæд махимæ рацу. Æртæ боны йеддæмæ нæ нал хъæуы кусын.

Хъæздыгæн арæзтой æнахуыр къултæ йæ уæрмæн, цæмæй йæ фæрстæй дон ма хъара мидæмæ. Ацыдтæн семæ. Змæнтын хъуыд ставд змис фæнычы хуызæн рыгимæ, æмæ уымæй кодтой къул. Се ‘ртæ боны куыст сын æз иу бонмæ сызмæстон. Уæд нæ румынаг æндæр лæгмæ акодта. Уымæ дæр уыд ахæм кусинаг. Цыппар бонмæ йæ фестæм. Цы ‘хца нæм æрæмбырд, уымæй нæхи адастам, балхæдтам ног дзаумæттæ суанг шляпæйы онг. Фæстагмæ цы лæгмæ куыстам, уый нын, футт-футт чи кодта, ахæм наумæ, теплоход æй хуыдтой, балхæдта билеттæ суанг Батуммæ.

Уым нæ æртæйы дæр пъæлицæйæгтæ акодтой сæ кусæн бынатмæ. Уым ме ‘мбæлттæм сæ къамтæ æвдисынц æмæ сæ аластой кæдæмдæр. Мæн баппæрстой иу агъуысты. Разынд дзы алыхуызон адæм, цигайнæгтæ дæр. Цалдæр боны фæстæ цигайнæгты сæ барон акодта. Уыдоны ацыды фæстæ æртæ боны рауад, æмæ мæм пъæлицæйаг иу лæджы æрбакодта æмæ йæ фæрсы сæхи æвзагыл. Уый йæ сæр разыйы тылд кæны, æмæ йæ пъæлицæйаг ауагъта. Сахаты фæстæ фæзындысты иу-цыппар-фондз æнæдаст лæджы, семæ уыд, уырдыгæй цигайнæгты чи акодта, уыцы барон дæр. Уый сын загъта, æз Батуммæ Румынæй кæй æрбацыдтæн. Уыцы лæгтæ бацин кодтой æмæ мæ уырдыгæй федде кодтой. Иу хъæумæ мæ аластой, табор кæм лæууыд, ахæм быдырмæ. Дыккаг бон мæ сæвæрдтой чъибиткæйы æмæ мæ æндæр таборы балæууын кодтой. Иу ныхасæй, мæнæ мæ фыццаг хатт куыд бахæццæ кодтой, афтæ та ныр дæр мæ зонгæ таборы балæууыдтæн. Бацин мыл кодтой, афтæ дзæбæх арæзтæй мæ куы федтой, уæд. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста.

Фæзындис мæ хæрзгæнæг, лæвæрттæ мын чи кодта, уый. Æмæ мын адæмы раз загъта:

– Ды уыдтæ цыппар-фондз лæджы аргъ куысты мидæг, фæлæ хорздзинад кæй не ‘взарыс, уый тыххæй амæй фæстæмæ уыдзынæ æрдæг лæг, уый дæр фондз бонмæ.

Бадзырдта баронмæ æмæ йын бирæ цыдæртæ фæдзырдта. Барон ацыд, æмæ мын цы чъибиткæ балæвар кодта, уый баластой, цы чъибиткæйы цардтæн, уырдæм.

Уыцы лæг мын загъта:

– Дæ лæвар чъибиткæйы ма цæрдзынæ фондз боны.

Стæй фæдзырдта, мемæ иу цатыры чи куыста, уыдонмæ æмæ сын загъта:

– Суд ахицæн, æмæ æххæст кæнут нæ тæрхон.

Чъибиткæ уыд цæттæ, æмæ мæ ме ‘мбæлттæ систой хæрдмæ æнцонæй. Иннæ чъибиткæйæ сæм дзæбугтæ æмæ сырх-сырхид æфсæйнæгтæ слæвæрдтой æмæ мæ мæ дыууæ цонг æмæ мæ дыууæ къахæй уым байтыгътой. Куыд дын æй бамбарын кæнон, мæ уавæр цавæр уыдис, уый. Фондз боны афтæ ауыгъдæй фæдæн. Зылдис мæм, мæ ус кæй хуыдтон, уый. Фондз боны фæстæ мæ райстой уыцы ранæй, æмæ дын уый дзуапп дæ фарстæн: «Дæ цонг цæуылнæ кусы?».

Сырхзынг æфсæйнаг кæм бахъыгдæрдта, ахæм ран мæ уыцы лæг ныххойын кодта, ома, дам, дзы æрдæг лæг рауайа. Уый фæстæ та мæ уыцы лæг радта æндæр табормæ, амæн, дам, йæ цонг бахус кодтам, æмæ, дам, æй аласут уемæ Турчы бæстæм, пысылмон кæй у, уый тыххæй. Турчы мын бынæттон таборы барон загъта:

– Кусыны лæг нæ дæ æмæ ацу дæ дард хæдзармæ, мах уырдæм тагъд нæ бахæццæ уыдзыстæм. Æз рараст дæн хъæмæ, афæдзы бæрц фæцыдтæн, фæлæ уый у ацы радзырдæй диссагдæр, æмæ абон дзырд нæ фæуыдзынæн. Æндæр хатмæ банхъæлмæ кæс.

Мæнæй ма рох дæр фæцис, фæлæ мæм, уалдзæджы бæлæстæ дидинæг калын куы райдыдтой, уæд фæдзырдта æмæ мæ раздæр ахуыдта Петкæйы цæхæрадонмæ. Уым мæ схизын кодта, рагуалдзæджы чылауийыл къалиу кæуыл баныхæстам, уымæ. Къалиуыл мæ бахизын кодта æмæ йæ бастыл фæхæцыд, мæн та бынмæ æрхизын кодта. Æз æргæпп ластон. Уый уæдмæ йæ дæндæгтæй фæхицæн кодта хæцъилæн йæ кæрон æмæ мæм дзуры:

– Райхал хæцъил кæрæй-кæронмæ.

Æз хæцъил куы райхæлдтон, уæд басты бын разындис тымбыл, уый уыдис дыууæ къалиуы кæм баиу кодтам, уыцы бынат. Стæй мæ Гыдто фæстæмæ схизын кодта, æмæ йæм къалиутæ мæ уæзæй тасын кодтон. Уый сын сæ дидинджытæ тыдта, кæмæй æмбис, кæмæй æппындæр нæ. Уæд, дам, чылауитæ уыдзысты стырдæр æмæ адджындæр.

Афтæ фæархайдтам æппæт бæлæстимæ дæр, пырсип кæуыл скодтам, уыдонимæ. Уыцы бонты мын цытæ фæдзырдта, уыдон иууылдæр нæй ныффыссæн, фæлæ дзы уæддæр фыссын цыдæртæ.

Гыдто мын райдыдта йæ дарддæры хæтæнты тыххæй ахæм цауæй:

– Турчы циганты таборы кой дын кодтон, æмæ мæ иу бон, цæугæйæ, иу ракъахта, æмæ сын схъæр кодтон, ирон кæй дæн, уый. Уыйадыл мæ тæрынвæнд скодта æмæ мын загъта:

– Ацу дæ хæдзармæ.

Æз ма таборы фæстиæттæ кодтон, фæлæ мын уый загъта:

– Кæд дæ фæнды, уæ дæ æз аласдзынæн иу ранмæ, ирæттæ кæм ис, уырдæм.

Æз сразы дæн, æмæ мæ уый фæласта суткæйы бæрц иу хъæумæ. Уыдис дзы тъæпæнсæр хæдзæрттæ. Сæ уæлæ хæмпæл зад. Цалдæр хæдзармæ мæ баласта, фæлæ дзы иуы дæр ничи разындис. Стæй мæ быдырмæ аласта, уым уыдис сæнæфсиртæ сагъд. Ссардта иу зонгæ лæджы æмæ йемæ бирæ фæныхас кодта, федтон æхца дæтгæ, йæ роны йын сæ атъыста. Барон мын загъта:

– Ам æнцад бад, – æмæ уыцы лæджы кæдæмдæр аласта.
Бадын къудзийы рæбын, æмæ мæм иу сылгоймаг хæстæг æрбацы дис, фæлæ мæм ницы дзуры, къухæй мын цыдæртæ амыдта. Бамбæрстон, кæдæмдæр мæ кæй кæны, уый, æмæ йæразæй араст дæн. Тигъмæ бахæццæ стæм. Кæцырдæм цæуон дарддæр, уый нæ зыдтон æмæ йæм цигайнагау сдзырдтон. Уый фæстæмæ лидзынмæ фæцис. Æз йæ фæстæ тæхын æмæ йæм хъæр кæнын иронау:

– Фæлæуу-ма, кæдæм лидзыс?

Уый æвиппайды фæлæууыд æмæ мæм æрбазгъордта, йæхи мыл æрбаппæрста, цинтæ кæнгæ, ирон дæ, ирон дæ, зæгъгæ, афтæмæй.

Æз нæма бамбæрстон хабар, афтæмæй уый зæххыл атылд æмæ йæхи хойын райдыдта. Тыххæйты йæ слæууын кодтон æмæ йын йæ къухтыл ныххæцыдтæн. Афтæмæй йæ мæ разæй фæкодтон, ды разæй цу, зæгъгæ. Бацыдыстæм иу кæртмæ, æмæ мæ аууоны æрбадын кодта.

Ам бад, макуыдæм ацу, зæгъгæ, мын бафæдзæхста, йæхæдæг цыдæр фæцис. Изæры, барон мæ цы лæгмæ баласта, уый æрбацыд, йемæ сылгоймаг бирæ сывæллæттимæ. Йæ фыццаг фарст уыдис:

– Ирон дæ? Кæцæй дæ, кæмæй дæ?

Дзуапп ын куы радтон, уæд мын афтæ:

– Кæд ирон дæ, уæд цигайнагау цæмæн дзурыс?

Æз дæр ын загътон:

– Æмæ сымах туркагау цæмæн дзурут?

Уый бахъуыр-хъуыр кодта æмæ загъта:

– Цæмæн мæ хъуыдысты ацы капеччытæ, мæхицæн сæрниз цæмæн скодтон, мæнæ мыл цигайнаджы сайд куыд æрцыд!

Уыцы изæр мæм не сдзырдта. Бахæрын мын кодта, хуыссæн мын бакодтой, сæ хæдзарæй уыд дæлбазыргонд, æмæ уым. Æхсæвы мæм сæ хæрæг æрбавнæлдта æмæ мын мæ хæлафы фадыг феууылдта. Райсомæй йæ фæрахаф-бахаф кодтон æмæ йæ афтæмæй скодтон. Бахæрын мын кодтой, æмæ ацыдтæн быдырмæ кусынмæ. Хæдзары хицау Ахмæт мæ бафарста, цы куыстмæ рæвдздæр дæ, зæгъгæ.

Æз ын загътон:

– Мин таборы мæнæй хуыздæр стыр дзæбугимæ ничи архайдта, æмæ мын мæ къух баронты бароны судмæ гæсгæ бахус кодтой, куыд æй уыныс, афтæ. Ныр та алы куыстмæ дæр мæ ныфс хæссын.

– Кæд афтæ у, уæд ма дæлæ уыцы сæнæфсиры къалиу бабæтт, дæргъмæ цы бæндæн цæуы, ууыл.

Æз систон дыууæ цыбыр бæндæны къоппæй æмæ сæ мæ роны атъыстон. Систон къалиу æмæ йæ мæ уæрагмæ бæндæнмæ балхъывтон, цыбыр бæндæн ыл æрбавæрдтон æмæ йын йæ иу кæрон, дæндагæй хæцгæйæ, иннæ кæрон къухæй æрæлхынцъ кодтон. Иннæ гыццыл бæндæн бабастон дæлдæр.

Ахмæт ныххудт æмæ мын, ме уæхск æрхойгæйæ, загъта:

– Мæн ахæм бинойнаг хъуыд.

Æз æй нæ бамбæрстон, фæлæ бон изæрмæ фæкуыстон. Изæрæй мæхи ныхсадтон. Ламазы фæстæ мæм Ахмæт бадзырдта. Бадт цыдæр æнахуыр стъолы раз, йæ разы дыууæ стыр тæбæгъы дзидзайы хæйттимæ. Ахмæт мæм дзуры:

– Кæд, ацы тæбæгъы цы ис, уыдон бахæрай, уæд дæ уадзын ам, кæд – нæ, уæд афардæг у, æз уыцы лæгæн ратдзынæн йе ‘хца фæстæмæ.

Æххормаг лæгæн къусы дзаг цы бахæрын хъуыд. Иу ныхасæй, ныууыгъта мæ, стæй мын загъта:

– Куыд хæрыс, афтæ куы кусай, уæд, чи зоны, æмæ дын цæуыны фаг æхца æрæмбырд кæндзынæн. Æцæг мæ ныр æхца ма агур.

Бацин кодтон, фæлæ кусынмæ куы ацыдыстæм, уæд иу лæг æрбацæйцыд нæ рæзты, стæй та – фæстæмæ. Бирæ фæлæууыд кæронæй, стæй Ахмæтмæ бадзырдта æмæ йын бирæ цыдæртæ фæдзырдта зæхмæ амонгæйæ. Ахмæт йæ къухтæ тылдта, фæлæ йæм ницы дзырдта.

Бон ахицæн. Изæры тигъмæ бадтæн, æмæ мæм Ахмæт фæдзырдта йæ агъуыстмæ. Æрбадын мæ кодта, æмæ мæ цард уыцы минутæй фæстæмæ афæлдæхт бынтондæр, суанг ма, æнæкъух кæй дæн, уый дæр ферох кодтон. Ахмæт мын, сабыргай дзургæйæ, бамбарын кодта, абоны лæг ын цытæ дзырдта, уыдон. Уый йын радзырдта:

– Ахмæт, дæ уазæг иу бон дæ чызджы фæндагыл адæмы раз йæ быны куы скодта, хорз æмæ ма йæ бынæй тыххæй алыгъд, уæд æй дысон дæ фарсмæ куыд æрбадын кодтай?

Ахмæт мын загъта:

– Ам бад, цалынмæ æз æрбацæуон, уæдмæ.

Æмбисæхсæв æрбацыд æмæ мын бамбарын кодта, цæмæй, дам, ма фæхудинаг уон, уый тыххæй хъуамæ мæ чызгимæ бацæрай.

Къуырийы фæстæ, дам, иумæ цæрын райдайдзыстут, æмæ цæрдзынæ, цалынмæ уын лæппу райгуыра, уæдмæ.

Æз схъуыр-хъуыр кодтон:

– Афтæ куы загътай, фæндаггаг мын ратдзынæ, уæд уый куыд у?

– Æмæ мах ам минтæй куы цæрæм, уæд дæуæн цы уыдзæн? Къуыри дын дæттын, æмæ кæд дæхи дасыс, уæд дæ бар ис. Райсом та дын дæ хæлаф аивдзыстæм.

Æз райдыдтон хъуыдытæ кæнын фæлидзыны тыххæй. Цалдæр æхсæвы-иу сыстадтæн, фæлæ та-иу кæрты сылгоймæгтæй исчи разынд. Чи-иу йæхи гæрстæ æхсæг скодта, чи та фыс æлвынæг. Иу æхсæв афтæ дæр бакодтон: сыстадтæн æмæ сабыргай рацыдтæн кæртмæ, рахизæны та сылгоймаг архайдта хæсгардимæ фысы уæлхъус. Æз ын йæ къухæй хæсгард райстон, фенон æй цыргъæй, зæгъгæ, æмæ дзы фысы сæрæй иу чъепп фæкодтон. Радтон хæсгард, хорз цыргъ у, зæгъгæ. Райсомæй уыцы фысы федтон æнæ ‘лвыдæй. Уæд мæ ныфс нал бахастон лидзынмæ. Къуырийы фæстæ Ахмæт æрæмбырд кодта сыхаг лæгты æмæ хорз фæбадтысты. Чи мæ бабын кодта, уыцы лæг дæр уыдис уым. Мæн та сын уырдыглæууæг скодта, абонæй фæстæмæ мæ сиахс у, зæгъгæ.

– Стæй дæ ныр кусын хъæудзæн дыууæйы бæсты, дæ ирæды аргъ бакусынæн. Мыздмæ ма æнхъæлмæ кæс, цалынмæ мын бындар фенын кæнай, уæдмæ.

Цæрынтæ байдыдтон, мæнæ мæм æппæты разæй цы сылгоймаджы рарвыста, нæхимæ йæ ракæн, зæгъгæ, уыимæ. Æцæг мæ уæгъд рæстæг зылдтæн хъæугæрæтты, кæрдæджытæ агургæ. Æрхъуыды кодтон мæ раздæры цард цигантимæ, зæронд цигайнаг усы ныхæстæ. Уый мын тынг зæрдиагæй амыдта алцытæ. Иу хатт мын загъта: дæ бынмæ цы чызг хуыссы (цатыры), уый дæ хуыссын нæ бауадздзæн, æмæ уын цæмæй цот ма уа, уый тыххæй пайда кæн кæрдæджытæй. Фенын мын кодта цалдæр кæрдæджы, æмæ, дам, уыдонæй пайда кæн, кæд дæ мæлын нæ фæнды, уæд. Ома нын баронты хицау афтæ загъта:

– Цот уын куы фæзына, уæд уæ мæлæт.

Хъæуы алыварс разынд ахæм кæрдæджытæ. Цардыстæм иннæты хуызæн, фæлæ афæдз нæма рацыд, афтæ Ахмæт мæсты кæнын райдыдта æмæ мын загъта:

– Къуырийы фæстæ дын усæн уыдзæн мæ кæстæр чызг.

Уыимæ дæр фæцардтæн цасдæр, æмæ дын цы кæнон дæргъвæтин ныхæстæ.

Ахмæтмæ-иу исты куы сдзырдтон, уæд мыл-иу йæхи сцагъта:

– Уæдæ ма цæй пысылмон дæ?!

Уый йæ цæмæй зыдта, ам мын цас цот ис, уыдæттæ. Афтæ мæ бадомдта, цæмæй йæ чызджытæй искæмæн бындар фæзына. Фæцардтæн цыппаримæ дæр, фæлæ никуы æмæ ницы. Йæ кæстæр чызгимæ фæцардтæн æртæ азы. Кæрдæджытæ сæ куыст кодтой. Дарддæр цы уыдзæн, уый не ‘мбæрстон. Сæнæфсир цæхæрадæттæ кæй уыдысты, уый иу райсом æрбацыд æмæ мæ йæ фарсмæ сæвæрдта уæрдоны, дæлæ дæ фыды бидаркæйы хуызæн, æмæ фæцыдыстæм дыууæ боны. Кæдæм бахæццæ стæм, уым уыдис сæнæфсиры быдыртæ. Уый фæныхас кодта цыдæр лæгимæ, стæй мæм бадзырдтæ ахæм ныхæстимæ:

– Ам дæ уадзын, æмæ мæ сæнæфсиртæм куыд зылдтæ, афтæ куы зилай, уæд æхцайы ленк кæндзынæ.

Уæд ын æз загътон:

– Дæ бон мын кæд баххуыс кæнын у, уæд мæ уыцы доны фале фæкæн.

Уый мын загъта:

– Ды уыцы доны фале куы фæуай, уæд Кавказы балæудзынæ. Мæнæн та Ахмæт афтæ нæ загъта.

Уыд зымæгмæ хæстæг, æмæ мæ кæй бар бакодта, уыцы лæг цин кодта, мæн, дам, ахæм лæг куы хъуыд рагæй дæр, къухæй дзæбæх чи арæхсы, зæгъгæ. Чи мæ баласта, уый мæ феппæлыд. Ай, дам, иу къухæй дæр фондз лæджы бæрц кусы, зæгъгæ. Цин кодта: йæ зæххытæ йын ссæдз бонмæ бацæттæ кодтон зымæгмæ, афтæмæй йæм йæ сыхаг æрбацыдис. Бирæ йын фæлæгъстæ кодта, мæ хуыммæ дæр æй рауадз, цы улупа дзы дарыс, уый дæр ын æз бафиддзынæн, зæгъгæ, фæлæ уый не сразы. Уæд мын мæ ног хицау загъта:

– Ахсæв дæм исчи куы æрбацæуа, уæд дуар макæмæн бакæн: уыдон вæййынц къæрныхтæ, æмæ дæм бирæ æхца ис, зæгъгæ, стъигъынмæ æрбацæудзысты.

Æцæгдæр, æхсæвы дыууæ хатты дуар æрбахостæуыд. Райсомæй мæм хицау æрбацыд æмæ мæ цыппарцалхоны гуыффæйы, дыууæ быны кæмæн уыд, уым дыууæ быны æхсæн бахуыссын кодтой. Уæле та сæвгæдтой сæнæфсиры чыргъæдтæ, æмæ араст стæм кæдæмдæр. Изæры цыдæр хидмæ бахæццæ стæм, æмæ нæ хидыл нал уагътой, æрæгмæ у, зæгъгæ. Мæ хицау семæ фæныхæстæ кодта, æмæ нæ ауагътой. Райсомæй уыдыстæм хидæн йæ иннæ фарс. Бацыдыстæм цыдæр базармæ, æмæ уым равдæлон кодтой чыргъæдтæ. Байгом кодтой дыккаг бын, æмæ æз дæр зæхмæ æрхызтæн. Мæ хицау уымы хицауæн загъта: мæнæ дæм æвæрын мæ чыргъæдтæ, уæй сæ кæндзæн мæнæ ацы лæг. Мæнæн та загъта:

– Хорз лæг дæ, фæлæ дæ ардыгæй уалдзæгмæ куыд дарон нæхимæ?! Мæнæ дын дæ фæллой, æмæ сæ ауæй кæн æхцайыл фæндаггагæн. Ницы хъаст дæ кæнын, фæлæ дæ хиды ацырдыгæй фæкодтон, цæмæй дын уæхимæ æнцондæр цæуæн уа.

Уыдон ацыдысты фæстæмæ. Базары хицау мæ фæрсы мæ гæххæттытæй, чи дæн, кæцæй дæн, уыдæттæй. Æмæ йын цы загътаин?

Уæй кæнын нæ зыдтон, æмæ мæм æрбакодта иу цыдæр мæллæг лæппуйы, æмæ уый цыдæртæ хъæр кæнын райдыдта. Уый фæстæ чыргъæдгай райдыдта уæй кæнын. Гыццыл-иу чи æлхæдта, уымæн дæр-иу чыргъæд балхæнын кодта. Æмбис уæй фестæм, æмæ мæ роны æхцатæ бæрæг дарын байдыдтой, афтæ æртæ пъагонджыны мæ фарсмæ алæууыдысты æмæ мæ семæ акодтой. Бирæ мæ фæрафæрс-бафæрс кодтой, зыбыты бæгънæг мæ скодтой, кæд ма йæм мидæгæй искуы æхца ис, зæгъгæ. Мæ дзаумæттæ куы скодтон, уæд мæм æрбакодтой иу пъагонджыны, уыдонæй, дæлдæр чи уыд, ахæм æмæ йын загътой:

– Акæн æй, кæцæй йæ ракодтай, уырдæм, æмæ уæй кæнæд йæ чыргъæдтæ.

Ракодта мæ уынгмæ, æмæ æнæнхъæлæджы мæ дзыхæй цæмæ схаудта, æнæрай фæут, цы мæ ракæн-бакæн кæнут, зæгъгæ.

Пъагонджын мæм æрбалæбурдта æмæ мæ ратил-батил кæны: исты ма зæгъ, исты ма зæгъ, зæгъгæ, мæ баййардта. Æз ын фæкодтон, цы дын зæгъон, зæгъгæ. Уый та мæм фæлæбурдта, æмæ цæуджытæ æрæмбырд сты, ома пъагонджынæн аххуыс кæнæм. Уый ныххудт æмæ сæм дзуры:

– Ирон у, мæ бæстаг.

Адæм фæхæлиу сты. Уый мæ фæрсы, кæцæй дæ ракодтой, уый мын бацамон, зæгъгæ, æмæ рæвдз цом.

Бæргæ рæвдз бахæццæ стæм, фæлæ афтид къуым баййæфтам: уæйгæнæг дæр, чыргъæдтæ дæр – нал. Ссардта базары хицауы, æмæ йын уый радзырдта: уæйгæнæг, дам, æхца мæнмæ лæвæрдта, æмæ йæ æз арвыстон, мæнæ ацы лæджы ацу æмæ балхæн, зæгъгæ. Ууыл та гæвзыккæй агæпп кодтон.

Æбадтыстæм уым æмæ бирæ фæныхæстæ кодтам. Уымæ диссаг каст, æз дзургæ-дзурын иуæй-иу ныхæстæ цигайнагау куы дзырдтон, уый. Куы базыдта, æнæ капекк дæн, уæд мæ хæрæндонмæ акодта. Стæй базармæ бацыдыстæм, æмæ хицауы фæрсы, чи мæ баласта базармæ, уымæй. Уый йын загъта:

– Иу ирон иннæ былæй, цигантимæ баст чи у, ахæм, йæ цæрæнбынат ын нæ зонын. Кæд ма сæнæфсиртæ ацы аз æрбаласа, уæд ын фехъусын кæндзынæн, рох мæ не стут.

Уæд пъагонджын ирон базары хицауæн загъта:

– Дæ хорзæхæй, ацы лæджы хъæуы, ахсæв кæм арвита, ахæм бынат. Кæд дæ бон у, уæд мын мæ курдиат сæххæст кæн.

Уый йæ къухтæ хæрдмæ фæкодта æмæ загъта:

– Дæ курдиат мæнæн æххæст кæнинаг у æмæ уыдзæн æххæст.

Ирон ацыдис, æмæ изæры базары хицау мæн æрбахуыдта иу уатмæ. Стъолыл – цыдæр хæринæгтæ. Дуæрттæ, рудзгуытæ сæхгæдта æмæ сæхимæ ацыдис. Æз бахордтон æмæ æхсæв-бонмæ фæхъуыды кодтон мæ цардыл, уæлдайдæр та – мæ цигайнаг цардыл. Райсомæй мæм æрбацыд ирон пъæлицæйаг, æцæг æй нал базыдтон: уыдис мæнæй мæгуырдæр дзаумæтты. Æцæг ыл уыдис нымæт худы хуызæн шляпæ. Акодта мæ иу цалдæр километры, æмæ, дам, ам цæрæм цыппар ирон хæдзарæй, зæгъгæ. Изæры мæ акодта æндæр ирон хæдзармæ, ома хæдзар, зæгъгæ. Уартæ нæ хæдзар уый раз галуаны хуызæн зынид, ахæм ныллæг уыд. Бинонтæ сæхæдæг дзæвгар, æмæ ма мæн дæр семæ ныууагъта. Нæлгоймаг хистæр мæм ницы дзырдта, фæлæ мæ зæронд ус фæрстыты бын фæкодта. Мæ мыггаг ын куы загътон, уæд йæ къух ауыгъта æмæ загъта:

– Сымах мыггаджы мах мыггаджы хуызæттæ нæ уыд, фæлæ ды ардæм кæцæй æрбафтыдтæ?

Цы йын загътаин?! Цыдæртæ йын фæдзырдтон, фæлæ мын уый мæ иу ныхасыл дæр нæ баууæндыд. Иу къухæй, дам, сæнæфсиры куыст куыд кодтай? Стæй, дам, дын цот та куыд нæ рацыд, кæд дын уал бинойнаджы уыд, уæд?

Дис кодта ууыл дæр: цавæр ирон, дам, дæ ам йæхицæн æххуырст скодта?

Æз сын бамбарын кодтон:

– Уый хорз лæг уыдис, фæлæ йæм æхца нæ уыд æмæ мын сæнæфсир рарвыста мемæ, дыууæ бæхы цас фæрæзтой, уыйбæрц чыргъæдты. Дарддæр хабар зоны, ардæм мæ чи æрбакодта, уый æмæ йæ фæрсут. Мæн та хъæуы нæхимæ цæуын æмæ æххуырсты дæр цæуын, цыфæндыйæ дæр ацæудзынæн.

Уыцы ныхæстæ куы загътон зæронд усæн, уæд мæм нæлгоймаг разылд æмæ мын загъта:

– Кæд, дæ къæбутыл цы гæлæбу ис, уый уыныс, уæд Кавказы хæхтæ дæр фендзынæ. Арæнтæм кæд бахæццæ уай, уæд ма дæм дзы кæд исты разына сæ цъуппытæй, æндæр арæнтыл хизыны кой мауал скæн. Фæлтау дæхи цигайнаг схон, æмæ ма кæд уыдонимæ ацæуай.

Мæнæн мæ хуыз фæлыгъд уыцы ныхæстæм, æмæ мæм сылгоймаг дзуры:

– Цæмæн дæм фæкастысты нæ лæппуйы ныхæстæ хъыг, уый цал азы тох кæны æмæ йæ нæ уадзынц, дæу та чи ауадздзæн?

Цы йын хъуамæ загътаин. Бирæ бинонтæ уыдысты æмæ тарстысты, ома сæ æз та ма кæцырдыгæй хъуыдтæн. Уый сын бамбарын кодтон, æмæ пъагонджынмæ фæхабар кодтой.

Уый æрбацыд æмæ мæ бафарста:

– Цы куыст кæнын у дæ бон?

Æз ын загътон:

– Алцы куыст дæр.

– Уæдæ дæ æртæ боны фæстæ акæндзынæн æндæр ранмæ. Кæнæ ам цæр æнæ кусгæйæ, æз уæ хæринаг хъуаг нæ ныууадздзынæн.

Æртæ боны фæстæ æрбацыд иу лæгимæ афицеры дарæсы, уый иронау нæ дзырдта. Фæлæ уыдис цыдæр стыр хицау æмæ мæ цалдæр боны фæстæ аласта æндæр хъæумæ. Кæд сахар уыд, уæддæр æй нæ базыдтон. Хъæумæ хæстæг – иу хæдзар, мæнæ махмæйы хуызæн, стыр кæрты рæбын. Кæрт уыд сындз телæй æхгæд. Афицер, чи мæ æрбаласта, уый загъта уымы афицерæн:

– Мæнæ дын «вечный охранник». Цæрдзæн ам. Йæ усы йын райсом æрбаласдзысты. Хæринаг хъуаг сæ ма уадз.
“Охранник” хъахъхъæнæг кæй амоны, уый бамбæрстон, фæлæ усы хабар нæ бамбæрстон. Мæ дыууæ усы сты Кавказы, æмæ мын дзы кæцыйы æрбаласдзыстут, зæгъгæ, сæ бафарстон. Уый мын загъта:

– Тасолтан дын æрбарвитдзæн.

Тасолтан-номæй рахуыдта, мæнæ фæстагмæ цы бинонтæм уыдтæн, уыдоны лæджы.

Фыццаг машинæйы афардæг ис, æз иннæ афицеримæ баззадтæн. Уый разил-базил акæны æмæ мын ме уæхск æрхойы, молодец, молодец кæнгæ. Цыдæр къоппытæ систа æмæ дзы сæ мидæг цы уыд, уыдон æфсæйнаг тæбæгъы æрæвæрдта цъупдзагæй. Стæй дзæкъултæй систа цыдæр тæнæг, дæлæ мæ мад хæнкъæлтæ цæмæй фæкæны, ахæмтæ, гыццыл тыппырдæртæ. Бахордтам сæ, уыдысты дзидзайы фыхтæ дуне цæйдæртимæ. Стæй та цымдтам цай цыдæр кæрдæгæй. Фæбадтыстæм, цалынмæ талынг кæнын нæ райдыдта, уæдмæ. Талынг кæнын куы райдыдта, уæд мæ ракодта æддæмæ. Йæ къухы суджы æхсидавтæ. Иу дзы мигæнæны атылдта æмæ йæ ссыгъта. Дуарыл уæлейы ауыгъд уыдис фæтæгены цырагъ, фанар дæр æй хонынц, ахæм, æмæ йæ æхсидавæй ссыгъта. Ацыдыстæм æхгæд къуыммæ, æмæ та уым дæр бæрзонд хъилыл ауыгъд цырагъ ссыгъта. Афтæ цыппар къуымы дæр. Агъуысты мын радзырдта:

– Уыцы цырæгътæ куы судзой, уæд сæм хæстæг чи бацæуа, уый маргæ у. Ахæм у нæ закъон.

Фæамыдта мын, мæ куыст цы уыдзæн, уыдæттæ. Æз, дам, сымах уадздзынæн ам бон, æхсæв та уыдзынæн уемæ. Сымах цæрдзыстут бинонтæй, æз уæ ницы хъыгдардзынæн. Хицау уын скæндзæн гæххæттытæ, куыд бинонтæ стут. Афтæ уый баныхас кодта Тасолтанимæ.

Æз ын цы зыдтон, цæуыл баныхас кодтой æнæ мæн. Дыккаг бон æрбацыдысты пъагонджын ирон, Тасолтан æмæ йæ чызг. Тасолтан мæм бадзырдта æмæ мын загъта:

– Нæ мады зæрдæмæ фæцыдтæ куыд æмбаргæ адæймаг. Æмæ Кавказмæ нал ацæудзынæ, фæлæ дын мæнæ нæ лæппуйы руаджы дæ мæлæты бонмæ ам хæдзар. Нæ мады номæй та дын мæнæ чызг.

Æз æй бафарстон, ацы пъагонджын чи у æмæ мын цæмæн æххуыс кæны, зæгъгæ.

Уый мын загъта:

– Уый у мæ лæппу. Ацы чызг та – йæ хо. Æххуыс та дын уымæн кæны, æмæ ам мах гыццыл стæм æмæ, кæрæдзийæн куы не ‘ххуыс кæнæм, уæд уый у не сæфт. Ды та цæрдзынæ паддзахы хæдзары, æмæ дын мызд дæр хорз фиддзысты. Афтæ мын инæлар загъта, уый уын чызгимæ гæххæттытæ дæр скæндзæнис. Дæхи фæзминагæй равдис. Махæй дæр рох нæ уыдзынæ.

Афтæ райдыдтам уыцы хæдзары цæрын. Иу хатт мæ афицер (лейтенант, дам, мæ хон) йемæ кæртмæ рахуыдта. Уым дæгъæлæй байгом кодта æнахуыр дуар, дæлæ уæ уæрмы дуары хуызæн, хæрдмæ йæ схъил кодта. Бынмæ ныххызтыстæм, æмæ ма уым цалдæр раны хъилы руаджы байгом кодта царгонды дуæрттæ, цæмæй рухс ма уа, уый тыххæй. Уым уыдис асыччытæ, къоппытæ, голджытæ, стæй стыр агæй конд мигæнæнтæ. Голджыты размæ бацыд æмæ йæ сæр тилын байдыдта. Цы кодтай, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын, зæхмæ ацамонгæйæ, уымæл змис равдыста. Уыцы голджыты та уыдис топпыхос. Хус ран змис алæгъз кодтам æмæ голджытæ уырдæм хæссын райдыдта. Мæн хæстæг нæ уагъта, ома, иу къухæй цытæ кæндзынæ, зæгъгæ. Æз æм нæ байхъуыстон. Уый цалынмæ иу голлаг хаста, уæдмæ-иу æз дыууæ ахастон. Стæй йын загътон:

– Ды сæ амайгæ кæн, æз та – хæсгæ.

Афтæ сæ бафснайдтам хус ран. Дарддæр æрзылдыстæм æппæт лæгæттыл дæр, фæлæ алы ран дæр хорзыл банымадта. Хæдзары бирæ цыдæртæ фæфыста иу бæзджын чиныггонды. Афтæ зылдыстæм алы бон дæр уæрмытыл. Уыцы стыр кæрты та уыд бирæ уæрмытæ. Хæринаг зестæй конд къоппыты мидæг (консервтæ сæ хуыдта). Мæ бинойнаг разынд дæсны хæринаггæнæг æмæ нын кодта бон дыууæ хатты тæвд хæринæгтæ. Иу хатт нæм æрбацыдысты дыууæ афицеры æмæ нæхионимæ фæзылдысты. Уыдон сæхи чингуыты цыдæртæ фыстой. Куы цыдысты, уæд уыдон дæр стъолыл бæзджын тетрады фæфыстой дуне цыдæртæ. Куы ацыдысты, уæд мæ хицау уыцы чиныг райста æмæ мын загъта:

– Дæ мызд-улупа дын кодтой. Стæй, дам, мæнæ чызгæн дæр хъæуы фидын, хæринагæй уæ кæй æфсады, уый тыххæй.

Афтæ бонтæ цыдысты. Иуахæмы æрбацыд, инæлар кæй хуыдтой, уый бирæ æнахуыр бричкæтимæ. Уыдысты иугай бæхтимæ, сæ гуыффæтæ чъибиткæты хуызæн бæзджын кæттагæй. Иу дзы уыд æндæрхуызон, стæй дыууæ бæхимæ. Мæ хицау инæлармæ бæзджын чиныг дæтты, уый йæм дзæвгар фæракæс-бакæс кодта. Цыдæртæ ма дзы фысгæ дæр ракодта. Хицауимæ бирæ фæныхæстæ кодта, стæй мæнмæ бадзырдта æмæ мын загъта:

– Цу-ма, уæртæ уыцы бæхты сифтындз тарантацы.

Æз бацыдтæн æмæ дыууæ бæхы аивтыгътон тарантацы, цигантæм куыд кодтон, афтæ. Уый ницы дзырдта. Фæлæ дисæй мард. Йæ къухтæ-иу кæрæдзиуыл ныцъцъыкк ласта. Сыстад æмæ мæ хицауимæ агъуыстмæ ацыд. Раздæхтысты, æмæ мæ хицауæн, чызгмæ амонгæйæ, сабыргай цыдæртæ дзырдта, фæлæ дзы æз ницы бамбæрстон.
Цалдæр боны фæстæ бричкæты сæвгæдтой голджытæ æмæ къоппытæ. Стыр æртæ авджы та сæвæрдтой тарантацы. Уымæн йæ хуылф уыд дыууæ дихы. Разæй дзы дыууæ адæймагæн – хуыссæн бынæттæ. Голджытæ уыдысты, дыгай путтæ кæм цыд, ахæмтæ. Агъуыстмæ мæм бадзырдта инæлар. Уым уыд мæ хицау дæр. Инæлар мын загъта:

– Æз мæ салдæттыл не ‘ууæндын, æмæ мæнæ цы фыстытæ бакастæн, уый амоны: ды алцыдæр зоныс, æмæ, чиновниктæ цы ныффыстой, уый бакæндзыстæм. Дæ бинойнагæн йæ гæххæттытæ сты цæттæ, ныртæккæ сæ лейтенантмæ ратдзынæн. Дæуæн дæ гæххæттытæ сты конд æмæ уыдзысты хызыны. Дзургæ дæр дæм уый тыххæй бакодтон, æмæ дын уыцы хабар фехъусын кæнон. Ныр та мæм байхъус лæмбынæг. Ды цæуыс мемæ, дæлæ æмбисонды обæуттæ кæм ис, уыцы бæстæм. Ды скъæрдзынæ мæ тарантацы бæхты, дæ фарсмæ баддзæн афицер, афтæмæй. Иннæ афицер та уыдзæн мидæгæй мемæ. Æмæ дæ зæрдыл бадар: дæ фарсмæ цы афицер баддзæн, уымæн йæ бон у дæу амарын, истæуыл дыл куы фæгуырысхо уа, уæд. Кæд нæ хъуыддæгтæ хорз ацæуой, уæд тагъд раздæхдзыстæм. Дæуæн алидзæн никæдæм ис, уымæн æмæ дæ гæххæтт ис мæнмæ. Уым нæ хъуыддæгтæ куы нæ рауайой, уæд нæ ацæуын бахъæудзæн дарддæр.

Иу бон ма фестæм нæ бынаты, уымæн æмæ зылдыстæм нæ уæрдæттæм. Алкæй дæр фæндыд цæлхытæ фылдæр сæвæрын, фæлæ дыууæ цалхæй фылдæр æвæрын нæ уагътой афицертæ. Æз райхæлдтон цыппар цалхы æмæ сæ бафснайдтон, зынгæ куыд никæцæй кæной, афтæ. Гуыффæйы бын, фæстаг дыууæ цæлхыты астæу. Инæлар мæм хæцыд, дæ цæлхытæ цæуылнæ сæвæрдтай, зæгъгæ, фæлæ йын лейтенант бацамыдта, цыппар цалхы кæм уыдысты, уый. Инæлар бахудт æмæ лейтенантмæ дзуры:

– Ай æцæг цигайнаг куы у. Йæ гæххæтты дæр цигайнаг фыст у, афтæ загъта Тасолтан. Уый тыххæй йæ ракодтон бæхтæ скъæрæгæй.

Араст стæм нæ дард фæндагыл. Иуæй-иу ран цыдыстæм, донæн нæм-иу йæ кæрон кæм нал зынд. Цалдæр боны фæстæ ныххæццæ стæм нæ бынатмæ. Инæлар æмæ йе ‘мбал афицер ацыдысты кæдæмдæр æмæ уыцы æхсæв нал фæзындысты. Дыккаг бон æрбацыдысты машинæйæ. Семæ уыд цалдæр афицеры диссаджы дарæсы. Фæзылдысты нæ уæрдæттыл æмæ дзы иуæй-иутыл цыдæр донæй бапырх кодтой. Уыдон ацыдысты, мах та араст стæм иу стыр доны былтыл, æнахуыр бæлæстæ кæм зад, ууылты. Бахæццæ стæм иу змисджын зæхмæ, æмæ уым разындис, кæцæй рацыдыстæм, уым цы уæрмытæ уыдис, ахæмтæ. Уым равдæлон кодтам, бæрæггонд чи æрцыд, æрмæстдæр уыцы бричкæтæ. Уыдис дзы тынг тæвд, æмæ инæлар афтид бричкæты фæстæмæ рарвыста. Мах та, дам, цæуæм дарддæр. Бирæ фæракал-бакал кодта йæ гæххæттытæ æмæ сын се ‘мбис радта, фæстæмæ чи здæхт, уыцы афицертæй иумæ. Иннæтæ йæ хызыны бафснайдта. Мах араст стæм доны былтыл дæлæмæ. Иннæтæ та – уæлæмæ. Цас фæцыдыстæм, нæ зонын, фæлæ иу бæстæм бахæццæ стæм, æмæ нæ цæлхытæ сæттын райдыдтой, уымæн æмæ нæ фæндагыл къæдзæх дуры муртæ арæх уыдис. Мæн бахъуыд цалцæггæнинаг цæлхытæм зилын. Афтæ бахæццæ стæм нæ бынатмæ. Æцæг пысылмæттæ, дам, ам цæрынц. Иу сылгоймаг дæр дзы йæ цæсгом не ‘вдыста. Ныхасмæ дæр нæ лæууыдысты. Уым нын нæ ласинæгтæ цингæнгæ бафснайдтой. Нæ хицау нын æртæ боны фæллад уадзынæн радта, фæлæ æз арæзтон даргъ къæбæлтæй цыбыртæ, ома фæстаг цалхы къæбæлæй-иу рауад раззаг цалхы къæбæл. Уæдмæ лæгтæй иуæй-иутæ хъуыр-хъуыр кæнын райдыдтой.

Уæд нын хицау-инæлар загъта:

– Мæ бон уын у фенын кæнын пехуымпар æмæ дзуæртты ингæнтæ. Стæй диссаджы ламазгæнæн бынат.

Ацыдыстæм, æмæ, ныллæг хæхтæ кæм уыд, ахæм ран федтам пехуымпары ингæн, йæ фарсмæ та – дыууæ дзуарæн къаддæр ингæнтæ. Инæлар нæ акодта иу фæндагыл, æппындæр кæм ницы задис, ахæм быдыртыл. Æз, дам, уын Мæзджыт-харам фенын кæнон йæ зындгонд дуримæ. Суткæ æмæ æрдæг фæцыдыстæм æмæ бахæццæ стæм, Дзæм-дзæмы суадон кæм ис, уыцы сахармæ. Мæккæ йæ хуыдтой. Суадоны раз разынд иу стыр æнахуыр хæдзар, йæ алыварс – стыр æхгæд кæрт. Уыцы хæдзарæн йæ бындуры иу къуымы æвæрд уыд, мæнæ диссагæн цы дуры кой кæнынц, уый. Адæм куыд дзырдтой, афтæмæй дур лæууы зæххæй метры бæрц уæлдæр. Дзæм-дзæмы донæй нæхи дæр, нæ бæхты дæр байсæрстам. Рараст стæм. Ныр цыдыстæм – дон дæр нæм зынд. Стæй фæндаг дæр фæхуыздæр. Куы схæццæ стæм, уæд мын инæлар мæ гæххæтт фенын кодта, æмæ йæ радта лейтенантмæ. Радта мын, раздæр цы бæстæйы, Мысыр æй хуыдтой, уыдоны æхцатæй, стæй, Мæккæ кæй хуыдтой, уыдоны æхцатæй дæр. Инæлар мын загъта:

– Хорз арæхсыс æмæ мæнæ лейтенантмæ бакус æхца, цалынмæ фæндаггаг бакусай, уæдмæ. Стæй дæ Тасолтан дæр рох ма уæд, ирæд дзы дарыс. Ныр дæм гæххæтт ис, æмæ ссардзынæ, Кавказмæ чи цæуа, ахæм табор, семæ арæнтыл ахиздзынæ. Иунæгæй ма ацу.

Цас рæстæг рауад, чи зоны, фæлæ-иу нæм чи æрбафтыд, уыдоны-иу фæрсын райдыдтон, кæд уæ исчи циганты табор федта, зæгъгæ. Фæлæ никуы æмæ ницы. Иу æхсæв, мæ бинойнаг кæй хуыдтон,уый афтæ куы зæгъид:

– Ме ‘фсымæр уыд ам æмæ зоны циганты таборы рæсæнуат, фæлæ йæ мæнæн нæ загъта. Дæумæ та мæ фыдимæ сты мæсты, бындарæй сæ фыдæнхъæл кæй кæнæм, уый тыххæй. Уæртæ лейтенанты бафæрс, кæд ын таборы хабар ракодта.

Цы æфсонæй йæ бафæрсон, уый нæ зыдтон æмæ æрхъуыды кодтон. Бацыдтæн æм йæ агъуыстмæ æмæ йемæ дзурын райдыдтон инæлары тыххæй. Куыд хорз лæг у, уыдæттæ йын дзырдтон æмæ, зæгъын, куы ‘рбацæуа, уæд мын бацамондзæн циганты табор кæм æрбынат кодта, уый.

– Нæ йæ бафæрсдзынæ. Уымæн æмæ, дæу цы хъæуы, уымæй мæн хъуамæ фæрсай.

– Æмæ йæ ды цæмæй зоныс, цигантæ кæм æрбынат кодтой, уый? Ардыгæй куы никуыдæм цæуыс.

– Хъус уæдæ. Мæнæ дæ бинойнаджы æфсымæр уыд ам, æмæ, дам, Комтийы ис циганты табор.

Комти та цы у, зæгъгæ, йæ бафарстон, æмæ мын уый ацамыдта йæ чъылдыммæ, уæртæ уым ис Комти, зæгъгæ.

– Цæуын æм хъæуы иу суткæйы бæрц.

Æз ын загътон, акæн мæ, зæгъгæ, фæлæ мын уый бамбарын кодта, нæ дыууæйæн цæуæн кæй нæй, уый. Лейтенант мын загъта:

– Æз дын ссардзынæн æмбал, æцæг ын ратдзынæ Мæккæйы æхцатæ.

Æз сразы дæн. Иу къуырийы фæстæ мæм лейтенант бадзырдта. Æз æй бамбæрстон, æмбал мын кæй ссардта, уый. Ме ‘хцатæй иу бамбæхстон, паддзахы ныв дзы къабайы æмæ кæлмæрзæны кæй уыд, уый тыххæй. Уыцы лæг мæм хорз фæкаст æмæ йыл баууæндыдтæн. Радтон ын æхцатæ. Акодта мæ сæхи цæрæнбынатмæ. Æмбисæхсæв араст стæм нæ фæндагыл. Цыдæр къуыбырты сæрты дæр-иу ахызтыстæм, уый сæ хуыдта хæхтæ. Уагæр ма Кавказы хæхтæ куы фенид, уæд уыдон та куыд схонид. Бахæццæ стæм табормæ, æмæ сæ барон разындис æрыгон лæппу . Циганты бафарстон, хистæртæ уæм куы ис, уæд уый баронæй куыд сæвæрдтат, зæгъгæ. Фæлæ мын ницы дзуапп радтой.

Ме ‘мбал мæ баронмæ бакодта, æмæ мæ уый фæрсынтæ райдыдта. Æз, цæмæй йæ бауырна, цигайнаг дæн, уый тыххæй мæ ронæй фелвæстон мæ гæххæтт. Уый йæ куы айста, уæд æм кæсгæ дæр не ‘ркодта, афтæмæй йæ зæхмæ аппæрста, цигайнæгтæм гæххæтт нæ вæййы, зæгъгæ. Барон мын бамбарын кодта, иу-ссæдз боны фæстæ кæй цæудзыстæм Кавказы бæстæм Батумыл кæнæ Бакуйыл. Фæтарстæн Батумы койæ æмæ баронæн загътон:

– Бакуйыл куы цæуат, уæд мæ-иу ам ма ныууадзут. Æртæ лæджы бæсты дын кусдзынæн дынджыр дзæбугæй иу къухæй дæр.

Уый мæ бакодта, цалхы чъилтæ кæм кодтой, уырдæм. Радта мæм дзæбуг, æмæ цигайнаг райста тæвд даргъ æфсæйнаг. Гыццыл дзæбугæй æртæ къуырццы æркодта, уæд æй æз уыциу цæф ныккодтон, æмæ æфсæйнаг дыууæ дихы фæцис. Уый ныххудт æмæ загъта, сабыр цæф æй хъуыд, зæгъгæ. Æз ын афтæ зæгъын:

– Æртæ къуырццы фехъуыстай, æви нæ?

Уый мын загъта:

– Хъæуыс мæ. Ныр ацæут уæхимæ, æз дæ ссардзынæн.

Фæстагмæ ма мын загъта:

– Дæ гæххæтт дæ бабын кæндзæн.

Бонтæ нымайын райдыдтон, уæдæ кæд æрбацæудзæн, зæгъгæ. Фæлæ уый нæй æмæ нæй. Тасолтан хабар зыдта, фæлæ мæм нæ хыл кодта, уымæн æмæ зыдта, арæнтыл хизгæйæ, цигайнаг уæвгæйæ, гæххæтт куы равдисай, уæд ам кæй æрбалæудзынæн.

Хуыздæр цæстæй мæм райдыдта кæсын, йæ лæппу дæр нæм арæхдæр цæуын райдыдта. Фæлæ мæм циганты барон æрбарвыста, цæугæ кæнæм, зæгъгæ. Лейтенантæн уыцы хабар æхсызгон кæм уыдаид, фæлæ мын ме ‘хца бафыста, феппæлыдис мæ. Æхца дыууæ дихы акодта æмæ дзы иу дих сылгоймагæн радта, суанг ма балцы æхцаты æрдæг дæр. Афтæмæй таборы иунæгæй балæууыдтæн. Таборимæ цæуынтæ байдыдтам. Ахæм фæндæгтыл никуы цыдтæн. Фæндæгтæ-иу уыдысты лæгъз, ам та – къуыбыртæ æмæ дзыхъхъытæ. Иухатт арæнтыл мæ гæххæтт мæ ронæй æрхаудта, æмæ фæцæйбын кодтон, фæлæ барон сгарæг æмæ ме ‘хсæн алæууыд. Куы раирвæзтыстæм, уæд мын ме ‘хцайæн се ‘рдæг бацагуырдта, кæннод, дам, афонмæ къалатийы бадис, зæгъгæ. Дыккаг бонæй фæстæмæ та мын хæринаг дæр нал лæвæрдта, æхца дæм ис, æмæ дæхæдæг истытæ ‘лхæн, зæгъгæ. Кæй чъибиткæйы бадтæн, уый мын бамбарын кодта:

– Бароны ном кæд хæссы, уæддæр ын амоны, уæртæ дыккаг чъибиткæйы цы зæронд ус цæры, уый.

Бахæццæ стæм арæнтæм. Амы адæмыхатты персайнæгтæ хуыдтой, æмæ уым æрбынат кодтам. Кæсагхæрдæй дзы æфсæст уыдыстæм, æмæ барон цин кодта. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста: арæнтæм хæстæг æрбынат кодтат, зæгъгæ, нæ тæрыныл систы. Доны былтыл – уый уыд Хъаспы денджыз – цæуынтæ байдыдтам æмæ Бакумæ хæстæг æрбынат кодтам. Уым дæр нæ хуыздæр хæринаг – кæсаг. Устытæ дзы фыхтой хъæрмхуыпп. Мæнæн дæр дзы цалдæр хатты бахæрын кодтой.

Дуканийы мæ иу лæг бакъуымы кодта, ды цигайнаг куы нæ дæ, уæд семæ цæмæн дæ, зæгъгæ.

Æз æм мæ гæххæтт равдыстон, æмæ мын афтæ:

– Аппар æй, адæм зонынц, цигайнæгтæм гæххæтт кæй нæ вæййы, уый. Дæхиуыл ма ардау адæмы.

Æз дуканигæсмæ фæцæйлæвæрдтон æхца, æмæ мыл уый ныхъхъæр кодта:

– Ам, ахæм æхцатæ кæмæ ис, уыдоны ахсгæ кæнынц æмæ сæ ауындзынц.

Цы ‘лхæнынмæ хъавыдтæн, уыдон мын балхæдта. Стæй мын хæрæндоны бахæрын кодта. Куы анызтам цыдæр хъæбæр нозт, ай, дам, сомихы нозт у, зæгъгæ, уæд ын куы зæгъин, ирон кæй дæн. Уый мæ фарста:

– Мæнæ ацы хæхтæн сæ кæцырдыгæй ирон дæ?

Æз æй не ‘мбæрстон, æмæ мын уæд загъта:

– Цы хъæуы цардтæ, уый-ма мын зæгъ. Æз, ардыгæй райдай, Дербентæй райдай, Грознайæ райдай, Старапъол æмæ суанг Бетъырбухы хъæутæ дæр зонын.

Æз ын куы фæкæнин, Зилгæйæ, зæгъгæ.

Уый мын ме уæхск æрхоста æмæ мын афтæ:

– Мæнæ ам исты куыстмæ бацу æмæ билеты фаг иу къуыримæ бакусдзынæ. Билет балхæндзынæ, поезды сбаддзынæ æмæ Тлатты хъæуы станцæйы рахиздзынæ, уæ хъæуы тæккæ раз.

Æз ын загътон:

– Ам мæ æнæ гæххæттæй кусынмæ чи айсдзæн?

– Уæдæ дыргъы куыст кæнæ зæххы куыст зоныс? Ам ныртæккæ сæнæфсир зымæгмæ цæттæ кæнынц, фæлæ ды сæнæфсиртæн иу къухæй цытæ кæндзынæ? Райсом мемæ цом, æмæ дын хъалагъуры бынат искуы ссардзынæн, – ууыл цыдæр æрбаци.

Дыккаг райсом табормæ хæстæг лæууыд, æмæ сæм бацыдтæн. Уый мæ цыдæр мишинæйы сбадын кодта æмæ иу-дæс-фынддæс километры фæстæ рахызтыстæм. Фистæгæй ма ацыдыстæм иу-фондзсæдæ метры æмæ уым иу кæрты дуар бахостам. Ракаст нæм сылгоймаг æмæ нын загъта, йæ лæг куысты кæй ис, уый. Иугыццыл ма ауадыстæм, æмæ дзы – стыр сæнæфсир цæхæрадæттæ. Уым архайдтой адæм. Ме ‘мбал цалынмæ, кæй агуырдта, уымæ лæууыд, уæдмæ иу зæронд лæгæй райстон хæсгард æмæ, асиныл лæугæйæ, сæнæфсиры къалиутæ лыг кæнын райдыдтон. Фæлæ кард къуымых уыд, æмæ æрхызтæн зæхмæ. Кæсын, æмæ мæм иу лæг йæ къух тилы . Уый цæугæ-цæуын цыдæртæ дзырдта. Æз дæр йæ фæстæ бахæццæ дæн ме’ мбалмæ. Уыдон кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнынц, стæй мæм разылд æмæ мæм дзуры:

– Ай дыл къух куынæ ис, уæд кæдæм сбырыдтæ? Хæсгард та ратт йæ хицауæн, фæлæ йын æй цæмæй сцыргъ кæнон?

– Куыд æй сцыргъ кæндзынæ? – дисы бацыди.

Рахæссын кодтон сигæц-цыргъгæнæн æмæ йæ мæ дыууæ уæраджы ‘хсæн балхъывтон. Хæсгард иуырдæм, иннæрдæм дауын райдыдтон, стæй йæм æй радтон, æмæ дзы къалиу ацъыкк ласта, уæд ме ‘мбалимæ бацыд, æз, асиныл лæугæйæ, кæм лыг кодтон, уыцы бынатмæ, хæрдмæ скаст æмæ мын загъта:

– Цæй-ма, фенын мын кæн, куыд лыг кодтай, уый.

Æз асин æндæр ран сæвæрдтон æмæ, мæ сæрæй рагъхъæдыл æндзæвгæйæ, бахсæстон мæ алыварс къалиутæ. Уый дисæй амард æмæ ме ‘мбалы фæрсы, чи дын у, зæгъгæ.

Уый йын бамбарын кодта, билеты фаг мæ ‘хца кæй бакусын хъæуы, уый. Сразы ис мæн æхсæдæгæй райсын æмæ мын загъта:

– Райсом дæ паспортимæ ‘рбацу æмæ кус, хæсгард дын ратдзыстæм.

Афтæ та мæ хъуыддагæй ницы рауад, махмæ, дам, куыстмæ æнæ паспортæй нæ исынц, зæгъгæ. Уæдмæ таборы барон фæдис самадта, нæ лæг алыгъдис, зæгъгæ. Изæрæй мæм барон æрбацыдис зæронд усимæ, æмæ ус баронæн загъта:

– Уадз æй, цалынмæ Дербентæй ахизæм, уæдмæ, уым нын тæссаг нал уыдзæн, æмæ йæ уæд арвитдзыстæм, кæцырдæм æй фæнды, уыцырдæм.

Уым ма фестæм цалдæр боны, стæй денджыз-денджыз рараст стæм лæгъз фæндагыл. Схæццæ стæм уыцы Дербентмæ, фæлæ нæ уым лæууын нæ бауагътой, æмæ уæлдæр ацыдыстæм. Куыд бамбæрстон, афтæмæй ацы табор ам лæууыд кæддæр, æмæ дзы ахуыр кодтой хорз æфсæйнаг кæрдтæ аразын. Уый æфсонæй мын барон загъта:
– Дæ куыст нæ нал хъæуы ам. Мах араздзыстæм хæсгæрдтæ, хъаматæ æмæ æндæр лыстæг дзаумæттæ, ды та дæ хъару ‘взар æндæр таборты.

Афтæ иунæгæй аззадтæн Дагестаны хæхты астæу. Дыууæ ‘хсæвы ма уым фæдæн зæронд усы сусæгæй, уый фæстæ базыдтон, нæхирдæм фæндаг кæм ис, уый æмæ уырдæм æрбацыдтæн. Цæуынтæ байдыдтон æмæ иу бон бацыдтæн фæндагмæ хæстæг иу дуканимæ, исты хæринæгтæ самал кæнон, зæгъгæ. Мæ туркаг æхцатæй иу уæйгæнæгмæ балæвæрдтон, уый йæ йæ дзыхы акодта, æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. Цыдæр мын ацамыдта æмæ, цыма хæринагмæ бацыд, афтæ цыдæр фæцис. Æз дæр катайы бацыдтæн, кæд та уый дæр пъæлицæйагмæ азгъордта, фæлæ банхъæлмæ кастæн. Фæзындис иу æнæдаст ацæргæ лæгимæ. Ме ‘хца мын фæстæмæ радта. Æмæ мæ уыцы лæг сæхимæ акодта. Бахæрын мын кодта цыдæртæ, стæй бæзджын цай, ай, дам, хъалмыхъхъаг цай у. Куы дзы схуыпп кодтон, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма нæхи сарайы бадын, æмæ дæлæ Гæбисы куыройы раз цы дидинджытæ зайы, уыдонæй фыхтой цай, æцæг доны бæсты уыд ног дыгъд æхсыр. Уый мæ ницæмæй фарста, афтæмæй мæ даргъ бандоныл цыдæр нымæттыл бахуыссын кодта. Уый фæстæ мын афтæ зæгъы:

– Æри мæм ныртæккæйы æхца, æз æй моллойæн бакæсын кæнон, цы фыст дзы ис, уый.

Æз æм æй радтон. Куы райхъал дæн, уæд мын мæ разы æрæвæрдта зæгæлы хуызæн, æцæг ыл сæр нæ уыди. Систон æй, æмæ ратас-батас кодта. Лæг мын афтæ зæгъы:

– Уый де ‘хца у, æмæ дын цас æрласа барæныл, иу ахæм æхца дын æз фондз хатты фылдæрæй ратдзынæн нæхи ‘хцайæ.

Æз ме ‘хцатæ стъолыл æрæппæрстон, æмæ дзы уый равзæрста æртæ кæнæ цыппар, æвзаргæ та сæ кодта дæндагæй. Изæрæй куы бахордтам, уæд мын мæ къæхтæ ныхсын кодта иу чызгæн. Ламаз куы скодтон, уæд мыл уыцы чызг скодта цыдæр халаты хуызæн æмæ мæ агъуыстмæ хуыссынмæ бакодта, ам æхсæвиуат бакæн, зæгъгæ. Иу цалдæр боны фæстæ мæм лæг рахаста гæххæтт, тетрады цъарæй бирæ стырдæр, кæцыйы уыдысты цыдæр хæххытæ æмæ хъæутæ: Далаково, Зилгæ, Брут, Заманхъул, Кæрдзын, Елхот, Мыртазатæ. Фæракæс-бакæс æм кодтон, фæлæ йæ не ‘мбæрстон, цæмæ йæ æвдисы мæнмæ, уый. Куы йæ бафарстон, уæд мын радзырдта:

– Æз ацы хъæуты вæййын дыууæ-æртæ азы иу хатт æмæ адæмæн сæ архайæн гæрзтæ цалцæг кæнын. Мæнæ ацы зæгæлæй æз цал хъуывгъаны, цал тасы баныхасдзынæн, уый ды æмбаргæ дæр нæ кæныс. Бафæрс ма-иу дæ хъæуы, Абыкуыр уын цал тасы баныхæста, уымæй. Абыкуыр та мæнæ æз дæн. Ныр зивæг кæнын райдыдтон, фæлæ мын æххуыс кæны мæнæ мæ гыццыл чызг Рай. Тæригъæд ын фæкæнын, уæззау хызын куы фæхæссы, уæд. Сымахмæ дæр нæ тагъд хъæуы. Аргуыданы, стæй мын Елхоты ис хæрз фысымтæ. Ныр мын Зилгæйы та ды куы суаис фысым, уæд мæ гыццыл чызг цин кæнид. Дæ разæй æппындæр куы нал цæуы. Мæнæ райсом сахарæй пост чи ласы, уый фæстæмæ куы раздæха, уæд дæ аласдзæн æмæ дын билет райсдзæн поездмæ, сбадын дæ кæндзæн æмæ дын бамбарын кæндзæн, Тлатты хъæу – Беслæны станцæйы дæ цæмæй рахизын кæной поездæй. Уырдыгæй дæм Зилгæ зындзæн. Æцæг мын зæгъ, кæцырдыгæй цæрыс, уый. Хосонты зоныс, уæд уыдонæй амон.

Æз ын бацамыдтон: хъæумæ бацæуæны æртыккаг хæдзар фыццаг уынджы. Иу цалдæр боны фæстæ нæм фæзынд машинæ æхгæд гуыффæимæ. Хорз ыл сæмбæлд Абыкуыр машинæйы хицауыл, æмæ бирæ фæныхæстæ кодтой, мæнмæ амонгæйæ. Хицау мæ сбадын кодта фæсте æмæ мыл æфсæйнаг дуар æрбахгæдта. Абыкуыр мæм уый разæй æрбацыд æмæ мын загъта:

– Билеты фаг æм æхца радтон, æмæ дын раздæр куыд загътон, афтæ уæхимæ балæудзынæ.

Уыцы лæг нæ фæсайдта æмæ мæ æцæгæй дæр Беслæны станцæйы рахизын кодтой, æмæ нæхимæ ‘рцыдтæн.
Дис кодтой иууылдæр æмæ кæрæдзимæ дзырдтой:

– Йæ цонг не змæлын кæны, уæд уый цы у, цæмæн афтæ кæны? Ме ‘фсымæрæй фæстæмæ мыл иууылдæр цин кодтой. Ничи мæ ницæмæй фарста. Æцæг сын сæ ныхæстæ хъуыстон:

– Ау, æмæ Амырыкы куы уыд, уæд цæй гæвзыккæй æрбацыд?!

Цы сын дзырдтаин… Мæ дыууæ бинойнагæй мыл ничи атигъ ис, æмæ, куыд уыныс, афтæ цæрын, фæлæ мæ хъуыддæгтæ рæстмæ нæ кодтой.

Æрмæстдæр цалдæр азы фæстæ Абыкуыр фæзынд стыр чызгимæ. Бирæ цинты æмæ хъæбысты фæстæ Абыкуыр загъта:

– Цалынмæ ам уæ хъæуы кусын, уæдмæ мæ чызджы уæхимæ цæрынмæ бауадзут, уымæн æмæ æз баззайын, бон кæмæ фæкусын, уыдонмæ.

Рай, афтæ хуыдта йæ чызджы, цард ам махимæ, æцæг-иу ныууад дæллæгтæм дæр. Цас боны бакуыстаид Абыкуыр ацы хъæуы, фæлæ мын иу бон афтæ:

– Мыртазатæм цæуын æнæ Райæ æмæ фæзилдзынæн тагъд.

Фæзынд дыууадæс боны фæстæ, æмæ сæхимæ ацыдысты. Æцæг йæ кусæн дзаумæттæн сæ фылдæр ам ныууагъта – иннæ аз нæ ардæм хъæуы, зæгъгæ. Уæд-иу мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æнæхъæн афæдзы дæргъы мын уыцы Рай мæ къæхтæ куыд æхсадта æмæ мæ разæй куыд нæ цыд. Ныр ме ‘мбæрц сырæзыд æмæ цæхæртæ калы. Цымæ, фарстон-иу мæхи, Абыкуырмæ цы пълæнттæ ис йæ чызджы тыххæй.

Уыцы хъуыды мæ сæрæй нæ цух кодта. Фæзынд Абыкуыр, куыд загъта, афтæ, афæдзы фæстæ. Бынтон æндæрхуызон дардта уый йæхи, æмæ йæ бафарстон, цæмæн хъуыр-хъуыр кæныс, зæгъгæ. Уый мын бамбарын кодта, мæ чызг, дам, æнæхъæн аз нывыл хæргæ дæр нал кæны, чындзы ацу, зæгъгæ йын йæ мад бакой кодта, æмæ, дам, мæн цигайнаг йеддæмæ ничи хъæуы. Дæуæн та дæхи цот уымæй хистæртæ сты…

Цы йын загътаин, фæлæ йын уайдзæфгæнæгау бамбарын кодтон, йæхæдæг аххосджын кæй у: цæмæн-иу ын æхсын кодта алы ‘хсæв мæ къæхтæ, цæмæн ын æфснайын кодта алы æхсæв æмæ райсом мæ хуыссæн, мæ дзаумæттæ. Ныр дæ чызджы фæндон зоныс, мæнæн дæр æй бамбарын кодтай, фæлæ мæнмæ ницы ис, сымахмæ та ирæдæн бирæ мулк хъæуы бафидын йæ бæсты.

Абыкуыр тобæ-тобæ кæнын райдыдта æмæ сдзырдта:

– Мæн дæуæй ницы хъæуы, æрмæстдæр Рай уæд амондджын. Гъе, афтæмæй Рай бацис мæ бинойнаг. Иууылдæр æй райдыдтой хонын Райкæ.

Æз Гыдтойы афарстон:

– Æртыккаг ус дын уыд?

Уый мын куы зæгъид:

– Æз дын мæ хабæрттæ цыбырæй фæдзырдтон, фæлæ дзы ме ‘мкъæйттæй æвддæсæн сæ нæмттæ хъуыды кæнын, иннæты нæмттæ мæ ферох сты. Цот мын нæ уыдис иуæй дæр, уымæн æмæ, о, куы дын дзырдтон (кæрдæджытæй хосты тыххæй). Фæлæ цæмæй мæ ныхæстæ фæуон, уый тыххæй ма мæм иу чысыл байхъус. Скъоламæ цу æмæ хорз ахуыр кæн, науæд дын царды размæ фæндаг нæ уыдзæн. Мæнæ мемæ цы куыстытæ кодтай, уыдон дæр дæ ахсджиагæй бахъæудзысты кæддæриддæр. Дæ зæрдыл сæ бадар, æцæг. Зæгъ-ма, цæмæй бæласыл фæткъуытæ хорз æрзайа, уый тыххæй цытæ кæнын æмбæлы?

Æз ын радзырдтон, йæхæдæг мын цытæ амыдта, уыдæттæ. Хорз сæ бахъуыды кодтай, фæлæ дын мæхи тыххæй цы радзырдтон, уыдон дæ зæрдæмæ ма айс, адæмы хуыздæрты фæзм, æмæ дæ лæг рауайдзæн. Дæ фыд ныр дæр ма ахуыр куы кæны…

Мæ фыд Дæхцыхъо ахуыр кодта Грознайы агрономты сæрмагонд скъолайы. Гыдто цард уæд Райкæимæ æндæр хæдзары. Арæх-иу мын дзырдта:

– Æхсарбег, мæн фæзм, æмæ дæ царды фæндаг уыдзæн дæргъвæтин.

Æз уый фæндагыл нæ ацыдтæн, фæлæ мыл йæ ныхæстæ иууылдæр æрцыдысты. Тынгдæр дзы бахъуыды кодтон, афтæ мын куы загъта, Æхсарбег ном ма дæ искуы æхсызгонæй бахъæудзæн, зæгъгæ.

Иу заман уыдтæн Мæккæйы, æмæ мæ фыдæбæттæ нæ Иунæг Стыр Хуыцауы номыл куы фесты, уæд мæ изæры фарстой:

– Цы ном дын саккаг кæнæм: Абдулла, Соломон æви куыд? Æз сын загътон:

– Гыццылæй мыл ном сæвæрдæуыд – Æхсарбег, æмæ ныр та мæ ном у Æхсар.

Уæд æмбырды уынаффæйæ баззадтæн Æхсарбег-хадзыйæ.

Гыдто райгуырдис 1871 азы Гисойы хæдзары, уыд Хъуыссæты хæрæфырт. Уыдис ын æфсымæр æмæ дыууæ хойы. Иннæ хабæрттæ зонут, фæлæ ма уый фæстæ, йæхæдæг кæй нæ дзырдта, мæнæн дæр уыцы хабæрттæй мæ бон у зæгъын.

Цардис ам нæ сыхы иунæгæй, æмæ йæ мæгуыр хуыдтой, кæд æй йæ дыууæ бинонтæ дæр рох нæ кодтой, уæддæр. Йæ цæрæнбынат цæмæй заууатмæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй нæ хъæуы фарсмæ цы цæрæнбынат уыд, Гæны завод, уырдыгæй æрбакодта дыууæ сылгоймаджы, иу – хистæр, иннæ – зынгæ кæстæр, мæ цæрæнбынатмæ мын базилут, зæгъгæ. Фæкуыстой цалдæр боны, æмæ сæ иу нал æрбацыд. Сыхæгтæ сусу-бусу кæнын райдыдтой, амæн йæ мад цæуылнæ æрбацыд, зæгъгæ. Чызг куыста дарддæр æмæ-иу уым æхсæвиуат кæнынмæ дæр баззад, Гыдтойæн райдыдта хæринаг кæнын. Йæ куыстытæ куы фæцис, уæддæр ма-иу æрбацыдис. Стæй дын Гыдтойæн иу хатт куы фехъусын кæнид, лæппу нын уыдзæнис, зæгъгæ.

Атардта йæ, мæнæн, дам, сывæллон уæвæн нæй, зæгъгæ. Цигантимæ фæцардтæн, бирæ устытæ мын уыд, фæлæ мын сывæллон никæмæй рантыст. Уый уæддæр æрбацыд иннæ сылгоймагимæ…

Мæнæн Гыдто загъта:

– Уыцы лæппумæ-иу фæкæс.

Куыд рауад ацы хабар та… Æз райдыдтон иу заман скъолайы ахуыргæнæгæй кусын, æмæ иу лæппу уыд Гыдтойы цоты халдих. Æз афæрстытæ кодтон кæйдæрты, æмæ, дам, уыцы лæппу у хæсгæ.

Æмæ уæд æндæр куыддæрты базыдтон, уыцы лæппу æцæгæй Гыдтой кæй у. Лæппуйы æфсадмæ куы акодтой, уæд æм чидæр ныффыста, ды, дам, Джимитæй куы дæ, уæд дæхи Мысыкаты мыггагæй цæмæн фыссыс?

Лæппу æфсадæй хъæумæ нал сыздæхт…

Фæсныхас: Джимиты Æхсар у Зилгæйы размæцыддæр лæппутæй, куыста къорд бæрнон бынæтты дæр, фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ дзæвгар цаутæ æмæ хабæрттæ кæй дары йæ зæрдыл иттæг ирдæй, нывæфтыдæй.

Абон уал «Мах дуг»-ы буц уазæг у, фæлæ йын бынтон куы схиуон уаид йæ хæстæг æрвад фысджытæ Хайырбег æмæ Кларæйау, уый нæ тынг æхсызгонæй фæнды.

ТЫЛАТТАТЫ Бексолтан

УАРЗОНДЗИНАД – ÆВДАДЗЫ ХОС

Сæхæм райста уæлдæр ахуырад, фæлæ йын куыст нæй ныр дыууæ азы.

Йæ мад Хадизæт тыхсы, фæлæ йын цæмæй аххуыс кæна? Цы йæ бон у, бæргæ, гæртамваг æм куы уаид, уæд… уæд…

Иу райсом та Сæхæм йæхи рарæвдз кодта куыстагур. Йæ мад æм дзуры:

– Сæхæм, мæ къона, ме ‘фсымæр Аланмæ ма-иу бадзур. Фæсарæнтæй, чи зоны, æмæ ‘рбацыд. Йæхимæ дын куыст куы нæ уа, уæддæр ын зонгæтæ бирæ ис, æмæ дын кæд истæмæй феххуыс кæнид.

Алан йæ куысты разынд. Йæ хæрæфыртыл зæрдиагæй бацин кодта. Сæхæм ын йе ‘рбацыды сæр загъта. Алан æй æрбахъæбыс кодта:

– Тынг хорз афон мæм æрбацыдтæ, мæ цардхæрæфырт! Нæ чызджытæй иу бухгалтер смой кодта Мæскуымæ. Дæ гæххæттытæ ‘рбахæсс æмæ райдай кусын.

Сæхæмæн офисы кусджытæ райдианты æмхуызонæй æххуыс кодтой. Сæхæм дæр семæ се ‘фсымæры хуызæн хъæрмудæй цæры. Йæ фыццаг мызд æнæхъæнай Хадизæтмæ радта. Уый цинæн кæрон нал уыд.

Иннæ цалдæр мызды дæр – афтæ. Хадизæт сæ æмбырд кæны. Бинонтæ кæнын æй хъæудзæн…

Аланæн йæ хæрæфыртæй куы феппæлынц, уæд дзы сæрыстыр вæййы.

Рæстæг цæуы. Сæхæм сæйраг бухгалтеры хæдивæг Лидæимæ цæстæнгасæй кæрæдзи æмбарын байдыдтой. Цалдæр хатты чызджы фæскуыст йæ хæдзармæ дæр бахæццæ кодта. Лидæ у, хæдзарон кæй фæхонынц, ахæм чызг. Уæздан мад æмæ фыдимæ схъомыл. Офисы кусджытæ дæр æнхъæлмæ кæсынц чындзæхсæвмæ.

Бонтæ цæуынц, фæлæ чындзæхсæвы койгæнæг нæй. Сæхæмæн фæзынд ног зонгæтæ, сойвых хæлæрттæ. Мызд нал хæссы хæдзармæ. Хадизæт æнхъæл у, зæгъгæ, Сæхæм йæ мызд чындзæхсæвæн йæхимæ æмбырд кæны. Фæлæ æнафонтæм куы баззайы, хæдзармæ нозтджынæй куы ‘рбацæуы, уæд ыл дызæрдыг кæнын райдайы.

Сæхæм куыстмæ дæр афоныл нал цæуы. Цæугæ та дзы раздæр акæны. Йæ митæ никæй зæрдæмæ цæуынц. Чидæр æм арæх телефонæй æрбадзуры. Сæхæм скатай вæййы. Цы ‘фсонæй федде уа, уый нал фæзоны.

Лидæ йын йæ уавæрæн ницы ‘мбары æмæ тыхсы. Æвæццæгæн æм йæ зæрдæ æруазал. О, фæлæ, æндæр чызгимæ дæр куы не ‘мбæлы. Цыдæр хуызæн сси. Нывыл салам дæр нал дæтты. Раздæр-иу мидбылхудгæ æрбацыд æмæ-иу се ‘ппæтæн дæр хъæлдзæгæй салам радта. Ныр уыцы тарæрфыгæй фæзыны æмæ комкоммæ кæсгæ дæр никæмæ фæкæны.

Иу райсом та адæм æмхуызонæй афоныл куыстмæ æрбацыдысты. Сæхæм зынæг та нæй. Иутæм Аланæн æй зæгъыны фæнд уыд, цæмæй йемæ аныхас кæна. Иннæтæ загътой, банхъæлмæ ма йæм кæсæм, зæгъгæ.

Кæсын дарддæр

Лидæ сæм лæмбынæг фæхъуыста, фæлæ ницы сдзырдта. Йæ зæрдæ уынгæг кæны. Æрæджиау Сæхæм фæзынд. Æнæ исты сдзургæйæ та йæ кусæн стъолы уæлхъус æрбадт. Лидæмæ фæрсмæ дæр нæ кæсы. Дыууæ сахаты цыдæр рацыдаид, афтæ Сæхæмы телефон ныззыланг ласта.

– Хъусын. Хорз, хорз! Зындзынæн…

Æмæ Сæхæм феддæдуар. Лидæ æвæстиатæй йæ фæдыл ахызт. Сæхæммæ тыргъы æнхъæлмæ каст хæрзарæзт лæппу. Салам радтой, кæрæдзи къухтæ райстой æмæ уынджы ‘рдæм фараст сты.

Лидæ сæ баййæфта.

– Бахатыр мын кæнут, фæлæ, Сæхæм, нырма куысты рæстæг куы у, уæд…Чи дын у ацы дзæбæх лæппу?

– Ме студентон азты æмбал у. Æмæ йын иумæ куыстагур цæуæм.

– Рестораны та агурут куыст… æфсапъæйы?

– Цыбырдзырдæй, Сæхæм, уацары хауыс сылыстæгмæ, æмæ… æмæ æз цæуын, – загъта лæппу, стæй цæхгæр фæзылд æмæ фæцæуæг. – Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн, – радзырдта фæстæмæ.

Сæхæм йæ сæр æруагъта. Лидæ йæм хæстæгдæр балæууыд:

– Сæхæм, цы дыл æрцыд, цы? Ай къæссафæлдæхт куы фæдæ. Аланы, дæ хæрзгæнæджы, фæсмойнаг цæмæн кæныс? Ныр куыст куыд зын ссарæн у, уый нæ зоныс?

– Зонын. Æмбарын алцыдæр. Фæлæ ацы лæппуйæ мæ бон фæхицæн кæнын нæу. Нæ кусы, афтæмæй йæм уæддæр та æхца – хæрх. Йæ фыд сойджын бынаты кусы, æмæ…

– Ды дæхи ууыл цæмæн къуырыс? Улупайæ улупамæ куы у дæ цард…

– Æфсарм мæ ‘рцахста: дыууæ хатты мæ йæ зонгæ лæппутимæ фæхуыдта ресторанмæ. Мæхæдæг нæ нуазын, зоныс æй. Фæлæ мæм-иу худинаг каст, нæ нуазын, зæгъгæ, зæгъын, æмæ та-иу æнæнхъæлæджы фæрасыг дæн. Мæн дæр сæ бахъуыд фæхонын…

– Æмæ дæ улупа ресторанæн йæ хъуыртты дæр…

– Æфстау-иу райстон Тамиккæн йæхицæй. Ме ‘мбалæй зæгъын…

– Сæхæм, æргом ма мын æй зæгъ: дæ зæрдæйы ахастдзинад мæм аивтай?

– О, нæ. Бакæсын дæр дæм æфсæрмы куы кæнын. Стæй, зæгъын, уый кæд ды фæизгардзæрдæ дæ мæныл, цыдæр къупригондыл…

– Ныр мæнмæ дæр байхъус. Райсом нæ мызд исæн бон у. Райсдзынæ йæ, æмæ дæ æз уæ тæккæ хæдзармæ ныххæццæ кæндзынæн.

– Æмæ уый аив уыдзæн?

– Ды дæ сæрмæ цытæ хæссыс, уыдонæй бирæ аивдæр. Ныр цом офисмæ.

Лидæ, сихорæн цы хъуыд, уыдон дуканийы райста. Мидæгæй та загъта:

– Фæсивæд! Абон сихор кæнæм мæнæ Сæхæмы хардзæй! – æмæ дзаг хъулон-мулон хызын фынгыл æрæвæрдта.
Иууылдæр æхсызгон сцъиах-цъиах кодтой. Сæхæм, фыр æфсæрмæй ма цы акæна, уый нал зыдта..

Лидæ Сæхæмы куыд хæццæ кодта сæ хæдзармæ, афтæ сæ Хадизæт иумæ цæугæйæ федта рудзынгæй. Йæ зæрдæ цинæй айдзаг. Фæлæ Сæхæм иунæгай мидæмæ куы ‘рбахызт, уæд Хадизæт джихæй баззад, æрмæст ницы сдзырдта.

Дыккаг бон Сæхæм куыстмæ фæзынд афонæй раздæр. Иннæтæй чи куыд цыд, афтæ сын салам лæвæрдта. Уалынмæ Лидæ дæр фæзынд. Сæхæмы куы ауыдта, уæд ныррухсцæсгом, цæстытæ фыр цинæй цæхæр акалдтой. Йæхиуыл фæхæцыд, æрмæст мидбылты бахудт, бацыд йæ цурмæ. Йæ армытъæпæнæй йын йæ сау сæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта фыдуаг гыццыл лæппуйау æмæ йæхи бынаты ‘рбадт.

Иууылдæр æй бафиппайдтой, фæлæ сæхи ницыуынæг скодтой. Фæссихор райстой сæ мызд. Лидæ Сæхæмы цонгыл хæцы, афтæмæй рахызтысты уынгмæ. Пæлæхсæр сусхъæд бæласы бын аууоны бадынц Тамик æмæ йæ халявæуарзаг æмбæлттæ.

– Дæхи сæ æнæуынæг скæн. Ма фæзил уыцырдæм, – аивæй йæм дзуры Лидæ.

Лæппуттæ сæ уынгæ нæ фæкодтой, æви Лидæйæ сæ ныфс нæ бахастой… Уымæй фæстæмæ сæ фервæзт Сæхæм.
Алан куы бамбæрста Сæхæм æмæ Лидæйы ахастдзинæдтæ, уæд иу дзæбæх бон бабæрæг кодта йæ хо Хадизæты.

– Мæ хо! Цæмæ ма у уæ каст? Цæуылнæ кæнут чындзæхсæв?

– Ницæмæй цæттæ стæм нырма…

– Чындзæхсæвæн цыдæриддæр бахъæуа, уыдон – мæ бар. Лидæ иттæг хорз чызг у. Йæ ныййарджытæ дæр – кадджын, нымад адæм. Хорз хæстæджытæ нын уыдзысты. Хъуыддаг ивазын нал хъæуы: хуыцауæхсæв сæм минæвæрттæ барвитæм, æмæ чындзæхсæвы бон снысан кæнæнт.

Аланы руаджы чындзæхсæвы хъуыддæгтæ фæрæвдз сты. Сыхы цæрджытæ æмхуызонæй базмæлыдысты цины бон. Хæстæгæй, хионæй, зонгæтæ дæр – афтæ. Лидæ æмæ Сæхæмы куыстæмбæлттæ æрцыдысты стыр лæвæрттимæ.

Хадизæты хъæлдзæгдзинадæн нал ис кæрон. Уæдæй абонмæ Сæхæм æмæ Лидæ цæрынц уарзонæй. Хадизæты, дыууæ æнахъом лæппу æмæ чызгимæ тезгъогæнгæйæ, арæх фенæн вæййы горæты стыр парчы. Лæгæн цæстырухс у уыдонмæ кæсын.

ДЫУУÆ ФЕМБÆЛДЫ АРСИМÆ

Æрæгвæззæг. Мæ фыдимæ нæхи галæй цæуæм хъæдмæ хъæддаг кæрдотæ ласынмæ. Санибайæ фæуæле стæм. Тæгуызбарзы къуыбыры иувæрсты рахизырдæм ныззылдыстæм. Мæ фыд чысыл фæрæт айста æмæ ахызт уæрдонæй. Цæуы разæй. Куы иуырдæм бауайы, куы иннæрдæм. Кæм цавæр кæрдо ис, уыдон хорз зоны.

Æз гал уæрдонфæндагыл тæрын. Мæ размæ дын рауад æмæ сабырæй дзуры:

– Гал афтæ уадз æмæ æнæ уынæрæй мæ фæстæ рацу.

– Чидæр былмæ хæстæг кæрдо бæлас уигъы æмæ сæ гæр-гæр хъуысы. Мæ фыд æрлæууыд æмæ мын хæрдмæ кæрдо бæласмæ къухæй амоны. Скастæн хæрдмæ. Кæрдо бæласæн йæ цъупмæ хæстæг арс лæууы. Ныууигъы бæлас. Кæрдотæ йыл куы æргæр-гæр кæнынц, уæд йæ сæр ныггуыбыр кæны. Кæрдотæ нал фезгъæлынц, зæгъгæ, уæд та йæ ногæй ныууигъы. Бæласы бын зæхх кæрдойæ – æмыхгæд. Йæ уæлæ ма баззад иугай кæрдотæ. Мæ фыд æм уæлæмæ дзуры:

– Бурхъус! Æгъгъæд у! Рахиз æмæ нæ уидзын бауадз.

Арс нæм ракаст. Чысыл алæууыд, цыма истæуыл хъуыды кодта, уыйау, стæй сабыргай, зивæггæнгæ, æнæбары æрхызт æмæ дæлбылмæ ацыд.

Уый уыд мæ фыццаг фембæлд удæгас арсимæ.

* * *

Мæ фыд кусы Хъобанмæ фæндагыл Уæрæх комы. Бæхтыл суг æфтауц кæнынц фæндаджы былмæ. Уырдыгæй йæ машинæйæ ласынц горæтмæ æмæ дурæвзалыимæ хъарм кæнынц æнæхъæн горæт. Мæ фыд мын бафæдзæхста: хуыцаубоны-иу галæй æрбацу æмæ хъæдурыхъилтæ алас. Куы цыдтæн, уæд мын Дзыцца бæгæныйы балон мемæ авæрдта.

– Уадз æмæ дзы сæ дойны суадзой.

Мæ бацыдмæ лæгтæ æмбырдæй лæууынц. Балон Сандырмæ радтон:

– Хистæр дæ æмæ дзы ракув.

– Диссаджы бæгæны. Нæ зонын, дæ фыд «хор нæй, хор нæй» кæны.

Елдзарыхъо, иу хатт ма дзы аназ æмæ базон, цæмæй конд у, уый.

Ногæй та дзы анызта.

– Арæби, хорæй конд бæгæны цыма у.

– Уый у хуыскъæлæй конд бæгæны, – загъта фыд.

– Æри-ма, иу хатт ма йæ фенон, – анызта дзы. – Хуыскъæлы ад æппындæр нæ кæны.

Фæцæуæм комы хъæдурыхъилтæ кæнынмæ. Фæндагыл цæхгæрмæ цы чысыл дон кæлы, уырдæм.

Куы бахæццæ стæм, уæд дынджыр арс дæр уырдæм æрбахæццæ. Лæууæм доны дыууæ фарсы. Арс Сандыры дæларм чысыл фæрæтмæ бакæсы. Куы нæ змæлыдыстæм, уæд доны иувæрсты ацыд, схызт уæлбылмæ.
Мах дæр сулæфыдыстæм. Уый уыд мæ дыккаг фембæлд арсимæ.

ГАЛЗИЛÆНТÆ

У уалдзæгмæ æввахс. Мартъи йæ фæстаг тыхтæ сæмбырд кодта, хус фæлмæн митæй зæхх æрæмбæрзта. Бæстæ урс адардта. Мит цæхæртæ калы. Цæстытæ йæм нæ фæразынц кæсын. Митæмбæрзт хæхтæй сæумæрайсомы ирдгæ хæссы. Цæсгом æмæ къухтæ судзы. Мит дзабырты хъустæм нæ хæццæ кæны, фæлæ йæ уазал къæхты иннæрдæм хизы. Цæуын Джызæлæй Къардонмæ фæндагыл æвæд миты фистæгæй. Æнхъæл уыдтæн, машинæ кæнæ мæ уæрдон æрæййафдзæн æмæ мæ дарддæр аласдзæн.

Хæсты фæстæ адæмæй кæмæ уыд машинæ!.. Колхозы дæр уыд иу хæлддзаг. Куы йын цæлхытæ нæй, куы – ивæн хæйттæ. Фылдæр бонты лæууыд къодæхтыл.

Уæддæр-иу рæстæгæй-рæстæгмæ акастæн фæстæмæ. Цы нæ вæййы. Уæдта исчи бæхуæрдонæй æрцæуы. Авæрдзæн мæ æмæ мæ дæлдæр аласдзæн. Фæлæ нæй цæуæг. Цæуын. Цæугæйæ, мæ къæхты уазал нæ хатын, фæлæ мæ къухтæ æмæ мæ цæсгом сийынц. Аууæрдын сæ, фæлæ хъарм нæ кæнынц. Цæуын та мæ хъæуы Хуымæллæгмæ. Мæ фыдыхо Райсæ цæры уым. Нæ гал уыдонмæ ис. Фæззæджы дзы сæ куыстытæ бакодтой. Ныр мын дысонизæр мæ фыд бафæдзахста:

– Райсом Хуымæллæгмæ ныццу. Гал ракæн. Уæлгинскæмæ йæ бакæн. Де ‘мхæрæфырттæй кæнæ дæ мадырвадæлтæй кæд никæй бахъæуа, уæд æй Черменыхъæумæ мæ хо Лесгамæ уадз.

Уыцы дард фæндагыл мæ цæст куы ахастон, уæд махинымæр барызтæн. Галмæ фистæгæй, æнæ уæрдонæй цæуын тынг зын кæй у, уый куыннæ зыдтон, фæлæ мæ фыдæн «нæ» зæгъын мæ бон не сси. Фыд фыд у. Йæ ныхасыл «дыууæ» зæгъæн нæй. Цæуын. Фæстæмæ дæр фæкæсын. Мæ фæстæ фæндагыл мæ къахфæдтæ дыууæ рæнхъæй хърихъуппытау зайынц. Къардонмæ ныххæццæ дæн. Адæймаг змæлæг дзы нæма ис. Иууылдæр фынæй кæнынц, æвæццæгæн. Уалынмæ райхъуыст уæрдоны уынæр. Аргъуаны тигъæй æрбазындысты дыууæ урс зыгъар сырх бæхы бричкæйы ифтыгъдæй. Гыбар-гыбургæнгæ Фарныхъæумæ фæндагыл фезгъорынц. Ай мæ, зæгъын, йæ бричкæйы дæлдæр куы аластаид. Куыд загътон мæхимидæг, афтæ бричкæ фермæмæ фæндагыл фæзылд.

Фарныхъæумæ ныххæццæ дæн. Æмбæлæг мыл нæй. Æвæццæгæн, æз æгæр раджы рацыдтæн нæхицæй. Адæм нырма фынæй кæнынц. Ноджы хур дæр мигъты фæстæ бамбæхст. Нартхоры заводы иувæрсты æфсæн фæндагыл ахызтæн. Бæтæхъойыхъæуы ‘рдыгæй мæ ныхмæ иу лæг ссæуы. Цыма мыл уыцы уазалы хур æркаст, афтæ æхсызгон мын фæцис. Йæ къухтæ аууæрдгæ, тагъд-тагъд мæ иувæрсты йæхи фæкодта. Æз ын «дæ райсом хорз» загътон. Уый мæм лæугæ дæр не ‘ркодта. Фæстæмæ ма мæм фæкаст, салам, зæгъгæ, рахъæр кодта æмæ згъорæгау афардæг. Чи зоны, æмæ куыстмæ тагъд кодта кæнæ уазалæй тыхст. Хур нæ кæсы, мит нæ тайы. Мæ дзабыры хъустæ уазалæй ныссалдысты. Мæ къухтæ мæ бæмбæджджыны дзыппыты атъыссын, фæлæ нæ хъарм кæнынц, стæй мæ къухтæ уæгъд куы нæ уой, куы нæ сæ тилон, уæд мын размæ цæуын не ‘нтысы.

Ныхæццæ дæн Хуымæллæгмæ. Астæуккаг уынджы колхозы дуармæ змæлджытæ фæзынд. Сæ фендæй мæ зæрдæ барухс. Цыма нырмæ тар хъæды иунæгæй цыдтæн. Цыма мæ уазал дæр нæ хъыгдары, цыма уазал дæр не сдæн.

Туатæ мыл æмхуызонæй бацин кодтой. Мæ фыдыхо Райсæ мæ йæ хъæбысы схъарм кодта. Фынг арæвдз. Абадтыстæм. Мæ фæллад дæр чысыл æрцыд. Галы сыкъатыл даргъ бæндæн баст, афтæмæй йæ ракодтон. Уынджы цасдæр куы суадыстæм, уæд æй цыма исчи цыргъагæй фæрæхуыста, афтæ уыциу гæпп иуварсырдæм акодта. Йæ фæстæ мæ фæласы. Бæндæны кæрон иу баласы зæнгыл аздыхтон. Йæ мидбынаты æрзылд, йæ хъоппæг цæстытæ мæм сдзагъултæ кодта, комкоммæ мæм кæсы. Йæ ных ын æрлæгъзытæ кодтон мæ армытъæпæнæй. Бæндæн ын йæ бырынкъыл æрбавæрдтон, сабыргай цæуæм. Джызæлæй Хуымæллæгмæ бирæ хæттыты цыдтæн фистæгæй мæ мадимæ, уыцы фæндаг хорз зыдтон, фæлæ Беслæныхъæуæй Уæлгинскæмæ фæндаг нæ зыдтон. Цыдтæн æнхъæлæй. Кæмдæр иу стыр хидыл галиуырдæм ахызтæн. Уым иу сылгоймаджы фæрсын:

– Дæлæ уый Уæлгинскæ у?

– Нæ! Уый Зилгæ у. Кæд Уæлгинскæмæ цæуыс, уæд стыр хидыл фæстæмæ ахиз! Комкоммæ уыцы уынджы ссæудзынæ, стæй фæндаг азилы галиуырдæм, уый дæ бахæццæ кæндзæн, кæдæм цæуыс, уырдæм.

– Бузныг. Дæ салам бирæ.

Хиды фале гал йæ сæр ныттылдта, ныффуттытæ кодта. Бæндæн йæ бырынкъæй феуæгъд, æмæ мæ гал йæ фæдыл цæхгæрмæ уынджы фæласы. Ноджы зæхх – бырынцъаг. Мæ амондæн, миттæ чи сыгъдæг кодта, уыцы сылгоймаг ын йæ фыййаг йæ ныхмæ фæцарæзта. Гал дзыхълæуд фæкодта. Æз ын бæндæн йæ бырынкъыл æлхынцъбаст акодтон.
– Бузныг, – загътон сылгоймагæн, æмæ нæ фæндагмæ æрбахызтыстæм. Иу милиционер мæм ныууырдыг.

– Ацы гал кæй у? Кæмæй йæ радавтай?

Мæнæн мæ зыр-зыр ссыд. Милицæйæ тынг тарстæн цæмæндæр. Гал нæхи гал у, давæггаг нæу, зæгъгæ йын загътон. Радзырдтон ын, кæцæй, кæдæм æй кæнын, уыдæттæ. Ауагъта мæ. Гал, æвæццæгæн, бафæллад, кæнæ та йæ бамбæрста, æндæр гæнæн ын кæй нæй, уый æмæ ‘рсабыр. Йæ ных ын аныхтон. Уый дын мæм йæ цæстытæ æрбазыгъуыммæ кодта. Дзурын æм:

– Æз дæр бафæлладтæн. Æнхъæлыс, демæ архайын мын æнцон у, фæлæ мæ мæ фыды фæдзæхст æххæст кæнын хъæуы.

Бахæццæ стæм Уæлгинскæмæ. Нæдæр ме ‘мхæрæфырты, нæдæр мæ мадырвадæлты бахъуыд гал. Черменыхъæу ардæм тынг хæстæг у. Фæлæ йæм цæуын та хъæуы цæугæдоны сæрты стыр хидыл. Рæстæг цас у, уый дæр нæ зонын, уымæн æмæ хур нæ кæсы, сахат та мæнмæ нæй. Гал дæр æмæ æз дæр тынг бафæлладыстæм. Бахæццæ стæм æппынфæстаг Дзампатæм. Хæдзары бирæ бинонтæй дзы уыд æрмæстдæр Лесга. Бацин мыл кодта. Хæринаг мын æрæвæрдта. Галæн дæр æнтыды бедра йæ разы сæвæрдта.

– Гал ам уадз. Дæхæдæг дæр ахсæв ам баззай. Дæ фæллад суадз. Райсом ауайдзынæ уæхимæ.

Гал мын Джызæлмæ кæнын кæй нал хъæуы, уый куы фехъуыстон, уæд мæ фæллад æрбайсæфт. Ме уæнгтæ сæхиуыл схæцыдысты.

– Лесга, æз цæуын хиды цурмæ. Кæд мæ машинæ кæнæ уæрдонласæг фæуа, уæд ацæудзынæн, кæннод баззайдзынæн ам.

Иуцасдæр хиды хъусыл алæууыдтæн. Машинæ, уæрдон зынæг нæй. Горæты ‘рдæм кæсын. Миты рухсмæ мæм хæстæг фæкаст. Ацыдтæн. Цæуын, цæуын, фæлæ нал æмæ нал хæццæ кæнын. Афтæ мæм фæкаст, æмæ горæт мæнæй лидзы. Фæстæмæ акастæн. Хъæуæй дæр æгæр радард дæн. Здæхæн нæй. Æризæр. Нæ – машинæ, нæ – уæрдон цæуæг. Схæццæ дæн горæты кæронмæ. Хъуыды кæнын, цы фæуон, ууыл. Мæ мадæн йæ фыдыфсымæр Буцкатæм ныллæууин, æмæ горæты дæллаг кæрон цæрынц. Цалынмæ уырдæм цæуон, уæдмæ Джызæлмæ ‘мбис фæндагмæ бахæццæ уыдзынæн. Мæнæ горæты кæрон, Джызæлы фæндаг. Змæлæг нæй. Ацафон цæуын уæндгæ дæр нæ кæнын, æнæ цæугæ дæр мын нæй. Куыд баззайон æхсæвыгон митæмбæрзт фæндагыл. Горæтæй иуцасдæр рацыдтæн. Дард кæцæйдæр мæм хъуысы нæлгоймаджы тарст хъæр. Æрлæууыдтæн. Хъæр дæр басабыр. Араст дæн. Уый дæр та ныхъхъæр ласта. Кæимæдæр загъд кæны, æлгъиты. Дарддæр цæуын мæ ныфс нал хæссын. Æрлæууыдтæн. Кæд хæйрæджытæ сты æмæ мæ фæсайынмæ хъавынц. Мæ зæрдыл æрбалæууыд: Джеоргуыбайы бæрæгбоны фынгыл бадынц сыхы хистæр лæгтæ. Æз сын лæууын уырдыг, дзагдарæй. Сыхы хистæр Асаго дзуры:

– Цыдыстæм хъæдмæ æртæ бричкæйæ суг ласынмæ. Уæд ма хæйрæджытæ æргом цыдысты. Уæлмидты комы чысыл бауадыстæм. Уæлбылмæ фæхæрд кодтам. Гога – разæй, æз – астæуæй, Ганыкко – мæ фæстæ. Ганыккойы бричкæ уæлбылмæ нæма схæццæ, афтæмæй йын йæ бричкæйы шкворин фелвæстой, фæстаг дыууæ цалхы уырдыгмæ рауагътой. Сæхæдæг хъæр кæнынц:

– Гуыррицц Ганыкко, дæ цæлхытæ фæтулынц, гуыррицц, Ганыкко, дæ цæлхытæ фæтулынц!

Цæлхытæ комы смидæг сты. Лæг сæ йæхицæй æлгъитын байдыдта, мад-фыд нал ныууагъта. Хæйрæджытæ та æлгъыст æмæ кардæй тынг тарстысты æмæ æрбадæлдзæх сты.

Ныр Ганыкко тынг базæронд, уæддæр ма йæ мæстæй фæмарынц, гуыррицц, зæгъгæ. Райхъуыст та нæлгоймаджы кæуынхъæлæс. Дардæй йæм дзурын:

– Адæймаг дæ æви хæйрæг?

– Мæхæдæг дæр æй нал æмбарын, кæцытæй дæн, уый, – загъта кæуынхъæлæсæй. Адæймаджы хъæлæсы хуызæн мæм фæкаст. Хæстæгдæр бацыдтæн. Бæх – сугты уæрдоны ифтыгъд. Лæууы æдзæмæй. Лæг нæй. Мæхинымæр загътон, адон æцæгдæр сты хæйрæджытæ, зæгъгæ. Фæсайынмæ мæ хъавынц. Фæстæмæ аздæхон æви æнæ уынæрæй иувæрсты ацæуон? Уыцы рæстæг уæрдоны фæсте разынд лæг, йæ уазал къухтæ æууæрдгæ. Æз æм кæсын. Адæймаг кæй у, уый мæ бауырныдта.

– Хорз лæг, цы дыл æрцыд? Цæмæн лæууыс?

– Бæх оцани у. Дæлæ ма кæс, цалх – уæлæнгай дзыхъхъы. Тыххæст дæр ыл нæ хъæуы, фæлæ ахæм гæбæр бæх у, æмæ йын куыд акæнон?

Мæ зæрдыл æрбалæууыд Хъесаты Къолайы фæдзæхст, загъта йæ мемæ хъæумæ цæугæйæ:

– Бæх оцани у, зæгъгæ, уæд ын лæдзæгæй йæ уæрджытæ æмдзæф бакæн, æмæ йæ уромын дæр нал фæраздзыстут.
– Хорз лæг, дæ лæдзæг ма мæм авæр, дæхæдæг уæрдонмæ схиз æмæ фидар сбад.

Уый мæм æнæууæнк каст æрбакодта. Радта мæм лæдзæг, схызт уæрдонмæ. Æз бæхы уæрджытæ дзæбæх бацавтон. Уый уыциу гæпп акодта. Лæдзæг ма сæппæрстон лæгмæ. Бæх афтæ стырындз, цыма афтид уæрдон ласта. Лæг мæм уæрдоны сæрæй хъæр кæны:

– Бузныг дын! Кæмæй дæ? Дæ ном дæр дын нæ базыдтон…

Уæдмæ уæрдон адард.

Бахсæв. Арвæй рухсгæнæг нæй. Стъалытæ æмæ мæй сæхи мигъты фæстæ бамбæхстой. Миты рухс дæр мын нал кæны æххуыс. Цæуын зæронд фæндагыл. Аэродромы хæдзæрттæй иутæй гæзæмæ рухс кæсы. Уый дæр зæрдæ фæфидарæн ныфсыхос у. Мæстъæгойы æрхы сæрты хидыл хъæлтæ нæй. Ныххауынæй дзы тæссаг у. Къахæй сгаргæ, сабыргай ахызтæн фалæмæ. Цæуын дарддæр. Тæрсгæ дæр кæнын. Фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ, мæ цæстытæ тыхкастæй фæрыстысты. Æрхоны доны сæрты хидыл куы бахызтæн, уæд, цыма, нæ кæртмæ бахызтæн, афтæ мын фенцондæр, тæрсгæ дæр афтæ тынг нал кодтон. Фæлæ, мах кæм цæрæм, уый Къардонмæ хæстæгдæр у. Стæй хъæуы цæрджытæй чидæртæ стыр хъæхъхъаг куыйтæ дарынц. Уыдонæй фæхæцынæй тæрсгæйæ, кæйдæр зæронд кауæй мих сластон æмæ уæндондæрæй, æнæ уынæрæй цæуын хъæуы уынгты. Мæ амондæн мыл иу куыдз срæйæг нæ фæцис. Иу къæбыла куы срæйдтаид, уæд иннæттæ æмхуызонæй, фæдисмæ цæуæгау, рабырстаиккой. Æвæццæгæн, фынæй кæнынц. Фынæй кæнынц нæ бинонтæ дæр. Сабыргай бацыдтæн кæройнаг уатмæ. Мæ фырвæлладæй уайтагъд афынæй дæн.

Райсомæй мæ фæндаджы хабæрттæ Дзыццайæн радзырдтон. Уый мæ фыдмæ хорз фæхæцыд, æвзонг лæппуйы, дам, æгас Ирыстоныл галимæ æнæ уæрдонæй цы ‘рзилын кодтай?!

Мæ фыд бахудт:

– Дзыцца, лæппу ахæмттæй фидар кæны!

Ууыл мæ галзилæнты балц ахицæн.

ÆРЫГÆТТЫ ÆРМДЗÆФ

СÆЛБИТЫ Дианæ

Сæлбиты Тасолтаны чызг Дианæ райгуырд 1983 азы. Каст фæци Быдыры Дæргъæвсы астæуккаг скъола. Уый фæстæ 2001 азы бацыд ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетмæ æмæ йæ 2005 азы сырх дипломимæ каст фæци.
Куыста Хетæгкаты Къостайы ном хæссæг Дзæуджыхъæуы 13-æм астæуккаг скъолайы хъомыладон фарстаты фæдыл директоры хæдивæгæй. Абон та у РЦИ-Аланийы сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы рауагъды редактор.

Сæлбион сфæлдыстадон куыст райдыдта, университеты ма куы ахуыр кодта, уæд. Иузæрдион у ирондзинадыл. Йæ алы хъуыддагæй дæр архайы мадæлон авзаг æмæ литературæйæн балæггад кæныныл.

ЭТЮДТÆ

Идылы

Чызджытыл рæсугъд нæмттæ куыд нæ сæвæрынц, фæлæ Идылымæ цы ном æрхауд, уымæн абарæн ницæимæ ис. Уымæй, бæлвырд бæрæг нæу, йæ мадмæ цы зæд æрдзырдта ном æвæргæйæ, уый, фæлæ йæ афтæ бафæндыд.

Идылы хуымæтæг постхæссæг у, фæлæ бирæ адæмыл не ‘рвæссы. Газеттæ куы фæуары, уæддæр лæгмæ зулмæ фæкæсы, афтæмæй сæ ратты. Хатгай сæ зыввытт дæр ныккæны, зæгъæм, йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы хъазæн ныхас, уæд.

Зноны чызг нал у Идылы. Нæ йæ хъæр кæны, фæлæ йыл иу-дыууиссæдз азмæ хæстæг цæуы. Нырма у йæ тæккæ амондагур. Раст зæгъгæйæ, йæ амонд раджы ссардта: йæ удæй фылдæр уарзы сæ сыхæгты лæг Никъалайы, фæлæ, стыр хъыгагæн, уымæн ис бинойнаг æмæ хуры хуызæн цот.

Кæсын дарддæр

Идылыйы уый нæ уромы, æмæ та цыдæртæ бафæлвары, цæмæй Никъала бамбара, йе ΄цæг амонд чи у, уый. Лæджы куы фены, уæд Идылыйæн куы йæ къах фæбыры æмæ та фæцæйхауы, куы йæ сæр разилы, куы та йæ зæрдæ бахъарм вæййы. Никъала йæ фервæзын кæны, фæлæ æппын, чызджы зæрдæ цæмæ тырны, уыцы хабармæ йæ хъус нæ дары.

Ныр дæр та баныхас кодта Идылы сыхаг чызджытимæ, Никъалайы къуырма зæрдæмæ фæндаг цæмæй ссара, ахæм мадзалыл. Уымæ гæсгæ, чызджытæй хъуамæ иу Идылыйы фесхойа Никъалайы машинæйы ΄рдæм. Идылы ахаудзæн, æмæ, цалынмæ Никъала машинæйæ хиза удаистæй, уæдмæ йæхи сырх цæхæрайæ ацахордзæн. Идылы йæхи мæлыны къахыл лæудау скæндзæн, Никъалайæн йæ зæрдæ судзын райдайдзæн Идылыйæн тæригъæдæй. Æмæ йæм æргомæздæхт дæр кæд фæуид…

Цæхæратæ æлхæнынмæ Идылы фæцыд сахармæ, фæлæ ма уыдонæй уæлдай балхæдта ног къаба æмæ ног туфлитæ. Йæ цæстытыл та-иу ауад, Никъала йæ удаист уарзтæй куыд фæивдзæн, уый…

Мæнæ æрхæццæ уыцы бон. Идылы скодта йæ ног фæлыст. Куы фæталынггæрæттæ, уæд рахызт йæ «амонды фæндагмæ». Никъала сæхимæ цыд уыцы иу рæстæг, тигъы фæзилæны-иу йæ цыд фæсындæгдæр кодта – фæндаг дзы тынг дзыхъджын у. Гъе, уыцы тæккæ ран ын хъуамæ йæ машинæйы бынмæ багæпп кæна Идылы.

Алцыдæр цыд йæ фæндонмæ гæсгæ. Идылыйы зæрдæ йæхи къултыл хойы… Машинæ æрбахæццæ, чызджытæй иу Идылыйы фесхуыста… Уынг йæ цъæхахстæй сарыдта… Цæхæрайы карстæй йæхи парахат айсæрста æмæ афæлдæхт, бауадзыг. Машинæйы дуар фегом, фæлæ дзы рагæпп ласта Идылыйы сыхæгты зæронд лæг Тузар. Идылы фæгæпп ласта æмæ сæхирдæм дæр нæ, фæлæ цæхгæрмæ ныййарц. Чидæртæ ма йæ бæргæ хъавыдысты рынчындонмæ фæласын, фæлæ йæ нал баййæфтой.

Сырх халат

Нæ сыхæгты ус райгуырд сырх халаты. О, афтæ у æцæгæй дæр. Райгуырд. Сырх халаты. Мæхи цас хъуыды кæнын, уыйбæрц зонгæ дæн уыцы халатимæ. Уымæй, раст фæзæгъынц, раздæр дзаумайæн йæ хъæд хуыздæр уыд – æппын ацы халаты хуыз нæ ивы. Хонгæ дæр æй афтæ кæнынц: «Сырххалатджын».

Чындзхаст уа сыхбæсты, гъе та – зиан, Сырххалатджын, йæ уæлæдарæс нæ аивгæйæ, хабары астæу смидæг вæййы.
Уымæй рæстæг цæуы, фæлæ ма йæ халатæй уæлдай нæ ивынц йæ ныхæстæ дæр. Чи кæй уарзы, чи кæй нæ уарзы, чи кæмæн цы загъта, суанг ма чи кæмæй æмæ куыд гуырд у – алцыдæр зоны.

Æргом зæгъгæйæ, сыхæгтæ дзы тæрсгæ дæр кæнынц: йе ‘взаг кæрды фыдбылызы фаг. Куыд фæзæгъынц, дыууæ къодахæн кæрæдзи фæнæмын кæндзæн. Æнæрхъуыдыйæ йæ разы сдзурæн ницы ис – дæхирдæм дын хъуыддаг фæкæндзæн æмæ, зæххыл цы нæ фехъуыстай, уыдон дын зæгъдзæн.

Хуыцау Сырххалатджынæн балæвар кодта иунæг чызг. Йæ мадæй йæм æппын ницы фæцис, йæхицæй уæздандæр адæймагæн скæнæн нæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадæн чызджы уаг йæ зæрдæмæ никуы цыд, æмæ, йæ бон куыд уыд, афтæ дзы æвзыгъд æмæ цæрдæг арæзта. Цæмæй йæ тыхархайд ма фæдзæгъæлы уа, уый тыххæй-иу чызджы схуыдта куы – фых уаллон, куы – æрдæгмард сæныкк, куы та – цъæх гæккуыри.

Æмæ мæнæ иу бон стыр хорз хабар æрбайхъуыст: чызджы аскъæфта замманай лæппу. Мадмæ хæрзæггурæггаг ничи разынд. Никæй бафæндыд йæ цъæх æлгъыстаг фæуын. Уæд сыхæгтæ баныхас кодтой, телефонæй, дам æм бадзурæм. Бадзырдтой.. Сæхи цæстытæй йæ федтой, Сырххалатджын, бирæгъы ниуд кæнгæйæ, куыд расхъиудта дуарæй æмæ кæй атахт æбæрæг ранмæ.

Чи зæгъы, чызг мады куы федта, уæд зæрдæхъарм фæци. Чи та зæгъы, мады хъæр куы айхъуыста, уæд йæхи бамбæхсын кодта хæдзары чъылдыммæ.

Рæстæг рацыд, æмæ иубон сыхæгтæ федтой ног диссаг. Нæ ус уынгмæ кæд æмæ рацыд дзыхъхъынног халаты. Йе сиахс, дам ын æй балæвар кодта. Æрмæст та уый дæр разынд сæнтсырх.

Куырды фырт, æви…

Иу райдзаст райсом мæхи мæ куыстмæ срæвдз кодтон. Гуыдыры аппы дæгъæл фæцавтон, æмæ дын мæ дæгъæлы æмбис мæ къухы куы аззаид, иннæ та – гуыдыры. Ахæм заман мæм афтæ фæкæсы, цыма цард æрлæууыд. Раст ма кæуын дæр афæлвæрдтон, фæлæ йæ хорз зонын, цæссыджытæ лæгæн йæ хъыгыл хъыг кæй æфтауынц æрмæст, æндæр кæй ницы æххуыс сты.

Адзырдтон, гуыдыртæ чи барæвдз кæны, ахæм дæснымæ. Йæ хъæлæсмæ гæсгæ уый Лучано Паваротти уыди.

Æнхъæлмæ йæм кæсын. Куыстмæ мын байрæджы, ай-гъай. Иу сахат куы рацыд, уæд ма сабыр уыдтæн, дыккаджы фæстæ дæр бынтон нæма схъуырмæ дæн. Фæлæ æртыккаг сахат куы аивгъуыдта, уæд та «Лучаномæ» бадзырдтон. Æмæ та мæм уыцы лирикон теноры хъæлæсæй куы сдзурид: «Фæхæццæ кæнын».

Æрбахæццæ. Хъыгагæн, йæ хъæлæсы аккаг лæг нæ разынд. Райдыдта архайын. Дуар-иу куы хойгæ кодта, куы та – цæвгæ сындæггай. Куы-иу æй зети хъуыд, куы та – фæрæт: дуар дзы ратона… Куыст йæ тæмæны бацыд. Лæгæй авд хиды акалд. Кæцыдæр рæстæг сыбыртт дæр нал хъуысыд. Æз сцин кодтон, зæгъын, хъуыддаг конд у. Лæг æдзæмæй лæууы. Дуармæ кæсы, цыма дзы саст гуыдыр нæй, фæлæ йæ усы ныв… Боныфæстагмæ йын бантыст гуыдырæн йæ апп баивын. Йæ фыдæбæтты аргъ мын загъта. Мæ цæстытæ атартæ сты: ахæм аргъæй ног дуар дæр уыд балхæнæн. Æхца йæ дзыппы куы аныгъуылдысты, уæд мæм худæгбылæй æрбакаст æмæ афтæ:

– Куы дæ фæрсой, чи дын скодта дæ гуыдыр, зæгъгæ, уæд-иу зæгъ: «Куырды фырт!». Хуымæтæг лæджы къух дын æм нæ фæхæццæ!

Раст зæгъгæйæ, абон дæр æй не ‘мбарын, афтæ цæмæн загъта, уый.

Æрмæст, мæнмæ гæсгæ, куырды нæ, фæлæ цыдæр … фырт ма уа…

Фынтæ, фынтæ

Адæймаг бæлвырд куы зонид фыны нысаниуæг, уæд-иу рагацау йæхи истæмæ цæттæ кæнид. Вæййы афтæ, æмæ дæм фæкæсы, цыма царды цы хабæрттæ ‘рцæуынц, уыдон ды рагагъоммæ зыдтай, уымæн æмæ ма сæ кæддæр федтай. Фæлæ адæймаг уыдон фыны фены.

Раст цыма дард балцы араст вæййын, афтæ арæх фæуынын мæ фыны Быдыры Дæргъæвс. Уый у мæнæн мæ уарзон бынат. Ме ‘нæмæт дуне. Мæ сабидуджы адджын хъæу. Ам райгуырд, царды ад кæй къухты хъармæй баззыдтон, уый дæр – мæ мад. Мæнæ та мыл цыма иу-дæс азы цæуы æмæ сæрды мæйты мæ бабумæ уазæгуаты дæн Дæргъæвсы.

Мæ сонт фынты дæр æрцæйтæхын йæ уынгты. Скæны сæрдыгон хорз бон. Сыхæгты дуармæ фæбадынц хистæр кары адæм. Бирæтæ дзы хæст сæхи цæстытæй федтой. Мæнæ Мысост. Мæ фыны дæр та мæ нал базыдта, фæхæццæ мæ кодта мæ мадимæ, хонгæ дæр мæ уый номæй кæны. Ай та у мæ бабуйы цæгат. Дуармæ бады бабуйы æфсымæр Хазби. Хæстæфхæрд нæлгоймаг йæ цæстытæ æрдæгæхгæд æркодта æмæ йæхи хурмæ тавы. Хуры тынтæ хъазынц йæ цæсгомыл. Зæгъы та мын: «Ныртæккæ дæ æз уæларвмæ феппарон. Кæс-ма, кæс ацы æнæнтыст чызгмæ».

Мæ кæл-кæлæй худт дзæнгæрæджы цагъдау айхъуыст æнæхъæн уынджы. Цæмæндæр мæм ныр афтæ кæсы, цыма æрмæст ахæм хистæрты уындзынæн æз мæ фынты. Фыны ме уæнгты цыдæр рогдзинад фæзыны. Нæ хæдзарæй гыццыл куы ныууайай бынмæ, уæд дзы ис Æрæфы дон. Æрдз æгас хъæуы йæ хъæбысы бакодта. Алæмæты бæстывæрд. Фыны дæр æй æнкъарын, ме зæрдæйы æхцондзинад куыд бацæуы, цыдæр тыхтæ мын сыгъдæг уæлдæфимæ мæ риу куыд байдзаг кæнынц, æмæ ныртæккæ ме уæнты бынæй фæзындзысты базыртæ. Æз æртæхин Найфаты кувæндоны фæзмæ – ардæм мæ хæрз чысыл сабийæ фыццаг хатт ныккодта мæ мадыфыд. Уый та мын мæ къухыл хæцид, цæмæй йын макуыдæм алидзон. Мæнæн та, куывддзау уæвгæйæ, мæ къухы уаид хоры хуын, уый мын зæрдиагæй бацæттæ кæнид мæ нана.

Найфаты алыварс зайынц æнусон бæлæстæ. Уыдон æруагътой сæ уæззау къалиутæ, сæ цъуппытæ та раст уæлæрвтыл æндзæвынц. Мæн дзы фæндид алы сыфмæ дæр бавналын, сæ алкæцыдæр зæрдæйæн зынаргъ у.

Фынтæ.. фынтæ…

Адæймаджы удæгасæй дзæнæт. Æнкъарыс дæхи амондджынæй!

Æрмæстдæр уæд… О, Къоста, о, æрмæстдæр уæд, суанг абон дæр нæ «зæрдæ хъал вæййы фынтæй»..

Кæй чызг дæ, кæй?

Иу-æхсæз азы мыл цыдаид, уæд мæ мæ мад фыццаг хатт арвыста дуканимæ. Раст зæгъгæйæ, дукани уыд махæй чысыл дæлддæр, фæлæ мæнмæ бакæс… Цыма дуканимæ нæ цæуын, фæлæ фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ… Фæндагыл, æвæццæгæн, мæ цæсгомы æрттывдæй адæм суртæ кодтой (уырны мæ), æмæ нæ сыхæгты устытæн салам дæр нæ загътон. Фæстæмæ куы сцæйцыдтæн, уæд мæ нæ сыхæгты зæронд ус æлхынцъфарст акодта :

– Кæй чызг дæ, кæй?

Æз тынг сæрыстырæй мæ фыды ном куыд нæ загътаин… Дарддæр цы уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ уыцы ус мæ фыдыл куыд нæ амбæлыдаид…

Хæдзары мемæ уыд бæстон ныхас. Цалдæр хъуыдыйадæй мын бамбарын кодтой, хи раст дарын куыд хъæуы, уый.

Уыйбæрц бирæ азтæ дæр нæ рацыд уæдæй нырмæ. Рæстæг фæивта, æмæ – æгайтма. Абоны чызг чызгыл нымад дæр нæу, йæ ивгъуыд царды исты æнæуаг ми куы нæ уа, уæд. Хаттæй-хатт мæм афтæ фæкæсы, цыма Ирыстон Лондон æмæ Нью-Йоркæй дæр размæдзыддæр у рæстæгмæ ист æгъдæуттæй. Уымæйдæр, æбуалгъ митæй æвзæр фылдæрхатт ничи зæгъдзæн.

Чи зоны, æмæ æз фæзæронд кæнын, æмæ мæм Царциаты диссæгтæй диссагдæр кæсынц ног «модæтæ». Зæгъæм, дымст былтæ цæсгомы æрдæгыл.

Уæд дын бауадтæн иу зынаргъ духиты дуканимæ, зæгъын, мæхи арæвдауон. Дуканигæс чызг мæм лæууыд чъылдыммæ, æмæ мæм куы ракаст, уæд мæ фыццаг фæндыд зæххы скъуыды ныххауын, дыккаджы, мæ къухы цы духийы авг уыд, уый йыл фехсын. Фæлæ мæхи фæурæдтон æмæ йæм æдзынæг кæсын, раст æдзухъом сывæллон йæ мадмæ куыд фæкæсы, афтæ. Мæн нæ уырныдта, ахæм адæймаджы хуыз дæр вæййы, уый. Былтæ цæстытæм хæццæ кодтой. Уымæй ма сæ сырх-сырхид ахорæнæй сахуырста, æвæццæгæн, тарст, æнæ ахуырстæй хорз куы нæ зыной. Ау, æмæ æз фыццаг æмæ фæстаг адæймаг уыдтæн, уыцы æнæарæнтæ рæсугъддзинадмæ афтæ лæмбынæг чи каст?! Æмæ йыл цы ‘рцыд, цы?! Цавæр æддаг бакасты революцийы уацары бахаудыстæм, цæмæй афтæ тагъд размæ тæхæм?!

«Кæй чызг дæ, кæй?» – ахæм фарст нал цæуы хъуыддаджы. Кары адæм дæр æнахуыр фесты. Мæн нæ фæнды дзурын, ома, мæнæ раздæр афтæ уыд, ныр та – бынтон æндæрхуызон. Цард размæ цæуы æмæ йæхи ивддзинæдтæ хæссы. Фæлæ æнæфенкъуысгæ хъуамæ баззайой ирон чызджы æгъдау æмæ æфсарм. Æмæ куы фæрсой, кæй чызг дæ, кæй, зæгъгæ, уæд дын арф кæмдæр дæ зæрдæйы хъуамæ худинаг ма уа дæ фыды ном зæгъын!

Кæй фырт дæ, кæй?

Абон, цæмæй дæ къухыныхтæ саив кæнай, уый тыххæй хъуамæ дæхи иу мæй раздæр ныффыссай рады. Зæрдæйы операцитæ чи кæны, уыцы хирургтæм дæр ахæм рад нæ вæййы. Гъемæ æз дæр мæй раздæр мæхи ныффыстон ныхты дæснымæ. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ йæм иу-сахатырдæг куы айрæджы кæнай, уæд ма дын де ′мгъуыдмæ иу мæй афтаудзæн.

Мæ рад æрхæццæ. Гыццыл раздæр æм бацыдтæн. Мæхи фæхсбандоныл æруагътон. Мæнæ-мæнæ мæ рад у, зæгъгæ, афтæ дуар фегом, æмæ мидæмæ æрбахызт зæрдæмæдзæугæ лæппулæг. Афтæ аив уыдысты йе ‘рфгуытæ дæр, æмæ æз мæхимæ маймули æркастæн. Аракæс-бакæс кодта æмæ мæ ныхтæгæнæгмæ баввахс. Йе ‘лхъывд джинс хæлафы йæ бон цæуын куыд уыд, уый абон дæр не ‘мбарын. «Тынг дæ курын, мæ ныхтæ мын акæн. Абон мын тынг ахсджиаг фембæлд ис», – балæгъстæ кодта.

Ныхтæгæнæг мæнырдæм йæ цæстæнгас æрбаппæрста, ома, æз та цы зæгъдзынæн… Фæндыд мæ лæппуйы мæ разæй ауадзын, фæлæ-иу мæ ныхтæм куы ‘ркастæн, уæд та-иу, цыма ницы ‘мбарын, мæхи афтæ скодтон.

Хæрзконд мæ разы æрбадт.

– Хабар куыд у, уый зоныс… Абон мæ хъысмæт сбæрæг уыдзæн. Хъуамæ фембæлон иу стыр лæгимæ, æмæ мын уый кæсдзæн мæ аивтæм, ома, бæззын уымæ кусынмæ.

Мæ сæрæй йын æркуывтон. Гæнæн, зæгъын, нæй. Æвæццæгæн, абон ирон лæджы фыртыл алцыдæр фидауы: йæ ныхтæ аив кæнын дæр, æрфгуытæ тонын дæр, къуындæг джинс хæлаф дарын дæр. Фæлæ…

Æппын ахæмтæн сыхæгтæ дæр нæй? «Кæй фырт дæ, кæй?» зæгъгæ дæр сæ никуы ничи бафæрсы?

Æниу… Кæй ма хъæуынц ахæм хабæрттæ?! Æрмæст ма иуæй-иу ацæргæ адæмы…

Æз та сæ афтæ бафæрсин, сæ сыхаг уæвгæйæ: «Ирон дæ, æви ерунда дæ?..».

Хасан ШАВАЕВ

Балхъайраг прозаик Хасан Шаваев райгуырд 1937 азы Кæсæг-Балхъары Эльбрусы районы Кæнделены хъæуы. У, балхъайраг поэттæй йæ сабидуг æмæ æрыгон бонтæ хасты чи арвыста, уыдоны минæвæрттæй.

Хасаны фыццаг сфæлдыстадон фæлварæн – скъолайы чиныгдоны кусæг Мариям Шекеровайыл киргизаг æвзагыл фыст очерк. Мыхуыры фæзынд 1953 азы Джалал-Абады облæстон газет «Сталинчи жол»-ы («Сталинон фæндаг»).

Балхъайраг адæм, сæ райгуырæн бæстæмæ куы сыздæхтысты, уæд Хасан Шаваев кусын райдыдта газет «Коммунизмге жол» («Коммунизммæ фæндаг»-ы), уыцы иу рæстæг ахуыр кодта Азербайджаны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты.

40 азмæ хæстæг бакуыста балхъайраг газеты культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Абон у литературон журнал «Минги-Тау»-ы прозæйы хайады редактор.

Хасан у къорд чиныджы автор. Йæ радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ чиныгкæсæджы зæрдæмæ æнæмæнг фæндаг ссарынц. У Кæсæг-Балхъары республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг. Фæстаг азты Хасанæн мыхуыры рацыд романтæ «Мадæлты хъæлæс», «Уæллаг ком» æмæ «Акбайы зæйц». Æвдисы, сæ адæмы сын сæ фыдæлты уæзæгæй куыд сыстын кодтой æмæ сæ æцæгæлон бæстæтæм куыд ахастой, уыцы бонты цаутæ.

САУ ÆНДÆРГ

Цæмæй, æхсæрдæс азы дæр кæуыл нæма сæххæст, уыцы къæсхуыртæ чызг Лиуазæйы æрцахсой, уый тыххæй, сæ уæлæ æфсæддон уæлæдарс, афтæмæй æрбацыдысты дыууæ нæлгоймаджы. Се ‘хсæвæнгæс талынг цæсгæмттæ, тызмæг æмæ уæндон цæстæнгас адæймаджы уагътой цавæрдæр æнахуыр тас. Мидæмæ бахызтысты æнæхойгæйæ. Тыхтæ æмæ ма амæлттæй цы самандур хæдзары дуары згæ ричъитæ хæцыдысты, уыдон уыцы дæргъвæтин хъинц ныккодтой. Чысыл мыдадзын цырагъы æвзаг бадыз-дыз кода æмæ, хæддзу уазджытимæ цы дымгæ фæмидæг хæдзары, уый уазал уылæнæй ахуыссыд. Талынг уатæй райхъуыст лæгтæй иуы тызмæг ныхас. Фæлæ дыккаг, æвæццæгæн, йæ цинмæ гæсгæ уыд хистæр æмæ йæ къух фыццаджы уæхскыл авæрдта: уымæй йын æмбарын кодта, ныхас кæнын афтæ тызмæгæй нæ хъæуы, зæгъгæ. Лиуазæ рæвдзгомау дуары цурмæ бауад, бæрзы цъары æхсныф систа æмæ йæ йæ цыргъ кæронæй фæцавта пецы. Уысмы фæстæ райхъуыст писиамæст цырагъы лæмæгъ къæр-къæр, æмæ дзы чызг, кæронмæ чи нæма ахуыссыд, уыцы мыдадзын цырагъ тынгдæр ссыгъта. Цырагъы рухс фаг уыд, цæмæй разыной гæвзыкк хæдзары къуымтæ.

Лиуазæ хъавгæ уазджыты цæсгæмттæм бакаст: зонгæ йын нæ уыдысты, æмæ сабыргай йæ мидбылты бахудт.

Кæсын дарддæр

– Рахизут. Уазæг – Хуыцауы уазæг. Мæнæ ам æрбадут, – загъта чызг æмæ йæ къухæй ацамыдта зæронд фæйнæджытæй конд тъахтинмæ. Фæлæ æрбацæуджытæ сæ бынатæй дæр не фезмæлыдысты. Лиуазæйы зæрдæ катайы бацыд… Йæ дзыгъуыр цæсгом йæ мады хъæбысы анорста. Чызджы сæр йæхимæ æрбалвасгæйæ, йæ тарст цæй мидæг ис, уый не ‘мбаргæйæ, Забитхан каст се ‘нахуыр уазджытæм. Æмæ йæ кæд тынг фæндыд, уæддæр йæ бон нæ баци дыууæ нæлгоймагæн сæ тар хуызтæй дарддæр сæ цæсгæмттæ раиртасын.

– Ацы хæдзары сымахæй уæлдай ничи ис? – афарста æрбацæуджытæй иу. – Зæгъæм, ахæм ныллæг, дæнгæл нæлгоймаг хæмпæл рихитимæ?

– Нæ-нæ… Мæ мад æмæ мæн йеддæмæ ам ничи цæры, – дзуапп радта Лиуазæ. Забитханы йæ чызджы ныхæстæ гуырысхойы бафтыдтой. Уæззау улæфт ныккодта, цыма ныртæккæ райхъал, уыйау, стæй йæ былыл дæндагæй ныххæцыд.

– Сбадут уæ хорзæхæй, – загъта сылгоймаг. – Уæлартыл мын æхсæвæр æвæрд ис. Мæ тутт сæр, раздæр куыд нæ ахъуыды кодтон, цæмæй уын исты ахæрын кæнон, ууыл. Æвæццæгæн, фæндагыл сæххормаг уыдаиккат… Нартхоры ссадæй мамалыгæ афонмæ ацæттæ. – Забитхан пецмæ бацыд, сау алайæдзаг аджы хъæдын сæр фелвæста æмæ цингæнгæ загъта: «Цæттæ у!»

Фæлæ йæм уазджытæ се ‘ргом нæ раздæхтой. Раст æй цыма хъусгæ дæр нæ фæкодтой.

– Дæ фыд та кæм ис? – афарста, æрбацæуджытæй чызгмæ хистæр чи фæкаст, уый.

– Фæмард хæсты. Фронты.

Лæгтæ кæрæдзимæ бакастысты. Иуæн дзы йæ цæсгомыл фæзынд цавæрдæр æнахуыр мидбылхудт.

– Цавæр хæсты кой кæныс? – мидбыл худгæйæ та йæ афарста.

– О, о! Мæ фыд хæсты фæмард! – мынæг хъæлæсыуагæй загъта Лиуазæ.

Æфсæддон ныр бынтон хъæрæй ныххудт. Фæлæ йæ хистæр æмбалы цæстæнгас куы ацахста, уæд йæ сæр æфсæрмыгомау æруагъта.

– Бахатыр кæнут, нæ йæ æмбарын, цы дзы ис ам худæгæй? – афарста Забитхан. – Мæ чызг уын раст зæгъы, йæ фыд æцæгæй дæр хæсты фæмард. Æндæр нæм дзы ницы хабар сыхъуыст. Кæд сымах исты зонут бæлвырд, мыййаг, уæд, уæ хорзæхæй, зæгъут нын æй.

– Бахатыр кæн, нæ хо. Куыд уынын, афтæмæй ардæм рæдыдæй æрбафтыдыстæм, – загъта хистæр æфсæддон. – Мах хъæуы Аскерби Норттаевы чызг Лиуазæ.

– Уый æз куы дæн! – цингæнгæ фæхъæр ласта чызг, цыдæр хорз æм дзы цыма каст, кæй йæ агуырдтой, уымæй. Йæхи ныхъхъæддых кодта æмæ-иу йæ цæстытæ куы йæ мадыл, куы та уазджытыл ахаста.

Æфсæддонтæ дæр кæрæдзимæ бакастысты. Иу чысыл ма куы алæууыдысты, уæд бахудтысты æмæ æнæдзургæйæ дуармæ ацыдысты. Лиуазæйы зæрдæ бауазал, кæд йæ цæстытæ худгæ кодтой, уæддæр.

Забитхан уазджытæн сæ уæлхъус алæууыд:

– Уый та куыд? Ау, афтæ ацæудзыстут, æнæ скомдзаг кæнгæйæ?

– Бузныг. Рæстæг нын нæй, – загъта хистæр. – Мах агурæм Аскерби Норттаевы чызг Лиуазæйы хæдзар.

– Иунæг Хуыцау, æз æппæт зылды дæр никæй зонын ахæм номимæ мæ чызгæй фæстæмæ.

– Кæй кой кæныс?

– Мæнæ ай, – йæ чызгмæ ацамыдта Забитхан.

Уазджыты цыма ивгæ фæкодтой, уыйау фесты. Сæ цæстытæ знæт сыгъд скодтой.

– Кæцы къласмæ цæуыс? – тызмæгæй афарста Лиуазæйы хистæр.

– Æз? Æвдæм. Ахуыр куы фæуон, уæд та кусдзынæн æмæ мæ мадæн æххуыс кæндзынæн.

– Æмæ дæ Кавказмæ нæ фæнды?

– Уæдæ нæ! Тынг мæ фæнды, – чызг ма фыр цинæй хъæр дæр ныккодта. – Нана, фехъуыстай?! Нæ дын дзырдтон, иу бон нын бар ратдзысты нæ фыдæлты зæхмæ ссæуынæн, зæгъгæ.

Уæдмæ ‘фсæддонтæ дæр бамбæрстой, ардæм рæдыдæй кæй не ‘рбацыдысты, уый.

Сæ хистæр, Лиуазæйы ‘рдæм разилгæйæ, бардзырд дæттæгау загъта:

– Рæвдз, мæнæ налат, дæ дзаумæттæ амбырд кæн, махимæ ацæудзынæ.

– О Хуыцау, кæдæм? – ныхъхъар кодта Забитхан, Лиуазæйы йæхимæ æрбалвасгæйæ.

– Мах дын дæ чызджы арвитдзыстæм Кавказмæ. Цыма йæхи дæр уырдæм тынг фæнды.

– Æмæ айдагъ уый цæмæн?

– Афтæ хъæуы.

– Нæ-нæ. Уый тыххæй дзургæ дæр ма кæнут. Мæ бон не суыдзæн æхсæвыгон сымахимæ сывæллоны ауадзын, уæлдайдæр – чызджы. Æз дæр ацæудзынæн уемæ. Мæнæ цы æнамонд дæн, – ныккуыдта Забитхан. – Мæ иунæг удлæууæнæй мæ куыд хицæн кæнут?! Фæлтау, цалынмæ нæма ацыдыстут, уæдмæ мæ амарут…

Фæлæ сау æндæргтæ æгъатыр уыдысты. Забитхан уыцы талынг æхсæвимæ иумæ зыбыты иунæгæй баззад. Дæ фыдгулыл дæр ахæм бон акæнæд.

О, хатгай ныййарæг мады зæрдæйау арв дæр фердиаг кæны. Райсом уыд тарæрфыг æмæ асæст. Сау мигътæ сæхи арвыл байтыгътой. Райдыдта сæлфынæг кæнын.

* * *

О Хуыцау, æвæццæгæн, адæм рæстытæ дзурынц: «Чи цæмæй тæрсы, уый йыл æнæмæнг æрцæуы». Йæхи цас зоны, уыйбæрц Лиуазæ æппæты тынгдæр тарст талынгæй. Куыддæр-иу фæизæр, афтæ-иу æй дуармæ ницы хуызы ракодтаис. Хатгай-иу æхсæвыгон рудзынгæй куы ракаст, уæд-иу йæ цæстытыл уадысты цавæрдæр æнахуыр тугдзых сырдтæ, бирæгътæ æмæ фæтæндзæмбы æрсытæ. Афтæ йæм-иу каст, цыма иууылдæр йæ рудзынджы бын арæмбырд сты, цæмæй йæ уатмæ балæсой æмæ йæ бахæрой. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ ацы изæр, рухс дæр кæдæм нæ хæццæ кæны, уыцы уаты куы баззад, уæд ницæмæй тарст. Лиуазйы уырдæм бакодтой уыцы дыууæ æфсæддоны æмæ йыл дуар сæхгæдтой. Фыццаг уал æнæмад сæныккау рауай-бауай кодта талынг къуымты æмæ-иу йæхи куы къулыл скъуырдта, куы та – дуарыл. Фæлæ уый фæстæ æрсабыр. Бамбæрста, æндæр гæнæн ын кæй нал ис, уый.

– Ма тæрс, мæ къона, – айхъуыста кæйдæр сабыр æмæ фæлмæн хъæлæс.

Мæгуыр чызджы ма гыццыл хъуыд бауадзыгмæ. Йæ зæрдæйæ нылхъывта, улæфт фæкъуыхцы. Дуарыл ма йæхи баныхæста, цæстытæ йæ чысыл къухтæй нылхъывта, афтæмæй ныхъхъæр кæнынмæ хъавыд. Фæлæ йæ бон не сси.
– Ма тæрс, чызг. Ам дын тæссаг нæу, – загъта та ногæй уыцы сабыр хъæлæс. – Сæйрагдæр, боны рухсмæ ныббыхс, æндæр уæд иунæг нал уыдзынæ. Быхсын хъæуы, рæстæг ахæм у. Адæм кæрæдзи удæгасæй бахæрынæввонг систы. Ныры сывæллæттæ дæр сæ къухтæ туджы æвдулынц. Ныййарджыты зæрдæтæ мастæй тонынц… Дæ цæстытæ бахгæн æмæ бафынæй кæн. Уадз, æмæ дæ зæрдæ баулæфа».

– Ардæм мæ цæмæн æрбакодтой?

– Уый дын райсом зæгъдзысты.

– Æз тынг тæрсын. Хуыцауы хатырæй, ма ацу абон ардыгæй. Мæ цуры у…

– Ма тæрс, нæ ацæудзынæн. Æз дæ хъахъхъæндзынæн.

– Дæ хъæлæс дын хъусын, фæлæ дæ нæ уынын.

– Талынг æхсæв у. Æз дæр дæ нæ уынын. Куы æрбабон уа, уæд базонгæ уыдзыстæм. Ныр та баулæф. Дæ рахизфарс сынтæг ис.

Схуысс ыл æмæ бафынæй кæныныл бацархай.

…Уыцы бон уырдæм фæдзырдтой Ошы хъæууонхæдзарадон техникумы студент Барисмæ дæр. Ма тыхс, зæгъгæ йын загътой, бирæ дæ нæ ныууромдзысты.

Барис цы уаты уыд, уырдæм бахуыдтой Кябæханы. Йæ бакастыл бæрæг уыд, фыццаг хатт дзы кæй нæ уыд, уый. Мæллæджытæ, даргъ фындзджын Кябæхан уыд Барисы сыхаг.

Сæ дыууæ дæр цардысты районы центры – Наукаты. Æвдæмкъласон Кябæхан йе ‘мгæрттæй бирæ хистæр зынд. Асæй дæр уыд бæрзонд.

Ныр дæр йæ уæззау ныхас æмæ уæзбын цыдмæ гæсгæ уыд æвдæмкъласоны хуызæн нæ, фæлæ карджын сылгоймаджы хуызæн.

Барисы уынд ын æхсызгон нæ уыд. Йæхи йыл абылысчъил кодта æмæ йæ рæзты ахызт. Барис уый нæ фæхатыд. Бацыд æмæ йæм мидбылхудгæ йæ къух бадаргъ кодта, фæлæ йæ уайтагъд фæстæмæ айста. Афтæ йæм фæкаст, цыма Кябæханы стыр цæстыты арв нæрыд. Йæ уазал андзæвд та йын йæхиуыл банкъардта, æмæ йæ хъустæ ныззыланг кодтой. Цасдæр рæстæг йæ мидбынаты сагъдæй баззад æмæ йын нырæй фæстæмæ æцæгæлон чи у, уыцы Кябæханмæ каст. «Райхъал» æй кодта, уатмæ цы лæгтæ бахызтысты, уыдоны тызмæг ныхас. Барис се ‘хсæн ауыдта Лиуазæйы дæр. Хорз æй зыдта. Уым, Кавказы, сæ хъæутæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты. Ам та дыууæйæ дæр цардысты иу уынджы. Лиуазæйы хуыссæгхъæлдзæг цæстытыл бæрæг уыд, æхсæв æгъуыссæг кæй фæцис, уый. Барисы куы ауыдта, уæд æм базгъордта, йæ хъæбысы йæ ныттыхта æмæ скуыдта.

– Ма ку, сабыр. Цы кодтай? – уæзданæй йæм сдзырдта Барис, йæ дзыккутæ йын лæгъз кодта, афтæмæй.

Нæ йæ зыдта, чызг цæмæн куыдта, уый. Фæлæ иу хабар зыдта бæлвырд: Лиуазæйыл цавæрдæр бæллæх æрцыд.

Æртæ лæджы æрбадтысты æрвгъуыз æмбæрзæнæй æмбæрзт стъолы уæлхъус. Бадомдтой, цæмæй Лиуазæ Барисæй иуварс алæууа. Лиуазæ æмæ Кябæхан сæхи байстой уаты фæйнæ къулмæ, се ‘хсæн та – Барис.

– Ды нын хъуамæ, ацы сылгоймæгтæ цы дзурой, уый бæстон ратæлмац кæнай, – загъта, стъолы уæлхъус астæуæй чи бадт, уыцы бурхил афицер. Йæ маргхъæстæ цæстыты æппындæр тæригъæды стъæлфæн нæ уыд. «Ма ратт, ма райс»-ы лæгмар», – ахъуыды кодта Барис.

Барисæн бамбарын кодтой, тæлмацгæнæджы хæстæ кæй æххæст кæндзæн æмæ йæ куыстыл закъоны бындурыл дзуапп кæй дæтты, уый. Æмæ йын цавæрдæр гæххæттытыл йæ къух æрфыссын кодтой.

Фæстæмæ йæ бынатмæ здæхгæйæ, йæ цæст Лиуазæйыл ахаста, æмæ йæ зæрдæ ауынгæг. Цæссыг хъуыры абадт. Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, балхъайрæгтæ сæ «цытджын фæтæджы» барвæндæй сæ хæдзæрттæй куыд сыстын кодтой æмæ сæ куыд ахстой, уыцы цаутæ. Йæ фыд, зæронд хохаг, цæугæдон Черекы дурджын былгæрæттыл йæхи æрæппæрста æмæ йын йæ уазал донæй зыдæй нызта.

«Кæугæ, æнамонд, кæугæ… – дзырдта уый, йæ уарзон донæн æнустæм хæрзбон дзургæйæ. – Кæугæ, мæ сидзæр!..»
Нæ, уыцы бон Барис никуы ферох кæндзæн. Йæ мидхъуыдыты та ногæй айзæлыд уыцы фыдзыкъуыр афицеры ныхас: «…Ацы сылгоймæгтæ цы дзурой, уыдон…» Бакаст уыцы «сылгоймæгтæм», æмæ йæ зæрдæ байдзаг судзæггаг рыстæй.

– Куыд уыд, афтæ дзур, – уайтагъд загъта афицер, Кябæханмæ кæсгæйæ.

Уый фестъæлфыд, фестад æмæ чысыл размæ рацыд, йæ алыварс чи уыд, уыдоныл йæ цæст æфхæрæджы хаст акодта, уæлæнгай схуыфыд æмæ райдыдта:

– Нæ уарзон фæтæг, нæ фыд, Сталин куы амард, нæ цæстытæ æмæ нæ зæрдæтæ туджы куы мæцыдысты, уæд советон цардыуаджы ныхмæ дзурджытæ цин кодтой. Уыцы бон мах никуы ферох кæндзыстæм. Æмæ йæ зонут, ныхас цытджын фæтæгыл куы цæуа, уæд æз ницæй раз æрлæудзынæн, ницы бавгъау кæндзынæн. Фæлæ мæнæ ай, ацы маргджын калм (сæрæй Лиуазæмæ ацамыдта) йæхицæн бынат нæ ардта æмæ уыцы сау бонты цæттæ уыд кафынмæ. Уе ‘ппæт дæр æй зонут. Уый, Тугъанты Лиуазæ, райгуырд Кавказы, ныр та цæры ам, Наукаты. Уыцы бон мын афтæ загъта: «Кæдæй-уæдæй уыцы рихиджын амард! Ныр нæ æнæмæнг ауадздзысты Кавказмæ». Мæ зæрдæ худинагæй судзы, йемæ иу хъæуы кæй райгуырдтæн, ныр та иу горæты кæй цæрын, уымæй. О, Хуыцау, ноджы ма йемæ иу къласы дæр ахуыр кæнын.

Барис, къуыхцытæ кæнгæ, Кябæхан цыдæриддæр дзырдта, уыдон уырыссагау загъта.

– Мæн тæлмацгæнæг нæ хъæуы, – загъта Кябæхан уырыссагау. Барис йæ былтæ сысчъил кодта. Уыцы рæстæг Кябæханы дзых уыд, мады æхсыр кæуыл нæма бахус, ахæм сывæллоны нæ, фæлæ залиаг калмы дзыхы хуызæн.

– Æз афтæ нæ загътон, – сындæггай сфæрæзтæ Лиуазæ, Кябæханмæ разилгæйæ. – Уæдæмæ цы ‘взæр дæ! Цы дын кодтон уагæры? Æрхъуыды ма кæн, ахуырты дын куыд феххуыс кæнын, уый… Дæ гæды ныхæстæй мæ цæмæн худинаг кæныс?

– Тугъанон, ныууадз дæ сывæллоны ныхæстæ,– фæхъæр та кодта уыцы бурхил афицер, йæ къухы даргъ ручкæ тылдта, афтæмæй. – Куыд бауæндыдтæ не стыр хъыгыл худын, æппæт размæдзыд адæмты хъыгыл?.. Мауал тъиз æмæ фæрстытæн дзуапп дæтт.

– Æз ницы дзырдтон.

– Дзырдта! – йæ тых-йæ бонæй ныхъхъæр кодта Кябæхан. – Æрхъуыды ма йæ кæн, де ‘гъатыр ныхстæ дын дæ цæстмæ куыд дардтон, уый. Нæ уарзон фæтæджы нын куыд фаудтай, йæ фыдгой куыд кодтай. Æмæ мын уæд куыд дзырдтай? Уæд мын загътай: «Æнæхайыр фæу! Цæугæ, æмæ дæ кæмæн фæнды, уымæн хъаст кæн». Æмæ ма ноджы: «Цы мæстытæ нын скодта, уыдон мæрдты фæфидæд».

– Æз ахæмæй ницы загътон, – Лиуазæйы былтыл зыр-зырæг бахæцыд, йæ къухтæ бæндæнтау æруагъта.

Бурхил афицер фæгæпп ласта æмæ йæ фæтæн къухæй стъол æрцавта. Йæ фарсмæ бадæг афицертæ æнæнхъæлæджы фесхъиудтой. Кæсæнцæстыты дзы чи уыд, уый та йæ бынатæй фæгæпп ласта.

Афицер Лиуазæйы йæ цæстытæ ныссагъта. Уымæн фыр тæссæй йæ къæхтæ йæ быны фæтасыдысты, йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Размæ каст, фæлæ уыцы æртæ æндæргæй уæлдай йæ бон ницы уыд раиртасын.

Уаты та ногæй азæлыд бурхил афицеры хъæр. Лиуазæ фесхъиудта, æмæ йæ урс уадултыл сæууон æртæхтау цæссыгтæ æрызгъæлдысты æмæ йæ риумæ хаудысты. Иу афон æм афтæ дæр фæкаст, цыма æрра кæны. Фæлæ иуцасдæры фæстæ йæхимæ цæуын райдыдта. Йæ миддунейы банкъардта æнæнхъæлæджы ныфс. Æрфæндыдис æй, Кябæхан æмæ йын ахæм маст чи скодта, уыдоны сæртæ бандонæй ныппырх кæнын, фæлæ йæхи ныуурæдта.

Ам мæн тыххæй цыдæриддæр загътой, уыдон сты хахуыртæ, – загъта Лиуазæ. – Нæ цин кодтон Сталины амардыл дæр. Æз загътон, зæгъгæ йæ фæстæ чи уа, уый нæ кæд фæстæмæ Кавказмæ ауадзид.

– Дзæгъæлы нæ сæттыс дæ ныхæстыл. Æз дæуæй æдылыдæр нæ дæн , – загъта Кябæхан. – Кæд ахæм ныфсджын дæ, уæд ма мын, уæд цытæ дзырдтай, уыдон ам ногæй зæгъ.

– Æз загътон рæстдзинад! Амарут мæ, фæлæ æз уымæй уæлдай ницыуал зæгъинаг дæн.

Фæракъах-бакъах æй кодтой æнæхъæн бон. Фæстагмæ йын йæ къух æрфыссын кодтой иу гæххæттыл. Дзырд дзы уыд, дард ранмæ йæ кæй æрвитынц, æрмæстдæр скъолайы чингуыты кæй базыдта, ахæм бынæттæм. Уым æй хъуыд арвитын дæргъвæтин æхсæз азы. Зындоны…

Уырыссаг æвзагæй КАСАТЫ Аслæнбеджы тæлмац

ХУЫРИАТЫ Хазби

ХÆРÆФЫРТЫ КУЫДЗ
Æцæг цау

Ацы хабар æрцыдаид 1948 – 1949 азты. Зæронд лæг Хибайы цард-хæрæфырт хæцгæ-хæцын Германмæ ныххæццæ сæрæгасæй. Уым æй рæстæгмæ баурæдтой: æфсæддон ансамблы кафыд. Куы ссыди, уæд æрцард горæты. Гъемæ иу дзæбæх райсом, уæдæ мæ адджын хæрæфырты фенон, зæгъгæ йæм Хиба бæрæггæнæг схæццæ цыдæр амæлттæй.

Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы иу бæрзæндтæ хæдзары дыккаг уæладзыгмæ схызт æмæ, йæ хæрæфырты фатеры дуармæ куыд æрлæууыд, афтæ мидæгæй куыдзы бæзджын рæйын райхъуыст.

– Фатеры куыдз дарынц?! – бадис кодта Хиба. – Æви мæм уый кæртæй æрбайхъуыст?..

Уалынджы дуар фегом, æмæ дзы дынджыр гæмæлхъус куыдз рагæпп ласта, скъуырдта Хибайы, сфæлдæхта йæ æмæ йын йæ зæнджы хæцъæфыл ныддæвдæг, рæмудзы йæ. Куыдзыл дон бакалдтой, æмæ йын æй афтæмæй скъахтой йæ бынæй…

Мæйы бæрц æрдаудта мæгуыр Хиба рынчындоны. Хъæумæ куы æрыздæхт, уæд-иу дуармæ фыдæлтыккон къодахыл бадт. Иуахæмы йæм йæ сыхаг Бæтæхъо йæхи байста, фæрсы йæ:

– Хуыцауы хатырæй, Хиба, мæй зæгъон, цас зæгъон, уыйас æддæмæ куы нал зындтæ, уæд циу, цы хабар у?

– Æнæзонд сæры коммæ куы кæсай, – арф Хиба ныуулæфыд, – уæд бæллæхæн дæр æнæрцæугæ цы ис…

– Бæллæхæн, йæ? – ныддис кодта Бæтæхъо. – Уагæры цы кодтай?

– Цы кодтон, куы зæгъай, Бæтæхъо, уæд адæм Германæй алы хæрзиуджытæ æмæ сызгъæринтимæ сыздæхтысты, мæ хæрз хæрæфырт чи у, уый та дзы, йæ мадыл… фыййау куыдз сæмпъыхта! Æмæ мын мæнæ мæ зæнг бахордта, æркæс-ма мæнæ…

Хиба афтæ диссаджы дæргъвæтин æлгъыст ныккодта, æмæ Бæтæхъо абон дæр ма фæхуды, куы йæ сфæзмы, уæд.

Кæсын дарддæр

ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТÆ
ÆМÆ АВД ЦУАНОНЫ

Ацы таурæгъон зарæг адæм скодтой XIX æнусы кæрон. Уæддæр та Хъæрмæдоны цъити ратыдта, бирæ адæмы фесæфта.

Зарæг дины ахорæнты æвдылд кæй у, уый йыл бæрæг дары. Зарыд, дам-иу, æй хъуыстгонд хорз лæг Хъæрæцаты Солтан.

Авд цуаноны, зæгъы, Хъæрмæдоны комы. Иу райдзаст бон цуаны куы бацæуынц æмæ ‘Фсатийы лæвæртты æргъом, цингæнгæ, суары былмæ куы бахæссынц. Сæ хæрзгæнæджы ном фынгыл нæма ссарынц, афтæ суары сæрмæ арвы талынг ныррухс. Уый Хуры чызджытæ сæхи найынмæ æртæхынц æмæ сæхи мадардбæгънæг ракæнынц. Цымыдис цуанæттæ къутæрты фæсте æрæмбæхсынц, чызджыты буармæ кæсгæйæ, сæ туг рафыцы, зæрдæтæ ‘нкъусынц, дзуæрттæм кæсгæйæ. Уалынмæ дзы иу чызг цуанонимæ фемдзаст. Дзуары бæгънæгæй хъуамæ зæххон ма фена! Хуры чызджытæ ныппæррæст ластой уæларвмæ. Рухс фæд айсæфт, сæ фæстæ æмбæрзгæ. Хуыцауы дуар Хуры чызджытæ ныххостой, мæлæт дзы ракуырдтой къæйных цуанæттæн. Уайтагъд комы ахæм дымгæ сыстад, кардау лыг чи кодта, артау та – судзгæ. Калдысты цъититæ, къæдзæхтæ хаудысты, ком байдзаг и донæй, къæвда дæр фемæхст. Цуанæттæ нал арынц рындзмæ сæ фæндаг. Бамбæрстой цуанæттæ, цы бакуыстой, уый. Æрхаудтой сæ зонгуытыл, Уастырджимæ скуывтой, Хатыр æмæ дзы æххуыстæ куы куырдтой. Февзæрди Уастырджи уайсахат сæ цуры.

Арвцæвæн ехсы хъæдæй сæ уый радыгай фелвæста донæй, рындзмæ сæ сæппæрста… Хъæрмæдоны комы иу абонæй иннæмæ адæмы цинæн куы нал уыд кæрон дæр. Уастырджи – хæрзгæнæг, зæгъгæ, дам, куы дзырдтой æмæ йын сызгъæрин тæбæгъты бирæ фæкуывтой…

1993 аз

ТУХГÆ ÆХСАРГАРД

Ацы таурæгъ мын 1929 азы 20 февралы ракодта мæ фыдымад Дзæнæ.

…Уый раджы уыди, тынг раджы, ныры Дзуарыхъæуæй ма суанг Гуысырайы онг зæххытæ иу кæсгон æлдары куы уыдысты, уæд. Уый карзæй домдта, цæмæй йын Куырттаты ком фидой зæхх æмæ фæндаджы хъалон.

Нæ йын састысты, нæ йын разы кодтой, ноджы ма йын фæстагмæ йæхиуыл тых кæнын дæр ма байдыдтой. Иухатт бавдæлдысты, æмæ æлдары фосы рæгъау хохы фæсвæд ранмæ атардтой. Йæ фæсдзæуинтæ фæдис систой æмæ куырттатæгты скъуымбил кодтой комы нарæджы.

Уыцы тохы йæ фыртимæ архайдта Тохтиты Тохтидзаналды дæр. Уалынмæ кæсгоны фатæй фырт фæмард. Фæлæ уæды хæстон æфсармы æгъдаумæ гæсгæ ирон фыдæн не ‘мбæлд йæ фырты марды койтæ кæнын, хæцын хъуыд дарддæр.

Фыд кæсы, æмæ иннæтæй дæр йæ лæппумæ хæстæг цæуæг нæй, йе ‘мтох æмбæлттæ тæппудæй къæдзæхты аууон бамбæхстысты.

Тохтидзаналды айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæхæдæг фелвæста йæ фырты мард, йæ бæхы саргъыл æй дæлгоммæ æрæвæрдта, йæ къубал æмæ йын йæ къæхтæ бæхы гуыбынмæ бабаста, бæхы фесхуыста æмæ йæ йæхи бар ауагъта: уый хæдзармæ фæндаг хорз зыдта. Стæй йæхи рындзмæ систа, сапы дурты фæстæ æрбадт, ныхъхъавы – æмæ фæд-фæдыл æлдары фæсдзæуинтæй æртæ æрфæлдæхы. Æмæ куыннæ уыдаид афтæ дæр, кæд æмæ топп æхсынæй ерысты Куырттаты комы уый ничи ‘мбылдта. Йæ сæрты-иу ын радыгай карчы æйчытæ ‘хстой, æмæ-иу Тохтидзаналдыйы цæст никуы фæмæнг.

Æлдары дæлдæртæ фæуыргъуыйау сты. Æмæ уæд комы лæппутæ Тохтидзаналдыйы фæндонмæ гæсгæ сæхи уырдыгæй айстой, йæхæдæг уым баззад йæ фырты туг райсыны охыл.

Фыййаджыдоны галиуварс Хуыскъададжы æлдарæн уыд фæлладуадзæн бынат: егъау кæрдо бæласы саджилæджы скæнын кодта сæрмагонд бадæн, уырдыгæй-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн алырдæмты фæлгæсыд, хордта æмæ дзы нызта, ардæм æм цыдысты йæ уазджытæ дæр. Тохтидзаналды хъæды тарфы быгъдæг быдыры цæуæгау цыд. Æмæ дзы ахæм бынат ссардта, æлдар æм хорз кæдæм зындаид. Æртæ боны æмæ дзы æртæ æхсæвы дзæгъæлы фæхъахъхъæдта, фæлæ цыппæрæм райсом кæсы, æмæ уæлæ ‘лдар йæ фæсдзæуинтимæ фæзынд. Æрмæст цыдæр æрæгмæ хызт йæ саджилæгмæ. Цæуыл уыдаид йæ фæстиат, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ фæссихор схызт йæ уарзон фæлгæсæн бынатмæ. Дæрдтыл та фæлгæсы, комдзаг кæны, махсымæ нуазы. Тохтидзаналды бæстон ныхъхъавыд, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ: æлдар æнæ хъыпп-сыппæй рафæлдæхт, хаугæ-хауын йе ‘взист тухгæ ‘хсаргард иуварсырдыгæй бæзджын пыхсытæм асхъиудта.

Йæ фæсдзæуинтæ фыртæссæй уый нæ фæхъуыды кодтой, се ‘лдары фелвæстой æмæ лидзæг фесты. Тохтидзаналды дæр йæхи хъæд-хъæд айста, Гуысырайы сæрмæ рагъыл коммæ ныххызт. Не ‘лдары нын чи амардта, уыдон мах дæр ам цæрын нæ ныууадздзысты, зæгъгæ, кæсæг сæхи уырдыгæй айстой, æмæ уал, абон Зилгæ, Хъахъхъæдур æмæ Кæрдзын кæм цæрынц, уырдæм сæ ных сарæзтой.

Кæддæр-уæддæр уыцы тухгæ ‘хсаргард ссардта Ногхъæуы цæрæг, Цæлыккаты дынджыр Дзадже кæй хуыдтой, уый. Æнæхъæн мыггаг дæр дзы мæнæ хъал уыдысты! Хъусæй-хъусмæ куыд æрхæццæ хабар, афтæмæй йæ Дзадже Турчы хæстмæ йемæ ахаста æмæ, дам, йæхæдæг дæр нал æрбаздæхт, æхсаргард дæр уым æрбацыдæр.

БЕСТОЛЫ ЦЫРТ

Хистæртæй йæ куыд фехъуыстон ацы таурæгъгонд, афтæ йæ фæлхатын…

Бестол, дам, уыдис дæлæмæдзыд, йæ къуыпрагъ фындзы бын хаста бур хъæмприхитæ, уарзта дзæбæх бахæрын æмæ бануазын, иухатт æй йæ сыхæгтæ сæ кæркдоны дæр баййæфтой…

Йæ адзал æрцæуы, уый цыдæр æгъдауæй банкъардта æмæ иу бон йæ хистæр фырт Мысосты раджы сыстын кодта æмæ йæ уæлмæрды фале хъæугæрон æппæты райдзастдæр ран уæлбылы бæрзонд бырынкъмæ акодта, загъта йын:
– Ацы тæккæ ран мын-иу ныссадзут дурын бæрзонд цырт! Хъусыс?

– Ау, уый та куыд? – ныддис кодта лæппу. – Æмæ дæ ам куыд баныгæндзыстæм? Цы цæсгомæй?..

– Ныгæнгæ мæ-иу хъæуы уæлмæрды бакæнут æмæ мын уым мæ ингæныл ныссадздзыстут нæ гæдыбæласæй цырт. Уый тагъд бамбийдзæн, фæлæ-иу æй баивын ма сфæнд кæнат! Хъусыс? Ам та мын хъуамæ лæууа дурын цырт…

Мысост йæ фыды æнахуыр фæдзæхст йæ мад Хамбечерæн куы радзырдта, уæд ын уый дæр загъта:

– Марды фæдзæхст æнæмæнгæй сæххæстгæнинаг у, науæд йæ тæригъæды цæуыс, æмæ дын æй нæ ныббардзæн…

Мысост йæ фыды фæдзæхст сæххæст кодта, абон дæр ма дурын цырт тæккæ рухс уæлбыл сæрыстырæй лæууы, ницæмæ дары дымгæ, къæвда, зымæджы уазал, сæрды тæвд, афтæмæй алырдæмты ныр сæдæ азы бæрц фæлгæсы.

Хатгай адæм кæрæдзийæн уайдзæфы хуызы фæзæгъынц:

– Цытæ кæныс уый, Бестол дæ, мыййаг?..

Искæмæн хъæугæрон уæлбыл куы фæамонынц, уæд ын фæзæгъынц:

– Уалæ Бестолы цырты цур…

Науæд та афтæ дæр:

– Дæхи цы нысхъæл кодтай, кæд мын Бестолæн цыртæн сагъд нæ дæ!

Æрæджы мын нæ хъæуы иу лæг афтæ дзырдта:

– Адæймаг амæлы дыууæ хатты: йæ уд куы сисы, уæд, стæй йæ адæм куы ферох кæнынц, уæд. Бестол кæд адæмы хæрзтæй нæ уыдис, уæддæр цы хин æрхъуыды кодта! Ныр ды цыфæнды кадджын дæр у…

МАСТИСÆГ БÆХ
Æцæг цау

Уырысхан фабричы хицау цы бон сси, афтæ йæхи тызмæгæй равдыста, ома, сæйраджыдæр, куыстыл тыхсæгæй домаг дæн. Афтæмæй та-иу раст нæ уыд, бирæ кæйдæрты дзæгъæлы ‘фхæрдта. Фæлæ йын фæрæзтой амы кусджытæ, хъаст нæ кодтой. Æцæг ын Михел нæ ныббыхста…

Иннæ бонтау та рагацау фæзынд йæ куыстмæ, кæрты астæуты цæугæ-цæуын ног газет кæсы, гыццыл ма бахъæуа, æмæ директоры ма скъуыра.

– Ныр цафон у? – сбустæ йыл кодта Уырысхан. – Æз директор куы дæн æмæ ам дæ разæй куы ‘рбалæууыдтæн. Нырмæ дæ бæх ифтыгъд кæй нæу, уымæн цы ‘фсон и? Мæнæ кæрт бырæттæй кæй байдзаг, уый нæ уыныс? Газет кæсынмæ дæ ‘вдæлы?!

Михел æй хорз зыдта: гыццыл дæр æм фæстæмæ сдзырдтай директормæ, зæгъгæ, афтæ дæ бынтондæр куыдзы хæринаг бакæндзæн! Фæлтау хъусæй лæуу.

Бæхдоны дуар байтыгъта, йæ бæх Алайыл хуымæтæджы цин бакодта! Йæ мыр-мыр ссыд, йæ къæхтæй кафæгау скодта. Михел ын йæ дæрзæг армытъæпæнæй йæ ных æрсæрфта, Ала дæр ын уæд йе уæхскыл йæ сæр æруагъта. Михел хъуыдытыл фæцис:

– Уаих фæуай, нæ директор! Иу хатт иу лæгъз ныхас дæ дзыхæй куыннæ схауы? Æрбакæс-ма, ай хайуан куы у, æмæ ма уый дæр цин кæнын куы зоны…

Бæх уæрдоны сифтыгъта, æмæ йæ мæнæ ныр бæхдонæй ракæна, зæгъгæ, афтæ та директоры хъæр айзæлыд, стæй йæхæдæг дæр дуарæй æрбакаст:

– Кæдмæ йæ радау-бадау кæндзынæ? Нæ бырæттæ нын уæ бæсты ныр Пушкин хъуамæ аласа?

– Æз уал раздæр хъуамæ бæхмæ базилон, – сдзырдта йæм Михел. – Цы куыст и мæ бæрны, уый æххæст кæнын. Цæмæн мæ ‘фхæрыс Хуыцауы дзæгъæлы?

Уырысхан бæхы цур алæууыд æмæ ноджы хъæрдæрæй фæкодта:

– Ды куыд уæндыс мæнмæ фæстæмæ дзурын? Æз директор дæн! Ды та дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр мæнæ ацы дæлæмæдзыд хайуаныл кусæг!..

Уæд дын ын Ала уыциу лæбурд фæкодта Уырысханы риумæ, цалдæр хатты йæ ныууыгъта, стæй йын йæ дыууæ цонгыл дæр фæхæцыд. Хуыцау хорз, æмæ йæ Михел иуварс ариуыгъта.

Адæм фæфæдис сты, директоры бæхы сæтæй дзæгтæй æмæ йæ цæнгтæ тугæй амæстæй кæрдæгыл æрæвæрдтой. Иутæ загътой, афтæ йын хъуыдис, зæгъгæ, иннæтæ та тæрхæттæ хастой, Михелмæ цавæр æфхæрд æрхаудзæн, ууыл. Чидæр та дзы Алайы дзыхы сæкæры къæртт фæцавта – диссаг, куыд разынд йæ дзыппы…

ЦУАНЫ
Аргъаугонд

Иу стыр Хицау цалдæр æмбалимæ цуаны ацыд. Бæрæг ран сæм комы дымæджы цуанæтты хистæр æнхъæлмæ каст. Радзырдта сын цуаны карз æгъдæутты тыххæй, стæй сæ алкæй дæр хицæн рындзыл сбадын кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хицауæн равзæрста æппæты хуыздæр бынат: сырдты куы раскъæрой, уæд æнæмæнг уый рæзты цæудзысты.

Цуан се ‘нтыстджынтæй нæ рауад. Куы бамбырд сты, уæд кæсынц, æмæ дзы æрмæстдæр сæ иу фесгуыхт: сычъи сфæлдæхта. Æмæ уæд Хицауы къухы та цы бафтыд, зæгъгæ, бацымыдис сты, фæлæ Хицау зынæг нæй. Куы нал æмæ куы нал зынд, уæд скатай сты, загътой, цы амардта, уый, дам, æгæр уæззау у, æмæ йæ æвæццæгæн нæ фæразы… Уæддæр, цы нæ вæййы, зæгъгæ, алырдæмты хъæр систой, хæрдмæ ‘хсынц. Нæй, Хицау нæ зыны. Уалынмæ сæ иу кæсы, æмæ дæлæ къудзиты иу тæрхъус нынныгъуылд, зыр-зыр кæны. Уый дзæгъæлы нæ уыдзæн, ай исты бæрæг хабар зоны, зæгъгæ йæ рацахстой æмæ йæ фæрсынц:

– Гъей, хъилхъус, не ‘мбалыл нын дæ цæст никуы ‘рхæцыд? Ма тæрс, цы федтай, уый æргом зæгъ. Науæд!..

Тæрхъус сæ, æмризæджы ризы, афтæмæй бирæгъы хъоргъы хъæлæсмæ бакодта. Куыддæр мадæл бирæгъ цуанæтты ауыдта, афтæ фæцæйлыгъд, цуанæттæ йыл ралæууыдысты. Хицауы фæд уым нæ разынд, æмæ та тæрхъусы къуымы батардтой, асайдтай нæ, зæгъгæ. Фæлæ сын уый бамбарын кодта, бирæгъ, дам йæ цæрæн хуыккомы цур никæй фæхæры æмæ ма, уæртæ фалдæр цы дзыхъхъытæ ис къардиуы был, уым фенут.

Дæ балгъитæг афтæ: Хицауы дынджыр сæр æмæ ма дзы цыдæртæ иу дзыхъхъы разынд…

Тæрхъусы ауагътой, аздæхтысты, бирæгъы кæм амардтой, уырдæм. Акъæртт æй кодтой – йæ хуылфы разындысты се ‘мбалы зынаргъ худы æрттиваг гæбæзтæ, йæ дуне ордентæ æмæ майдантæ.

Йæ сæры фарсмæ йын сæ æрæвæрдтой æмæ сæ хъæумæ æрбахастой…

Йæ чырыны уæлхъус дзы бирæ хорз ныхæстæ загътой, ард ын бахордтой, никуы дæ ферох кæндзыстæм, зæгъгæ. Дзæбæх фæцæл кодтой йæ бæркад-бæрæчетджын хисты, хъæргæнæг кæмæ нæ уыд, уыцы хистхор адæм дæр…

Æрмæст ыл иу ацæргæ сылгоймаг кæуынæй не ‘фсæст: йе ‘взонг бонты уарзон уыд Хицауæн, мæнæ ма йæм адæмы хъæр куы хъуыст, уæд…

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВ
Æцæг цау

Рагæй нырмæ дæр Хæйрæджыты æхсæв никæмæ цæуын æмбæлы уазæгуаты, суанг ма мадызæнæг хо кæнæ æфсымæрмæ дæр. Бинонтæ хъуамæ кусартæй суадзой туг, арæхдæр хъуамæ ‘ргæвстаиккай сæгъ.

Уыдис ма ахæм ныхас: ацы ‘хсæв чи нæ бафсæда, уый афæдзы дæргъы никуыуал бафсæддзæн. Æмæ, æвæццæгæн, уыйадыл хæйрæджыты бæрæгæхсæвы хойрæгтæй бинонтæй дарддæр хъуамæ мачи фæхъæстæ уыдаид.

Фæлæ Хъамбол, æгъдауылхæст адæмæй нæ уыд. Гуыбындзæл, арахъхъы къупри, æнæуаг адæймаг. Хорз æй зыдта, йæ хо Зæлда йæ сидзæртæн сæгъ кæй хæссы, уый. Хъамбол рагагъоммæ йæ бинойнаджы баййардта, цæй, нæ хæйрæджытæн нывондаджы акусарт кæнæм, зæгъгæ. Зæлдайы кусарт дæр акæнын хъæуы æмæ, дам уал уырдæм суайон. Æмæ уырдæм фæраст, фæлæ йыл амбæлд Созырыхъо æмæ…

Зæлдайæн йæ кусарт йæ сыхæгтæ акодтой. Фынг сын ацарæзта, бæрæгбоны зæрдиаг арфæтæ фæкодтой бинонтæн æмæ ацыдысты.

Уалынмæ Хъамбол дуар йæ сæрыл æрбахаста. Куы бамбæрста хабар, уæд ма, йæхи рæстытæгæнгæ, цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта. Зæлда йе ‘фсымæрыл бацин кодта, кæд фыццаг хорзау нæ фæцис, уæддæр. Кусартгæнджытæн цы фынг æрцæттæ кодта – карк, уæливыхтæ, уыдон ын æрæвæрдта, ома, кæд афоныл сæхимæ ацæуид, зæгъгæ. Ома, æвæтчиæгтæй нæ фæхъæстæ уаид… Фæлæ ‘фсымæр сидт сидты фæдыл уадзы, йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй ацæуын.

Уалынмæ Хъамбол йæ сæр къулыл банцой кодта, йæ сым-сым фæцыд. Зæлда йæ ныууыгъта:

– Сыст! Ацу уæхимæ! Адæмы фæстæ та ардзыстут уæ хæйрæджыты ном? Хъамбол гуыппытæгæнгæ дуарæй ахызт. Фæндагыл цалдæр хатты фæкалд. Кæддæрты куы ныххæццæ сæхимæ, уæд фесхъæл, ома, лæгау лæгæй равдиса йæхи Афассæмæ. Фæлæ дуарæй бахауæгау кодта, тъахтиныл æрфæлдæхт. Йæ цардæмбалы загъд æм дард кæцæйдæр хъуыст:

– Цард ныл уымæн нæ хæцы, æвæстаг дæр, æнамонд дæр уымæн стæм, æмæ иу хатт адæмы хуызæн нæ бакувæм, нæ балæгъстæ кæнæм нæ кувинагæй. Алы аз дæр, адæм кæмæй тæрсынц, уыдоны нæхиуыл ардауыс!

Йе ‘рдиаг дзæгъæлы уыд æфсинæн: Хъамбол тарф фынæй бацис. Иу рæстæг хæйрæджытæ февзæрдысты йæ цуры. Кувыныл сын фæцис. Оммен ын кæнынц. Зæронд хæйрæг хъуыддаг йæхимæ айста:

– Ацы азы æппæт курджытæ-кувджытæй дæ куывд, Хъамбол, æппæты хæстæгдæрæн райстам æппæтæй дæр нæхимæ, æмæ зæгъ, цы хорздзинæдтæ дæ хъæуы, æппæт уыдæттæ!

Хъамболы зæрдæ ныггуыпп-гуыпп кодта, адзæгъæл, нал хаты, нал арæхсы, цы зæгъа, уымæ. Зæронд хæйрæг æппæт-æппæт кæй кæны, уымæ дæр йæ хъус не ‘рдардта: адджын фын у йæ фын! Адаудта хæйрæджыты сæйраг йæ тæнæг боцъо æмæ йæм дзуры:

– Лæвар дын кæнæм сыгъзæринты голлаг. Уайгæ, бел рахæсс, æмæ цом немæ…

Лæгæн йæ сæр разылд æнæкæрон зæрдæвæрæнтæй: цас æм уыдзæн фос, цæрæнуæттæ, суанг ахæццæ номыл ус ракурыны фæндмæ дæр.

Бел радавта, цырд фæраст хæйрæджыты фæстæ. Хъæугæрон къудзитæм бацыдысты, зæронд хæйрæг ын иу ранмæ ацамыдта, мæнæ ам ракъах, зæгъгæ. Хъамбол, æвæццæгæн, йæ царды бонты ахæм рæвдз æвнæлд никуыма бакодта куыстмæ, уайтагъд сыгъзæринты чувал голлаг разынд.

Хæйрæг æм дзуры:

– Ахæсс æй! Æцæг ыл уыциу хæст скæн. Науæд æрбадæлдзæх уыдзæн.

Хъамбол æнæ хъару нæ уыд, фæлæ ныр йæ фæлтæрæнтæй куы ницы уад, уæд йæ зæрдæ фæцæйскъуыд. Зæронд хæйрæг та йæм дзуры:

– Кæуыл æууæндыс, ахæмтимæ райсом æрбацу, æмæ йæ иумæ ахæссут. Æцæг-иу…

Хæйрæг æрдæгыл куы фескъуыдта йæ ныхас, уæд Хъамбол фехъал мæстæй хæлгæйæ: цæуылнæуал ын загъта уыцы хæрæг хæйрæг, цы ма йæ бакæнын хъуыд, уый?! Æппынæрæджиау æм бахъардта, æппæт дæр фыны кæй уыдта, уый. Цуттытæгæнгæ, йæхи хъуыдыйæ чъылдыммæ куыд фæцæйцыд, афтæ фæкалд, ахауд æмæ йæ цæсгом æргæвст сæгъы ахсæны фаджысы аныгъуылд. Йæ додоймæ Афассæ фæфæдисон. Къранты бын æй куыд æхсадта, афтæ йæ хъустыл æнахуыр хъæлæс уад сæумæдалынджы арвæй:

– Цы тæригъæд дæ, цы, сылгоймаг: лæгæнхъæл дзы кæмæнты фæбыхсыс!..

1996 аз, 10 январь

СТАЙ ÆМÆ ÆХХУЫРСТ ЛÆППУ

Хæрз æрыгонæй фехъуыстон таурæгътæ дзурæг курдиатджын зæронд лæг Борсиаты Дадойæ ацы æмбисонды хабар.

Цæвиттон, мæнæ ма адæм æххуырстытæ куы дардтой, уæд иу æхсарджын лæппу йæ лæскъдзæрæны уавæр йæ сæрмæ нал хаста æмæ ‘лдарæн цыдæр фыддæрадæнтæ бакодта, йæ кæрддзæмджын кард дæр ын ахаста æмæ хъæдмæ алыгъд. Фæлæ йын æндæр адæмы æхсæнмæ балидзæн нæ уыд: æндæр æххуырстытыл æлдариуæггæнæг æй æнæмæнг фæстæмæ ‘рбакодтаид йæхи æлдармæ.

Уæды рæстæджы ма бæстæтæ уыдысты сырдæй се ‘дзаг. Уымæ гæсгæ, иуæй, хъæды тынг тæссаг уыд, иннæмæй та дзы цуан кæн. Фæлæ уал дыргътæ æмæ кæрдæджыты фæрцы тыхамæлттæй цард. Иу бон дын стайы бæласы цонгыл хуысгæ ауыдта æмæ æрæмбæхст. Бирæ йæм фæкаст æмæ йæ бамбæрста, стай зын уавæры кæй ис, уый, хæстæгдæр æм бахъуызыд. Уымæн йæ сæр фезмæлын кæнын дæр йæ бон нал уыд, йæ фæстаг рахиз къах ныррæсыд.

Лæппу хус къалиуæй рæхойæн цыргъ скодта, бацыд стаймæ æмæ дзы уыциу рæхуыст скодта рæсыд къах – йæ хæф фемæхст. Сырдæн фенцондæр, афæлвæрдта сыстын, фæлæ йæ бон нæ баци. Æцæг æрхылд зæхмæ æмæ афтæ хъæрæй ныррыхыд, æмæ лæг фæтарст.

Йæ хордзены цы дыргътæ æмæ кæрдæджытæ дардта, уыдон сырды раз авæрдта. Уый сæ зыдæй ахордта. Лæппу йæ иунæгæй нал ныууагъта, хæринаг ын амал кодта. Иухатт саджы мардæй цæргæсты фæсырдта, йæ кардæй саджы фыдæй ралыг кодта. Залмы сыфты йæ батыхта, йæ хордзены йæ бафснайдта.

Фæлæ хъæды фæдзæгъæл, фæлладæй æрфынæй. Сонт фехъал, æмæ дын стай йæ уæлхъус лæууы. Удхауд фæцис. Уалынджы йын уый йæ уæраг асдæрдта. Лæппу æрсабыр, дзидза хордзенæй фелвæста æмæ йæ сырдæн радта. Стай йæ фаг куы бахордта, уæд йæхи лæгмæ бынтон бахæстæг кодта. Лæппу йæ куы ‘рсæрфтытæ кодта, уæд йæ дæлфæдтæм æрхуыссыд. Лæг баууæндыд сырдыл æмæ тарф фынæй баци.

Сбон. Райхъал, фæлæ стай нæй! Лæг удхæрæн хъуыдытыл сси. Сырд сырд у, хорз ын бæсты нæ цæуы. Суанг йæ зæрды æрбафтыд фæстæмæ хъæумæ аздæхын. Фæлæ æппынфæстаг йæхицæн загъта – бахæрæнт æй фæлтау сырдтæ æлдармæ аздæхыны бæсты!

Сырд æнæнхъæлæджы æрбаздæхт, фæлмæн цæстæнгас ын, йæхи йыл æрбанцой кодта, æмæ дын фæцæуы, лæппумæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ. Уый дæр фæраст йæ фæдыл. Дызæрдыг хъуыдытæ йæм фæзынд, фæлæ уæддæр цæуы, цы уа, уый уæд, зæгъгæ.

Цæуынц, цæуынц, иу заман иу къæдзæхы рæбынмæ бахæццæ сты. Лæппу йæ бамбæрста, сырд ам фыццаг хатт кæй нæй, уый. Æвæджиауы райдзаст лæгæты æрбынат кодтой. Сырд фылдæр хуысгæ кодта, лæппу та йын хæринаг хаста, цалдæр хатты дурæхсæнæй хуыргæрчытæ амардта, стæй йын дыргътæ æмæ кæрдæджытæ дæр лæвæрдта. Уыдон ын æвдадзы удхос фестадысты, йæ цыппæртыл фидар слæууыд, йæ сырды хъæддаг митæ кæнын райдыдта, йæхи дарынхъом фæцис, хатгай-иу тугæйдзæгтæй æрбаздæхт.

Цуаны та ацыд стай æмæ нал æмæ нал зыны. Лæг мæты бацыд: зымæг æрбахæстæг, æмæ куыд цæрдзæн лæгæты иунæгæй, цæмæйты цæрдзæн. Цасдæр ма фенхъæлмæ каст, стæй уæддæр сфæнд кодта фæстæмæ æлдармæ аздæхын, æфхæрæн ныхæстæ ма йын уæддæр зæгъа.

Æрцыд, кæсы, æмæ йæ удхор лæджы сырддоны… стай!

Дыккаг бон æлдар комæй коммæ фехъусын кодта:

– Æрцæут мæм сомбон æмæ фенат лæг æмæ стайы хъæбысхæст!

Байдзаг адæмæй æлдары уæрæх кæрт. Мæнæ лæппуйы ракодтой, баппæрстой йæ сырды къалатимæ. Фæлæ мæнæ диссæгты диссаг: сырд фестад, лæбургæ нæ, фæлæ йæм хæстæг бацыд, йæ уæраг ын асдæрдта, хæрдмæ йæм кæсы рæвдаугæ цæстæнгасæй, фæлмæн хъæлæсæй уынæргъы.

– Дæхи дзыхæй цы бацагурай, уый дын дæттæм де ‘ххуырст æмæ стайæн, рауæй нын сæ кæн, – загътой хуынд æлдæрттæ – фæлæ – нæй, не сразы сæ ауæйыл æлдар.

– Мæхи хъæуынц! Адæймаг æмæ мæ хъæддаг сырды хæлар цард хъуыдытыл æфтауынц, сагъæссаг хъуыдытыл…

* * *

Мæнæн дæр ацы таурæгъ рæстæгæй-рæстæгмæ мæ зæрдыл куы ‘рлæууы, уæд ныссагъæссаг вæййын.

– Ау, суанг ма тугдзых сырдтæн, суанг ма стайæн, залиаг калмæн дæр адæймаджы хорзракæнд куы цæуы бæсты, уæд цавæр туг зилдух кæны йæ тугдадзинты, цавæр дурзæрдæ йын ис, йæхи хуызæн, йæхи æмсæр адæймагмæ йæ къух марынмæ чи сисы, уымæн?!

Адæмы ‘хсæн цæр, æмæ сын алыхуызон мæргтæ сæ уд хæрынæн уæй кæн! Ноджыдæр ма цы æбуалгъ, цы æвирхъау хабæрттæ фехъусыс, цы: хионтæ кæрæдзи марынц – хъæбул ныййарæджы, ныййарæг хъæбулы, мад йæ сывæллоны бырондонмæ аппары, науæд æй арæндоны ныууадзы, кæнæ та йæ искæй къæсæрыл æрæвæры, йе та йæ искæмæн ауæй кæны.

Ныры æхсæнады моралон-политикон сæфты, æнæуаг уавæрæн ис æрмæстдæр иу æфсон, æмæ йæ уæндонæй зæгъын: бæстæйы хицауады æбæрнон цæстæнгас, æбæрнон архайд!

Уыдзæн тагъд æппæт бæстæйы хицауады бынæттæм æвзæрстытæ, æмæ, кæд адæмыл æцæгдæр сæ хъысмæт нæ рахатт, уæд сæ хъæлæс нал ратдзысты моралон, монон удхъуæгтыл. Равзардзысты ахæмты, кæцытæн сæ бартæй фылдæр уыдзæн зонд æмæ ‘фсармы ΄рдыгæй хæрзхъæд удысконд, кæцытæ зæрдиагæй архайдзысты бæстæйы æнæарæнтæ уæгъдибарæн кæрон скæныныл, сæвæрдзысты аккаг пълан адæмы цардæн.

1999 аз, 8 январь

ÆХСÆЗ ЦЫРТЫ
Мыггаджы таурæгътæй

Адæм сæ хонынц Хуыриаты цыртытæ. Ивгъуыд бонтæй нæм куыд æрхæццæ хабар, афтæмæй уыдон сæвæрдтой Хуыриаты фондз æфсымæры Уывызыхъо, Инарыхъо, Тотыкк, Бимболат, Тепса æмæ сæ иунæг хо Хæмысиаты номыл.

Куырттаты комы Джизийыхъæуы уыгæрдæны ацы ‘фсымæртæ хос карстой. Цæвджыты æхситт тахт сатæг уæлдæфы, дардмæ зындысты урс нымæтхудтæ, фæтæн уистæ сæ фæстæ арæнхъ сты къуылдымыл.

Ссихор ис, бынæй, цæугæдоны цурæй хосдзаутæм йæ къух тилы сæ хо: рацæут, исты скомдзаг кæнут, уæ фæллад дæр чысыл суадзут. Сæ ныццыдмæ сын хо цъæх нæууыл равæрдта хъарм кæрдзынтæ, дурын къусты лывзæ, давæттæ, цæхх æмæ дыууæ дурыны уазал къуымæл. Æфсымæртæй иутæ дуртыл æрбадтысты, иннæтæ сæхи æруагътой кæрдæгыл, Хæмысиат та дон хæссынмæ азгъордта. Куы сыздæхт, уæд…

Чызджы цъæхахст айзæлыд æгас комыл, уайтагъд йæ уæлхъус фæдисонæй алæууыдысты сыхаг уыгæрдæны хосдзаутæ, иу дзы æнæнхъæлæджы йæ къахæй бакъуырдта, тæвд хæринаг кæм уыд, уыцы дурын аг. Афæлдæхт. Хъæрмхуыпп акалд, æмæ дзы разынд мард калм.

Куыд рабæрæг фæстæдæр, афтæмæй уæлæуæз, хæрдмæ къахвæндагыл цæугæйæ, чызг, мæ фæллад иугыццыл суадзон, зæгъгæ, æрбадт, стæй йæ чызгон зæрдæ нал фæлæууыд, æмæ дидинджытæ тоныныл фæци…

Ам та маргджын кæлмытæ арæх æмбæлд. Сæ иу æвæгæсæй дурын агмæ ныббырыд æмæ дзы йæ марг ауагъта…

Уый мæн аххосæй бабын сты мæ фондз æфсымæры, зæгъгæ, Хæмысиат ныббогъ-богъ кодта æмæ былæй йæхи аппæрста, ацахсынмæ дæр æм ничиуал фæрæвдз…

Нæ хъæуккаг ахуыргæнæг Реуазты Керимæт мын æртынæм азты куыд радзырдта, афтæмæй æнамонд хо æмæ ‘фсымæртæн уыцы цыртытæ сæвæрдтой 1884 азы Хуыриаты Ченохы хъæппæрисæй. Уый Керимæт йæхæдæг та фехъуыста Хуыриаты Дрисæй.

Ныр цы зæгъинаг дæн? Цыртытæ æз æрæджы бабæрæг кодтон æмæ сæ тынг æдзæллаг уавæры сæййæфтон. Махæн, фæстагæттæн, худинаг у уый. Нæ лæппутимæ мын æнæ аныхас нæй…

1999 аз, 30 май

Фæсфыст:
– Уалынджы æнусы райдиан Куырттаты комы тыхджын къæвдатæй зæй рацыд. Цыртытæ лæсæнты бын фесты. Фæстæдæр сæ скъахтæуыд. Абон сты Бæстæзонæн музейы. Æцæг фондзæй – хойы цырт нæма разынд, агурæг та йæ ис…

КУЫД ФÆЗЫНД ДЗЫВГЪИСЫ КУВÆНДОН

Куырттаты куыд нæ уыдис, куыд хъуыстгонд кувæг лæгтæ! Сæ иу – Гуыриаты Тæтæрхъан. Æз уымæй фехъуыстон ацы таурæгъ…

Иубон, зæгъы, æппæт комы адæм æрæмбырд сты æмæ сын ныхас бацайдагъ иумæйаг кувæн бынат равзарыны тыххæй. Иуæй-иутæ быцæу ныхас дæр кодтой: тарстысты, сæ зæххытæй сын найфатæн куы айсой, уымæй. Æгæр-æгæр куы кодтой, уæд æвиппайды сæ сæрмæ фæзынд тъыфыл урс цæргæс, бынноз сæм йæхи æруагъта, æмæ адæм дистæ кодтой:

– Афтæ хæстæг нæм куыд уæнды? Тбау æмæ Хъæриуы хохæй айдагъ уæрыччытæ давынмæ куы ратæхы, адæмæй арвы талынгты куы ‘мбæхсы, уæд ыл ныр цы амбæлд?..

Ноджы, дам ма-иу куы ныууасыд, цыма сын се ‘ргом йæхимæ здахын кодта, кæнæ сæ мæстæй мардта, æндæр æй уæдæ цы хуызы бамбарæн уыд, бæрæг ранмæ-иу йæхи æруадз-æруадз кæй кодта, уымæн. Чидæртæ сæ гæрзтæм дæр ма фæлæбурдтой, фæлæ сæ зонынджын хистæртæ æрсабыр кодтой, уый митæ, дам, хуымæтæджы нæ уыдзысты, чи зоны, æмæ Хуыцауы минæвар у нæ ныхасмæ…

Сæ худтæ систой æмæ йын табу кæнын райдыдтой. Æмæ уæд диссаг федтой: цæргæс-иу йæхи цадæггай кæдæм æруадз-æруадз кодта, уым-иу стыр дуры сæр æрбадт, йæхи цалдæр хатты хæрдмæ сæппæрста, раст цыма адæмæн, мæнæ кувæндон тæккæ ацы ран саразут, зæгъгæ, амыдта, уыйау. Стæй йæхи æмдзæхгæр хæрдмæ систа, йæ базыртæ, хæрзбон ут, зæгъгæ, сцагъта æмæ Хъæриуы хохы фале арвы цъæхы атад.

Адæм йæ фæстæ дзагъырдзастæй кæсгæйæ баззадысты, мæнæ Хуыцауы диссæгтæ æмæ ‘мбисæндтæ, зæгъгæ. Стæй æмхъæлæсæй ныххор-хор кодтой: «Цы ма йыл тæрхæттæ кæнæм, мæнæ куы ис нæ кувæндоны цытджын бынат, уæд!»
Баныхас кодтой, цавæр хъæдæрмæгæй йæ араздзысты, ууыл. Емæ ‘рбахуыдтой, къухæй дæсны чи у, ахæм адæмы.

Арæзт сын куы фæцис, уæд снысан кодтой дзуары лæгты æмæ куывды бæрæг бон. Рацыд дзæвгар азтæ. Иу сæрд куы уыд, уæд æнахъинон тыхджын къæвдатæ фемæхстысты. Фыййагдон йæ былтæй акалд, йæ абухгæ хъæлæсы хаста, йæ размæ-иу цыдæриддæр фæцис, уыдæттæ. Адæм хохы цъуппытæ, уæлвæзтæм лыгъдысты. Уырдыгæй сæм разынд диссаджы цау: æрра уылæнтæ кувæндон йæ бынатæй систой æмæ йæ цъилау зилынц, фæлæ йæ нæдæр къæдзæхтыл сцæвынц, нæдæр стыр дуртыл. Иу ныхасæй, хъыгдард не ‘ййафы.

Цасдæры фæстæ дон сысын райдыдта, æмæ дын уæд кувæндоны хъæдæлхынцъ галуан иу аивтæ ран æрæнцад. Суанг ма абон дæр ис уым. О, дурæй йæ самадтой, йæ цуры йын цæугæдоны былгæрон сæвæрдтой тъæпæнсæр егъау къæйдур фынгæн. Йæ уæлæ афтид стæмхатт вæййы, хойраг æмæ йыл нозт – æдзухдæр. Хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæ цæуæг адæм йæ уæлхъус æрлæууынц, бакувынц Дзывгъисы дзуармæ, суанг ма йыл нæ фæсарæйнаг уазджытæ дæр… сæхи фæдзæхсынц…

Дзывгъисы кувæндоны тыххæй мæм зæгъинаг ницыуал ис, фæлæ мын æнæ зæгъгæ нæй Хетæджы къохы тыххæй дæр.
Æз ма йæ хорз хъуыды кæнын: уырдыгæй исты рахæссын, – сыфтæр уа, дидинæг уа, давон уа – уый уæлдай нæ уыд, не ‘мбæлд! Уый руаджы нæм нырмæ æгæндæг хъæды хуызæнæй æрхæццæ.

Фæлæ йæм куыдфæстæмæ цæуын райдыдтой, раздæр æм æппындæр чи нæ цыд, уыцы хъæутæй дæр. Æмæ дзы, цы не ‘мбæлы, ахæм цаутæ дæр æрцæуы. Цы ма уа уымæй хуыздæр, æмæ адæм иумæ куы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзиуыл куы фæцинтæ кæнынц, иу хъæу иннæ хъæуæн куы фæарфæтæ кæны, куы айхъуысы ирон зард æмæ ирон фæндыры цагъд!

Æрмæст та, зæрдæхалæн хъыгагæн, ардыгæй дæр арæхæй арæхдæр хъуысын райдыдтой расыггæнджыты хъæлæба хъæртæ, æнæуаг адæмы дзолгъо-молгъо. Æмæ Хетæджы Уастырджийы кувæндоны фарн æвæгæсæг суадонау куы байсыса, уымæй тас у. Æнæфендтæ дзы бæласæй бæласмæ бабæттынц бæндæнтæ, æрцауындзынц сыл сойын цырæгътæ, стæй сæ бæлæстæн сæхиуыл дæр баныхасынц, æмæ бæлæстæ ссудзынц.

Фæзынд нæм ахæмтæ дæр: къахынц рагуалдзæджы давон, æмæ йæ, чи зоны, уæй кæнынмæ дæр ахæссынц, науæд та сæ хæдзæрттæм. Афтæмæй ардыгæй фæстæмæ раздæр хастой æрмæстдæр кувинæгты хæйттæ.

Иу дзырдæй, Хетæджы номдзыд къохы хъысмæт тæссаг уавæры бахауд. Афтæмæй та ирон адæмæн æмхуызонæй у нæ культурæ, не ‘гъдау æмæ не ‘фсарм æвдисæг цыртдзæвæн. Ардæм цæуын хъæуы иу ахсджиаг хъуыддагмæ – кувынмæ.
Йæ фæдзæхст у, ацы рæнхъытæ чи кæсы æмæ мемæ разы чи у, уый.

ДЗЕСТЫ Куыдзæг

ИУ НОГБОН ÆХСÆВ

Радзырд

1

Фæцис зымæгон цыбыр бон. Æрталынг. Гæмсырæн йæ кусарт сцæттæ, æмæ ныртæккæ æххуыс кæны йæ ус Косерæн.

– Пец мæхи бар уадз, акæс-ма та! – дзуры Косер йæ лæгмæ æмæ йын æртысгæн райста йæ къухæй.

– Гъо, дæумæ гæсгæ мæ акастæй тагъддæр æрбахæццæ уы-дзысты,– тызмæггомау загъта Гæмсыр, фæлæ уæддæр сыстад æмæ рацыд уынгмæ.

Кæсгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр ма акодта алырдæм, искуыцæй кæд машинæйы уынæр цæуы, фæлæ – никуы æмæ ницы. Йæ хъæбысы – сугтæ, афтæмæй æрбаздæхт хæдзармæ. Сугтæ пецы бын бавæрдта æмæ æнæдзургæйæ æрбадт бандоныл.

– Никуыцæйма зынынц? – афарста йæ Косер.

– Дæлæ дуармæ лæууынц, фæлæ сæ æз не ’рбауагътон,– дзуапп радта Гæмсыр ноджы тызмæгдæрæй.

– Цавæр бындз та дыл фæхæцыд?

– Æмæ уæдæ æдылы фæрстытæ цы кæныс? Искуыцæй куы зыниккой, уæд сын хæдзар амонын хъæуы!

– Омæ мæсты та цæмæн кæныс, мæсты? Абон нæ фидауы маст кæнын. Афтæмæй дæ куы ’рбаййафой, уæд та уыдон дæр фенкъард уыдзысты.

– Æз мæсты нæ кæнын, фæлæ мæ ды цы баййардтай, ды? Нырма аст сахаты йеддæмæ нæу, æмæ ма Ногбонмæ æнæхъæн цыппар сахаты ис…

– Мæ фыдбылызтæ – дæ хай, кæд дын Ногбоны зæдтæ сæ цонджы сахæттæм нæ кæсынц! Æхсæвæрафон у, мæ кæрдзынтæ ныууазал уыдзысты.

Æддаг дуары хъæр аскъуыдта ус æмæ лæджы ныхас. Уый уæлвæд къæсæрæй æрбазынд хистæр фырт Дзамбол – районы МТС-ы агроном.

Кæсын дарддæр

– Цæй, уе ’хсæвтæ хорз, фæлæ… Баба, хыл кæнын ма сфæнд кæ, ахсæв дын дзы ницы рауайдзæн! – зæгъгæ, лæппу фæраздæр, йæ фыды цæсгоммæ куы бакаст, уæд.

– Хыл нæ кæнын, фæлæ, аипп ма уæд, кæм уыдтæ ныры онг?

– Нæ директоры машинæмæ æнхъæлмæ кастæн æмæ уый тыххæй бафæстиат дæн. Стæй уæзласæн машинæйæ рацыдтæн æмæ фыдæбонæй амардтæн.

– Уæддæр ма удæгасæй кæй æрбахæццæ дæ! Къулбадæг! Æнæ «Победæ» мын къахдзæф дæр нал кæнынц…

– Уазал у, баба, уазал! Æнæхъæн сахат афтæмæй фæцу, уый дæм ницы кæсы?

– Æз дæр ма ууыл дис кæнын, бынтон куыд нæ ныссалдтæ!

– Рауай-ма, нана, мæнæ баба хыл кæны! – ахъæр кодта Дзамбол æддаг уатмæ йæ мадмæ.

Косер æрбакаст къæсæрæй.

– Уый ныхæстæм ма хъус, фæлæ чындз æмæ сывæллон та цæуылнæ æрбацыдысты?

– Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. Хъасбол сæ йæ машинæйæ раласдзæн.

– Уыдон дæр та «Победæ»-мæ æнхъæлмæ кæсдзысты, уæдæ цы! – йæ ныхас та баппæрста Гæмсыр.

– Дæ дзыхыл ма фæхæц! – йæхи йæм нал баурæдта ус, стæй уæд йæ фыртмæ: – Хъусгæ дæр æм ма кæ! Ай адджын цайыл дæр иучысыл бырц куы’нæ акæна, уæд ын ад нæ кæны…

– Ды та цæхджын джитъритæ дæр мыдимæ уарзыс, фæлæ ма бамбарын кæн дæ цотæн: дыууиссæдз азы размæ, хохы ма куы цардыстæм, уæд-иу Ногбонты размæ зымæгон æфцæгыл мæ нартхоры уаргъимæ куыд æрхæццæ дæн, уый…
– Омæ уый раджы уыди, бын бауай, æмæ ма адон дæр афтæ хъуамæ хæссой?

– Адоны хæссыны сæр ницæмæн хъæуы, фæлæ скъулбадæг сты æмæ ницæуылуал æрвæрсынц, æгъгъæд сæм ницыуал кæсы. Уæдæмæ хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр сæ гуыбын куы не ’фсæдид, уæд æндæр ныхæстæ кæниккой.
– Ферох сæ кæ, баба, уыцы фыдæбæттæ, æгъгъæд сын у!

– Нæ сæ рох кæнын, нæ! – хъæрдæр æмæ мæстыдæрæй райдыдта Гæмсыр. – Раджы цы уыд, уый чи рох кæна, ахæм адæймаг, ныр цы ис, уымæн аргъ кæнын никуы базондзæн…

2

Æнхъæлмæ кæмæ кастысты, уыдон дæр æрбахæццæ сты: Гæмсыры астæуккаг фырт Хъасбол – индзылер, йæ ус æмæ йæ астаздзыд лæппу Валерик, стæй хистæр фырты ус æмæ чызг.

– Уæдæ та кæстæр лæппу ацы аз дæр не ссыд, и, – фæрсæгау сдзырдта Гæмсыр æмæ, Хъасбол дзуаппы бæсты йе уæхсчытæ куы базмæлын кодта, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: – Гъеныр уый дæр къæбæда нæу! Ацы аз дæр та нæ фыдæнхъæл фæкодта.

– Хабаровскæй ардæм афтæ æнцон суайæн нæу, баба.

– Æмæ дзы зынæй та цы ис? Айфыццаг мæхæдæг кастæн газеты. Мæскуыйæ, дам, Хабаровскмæ иу активнæй хæдтæхæг…

– Реактивный…

– О, ахæм ног цыдæр, фараст сахатмæ ныххæццæ вæййы.

– Уый æцæг афтæ у.

– Æмæ афтæмæй дыууæ боны цыд йеддæмæ ма у?

– Нæ зонын… – æндæр дзуапп нал ссардта фырт.

– Уæдæмæ уый дæр скъулбадæг ис, æмæ уый зæгъай…

Косер «къулбадæджы» кой куы фехъуыста, уæд уайтагъд фæмидæг фырт æмæ фыды астæу æмæ сæ фæхицæнтæ кодта.

Гæмсыр цалынмæ чындзыты къухтæ иста, сывæллæттыл цин кодта, уæдмæ йæхи фæурæдта. Мидæмæ, хæдзармæ, куы бацыдысты, уæд та нал фæлæууыд:

– Цæй, аипп ма уæд, уæ мад дæр мын бафæдзæхста, фæлæ уæддæр куыд æрæгмæ цыдыстут?

– Баба, æз бæргæ раджы срæвдз дæн, фæлæ мæнæ сылгоймæгтæн нал æмæ нал æнтыст, æмæ бафæстиат стæм, – загъта Хъасбол.

Хистæр лæппуйы чызг сфæнд кодта йе стыр маст Гæмсырæн радзурын, стæй иннæты дæр сраст кæнын.

– Зоныс, дада, абон æмбисбонæй нырмæ горæты магазинты фæзылдыстæм æмæ дзы иунæг тъорт дæр не ссардтам. Уый дæм диссаг нæ кæсы?

– Уæу, мæнæ царциаты диссаг! – йæ армытъæпæнтæ ныццагъта Гæмсыр.– Ау! Æмæ дзы бирæ куы вæййы?

– Бæгуыдæр дзы вæййы, фæлæ бæрæгбонмæ алчидæр фелхæны, æмæ дзы нал уыд.

– Æмæ уæдæ ныр æнæ тъортæй нæ бабын стæм?– æцæгхуызæй фæрсы Гæмсыр.

– Æз ма фыр мæстæй кæугæ дæр скодтон, ардæм дæр нал куымдтон, фæлæ мæ уæддæр ракодтой, – зæгъта чызг æмæ йæ цæстытæ доны разылдта.

– Гъе, æмæ, зæгъын, амæй ма бæллæхдæр исты уыдзæн? – зæгъгæ, Гæмсыр йæ цæст ахаста бинонтыл фæрсæгау.
Лæппутæ схудтысты. Чызг дæр ныр фембæрста, Гæмсыр хъазгæйæ кæй дзырдта, уый.

– Ды та, дада, иууылдæр худгæ фæкæныс!– зæгъгæ, чызг азгъордта иннæ уатмæ.

– Уыимæ дæр та фæхыл дæ, баба,– хъазгæйæ сдзырдта Дзамбол.

– Æмæ ма æндæр кæимæ фæхыл? – фæрсы Хъасбол.

– Мæнæн алывыд акалдта, скъулбадæг, дам, стут, æнæ «Победæ» къахдзæф дæр нал кæнут.

– Æмæ цы! Раст нæ зæгъын? Айфыццаг де ’мбæлттимæ ам æхсæв-бонмæ куы фæбадтыстут æмæ дын афтæ куы загътон, иучысыл уал дæхи æруадз, кæннод хуыссæгхъæлдзæгæй дæ куыстмæ куыд бацæудзынæ. Æмæ ды афтæ: «Мæнæ машинæйы цæугæ-цæуын афынæй кæндзынæн». Цымæ зымæгон æфцæгыл, дыууæ путы нартхор де ’ккой, афтæмæй, астæумæ миты лæгæрдгæйæ та цæугæ-цæуын куыд фынæй кæнис? Науæд а фæззæджы горæты сымахмæ куы уыдтæн, уæд дын кæсын, æмæ дæ чызг цæуылдæр тъизы. Бацыдтæн æм, зæгъын, цы кæныс? Æмæ, дам, скъоламæ цæуын, æмæ, мæ къæхтыл цы скæнон, уый нæй. Афтæмæй йæ разы цыппар фæлысты дзабыртæ. Зæгъын, адонæй цæуылнæ исты скæныс? Æмæ мын сæ ранымадта: сæ иутæ сæрдыгон туфлитæ сты, иннæтæ зымæгон батинкæтæ, æртыккæгтæ – хæдзары мидæг дарынæн, цыппæрæм фæлыст та, дам, быдыры куы фæкусын, уæд сæ скæнын. Кæсут уымæ! Æз та, зæгъын, дæ цахъхъæнæй дæс азы дæргъы сæрдæй-зымæгæй уыцы иу фæлыст дзабыртæ фæдардтон. Сайыс, зæгъы, дада, иу фæлыст дзабыртæ дæс азы нæ фæлæууынц. Нæ сайын, зæгъын, ныртæккæ дæр мæ уæлæ сты, фæлæ æддæмæ нæ зынынц. Уайтагъд мын мæ цырыхъхъытæ ласыныл фæхæцыд. «Кæм сты, уæдæ?» – фæрсы мæ, мæ цъындатæ мын куы раласта, уæд. Æз ын мæ гом къæхтæ равдыстон, зæгъын, афтæ бæгъæмвадæй цыдтæн, дæу цахъхъæн куы уыдтæн, уæд. Фæтæргай та мын уæддæр. Кæсут æм ныр! Тъорт не ссардта æмæ фæкуыдта…

– Æвæдза, раст зæгъы баба… – райдыдта Хъасбол йæ фыды ныхасмæ гæсгæ. Уый йæхæдæг дæр ма æрæййæфта уыцы цард сæ ралидзыны агъоммæ, йæ цæстытыл ма дзæбæх уадысты революцийы размæ царды нывтæ. Æмæ ныр дзырдта, уæд куыд уыди æмæ ныр куыд фендæр цард.

Гæмсыр нæ хъуыста йæ фырты ныхасмæ. Æрмæст-иу хицæн дзырдтæ ауадысты йæ хъустыл, æмæ уыдон дæр ныгъуылдысты йæхи хъуыдыты бын. Йæ зæрдыл та æрлæууыдысты рагон царды нывтæ…

…Зымæгон изæр. Хæххон сæгæйдзаг хæдзар. Хæдзары бæстастæу къонайыл хуылыдз бæрз цъыхырытæ цъысцъысгæнгæ фæздæг калынц. Æхсæвæрафон. Мад æмæ йе ’нахъом лæппу бадынц арты фæйнæ фарс æнкъардæй. Кæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ фыдмæ. Хъуамæ изæрæй æрхæццæ уыдаид… Фæлæ мæнæ æрхæццæ йæ уаргъимæ фæсæфцæгæй. Йæхи хуызæнæй йæм ницыуал ис. Йæ рихитæ æмæ йæ зачъетæ ихын къæцæлтæй ныхъхъандзал сты. Салд æрчъитæ нæ комынц ласын.

Мад цуайнаджы афыхта нартхор… Цæкуытæ… Цы диссаджы адджын уыдысты!

Бирæ нал ацард фыд. Гæмсыры ныууагъта фыййаухъомæй. Фыдцард ноджы фæфыддæр. Азтæ, сæ иуæй иннæ мæллæгдæрæй, ныддаргъ сты кæрæдзи фæстæ.

Мад дæр ма тыхтæй-амæлттæй йæ фыртæн ус æрхаста, стæй йæ удхары царды таг аскъуыд…

«Ау! Æппын куыд ницы амал хъуамæ уыдаид хуыздæр цæрынæн?» – хъуыды кæны Гæмсыр уæды царды тыххæй æмæ йæхиуыл дæр куыддæр дызæрдыг кæнын байдыдта. Цыма йæ нал уырны… Æниу, цы фадат уыдис? Стыр дурцæндты ’хсæн нарæг зæххы гæбæзтæ азæй-азмæ ноджы къаддæр кодтой, æмæ цард та зæххæй цыди.
Цыдысты азтæ. Германы хæст. 1917 аз. Октябры революци. Советон хицауад. Быдыры бæстæм ралыгъд.
Дзаджджын æмæ парахат саумæр зæхх. Цас фендæрхуызон цард! Æмæ уый диссаг куыд нæу, фæлæ ма ноджы цас гæнæнтæ ис, цас! Цæйбæрц бирæ хорз мадзæлттæ ма ис цард ноджыдæр фæхуыздæр кæнынæн, фæлæ зæфцы фыдæй къуылымпы цас кæны!

Фæстаг хъуыдытæ фæуæлахиз сты рагон царды нывтыл, æмæ Гæмсыры раз æрлæууыдысты йæ абон æмæ йæ райсом.

– …Иу къахвæндаг йеддæмæ нæ хъæумæ никæуылты уыд æрбацæуæн, ныр та дзæбæх сосæвæндагыл дæ тæккæ хæдзары раз рахиз машинæйæ, – йæ ныхас дарддæр кодта Хъасбол. Уыцы ныхасмæ Гæмсыр йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд æмæ бакаст йæ фыртмæ.

– Дæумæ гæсгæ, уый дзæбæх фæндаг у, и?

– Ома, дзæбæх, зæгъгæ, фæлæ уæддæр, хохы куыд уыди, уыимæ абаргæйæ…

– Хохы кой мауал кæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ та уый хуыйны фæндаг нæ, фæлæ дзыхъхъытæ-мыхъхъытæ.

– Алы хъæумæ асфальт фæндаг ацаразын æнцон нæу паддзахадæн…

– Æмæ дын чи зæгъы асфальт? Æнæ асфальт хорз фæндаг нæ вæййы? Стæй паддзахады кой цæмæн кæныс? Æз æй банымадтон æмæ, нæ хъæуы цы хъомыл нæлгоймæгтæ ис, уыдонæй алкæмæ дæр хауы фондз кæнæ фылдæр-фылдæр дæс метры. Цас диссаг дæм кæсы уал метры саразын? Стæй афтæ арæзт куы фæуа, уæд паддзахадмæ дæр бадзур: йæ апп ын мах сарæзтам, йæ цъар та сымахæй фæуæд, и?

– Афтæ бæргæ хорз уаид…

– Бæргæ нæ, фæлæ кусын хъæуы, кусын! Уæлæ-ма нæ цырагъмæ скæс! Йæ цæст фæныкъул-фæныкъул кæны æмæ хаттæй-хатт йæхи феныны фаг дæр нал фæрухс кæны. Уый та дын нæ электростанцæ…

– Хъæдын цырагъæй дæр та фыддæр у? – йæ ныхас баппæрста Дзамбол.

– Хъæдын цырагъы кой мауал кæ… Мæнæ амæн исты мадзал хъæуы. Фондз азы размæ фаг уыди, фæлæ ныр нал æххæссы. Æз фарстон, зæгъын, цæмæн афтæ мæнг рухс кæны, æмæ, дам ын дон нæ фаг кæны, йæ уаргъ та æгæр бирæ сси. Æмæ, зæгъын, уыцы дон кæцæй рауагътам, уый фарсмæ иннæ комы дон дæр йæ тæккæ фæрсты куы цæуы. Уымæн та, дам, къанау къахын хъæуы. Æмæ уый цас диссаг у? Æгас хъæу лæгæй, усæй иу-æртæ боны куы ауаиккой, уæд сын фæуаид куыст.

– Нæ сæ ’вдæлы колхозонты дæр, быдыры куыстытыл дæр не ’ххæссынц, баба, уыдоны аххос нæу,– загъта Хъасбол.

– Уæдæмæ скъулбадæг сты, æмæ уый зæгъай. Науæд уыдон ма ’вдæлæд, дæуæн дæхи дæр не ’вдæлы?

– Æз та дзы цы дæн?

– Куыд цы дæ? Горæты стыр заводы кусыс, æмæ дын иу-дыууæ километры дæргъæн æфсæн хæтæлтæ зын ссарæн сты?

– Уыдон та цæмæн?

– Нæ хъæумæ дон рауадзиккам комæй, æмæ адæмы цард фенцондæр уаид…

– Æгæр дæрдтыл ахæцыдтæ, баба! – йæ ныхас та баппæрста Дзамбол.

– Фæлæуу! Дæумæ дæр мæ хъæуы… Фæрсгæ дæ кæнын: нæ разы ацы фынгыл нæхи колхозы конд сæн цæуылнæ ис?

– Мæн дзы фæрсыс?

– Уæдæ кæй? Агроном нæ дæ? Нæхи цæхæрадоны цалдæр къутæры ныссагътай сæнæфсиртæ, тынг хорз æрзайынц, фаг сты харынæн дæр, фæлæ дæм уый æгъгъæд кæсы? Колхоз цæуылнæ кæны сæнæфсиры куыст? Колхозонтæй алкæй цæхæрадоны дæр цæуылнæ ис сæнæфсир сагъд?

Куыдфæстæмæ хъæрдæр кодта Гæмсыры ныхас. Йæ дыууæ фырты ныхъхъус сты. Йæ ныхас нал фæуд кодта. Йæхæдæг у колхозы мыдгæс. Æртæ азы дæргъы колхозы мыды чыргъæдты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр кодта. Фæлæ ма цас гæнæнтæ ис, цас! Тæккæ хъæугæрон хуссарварс æртиссæдз гектары бæрц зæхх дзæгъæлы сæфы, хус какон сындзæй урс-урсид дары, сæрвæтæн дæр ма ницы ахъаз у. Дыргъдонæн ма хуыздæр цы уа!

Дзырдта Гæмсыр, æмæ цæстытыл уад: рæсугъд даргъ сырх автобус асфальтцъар хъæууынгты ленкгæнæгау фæуайы. Фæйнæрдыгæй хæдзæртты къултæй, æмбондты сæртæй разындысты ставд цупал сæнæфсиртæ æмæ цыкурайы фæрдгуытау тæмæнтæ калынц хурмæ. Æрæджы дæр ма æрмæст нартхор æмæ картоф конд цы цæхæрадæтты уыд, уырдыгæй сæ къабæзтæ радаргъ кодтой сырхварс фæткъуытæ æмæ бурбын кæрдотæ…

Косер зыдта йæ лæджы ахаст æмæ сфæнд кодта уыцы «хъуыддаджы» ныхас фæцыбыр кæнын. Йæ дыууæ чындзы къухты фæйнæ тæбæгъы фæсагъта – уæливыхтæ æмæ гогыз, йæхæдæг та – сæ разæй, афтæмæй бахызт къæсæрæй. Тæккæ уыцы рæстæджы Гæмсыр кодта сæ хæдзары кой. Сæ дыууæ зæрондæн фагæй уæлдайдæр ма у, фæлæ бинонтæ се ’ппæт куы æрæмбырд вæййынц, уæд нал фæфаг кæны, æмæ ног хæдзар аразын хъæуы, зæгъгæ.
Косер къæсæргæрон йæ къух бæрзонд сдардта, йæ мидбынаты ныллæууыд, афтæмæй. Лæппутæ сæ каст скодтой сæ мадмæ. Гæмсыр йæ усы куы ауыдта, уæд цæхгæр фæурæдта йæ ныхас.

– Цы хабар у?

– Табуафси, докладгæнæг, ныхасы бар!

– Гъы, дæ хорзæхæй!

– Алцыдæр ранымадтай, фæлæ ма дæ иу цыдæр ферох. Дæ разы ма дæ зачъетæм бакæс. Иунæг сау æрду дзы нал ис. Æмæ дæ фæрсгæ кæнын: кæдмæ цæринаг дæ, мæлынмæ никуы хъавыс?

Гæмсыр ахæм фарст æнхъæл нæ уыд æмæ куыддæр æгуыппæгæй аззад. Хистæр лæппу йæ худын нал баурæдта. Уалынмæ иннæтæ дæр ныххудтысты. Гæмсыр йæ цæст ахаста йæ бинонтыл, йæ мидбылты бахудт æмæ дзуры:

– Сымахардыстæн, гъе уый мæ, æцæг, ферох, мæ хъуыдыйы никуы ’рцыд…

– Уæдæ, цалынмæ Ног аз Мæскуыйæ расидой, уæдмæ уал зæронд азы афæндараст кæнут! – загъта Косер æмæ чындзытæн æрæвæрын кодта сæ тæбæгътæ.

Гæмсыр куывта, фарон чи ’рцыд æмæ ныртæккæ чи фæцæуы, уыцы азæн; куывта, зæронд аз йæ фæдыл цы Ног аз æрбакæны, уый амондæн. Бинонтæ хъуыстой æмæ зæрдиаг «оммен» кодтой Гæмсыры бæллицтæн. Астаздзыд Валерик дæр хъуыста хистæры куывдмæ, æмæ йæ цæстытыл уади, мæнæ сывæллæтты журналты цы нывтæ вæййынц, уыдон: даргъбоцъоджын зæронд лæг стыр урс кæрцы мидæг бæрзонд наз бæлæсты хъæды æрбацæуы, арф миты лæгæрдгæ, худæнбылæй æмæ йæ фæдыл æрбакæны Валерикæн йæхи йас лæппуйы. Сабийæн йе ’фцæгыл – даргъ лент æмæ йыл фыст: НОГ АЗ – НОГ АМОНДИМÆ!

РÆСТВÆНДАГ У!

БОРÆТЫ Алан-Сæрмæт

     Борæты Алан-Сæрмæт райгуырд Алагиры 2001 азы. Каст фæци Алагиры 2-æм астæуккаг скъола. Йæ чысылæй фæстæмæ йе ‘ргом тынг здахы авиацийы хабæрттæм. Уыимæ иу æмæ дыууæ хатты не ссис уæлахиздзау алыхуызон конкурсты. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ предметтæй тынгдæр йе ‘ргом здæхта литературæ æмæ физикæмæ. Физикæйы предметæй ссис æппæтуæрæсеон конкурс «Ступень в науку»-йы уæлахиздзау дæр. Йæ ахуыргæнджыты фæндонмæ гæсгæ Алан-Сæрмæт архайдта 5-æм Æппæтуæрæсеон конкурс «Открытый космос»-ы. Йæ фыццаг наукон-фантастикон радзырд «Сон в летнюю ночь или…» мыхуыргонд уыд конкурсы хуыздæр куыстыты чиныджы. Скъолайы йын ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Фардзинты Кларæ та йын загъта, цæмæй бафæлвара ирон æвзагыл радзырд ныффыссын. Афтæмæй райгуырд йæ уацмыс «Хæрхæмбæлд».

ХÆРХÆМБÆЛД Фантази

Cæрдыгон бон. Хур иннæ бонтау нæ тавта. Хурныгуылдмæ афтæмæй нырма бирæ уыди, фæлæ йæм æз тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæстæн: уарзтон кæсын, хур куыд амбæхсы хæхты æмбонды фæстæ, уымæ. Афтæ мæм фæзыны, цыма уыдон æгомыг къæдзæхтæ не сты, фæлæ уæйгуытæ фынæй кæнынц æмæ цыдæр стыр хъуыддагæй æнхъæлцау сты. Изæрыгæтты-иу арæх рацыдтæн пысырайы ’хсæн ныгъуылд сæрдыгон мæнгагъуыстыты абадынмæ. Цы фæндаджы был лæууыд, ууыл цæуæг стæм уыд. Мæнгагъуыстытæй хъæды къохмæ згъордта нарæг къахвæндаг, æмæ дзы цыма æмбæхсгæ кодта, уыйау æрбайсæфт. Мæ уарзон бынаты бадгæйæ æмæ тыгъд быдыртæм кæсгæйæ мæм-иу афтæ фæкаст, цыма мæ алыварс диссаджы хæрздæф æмæ алыхуызон æхсызгон мыртæйдзаг фурд айтынг. Дардæй цы бæлæстæ бæрæг дардтой, уыдоныл-иу зæрæхсид йæ сыгъзæрин тынтæй бæркад армæй куы бакалдта, уæд та мæм-иу афтæ мæ зæрдæ сдзырдта, цыма нывгæнæг уардихуыз четæныл цъæх хъулæттæ акодта. Дард, æрвгæронæй цы бæстыхæйттæ зынд, уыдон ацы диссаджы æрдзы нывæн цыдæр уæлæмхасæн ахорæнтæ лæвæрдтой. Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу ме ’мбæлттимæ арæх цыдыстæм уыцы агъуыстытæ сгарæг. Бахъомыл стæм, уыцы бæстыхæйттæм нал згъорæм, фæлæ нæ нæ мæнгагъуыст рох нæ кæны: нæ сабибонты зæрдæбын ныхæстæ кæм кодтам, нæхи кæм ирхæфстам…

Кæсын дарддæр

    Абон дæр та мæхи райстон мæ уарзон бынатмæ, цæмæй сыгъдæг уæлдæфæй баулæфон; хæхты уынд та мын æхцондзинад æрхæсса æмæ мын мæ уæззау хъуыдыты уаргъæй иу чысыл айса. Скъолайы ахуыры фæстаг бонты адæймагæн йæ хъуыдытæ иууылдæр баст вæййынц сæрибар сæрдыгон рæстæгимæ. Мæнгагъуысты бадгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд ахуыры азы фæстаг бон: уроктæ куыд цыдысты, цы куыстам, цæуылтыл дзырдтам. Фæстаг урок нæм уыд ирон литературæйæ. Ахуыргæнæг нын нымадта, сæрды цы чингуытæ бакæсын хъæудзæн, уыдон. Фæлæ йæм зæрдиагæй нæ хъуыстон. Ме ’ргом ирон æвзаджы уроктæм никуы здæхтон. Мæ зонгæтæй дæр бирæтæ кастысты куыдфæндыйы цæстæй сæ мадæлон æвзагмæ… Мæ хъуыдыты хал мын фескъуыдта сонт уддзæф. Кæд дымгæ тыхджын нæ уыд, уæддæр бæласы цъæх сыфтæртæй иудзæвгар ратыдта æмæ сæ йæ разæй скодта. Мæ зæрдæ мæм афтæ сдзырдта, цыма мæ сæ фæстæ сайынц. Бирæ фæкастæн сыфтæрты фæстæ, цалынмæ бæлæсты ’хсæн не ’рбайсæфтысты, уæдмæ. Цалынмæ уыдонмæ кастæн, уæдмæ мæ хъуыдытæ фæпырх сты. Афтæ, ницæуылты æмæ мацæуылты хъуыды кæнгæйæ, сахатырдæджы бæрц фæбадтæн. Уалынмæ мæ хъустыл цыдæр уынæр ауад. Фæкастæн уыцырдæм. Чидæр къалиутыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ мæ размæ рахызт æнæзонгæ нæлгоймаг. Рæстæмбис кары, фæлæ йæ сæр чысыл фæгæмæх. Цы дзыккутæ ма йын ыл уыд, уыдон фæхалас сты. Даргъ бæзджын рихитæ æмæ цыбыр боцъоты дæр урсытæ фæзынд. Йе стыр гуыбыргомау фындзмæ йын куы фæкомкоммæ дæн, уæд бамбæрстон, мæ разы хохаг лæг кæй ис, уый. Бæрзонд нæ уыд, фæлæ фидæрттæарæзт. Диссаг мæм фæкаст, пыхсыты æмæ къалиуты ’хсæнты рбацæугæйæ, йæ дарæсыл иу къæндзыджы мур дæр нæ уыд. Хистæры фенгæйæ æз фæгæпп ластон. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мын мæ къух райста. Æрбадт. Мæн дæр йæ фарсмæ æрбадын кодта. Йемæ цæуыл дзырдтаин, уый нæ зыдтон, тыхстæн. Ноджы мæ иу хъуыды æнцад нæ уагъта: «Ардæм æй цы Хуыцау æрбахаста?» Мæ зæрдыл æрбалæууыд, афæдзы размæ-иу цалдæр ацæргæ нæлгоймаджы ардæм шахмæттæй хъазынмæ кæй рацыдысты, фæлæ сæ рагæй нал федтон. «Æвæццæгæн, уыдонæй исчи у», – ахъуыды кодтон æз. – Æз дæн Арсен, – загъта æнæзонгæ, – Коцойты. – Æз та – Сæрмæт, – дзуапп ын радтон. Æз фæуыргъуыйау дæн. Уый та афтæ: – Кæй агуырдтон, уый ссардтон. Диссаг мæм фæкастысты йæ ацы ныхæстæ дæр. – Дæ мыггаг мæм цыдæр зонгæ кæсы, цыма дæ кæмдæр федтон? – загътон æз. Арсен йæ мидбылты бахудти, фæлæ ницы сдзырдта. – Афтæ куы загътай, кæй агуырдтон, уый ссардтон, зæгъгæ? Æмæ уый чи у? – Æз мæхицæн æмдзурæг агуырдтон. Дæу… Йæ дзуаппытæ дæр æмæ мæм йæхæдæг дæр цыдæр æнахуыр кастысты. Цæмæй мын мæ мидуавæр ма бамбара, уый тыххæй мæхи дард æрвгæронмæ кæсæг скодтон. Стæй та нал фæлæууыдтæн æмæ йæ афарстон: – Æмæ дæ цæуыл аныхас кæнын фæнды? – Куыд кæсын, афтæмæй ирон литературæ нывыл нæ зоныс. – Чи зоны, уымæн, æмæ мæм ницы цымыдисаг кæсынц ирон фысджыты уацмыстæ… Арсен мæм дисгæнгæ бакаст: – Æмæ сæ кæй уацмыстæ кастæ? Йæ хъæлæсыуагæй бæрæг уыд, мæ ныхæстæ йæ зæрдæмæ кæй нæ фæцыдысты. Фефсæрмы дæн, уымæн æмæ ирон фысджытæй никæйы уацмыстæ кастæн. Цы хуыздæр дзуапп ын радтон, уый мæ сæр нал ахста æмæ сфæрæзтон: – Тынг гыццыл бакастæн. – Уæдæ дæ зæрдæмæ цæуынц æви нæ цæуынц, уый цæмæй зоныс? Æз æдзæмæй лæууыдтæн. – Кæддæр иу фыссæджы зыдтон, – райдыдта Арсен. Стæй йæ ныхас фæуагъта æмæ мæ афарста, байхъусын мæ фæнды æви нæ, уымæй. Æз даргъ таурæгътæм хъусын бæргæ нæ уарзтон, фæлæ хистæрæй фефсæрмы дæн – ноджы уазæг – æмæ мæхи хъусынмæ æрцæттæ кодтон. – Уæдæ мæ ныхас кæнон, – дард æбæрæг кæдæмдæр кæсгæйæ, рагбонтæ мысын райдыдта уазæг.   – Хорз фыссæг уыди æви æвзæр, уымæн æз тæрхонгæнæг нæ дæн. Фæлæ йæ дæсныйад тынг уарзта æмæ йæхиуыл нæ ауæрста фысгæйæ. Райгуырди æмæ схъомыл Джызæлы – фехъуыстаис ды дæр ацы хъæуы кой. Хъæздыг нæ царди, фæлæ йæ цардæй хъаст нæ кодта. Сæ хъæуы скъолайы сахуыр кодта, стæй та – Æрыдоны семинары. Семинары ахуыргæнæгæй базыдта æмæ бауарзта литературæ, йæхæдæг дæр фыссыныл фæлварæнтæ кодта. Ноджы ма хъуыды кæнын, йе ’мбæлттимæ Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фистæгæй куыд фæцыдысты Къостайы фенынмæ. Къоста чи у, уый дын амонын ма бахъæуæд! Æз мæхицæй ныббуц дæн æмæ йын сæрæстырæй дзуапп радтон: – Кæй зæгъын æй хъæуы, зонын æй. Уый бахудт æмæ дарддæр йæ ныхас нывæзта: – Фæлæ, хъыгагæн, семинар фæуын йæ къухы нæ бафтыд. Арсен æрæнкъард, йæ къухтæ йæ уæрджытыл уæззау æвæрд æркодта æмæ арф ныуулæфыд. Æз сцымыдис дæн, дарддæр цы уыд, уый базонынмæ сразæнгард дæн. Цы хабæрттæ дзырдта, уыдонæй йæ хъæлæсыуаг кæйфæнды дæр æрыхъусын кодтаид. – Уæззау низы азарæй йæ бахъуыди йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхын. Фæлæ, ирон адæм куыд фæзæгъынц, кæмæндæр йæ сины саст фæрæстмæ, зæгъгæ, уымæн дæр йæ хъуыддаг афтæ рауад. Цы уыди, уымæй иууылдæр сфæлдыстады аныгъуылд. Йæ уацмыстæ йын газетты мыхуыр кæнын райдыдтой. Йæ фыруæзданæй йе ’цæг ном дæр никуы бафыста йæ фыстыты бынмæ, фæлæ йæхицæн æрхъуыды кодта фæсномыгтæ: «Хабос», «Ботас», хатгай-иу «А.К.» дæр ныффыста. Стæй, куы фæдзæбæх, уæд райдыдта скъолаты кусын, фæлæ йæ ахуыргæнæджы куыстæй фæсырдтой. Фæстæдæр ацыд Хуссар Ирмæ. Суанг ма Бетъырбухы дæр балæууыд. – Æмæ йæ цæмæн фæсырдтой йæ куыстæй? – нæ та фæлæууыдтæн æз. – Уый та дæхæдæг базондзынæ. – Кæд дæ нæ фæнды, уæд дын æй нæ дзурын кæнын, – сразы дæн йемæ. Дзурæджы рихиты бын ауыдтон хæлар, фæлмæн мидбылхудт. Йæ цæстытæ хин æрттывд фæкодтой. Цæмæй йыл мæ зæрдæ бынтон ма фæхуда, уый тыххæй ма мын радзырдта, кæй кой кодта, уыцы фыссæг ма цавæр газетты куыста, ирон мæлинаг æгъдæутты ныхмæ куыд тох кодта йæ уацмысты фæрцы, Дзæуджыхъæумæ куыд æрыздæхт, йæ хæрзиуджытæ куыд æмæ цæй тыххæй райста, æмæ ма бирæ цымыдисаг хабæрттæ. Куыд æрталынг, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Уазæг уæззаугай йæхиуыл схæцыд æмæ загъта, цæуын афон ын кæй у. Йæ ныхæстæ мæм цалынмæ бахъардтой, уæдмæ Арсен къахвæндагыл адард. – Цы фыссæджы кой кодтай, уый чи уыд?! – ахъæр ма кодтон йæ фæдыл. – Йæ хабæрттæ дæ зæрдæмæ фæцыдысты? – Йæ уацмыстæй мæ исты бакæсын æрфæндыд. – Тагъд æй базондзынæ. Стæй æрмæст уый нæ, фæлæ ма æндæр ирон фысджыты уацмыстæ дæр. Чи зоны, дæхæдæг бацархайдзынæ, науæд та дын æххуысгæнджытæ фæуа. Æз лæджы фæстæ кастæн æмæ не ’мбæрстон, мæхæдæг куыд базондзынæн, кæй кой кодта, уыцы фыссæджы. Кæнæ уыцы «æндæр æххуысгæнджытæ» чи сты? Цалынмæ рахъуыды-бахъуыды кодтон æмæ йæ фæстæ уадтæн, уæдмæ уазæг бæлæсты ’хсæн æрбайсæфт, цыма тайгæ акодта. Лæугæйæ аззадтæн: не ’мбæрстон, цы ’рцыди, уый. Нæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызтæн, афтæ мæхи ныццавтон ирон литературæйы чиныгыл: цымæ, зæгъын, кæй кой кодта, уыцы Коцойты Арсен у. Чиныг арафæлдах-бафæлдах кодтон æмæ иу къаммæ кæсгæйæ аззадтæн. Мæ цæстытыл не ’ууæндыдтæн: – Коцойты Арсен, – сдзырдтон мынæг хъæлæсæй, цыма мæ куы фехъуса, уымæй тарстæн, уыйау. Къамæй мæм каст мæ абоны зонгæ, æрмæст асдæрæй. Бынтон дисы та мæ йæ амæлæты аз бафтыдта. Чиныг иуварс æрæвæрдтон æмæ хъуыдыты ацыдтæн: «Кæд мæ, мыййаг, хур æрæлвæста, æмæ мæ абоны фембæлд мæ цæстытыл ауад?» Иннæмæй та дызæрдыггаг нæ уыд, æцæгæй ныхас Арсенимæ кæй кодтон æмæ мын йæхи царды хабæрттæ кæй фæдзырдта – мæнæ сæ ныр чиныджы дæр бакастæн. Цалдæр боны афтæ фæхъуырдухæн кодтон, стæй йын райстон йæ уацмыстæ æмæ сæ кæсын райдыдтон. Уыйбæрц мæ зæрдæмæ фæцыдысты, æмæ дарддæр иннæ фысджыты уацмыстæм дæр бавдæлдтæн. Фæлæ кæддæриддæр райдайын сæ царды хабæрттæй, цыма мæхи уыдонимæ дæр хæрхфембæлдмæ цæттæ кæнын…

Ацы аз журналы нымад ёрцыд Нафи ёмё Шамилы азёй

Ацы аз журналы нымад æрцыд Нафи æмæ Шамилы азæй

ДЗЫРДЫ ФАРН:

«Мæнæн уыд царды иу бæрзонд Стъалы, ирон дзырды Куыр-далæгон – йæ ном».

«Куы цæрæм, – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы  хауæм, – уæд стъалыйау бæрзондæй».

Редакцийы кусджытё

Редакцийы кусджытæ

Хетагкаты Оксана
сӕйраг редактор
Гусалты Барис
прозӕйы хайад
Касаты Батрадз
поэзийы хайад
Тъехты Тамерлан
критикӕйӕ хайад
Джусойты Нина
шеф-редактор
Багаты Марат
версткӕ
Previous
Next

ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ:

"Кæд райсом фесæфдзæнис ме `взаг,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ."

"Мах абон цы ирон æвзагæй дзурæм, уый Елхотæй дæлæмæ нæ, фæлæ уырдыгæй уæлæмæ нæ хъæуы."

Хъуыды кæнæн ис æрмæстдæр иу æвзагыл. Цалдæр æвзагæй талф-тулфæй куы дзурай, уæд дын сæ иу дæр хъуыды кæныны хотых не суыдзæн. Кусынæн дын гарз куы нæ уа, уæд куыст дæр нæй. Цалдæр æвзагыл хъуыды кæныныл куы архайай, уæд æппындæр хъуыды кæнын хъом нал уыдзынæ.

Мыдыбындз йæхи мыдыл куы атигъ кæна, раст уыйау уайы дæхи дæ мадæлон æвзагыл æнæрвæссонæй æвдисын дæр.

13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд "ТАЛАТÆ"

13-ём скъолайы сфёлдыстадон къорд "ТАЛАТЁ"

Закрыть меню