

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал




НОГ ÆМДЗÆВГÆТÆ
ГÆБУАТЫ Галинæ
ÆРВОН СТЪАЛЫТЫ ТÆМÆН
ДÆУÆН
Дæуæн, мæ царды рухс, лæварæн
Æрхæсдзынæн зæрдæйы цин.
Дæу равзæрстон мæ цин æмбалæн,
Ды дæ мæ амонды æхсин.
Дæуæн æрхæсдзынæн лæварæн
Сæууон хуры фæлмæн ыскаст,
Нæ фыдæлты нартон фæндырæн
Йæ алæмæттаг зæлты хъазт.
Дæуæн, æрмæст дæуæн, лæварæн
Мæ зæрдæйы куы судзы арт,
Цæмæй дæ тава уый йæ хъармæй,
Цæмæй йæм райхæла дæ уарзт.
Хæххон æхсæрдзæнтæн сæ сатæг
Лæварæн ‘рхæсдзынæн дæуæн.
Дæ уаты сæрмæ хъаздзæн алкæд
Æрвон стъалыты тæмæн…
Кæсын дарддæр Ныййарæг мад, дæ сыгъдæг уды хъармæй Ныййарæг мад, дæ кад æмæ дæ намыс Хъæбулы мæтæй ды æнцой нæ зоныс, Мæ ныййарæг, мæ фæлмæн мад, дæ фæрцы Æрцыдтæ та мæм, мидбылхудгæ, фыны, Сæуæхсидæн йæ рухс тынтæй фæтарстæн, Нæ зæрдæты цы рухс фæндтæ æмбæхсæм?.. Фæзæгъынц, зæрдæ хъал вæййы йæ фынтæй… Боныцъæх йæ ирд хъæбысы Ракодта йæ фæндаг дардыл, Хæхты сæрмæ дымгæ зилы, Бæлæстæ ирон чызджытау Хъал дымгæ йæ хивæнд фæндтæ Хъазгæ зилы уый хæхбæсты… Стъалыйау тæмæнкалгæ дæу федтон, Кастæн дын æз де ’нæбын цæстытæм… Дидинджытау агурын дæ фæдтæ, Судзгæ уарзт мын бахордта мæ зæрдæ, Рог дымгæ дæ сау дзыккутæ фасы, Фурды арф – дæ æнæбын цæстытæ, Мæй дæр та дæ рудзынгмæ нымдзаст и, Ехх, тæхуды, булæмæргъ куы фестин, Тæхудиаг, кæй равзæрста дæ зæрдæ, Æз-иу æфсæрмæй иувæрсты куы кастæн, Тæхудиаг, кæмæ худы цъæх арвæй Лæууыдтæ-иу мæ рудзынджы бын арæх, * * * * * * * * * * * * * * * * * * * * * * * * Зын у, æмбарын, бæрзæн, * * * Дæ фидауцæй кæй уд фæхъæстæ, * * * Сæумæpaйсом мæ pудзынгæй Уæлладжыргом, Фыдыуæзæг, Нæ дзыллæйæ сæpыстыр дæн, Мæ цин æмæ мæ хъыджы бон Бæpзондылбадæг, кувын дæм: Хъысмæт мæ poxуаты нæ уагъта, Йæ уазал узæлдæй-иу зæpдæ Æмæ цыдтæн, лæгæpcтон размæ, Хъысмæты равзаргæ кæнонтæй Фæлæ нæ сызнæт и мæ зæpдæ, Мæ цардуалдзæг чызджы хуызы Æpбадзырдта мæм: «Уагæpы Сырхуадул уыдтæ, xудæнбыл, Æpбабон, æмæ фехъал дæн… Уый не ‘мбары, мæ xъæбултæн Мæ зонд æмæ мæ xъаруйæ О, цардуалдзæг, æpвон фынау Арв нæ зыны мигътæй, Исынц нын нæ бартæ, Скадджыни гæpтамхор, Залымты фыдæxæй Фæcдзæуинтæ дардыл Сафдзысты нæ радæй, – Гъей-джиди, уæлæpвтæ! Арв нæ зыны мигътæй, Мæ Ирыстон, фыдæлты зæхх, Сыгъдæг зæдбадæн рухс кæмттæй Хуыцауимæ лæгæй-лæгмæ Мæ Ирыстон, æнкъарыс æй? Мæ рагфыдæлты туг-тæгтæй Æpмæcт дæ алы комы дæp Ныййарджытæ, нæ уидæгтæ, Ныййарджытæ, нæ дадзинты– Сымахæй –рæcугъд сабидуг, Уæ зонд æмæ уæ хъаруйæ Ныййарджытæ – ныфстауджытæ, Ныййарджытæ – нæ уидæгтæ, Дæ дзыхæй иу хатт уарзты дзырд куы схауид, Рæвдаугæ йæ сæууон æртæхы наин, Нæ цардамонды кувæндон дзы скæнин, Дæ дзыхæй иу хатт уарзты дзырд куы схауид, Тæхуды, сабидугмæ аздæх, Мæ мад, мæ зæххон зæд, тæхуды, Мæ фыд, мæ ныфсы мæсыг, уастæн! Тæхуды, ’рзил фæстæмæ азтæ, Фæлæ нæ комы рæстæг зилын, Цъæх уалдзæг мæ риуы цæмæндæр Йæ хæрздæфæй срог кæны уæнгтæ, Æмæ та цæмæндæр, цæмæндæр Æнкъарæнтæ стых вæййынц зондыл, Фæлæ та… Æрбаздæхын балцæй, Гъе уæддæр цæмæндæр, цæмæндæр, Уæлладжыргом – мæ авдæн, Дæ цъититы рæбынæй Дзырддзæугæ уæд дæ хистæр, Фыдрын æмæ бæллæхæй Дæ байзæддæгты кадæй Мæ тыхст сахат Поэзийы дуар хойын Цæссыгкалгæмæ хъæстытæ фæдзурын, Дæ фæскъæсæр мæ ма ныууадз, фæзæгъын, Поэзимæ мæ уды хъыгтæ хъарын, * * * Нæ цæхæрадон – ног куысты къæсæрыл, Бæзджын дидинæг ракалдтой бæлæстæ, Нæ зæронд хид мæ зæрдæйæн æхцон у. Ныр дæр ма уайы раздæрау мæ хъустыл Рæсугъд æмæ мыдыбындзджын дыргъдоны Æстыхстысты кæрæдзиуыл бæлæстæ, Фæрæзтой иумæ хъызт æмæ тæвдæн Бæлæсты риуты уарзты рухс сыгъди. Сау мигътæ знаджы æфсадау æрбабырсынц, Сау арв æвиппайды ферттывта хъамайау, Дурлæсæн фезмæлыд, тас у йæ азарæй, Згъоры лæбурæгау ивылд дон сау хохæй, Зилгæ æрра дымгæ ‘руагъта йæ базыртæ. Дуне æрсабыр и, мæргъты зард райхъуысти! Тæхынц та хъарм бæстæтæмæ мæргътæ, Сæ тахт – рæсугъд æмæ сæрибар Фæтæхынц мадæлтимæ ‘взыгъдæй Хæссынц гыццыл зæрдæты арфы Фæлæ та ралæудзæни уалдзæг, Мыййаг, куы нал æртæхой мæргътæ Куы нал хъуыса сæ уарзон зарæг, Дурджын комы сæрмæ знæтæй Цыма сты цæттæ мæлæтмæ, Комы, дурты ‘хсæн фæлмæцы Абон ахстонæй фыццаг хатт ‘Рбадтис мад-цæргæс йæ цуры, Лæппын цин кæны йæ мадыл, Хоны цъиуы мад йæ фæстæ, Лæппын базыртæ æсцагъта, Джульбарс уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг майдан «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» кæмæн радтой, уыцы хъайтар куыдз. Уыд рæмудзæнтæ сгарæг службæйы кусæг Волкац Динæйы куыдз. Знаджы нæмыгæй фæстагмæ уæззау цæф фæцис. Джульбарсы Уæлахизы Парадмæ Иосиф Сталин рахæсын кодта йæ кителыл. Уæззау цæфæй йæ рахастой Сырх Фæзмæ. Уæззау тохы уыд раззæгтимæ иумæ, Ызнаджы эшелонтæ уый рæмыгъта, Цытджын æмæ ыстыр парад Сырх фæзы, Цæуынц Сырх фæзыл ‘фсæддонты ранхъытæ, Уыдис бæрзонд хæс хистæр офицерыл,НЫЙЙАРÆГ МАД
Ды радтай цардмæ рухс фæндаг мæнæн.
Дæн амондджын æз абон дæр дæ фарнæй,
Дæу фæрцы – лæгъз мæ цардвæндаг хæтæн.
Сатанайау – æнæмæлгæ зæххыл.
Дæ чысыл хуртыл цины тынтæ тауыс,
Дæ фæлмæн æнгас зæрдæйыл лæууы.
Æнæхуыссæг æхсæвтæн ’рцыди рад.
Дæ «удæнцой», дæ «цæсты рухс» кæй хоныс,
Дæу а зæххыл нæ фæкæндзæн æгад.
Мæ фидæнмæ сæрыстырæй кæсын,
Мæ зараг хъæлæс азæлы нæ хæхтыл,
Мæ цардвæндагыл барджынæй цæуын!..МÆ ФЫН
Æрхастай та мын дзаг армæй дæ уарзт…
Мæн уыцы фыны баззайын фæндыди,
Æппындæр мæ куы нал фæндыди хъал…
Куы мын фæсурой м’ адджын фынтæ дард…
Нæ рагуалдзæджы ц’ амондмæ фæбæллæм,
Гъе уымæй вæййы арфæйаг нæ цард!
Кæй уындæй ссудзы зæрдæйы цæхæр?..
Нæ цæстытæ цæмæн фæкæсынц худгæ?..
Цæмæн фæкалынц стъалытау тæмæн?
Æрцу-ма мæм, мæ фынты нæ, – æргом!..
Мæ рыст зæрдæ мын батавис дæ уындæй,
Нæ цард уæд уаид амондджын, æнгом!МÆ УАРЗТЫ ЦИН
Стъалыты куы амбæхста…
Хур та нæ йæ æрвон балцы
Хорз æмбалæн равзæрста…
Фестад арвы рон йæ фæд…
Алчидæр зæххыл йæ царды
Хайджын амондæй фæуæд!
Комæй-коммæ скодта хъазт.
Урс къуымбил мигътимæ ’рсимы
Иу фыдуаг лæппуйау раст…
Аив, нарæг астæу баст…
Сусæгæй сыбар-сыбуртæ
Дымгæйæн кæнынц æваст…
Никæмæн кæны æргом.
Фæлæ ’мбæхсы йе ’взонг зæрдæ
Йе ’нкъарæнты уаргъ, æргъом…
Ныр кæй агуры, цæмæн?
Хуры скастимæ фæхæссы
Уый мæ уарзты цин дæуæн…МЕ СТЪАЛЫЙÆН
Хуры тынау уыд дæ уынд мæнæн.
Мысын ныр зæрдæрухсæй нæ фембæлд,
Агурын мæ хъал фынты дæ фæд…
Цас æфсарм сæ фæлмæн ‘нгасы уыд…
Амондыл та баууæндтæн, зæххыстæн!..
Уарзты зарæг зардзынæн дæуыл.
Дун-дуне дæр басгардзынæн,зон.
Чи бамбардзæн зæрдæйæн йæ фæндтæ?
Райхъал ис дæ мидбылхудтæй бон.
Нал хæцы мæ цæстытыл хуыссæг…
Ногуард митау атайын дæ фæстæ,
Фембæлгæйæ, райгуырын нæуæг!..ТÆХУДЫ
Ехх, тæхуды, уыцы дымгæ фест!..
Хуры тын дæ рухс цæсгомыл хъазы,
Ехх, тæхуды, хуры тынтæй фест!..
Ехх, тæхуды, баленк кæн гъе уым!..
Фембæлгæйæ де ‘фсæрмдзаст кæстытæ
Алкæддæр мæ зæрдæйыл лæууынц…
Уымæн алкæд бацæуæнтæ – гом…
Ехх, цымæ æнæнцой удтæ цас ис?
Чи сдзуры йæ хъуыдытæ æргом?
Уæд чызгайæн азарин хъæрæй.
Сусæг дзуапп йæ цæстыты куы фенин,
Амондджындæр нал уаид мæнæй!..УАРЗОНÆН
Кæмæн кæныс дæ сусæг дзырд æргом…
Кæй рæвдауыс цæстæнгасæй æдзухдæр,
Кæмæн вæййы дæ зæрдæйы дуар гом…
Дæуæн салам кæд никуы загътон æз,
Уæддæр дæ, лæппу, тынг бирæ куы уарзтон,
Мæ хуры скаст, мæ дидинæгджын фæз!..
Цæхæркалгæ ыстъалыты дзыгуыр…
Дæ номыл, цымæ, чи æркуывта дардæй,
Цæй амондджын у уый, цымæ, бæгуы!..
Æмбæрзтон æз, кæй мыл кæныс хъуыды…
Нæ базыдтай ды тох кæнын дæ уарзтыл,
Æнæ уарзтæй та зæрдæ у мæгуыр!..ФИДАРАТЫ Руслан
ÆВАСТ РУХС
Нæ хорзы хицæнтæ –
Хæлиу фосау…
Нæ фосы хизæнтæ –
Хæмпæл хосау.
Куыд цæры адæймаг –
Цъыфы æфсæрст.
Цъæх арвы адæй ма
Вæййы æфсæст.
* * *
Таксий цæуджытæ –
Джиппы уагъд цыма.
Дзаг кæны рæуджытæ
Артаджы хъылма.
М.Ри-йæн
* * *
Талынджы гуыффæйы
Арухс дæ æваст.
«Уый ды дæ?» – куы вæййы
Уæд мæнæн мæ фарст.
Цыма уæрдон кæмдæр ныссагъд, –
Ныссагъд мæ хъуыды.
«Уæрдоныл уæд – нæ уыди загъд –
Ысхæцын хъуыди».
Кæны, кæны, кæны йæ куыст
Æнæнцой сахат…
Цыдæр уынæр, цыдæр æнкъуыст –
Тæлфы та сахар.
Ивæзынц ныхæстæ,
Бон тæдзы мыдау…
Фидинаг, фыст хæстæ –
Кау æрдæгбыдау.
Ды дæ сæрды цахъхъæн,
Ды дæ царды кар.
Уалдзæджы цин хъахъхъæн,
Даргъ зымæг æнкъар.
Уæззаудæр нæ зынтæй –
Нæ бæллицты рог.
Йæ фыццаг фæзындæй
Мæ уаргъ дæр фæрог.РÆМОНТЫ Геор
ÆВДАДЗ
Мæ фыдцардыл нæ дзурын,
Хъаймæт мæм уый нæ кæсы…
Уынын: рыгъд-къæдзæй дурыл
Бæрзы тала дæр рæзы…
Фæлæ хæсдзынæн дисæн, –
Æвæрæзæй дæр рæзæн
Кæй ис, уым бæрз – æвдисæн.
Ч.Ф.
Кæныс мæ бардуагау æууæндын,
Фæдзæхсыс мæ – цы амал ис:
Цыма ныллæууынæй мæ фæндыл
Дæ хæрзтæ доны бакалис…
Хæрам нæй уымæй разынæн;
Цы доны бакалис дæ хæрзтæ,
Æвдадз уаид уый нуазынæн.
2012
О, диссагдæр цы фенæн и нæ цардæй ма!
Куы урс, куы сырх, куы саухъулон – йæ хуыз:
Куыдзы хъуыды дæ кæм нæ кæны адæймаг,
Кæм дæ æмбары адæймагау куыдз.
2016БУТАТЫ Ритæ
ЦАРДВÆНДАДЖЫ АСИНТÆ
МÆ ХЪУЫДЫТÆ
Нæ комы ‘рдæм кæcын,
Мæ рухс хъуыдыты дзыгуырæй
Мæ pæнхъытæ бийын:
Цы фарн дæ ис, цы тых!
Дæуæй рухс у мæ цардвæззæг,
Дæу ныфсæй дæн хъæддых.
Сæ xæpзтæм сын бæллын.
Мæ cыхбæстæн, мæ хъæубæcтæн
“Æнтыстджын ут!” зæгъын.
Мæ алыварс лæуут,
Æз дæp-иу уæ кæм бахъæуон –
Фæxaбар-иу кæнут!
Дæ къух-иу уæд рæдау,
Æнæвгъауæй, о, курын дæ,
Фарн Иры зæxxыл тау!ХЪЫСМÆТ
Æxcыст йæ цуайнаджы мæ уд.
Куы-иу мыл базыртæ æpcaгъта,
Куы мын мæ xъизæмæpттыл худт.
Æнахуыр судзгæ рыстæй рыст.
Æpxaуон, мауал сыстон, зæгъгæ,
Уæд хъуыстон уды хъæлæc: «Сыст!»
Тырныдтон хуыздæpты рæгъмæ.
Ызгъордтой дугъон бæxтау азтæ,
Мæ кары бацыдтæн уæдмæ…
Цæнгæтау сфидар и мæ уд.
Ныртæккæ нал кæудзынæн сонтæй!
Цъæxcнаг нæу раздæpaу мæ худт…
Хатырхъом, уарзынхъом ма у.
Æмæ æxxæcт кæнын мæ хæcтæ,
Хуыцауæн зæpдиагæй – табу.ФЫН
Мæ мидфынмæ фæзынд,
Мæ алыварс тæpгайхуызæй
Йæ къахфындзтыл æpзылд.
Кæдæм лыгъдтæ мæнæй?
Цы раны дæ, цы уавæpы?..
Дæ cæpы сау хил нæй!
Дæ цæcтыты – цæxæp!
Дзырдтон дын: Фидæн – хауæн был!
Нæ мæм хъуыстай уæддæp…»
Цы амоны мæ фын?
Тæлтæг уалдзæджы уайдзæфтæн
Цы у мæ бон зæгъын?
Кæй у мæ уд нывонд.
Æнæвгъауæй сыл байуæpстон
Мæ уынд æмæ мæ конд.
Сæ caбидуг – рæвдыд,
Сæ фæндæгтæ мæ табуйæ –
Рæcугъд æмæ æвыд.
Мæ xъæбулты æpцæp!
Сæ фæндæгтыл хæpдгæ тынау
Рæcугъд фæндтæ æвæp.ЗАЛЫМТÆ
Зæxxыл апырх марг.
Залымты фыдмитæй
Сыскъуындзæни цард.
‘Фтауынц ныл фыдниз.
Баззадыстæм, уастæн,
Дæлимонты ‘вджид.
Кусæг лæг – æгад.
Цъаммар уæвын абон
Хорзыл у нымад.
Дун-дуне хъæpзы.
Абоны æлдæpттæй
Хæйрæг дæp тæpcы.
Айтыгътой тынтæ,
Сдзырдтай, цы, дæ бартыл! –
Къалати цæттæ.
Абон уый уынæм.
Кадмæ бæлгæ, ‘гадæй
Хауæнмæ цæуæм.
Раздзог нын кæм уа?
Чи ‘мбара нæ фæндтæ,
Ахæм лæг куыд уа.
Зæххыл апырх марг.
Залымты фыдмитæй
Ма сыскъуынæд цард!МÆ ИРЫСТОН
Ды аргъуан дæ мæнæн!
Дæ xъæбул уон, дæ дугъон бæх,
Æнæ дæу нæй цæpæн.
Дæу сфæлыста Хуыцау,
Дæуæн радта йæ xopзæxтæй
Сæ axcджиагдæp – Æгъдау.
Иронау дзырдтой нарт !
Æгъдауыл æвæpд уагимæ
Бæpзонд хастой дæ кад.
Сæ фæдон дæн æз дæp!
Мæ хатдзæг нæу сæpызондæй,
Уый туг дзуры фылдæp.
Дæ удыл баст –мæ уд.
Нæ хъаст кæнын мæ хъысмæтæй,
Æpмæcт мын у цæpдуд.
Ирон зарæг нæpæд,
Ирон дзыллæ кæддæpиддæp
Дæ цæpайæ цæpæд!НЫЙЙАРДЖЫТÆ
Сымахæй хорз у цард,
Кæмæн ма стут, тæхудиæгтæ,
Xæpæнт уæ номæй ард!
Уæ уды рухс, уæ туг.
Нæ цардвæндаджы асинтыл
Цырагъдартæй лæуут.
Ныфсы мæcыг –уæ уарзт,
Зæxxoн хуыцæуттæ басгуыхут,
Куы нæм фæкæcы маст.
Нæ цардуалдзæг –рæcугъд,
Дунейы фарн уæ табуйæ
Нæ зæpдæтæм хæccут.
Нæ цæpайæ цæpут,
Уæ халассæp хъæбултæн дæp
«Мæ къонатæ» кæнут.
Дзæбæxæй нын цæpæнт!
Кæмæн ма сты, тæхудиæгтæ,
Сæ номæй ард хæpæнт.УАРЗТЫ ДЗЫРД
Мæ зæрдæ фестид дидинæгдон уæд.
Рæсугъддæр дзы цы дидинæг æрзаид,
Йæ къусчы ‘рцæуид уыцы дзырд æвæрд.
Дæ удæн дын дзы саразин дзæнæт.
Цæрæнбонты йæ уарзты хъармæй тавин,
Мæ удæгасæй не ссарид мæлæт.
Ды та дзы уаис зæдтимæ æмсæр.
Ирон фæндыры зæлты йæ нывæрин,
Ныффæдзæхсин ын: зарæджы мын цæр!
Мæ зæрдæ фестид диднæгдон уæд,
Пæр-пæргæнгæ дзы уарзты зæд æрбадид,
Йæ фынгыл уаид дидиндзарв æвæрд.ТÆХУДЫ
Кæм уыд ныййарджытæ мæнæн.
Тæхуды, азты сæрты атæх,
Кæм калдта уды рухс тæмæн.
Мæ русыл куы андзæвид дæ арм,
Тæхуды, фехъус ма дæ худын,
Тæхуды, банкъар ма дæ хъарм.
Дæ фæрцы базырджын уыдтæн…
Хъæуы мæ фидар уæхск ныр дæр.
Нæ халы царды цалх йæ фæтк,
Æмæ мæ зæххон хæстæ фидын,–
Кæд уаид арфæйаг мæ фæд.ЦÆМÆНДÆР
Йæхицæн ыскодта бынат!
Фæсиды мæм,худгæ, кæдæмдæр,
Мæ уд мын нæ уадзы æнцад.
Æрбайсæфынц хъыг æмæ маст.
Кæддæры æнæаипп сæнттæ
Ысног вæййынц зæрдæйы æваст!
Æрбайсæфы азты æргъом.
Фæтæхын та, оххай, кæдæмдæр,
Фæхуды мæм амонд æргом.
Ысног вæййы зæрдæйы уарзт!
Хъысмæты æгæнон кæнонтыл
Мæ хъуыдытæ нал вæййынц баст.
Фæкæны йæ кæнонтæ цард:
Фæлвары мæ кард æмæ арцæй,
Мæ бæллицтыл бандзары арт.
Цъæх уалдзæг мæ риуы цæры!
Фæсиды мæм, худгæ, кæдæмдæр,
Мæ уд мын дзæнæтмæ тæры.ИРЫСТОНÆН МÆ КУЫВД
Хъæриуы хох – мæ фыд,
Мæ фæлмæнзæрдæ мадæн,
Ирыстонæн, – мæ куывд.
Æлутон дон кæлæд,
Дæ дыргъдæттæй, дæ хуымтæй
Фæрныг тыллæг цæуæд!
Дæ кæстæр уæд цыргъзонд,
Фæрнæйдзаг уæд дæ къæсæр,
Дæ дзыллæ уæд æмзонд.
Дæу бахизæд Хуыцау.
Дæ къæбæр æмæ цæххæй
Æххуысхъуаджы рæвдау.
Дæ сæр бæрзæндты хæсс,
Æнтыстджынæй, цытджынæй
Æнусты сæрты кæс! * * *
Æмæ сæркъулæй къæсæрыл лæууын…
Мæхицæн дзы ыстыр кад æз нæ домын,
Мæ рыст зæрдæ мын барæвдау, зæгъын.
Ысуадзын дзы мæ зæрдæйы тыппыр.
Фæндагмæ дзы мæхицæн Рухс фæкурын,
Куыннæ суа зæрдæ знæт æмæ æмыр.
Æрми-æрм демæ саккаг кæн цæуын,
Дæ фарн мæ кæд нæ бауадзид фæкæлын,
Мæ уд кæд уаид базырджын, тыхджын…
Æууæндын ыл – мæ ахсджиагдæр бæллиц.
Уæд алчидæр йæ комулæфтæй хайджын,
Поэзи у нæ удварны къæбиц!ЦÆРИАТЫ Валери
УАРЗОН ЗАРÆГ
Йæ фæрныг зæхх – сæууон хурæй рæвдыд.
Фыццаг кæрдæг æсхæцыдис йæ сæрыл.
Æрцыд æнæ дæу, уалдзæг та, мæ фыд.
Сæ алварс кау – æхсæры уисæй быд.
Фæлидзы суадон, уайсадгæ, мæ рæзты,
Йæ сæрты хид – дæ къухтæй конд, мæ фыд.
Ныр дæр ма уайы цæстытыл дæ цыд.
Фæскуыст изæр дæ хидæйдзаг цæсгомыл
Куыд-иу дзы ‘скалдтай уазал дон, мæ фыд.
Дæ райдзаст мæ уæздан ныхас, мæ фыд.
Фыццаг хатт ацы хиды сæр йæ русыл
Дæ сæрдасæн куы авæрдта дæ фырт…ДЫУУÆ БÆЛАСЫ
Дыууæ бæласы рæзыдысты иумæ.
Æлвæста сæ фæлмæн дымгæ йæ риумæ,
Рæвдыдта сæ сызгъæрин хур æхцонæй.
Сæ уидæгтæ, сæ къалиутæ, сæ удтæ.
Нæ уыди уыцы бæлæстæй рæсугъддæр!
Æнæ дисæй-иу ничи цыд сæ рæзты.
Кæрæдзийæн æнцой æмæ ныфсæн.
Сæ сæрмæ-иу гыццыл зæрватыкк зарыд.
Сæ иу мыдхуыз, тæнцъар кæрдо уыди,
Сæ иннæ та сырхфарс фæткъуы куы разынд.ТÆРККЪÆВДА
Скъæры сæ комы ‘рдæм фосдзугау уад.
Мæргътæн сæ цинæйдзаг зарджытæ нал хъуысынц,
Бæстæ нытталыг ис, бæстæ нынкъард.
Знагæн йæ фæтæн риу агуры раст.
Бæстæ ныннæрыди, банкъуысти зæххы цъар,
Карзæй тæрккъæвда ныккалда æваст.
‘Фсæн фаттау сау дуртæ донмæ тæхынц.
Стонынц æнусон бæлæстæ сæ бындзарæй,
Тарстæй сæ лæгæтты сырттæ лæууынц.
Раст цыма дунейыл рацыд зындон.
Арв æмæ зæххы æнæрæнцой карз тохæй
Гуыры æнусон тох! Нæй йын кæрон…
Мигъджын къæвдайæн йæ кæрон æрцыд.
Дардæй æрбайхъуысы арвнæрын хохсæртæй,
Змисджын цæугæдæттæн коммæ – сæ цыд.
Зæххыл та ралæууыд цин æмæ рад.
Хуры зæрин тынтæй сау айнæг барухс и,
Бæстæ ныррæсугъд и, худы та цард! * * *
Зынынц фæрдгуыты халау дардæй.
Сæ сæрмæ – урс къуымбил æврæгътæ,
Сæ бынмæ – раг фæззæг æнкъардæй.
Тæссаг æмæ дæргъвæтин балцы.
Тыгъд базыртæ æндонау – фидар,
Цæттæ сты бафæразын алцы.
Фыццаг хатт дард балцмæ лæппынтæ.
Æвзарынц хъал æмæ цæрдæгæй
Æмбæлццон дымгæйыл сæ тыхтæ.
Ыстыр, æнæкæрон уарзт мæргътæ.
Кæйдæр æнæзонгæ цъæх арвы
Мысдзысты райгуырæн уæлæрвтæ.
Фæстæмæ ‘рбаздæхдзысты мæргътæ.
Æмæ та райхъуысдзæн сæ зарæг,
Зæлдзæни райдзастæй нæ хæхты.
(Хуыцау нæ бахизæд фыдохæй).
Сæ чысыл ахстæттæ нæ зæххыл
Куы баззайой æнусмæ рохæй,
Ныххус уыдзæни уæд нæ дыргъдон.
Æмæ куы нал æрлæууа уалдзæг,
Нæ цардæн байсысдзæн йæ суадон.ЦÆРГÆСТÆ
Зилынц стыр дыууæ цæргæсы.
Ризы сау айнæг сæ мæтæй,
Дымгæ тарст хъæрæй æмбæхсы.
Хауынц фатау зæхмæ арвæй.
Æмæ ногæй та фæстæмæ
Стæхынц рухс тыгъдады арфмæ.
Уыцы цæргæстæн сæ лæппын.
Уый йæ базыртыл ысхæцы,
Хъавы арвы цъæхмæ стæхын.
Сонт лæппын-цæргæс фæхицæн.
Æмæ хуры бын йæ бынат
Хъуамæ бацахса йæхицæн.
У æнæкæрон йæ сагъæс,
Цыма тарст лæппынæн дзуры:
“Схæц дæхиуыл, дзиба, ма тæрс”.
Мæ йæ дæлармы æмбæхсы.
О, цæйбæрц хъæрутæ царды
Мады уды тавс æрхæссы?!
Схæцыд базыртыл, ныууасыд.
Æмæ хохнарæджы астæу
Цæргæс комы арфы бацыд.
Риуы ‘рбамбырд кодта тыхтæ.
Кæс, æртæ цæргæсы тахтмæ
Хур дæр ракастис æврæгътæй. * * *
Йæ риуыл арфæйы майдан зындис.
Сæрдыгон къæвда уарыдис сæ сæрмæ,
Йæ фæстæ ‘фсæддон полчъытæ цыдис.
Хæстон фæндæгтыл фондз азы фæцыд.
Уыд Польшæйы, ныххæццæ ис Берлинмæ,
Домбайау уый фыдгулты ныхмæ цыд.
Йæ зæрдæ уыд мæлæтдзаг тохтæм зыд.
Æмæ-иу фаг куы нал кодтой йæ тыхтæ,
Уæд-иу дæндагæй йе знæгтыл хæцыд…
Хæстон æмæ фæллад салдаттæй дзаг.
Ныфсхаст Советон адæмæн сæ фæрцы
Æрцыдис сырд Фыдыбæстæйæ знаг.
Цæгъды хъæрæй хæстон оркестр марш.
‘Мæ немыцаг тырысаты бызгъуыртæ
Зынынц æппæрстæй Мавзолейы раз.
Сырх фæзы астæу, адæммæ æввахс,
Уый хаста Сталины лæвар кителыл
Хъæйтар куыдзы, йæ хæстон ном – Джульбарс.
НОГ ТÆЛМАЦТÆ
РАБИНДРАНАТ ТАГОР
(1861 – 1905)
Рабиндранат Тагор – зындгонд индиаг ахуыргонд, поэт, артист, музыкант, композитор, санскритæй тæлмацгæнæг. Тагоры хуыдтой Гуру, стæй поэтты поэт. Йæ фыццаг æмдзæвгæ рацыд, аст азы йыл куы цыд, уæд. Тагорæн йæ политикон зондахаст бынтон бæлвырд нæ уыд, фæлæ уæддæр йæ зæрдæмæ империализм нæ цыд. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Гитанджали» (моны зарджытæ) Тагоры сфæлдыстадæн сси йæ бæрзонддæр хох. Райгуырдис 1861 азы уæздан бинонты ‘хсæн. Уыдис дыууадæс сывæллоны кæстæр. Йæ фыд Дебендранат Тагор – куырыхон лæг, Индийы ахуыргонд æмæ курдиатджындæр философтæй иу. Æвддæсаздзыдæй ацыд Англисмæ ахуыр кæнынмæ Лондоны университеты колледжы. Йæхæдæг йе ‘мдзæвгæтæ ратæлмац кодта англисаг æвзагмæ. 1913 азы сси Нобелы премийы лауреат. Йе сфæлдыстадæй стыр цымыдисы бафтыдта англисы зындгонддæр æмæ курдиатджын поэтты (Уильям Батлер Йейтсы, Э. Паунды, Р. Бриджесы). 1940 азы Оксфорды университет Тагорæн саккаг кодта Литературæйы докторы кадджын ном. Бирæ мæстытæ федта йæ райгуырдæй йæ мæлæтмæ. Бынтон гыццыл куы уыд, уæд йæ мад амардис, фæстæдæр йæ сывæллæттæй дæр дыууæ амард. Тагоры æмдзæвгæтæ тæлмацгонд сты дунейы бирæ æвзæгтæм.
Кæсын дарддæр Англисаг æвзагæй
Золойты Аркадийы тæлмацЗАРÆГ
«Азар», зæгъгæ мын куы фæзæгъыс,
Уæд мæ зæрдæ фыр хъалæй фæцæйтоны.
Дæ иунæг æрбакастæй
Мæ цæстытæ доны æрзилынц.
Цыдæриддæр зонын гуымирыйæ, залымæй,
Тайынц видауцы, æмæ мæ аргъуыц
Фурды кæсагдзауау йæ базыртæ райтындзы.
Зонын, мæ зарæг дæ зæрдæйы бахизы.
Зарæггæнæг дын кæй дæн æз æрмæст,
Уый æмбарын.
Фæлæ уæддæр
Мæ зарæджы базыртæй
Хъавгæ дæ фадхъултæм æвналын:
Мæ армæй сæм не ‘ххæссын.
Мæ зарæджы рухс цинæй расыгæй æз,
Аззайын рохы мæхицæй,
Æмæ мæ царддæттæг паддзахмæ
“Мæ лымæн” ысдзуры.
ÆНЦОЙ РÆСТÆГ
Курын, абад мæ фарсмæ, о, мæ адджын, мæ иунæг!
Зон, фæуд кæндзæни искуы, о, мæ зæрдæ, мæ куыст!
Ды куы нал уай мæ фарсмæ, уæд фæуыдзæн мæ улæфт.
Фестынц тухиты фурды уæд нæ фæллæйттæ фынк.
Сæрд кæдæй-уæдæй рудзынг хоста абон мæ уатмæ,
Кафыд расыгæй къохы тулдзы будтæфмæ бындз.
Сбад мæ фарсмæ, мæ иунæг, ам цæсгомæй-цæсгоммæ
Цардыл саразон зарæг ныр æнцойыбон æз.
СÆФТ РÆСТÆГ
Æз, о, ме Скæнæг
Ме ‘вдæлон бонтæн сæ иуы
Сагъæс кодтон сæфт рæстæгыл,
Фæлæ нæй фесæфæн уымæн.
Царды исдугтæ райсыс æмткæй,
Алы зæрдæйы дæр бадыс.
Нæмыгæй равзæры тала,
Фесты къуыбар,
Дидинæг ракалы,
Сывзæры дыргъ.
Иубон бадæн фыдвæллад,
Æмæ ме ‘вдæлон лыстæныл
Æруагътон мæхи.
Загътон
Æнæхъæн зæхх-арвæн йæ куыст
Банцадис, бамыр.
Райсомæй сæумæцъæхты
Куы фехъал дæн, уæд
Хурмæ хæдтæмæнтау ‘рттивгæ
Мæ дыргъдон дидинæй байдзаг.
ЗОНЫН
Зонын, уарзгæйæ, цардæй
Рох куы кæной йæ азтæ,
Нæй йын фесæфæн уæд!
Зонын, куы амæла уарди,
Змисты суадон куы стыхса,
Нæй йын фесæфæн уæд.
Стæй фæцудыдта царды
Чидæр, фæлæ хилы йæ фæстæ
Нæй йын фесæфæн уæд.
Ис мæ царды бæллицтæ.
Зонын, ме ‘нæфыст зарæг
Ризы зæрдæйы тæгтыл,
Æмæ йын фесæфæн нæй.
ЗМÆНТÆГ
Фæхæстæг дæм вæййын, тæрсгæйæ,
Куы мæ стыхсай ногæй.
Мæ паддзах дæ схонын,
Дæ цæфæй куы ‘рхауын.
Мæ хæстæ дæ къахынц,
Æз та дын дæ хæзнадон къахын.
Дæ фурдимæ схæцын,
Йæ уылæнтæй райсын мæ хъару.
Дæ цырагъ мæ къæсы
Фæсæхсæвæр нал судзы рагæй,
Нывзилы мæ дисы
Ыстъалыты рухсмæ дæ арв.
АДЗАЛ
Адзал, дæ фæсдзæуин,
Адзал мæ къæсмæ æрцæуы,
Ивылд æнæзонгæ дæттыл æрбахызт,
Зæгъы мын дæ бардзырд.
Куыд талынг у ахсæв!
Азарæй айдзаг мæ зæрдæ.
Ыссудзон мæ цырагъ,
Фæдзурон æм уатмæ –
Де ‘ххуырст æрлæууыд мæ размæ.
Уæнтæхъилæй кувын, ызгъалын мæ цæссыг –
Мæ зæрдæйы хæзна.
РУХС
Рухс, мæ рухс,
Дун-дуне дарæг, мæ рухс,
Де ‘нцой мæ зæрдæйæн – рухс…
Рухс, о, мæ иунæг
Царды гуылфæнты ныххауы.
Мæ иунæг, нæ уарзтæн хъырны.
Арвы дуар фегом, дымгæ феуæгъд
Ногæй æрдз йæ мидбылты худы.
Мæнæ та рухсы денджызы
Систа йæ пæлæз гæлæбу
Аузы уардиты рухс
Йæ зæринтæ анхъæвзынц мигъты.
Луары хæдтæмæнтæ,
Тархъæдты ссæнды йæ фарн,
Абухы размæ
Къалиуæй къалиумæ,
Сыфтæрæй сыфтæрмæ…
Акæс-ма, дон фемæхст уæларвæй,
Æмæ дун-дуне байдзаг ис цинæй.
КУЫ БАХУС УА ЗÆРДÆ
Куы бахус уа зæрдæ ‘къæйдурау куы судза,
Уæд-иу ын фæлмæн къæвда фест!
Дæ удварн куы нал уа мæ сæрды, мæ царды,
Тымыгътæн сæ хъарджытæ фест.
Куы стыхсон, куы сфæлмæцон тухитæй, бонтæй,
Уæд-иу мын мæ удæнцой фест.
О, не Скæнæг!
Куы бакуырм уон, ме Скæнæг, монцы цæссыгæй,
Уæд-иу мын æрвонæрттывд фест!
УÆД МÆ ЗАРÆГ ÆРГОМ
Уæд мæ зарæг æргом,
Уæд хуымæтæг, дзырдхъом,
Сбарæд, згъоргæйæ, зæхх,
Фурдæн фестæд йæ цæхх.
У мæ фæндыр æрдын,
Уадтымыгътæн сæ рын.
Схæцы, самайы тох,
Æмæ ссары фыдох.
ЦАРДЫ ДОН
Мæ дадзинты царды дон дугъы фæуайы
Æхсæвты, сæумæцъæхты, бонты,
Згъоры, æрынцад нæ зоны.
Ысрæдувынц цинтæ, гуылфгæнгæ, сæ хинтæ
Фæкæнынц кæрдæджы сыфтæрæн.
У фурдæн йæ авдæн йæ райгуырды бонæй
Йæ уалдзæгæй, зон æй, мæлæтмæ
Йæ райвылд кад у, æрбафæйлауд радты
Уылæнтæн сæ цард æмæ хъомыс.
Тых анхъæвзы уæнгты.
Мæ туджы æрхæмттæ, мæ дадзинты царды дон ласы.
Фæсимы мæ туджы, нæ тугуарæн дуджы
Мæ сагъæсты уаргъæй æртасы.
ФÆСТАГ ЗАРÆГ
Уадз, мæ цинæн йæ тынтæ
Ризой фæстаг зарды зæлты.
Уадз, æмæ абуха æрдз
Йе ‘ппæт кæрдæджытæн иумæ.
Уадз, æмæ фаззæттæ
Цард æмæ адзал
Дунетыл æрсимой,
Æмæ мæ цин цардыл æртыхса,
Йæ мидбылты худгæйæ.
Уадз…
Уадз æмæ лотосы гом тугхуыз цæстыл
Цæссыгæй æрбада.
Уадз æмæ ахæсса йемæ,
Цы ссара нæ дунеты, уый.
КÆМ ТА ДÆ?
Дæ балцы та уарзты фæндагыл дæ,
Ацы тымыгъы, мæ лымæн, зæгъ-ма мын.
Ныфссастæй æврæгътæ дæ арвыл
Тыхулæфт куы кæнынц, куы хъæрзынц, мæ лымæн.
Мæ хуыссæг фæлыгъдис,
Æдзынæгæй дардыл фæлгæсын æз милхуыз æхсæвты.
Куыд афтид у дуне, мæ иунæг, кæм хæтыс?
Цы хæхты, цы бæсты, кæм вæййыс?
Цы суадоны былтыл, цы тархъæдты пыхсы,
Цы денджызты арфы, мæ лымæн?
ФÆРСЫН ТА ХУЫЦАУЫ
Æнусæй-æнустæм нæ дунемæ ‘рвитыс
Æвзæрстыты, не Стыр Ыскæнæг!
Хæссынц нæм дæ ныхас: «…кæрæдзийæн барут,
Кæрæдзийы уарзут,
Фыддзинадæй бахиз дæ зæрдæ!»
Æфтауы мæ дисы – мæ зæрдæ фæриссы:
Мæ цæсгом дæ аздæхтон абон, –
Сæумæйы ысхаудта æнæбары ныхас
Дæ бардзырдмæ ацы фæлдыст бон…
Цымæ æз нæ федтон лæгмары фæрæтмæ
Фыдзæрдæйы амæттаг ласгæ?
Кæнæ та – æгъатыр тыхгæнæджы худгæын,
Рæстдзинады зæрдæйы дудгæ?
Æвзонгæн йæ хъысмæты бирæгъау ниугæ, –
Йæ пырхæнтæ царды къæдзæхтыл.
…Мæ дзаг хъæлæс бамыр, ныффæсус мæ зарæг
Мæ дуне – фыдфынæн йæ рагъыл.
Фыдфыны зындоны ныккæнын мæ зарæг,
Кæугæйæ, фæкувын, дзыназын:
«Куыд нымайон уарзон æмтъерыгæнджыты,
Дæ рухсыл цъыфкалджытæн барон?..»
ÆРЫГÆТТЫ ÆРМДЗÆФ
БЕСТАУТЫ АЛАНÆ
Поэзийы дунейы сусæг фæндæгтæм йæ фыццаг къахдзæфтæ уæндонæй кæны Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы литературон къорд «Суадон»-ы архайæг, литературон преми «Булæмæргъ»-ы лауреат Бестауты Вигентийы чызг Аланæ.
5-æм къласы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын. Ныртæккæ ахуыр кæны ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты.
Кæсын дарддæр Рæсугъд изæр. Цы ма вæййы хуыздæр? Рæсугъд изæр. Ныкъулы мæм йæ цæст Рæсугъд изæр. Йæ адджын тæфæй мæн Рæсугъд изæр. Цы ма вæййы хуыздæр? Цæуыл у дæ катай, мæ хуры æнгæс? Кæд федтай дæ иунæджы ‘ндæримæ знон, Дæ цæстытæ фестынц гуылфгæнгæйæ арт, Цæуыл у дæ катай, мæ хуры æнгæс? Æз афтæ æнхъæлдтон, лæджы ном ыссарын, Æз афтæ æнхъæлдтон, куы ‘рцæуы нæм уалдзæг, Нæ разынди цардæн йæ мидис та афтæ. Нæ цард та мыл рацыд мæнгард æмæ хинæй, Æфхæрд лæг æфхæрд у. Цы ма йын кæндзынæ? Уалдзыгон уддзæф мæ зæрдæйыл сæмбæлд, Раст цыма усгурау, мидбылты худгæ, Федтон дæ бакаст, федтон дæ цæстытæ, Уалдзыгон уддзæф мæ зæрдæйыл сæмбæлд, О, цардивæн, нæ дæ ‘рхастон мæ сæрмæ, Лæвайраг уæм цæмæ кæсы адджындæр? Рæсугъддзинад – ыстыр кад æмæ намыс, Нæ дæ ‘мбарын, нæ дæ хæссын мæ сæрмæ, Æз уыдоны æгъдауы сæрыл мард дæн, Нæ дæ хæссын уæддæр, нæ цард, мæ сæрмæ, Ирон лæг йæ фыртæн куы нæ уа фæзминаг, Ирон лæг йæ Зæдтæм куы нæ кува арæх, Ирон худ кæнынæн фыд аккаг куы нæ уа, Ирон лæг йæ фынгыл йæ хистæрты нæмттæ Ирыстон фæрныг уæд, фæцæрæд нын бирæ,РÆСУГЪД ИЗÆР
Сæрдыгон уддзæф ‘рбахæссы дæ хъæлæс.
Ды дæр кæныс, æвæццæгæн, кæмдæр
Мæ сау цæстытыл иунæгæй дæ сагъæс.
Дæ сау дзыккутау арф арвæй уæззау мæй.
Уæззау ысты йæ хъуыдытæ, йæ маст,
Уый басыгъди нæ зæрдæты цæхæрæй.
Ныххуыдуг кодта, нал зонын улæфын.
Фыдрæгъæд дыргъау зæрдæ у фæлмæн.
Дæ къахвæдтыл æз ивылд донау згъорын…
Уый федтон æз дæ цæстыты æнгæсы.
Мæнæй дæ кæд æндæр уарзы фылдæр,
Уæд уый уыдзæн дæ мад кæнæ дæ Хуыцау…КÆМÆНДÆР
Дæ цæсгомæй ивылынц дæттæ.
Къæвдабон æруадзы йæ цæнгтæ бæлас.
Цæмæ скъуыйы мургай дæ зæрдæ?
Æви йæ нæ федтай бынтондæр?
Дæ зæрдæ тыхджындæр цæуыл кæнид сонт?
Нæ быхсы йæ уарзтæн æндон дæр.
Куы та сыл ыстыр зæй æрцæуы.
Фæкæсы дæм хатгай сæкæр дæр æнад,
Дæ уд та хъуырмæ уæд ыссæуы.
Цы уаид дæ удæн æнцондæр:
Фыдуарзтæй кæйдæры мæлæты онг уарз,
Æви а зæххмæ ма ‘рцу бынтондæр…ÆЗ АФТÆ ÆНХЪÆЛДТОН…
Æппæтæй æнцон у зæххыл.
Æз афтæ æнхъæлдтон, рæсугъд зарæг зарын,
Æнкъардæй дæр уды фæнды.
Æппæтæн вæййы уæд æхцон.
Куы вæййы лæджы зæрдæ кафаг ‘мæ зараг,
Йæ цард дæр вæййы уæд æнцон.
Цы ма йыл кæнон уæд æнкъард…
Бæрзонд арвы ронæй ысластон æндæхтæ,
Быдтон дзы æз хъавгæ фæндаг.
Йæ цæсгом мæм равдыста ‘ргом.
Мæ цæссыг-иу калдтон кæддæрты фыр цинæй,
Ныр нал дæн кæуынæн дæр хъом.
Кæм тæрсы хуылыдзæй донласт.
Фыдæлты æмбисонд кæддæриддæр раст у:
“Æмдзу кæны цинимæ маст”.УАЛДЗЫГОН УДДЗÆФ
Бахызти риуы æнæкæрон цин.
Хуры фæлмæн тынтæ, дымгæйы улæфт…
Уды уæздан зарæг семæ ысиу…
Уалдзыгон уддзæф мæ размæ цыди.
Райхæлди дидинау, никуы-ма афтæ
Зæрдæ йæ фыр цинæй расыг уыди…
Уалдзыгон уддзæф сæ æнгæс куы у.
Зæрдæйы арфмæ дæр уый тыххæй, судзгæ,
Уалдзæджы уддзæф æхцонæй хызти…
Уымæн кæлæн дæр йæ разы та циу?
Афтæ æхцон ма куы вæййы нæ фембæлд,
Зæрдæты куыст дæр куы ысвæййы иу…ДЫУУЫН ФЫЦЦÆГÆМ ДУГ
Æз де скондыл нæ разы кæнын, зон.
Æппæтæн дæр нæ дуджы ис æлхæнæн.
Уæ зæрдæтæн цæмæн у уый æхцон?!
Уæ хиды ‘ртахæй чи нæ у æхсад.
Кæуылдæрты куы бакалут зынджытæ,
Куыд æнхъæлут, нæ дзы судзут сымах?!
Сыгъдæг цæсгом – рæстдзинадæй æхсад.
Кæд уыдонмæ дæ уды бæрц нæ бæллыс,
Уæд къæхты бын ныккæндзынæ дæ кад.
Æнæуынон дæ, цардивæны дуг!
Мæ фыдæлтæ цы ныууагътой сæ фæстæ,
Ныккалдтой, зоныс, уыдоныл сæ туг.
Сæ уæлмæрдтæн дæр табу кæнын æз.
Ды та, нæ цард, цы рахастай нæ размæ?
Мæнгардæй нын нæ сабитыл цæуыс.
Дæ дуджы сконд мæ удмæ нæу хæстæг.* * *
Кæй фыртæй уæд райсдзæни лæппу дæнцæг?
Кæд вæййы лæджы цард уæлæуыл кæуинаг? –
Йæ бындур хуыздæрмæ куы нæ цæуа, уæд.
Нæ кувдзæни уымæн йæ кæстæр дæр уæд.
Фыдæлты æгъдæуттæ куы баззайой рохуат,
Кæндзыстæм, ирæттæ, уæд искæд æвæд…
Йæ фыртыл нæ фидауы цухъхъа дæр уæд.
Æгъдауæн хæдзары йæхи аргъ куы нæ уа,
Зæгъут-ма, ирæттæ, цы уыдзæн нæ цард?..
Сыгъдæг дон, къæбæрæй куы нæ ссара, уæд, –
Йæ фыртæй дæр искуы, куы цæл кæна афтæ,
Уæд ферох уыдзæни йæ фыды бæркад…
Хуыцауыл фæдзæхст уæд нæ адæмы цард.
Æрмæст уæ æз курын, о Иры хъæбултæ,
Нæ фыдæлтæ – рухсаг. Ныр та у нæ рад!..
БАСИТЫ Дзамболат
Хæрзбон зæгъын. Нæ сæрмæ згъоры тар мигъ.
Нæ хъæу æмырæй доны был лæууы.
Кæс-ма, чызгай, у мæнæ уый сымах тигъ,
Æддæмæ ам ыстыр фæндаг цæуы.
Ыстыр фæндаг ыстыр бæстæмæ ацыд,
Кæцы ран хæст æнæнцойæ цæуы,
Кæцы ран зæхх ызнæгты мастæй басыгъд,
Æмæ кæуы сæ къæхты бын, кæуы.
Цæуын æз уырдæм, тохы арт кæм судзы,
Кæм кæны хуры топпы фæздæг тар.
Ызнæгтæм рагæй сонт зæрдæ рæмудзы…
Æрцыд рæстæг. Ысластон æз мæ кард.
Ды ма тæрс, ма мæнæн, мæ дуне, тохы
Нæ бæстæйæн æрфиддзынæн йæ хæс,
Æмæ дæумæ нæ уæлахизы боны
Сæрыстырæй æрыздæхдзынæн æз!
Кæсын дарддæр 1944 азы август 1942 1965 аз. 2001 аз.ÆНÆФЫСТ ЦЫРТ
Æз федтон цырт, æнæфыст цырт нæ фæзы,
Рæсугъд нæууæвæрд ингæны сæр уыд.
Цыдысты адæм фæндагыл йæ рæзты,
Æмæ-иу ам фæсабырдæр сæ цыд.
Æрбацыд цыртмæ урсзачъе зæронд лæг.
Йæ сау худ систа. Фемырæг и бон.
Æмæ ызгъордта суадæттау йæ мæллæг,
Йæ мæллæг рустыл цæстытæн сæ дон.
Нæ зоны уый æфсæддоны хæстæгмæ,
Йæ цыртыл ном æмæ мыггаг фыст нæй.
Æрмæстдæр зоны: ингæны мыггагмæ
Фынæй кæны хъæбатыр гуырд, фынæй…
КАЛОТЫ Хазби
ФÆДЗУРЫНЦ МЫН…
Фæдзурынц мын: «Ныууадз дæ фæндыр,
Кæнæ та бацагай дæ бæх.
Поэт уæвын кæй нæ фæфæнды,
Фæлæ нæуæгæй исты зæгъ.
Цард хорз у, уый фыстой ма раздæр…
Лæджы фæзмын æмбисонд нæу.
Кæдæмдæр музæ цалдæр азы
Дзæгъæл быдыры скъæфы дæу».
Æмæ фырадæргæй мæхицæн
Æппындæр нал ф ‘арын бынат.
Фæбæллын: ехх, кæмæй фæхицæн
Поэтикон лæмæгъдзинад!
ЕЛЕХЪОТЫ Мурат
ФÆУÆЛАХИЗ УЫДЗЫСТÆМ
Нæрут, хæстон уадындзтæ,
Арвау,
Кæнут, о нæмгуытæ,
Зынг уард!
Зындоны карз тымыгъ,
Ныццарау,
Куыд фæуой удхортæ бындзагъд!
Лæгсырд йæ тугмондаг хъæлæсы
Нæ бæстæмæ æрхаста марг.
Фæлæ йын сау мæлæт фæхæссæм,
Зæххыл дзы нал уыдзæн мыггаг.
Рæстдзинад – мастисæг – нæ фарс у,
Тæрс, не знаг,
Хус сыфтæрау риз!
Кæнынц нæ фыдгæндтæ дæ фарсæй,
Фæуыдзæн авддæлдзæх фашизм!
САУКУЙТИ Хасан
МЕ ‘ХСИРФМÆ
Гъей, ме ‘хсирф, зарæ мæ къохи,
Исзæлланг кæнæ цæрдæг.
Бацудан нур кусти тохи –
Æрæфснайæн нæ тиллæг!
Ехх, тиллæг, тиллæг… Фурзадæй
Нæ будур бунмæ тонуй.
Æ нæмуг дæр куд иставд æй!
Е мах фарнæ амонуй.
Гъей, æхсирф, зарæ мæ къохи.
Дессаги рæстæг хæссуй.
Ма фæллайæ кусти тохи.
Уæхæн рæстæг ка хæссуй!
ГАФЕЗ
ЗÆРДÆ МЫСЫ
Бæстæ судзы мæ цæсты раз, –
Фæздæг мигъау ныббадт.
Хæсты стыр æмæ бирæ уæз
Уæнгтыл сихау ныббадт.
Фæлæ зæрдæйы сагъæстæ
Ничи бакæндзæн тар:
Мысы дард ранæй хохбæстæ,
Мысы уарзон хæдзар.
Ноджы мысы, кæд афонмæ
Мад кæрдзынтæ кæны,
Æмæ сусæгæй й’ арынгмæ
Цæссыг рустыл кæлы.
Кæнæ иунæгæй пецы раз
Бады, мысы уый мæн.
Мысы… абон æртыккаг аз
Уый нæ зоны, кæм дæн.
Зонын, зонын, мæ уарзон мад,
Ды кæй тæрсыс мæнæн,
Бон нæ арыс æрынцойад,
‘Хсæв нæ кæныс фынæй.
Арæх хъæубынмæ рудзынгæй
Ды æдзынæг кæсыс
Æмæ алкæй дæр ме ‘рцыдæй
Ды хынцфарстæй фæрсыс.
Гыцци, тагъд дæм æрцæудзынæн, –
Нæй дæ фыртæн мæлæт!
Æмæ батæй ныссæрфдзынæн
Æз дæ цæссыг дæуæн.
НИГЕР
ГЕРМАНЫ ХÆСТЫ ЗАРÆГ
Далæ комы хæрæ мигъ фæзынди,
Æмæ арв ныннæрыд, арв нырттывта,
Судзгæ цæхæртæ зæхмæ куы калы,
Зæхх ныррызти, зæхх нынкъуысти, уæдæ.
Уый хæрæ мигъ куы нæу, хæрæ мигъ,
Уый арв куы нæ нæры мигъты ‘хсæнтæй,
Уый арвы ‘рттывд куы нæу, арвы ‘рттывд,
Æмæ арвы цæхæртæ куы нæ сты.
Уый нæм залийаг калм æрбабыры,
Залийаг калм Германы бæстæй,
Авдсæрон маргхæссæг залийаг калм,
Хæлбурцъгæнгæ, хæлбурцъгæнгæ, уæдæ.
Йæ комы тæф сау мигъау куы сбадти,
Йæ хъæлæсæй цæхæртæ куы калы,
Йæ сау дзæмбытæй хъæдтæ куы цæгъды,
Хæхтæ куы гæрды, хæхтæ куы халы.
Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд!
Лæгæвзæрст, бæхæвзæрстæй рацæут, –
Тохы бон ыскодта, хæсты дуг æрцыд,
Лæджы сæр бахъуыд, лæджы сæр, уæдæ.
Ой! Фæдис, фæдис, Иры фæсивæд –
Нарты буц цот – нарты байзæддаг!
Худинаг ма ‘руадзæм нæ адæммæ,
Худинаджы бæсты мæлæт – хуыздæр!
БУРÆФÆРНЫГ
ХАТЫР НÆ ХÆСТÆФХÆРД
ХИСТÆРТЫ РАЗ
Мæ фыдæл, нæ хистæр,
Хæстæфхæрд хæстон лæг,
Мæ сæрæй дын кувын ныллæг.
Цæрæнбон фæхастай
Дæ рухс ном сыгъдæгæй
Дæ Хуыцау – рæстдзинад.
Нæ бауагътай цудын
Ирон лæджы фарн æмæ кад.
Нæ зыдтай, кæд уыдзæн
Дæ цардæн йæ кæрон,
Кæд бахуысдзæн
Иу бон дæ зынг.
Фæлæ-иу дыууæ дзырды –
«Намыс», «лæгдзинад» –
Фыдæлты ныхæстæй
Куы райхъуыст дæумæ,
Уæд дурвидар буарæй,
Зæрдæйæ
Ызнагыл уæлахиз уыдтæ.
Дæ кæстæртæн, махæн,
Дæ фидæны фарнæн
Нывондгæнгæ, хастай дæ цард.
Нæ фыдæл, нæ хистæр,
Хæстæфхæрд хæстон лæг,
Ныббар нын, кæд абон
Дæ фæндиаг нæма ,сси нæ цард.
Нæ фыдæл, нæ хистæр,
Хæстæфхæрд хæстон лæг,
Ныббар нын, ныббар нын, –
Нæ базыдтам никуы
Дæ лæггæдтæн аргъ…
МЫРТАЗТЫ Барис
АКЪОППЫТÆ
Кавказæй ныгуылæн бæстæтæм
Салдатæй фæцыдтæн æз дæр.
Ныр акæсын Ирæй фæстæрдæм:
Мæ цæстытыл уайы ыстæр,
Ыстæрты нæ хæстон хæдзæрттæ –
Акъоппытæ, уым та – фæлтæр…
Зæххы къори фестад хæцæнтæ –
Акъоппытæй байдзаг йæ буар.
Мæнæн дæр уым цас уыд «хæдзæрттæ» –
Акъоппытæ… Цу мæ сæ ссар!
Уыдысты мæ хъавæн, мæ уарт,
Мæлæтæй фæхызтой дæ фырты.
Акъоппытæ, цымæ, цы фестут?
Уæ бынæтты байрайæд цард!
Акъоппытæ, дидинæг фестут!
Уæ номæй фæхæрдзынæн ард!
СИДАХЪТЫ Симон
САЛДАТЫ ФЫРТ
Æхсæв та мыл сагьæстимæ сбон и,
Зæрдæ рыст, цыма та ног цæф уыд.
Æй-джиди, æз уый уæддæр куы зонин,
‘Ппæт лæгтæй кæй хуызæн уыд мæ фыд.
Дунейы æфхæрд адæмы сæрыл
Не стыр тох фæстаджы бон куы стынг.
Оххай-гье! Уæд рейхстаджы къæсæрыл
Ахуыссыд мæ фыдæн та йæ зынг.
Уыцы сахат чи уыди йæ фарсмæ,
Чи йын радта къубускайæ дон,
Гъе стæй уæд та чи абырста размæ,
Уыцы салдат, уыцы сахъ хæстон.
Аргь ыскæн мæ хонæджы ныхасæн,
Демæ-иу мæм де ‘мбæлтты æрхон, –
Раттон дын æз арфæйаджы нуазæн
Æмæ дæ мæхицæн фыд зæгьон.
МÆ ФÆЛТÆР
Кæмæн нæ уарзон дæр нæма уыд,
Чи хъазты акафыд фыццаг хатт,
Чи чызгæн бакой кæнын хъавыд,
Фæлæ йын нал фæци, нал фадат:
Цæуын нæ бахъуыди гæрзтимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.
Æхсаргард, сахъдзинад, сармадзан
Æвзæрстой дунейæн йæ хъысмæт.
Ыскодта н’ адæмыл фыд заман –
Max уыцы тугуарæн ыстыр хæст
Ныхъхъуырдта райгуырæн зæххимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.
Уæд не ‘ргъиу карз хæсты ыхсысти,
Нæ риутæй хъахъхъæдтам нæ барцард…
Кантари рейхстагмæ ысхызти,
Тызмæг сармадзанты хъæр банцад.
Хъæмæ ыздæхтыстæм цытимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.
Чи махæй дзаг хæдзармæ бацыд –
Фыр цинæй бинонтæ фæкуыдтой.
Кæмæн та бацæуæндон нал уыд,
Æмæ нæ сыхæгтæ фæхуыдтой
Æхсæвуат кæнынмæ сæхимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ…
Йæ азтæй алчидæр фæраздæр:
Æвзонгад карз хæсты ныууагътам…
Фæцæрæм сабырæй ныр мах дæр,
Зæгьгæ, ма устытæ æрхастам
Цæнкуылтæ, халасхæст сæртимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.
Нæ намыс дард айхъуыст нæ бæстæй,
Max номфыст Мæйыл дæр ныууагьтам.
Ызнаг ма ракæсы фыддзæстæй –
Хæцын куы сфæнд кæна – уæддæр та
Цæудзыстæм иухатты ныфсимæ
Нæ кæстæр фæлтæримæ иумæ.
ХАУÆГГАГ
Нæ зонын, хæстæг дæ æви дард дæ,
Лæзæрыс сагьæсты кæмдæр.
Мæгуырæг, удыгасæй мард дæ:
Фæсмойнаг, хойыс ма дæ сæр.
Куы цыдтæ æфсадмæ æхсарæй,
Бæрзонд дæ тенкайыл уыд худ.
Фæлæ ныл рацыдтæ мæнгардæй, –
Ды хæсты разындтæ тæппуд.
Нæхицæй алыгьтæ знагмæ,
Мæ уд, дам, фервæздзæни уæд.
Фæлæ ды худинаг мыггагмæ,
Хæссыс цагъайраджы къæлæт.
Хæсты нæ чи фæмард, гъе уымæн
Йæ мард зынаргъдæр у дæуæй.
Сæ кад, сæ намысыл фæкувæм.
Дæуæн, «мæн у» зæгьæг дæр нæй.
Нæхимæ рацæуын нæ уæндыс,
Дæ цæсгом чъизи у, æгад.
Дзæгъæлдзу, хауæггаг. Кæй хъæуыс, –
Нæй уым дын иу хион, æрвад.
Мæнгард, ныууæй кодтай Фыдызæхх,
Фыдæлты фарн æмæ æгьдау.
Хъысмæт дæм уый тыххæй ысфыдæх, –
Ныр ниу æнæхæдзар куыдзау.
КАФЫН НÆ УÆНДЫДТÆН УÆД
Зæрдæ гъе ныр дæр ма джиты,
Хастон мæгуыры къæлæт.
Me скъуыдтæ хæлаф, æрчъиты
Кафын нæ уæндыдтæн уæд.
‘Намонддзинад мыл ныйичъи,
‘Взонгæй фæрыстæн æгæр.
Бацин-иу кодтон, кæд исчи
Авæрдта-иу мын къæбæр.
Иуварсмæ хауд уыдтæн цардæй,
Хъалгуырд нæ цыд мæм хæстæг,
Хъазтмæ-иу кастæн æз дардæй,
Кафджытæм кодтон хæлæг.
Абон дæр, кафджытæ, кафут,
Амдзæгьд кæнын уын – мæ хæс.
Ма мыл худ, хорз æмгар, ма худ,
Кафын кæй нæ зонын æз.
ХÆУЫТАТЫ Къоста
9 МАЙЫ ÆХСÆВ ДЗУАРЫХЪÆУЫ
Мæйы цалх Барзы æфцæгæй
Бур цæстæй хъæумæ кæсы.
Рог дымгæ комы дымæгæй
Лæппуты зарæг хæссы.
Хъæуы бын саудур цырт уæртæ,
Уый дæр нæ ахсы хуыссæг.
Ахсæв ын къæдзæхтæ, хъæдтæ
Табу кæндзысты ныллæг.
Авд урс зырнæджы ыстæхынц
Мæйрухсы цыртæй хæрдмæ.
Ахсæв, дам, уыдон æрхæссынц
Царды цин алы кæртмæ.
Зарджытæ урс цъиуты халæй
Азæлдæй дарддæр тæхынц.
Раст цыма се ‘мгæрттæм дардæй
Авдæй Гæздæнтæ хъырнынц.
Афтæ-иу загътой фыдæлтæ:
«’Фсымæртæ – цин æмæ хъыг», –
Уымæн кæд зарæджы зæлтæй
Раст цыма згъæлы цæссыг.
Бандзыг и цыртыл æдзæмæй
Авд фыртæй царæфтыд мад…
Дымгæ та комы дымæгæй
Скъæфы цæссыгтимæ зард.
БЫРНАЦТЫ Барон
ИНÆЛАРЫ ФÆСТАГ БАЛЦ
Хъайтар инæлар рынцади йæ сынты,
Æррæвдз йæ фæндагмæ, фæлыст.
Кæд бахауди йæ уаддзагъд зæрдæ фынты,
Йæ фæллад ыл æрæджиау æртыхст.
Æви, мыййаг, хъæбатырæн дæр царды
Ысвæййы хъомыс сау сыджыт кæддæр?!
Кæй нæ иста нæмыджы цæф, гъе карды,
Æгъатыр низæй басасти уæддæр?
Ау уый та куыд?! Бæгъатыр лæгæн афтæ
Йæ цытджын фæндаг айсæфти, фæци?
Йæ бæх йæ быны нал цæудзæни кафгæ,
Æнæ барæгæй баззадис дзы уый?
Уый чи уыди, кæмæй ысирвæзт хъарæг?
Иссæ нæ амард: Иры сахъ фыртæн
Ысси йæ цард кæрæй-кæронмæ зарæг,
Нæй зарæгæн та азæххыл мæлæн.
Йæ уды фарн мынæг рисы нæ ныфтдзæн,
Йæ ном цæрдзæн æхсар æмæ ныфсæн.
Фæдисы хъæрмæ саулохагыл сыстдзæн
Æмæ та тохы пиллонмæ бырсдзæн.
НЫСТУАН МАДМÆ
Хæсты быдыры баззади мæ фыд.
Æллæх, æна, дæ зæрдæ йыл куыд хъæцыд.
Æрыгон уыдтæ, мой кæнын дæ хъуыд,
Кæд ды мæн тыххæй баззадтæ идæдзы.
Æнафоны фæхалас ис дæ сæр,
Дæ мæт, дæ мæстæй батадтæ цырагъау.
Мæ сусæгæй дæ сæфт уарзты цæхæр
Цæстысыгæй хуыссын кодтай æнæвгъау.
Уæддæр дæ никуы федтон æз тыхстæй,
Дæ фæдмæн къухты рæзыдтæн – сæрибар…
Сывæллоны цавæрфæнды зынтæй
Дæ хъæбыс уыд мæнæн, Æна, мæ фидар.
Мæ бахудтмæ-иу бахудтæ фæлмæн,
Мæ кæуынмæ – хæкъуырццæй-иу фæкуыдтай,
Фæллад куысты мæн тыххæй ды нæ зыдтай,
Мæ циндзинад – дæ бæрæгбон дæуæн.
Фыды ад дæр æз бавзæрстон дæуæй,
Мæ ныфсы хох æппæтæй дæр ды уыдтæ,
Куыд дæм ысдзурон хъуамæ уæд хъæрæй,
Куыд дын зæгъон уæд истæмæй: рæдыд дæ.
Ныссæрф, мæ мад, дæ цæссыгтæ, ысхуд:
Ыслæг дæн æз, зындзинæдты нæ ниуын.
Дæ фæлмæст сæр æруадз гъеныр мæ риуыл,
Дæуæн лæггады улæфдзæн мæ уд.
ÆБÆРÆГÆЙ НÆ ФЕСÆФТИ НÆ ИУ ДÆР
Нынныхъуырут уæ цæссыгтæ, нæ хотæ,
Фæуромут, ныййарджытæ, уæ хъарæг,
Гъей, фæсивæд, нæ гуыппырсар, нæртонтæ,
Ныккæнут ныл хъыджы бæсты уæ зарæг.
Мах мæнæ стæм цæрæццаг хуыз уæ разы,
Уæззау цырт нын нæ нылхъывдта нæ риутæ,
Уынæм, уæ сæрмæ хуры тын куыд хъазы,
Æбæрæгæй нæ фесæфти нæ иу дæр.
Кæд гитлерон тыхгæнджыты ныббырстæй
Фæлидзæг ыстæм, мауал кæнут не стæн,
Фæсмойнаг ут уæ судзгæ зæрдæрыстæй,
Нæ иу ской дæр уын уæд æлгъыстаг фестæд.
О, уарзон Ир, фæфыдæнхъæл дæ махæй,
Нæ фæндагыл дæумæ сындзгæрдæг разад:
Æрдæгыл аскъуыд цард, фæлæ æгадæй,
Дæ кадджын хæс æрдæгыл нын нæ баззад.
Фыдыбæстæ, нæ уыдыстæм тæппудтæ,
Мæлæт ныл рахатт тугвæндаг стæры,
Цы нæм уыдис зынаргъдæрæй – нæ удтæ –
Лæджы фыртау æрхастам сæ дæ сæрыл.
Æмæ лæууæм ныр дурцыртæй уæ разы,
Нæ цард æрцыд сæрибарадыл ивгæ.
Уынæм, уæ сæрмæ хуры тын куыд хъазы,
Уæлахизы тырысайыл æрттивгæ.
ДЖУСОЙТЫ Нафи
НЫХАС ИРЫСТОНМÆ
Мæ зæхх! Дæ фарн æмæ дæ цытæн
Мæ сонт уд заргæ-зарын хъардтон.
Лæгау дæ фæндагыл цыдтæн
Æмæ сыл царды фæрæз ардтон.
Мæ саби уд-иу рухс куы уыд,
Уæд-иу сæууон зарджытæ систон.
Кæд-иу æрцыд нæ къæсыл фыд,
Уæд та куыдтон къуырмайау хисты…
Кæсын дарддæр Ныр мын нæ зонды лæг – хъæдхой! – Уый не ‘мбары: мæнæн мæ уд Уый не ‘мбары: мæнæн мæ дзырд 1985 аз Нæ кæрты дуар та ног нæ фыдгул хойы… Мах – армы дзаг, фæлæ нæ зæрдæ – фидар! Уынæм – бырынц куырм уырытау нæ ныхмæ Фыдгул – æвзидæг, мах – нæ рады хъавæг! 2008 аз Уæлейы – мæйы рухс цæссыгтæ, Æдзæм хъыгзæрдæйæ лæбыры, Æз царды дзæгъæлы фæсыгътæн, Цæрын – сывæллонау, ныфсытæй, Мæ зæрдæ сонт хъыгæй ыссыгъдæг, 1974 аз Фæлм мигъы тъыфылтæ Кавказыл æнцайынц, Цæуыл кæут?! Уæд та кæут, кæут… 2017 аз. Уынæм æй, тайы бонæй-бонмæ не ‘взаг, 15 май, 2005 аз. Цæмæ ‘рцыдтæ, бæрзонд гений, ды ардæм, Уырысы зæхмæ ахауд иухатт раджы Æдзух æм сидт ныййарæджы хъæлæсæй, Куы-иу лæууыди хъарагъулæй посты Фæндыдис æй фыдыуæзæгмæ здæхын, Зæронд лечъыр æй хи лæппуйау хаста. Æрмæстдæр уый цæрыны аккаг у, Куыд бирæ сты сындздзæф мæстытæ не ‘хсæн!.. Уæддæр – Хуыцауæй иу амондæй бузныг:
Дæуыл ныхас зæгъын нæ уадзы!..
Уый не ‘мбары: мæнæн дæ кой
Хуыцауы кувæндонау уаз у!..
Куы нæ уа цъуппыдзаг дæ мæтæй,
Уæд мын нæ дуне у æнуд,
Цæрын дзы у фыддæр мæлæтæй!..
Кæй у сæууон зарæг дæ разы!..
Цы зоны хъулон митæн сырд,
Фæлæ йæ мады уый дæр уарзы!..НОГ ФЫДÆВЗАРÆН
Йæ фæнд, – цæмæй та сæвдёлæм нæ туджы…
Æмæ хæссæм Чырыстийау æккойæ
Чысыл адæмы сау хъысмæт фыддуджы!..
Мах – раст адæм, бæстыдзаг та нæ маст у,
Фæлæ быхсæм: нæ рухс бæллиц – Сæрибар,
Нæ фидæны фарн уый номыл ныббастам!
Æлхæд цагъартæ, урсæй, зæгъай, сауæй,
Фæлæ уæддæр æфтауæм тых нæ тыхмæ,
Æвæрæм ныфс нæ уд æмæ Хуыцауæй.
Кæм дæ Рæстдзинад, махæн кæд æрвон дæ;
Нæ фыдгул та – мæнгард, ыстъигъæг, давæг, –
Æмæ йæ ‘ркъуыр дæ рухсдæттæг бæрзондæй!ÆХСÆВ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ
Бынæй – цъырцъырæгты кæуын…
Мæйвæлмы уæлдæфæн йæ сыгъдæг
Мæ зæрдæ узæгау кæны.
Хъæрмуст цæппузыртæй кæлы,
Æгомыг денджызы был уырыл,
Рæсуг медузæйау мæлы.
Фæлæ цы мæт кæнон, цæуыл?
Мæ хъысмæт – карз дунейы тыгъды
Салдатау дард балцы цæуын.
Æцæг уæларвмæ не ‘хсын худ…
Бæллын – Рæстдзинадæн уæфсытæн
Кæд балцы сфаг уаид мæ уд!
Хуыцау зæгъæд! Фæлæ куы не суа,
Уæддæр фæсмойнаг лæг нæ дæн,
Рæстаг хæсты цыты ныуæстау
Мæ удыл расты гакк уыдзæн.
Æнцойæ тар зæххыл лæууын…
Уæлейы – мæйы рухс цæссыгтæ,
Бынæй – цъырцъырæгты кæуын.САГЪÆС
Цъæх арвыл бындзыг мигъ сындæггай хъуызы.
Дæ хъуымбыл дзыккутæ мæ цæстытыл уайынц
Сæ ферох кæнын у зæрдæйæн фыдзын.
Æз, хидыл лæугæйæ, мæ фарон куы мысын,
Мæ разы æрфынæй мæ ныййарæг Ир.
Мæ фæндты куы тæхын æгæрон уырысы,
Мæ фæндты фæмысын дæ цæстыты ирд.
Цы кæнон, мæ хæлар,
Кæддæрты дæ уындмæ бæллыдтæн.УЕ ‘ФСЫМÆР КÆУЫ
(Мæ хотæм)
Æз уал хъæцон! Æз дард ранмæ цæуын,
Нæ хицæны бон акæут сымах,
Æз уым æнустæм иунæгæй уыдзынæн, –
Кæуæн бонтæ мын бирæ уыдзæн уым…
Куы-иу кæна ыстыр къæвда
Уæд-иу æй зонут: уый кæуы Нафи!
Йæ иунæг уд нырхæндæг и уæ мæтæй…
Фæлæ, мыййаг, куы худа арвæй хур,
Уæд та нымайут: барухс и цæмæйдæр
Мæ рыст зæрдæ, æмæ ныххудтæн æз.ÆВЗАГ
Нæ рагон фарн, нæ иунæг хæзна, не стæм!
Фæцыд, Сæнайы, арвы къуырфмæ не ‘взæр,
Уæддæр ам иумæ басæттынхъом не стæм!
Мæ уд нæ сæтты, сау мастæй ныцъцъæх, –
Мæ цæсты бын ныддур, ныффидар цæхх!М.Ю. ЛЕРМОНТОВЫ МЫСГÆЙÆ
Кæм нæ уыди рæстаг зондæн бынат,
Цагъардзинад, тыхми кæм кæнынц царды,
Гуымирытау фыдвæтк æмæ сæрфат…
Цæмæн нын уыд хъысмæт тызмæг хъыгдарæг;
Дæ хай цæмæн уыд алы фыдгой, маст?
Нæ тутсæр хъалтæм фехъуысти дæ зарæг,
Уæд-иу дæм уыд хъæддаг сырдтау сæ каст.
Ды уæд нæ хъуыдтæ, хъалтæн сæ фенд дæр,
Зæрдæнизау, сæ хъыг æмæ сæ мæт;
Хъæуыс ныртæккæ, суадзыд декаденттæ
Куы фестадыстæм не ‘ппæт иумæ, уæд.
Куы уаис ныр, уæд нын дæ тохы зарæг
Нæ царды талынг фесафид æваст;
Цæуиккам размæ – хуры рухсмæ тарæй!
Æмæ цæуид нæ тохы фæндаг раст.ЗÆРОНД ЦЫРТЫЛ ФЫСТ
Ленинграды иу рагон цыртыл фыст ис:
«Молодой черкес умер от любви к Родине»
Ыскъоламæ æвзонг лæппу Кавказæй.
Бæргæ йын фæци уыцы бæстæ адджын,
Фæлæ цыдис фыдызæхх йæ разæй.
Йæ хойау æм дзырдта æмæ куыдта.
Йæ бон нæ уыди чиныгмæ æркæсын, –
Уый чиныджы фыдыуæзæг уыдта.
Уæд-иу йæ хъуыды райгуырæнмæ тахт.
Йæ зæрдæ-иу ын Терчы уылæн хоста,
Æрцыд-иу æм Хъазыбеджы хох уайтагъд.
Фæлæ кæм уыд æфсæддонтæн цæуæн.
Æмæ уый тади райсомы æртæхау,
Фæлæ нæ зыдтой лечъыртæ – цæмæн?..
Йæ цыртыл ын ныффыста уый йæ мæт:
Йæхи удау йæ фыдыбæстæ уарзта,
Йæ мысынæй ыссардта уый мæлæт!..* * *
Æрмæстдæр уый лæджы ном хорзæй дары,
Уынгæджы бон йæ тых, йæ зонд, йæ уд
Йæ фыдыбæстæн чи хъары хæларæй!* * *
Нæ сын ис сæр æмæ кæрон, –
Цыма дын раст цæххæй дæ хъæдгом фехсынц,
Кæны сæ уыйау сонт зæрдæ зæронд.
Ныфсау мын радта ирвæзæн ызгъæр, –
Хъызт бон мæ удæн рахгæнын йæ рудзынг,
Æлгъыстæй, дамæй – айсæфы сæ хъæр!
ДЖЫККАЙТЫ Шамил
МÆ ИРÆН ЦАРДЫ ХÆРЗТÆ КУРЫН
ДЫУУАДÆС ДЗЫРДЫ
Ирон дзырдтӕ мын хуртӕ сты…
Уӕддӕр Дыууадӕс дзырды – се ‘ппӕтӕй хуыздӕр.
Лӕууы сӕ сӕргъы фарны дзырдтӕн ЦАРД,
Йӕ фидауц уымӕн – арвы стъӕлфӕн – АРТ.
Нӕртон дзырдтӕн сӕ фӕлмӕндӕр у МАД,
Цӕуы йӕ армӕй адӕмыл БӔРКАД.
Нӕ дзыллӕйӕн йӕ рухсдӕр бӕллиц – ФАРН,
Уӕздан лӕгӕн йӕ уӕлдӕр цин – ӔФСАРМ.
Кæсын дарддæр Сыгъдӕг удӕн йӕ мӕты сӕр – ХӔЛАР, Ӕрсабыр иугӕр ӕхсӕв, – уӕд 2008 азы 12 мартъи Хӕссынц мӕм фау, тӕрсын кӕнынц зындонӕй. 1971 азы 20 июнь, Зӕрӕмӕг Хъæр мӕрдтӕм дӕр хъуысы! Цытджын Сӕна, дӕ дӕлбазыр цъӕх дурыл Дӕ уаз бӕрзӕндмӕ фехъуысӕд мӕ хъарӕг, – Дӕ уарзт мын ног уалдзӕг ӕрхаста, Фӕззыгон хурбонау ӕхцон дӕ, Ӕз нал дӕн сагъӕстӕй уырыд, Уый цинтӕй ихыл дӕр цӕрдзӕн. Хуры буц хъӕбул – уӕларвӕй Рахаудтӕн зынгӕй. 1999 азы 25 декабрь Ӕрвыстон ӕз ӕрдзӕ азты фыдбонтӕ… Кӕут! Мӕ армы нал бафтдзӕн мӕ кард. 1996 азы 29 июль Мӕ фыны дзуры Сау барӕг мӕнӕн: Сӕрӕнтӕ ссарынц амондӕн гӕнӕн, Лӕууын йӕ разы тарст ӕмӕ гуыбырӕй… Ӕртӕ лымӕны ис мӕнӕн, Уырны мӕ, уарзынц мӕ ӕгӕр, Мӕ лӕмӕгъ базыдтой – фӕлмӕн Ӕрбадт мӕ нывӕрзӕны Маст, Сӕ бынӕй ацъелф ласын ӕз, 1996 аз Мӕ тӕссӕй дымгӕ дӕр нындзыг, 1965 азы 31 июль Ӕрталынг… фӕлӕ уый цы хабар у? – хъуыдалы 1967 азы 12 январь Рухс фынтау куы кӕнынц мигътыл Мӕ Ир, цы маст зоныс мӕнӕй, Дӕ дзыхъхъ къуындӕг куы у уӕрмау, Куы фенынц калмы комы сом, Мӕ фӕдыл гамхудты хъуызынц, Уӕдӕ кӕдӕм сафон мӕ сӕр, 2009 азы 23 май Цæуы мæрдты бæстæй уынæр, Цы `рцыд, цæуыл сызнæт Зындон? Æрцыд мæрдты бæстыл бæллæх: Дзæнæтмæ бафсæрстой фыццаг, Бырсынц уæлзæхмæ ныр, сæ тæф Ныттар ныл бонрæфты нæ дуг, Уæдæ кæмæн хъарæм нæ зын? 23 мартъи, 2011 аз Æрцыд зæрин бæлас рæдывд, Æрцыд лæгбирæгътæн сæ дуг, Кæм ис фæтæг кæнæ хъайтар? Хъæрзын дæр нал уæндæм хъæрæй, 2010 аз Дуне скодта не стыр фыд къуыримæ, Аразынмæ стыр дæсны уыд Уæллаг, Тутыр, зæгъай, Фæлвæра, Æфсати, – Къогъо æмæ сау калмæн дæр мон и, Сфæлдисонтæн адæймаг – сæ сæйраг, Зæххы цъар æхсыны уый дæндагæй, Цуан у цард, – зæххыл цы змæлы, уыдон Артъауыз куы рауадзы йæ куыйтæ, декабрь, 2010 аз Уыдис нæ адæмæн мæсыг, Зынди æрхуы гæнахау дард, Куырм у æнцойбонты æхсар, – Сæ уынæр адæммæ нæ хъуыст, – Æрцыд нæ фыдгултæн рæстæг, 1 май, 2011 аз Кæддæр æрхуым зæххыл цъæх арвæй Сыгъди уæларвон уæрæх Уазыл, Ныррызт йæ карз мыр-мырæй бæстæ, Сыгъдис йæ къæхты бын къуырма хуыр, Хъайтар æй аикæвдылд ныккæны, Уæд сын зæххон дарддзæг æрцыбыр, Æрбаввахс Скæсæнмæ Ныгуылæн, Нæртон йæ хъысмæтæн ысхицау, Æфсургъ йæ барæгмæ ысдзырдта, Куырдтой-иу Нарты хорзæх гуннтæ, Уæддæр сызгъæрин дуг æрмынæг, Æхсыдта ныккæнды æрттигътæ, Нæ сæфы хурон фарн: уæддæр та Уыдис хъайтар барæг цырагъдар, Уæлбæхæй дардмæ зыны барæг, Уæддæр та ралæууыд фыдзаман, Æфсургъ та баззади дзæгъæлæй Æрфæн цы ахъаз у цагъарæн? Æрвон бæх бахауди зындоны, Ныррахсæн, – баззад дзы ыстæгдар, Цæуы мæлæтдзаг бæх…Фыр уастæй Фæзынд фыдрæстæгæн хъæбултæ, Зæгъынц: «Æвæлмон фод – нæ разы, Архъан ын баппарынц йæ хурхыл, Куы уаид хъал бæдæйнаг барæг, – Уæд ын цыргъ къæбæлтæ дзæбугæй Æрхауд сæ амæттаг, æрмынæг… Йæ цъар ын байдыдтой ыстигъын, Вæййы дыдзæхсæн дзырд фыдæхæн, 17 июль, 2010 аз
Ыскӕны мах Хуыцауы ‘мсӕр ӔХСАР.
Лӕджы нысан – СӔРИБАР ӕмӕ КАД.
Сӕ сӕрвӕлтау хъӕуы хӕцынӕн КАРД.
Ӕппӕт хӕрзтӕн ИРЫСТОН у бындур, –
Ӕнӕ уый мӕн нӕ тавдзӕни сӕ хур.СУСÆГ ХЪÆЛÆС
Мӕ хъусы чидӕр дзуры…
Фӕрсын: хӕйрӕг дӕ ӕви зӕд? –
Ызмӕлӕг нӕй мӕ цуры.
Фӕдзуры: «Сӕфтдзаг у зӕронд,
Йӕ тых, йӕ бон лӕзӕры.
Цӕуынц дыл азтӕ, фӕлӕ зонд
Нӕ цӕуы фаг дӕ сӕры.
Кӕм хъӕуы доны цӕуын, уым
Ӕдзух цӕмӕн дӕ сгарӕг?
Тӕнӕг ран разыны хуыдым,
Йӕ арфы стӕлфы барӕг.
Ызмӕнтыс цъиуджын каркау мӕр,
Бӕлӕстӕ садзыс рӕгътыл;
Куы фестай Хъӕдырухс, уӕддӕр
Нӕ зайдзӕн дыргъ фӕдӕгъдыл.
Ӕрбадт нӕ Иры дзыхъхъы мигь,
Ды йӕ мӕрзыс дӕ худӕй;
Нызгъалы мигъ дӕ сӕрыл их,
Мӕрдтӕм цӕуыс цӕрдудӕй.
Зӕххыл сӕрибар нӕй лӕгӕн,
Нӕй амондӕн ӕрцахсӕн;
Тыхбар дӕ уацайраг кӕндзӕн,
Дӕ дзырдыл дардзӕн сахсӕн.
Кӕд уыди курдиатӕн аргъ,
Йӕ куыстӕн кад кӕд уыдзӕн?
Ӕрчъитӕ скӕндзӕн олигарх
Дӕ рагъдзармӕй йӕ куыдзӕн.
Кӕм ис мӕгуыр лӕгӕн Хуыцау?
Йӕ кувын Арв нӕ хъусы.
Ӕлдармӕ чи цӕуы хуындзау,
Ис уымӕн бас йӕ къусы.
Сыггай нызгъӕлӕнтӕ гӕнах,
Ды йын кӕныс быцӕутӕ;
Хӕрынц йӕ хӕлддзӕгтыл хъаймагъ
Лӕгмар ӕмӕ быдзӕутӕ.
Цы у дӕ тох? Уыдзӕн дӕ мызд
Зӕрдӕниз ӕмӕ суари.
Ӕфсӕст у къутуйы бын мыст,
Ӕрхауы арвӕй уари.
Ӕууӕндыс алкӕуыл… Лӕгӕн
Цӕстысындз у кӕйдӕр кад.
Дӕ арм кӕмӕн дарыс фынгӕн,
Ӕлгъиты уый дӕ бӕркад.
Сослан нӕ дӕ ӕмӕ дӕ ных
Балсӕджы цалхмӕ ма дар;
Тыхбар дын басӕтдзӕн дӕ тых,
Ӕмбары уый къуырма дӕр…».
Цы вӕййы – зӕд ӕви хӕйрӕг?
Мӕ хуыссӕг мын фӕсуры.
Йӕ номӕн ницы ис бӕрӕг,
Ызмӕлӕг нӕй мӕ цуры.ХÆССЫНЦ МÆМ ФАУ
Фӕлӕ зӕххыл рӕстылдзӕуӕг уыдтӕн
Ӕмӕ ӕдас дӕн фидӕны тӕрхонӕй,
Мӕ цӕсгом уым ӕрдзон сыгъдӕг уыдзӕн.
Нӕ, дам, зоныс – цы нӕ фӕччы, цы фӕччы,
Нӕ, дам, кӕныс нӕ рӕстӕджы ӕгъдау…
Ӕрыхъусут-ма! Ме ‘рттиваг рӕстӕджы
Фӕцардтӕн ӕз поэт ӕмӕ лӕгау.
Ӕууӕндыдтӕн мӕ адӕмы хъуыддагыл,
Йӕ фарн ын ӕз мӕ зарӕджы хӕссын,
Йӕ уаз ном ын сӕуӕхсиды зӕлдагыл
Тырысайау хӕрдгӕ дзырдтӕй фыссын.
Нӕй уымӕн хауӕн – хӕхты сӕрмӕ схурон,
Кӕлы йӕ рухс ӕндзыг ӕврӕгътыл дард
Ӕмӕ сӕ судзы…
Цӕй, уӕдӕ та дзурон,
Кӕнон нывӕфтыд арвы цъӕхыл цард.
Цӕссыгӕхсад зынамал дзырдтӕй мастӕн
Кӕлӕнгӕнӕгау карз хостӕ кӕнон.
Ӕз дӕн сӕ зӕнӕг адӕм ӕмӕ азтӕн
Ӕмӕ сыл ма дзурон, – уый нӕу мӕ бон!ИЗÆРМИЛТЫ КУВЫН
Къоста
Мӕ зонгуытыл муртакк лӕгау лӕууын.
Дӕуӕй мӕ ирӕн царды хорзӕх курын,
Мӕхинымӕр ‘фсӕрмӕй кӕуын.
Ӕндӕр уӕдӕ кӕмӕ хӕссон мӕ хъаст?
Ӕдзӕрӕг кӕмтты бамынӕг нӕ зарӕг,
Ӕрхӕм зӕрдӕты бандзыг и нӕ маст.
Нӕ мӕгуыр адӕм рох ысты Хуыцауӕй,
Ӕхсӕны хуымау сдӕуццаг и нӕ зӕхх…
Сӕна, дӕ фарн нӕ бахизӕд фыд цауӕй,
Нӕ гом арӕнтыл ма хизӕд фыдӕх.
Кӕлгӕ хуырау кӕрӕдзийыл нӕ хӕцӕм,
Нӕ хӕрзтӕн нӕу Къостайы сидт фӕндон…
Ныббар, фӕлӕ мӕ риссӕгтыл нӕ хъӕцын,
Ӕз удӕгӕстӕй базыдтон мӕ бон.
Мӕ уынгӕг куывд дӕ хорзӕхӕй ӕрцӕуӕд:
Ӕз мӕрдтӕм сидын аизӕр – фӕдис!
О, райхъал уӕнт Цӕразонӕн йӕ цӕуӕт,
Ӕнувыд уӕд йӕ фидӕрттыл Дзывгъис.
Мӕрдырох нӕй Хазби ӕмӕ Бегайӕн, –
Нӕ ир сӕ хъӕрмӕ иу лӕгау тырнӕд,
Нӕ уыдзӕн уӕд нӕ зӕххы мурӕй кайӕн,
Аллонтӕ уӕд нӕ кӕндзысты фыдвӕд.
Сӕна, лӕууыс нӕ зӕххы сӕр рӕсугъдӕй,
Дыдзы хур мӕм дӕ тӕрныхыл фӕзынд.
Куы нӕ стӕм мах быныскъуыд адӕм сухтӕй,
Уӕд арӕнтӕй цӕуыл дзыназы сынт?
Бырстой дӕ бынтӕм гунн ӕмӕ хазартӕ,
Мӕлӕт нын хаста сау рынау Тимур, –
Сӕ зӕхх сын рӕстӕг дымгӕмӕ ныддардта,
Кӕсы ныр дӕр мӕ Иры сӕрмӕ хур.
Уӕддӕр кӕуын цъӕх дуры сӕр, – нӕ адӕм
Сӕ фидӕныл цӕуылнӕ кӕнынц мӕт?
Нӕ талф-тулфӕй нӕ бӕсты низ нӕ хатӕм,
Нӕ тыхтӕ нын ныддих кодта хъысмӕт.
Уӕлӕсыхыл куы бандзарынц ызнӕгтӕ,
Дӕлӕсых уӕд цӕмӕн саразы хъазт?
Цӕуыл хӕрынц сӕ кӕрӕдзи нӕ лӕгтӕ?
Кӕдмӕ уыдзӕн нӕ царды бындур фаст?..
Ӕнусон уӕд Зӕрӕмӕгӕн йӕ уӕзӕг, –
Йӕ къӕсӕрӕй ӕгадӕй лидзӕд сах.
Лӕууӕд цӕнгӕтау Тогойтӕн сӕ мӕсыг, –
Фыдгул йӕ дуртыл ма хафӕд йӕ къах.
Дӕумӕ хъарын, нӕ лӕугӕ хох, нӕ рӕстад,
Дӕ рухс фӕуӕд тыхст адӕмӕн сӕ уарт.
Фӕдисы хъӕрмӕ Ос-Бӕгъатыр растӕд,
Йӕ фӕдзӕхст уӕнт нӕ ном ӕмӕ нӕ цард.
Кӕнынц ызнӕгтӕ дау ӕмӕ ӕртхъирӕн, –
Нӕма сын фӕци иры уӕзӕг хаст.
Кӕм дӕ, Алгъуыз, дӕ цирыхъы раз ирӕн
Фыдгулы сау тых макуы скӕнӕд маст.
Нӕ сылыстӕг сыгъдӕг намыс нӕ сӕфтой…
Хуыгаты чызг, Милойы хо Хӕзна,
Ды басгуыхтӕ нӕртон чызгау ыскъӕфтӕй, –
Кӕнӕд бӕрзӕйсаст де ‘фсармӕй ызнаг!
Ыстыр Есен, тыхлӕг ӕлдар йӕ галтӕн
Тӕторсы нӕудзар ма скӕнӕд сӕрвӕт.
Берозы-фырт, Кӕрдойы комы хъалтӕн
Дӕ ныфсы руаджы макуы уӕд тӕлӕт.
Мӕ хъарӕгӕй сымахмӕ сидын азӕр,
Нӕртон лӕгтӕ – Чермен ӕмӕ Тъотъор,
Тыхгӕнӕджы тых басӕттӕд уӕ азар,
Хӕддзуйӕн макуы батайӕд нӕ хор.
Чабӕ, ныууадз дӕ арты къӕй, дӕ дзултӕ,
Дӕ кӕрдӕн та сырх тырысайау сис!
Ӕрцыд хъазуат, ӕвзидынц нӕм фыдгултӕ,
Ныры хуызӕн нӕ никуы хъуыд фӕдис.
Сӕна, кӕнын мӕ фыды зӕххӕн пъатӕ,
Цӕссыгӕй йын йӕ хъӕдгӕмттӕ ӕхсын,
Тӕссаг ран и – дыууӕрдыгӕй – зӕйуаты,
Дӕ хорзӕхӕй уый макуы фенӕд зын.
Ыскӕн нӕ иры фаззӕттау ӕмдзӕрин,
Цы нӕ фесӕфти, уыдон нын – ӕгъгъӕд.
Нӕ рӕхыс уӕд ӕрвон тынтӕй – сызгъӕрин,
Хӕрамӕн уӕнт нӕ къӕсӕртӕ ӕхгӕд.НОМАРÆН
Телестих
Цӕрын уӕлмонц сагъӕстӕй ӕз.
Цы сты хъыгтӕ кӕнӕ фыдазтӕ?
Дӕ узӕлд – амондӕн фӕрӕз.
Йӕ хъармӕй базыдтон рӕвдыд.
Мӕныл бӕллиццаг хорз ӕрцыд,–
Ды мын ысрухс кодтай мӕ бонтӕ.
Дӕ цуры нал мысын ӕрвонты,
Мах иумӕ – кард ӕмӕ кӕрддзӕм,
Зӕххыл кӕмӕн байгом дӕ зӕрдӕ,
Куы хӕссой мӕн уӕлӕрвтӕм зӕдтӕ,
Уӕддӕр ма кувдзынӕн дӕуӕн.ДУР
Кодтон зӕххы риуыл тарфӕй Мин азты фынӕй.
Иухатт мӕн хъӕддаг лӕг систа Сагыл фехста мӕн.
Кодтат уӕд мӕ тыхыл дистӕ, Хотых уын уыдтӕн.
Цавтат сау арцӕй мӕ зӕрдӕ,
Калди дзы цӕхӕр. Хъалӕй систат уӕд уӕ сӕртӕ.
Стъалытӕй уӕлдӕр.
Зӕхх уын арвӕй уӕд фӕхицӕн, Сӕвзӕрд уын хъысмӕт.
Аразут мӕнӕй уӕхицӕн Аргъуан ӕмӕ скъӕт.
Мур нӕ ауӕрдут цъӕх дурыл, Дур мӕн цыртӕн…
Курын иунӕг хатыр: хурыл Макуы фехсут мӕн.АМРАН
(Фӕстаг ныхас)
Лӕууыд мӕ разы Ныфс, ӕмӕ нӕ саст мӕ тых.
Быхстон мӕ хъизӕмар, мӕ маст,
Мӕ койӕ тӕфы ‘мбӕхстысты ӕрвонтӕ.
Зӕххыл ӕрратӕн нал ис ныр фӕдонтӕ, –
Тӕссӕй ӕдзух фӕстӕмӕ у уӕ каст…
Кӕут! Амран нӕ атондзӕн йӕ баст,
Мӕ Ныфс мын хинӕй амардтой зӕххонтӕ.
Хуыцау лӕгӕн ӕвзыгъд фӕндтӕ нӕ бары, –
Мӕ лӕгӕтыл ӕрфӕлдӕхта йӕ уарт.
Кӕут! Уӕ дуг сӕрибары миф мары:
Сымах титантӕ не скодта мӕ арт, –
Ӕмӕ быхсут цагъары хъысмӕт тары.САУ БАРÆГ
«Ныууадз дӕ тох – нӕй рацаразӕн цардӕн.
Йӕ уӕрдон тулдзӕн арвыл дӕр мӕнгардӕн,
Уӕздан лӕгыл йӕ хъӕмпын цар тӕдздзӕн.
Ӕз давӕг ӕмӕ марӕгӕн хӕлар дӕн,
Табу мын кӕн, ӕрмӕст мын зӕгъ: дӕ бар дӕн,
Уӕд дыл рӕдауӕй царды цин кӕлдзӕн».
Кӕдмӕ хӕссон лӕдзӕг ӕмӕ хызын?
Уӕддӕр кӕсын хӕрзгӕнӕгмӕ ӕмырӕй.
Уӕд бамбӕрста тызмӕг Бардуаг мӕ зын,
Фӕзылд ӕваст, ныххудти мыл чыр-чырӕй…
Мӕ риуӕй сыхъуыст цин ӕмӕ хъӕрзын.* * *
Нӕ сӕ фауын фыдуындӕй.
Ӕртӕ налатӕн нӕй тӕрӕн
Мӕ цард ӕмӕ мӕ фынтӕй.
Кӕм и зӕххыл хуыздӕртӕ!
Фӕлӕ хӕзгулӕй дӕр кӕддӕр
Фӕсӕлӕт вӕййы зӕрдӕ.
Рӕвдауынц мӕн дзӕбӕхӕй.
Уӕддӕр мӕ рухс уарзонӕй мӕн
Цӕмӕн кӕнынц ӕнӕ хай?
Мӕ разы кафы Катай,
Ӕнкъард мӕ дӕлфӕдтӕй ыскаст,
Фӕсур сӕ, цу, дӕ уатӕй!
Уӕддӕр мӕ тагъд ыссарынц.
Нӕ арын гаццатӕн фӕрӕз,
Зӕлдаг дзылар мыл дарынц.ДАУЫТ СОСЛАНЫ ХЪЫНЦЪЫМ
Монолог
Ӕруагътой паддзӕхтӕ сӕ сӕртӕ.
Кӕм калы ме ‘хсаргард цӕхӕртӕ,
Тӕдзы уым дуртӕй дӕр цӕссыг,
Уым фестынц рыгтӕ дӕр хӕзнатӕ.
Цӕуын ыстӕры, ӕмӕ зӕхх
Кӕны мӕ бӕхы къӕхтӕн пъатӕ…
Гуырдзыстон! Бахизын дӕу фатӕй,
Кӕнын дӕ арӕнтӕ уӕрӕх
Хӕзна, зӕххытӕ ӕмӕ кадӕй.
Хӕссын дӕ сӕрвӕлтау мӕ сӕр
Мӕлӕтмӕ… Афтӕмӕй кӕмдӕр
Хъӕрзынц нӕхиуӕттӕ Цӕгаты…
Мӕ мад уым фӕндаггӕрон бады
Мӕгуыр, ӕфхӕрд ӕмӕ куырмӕй, –
Фыды зӕхх рацыди йӕ хуызы.
Мӕнмӕ йӕ карз сидын нӕ хъуысы,
Йӕ хъыгтӕ дард ысты мӕнӕй.
Фыдгултӕ цӕргӕстау ӕрттигътӕй
Кӕнынц йӕ рыст зӕрдӕ кӕрдихтӕ
Уӕддӕр ӕм иу фӕкӕсӕг нӕй…
Куы хъӕрза хи бӕстӕ рӕхысты,
Уӕд искуы намыс ӕмӕ цард
Лӕгӕн мӕлӕт ӕмӕ ӕлгъыст у…
Мӕ уарзт, мӕ худинаг, мӕ кард!
Уӕ мӕт мӕ удӕнцой нӕ уадзы:
Ӕз дӕн паддзах ӕмӕ цагъар…
Ӕрттив, о хурты хур Тамар,
Ӕнусты рухсӕй конд зӕппадзы;
Мӕнӕн та рохуаты мӕрдадзы
Кӕндзӕн мӕрдон фынӕй мӕ ном..
0 мӕнӕ номхӕссӕн тырыса,
Дӕ цытӕй амонды хъӕбысы
Кӕд искуы циндзинад зыдтон,
Уӕд мын хӕрам ӕмӕ зындон
Уый фестад ныр, ӕмӕ куы мыса
Йӕ фыртты Иры зӕхх, – мӕнӕн
Сӕ куывды никуы уыдзӕн бадӕн.
Гъе уӕд нӕ дард фӕдон зӕгъдзӕн:
«Куы уай ӕцӕгӕлон ӕрвадӕн,
Нӕ дӕ уӕд искӕмӕн хӕстӕг.
Кӕмдӕр дыл хорзӕхтӕ ныккӕлӕд,
Уӕддӕр дӕ адзалы рӕстӕг
Уыдзӕн сӕ фӕсдуармӕ дӕ мӕлӕт…
Ӕз ныр мӕ хъысмӕтыл куыдтон.
Цӕмӕн? Цӕуыл хъӕуы фӕсмон?
Уыныс, бӕрзонд арвыл ыстъалы
Ӕрттивгӕ атахт ӕмӕ малы
Уый фестад судзгӕйӕ сыгъдон!..ХАЗБИ
Мӕлӕты размӕ монолог
Ыскодта мӕнӕ сау къӕйтыл ӕфсир,
Ӕмӕ йыл судзы туджы ‘ртах зынгау…
Мӕгуыр ӕфсир, ныссӕнддзысты дӕ ахсӕв,
Фӕлӕ хуымгӕнӕг нал фендзӕн дӕ сӕфт…
Уыд хӕст нӕ цард – уӕззау ӕмӕ тызмӕг,
Уыд хӕст нӕ цард ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауӕй
Лӕгӕвзарӕн – кӕрдзын ӕмӕ цӕххӕй,
Ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт тыхтӕй ӕрмӕстдӕр
Сӕрибар ӕмӕ намысӕн куывтам…
Мах – дуртӕй гуырд, нӕ тугдадзинты махӕн
Туг нӕ, фӕлӕ ӕнхъӕвзы арт, цъӕх арт.
Мах амондджын ыстӕм, кӕй зонӕм, – раздӕр
Уый ахуысдзӕн нӕ къонаты зынгӕй.
Цӕуӕм адзалмӕ талынджы ӕдзӕмӕй…
Фӕлӕ уый чи у? Чи ныл кӕна зарӕг?!
Ныхъхъус у, зарӕг!
Нӕхӕдӕг мах нӕ ном ӕмӕ нӕ цардыл
Нӕ мӕлӕтӕй ӕдзӕм зарӕг кӕнӕм,
Хӕссӕм ӕй немӕ рохуатмӕ нӕ удты.
Ныхъхъус у! Ды – нӕ хъизӕмар, нӕ мӕт.
Мах ницы уадзӕм а бӕстыл нӕ фӕстӕ,
Ӕмӕ мӕрдкъахтау зыд ӕмӕ кӕрӕфӕй
Нӕ фӕстагӕттӕ номхӕссӕн цыртӕн
Йӕ уаз фыстытӕй дам-думтӕ куы кӕной,
Кӕрдзын ӕмӕ цыты базары уӕд
Нӕ дард фӕдон кӕйдӕр уӕрдоны зардзӕн
Ӕмӕ хӕсдзӕн фӕндаггагӕн нӕ кой.
О, уый зындӕр у хъоды ӕмӕ ‘лгъыстӕй!
Ныхъхъус у, зарӕг!
Мах фестӕм ам нӕ цард ӕмӕ нӕ зарӕг,
Нӕ мӕлӕт уыд йӕ рӕсугъддӕр ныхас,
Фӕстаг ныхас – ӕхцон ӕмӕ куырыхон –
Нӕ хъысмӕты ыстыр фарнӕн нывгонд
Уыдис, ӕмӕ йӕ афоныл зӕгъын
Мах базыдтам…
Ныхъхъус у, зарӕг!АВДÆНЫ ЗАРÆГ НАЗЫ ТАЛАЙÆН
Урс гӕлӕбутӕ пӕр-пӕр.
Ирд ыстъалытӕ дӕ хихтыл
Калынц сусӕгӕй цӕхӕр…
Хорзӕй цӕр!
Ис дӕ хъӕбысы ӕхсӕрӕг,
Фӕзы нал ызмӕлы хъӕз…
Фӕлӕ мӕй цӕгъды дзӕнгӕрӕг…
Маммӕй дӕ фӕдзӕхсын ӕз…
Тагъддӕр рӕз!
Айрӕз. Ног аз нӕм ӕрхӕстӕг,
Мамм та хъӕдбынты хӕты.
Бады уый уаты цъӕх фӕздӕг,
Уым кӕрдӕгхуыз уд сӕтты…
Айрӕз ды!
Ныр куы фервӕзай, мӕ зӕрдӕ,
Тагъд уӕд зазхӕссӕн уыдзӕн;
0 мӕ урс тала, уӕддӕр та
Искӕй назы хих хъӕудзӕн…
Фидар кӕн!..
Цалх дӕр атулы мӕллӕгыл,
Фос дӕр уый хӕрынц фылдӕр…
Айрӕз. …Ма сӕмбӕл фыдлӕгыл,
Тагъддӕр ӕврӕгътӕй уӕлдӕр
Сис дӕ сӕр!
Мит-гӕлӕбутӕ дӕ хихтыл
Уаз фынтау кӕнынц пӕр-пӕр.
Пух гӕбынайау та мигътыл
Ды ӕркъул кодтай дӕ сӕр…
Бирӕ цӕр!
1977 азы 1 январь* * *
Мӕ уд цӕй охыл дарыс артмӕ?
Кӕд мын цӕрӕн дӕ риуыл нӕй,
Уӕд дзы кӕдӕм фӕлидзон дардмӕ?
Уӕд дзы куыд бирӕ ис цагъартӕ!
Кӕнынц дӕ фыдгултӕн козбау,
Сӕ ныхтӕй сау зӕхх хойынц нартӕ.
Уӕд ын кӕнынц ӕхцонӕй пъатӕ.
Ӕгадӕй нал хизынц сӕ ном,
Хӕссынц зӕрин худау сыкъатӕ.
Цӕвынц мӕ аууонӕй ӕмбӕлттӕ.
Цӕгъдын дӕ фарны хуымы сындз,
Уӕддӕр кӕм ихсийынц хӕмпӕлтӕ!
Лӕгау кӕм цӕрдзынӕн дӕ фӕстӕ?
Кӕд мыл уӕлӕхох дӕ, уӕддӕр
Ды дӕ мӕ удлӕууӕн, мӕ бӕстӕ.ХЪАЙМÆТ
Зындонæй знæт саувадыг расты,
Æнкъуысы тар дуне, – уæддæр
Кæны мæрдон фынæй Барастыр.
Дзæнæт цæмæн судзы цъæх арты?
Цы `рцыд? Куыд нæ фыцы зынгдон
Мæнгард, къæрных æмæ лæгмарты?
Аминон бафтыди хæрамыл…
Фæлывд! Зындоны дуар уæрæх
Фыдхортæн байтыгъта гæртамыл.
Мæтыхтау асæрфтой йæ дыргъдон.
Нæ мæрдтыл нал баззад мæрддзаг,
Йæ цъæх нæуу фестади чъылыхдон.
Цæуы хъæстæ рыгау сæ фæстæ.
Сæ разæй Кар æмæ Кæрæф
Агуырау бацахстой нæ бæстæ.
Æфтауынц хурæй дæр кæрдихтæ.
Вампиртæ! – цъирынц нын нæ туг,
Кæнынц нæ удлæууæн зæхх дихтæ.
Мæ зæрдæ судзгæ мастæй тоны.
Кæм дæ, нæртон æхсар? – фæзын,
Ныккал фыдгæнджыты зындоны!САУ ДУГ
Фыдгул æй мах кæртæй фæхаста…
Кæнынц къæйных къæрныхтæ куывд,
Сæ фынгæн мах кæнæм фæлхас та.
Кæнынц та стыр бæрæгбон гуынтæ, –
Кæлы нæ уæзæгыл нæ туг,
Хæссæм лæгнывæндтæй нæ хуынтæ.
Кæй зонд нæ бахиздзæн лæгсырдтæй?
Мæ бæстæ, хур бон дыл ныттар,
Дæ намыс ферох ис дæ фырттæй.
Мæлæм нæ сыгъдæтты хуыдугæй…
О сау дуг! – кувы та фæрнæй
Фыдгул йæ Хуыцауæн нæ тугæй.* * *
Нал æм баззад адæмæн æрмæг;
Сау зæххы рыг сызмæста цъыфимæ,
Сфæлдыста дзы æрдзы сæфтæн лæг.
Арвы цæфау раст цæуы йæ дзырд:
Хоры астæу сфардæг вæййы згъæллаг,
Нард кæны сæгуытты астæу сырд.
Ерысы æнусон у сæ хæст.
Фос кæм уа, уым тугцъиртæй æфсад и,
Хорз кæнынц сæ рухс нысан æххæст.
Сты æмбар æрвон рухс æмæ тар, –
Афтæ скодта Сфæлдисæг гармони,
Иу уæлбар у, иннæ та – дæлбар.
Аразы йæ фыды зондæй цард;
Хинты йæ нæ баййафдзæнис хæйрæг,
Арвæрттывдæй карздæр у йæ кард.
Цъиры йын йæ туг æмæ йæ сой.
Сайы уый йæ фыды дæр æвзагæй,
Нæй йæ фæрцы арвы бын æнцой.
Цуан кæнынц кæрæдзийыл зыдæй.
Фестæм мах нывыкондæй дывыдон,
Цардæн фидар аргъуаны дæр нæй.
Уæд вæййы мæрдон фынæй Хуыцау;
Дзуарылæг цы ныфс æвæры, уый та
Боны рухсмæ атайы чырсау.* * *
Уыдысты дурвидар йæ къултæ.
Йæ систыл никуы схылд мæлдзыг,
Йæ уындæй тарстысты фыдгултæ.
Æрмæст цæргæс тахти йæ сæрты.
Цыди бæрæгбонау нæ цард,
Мæт кæнын никæд уыд нæ зæрды.
Йæ разы хины сырд нæ уыны,
Уæд дын нæ гæнахæн дзæвгар
Фæзынд куырм уырытæ йæ быны.
Нæ хæрзтæ хъисфæндыртæ цагътой,
Æнтыст нæ мыстытæн сæ куыст,
Хуыггæмтæ сисбынты фæкъахтой.
Бырынц нæм гом рæтты æд гæрзтæ,
Цæгъдынц нæ гæнахы гуымсæг,
Мæлынц нæ кæрдты бын нæ хæрзтæ.БÆХЫ ХЪЫСМÆТ
Æрхауд зæрин хурæй сырх зынг…
Уæд райхъал урс денджыз йæ тарфæй,
Фæйлауæн сау денджызы стынг.
Æрбадт фæрнон фæзты æртæх, –
Сырх зынг йæ сатæджы æруазал,
Уым фестад хуры стъæлфæн бæх.
Ныррухс æфсургъы рухсæй бон,
Фæлыста сойджын кæрдæг фæзтæ,
Хъырныдта мæргъты зардæн дон.
Æндзæрста мигъ-дзыгуыртыл арт,
Уæддæр æй фарны бон æрмахуыр
Ыскодтой зонды фæрцы Нарт.
Фæрдыгау сæрттивы сæ бæх;
Скъæфы стæроны хæтæны,
Йæ фæндаг алырдæм – уæрæх.
Кæм уыд Мысыры бæстæ дард.
Ыссардтой уаз æфсондз æд дзывыр,
Ыссардтой уаз кæхц æмæ кард.
Уыдис Æрфæны фæд сæ уынг;
Цъæх фурд сын байтындзы йæ уылæн,
Вæййынц æрвонтимæ æмвынг.
Зындис Дзæнæты дæр йæ фæд,
Рæдау æрдз байгом и къæбицау
Фæрныг сæрон адæмæн уæд.
Ныррухс хæстон лæгæн йæ зонд,
Лыгъдысты арф кæмттæм лæгсырдтæ,
Тæссæй-иу сау уæйыг фæсонт.
Æмцег сæ агуырдтой авар,
Цыдысты сæм агуыр æд хуынтæ,
Хызтой нæртон рæгъау лæвар.
Фæтых нæртон тыхыл фыдох,
Зæххыл æвзыгъд фæлтæр ыскуынæг,
Дзæгъæлæй баззади сæ бæх.
Йæ хъоргъæй нал хъуысти мыр-мыр.
Æрбадт Æртæ Нартыл уæд мигътæ,
Уыди фæтæг удæвдз æмыр…
Фæзынд фæрныг зæххыл нæртон.
Бæхæн æлутон хор лæвæрдта,
Йæ дугъон разынди бæззон.
Йæ ныхыл Бонвæрнон сыгъдис,
Йæ дзырд, йæ ехсы къæрццæй мах дæр
Уыдыстæм тохы бон цæдис.
Сæрæнæн арæнтæ – къæсæр.
Æхцон уыд дзыллæтæн йæ зарæг,
Сæ куывды кадджын уыд нæ сæр.
Фæтых алæмæт рухсыл тар.
Нæ дуджы басгуыхынц байтаман
Къæрных, сæлхæр æмæ лæгмар.
Кæм ма ис дугъон бæхæн аргъ,
Хæргæфсау уаддымыл цыбырæй
Æвæрдта алчидæр йæ уаргъ.
Къæбæр фæныкгуызæн – йæ мызд!
Вæййы æнæдомд бæх зындарæн, –
Æрцыд нæрæмон уырс æрдызт.
Йæ кæвдæс – хъæмп кæнæ зыгуым,
Уæддæр æй ивтыгътой уæрдоны,
Куыстой-фæлдæхтой дзы сæ хуым.
Йæ хос зæронд хайуанæн – рындз.
Уæд æй æдзæм былмæ хæстæгдæр
Сæ разæй гуытты хъæу тæрынц.
Бæллы лæвар холымæ сынт…
Уæд дын хайуаны раз æвастæй
Цæлафон сахъгуырдтæ фæзынд.
Лæмарынц дойнаг дурæй дон,
Æмбулынц Нартæн дæр сæ хъултæ,
Уæлхох нын амайынц куырой.
Нæ Хуыцау разынди рæдау…
Хайуан хæрæджы уаргъ фæразы,
Æвгъау у сæфынæн, æвгъау!»
Кæнынц сæ тæлæтыл тыгуыр.
Цæуы сæ фæнд, фæлæ æфсургъыл
Гæлхуыр цы хуызы баддзæн ныр?
Кæнынц æгас бæстыл уынæр,
Сæ уд дзæгъæл удхæртты снарæг,
Йæ рагъмæ не схилынц уæддæр.
Йæ фæрсты фæсивæд къуырынц,
Лæдæрсы бæхы цард йæ тугæй,
Уæддæр æм ерысæй бырынц.
Куыд раттой халæттæн сæ хардз?
Сæ иу ын ралвыны йæ дымæг,
Æлвынынц иннæтæ йæ барц.
Сæ куысты хъал уыдысты уæд…
Фæцис æфсургъы рæстæг, – мигъ ын
Æмбæрзы рохуаты йæ фæд.
Вæййы æцæг ныхас æргом.
Зæгъын пехуымпарау: нæ бæхæн
Уыдис Ирон æвзаг йæ ном.
ÆРЫГÆТТЫ СФÆЛДЫСТАД
ЦОКОЛАТЫ Катеринæ
Райгуырд 1991 азы Таджикистаны. Поэзийы фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта, Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд, уый фæстæ та – Беслæны. Фыццаг фыста уырыссаг æвзагыл, уый фæстæ – иронау. Каст фæцис ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет. «Уым ирон дзырд ссис мæ хуыздæр æмбал. Уый зоны зæрдæйы фæндтæ, сагъæстæ, бæллицтæ æмæ сæ æргом кæны. Мæ бæллиц у, цæмæй скифты, сæрмæтты, аланты кад æмæ намыс ирон дзырды фарн дардыл тауа. Цæмæй йæ рæсугъд зæлтæ хуры тынау фæндаг ссарой адæмы зæрдæтæм, æмæ нæ чысыл бæстæ йе ‘взаджы иугæнæг тых банкъара. Мæ цард профессионалон музыкæимæ куы сбастон, уæд арфдæр банкъардтон, ирон дзырдыл зарæджы базыртæ кæй разайы», – зæгъы Катеринæ.
Æмдзæвгæтæ фыссынæй уæлдай Катеринæ, куыд сæрæн ирон чызг, афтæ дæсны у цыллæхызтæ бийынмæ æмæ хæрдгæбыдтæ кæнынмæ дæр. Уыцы дæсныйадыл аивады тыгъдад «Портал»-ы ахуыр кæны фæсивæды. Йæ зæрдæйæн адджын сты ирон зарджытæ: фæкæнынц сæ чызджытимæ цыллæхызтæ бийгæйæ. Уыцы рæстæг цыма нæ рагфыдæлтæ зарæджы зæлтæй немæ фæдзурынц, афтæ йæм фæкæсы. Поэзийы сусæгдзинæдтæ йын амыдта Джыккайты Шамил, Ирон къухмийы хъуыддаг та – Дауыраты Зæлинæ.
ХУРЫ ТЫН – МÆ УАРТ
Ирон чызг амазонкæ уыд кæддæр,
Нæрæмон скифты кадæмсæр, æнæрцæф.
Йæ фарны зынг нæ цæрæнтæм æрхæццæ,
Мынæг нæ уадзы артдзæсты цæхæр.
Мæ зæрдæ ахсы минмырон æвзаг–
Уый тохы кадæг туджы цады бахсыст.
Нырма мæ фатдон сагъадахъ нæ басгуыхт,
Фæлæ уæддæр хæрзиуджытæй у дзаг.
Хæссы дзырдамонд удвæллойы хъарм,
Нæ зæххыл тауы уарзт æмæ æфсарм,
Фæлывд æмæ хæрам нæ кæны зонгæ.
Хæцын æвзыгъд, у хуры тын мæ уарт.
Фыдохы ныхмæ цыргъ кæнын мæ кард.
Æз дæн алайнаг, æз дæн амазонкæ!
2016
Кæсын дарддæр Зымæг урс-урсид нымæтæй зæхх æрæмбæрзта, Арвы риу цæхæрæфтыдæй рухс кæндзæни мæй. У мæ къонайы рæбын æнæ дæу ихын галуанау. У цард æнусон тох, рæстаг æвзарæн. Нæртон фæтæг! Уæндон æмæ æргомæй Аргъауæй æрцыдтæ ды нæ бæстæм, Æмæ дын «æгас цуай» зарынц мæргътæ, Уарзон зæлтæ цинæфсæст мæйдары Ныллæг къæлæтджыныл куы ‘рбады Æрвиты рагфыдæл фæдонтæм Цы тыхæй рафтыди дæ сæвзæрд, Дыууадæс тæныл ‘нусты арфæй Цæмæй Аланыстоны сæрмæ Азтæ згъорынц, уромæг сæ нæй, Фæззыгон дыдзы хур мæ тавы, Мæ рæзты сауæрфыг æруади,* * *
Рог тъыфылтæй сонт ныхæсты фæд æрæмбæхста.
Æз, мæ худгæ хур, дæ уындмæ уалдзæгау кæсын.
Дидинджыты баст дæ номыл зæрдæйы хæссын.
Фервæздзæн мæ дзæгъæл дуне сагъæсты фæлмæй.
Стъалы-фæрдгуыты рæдзæгъдтæй фарн йæ хал кæны.
Найы сæ æхсыры цадау миты хъæпæны.
Дымгæйы къуыззитт мæ хъустыл уайы айуанау.
Цæй-ма, ныр кæм дæ, цы фæдæ? Къухты хъарм фæцыд.
Ихæн сифтыгъта йæ фæттæ. Тагъд фæкæн дæ цыд.
2016РÆСТДЗИНАДЫ ФИДИУÆГ
Рæстæджы рохтыл хуры тын хæцы.
Фæцудæн нæй ирон лæджы æхсарæн –
Æвзæрдзинад йæ сау марджы мæцы.
Ныфсхаст хæстонау – хотыхджын дæ дзырд.
Рæстдзинадмæ куывтай йæ сыгъдæг номæй,
Йæ фисынтыл бæрзонд кæны дæ цырт.
2011ФÆЗЗÆГ
Бурæрфыг, сызгъæринбазыр фæззæг.
Айтыгъдтæ нæ быдыртыл, уæлвæзтыл.
Зымæгмæ фæуагътай уал дæ уæзæг.
Бæлæстæ ныллæг кувынц сæ сæртæй.
Дымгæ зилы рог кафты æврæгътæ.
Худы хур йæ къæбицы къæсæртæй.
Аныгъуылынц уæлдæфы уылæнты.
Демæ ризгæ уд æнцойад ары,
Райы æрдз алæмæты кæлæнты
2015ИЛАТЫ Темырæн
ДЫУУАДÆСТÆНОН
Æвзонг фæндырдзæгъдæг Темыр,
Уæд кадæг бацæуы йæ рады,
Уæд фесты ‘гас дуне æмыр.
Фарн æмæ амондыл фæдзæхст.
Фæндыры зæл фæстаджы бонтæм
Зæрдæйы тæгтыл у нывæст.
Сырдоны хъарæджы фæлдыст?..
Мыггагмæ азфыстау фæлæзæрд
Зæлгæ æрвыстæджы фæлыст.
Уый махмæ дард балцы фæцыд,
Цæмæй ызнæт дугæн йæ тарфæй
Дзыллæйыл кала рухсы цъыртт.
Зæрин хур циндзæстæй кæса,
Сæрибар стъалыты бæрзæндмæ
Нæртон дзырд кады ном хæсса.
2015МЫСÆН БОНЫ
Дугъон бæхтау аивгъуыдтой цаутæ.
Бастъæла, кæй дзæмбыты фыдæй
Скодта мад йæ буц хъæбултыл саутæ.
Дæ-дæ-дæй! – уынæргъы Иры зæрдæ,
Терчы дон цæстысыгау лæдæрсы.
Царæфтыд æдзард хуртæй-нæ сæртæ,
Дидинтæ æнусон мæр æмбæрзы…
Цæр, мæ бæстæ, алцæмæн фæразон,
Фидар лæуу фыдрыст æмæ фыдмастæн.
Арв дæ сæрмæ макуы уæд мылазон,
Царды зарæг ма аскъуынæд, уастæн…
2015 * * *
Сызгъæрин нывтæй зæрдæ райы.
Бæласы сыфтæр дымгæ давы,
Йæ размæ Терк хъæлдзæгæй уайы.
Йæ цæсгом цины цæхæр калы.
Йæ риуы райхæлди сырх уарди,
Уыдтæн æз дæр кæддæр йæ кары…
ÆРЫГÆТТЫ ÆРМДЗÆФ
ГАСАНТЫ Валери
Ирон æвзаг æцæгæйдæр мады ад кæмæн кæны, йæ цард æмæ йын йæ зонд чи не ΄вгъау кæны, уыдонæй у УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг, Колыты Аксойы премийы лауреат Гасанты Валери. Уый райгуырд 1985 азы 22 июлы. 2003 азы каст фæци Нигеры ном хæссæг Дзæуджыхъæуы 1-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз бацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультетмæ æмæ йæ хорз бæрæггæнæнтимæ фæци 2008 азы. Кусын райдыдта Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сæрмагонд равдыстыты редакторæй. Валери ма æртыккæгæм къласы ахуыр кодта, афтæмæй ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæ. Фæстæдæр ын рацыд газет «Рæстдзинад». Уæдæй фæстæмæ фæцалх æмдзæвгæтæ фыссыныл. Ноджы ма йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гусаты Еленæ разæнгард кодта чысыл уацтæ фыссынмæ дæр. Уæдæй фæстæмæ Гасаны-фырт æмгуыст кодта газеттæ «Слово» æмæ «Стыр Ныхас»-имæ. Университеты ахуыр кæнгæйæ, литературон сфæлдыстады домæнтæ куы базыдта, уæд йе ΄мдзæвгæты хæрзхъæддзинад зынгæ фæнывылдæр. Йæ уацмыстæй йын иу-къордæн композитортæ Кокайты Барис æмæ Моргуаты Юри ныффыстой музыкæ. Ацы аз рухс федта йе ΄мдзæвгæты хицæн æмбырдгонд «Мæ уды зарæг». Мыхуыр дзы кæнæм цалдæр.
ХУЫЦАУМÆ КУРДИАТ
Хуыцауы фарнæй хайджын ут кæддæрид… Йæ номы рухс уæ базырджын кæнæд, Уæ курдиæттæ йыл алкæддæр æмбæлæнт, Йæ уаз фæлгонц уæ удты-иу цæрæд! Куы æрцæрид фæллад зæххыл дæ барад, Уæд нал уаид тыхгæнджытæ бæстыл, Ныффидар уаид адæмты ΄хсæн уарзтад, Ныккæсид хур нæ дзыллæйыл, мæныл! О, Стыр Хуыцау, лæгъстæгæнгæ дæ курын, Нæ дзыллæйæн рæстаг тæрхон скæн, Нæ Иры намыс ма бауадз фæцудын,– Куы нал æййафид худинаг нæ сæр. О, Дунедарæг, курын дæ лæгъстæйæ, Нæ Ирыстон, нæ дзыллæ сты дæ бар, Куыд нал цæрæм, æнæгъдау ми быхсгæйæ, Нæ уарзты монцæн ахæм фарн ссар!
Кæсын дарддæр Кæмæндæр хур дæн,
Кæмæндæр – гæды,
Кæйдæр та бынтондæр
Мæ адзал фæнды.
Ма тыхсут, дзурут,
Куыдфæнды мæ фаут,
Мæ уд мын, мæ зæрдæ
Уæ дзырдæй нæ марут.
Мæнæн у мæ ныхас,
Мæ зæрдæ æргом,
Нæ Ирæн лæггадæй
Мæ уд у æрвон! Уалæ нын хохы Джимара,
Сæ уæлхæдзæртты – хуртуан тыд,
Ацы зарæг уæ чи зара,
Уый нал фæкæндзæн сонт рæдыд. Сымси дукани адавта,
Ныр ахæстоны баддзæни,
Ахæм хъуыддаг ма чи хъава,
Йæ бынат уым ссардзæни. Арахъхъ нуазгæ йæ рацахстой
Нæ сыхаг лæг Уæхтæнæджы,
Æмæ йæ карзæй бафхæрдтой,–
Уый та нæ уыд хуымæтæджы. Чырæг телефон балхæдтон,
Нæ дзы æфсæдын дзурынæй,
Фæлæ мæ сæр куы бахъуыди
Æфстау æхцатæ курынæй. Заманхъулы æнусон цад
Рæстæджы уæзæй басур и,
Кæмæ не ‘рхауди уайдзæфы рад,
Фырхудæгæй уый басур и. Уалæ нын хохы Джимара,
Сæ уæлхæдзæртты – хуртуан тыд,
Ацы зарæг уæ чи зара,
Уый нал фæкæндзæн сонт рæдыд. Хуры тын куы нал кæсы мæ уатмæ,
Кæд, мыййаг, фæтæргай ис мæнмæ,
Кæд кæсы æнхъæлмæ уый мæ уарзтмæ,
Мад, цыма йæ хъæбулмæ хъæмæ. Хуры тын, æркæс-ма, цæй, мæ уатмæ,
Бафтау мын мæ удцырыныл зынг,
О, тæхуды, хуры тынтыл батай,
Хуры тынтыл баруайæд дæ цин… * * *
ХЪÆЛДЗÆГ УАЙДЗÆФТÆ
(Адæмон зарæджы мотивыл)
* * *
ÆРЫГÆТТЫ ÆРМДЗÆФ
БЕТЕТЫ Фатимæ
Ирон дзырд, ирондзинад йæ зæрдæйы рæбинаг кæмæн сты, уыцы арфæйаг кæстæртæй иу у Бететы Фатимæ. Райгуырд 1994 азы Æрыдоны. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, æртыккæгæм къласы куы ахуыр кодта, уæд. Каст фæцис ЦИПУ-йы ирон филологийы факультет. Уым ноджы тынгдæр райхæлд йæ курдиат. Ахуыры фæстæ кусын райдыдта Æрыдоны 2-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Бацыд аспирантурæмæ дæр. У ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы аспирант.
МÆ ИРЫСТОН
Ирон дæн æз! Ирон зæхмæ мæ цæстæй
Кæддæр фыццаг хатт ракастæн æз дæр.
Æмæ дæуæй, мæ удæн адджын бæстæ,
Мæ Ирыстон, цы уарзгæ у фылдæр?
Дæ рог дымгæ мæ авдæны куы уызта,
Дæ хъарм хъæбысы базыдтон рæвдыд.
Дæ адджын донæй ме уæнгтæ æфсæстай,
Дæ сыгъдæг уæлдæф раст мæ риуы цыд.
Ирон мады фæлмæн къухыл хæцгæйæ,
Ирон зæххыл фыццаг къахдзæф кæддæр
Æз акодтон. Рæствæндагмæ бæлгæйæ,
Æрмæст дæуыл мæ фæндтæ баст ныр дæр!
Ирон хистæртæй базыдтон чысылæй,
Цы сты ирон æфсарм æмæ æгъдау.
Мæ къух сыл сисон? Талынгæй, æмырæй
Цæрæнбонты фæцæрдзынæн фæлтау.
Мæ Ирыстон, дæ цинтæ сты мæ цинтæ,
Мæ зæрдæйæн йæ саудæр маст – дæ маст.
Мæ Ирыстон, куы мын раттис дæ зынтæ,
Дæхицæн та куы ахæссис мæ уарзт!
Кæсын дарддæр Кæддæр мæ мæтæй мады зæрдæ тад. Ныййарæг мадæн у йæ саби цин. Цæйбæрц фыдæбон бафæразы мад… Дæ фæлмæн къухтæ – амонды тæдзæн. Кæй дард фæндагыл никуы вæййы зын?! Сырх дидинджытæ райхæлы, æцæг, Ныййарæджы æнæкæрон хæрзтæй Æхсæртæгты, Æхсарты дуг куы фæуа, Куы нæуал уа Сослантæ ‘мæ Батрадзтæ, Куы нал цæра ирон зæххыл Сырдонтæ, Фыдæлты фарн æнустæм сæфт фæуыдзæн, Къæбæргæнæг Сатанатæ куы нал уа, Фыдæй йæ фырт куы нæ цæуа хуыздæрмæ, Айтынг, апырх мигъджын арв мæ сæрмæ. Уазал къухтæ нал тæфсынц æппындæр, Ацы фæззæг йе ‘нахуыр фынтимæ… Дæ цæстыты мæ батайын фæнды… Дæ цæстыты мæ батайын фæнды… Дæ цæстыты мæ батайын фæнды… Ирон дзырд у нæ хорзæхты бæрзонддæр. Фыдæлты фарн – йæ зæлыны, йæ мырты. Къостайы ‘взаг, ирон æвзаг… Нæ хур у, Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг… Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг… Æрхауди мæм цыкурайы фæрдыг… Дæуæн нывондæн хастон цард. Дæуæн нывондæн хастон цард. Дæуæн нывондæн хастон цард. Дæуæн нывондæн хастон цард, Дæуæн нывондæн хастон цард, Æз дæн къæвда. Кæуын æхсæвæй-бонмæ.МАД
Ныр дæр дæ зæрдæ уыцы мæтæй ризы.
Цыфæнды сау, уæззау фæллад фæлидзы,
Куы æрлæгъз кæны сæрыхъуынтæ мад.
Дæ зæрдæйæ куы ницы ис уæрæхдæр,
Дæ рæвдыдæй куы ницы ис дзæбæхдæр!
Дæ хъæбулæн дæм буц лæвæрттæ – мин.
Æнæнымæц æнæхуыссæг æхсæвтæ…
Дæ цæстытæ сты царддæттæг цæхæртæ.
Сæ ферттывдæй æз банкъарын йæ ад.
Дæумæ цæуын æнцон æмæ æхцон у.
Дæ уарзонад ысбарын та кæй бон у?!
Мæнæн æдзухдæр рухс цырагъ уыдзæн.
Дæ мидбылхудт æвдадзы хос куы фесты.
Дæуау зынаргъ дунейы хæрзтæ не сты,
Дæуæн, ныййарæг, царды аргъ кæнын.
Ныййарæджы рæсугъд хъæлæсæй уды.
Фæкæнын æз сæ амондмæ тæхуды,
Æрмæст фæкæнын ахæмтæм хæлæг,
Сæ иуæн дæр кæмæн бантысы фидын,
Сæ иуæн дæр кæмæн бантысы фидын
Ныййарæджы æнæфидгæ хæстæй… * * *
Цы хуыздæр у: фыдвæд æви æвæд?
Ирон куывды Уырызмæгтæ куы нал уа,
Ыстыр Хуыцаумæ чи кувдзæни уæд?
Кæмæй риздзæн æмризæджы ызнаг?
Кæстæрæн нæм куы не ‘нтыса Тотрадзтæ,
Нæ буц хистæртæн чи кæндзæн лæггад?
Фæндыры зæлтæй чи равдисдзæн маст?
Куыд кæндзысты фыдæлты зард фæдонтæ,
Ацæмæзтæ куы ныууадзой сæ хъазт?
Ныридæгæн фыдвæндагыл тындзы…
Агуындæтæ, Бедухатæ кæм уыдзæн?
Дзерассæтæ куы нал цæуой чындзы?
Кæй къухæй цæудзæн а зæххыл бæркад?
Ирон хъазтмæ куы нал цæуа Акула,
Кæмæн кæндзысты хорз лæппутæ кад?
Уæд не ‘взагæн, уæд не ‘гъдæуттæн – кæрон,
Ирондзинадæн нал уыдзæн йæ зæрдæ,
Æгас дунейыл нал уыдзæн ирон!!! * * *
Уазал дымгæ сагъæстæ хæссы.
Зæрдæ риссы къæвдайы уынæрмæ.
Ацы хатт йæ æртæхтæй тæрсын.
Ногæй рустыл бахæцыд фæлурс.
Фæллад уд та маст кæны цæуылдæр…
Цæст дæумæ æнхъæлмæгæс ныуурс.
Тыхст æмæ æнæхуыссæг æхсæв…
Де ΄нгас тохы бацыди мæнимæ,
Æмæ зæрдыл сæмбæлди йæ цæф… * * *
Сæ цъæхбын арфы аныгъуыл, тæхуды…
Дæ иу бакаст дæр царды ад дæтты.
Дæ бахудтæй мæм рухсамонд фæхуды.
Нæ фæтæрсдзынæн фæззæгæй æз демæ.
Фæлурс мигътæ уад-дымгæ та хæссы –
Мæ сагъæстæ мын ахæсдзысты семæ.
Сæ судзгæ артмæ батавин мæ зæрдæ.
Йæхиуыл мæ дæ цæстæнгас бæтты.
Æмæ тæхынц æвзонг азтæ нæ сæрты…ИРОН ДЗЫРД
Ирон дзырд у нæ хæзнаты хæзна.
Æндæр æвзагыл аивдæр, æхцондæр
Ирон адæймаг не сдзырдта нырма.
У алцыппæт зæгъынæн дæр уый фаг.
Ныййарæг мад куыд рæвдауы йæ фырты,
Рæвдауы зæрдæ мадæлон æвзаг.
Ирондзинады рухсгæнаг цырагъ…
Æрмæстдæр мын ирон æвзагыл дзурут,
Цæмæй æнусты ма фесæфæм мах! * * *
Йæ æрттывдæй ысрухс ысты мæ бонтæ.
Хъæздыг дæн æз мæ амондæй, хъæздыг,
Мæ цард фæци æхсызгондæр, æхцондæр.
Сæ хорзæхтæй мæ скадджын кодтой зæдтæ.
Æз амайын мæ сомбонæн мæсыг.
У алы бон дæр хорзæнхъæл мæ зæрдæ.
Цæмæ ма ныр фæкæнон æз тæхуды?
Мæныл ыстырдæр хорздзинад æрцыд –
Дæ уарзондзинад райхæлди мæ уды… * * *
Дæ номыл зарыдтæн мæ зарæг.
Фæлæ нæ фехъуыстай мæ зард.
Мæ рыст нæ базыдта æмбарæг.
Дæ номыл стъалыйау фæсыгъдтæн.
Фæлæ дæуæн кæйдæрон, дард
Æмæ æцæгæлон куы уыдтæн.
Уыдтон дæ цæстыты æз хуртæ.
Фæлæ уæддæр уыдтæн æнкъард, –
Нæ рафты урс дидинæг дуртыл.
Дæ номæй алкæд кодтон сомы.
Дæу тыххæй суыдаин мæнгард.
Мæ бæллиц батади фæсмоны…
Мæ уд дын раттаин æнцонæй.
Сыгъди мæ зæрдæйы уæд арт,
Фæлæ æнæхъуаджы… Зыдтон æй… * * *
Ды та дæ хур. Дæ бахудты ис цард.
Дæуимæ баст мæ хъысмæт у кæронмæ.
Æртхутæг дæн, ды та дæ судзгæ арт.
Æз дæн æхсæв, зымæгон æмæ уазал.
Ды та дæ раст сæрдыгон бонау хъарм.
Дæ мидбылхудт дæ рухс цæсгомыл хъазы.
Зæххы хæрзтæй бæркадджын у дæ арм.
Æз дæн стъалы, дард æмæ æгомыг.
Ды та дæ мæй – ды райхъал кодтай мæн.
Æнæ дæу зæрдæ уарзын дæр нæ комы.
Æнæ дæу нæй мæ зæрдæйæн цæрæн.
Æз дæн æнæтых урс æврагъ цъæх арвыл.
Дымгæйау ды дæттыс фæндаг мæнæн.
Ды дæ æнус. Æз дæн уысмау дæ арфы.
Ды дæ цырагъ, аз та дæ аууон дæн…
НОГ ТÆЛМАЦТÆ:
ЗОЛОЙТЫ Аркади
«Мах дуг»-имæ 15 азы
Золойты Владимиры фырт Аркадийы хорз зоны журналкæсæг. Бирæ фæсарæйнаг классикты уацмыстæ Аркадийы хъæздыг æмæ нуарджын æвзаджы руаджы сдзырдтой иронау, æмæ сæ зæрдæ йæхимæ скъæфы. Йæ тæлмацтæ сты æнцон кæсæн.
Райгуырд Ставд-Дурты 1957 азы. Скъолайы фæстæ каст фæцис Ленинграды технологон институт, 2012 азы Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институты литературон курсытæ. Фыццаг ратæлмац кодта англисаг поэт Тенисоны æмдзæвгæ «Хой, хой, хой». Кæд бирæтæ дæлрæнхъонты руаджы ратæлмац кæнынц æндæр æвзагыл фыст уацмыстæ, уæд Аркади та комкоммæ тæлмац кæны уацмыстæ англисаг, немыцаг, уырыссаг æвзæгтæй иронмæ.
Байрон, Шиллер, Гете, Гейне, Брехт, Мария Рильке, Оден, Йейтс, Ницше, Мерике, Киплинг, Гюнтер Айх, Ингеборга Бахман, Рильке, Йозеф фон Айхендорф æмæ иннæты поэзи Аркадийы тæлмацты руаджы ирон лæгæн систы зæрдæйæн хæстæг æмæ адджын.
– Æппæты зындæр у Гетейы уацмыстæ тæлмац кæнын, кæсаг фурды куыд ацъыввыттытæ кæна, афтæ автор дæр поэзийы æрфыты йæхи ирхæфсы. Уарзон ын у гуыппырсарты поэзи, – зæгъы Золойы-фырт.
Аркадийы бæллиц у йæ тæлмацтæ мыхуыры рауадзын, Мæскуыйы Гетейы номыл Институты грант райсын æмæ ирон-гермайнаг культурæты сæраппонд зæрдиагæй бакусын.
«Иры сабитæн» – ацы сæргондимæ мыхуыры рацыд Аркадийы лæвар кæстæртæн. Журнал «Мах дуг»-имæ æмгуыст кæны фынддæс азы.
У. Б. Йейтc
* * *
Мæ уарзон æрбацæйцыд: дидинæг калдта хæрис,
Йæ гом къæхтыл кодта нæ Дуне æрра æмæ дис,
Йæ уарзт мын лæвæрдта æнцонæй, цыма уыд сыфтæр.
Нæ райстон йæ лæвар – æрыгон уыдтæн уæд æгæр.
Нæ къæхты бын хаста йæ уылæнты денджызмæ дон,
Нæ фидауцыл кодта æрра æмæ диссæгтæ бон.
Йæ цард мын лæвæрдта æнцонæй, цыма уыди рыг.
…Æрыгон уыдтæн – ныр мæ цæстытæй уайы цæссыг.
Кæсын дарддæр Хохы мит æруары фаг, Мигътыл басыгъдис изæр, У мæ къахæвæрд фæлмæн, Æдыхстдæр мæ зæрдæ куы уаид, Уыгæрдæнты будтæфы мигъты Цъæх денджызы Авд Хойы найынц, …Æмбарын æй, дзæгъæлы: тары Фурды был сурс кодтой миттæ, Денджызы нуазынц æврæгътæ: Куырæт хъæуы æрмæстдæр бонæй, Дыууæрдæм афтид дыс æнцонæй Куырæтæй нæй уæлдай зындонæй: Ивы æхсæвы зæринхуыз ноктюрны Бур мигъ æрбахъуызыд, ралæсы хидтæй – Байдзаг и дзыллæтæй, змæлы уæрдæтттæй – …Уæртæ ма иу чызг фынæй у йæ уаты, Тары уарынмæ «Зæгъ ма, цы калы уый тæмæн?» «Æмæ цæй даргъ у, стæй фæтæн?» …Æрттивы дарæсæн йæ тын – Кæмæндæр æз алолай зарин,Георг Тракль
ЗЫМÆГОН ИЗÆР
Дардыл дзæнгæрæг ныннæры,
Цард мæ разы фынг æвæры –
Нозт – бæркадæй дзаг!
Схæццæ дæн сахармæ тары.
Къахвæндаг тæригъæд ары –
Бахъуыди сæ сæр!
Рыст мæ къæсæрыл ныддур и.
Артыл физонæг фæбур и,
Авджы байсыст сæн…Уолтер де Ламар
ТЫЛИФГÆНДЖЫТÆ
Куы байсысид искуы йæ маст,
Уæд рагон сывæллæтты зарджытæ зарид –
Мæ хъусты ныззæлынц æваст.
Цым зæхмæ йæ сыгъзæрин калы,
Æрфæны фæд зæдтæм фæраст,
Кæддæры сывæллæттæ минтæ тыгуыртæй
Мæ уæлхъус æрлæууынц æваст.
Гæлæбутæ саразынц хъазт.
Сæ уындæй нæ фефсæдын – уайтагъд мæ разы
Сывæллæттæ фестынц æваст.
Кæсагдзау сæм донмæ нымдзаст,
Кæддæры сывæллæтты сагъæстæй тайгæ,
Мæ зæрдæ нырризы æваст!
Куы райдайы денджыз йæ хъазт, –
Кæддæры сывæллæтты азæлд æрхæссы
Йæ базыртыл дымгæ æваст.Мария Луиза Кашниц
TORRE SAN LOREHZO
Дзаумадан рохуаты зары,
Денджыз нæ уадзы йæ митæ –
Дзаг Мæйы ‘рсайы æхсидтæй,
Арвы йæ рухсмæ ныддары…
Галтæ, уæрыччытæ, сæгътæ, –
Фæлæ йæ мустæн мæ рæгътæ
Не ‘ййафынц хурæй æфсæст.
Уадимæ хъазынц цæргæстæ –
Згъорынц æнустæ сæ рæзты:
Махæн нæ барынц æрмæст…Кристиан Моргенстерн
КУЫРÆТ
Куыддæр йæ куыст
Фæвæййы, афтæ дзы уæндонæй
Ыслæсы мыст.
Ысбары мыст!
Æхсæв йæ удæнцой у, зон æй,
Йæ бон – æлгъыст.
Æфхæрд, æмпъызт.
Уæддæр дзы дугъ кæны æхцонæй
Æвсургъау мыст.Оксар Уайлд
IMPRESSION DU MATIN
Темза фæныкхуызæй. Цъæх
Чематыл бур хъæмп йæ сæнтты фæтырны
Дзаг хуымтæм, райхъал ис зæхх.
Нал зыны мигъæй сахар!
Фæлæ Сент-Полы дзæнгæрæджы сидтæй
Тайы æндæргау йæ тар.
Бацыд йæ тæмæны цард.
Царды зыллангимæ алы кæрæттæй
Райхъуысы цъиутæн сæ зард.
Хъазы йæ рустимæ хур.
Артау ыссудзынц йæ дзаг былтæ батæй,
Фæлæ йæ зæрдæ у дур.Маша Калеко
ÆЦÆГÆЛОН ЦÆРÆНТЫ
Æцæгæлон цæрæнты хъусын:
Уарын уары,
Царыл абухы, зары,
Згъоры, хойы, рæхойы,
Мæ фынтæ мын суры,
Дзуры йæ сусæггаг
Азæй азмæ, æнусæй æнустæм
Хæристæн æмæ æнгузтæн,
Чындздзон чызджы донласт дзыккутæн
Æмæ йæ рустæн. Тары
Царæй йæ хъарæг
Мæ дадзинтæм хъары…Уильям Батлер Йейтс
НАУ, ÆРЧЪИТÆ ÆМÆ ПÆЛÆЗ
Чындзхастмæ бацагуырдтой мæн.
Кæрдын мæ сагъæстæй пæлæз,
Мæ хуыз дзы хъуамæ скалон æз –
Æндæр мын нæй фæрæз!
Мæ бæллиц фурд уыдис мæнæн,
Æмæ бæллæхтæй скодтон нау.
Мæ пæлæз денджызты фæйлау,
Æмæ хæтон лæгау!
Æлвыстæн райхæлдтон мæ зын.
Фыдбонтæй ракуырдтон сæрак –
Æййафын ног æрчъиты саг,
Мæ уд мæ сæнттæй дзаг…Райнер Мария Рильке
ÆХСÆВЫГОН НЫХАС
Йæ цуры-иу бадин æхсæв.
Кæйдæр-иу мæ былтыл фæдарин –
Къæвда уа, тымыгътæ, æнтæф…
Тымыгътæ кæниккой сæ хъарæг,
Дзыназиккой: «Дуне ныммард!»
Ыстъалытæ сисиккой зарæг
Уæларвмæ – рæсугъдæй æнкъард…
Нæ дуг нын йæ хъомысæй дарид,
Нæ уарзтмæ нæ кæнид хæлæг.
Йæ къæхты уынæрæй хъыгдарид
Нæ куыдзы æцæгæлон лæг…
… Ныхъхъус уаид н’ алыварс бæстæ,
Кæсынæй дæм не ‘фсæдид цæст…
Кæмæндæр йæ аууон йæ фæстæ
Къæбылайау згъорид æрмæст…
ÆРЫГÆТТЫ ÆРМДЗÆФ
ГАБОЛАТЫ Зауырбег
Габолаты Зауырбег райгуырди 1989 азы Мызуры. Ам 2006 азы каст фæци астæуккаг скъола, 2006–2011 азты – ахуыр кодта Хæххон паддзахадон аграрон университеты экономикон æмæ юридикон факультетты. Ам Зауырбег, хихъæппæрисадон къорды архайгæйæ, каст йæхи фыст æмдзæвгæтæ, цалдæр хатты сси республикон фестиваль «Студентты уалдзæг»-ы лауреат. 2013 азы фыццаг бынат бацахста æрыгон поэтты ерыс «Дидинæг кал, мæ Ирыстон»-ы. 2011 азæй фæстæмæ Зауырбег кусы Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Габолайы-фырт æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы хуыр кæнгæйæ. Фыццаг хатт фæзындысты газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд фарс «Нæ Иры фидæн»-ы. 2017 азы Зауырбегæн мыхуыры рацыд йе ΄мдзæвгæты æмбырдгонд «Мæ цæстæнгас». Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон литературон преми.
МÆ ЦÆСТÆНГАС
Мæ ныхас арæх у гæды, Фæлæ мæм уымæй фаутæ ма хæсс. Кæд дæ мæн базонын фæнды, Уæд мын мæ цæстæнгасмæ ΄рбакæс.
Цæхæр дзы ис, фæлæ – фæллад… Уый у мæ миддунейы айдæн. Цæстæнгас – растдзинады цад – Йæ хæлар никуы уыдзæн сайдæн.
Æргом цы не ‘нтысы зæгъын, Уый дзурынц цæстытæ æмырæй. Куы нал уæгъд кæниккой мæ зын, Уæд маст, пырхгæнгæ, скæлид хъуырæй!..
Мæ цæстæнгасыл мын æууæнд – Фылдæрхатт мæнг – лæгæн йæ дзырдтæ. Бæстон нæ гом кæнынц йæ фæнд, Йæ зылындзинад, йе стыр фыдтæ…
Кæсын дарддæр Тæхуды, ‘мæ куыд нæ рох кæны мæн,
Куыд хастон уалдзыгон къæвда бон
Æртæ сырх-сырхид уардийы дæуæн!.. Цыппар къулы ‘хсæн иунæгæй уыдтæн.
Мæ буар дыз-дыз кодта цæмæндæр,
Цыма мын чидæр сарæзта кæлæн… Нæ ардтон тых æрбадынмæ æнцад,
Мæхи фæхатыдтон æгуыдзæг…
Мæ риуыл сæмбæлд уарзонады фат! Куы нал фæрæзта цæф зæрдæ йæ рис,
Уæд уайтагъд арæвдз дæн фæндагмæ.
Цæй къæвда ма мæ хъуыдыйы уыдис?!. Æмæ дын райстон дидинджыты баст,
Дæ тæккæ дуармæ йæ фæкодтон
Сыгъдæг уарзтæн йæ тырысайы хаст! Мæн нал хъуыдис уæд ницыуал æндæр,
Куы райстай уардитæ дæ къухтæм,
Куы дын федтон дæ цæстыты цæхæр! Тымбыл къухæй дæ фæтæн риу ныххойыс,
Æдзух дæхи аланты фырт фæхоныс.
Дæхи цыфæнды хон, фæлæ йæ зон –
Æрмæст æвзагæй нæу бæрæг ирон!.. Нæ цæстытæ цæхæр калгæйæ судзынц,
Тугдадзинты ‘рыгон туг фыцы.
Нæуæг хъуыдытæ сæры магъз рæдувынц.
Алчидæр нæ зонæдтæм тындзы. Нæ Ирыстонæн мах ыстæм йæ фидæн,
Хонынц та нæ ног дуджы фæлтæр.
Дæумæ арæзт, у не ‘фсымæр, нæ сидæн –
Бацу нын нæ рæнхъытæм ды дæр! Æмдыхæй мах ыскæндзыстæм нæ сомбон,
Цардæн дæр æрæвæрдзыстæм уаг!
Цæдисы иумæ не стæм демæ ‘нæбон,
Тых æмæ гæнæнтæ дæр нæм – фаг! Зæгъ-ма, Къоста, цæуыл дæхи фæмардтай,
Цæй сæраппонд æрæвæрдтай дæ сæр?!
Дæ рыст зæрдæ рæсугъд фидæныл дардтай,
Фæрнæйдзаг абон не стæм мах уæддæр: Ирондзинадæн мур дæр кад нæ кæнæм,
Йæ сомбонмæ нæ ничи кæсы дард;
Æцæг хæзнатæ сау мæры ныгæнæм,
Æрмæст æхцайыл бабастам нæ цард… Мæнг рæстдзинадмæ айтыгътам нæ фæндаг,
Сæры зондыл фæуæлахиз и монц;
Лæппын тæрхъусау рихиджын нæуæндаг –
Нæ ног дуджы лæгдзинады фæлгонц… Зæгъ-ма, Къоста, цы хуызæн у нæ суинаг?
Æппындæр æй куы нæ ахсы мæ сæр,
Куы нæ зонæм нæ раст фæндаг, нæ уидаг,
Куыд калдзæн уæд нæ бæлас дæр сыфтæр?.. Æнкъард нæ хъæуы – сис бæрзонд дæ сæр!
Скæсдзæни та райсом хур фæсхохæй!
Дæ цæстысыгтæ мауал кал æгæр –
Де ‘взонг уд пайда нæ райсдзæн тохæй. Дæ цард куыд цæуы, афтæмæй йæ ис.
Размæ сараз д’ алы нæуæг къахдзæф!
Дæуæн дæ хæзна – ивгъуыд бонты рис –
Йемæ цу, фæлæ… дæхи йыл ма цæв! Дæ уындæй сæнкъуысти мæ зæрдæ,
О, мæ фынты хай!
Мæ уды зарæгæн йæ зæл дæ,
Сау рæсугъд чызгай! Мæхи нæ хатын æз æрвонгæй,
Нозтджын дæр нæ дæн…
Дæ цæстæнгас, дæ гуырыкондæй
Срасыг кодтай мæн. Æрвылсахат дæуыл – мæ хъуыды.
Нал арын бынат…
Тæхуды, ацы царды ‘мгъуыдмæ
Базон уарзты ад!..СЫРХ УАРДИТÆ
МÆНГ ИРÆТТÆМ
НОГ ДУДЖЫ ФÆЛТÆР
ЗÆГЪ-МА, КЪОСТА
* * *
* * *
НОГ ÆМДЗÆВГÆТÆ
ГОДЖЫЦАТЫ Нелли
НАЛ ДЫЛ МАСТ КÆНЫН
Нал дыл маст кæнын, Ирыстон! Æз дæ рыстæй дæн æлгъæд. Æз цы рæнхъытæ фæфыстон, Уыдон сагъæсæн – æгъгъæд.
Ма тæрс, зæрдæ демæ дзуры, Дæ мын раздæрау зынаргъ. Фæлæ ныр Хуыцауæй курын – Айс мæ рыст зæрдæйы уаргъ.
Ныр æрæджийау æмбарын – Йехх, куы бамбарин æххæст, – Æз дæ низæн хос нæ арын, У мæ цæстытæй æмбæхст.
Ды мæнмæ кæсыс æнкъардæй, Цыма бамбарыс мæ фæнд… Тынгдæр мысдзынæн дæу дардæй. Мæн уырны, ды дæр æууæнд…
Кæсын дарддæр Иу хæлар мын нал баззад зæххыл.
Карды комау бауынгæг мæ фæндаг.
Дуне мемæ раст цыма фæхыл,
Адæм мæм – тæргай æмæ нæуæндаг. Сбадын æмæ сагъæстыл фæуын.
Уагæры цы ракодтон нæ дугæн?
Уый фæндæгтыл нал зонын цæуын,
Нал зонын æмдзæгъд кæнын йæ дугъæн. Ехх, мæ боныл, иунæджы хъысмæт
А зæххыл куыд зынтæй æз фæразын.
Адæм дын æцæгæлон суæнт,
Дунейыл æвæгæсæг ды разын! Иу хæлар мын, иу хæлар мын уæд…
Радзурин ын сусæгæй мæ зынтæ.
Науæд царды куы айсæфа мæ фæд,
Уæд зæххыл кæмæн уадзын мæ бынтæ!.. Æз та мæхи дæр никуы уагътон уарзын –
Мæ уды фарн уыд дзыллæйæн æгъгъæд!
Куыд бафæрæзтон уал сайд æмæ уал зын!
Мæ зæрдæ ныр мæ фыдцардæй – æлгъæд. Æмæ ныр та дæумæ кæнын тæхуды,
Мæнг лирæйæ куы самоныс дæ зард…
Нымад дæ ды мæнг дунейы æнуды,
Æз та – мæгуыр, æнæхицау ‘мæ тард! Цымæ цы уыд мæ цыбыр цард нæ зæххыл?
Рæстаг уыдтæн, æмæ мæ ласта дон.
Æнæрвæссон мæнгард æмæ фыдæхыл,
Нæ дзыллæйы рæстдзинадмæ хуыдтон. Ныр мын мæ цæстмæ дары уый мæ рæдыд:
Рæстæй цæрын мæнг дунейы зын у!
Æмæ дæуæн ныр хай кæны йæ рæвдыд.
Фæрнæй мын цæр, хуыздæр фæтæг ын у! Ехх, тæхуды, искуы ма куы скæсин
Сауарвмæ сыгъзæрин хортæй дзаг,
Уæд мæ бæллиц стъалытæм фæхæссин,
Æмæ мыл узæликкой, хæрзаг. Науæд мæнæ ацы зæххон тары
Нал исын мæ цæстæнгас бæрзонд.
Зæрдæмæ дзы рухсы цъыртт нæ хъары,
Рухс бæллицтæм нал фæтасы зонд. Бонæй-бонмæ сау мæрмæ æмдзастæй
Сагъæсæй нæ цух кæны мæ риу.
Ехх, тæхуды, дунейы цъыфдзастæй
Чи фæлыгъди, уыдонæн та циу! Уыдон ныр сцух сты нæ мæтæй,
Нал уынынц фыдæх æмæ фыдбон.
Фæлæ кæд иппæрд сты дзæнæтæй,
Уæд фæлтау рæстæгмæйы фыдбон!.. Рæстдзинадæй æгъатырдæр цы ис!
Цы йæ хъæуы, цæуыл домы нæ удты?
Цæмæн хæссы хъæбатыр удтæн рис,
Цæмæн цæвы йæ уайдзæфтæй тæппудты? У ахæмтæн цагъайраджы къæлæт,
Зæххон дунейы чи нæ цæры растæй.
Тæригъæдджынæн расиды мæлæт,
Æнæрхъуыдыты уый ныууадзы састæй. Æмæ кæны æгъатырæй тæрхон,
Нæ ауды, йæ мæстытæ нæ сисы.
Цæмæн нæ удæй афтæ тынг уый риссы?
Нæ рыст æм хъары – æз дæуæн зæгъон! Уæдæ зæххыл æнамонд у рæстаг –
Хуыцауы раз йæ алы дзырд дæр барст у.
Нæ зоны ‘рмæст – фыццаг æмæ фæстаг
Рæстдзинад нæу нæ дун-дунейы – уарзт у. Мæн тыххæй мастыхай фæдæ.
Æнхъæлдтай, æз дæуæн мæсыг дæн.
Мæнæн мæ бæллицтæ – сæдæ,
Æмæ мыл мауал кал цæссыгтæ. Дæ мæт – мæ фидæныл æрмæст,
Æдзух мæ амондыл – дæ сагъæс.
Фæлæ Хуыцаумæ азым ма хæсс.
Зæгъын дын, амондджын дæн æз. Зæгъыс – «Дæ хорз амонд кæм ис,
Дæ фæдыл чи разындзæн райсом?»
Æз та мæ балцы хызын райсон,
Кæннод мын агайыс мæ рис. Цæуын, мæ фæсмонæй мæлын.
Мæ удæн иу зын та дæ фарст у…
Хуыцау, кæд м‘ алы цæссыг барст у,
Уæд фен мæ рыст уды бæллын. Зæххыл мæ уды йас кæй уарзтон,
Йе уый мын бадомдта мæ уд.
Мæ цард йæ сæрвæлтау æрхастон,
Фæлæ мыл аивæй уый худт. Уый загъта: «Додойаг дæ къона,
Йæ удæн чи нæ зоны аргъ!
Мæ бæсты чи кæны тыхтона,
Сæркъулæй чи хæссы мæ уаргъ!» Æз ын йæ хъуыдытæ æмбæрстон,
Фæлæ дзы н‘ агуырдтон мæ мызд.
Фæндыд мæ уый уды æрбæстон,
Цæмæй фыдбылызæй уа хызт. Ныр ын мæ тæригъæд дæр барст у,
Фæлæ нæма банцад мæ рис.
Кæмæн нæ йе ‘намонд йæ уарзт у,
Кæмæн та хи уарзын – йæ низ. Фæззæг та мæ рыййафы Цхинвалы:
Бур сыфтæр мæм минæвар фæци!
Хъарм дымгæ мæ зæрдæмæ æвналы
Æмæ мын лæвар кæны йæ цин. Ныр цы кæнон – фæззæджы къæсæрыл
Нал фæнды мæн ивгъуыдмæ кæсын.
Уадз, згъæлой сыфтæртæ мæ сæрыл,
Кæд сæ цинæй айсæфид мæ зын. Фæлæ нæй, сæ цин дæр мæ нæ тавы.
Уагæры куыд басыди мæ уд…
Уал азы мæн худгæ хур æндавы,
Дуне мæм уæддæр кæсы æнуд. О, мæ горæт, азымы мæ ма дар.
Мæ мæм фæу, бур сыфтæр, тæргай.
Курын дæ, мæ сусæг рыст мын бамбар –
А зæххыл мын ницæмæй ис хай… Цæй, æмæ дын мауал кæнон уайдзæф,
Алыбон дæ мауал кæнон хъаст.
Сонт риуæй тæрхоны зæрдæ айсæф –
Нал мæ фæнды, а зæххыл уон раст. Нæй, мæ уд, нæй адæмæн æвзарæн –
Амонд дæ бынтон фæлидздзæн дард.
Нæй зæххыл рæстдзинадæн ссарæн,
Фæлæ циу æнæрастæй та цард. Уадз, нæ ивгъуыды мæстытæ
Фыр мастæй нæ зæрдæтæй уой рох.
Ма дзурæм кæрæдзийæн рæстытæ,
Æмæ кæд æрæнцаид нæ тох. Кæннод хæсты айсæфы нæ цинад,
Æмæ тохы бабын вæййы уарзт.
Удæй фылдæр бауарзтам рæстдзинад,
Фæлæ амонд уымæй кæд фæтарст… Кæд уыд æнцон – дæ уæйгæнæджы уарзай,
Фæлæ æнæ уарзт зæрдæ у мæгуыр.
Хуыцауы ды дæ рæстдзинадæй ма сай –
Дæ удæн уый у хинæйдзаг æнгуыр. Æз дæр кæсын – мæ зæрдæйы рæбын
Уæйгæнæджы мæ ахæсты куыд дарын.
Зын мын у уымæн, уарзгæйæ, ныббарын,
Цыма мæм амынд нал хъары æппын. Æмæ цы у зæххон лæджы тæрхон,
Йæхæдæг уый кæд тæрæзтыл æвæрд у.
Ахъаз ныккæндзæн – æз дæуæн зæгъон!
Йæ уайдзæф – маст, йæ хатыр та æфхæд у. Уæдæ мæ сæрæн агурон сæрфат.
Мæ марæг чи у, уыдонæн ныббарон.
Кæдмæ хæссон мæ удрæбын дæр фат.
Æнæзæндтæн мæ тæригъæд цы хъарон. ИУ ХÆЛАР МЫН НАЛ БАЗЗАД
ÆЗ ТА …
ТÆХУДЫ
РÆСТДЗИНАД
МÆН ТЫХХÆЙ
ЗÆХХЫЛ МÆ УДЫ ЙАС КÆЙ УАРЗТОН
ФÆЗЗÆГ
ЦÆЙ, ÆМÆ ДЫН МАУАЛ
КÆНОН УАЙДЗÆФ
КÆД УЫД ÆНЦОН…
ЮБИЛЕЙ
КОСТЫ Лизæ
Цы вæййы, уый æгад вæййы нæ цæсты. Рæфты дын кувæм, райсомы æртах. Мæ карæнтæн сæ лæппутæ лæгтæ сты, Мæнæн та арвæй зæххы ‘хсæн – сымах…
Косты Мараты чызг Лизæ райгуырди Ногиры. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы хайады, фæстæдæр йæ ахуыр ахæццæ кодта Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Куыста газет «Социалистическая Осетия»-йы, Цæгат Ирыстоны радиойы, журнал «Ногдзау»-ы редакцийы, чиныгуадзæнтæ «Ир» æмæ «Проект-Пресс»-ы редакторæй. Ивгъуыд æнусы 80-æм азты райдайæны ирон дзырдаивадмæ Лизæ æрбахаста уды æнкъарæнтæ, фæлмæн рухс, ирд ахорæнтæй дзаг поэтикон фæлгонцтæ. Уæдæй нырмæ ирон литературæ, ирон поэзи уарзджытæ æдзухдæр æхсызгонæй сæмбæлынц Лизæйы ног аив азæлд ахорæнтæй хъæздыг поэтикон уацмыстыл. Лизæ! 1985 азы Хуыцауы лæвæрд «Æрвон зынг»-æй ныррухс кодтай ирон дзырдаивад уарзджыты зæрдæтæ, уыцы зынджы рухс цæхæртæй сæ тавыс дæ алы ног уацмысы дæр, æмæ ма дын уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй бирæ бантысæд!
ФÆНДАГГОНЫ ЗАРÆГ
Раст у – нæ домы тыхдзырд, хæснаг: Ивгъуыды аззади цард – цъæхснаг, Иунæг дæр никуы æрцахстон кæсаг, Никуы амардтон саг.
Хорæй хаст, хуыммæ фæцыди, хъал, Здæхы хъæмæ ныр гал. Цал уыди уды фæндиаг, цал, Уал дзы нæ рантыст, уал.
Фæндагыл банафон и æгæр – Балцы фæцъæх мæ сæр; Развæд ысрухс кæны хатт цæхгæр Стъалыты дард цæхæр.
Нал у фæстиæтты афон ныр, Ривæдыл ис гуыдыр: Зарæджы – зæххы уæздандæр мыр, Арвы мæсты гуыр-гуыр…
Кæсын дарддæр Хур цы пайда у ныр?!
Фæлæ хуры тын хуссæртты кафы,
Æмæ фыййагæй чъизи мит хафын, Æмæ разыны уыр.
Арв — бæрзонд æмæ цъæх,
Фæлæ зæрдæ цæмæндæр æнкъард у.
Уæлдæф хъарм у дзæбæх, Æмæ уалдзæг та афтæмæй дард у.
Уын фынтæ, у æнцад,
Æмæ, хæрис, дæу ма сайæд митхъарм –
Сыстад арвгæрон уад Æмæ дары дæ къуыпамæ их арм.
Зары тæдзынæг, хин.
Уарзын алцы йæ афон, рæстæгыл.
Кафы нæзыйыл тин.
Хъуысы хъæдхойы къупп-къупп хæстæгæй. Уæлдæф хъарм у дзæбæх,
Æмæ уалдзæг та афтæмæй дард у.
Арв – бæрзонд æмæ цъæх,
Фæлæ зæрдæ цæмæндæр æнкъард у. Астæрдыл сныв кодта саби тæрхъустæ,
Малусæг, хур.
Схудти, ныссæрфта хъуыддагхуызæй рустæ,
Ных æмæ дур.
Сбадти. Ныуулæфыд кусæг.
Ныр дунейæн
Ахæм зæрдæ!
Уый дæр куыд уына
йæ фыны тæрхъустæ,
Бомбæтæ – нæ! Мæ фыдæлтæ дæ стыр зæдыл нымадтой,
Дæ сыгъдæг ном æдзух сæ куывды ардтой.
Æз уыдонæн аккаг фæдон нæ дæн:
Нæ кувын æз, бынаты дзуар, дæуæн. Æрмæст дын æз дæ æнцойдзинад халын –
Æнафонмæ мæ цырагъ судзгæ дарын.
Æмсæрау æз ныхас фæкæнын демæ,
Мæ хъуырдухæнты балæгæрдыс мемæ. Кæс-ма, кæс-ма: кæны та скæсæн сырх –
Æхсæвы тарæн асасти йæ тых…
Цы фылдæр уарзыс? Хур æви къæвда?
Æмдзæвгæтæ дын бакæсин уæд та?!. Сау изæр мæ цъысыммæ фæтæры,
Æз сæударæй амардтон мæхи.
Тархъы Сындз, зæгъ-ма мын æй, кæм цæры
Сау рувас, кæм æмбæхсы йæхи? Нæй мæнæн афтид армæй фæцæуæн,–
Хъуамæ суа æртæ æрдуйы цух
Сау рувасы сау тенка, сæ кæлæн
Банкъара æхсызгонæй мæ къух.
Тархъы Сындз, къуырма дæ æви аххуыс
Ацы сахат не ‘нтысы дæуæн?
О мæ зынг, ныггуыпп кæн, йе та ахуысс –
Нал дын и æндæр хуызы гæнæн: Урс æрдутæ сау цæстытыл уайынц,
Бадомдта’ мæ Тархъы Сындзы хин.
Раст мæ цыма мин хæйрæджы сайынц,
Раст цыма æрцард мæ уды зин. Нæй мæнæн афтид армæй фæцæуæн:
Хъуамæ суа æртæ æрдуйы цух
Сау рувасы сау тенка, сæ кæлæн
Банкъара æхсызгонæй мæ къух… Æппæлой дзырдтæ ды цæвыс мæ ныхыл.
Дæ ис, дæ тых, дæ бон дын уæнт фæрнæй.
Æрныллæг у, æрсабыр у – дæ дзыхы
Дæуæн, миййаг, Хæмыцы дæндаг нæй. Æмæ хъуызгæ мæ мидбылты фæхудын –
Цы систай ныр ам хи стауæн хъæртæ?
Цы мулкмæ мын цыбæл кæныс мæ уды?
Цы дзæнæтæй æвæрыс ныр зæрдæ? Дзырд дæр ыл нæй – Æрхуы мæсыджы бадин,
Æхсыры цады ленк кæнин сæумæ.
Хæрыс мын ард: «Мæ зæрдæ цинæй ради,
Куы тындзыдтон æрвгæронæй дæумæ». Фæлæ мæнмæ дæ уæздан дзырд нæ хъары,
Сылæг мигъæй хъæбæр зæхмæ æрхиз!
Мæ уд мæнæн дæ хъæлæсмæ нæ зары,–
Нæ дыууæйæн фæйнæ фæндаджы ис. Æрра дæн æз, куырыхон – ды, сæттын ыл,
Фæлæ уæддæр кæсын мæхимæ раст:
Фæкæнын хъеллау мæйрухсы рæу тыныл,
Хъæздыгдзинадмæ нæу мæнæн мæ каст. Æппæлой дзырдтæ ма цæв ды мæ ныхыл.
Дæ ис, дæ тых, дæ бон дын уæнт фæрнæй.
Æрныллæг у, æрсабыр у – дæ дзыхы
Дæуæн, миййаг, Хæмыцы дæндаг нæй. Æнхъæлмæ мæм кæс.
Къуыппыл
уæртæ уыцы хуыскъ алтъами
дидинæгæй куы сæрттива
æмæ йæм арвæй
зырнæджытæ
«рæстмæ у!»
куы ‘рдзурой адæймаджы æвзагæй. Сæнтсау хъыргъы
митурс куы адара
æмæ йæм цæстытæ
тарытæ куы байдайой. Физонæггонд балергæсаг
расыг тенорæй куы сиса
итайлаг бæлæгътæрæджы зарæг
æмæ йын, сæ куыст фæуадзгæ,
гъæйтт-мардзæ, мæлдзгуытæ
куы бахъырной сæ губаккæй. «Храни меня, мой амулет…»
Пушкин Афардæг и арвгæрæтты хур.
Ирд ыстъалы Уазкъуыппыл ыссыгъди.
Денджыз, денджыз, раппар мын хуынкъ дур.
Тар уылæн мæ къæхты бын ныррыгъд и.
Донбеттырæн, зонын, ис æрмадз, –
Уым кæны лыстæг дуртæ хуынчъытæ.
Сау денджыз, мæ къухты дзы фæсадз, –
Тар уылæн хæссы æрмæст фынчытæ. Хины дзаума – уыцы къаннæг, мур –
Лалымыстыгъд бакодта хъæдуры.
Денджыз, денджыз, раппар мын хуынкъ дур, –
Уадз æмæ мæ фыдбылызтæ сура. Сау денджыз æнахуыр фæлмæн уыд:
Уый мæнæн мæ хъуыдытæ æмбæрста.
«Ма фенæд йæ цæрæнбонты фыд»,–
Мемæ уый лæвар дæуæн æвзæрста. Уыцы къаннæг – хины дзаума – мур,
Сау денджыз мын раппæрста хуынкъ дур. Уым уæлдæф кодта ахорæнты тæф,
Æрызгъæлæнтæ царæн йе сæрст, фасти.
Уыди уæ разы бур гæххæттыл кæф,
Æмæ йæм гæды дæлвæйнæгæй касти. Фæныкхуыз гæды – уый дæр ус ‘мбал уыд.
Гуыркъотæ тулдз ныллæг рудзынгыл цавта.
Дæргъвæтин ныхас – уды хъармыл стыд –
Нæртон артау сыгъди æмæ уæ тавта. Тылд арвыл мæй – цыкурайы фæрдыг,
Хæрдмæдзог цъиу – æгъуыстаг – парчы зарыд.
Уæ фысым уыд таучел æмæ фæрныг.
Цæй къæвда? Нæ! Уæлтæмæн уынджы уарыд… «Тынг æнтæф у», – байгом кодтай рудзынг.
Банкъуыстон мæ сæр гæзæмæ: «О».
Цъуйы цупал даргъ æнгуылдзты судзы,
Фехсин æй? Куыд бакæнон, мæ хо? Нæу æнцон нæ дыууæйæн дæр дзурын,
Дзурын та цы пайда у æниу?!
«Уазал къуымæл», – раскъæфтай мæм дурын,
Сахаты фат бандзыг æви циу?! Арвæй атахт иу стъалы, фæтары,
Мæнæ дæн – нæ фæсайдтон мæ дзырд.
Чидæр уынджы азарын фæлвары.
Аивтам нæ дыууæ дæр, бæлвырд. Фарн дæуæн дæ къуымæлы æртахы.
Цинæй уæд æфсæст æдзух дæ уд.
Ацы бадт цыдæр мастад ыздахы,
Зæрдæйы та – рагбонты хъармуд. Алыг кодтай картофджынтæ кардæй,
Систон дæу дæ сабитæй фæрсын.
Раст цыма мæ рагуалдзæгмæ дардæй –
Æз дæуæн дæ цæсгоммæ кæсын…ТЪÆНДЖЫ МÆЙ
БЫНАТЫХИЦАУ
* * *
НЫФС
ХУЫНКЪ ДУР
НЫВГÆНÆДЖЫ ÆРМАДЗЫ
КÆДДÆРЫ ХÆЛАРМÆ УАЗÆГУАТЫ

Ацы аз журналы нымад ёрцыд Нафи ёмё Шамилы азёй
Ацы аз журналы нымад æрцыд Нафи æмæ Шамилы азæй
ДЗЫРДЫ ФАРН:
«Мæнæн уыд царды иу бæрзонд Стъалы, ирон дзырды Куыр-далæгон – йæ ном».
«Куы цæрæм, – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы хауæм, – уæд стъалыйау бæрзондæй».
Редакцийы кусджытё
Редакцийы кусджытæ
ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ:
"Кæд райсом фесæфдзæнис ме `взаг,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ."
"Мах абон цы ирон æвзагæй дзурæм, уый Елхотæй дæлæмæ нæ, фæлæ уырдыгæй уæлæмæ нæ хъæуы."
Хъуыды кæнæн ис æрмæстдæр иу æвзагыл. Цалдæр æвзагæй талф-тулфæй куы дзурай, уæд дын сæ иу дæр хъуыды кæныны хотых не суыдзæн. Кусынæн дын гарз куы нæ уа, уæд куыст дæр нæй. Цалдæр æвзагыл хъуыды кæныныл куы архайай, уæд æппындæр хъуыды кæнын хъом нал уыдзынæ.
Мыдыбындз йæхи мыдыл куы атигъ кæна, раст уыйау уайы дæхи дæ мадæлон æвзагыл æнæрвæссонæй æвдисын дæр.
13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд "ТАЛАТÆ"
13-ём скъолайы сфёлдыстадон къорд "ТАЛАТЁ"

