

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал




ÆРГОМ НЫХАСÆНÆ КЪÆМ
Уæрæсейы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар, фыссæг, публицист, хæстон журналист, булкъон Николай Иванов райгуырд Брянскы облæсты Страчевойы хъæуы. Каст фæци Мæскуыйы Суворовонты училище, уый фæстæ та – Львовы уæлдæр æфсæддон-политикон училищейы журналистикæйы факультет. Службæ кодта Уæлдæфон-десантон æфсады.
1981 азы уыд Афганистаны хæсты, 1992 азы та – Цæцæны. Хорзæхджынгонд у майдантæ «За службу Родине в Вооруженных силах СССР», «За отвагу», «За возвращение Крыма» æмæ риуылдаргæ нысан «Воинская доблесть»-æй.
1985 азы сси журнал «Советский воин»-ы уацхæссæг. Авд азы фæстæ та – йæ сæйраг редактор. Службæ адарддæр кодта УФ-йы хъалонты пъæлицæйы. 1996 азы йæ хъуыддаджы фæдыл Цæцæнмæ куы арвыстой, уæд уацары бахауд. Ссæрибар цыппар мæйы фæстæ.2018 азы æвзæрст æрцыд УФ-йы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдарæй. У «Сталинград», Н. Островскийы æмæ М. Булгаковы номыл литературон премиты лауреат. Мыхуыры йын рацыд 20 чиныджы: «Комбатанты», «Новеллы цвета хаки», «Операцию «Шторм» начать раньше», «Гроза над Гиндукушем», «Наружка», «Спецназ, который не вернется», «Вход в плен бесплатный, или расстрелять в ноябре», «Реки помнят свои берега» æмæ æнд. Студенттæн кæсы лекцитæ «Экстремалон журналистикæ»-йæ.
Кæсын дарддæр – Николай, дæ фыд уыд æфсæддон комиссар, дæ мад – партизанкæ. Уæдæ æнцон фæндаг нæ равзæрстай дæхæдæг дæр царды. Хæстон журналист – мæлæтæмхиц хæстон лæг у. Цæуыл хъуыды кодтай, Цæцæнмæ уацары куы бахаудтæ, уæд? Куыд дын аивтой дæ цард уыцы 113 боны? – Æнцон фæндаг нæу, фæлæ йыл фæсмон дæр никæд фæкодтон. Уацары куы бахаудтæн, уæд нæ цæмæй сдзурын кæной, уый тыххæй нæ дзиндан-уæрмæй рахуыдтой æмæ нæ кæсын кодтой, иннæтæн фыдмитæ куыд кодтой, уымæ. Уыцы æгъатырдзинад фенгæйæ, мæнæн мæ зæрдæ бахъарм. Уæдæй фæстæмæ, зæгъæн ис, алцыдæр арфдæр æнкъарын райдыдтон. Ныр фылдæр аргъ кæнын царды алы бонæн дæр. Мæн уырныдта, мæ хæлæрттæ мæм иубон æххуысмæ кæй фæзындзысты, æмæ æцæгæй дæр афтæ рауад. Сæрибар адæймагæн йæ царды бонтæй иу æрмæст иуыл нымад цæуы, десанттæн бон – иу æмæ æрдæджы ныхмæ, хæсты бон – æртæйы ныхмæ, уацары бон – æхсæз боны нымадæй. Уæвгæ, цард цыфæнды фантастикæйæ дæр цымыдисагдæр у. Уымæ гæсгæ, мæ фыстытæн сæ бындур иууылдæр документалон у, æвдыст сæ цæуы хицæн адæймæгты хъысмæт. – Арæхдæр цы æрымысыс? – Уæрмы æртæйæ куыд бадтыстæм, афтæ нæм дымгæ уырдæм къаппа-къуппайы иу мæнгуд сæр æрбахаста. Æртæйæ дæр ыл цинæй мардыстæм. Уæрммæ цы хуры тынтæ æрбабырстой, уыдонимæ хъазыд. Æхсæвы нæ къахæвæрæнмæ куы рахуыдтой, уæд æй немæ рахастам, уæрмы ма баззайа, зæгъгæ. Адæймаг циу йæ уагæй, уый хъуамæ макуы фесафа. – Фылдæр журналист дæ æви фыссæг? – Æфсæддон хабæртты фæсте никæд лæууыдтæн, фæлæ мæ алкæддæр литературон куыст йæхимæ тынгдæр æлвæста. Иу цымыдисаг цау уыд мæ царды. Мæ фыццаг уацау «Танки идут ромбом» мын мыхуыр кодтой журнал «Октябрь»-ы. Тынг тыхстæн, журналкæсæг æй куыд айсдзæн, цы аргъ ын скæндзæн, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Сæйраг редактор Александр Ананимовмæ бацыдтæн æмæ йын афтæ зæгъын: «Уæ авторты ‘хсæн Ивановты мыггагæй ис 26 фыссæджы. Курын дæ, цæмæй мын бар радтай мæ уацмыс фæсномимæ рауадзынæн. Мæн нæ фæнды, цæмæй Ивановты номхыгъды уон 27-æм, се ‘хсæн аныгъуылдзынæн». Уый мæм æнæдзургæйæ байхъуыста, стæй загъта: «Коля, дæ мыггагæй дæхи ма тигъ кæн. Нæ дæ фæнды 27-æм Иванов уай, уæд бацархай æмæ су фыццаг Иванов! Æмæ дæ уæд иууылдæр зондзысты!». Раст зæгъгæйæ, æфсады куыст стыр ахъаз у уацмыстæ фыссыны хъуыддаджы. Уым ис тынг бирæ æрмæг. Цы адæмимæ дзы фембæлдтæн, уыдон иуылдæр сты æнæфыст чингуытæ. Æмæ сæ æз сабыргай фæлдахын. – Студенттæн кæсыс æфсæддон журналистикæйы курсытæ «Бастион». Цы сын фæфæдзæхсыс, куыд хъуамæ дарой сæхи бахъуыды рæстæг? – Æз сын, фыццаджыдæр, амонын, сæхи знаджы нæмыгæй куыд хъахъхъæной, уый. Уый фæстæ та, – æрмæг куыд растдæр æмбырд кæнын хъæуы, уый. Арæхдæр журналисттæ æфсæддон хабæрттæ фæагурынц къамандыгæнæгæй. Уый раст нæу. Зæгъæм, ног хабæрттæ вæййынц медбаты. Уырдæм цæфтæ æрбаласынц, хæст кæм цыд, уырдыгæй. Иннæ ахæм, журналист хъуамæ æмбара, бирæ хабæрттæ салдæттæ семæ кæй ахæссынц, уымæн æмæ сын æргом дзурæн нæй. – Чи уыд дæ ахуыргæнæг? – Цард. Царды лæг хъуамæ фидар, ныфсджын къахдзæфтæй цæуа. Уæд ын æнтысгæ дæр кæндзæн. – Кæд ныффыстай дæ фыццаг уацмыс? – Уый уыд, 6-æм къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд. Мæ хистæр æфсымæр мæ хабæрттыл фыста поэмæ. Ашхабадмæ ахуыр кæнынмæ куы ацыд, уæд ын йæ тетрад ссардтон æмæ йæ мæхæдæг дарддæр ахæццæ кодтон. Бирæ æмдзæвгæтæ ныффыстон, Суворовонты училищейы ахуыр кæнгæйæ дæр. Хъæуккаг хуымæтæг лæппуйы æфсæддоны домæнтæ куы алхъывтой, уæд йе ‘нкъарæнтæ дæр æмдзæвгæты хуызы фемæхстысты. – Куыд райгуыры ног уацмыс? Цы дæ фæразæнгард кæны йæ ныффыссынмæ? – Фыссæг хъуамæ фыццаджыдæр аргъ кæна чиныгкæсæгæн. Æвæццæгæн, мæ зæрдæйы арфы драматург дæн. Уыцы жанрæн йæ закъонтæ дæр æндæр сты. Хъайтартæй иу «О» куы зæгъа, уæд иннæ та хъуамæ «Нæ» зæгъа. Кæд адæймаджы температурæ 36,6 градусы у, уæд чиныджы сыфты температурæ та хъуамæ уа 37 градусæй уæлдæр. Кæннод чиныгкæсæг бафынæй уыдзæн. Æз уарзын мæ чиныгкæсæджы дисы бафтауын, ног зонындзинæдтæ йын раттын. Уый тыххæй та мæ кæм хæдтæхæгыл бахъæуы дард искуыдæм тæхын, кæм хæсты цæхæры балæууын. Бирæтæ та уарзынц æнцад-æнцойæ диваныл хуысгæйæ сæ уацмыстæ фыссын. Ома, цардæй нæ гуырынц сæ сюжеттæ, фæлæ æрхъуыдыгонд вæййынц. Æз уарзын мæ хъайтары къуыммæ батæрын æмæ уырдыгæй рацæуынæн йемæ амæлттæ агурын. Иу сусæгдзинад ма схъæр кæндзынæн мæ хъайтарты тыххæй: баппарын сæ, чиныгкæсæджы зæрдæмæ цы хъуыддæгтæ нæ фæцæудзысты, «гъеныр афтæ куыд бакодта» зæгъгæ цæмæй зæгъа, йæ бæсты йæ цæсгом куыд фæсырх уа, ахæм уавæрты. Чи зоны, автормæ фаухæсджытæ уа, фæлæ уымæй цымыдисагдæр уайы уацмыс. – Арæхдæр ды фæкæныс иннæты критикæ, æви иннæтæ – дæу? – Æз – иннæты. Уыцы хъуыддаджы мæхиуыл дæр нæ бацауæрдын. Адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ йæхицæй бадома, уый фæстæ та – иннæтæй. Кæцыфæнды уацмыс дæр фыст куы фæвæййын, уæд мæхицæн фæзæгъын, дарддæр та дæ, Николай, дысвæлдæхтæй бакусын хъæуы, зæгъгæ. Цалынмæ дзы уд бауадзын, алы лыстæг фæзилæныл дæр бæстон бакусын, уæдмæ йыл бæхбадт скæнын æмæ йæ кæронмæ не суæгъд кæнын. Фыццаджыдæр та уал æй хъæрæй бакæсын æмæ сбæрæг кæнын уацмысы мелодикæ, æнцонкæсæн у æви нæ æмæ бирæ æндæр хабæрттæ. Мæхæдæг сразы уыдзынæн алы критикæгæнæгимæ дæр, хъуыддагæн ахъаз куы уой йæ хъуыдытæ, уæд. Уый тыххæй та хъуамæ критикæ дæр æнæ бындур ма уа. – Цал уæнджы ис абон УФ-йы Фысджыты цæдисы? Сомбон уæ чи раива, ахæм æрыгон фæлтæр хъомыл кæнут? – УФ-йы Фысджыты цæдисы фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ ис 8034 уæнджы. Уыдонæн æрмæст сæ 6 % сты 35 азæй кæстæр. Уый хорз уавæр нæу! Дыууадæс регионы та Цæдисы уæнгтæй иу дæр 40 азæй кæстæр нæ разынд. Кæмдæрты Цæдисы уæнгты астæуккаг кар у 68 азы. Нæ сæйрагдæр хæстæй иу у фæсивæдимæ ноджы хъазуатондæрæй кусын, кæстæрты нæхимæ æрбаввахсдæр кæнын. Цæдисы секретариаты фыццаг æмбырдтæй иумæ фæхуыдтон А. Тимофеевы, В. Поповы, С. Бударины æмæ сын адæмы ‘хсæн загътон: абонæй фæстæмæ сымах хъуамæ уат нæ фарсмæ, уынат, Цæдисы цы фарстатæ ис æмæ сæ куыд лыг кæнæм, уый. Уымæн, æмæ сымах стут Цæдисы сомбон, нæ традицитæ нын чи адарддæр кæндзæн, нæ уыцы ныфс, нæ хъару. Афтæмæй фæзынд Æрыгон литераторты цæдис. Бирæтæ фæтарстысты, рохтæ сæ къухмæ куы райсой æмæ нæ хицæуттæ куы суой, зæгъгæ. Æмæ уæдæ куыд?! Мах сæ нæхæдæг хъуамæ ма бацæттæ кæнæм уыцы бынæттæм, цæмæй цæдисы фидæн зæрдæхсайгæ ма уа? Хъуамæ нæ дæлбазыр ма сфæлтæрой? – Нырыккон литературæйы фæзынд æнæнхъæлæджы ногдзинæдтæ. Ахсджиаг нал сты пунктуацион нысæнттæ, сæрибар формæ райстой уацмыстæ сæхæдæг дæр. Цы цæстæнгасæй кæсыс уыцы уавæрмæ та? – Æз никуы сразы уыдзынын, хъуыдыйæдты ‘хсæн æмæ æнæуи дæр пунктуацион нысæнттæ кæм нæй, уыцы уацмыстæ аив литературон рахоныныл. Иу бæллæх та ма абон уый у, æмæ бирæтæн сæ уацмысты хъайтартæ сылгоймæгтæ сты æви нæлгоймæгтæ, уый бæрæг нæ вæййы. Алцыдæр аразгæ у, сывæллонæн гыццылæй цы аргъæуттæ кастысты, уымæй. Зæгъæм, лæппуйæн Илья Муромецы бæсты Дюймовочкæйы аргъау куы кæсай, уæд лæгдзинад, æхсардзинад йæ туджы куыд хъуамæ ахъара? Стæй Нарты кадджыты тыххæй дæр афтæ зæгъинаг дæн. – Чиныг мыхуыры рауадзын алкæй къухы не ‘фты. Уыйхыгъд бирæтæ сæ уацмыстæ Интернеты равæрынц. Иннæтæ сын уым сæвæрынц аргъгæнæн нысантæ. Цы дæтты уый фыссæджы рæзтæн? – Æппындæр ницы. Интернет фылдæр у бырондон. Раст зæгъгæйæ, Интернет авторты халгæ кæны. Дзæгъæлы-иу нæ уыд авторæн редактор, цензор. Уый руаджы автор рæзтис, йæ уацмыстæ иуæй иннæмæ кодтой хæрзхъæддæр. Редактор авторы ссæрибар кæны мидцоппайæ, йæ уацмыс ын хæмпæлгæрдæгæй асыгъдæг кæны! Æрæджы мæм мæ фырт æрбахаста чиныг «12 стульев». Уыцы рауагъд мыхуыргонд æрцыд, цензор ыл куыд бакуыста, цытæ дзы айста, уыдон фæнысан кодтой, афтæмæй. Куы йæ бакастæн, уæд мæ стыр дисы бафтыдта редакторы профессионализм. Уый у алы редакторæн дæр методикон чиныг. Критиктæ æмæ редактортæй цы автор нæ ласы йæхи дæрдты, уымæн æвзæрæй тас нæу. М. Горький раст загъта: «Фыст цы ‘рцыд, уыдон иууыл мыхуыр кæнгæ не сты. Мыхуыр цы ‘рцыд, уыдон та иууыл кæсгæ не сты». Бирæтæ ‘рбацæуынц æмæ раппæлынц, Интернеты мын ме ‘мдзæвгæтæн 1500 лайкы сæвæрдтой, зæгъгæ. Фæлæ, Интернет поэзийы хурхыл кæй бахæцыд, маргæ йæ кæй кæны, уый сæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй! – Фысджыты цæдис абон йæ размæ цавæр ахсджиаг хæстæ æвæры? – Хъуамæ бамбарæм, царды алы къабæзтæ цы уавæры сты уый, æмæ сæ нæ уацмысты æвдисæм. Рауадзæм ног чингуытæ! Регионты ‘хсæн аразын хъæуы хæлардзинады хидтæ. – Уыдис афтæ, æмæ-иу райгуырæн бæстæйыл зын рæстæг куы скодта, уæд-иу бирæтæ фæсарæнтæм алыгъдысты хуыздæр цардагур. Фысджыты ‘хсæн дæр уыд ахæмтæ… – Фысджыты Цæдисы 60 азы юбилей куы бæрæг кодтам, уæд ахъуыды кодтон, нæ сæр бæрзонд кæмæй æмæ цæмæй хæссæм, зæгъгæ. Æмæ йæ бамбæрстон: Цæдисы сæргълæуджытæ иууылдæр ныгæд сты нæхи зæххыл. Иу дæр сæ нæ алыгъд фæсарæнтæм, нæ бафснайдта йæ сæр æндæр бæстæйы. Уый у хъуыдыйаг æмæ зæрдылдаринаг! – Николай, цы у дæуæн Фысджыты цæдис? – Фыццаджыдæр, – мæ куыст! Царды фæтк! Æхсызгон фембæлдтытæ адæмимæ! Фысджыты цæдис кæдфæнды дæр гом кодта ног дуæрттæ, хуыдта мæ цымыдисаг фæндæгтыл! Никуы бæллыдтæн сæргълæууæджы бынат бацахсынмæ. Фæлæ, кæд хъуыддаг афтæ рауад, уæд дзы размæ цæуын хъæуы. Фысджыты цæдис у мæ уаргъ æмæ йæ, цас хъæуа, цас амоной мæ хъарутæ, уыйбæрц хæсдзынæн. Æнæ цъыфкалæнтæй адæм нæ зонынц цæрын, фæлæ алцы зæрдæмæ хæстæг исын нæ хъæуы. Чи зоны, се ‘ппæты зæрдæмæ нæ цæуын. Фæлæ æз уыдоныл мæ рæстæг куы хардз кæнон, уæд ма кусгæ та кæд кæндзынæн?! Рæстæг куы ‘рцæуа, уæд мæ хъуыдытæ се ‘ппæты тыххæй дæр зæгъдзынæн. Арæхдæр мæ куысты фæдыл мæйы дæргъы аст регионы дæр бахъæуы бабæрæг кæнын. Вæййы афтæ дæр, æмæ мæ бинонтæ вагзалмæ бахæссынц мæ чумæдан ивæн дзаумæттимæ, æмæ та дарддæр мæ фæндаг акæнын. – Цы уавæры ис иннæ регионты та национ литературæ? – Зæгъæн ис, алы ран дæр – иухуызон. Автортæ къаддæрæй-къаддæр кæнынц. Кæцыдæр республикæтæ цырд фæлæууыдысты æмæ сарæзтой хорз мадзæлттæ грантты, премиты хуызы. – Национ литературон журналты сомбон зæрдæхсайгæ кæй у, уымæй къæппæджы бахауынæй тæссаг у. Абон фæдисон дзæнгæрджытæ афойнадыл куы нæ ныццæгъдæм, уæд ног автортæ нæ цæсты кæронæй дæр нал фендзыстæм. Уымæй нæ Хуыцау бахизæд, фæлæ цавæр æрмæджытæ хъуамæ суой сæйрагдæр æрыгæтты сфæлдыстады? – Хъыгагæн, дæ ныхæстæ раст сты. Уыцы уавæрæн йæ уидаг раджы бахуыскъ, æмæ йыл абон нæ къах иууылдæр скъуырдтам. Уымæ гæсгæ журналты фæзынд ног рубрикæтæ: историон æрмæджытæ, цаутæ, очерктæ, интервьютæ æмæ афтæ дарддæр. – Цы у, куыд у дæ райгуырæн къæс? – Хъæуы нæ хæдзары цæрæг нал ис, фæлæ йæ мæ зæрдæ ауæй кæнын дæр нæ комы. Æлхæнæг дæр ын иу рæстæг фæзынд, фæлæ мæ цæстытыл куы ауад, мæ сабибонты цы тыргъы цыдтæн, уым ныр æцæгæлон адæймаг цæудзæн, уæд нал сразы дæн. Йе ‘хца дæр ын фæстæмæ радтой. Райгуырæн къæсæн аргъ нæй. Мæ цахъхъæнтæй бирæтæ фæфæсмон кодтой, сæ фыдæлты хæдзæрттæ кæй ныууæй кодтой, ууыл. Æхца ныкъкъуыввитт ластой æмæ, абон хъæуы кæм бахсæвиуат кæной, уый сын нал и. Мæнæн та ис, æмæ уымæй дæн мæхицæй разы! – Николай, æртæ боны дæ Ирыстоны хъуыддаджы фæдыл. Патриотон хъомылады охыл хуымæтæджы нæ акодтай дæ балц ардæм. Цы ‘нкъарæнтимæ здæхыс фæстæмæ? – Уæлмонц æнкъарæнтимæ. Ирон адæмæн кæдфæнды дæр иннæтæ стыр аргъ кодтой, райдай уартæ паддзахы рæстæгæй æмæ уымæй размæ дæр. Абон дæр, РЦИ-Алани Уæрæсейы Федерацийы дæлбазыр кæй ис, уымæй нæ бæстæ у сæрыстыр. Ирон адæм сты æхсарджын, лæгдзинадæй æххæст æмæ зæрдæхæлар. Ис уын æвæджиауы хъæздыг истори æмæ традицитæ. Уæдæ уæ культурæ дæр у бæрзонд. Гуырдзæй рахæссут фыдыбæстæмæ уарзондзинад. Уæрæсейы æфсæддон стырдæр хъару – 58-æм Æфсад дæр – Ирыстоны ис. Ахæм адæмæн хъуамæ уа æвидигæ æмæ æнæзæрдæхсайгæ национ литературæ. Сымах стут Хуыцауы уарзон хъæбултæ. Ирыстонмæ ссæуын мæнæн дæр у бæрæгбонау. – Бузныг, Николай. Æнтысæд дын алывæрсыгæй! Николай Ивановимæ ныхас кодта
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ
НÆ КАД, НÆ НАМЫС
1989 азы каст фæцис Генштабы Академи æмæ йæ снысан кодтой Ереваны 7-æм гвардион æфсады ко-мандæгæнæджы фыццаг хæдивæгæй. Афæдзы фæстæ та ссис штабы хицау. 1990 азы сентябры барвæндонæй æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ ссис И.Е. Еременкойы номыл уæлдæр иумæйагæфсæддон училищейы разамонæг Дзæуджыхъæуы. Уый фæстæ та уыд иумæйагæфсæддон ко-мандон уæлдæр училищейы разамонæг Дзæуджыхъæуы. 1992 азы сси Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы депутат æмæ республикæйы Хихъахъхъæнынады ко-митеты уæнг. Уæд ын бахæс кодтой Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг бархионты бацæттæ кæнын. Уыцы аз æй Сæйраг Советы æнæрадон сессийы снысан кодтой республикæйы Æдасдзинады Советы сæрдары хæдивæгæй. Суаны-фыртæн бахæсгонд уыд, цæмæй бацæттæ кæна Иумæйаг тыхтæ æмæ сæ ахона быцæуы бынатмæ – Хуссар Ирыстонмæ. Цыбыр рæстæгмæ, барвæндонæй чи ‘рбацыд, уыдонæй сырæзт полкъ, æмæ Станиславы разамындæй 1992 азы 14 июлы уый æххæст кодта йæ размæвæрд хæстæ. Уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæмæй Ирыстоныл тугуарæн ныккодта нæ иннæ сыхæгтæй. Октябры фæстаг бонæй цыппæрæм ноябрьмæ Суаны-фырт разамынд лæвæрдта республикæйы æфсæддон тыхтæн – адæмæй бархионæй йæ фыдызæхх хъахъхъæнынмæ чи рацыд, уыцы къордтæн æмæ республикон гвар-дийæн.Суанты Станислав райгуырд 1949 азы 21 августы. Æфсадæй куы æрцыд, уæд æнтыстджынæй каст фæцис, 1990 азæй 2002 азмæ Дзæуджыхъæуы йæхæдæг разамынд цы уæлдæр командыгæнæн æфсæддон училищейæн лæвæрдта, уый. Уырдыгæй йæ арвыстой Киевы М.В.Фрунзейы номыл æфсæддон училищемæ курсантты взводæн командирæй. Дарддæр ахуыр кодта Мæскуыйы М.В. Фрунзейы номыл Æфсæддон Академийы. Дыууæ азы дæргъы уыд командæгæнæг Суворов æмæ Кутузовы номыл Сырх тырысайы орденхæссæг Гæрзифтонг тыхты 69-æм механикон топпæйæхсæг полкъæн. 1989 азы Суаны-фыртæн рагагъоммæ радтой инæлары цин, горæт Кривой Рогы разамынд лæвæрдта танкты дивизийæн. Уæдмæ ди-визи банымадтой æфсæддон зылды хуыздæрыл æмæ йæ схорзæхджын кодтой Æфсæддон советы Сырх тырысайæ.
Кæсын дарддæр Йæ 70 азы юбилеймæ Суанты Станиславы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав схор-зæхджын кодта орден «Ирыстоны Намысæн»-æй.* * *
Суанты Станислав: «Фыццаджыдæр дæн ирон лæг, уый фæстæ та – инæлар»
Фондз æмæ ссæдз азы размæ Ирыстоны сæрмæ сыхаг руспубликæйы ‘рдыгæй дымгæ цы сау мигътæ æрбамбырд кодта, уыдон 1992 азы 30 октябры æхсæв тугуарæн тæрккъæвда расайдтой, æмæ фондз боны дæргъы йæ уарынæй не ‘рынцад.
Арвыкомы фæндаг кæм райдайы, уым, Намысы мемориалы уæле, ис хицæн уæлмæрд. Дыууæ рæнхъæй дзы – Иры сахъгуырд цæргæсты уазал ингæнтæ. Сæ уæлæ кæддæриддæр – дидинджытæ. Стæм хатт дзы нæ баййафы адæймаг сæ разы сæркъулæй лæуджыты. Октябры кæрон та ардæм сарæх вæййы адæймаджы къахвæд. Зæрдыл æрлæууынц 1992 азы цаутæ. Цæстытыл фæуайы, фондз æмæ ссæдз азы размæ, сæ рай-гуырæн Ирыстон, тыхгæнæгæй хъахъхъæнгæйæ, ацы бынаты æнустæм чи æрæнцад, уыцы цæрынхъуаг сахъгуырдты хъæбатырдзинад. Рох не сты сæ рухс нæмттæ. Уыцы цаутæн канд ирд æвдисæн нæ, фæлæ дзы йæхæдæг, æфсадæн разамынд дæтгæйæ, раззагдæртимæ чи архайдта, уый у УФ-йы æфсæддон интел-лигенцийы минæвар, инæлар-булкъон Суанты Никъалайы фырт Станислав. Кæд а фæстаг рæстæг Стани-слав Мæскуыйы цæры æмæ кусы, уæддæр йæ зæрдæ æппынæдзух ис, йæ удæй йын зынаргъдæр чи у, уыцы райгуырæн Ирыстоны. Адæм никуы ферох кæндзысты инæлары хъæбатырдзинад æмæ йæ лæггæдтæ. Фа-рон фæззæджы дæр та цалдæр бонмæ æрцыд Ирыстонмæ, цæмæй, фондз æмæ ссæдз азы размæ йæ фыдæлты зæхх знаджы цæхæрæй кæимæ хъахъхъæдта, уыдонимæ æрымыса, уыцы бонты се ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ æмæ сын сæ ингæнтыл сæвæрой дидинджытæ.
– Станислав, 1992 азы сыхаг экстремистты къухæй Ирыстоныл тугуарæн куы ныккодта, уæдæй рацыд 25 азы. Зæрдæйы хъæдгæмттæ нæма бадзæбæх сты, уым чи фæмард, нæ уыцы хуы-здæрты мысгæйæ. Ды уæд разамынд лæвæрдтай республикæйы хæдæфсадæн. Цы цæстæй кæсыс ацы историон цаумæ уал азы фæстæ та? Дæ зæрдыл дзы арæхдæр цы æрлæууы?
– Мæ ныхас мæ райдайын фæнды нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петрæн арфæйы ныхæстæ зæгъынæй. Уыдон 5 ноябры æр-балæууыдысты нæ фарсмæ æмæ, уыцы уæззау бонты Ирыстон тыхгæнæгæй чи бахъахъхъæдта, уыдо-нимæ иумæ сæвæрдтой дидинджытæ æдзард лæппуты ингæнтыл. Хъуыддаг цæмæдæр гæсгæ афтæ рауад, æмæ уыцы уæззау цауты бон официалон æгъдауæй Ирыстоны бæрæг кæнынц 31 октябры, ома, куы нæм æрбабырстой, уыцы бон. Хæцгæ дзы чи кодта, уыцы хæдæфсады уæнгтæ та йæ фæбæрæг кæнынц 5 но-ябры – не знаджы куы атардтам, уыцы бон. Уæдæй абонмæ дыууæ республикæйы Хицауады минæвæрттæ фыццаг хатт иумæ æрбалæууыдысты нæ фарсмæ, æмæ сын се ‘ппæты номæй зæгъын стыр бузныг.
1992 азы цаутæ зæрдæйы куы сног вæййынц, уæд бирæ цæуылдæрты фæхъуыды кæны адæймаг. Абон мæ бон æргомæй зæгъын у, æмæ мын бар дæр ис, дыууæ республикæйы цæрджыты ныхмæлæуд Уæрæсейы уæды хицауады иуæй-иу минæвæрттæй кæмæндæрты кæй уыд пайдайаг æмæ уый аххосæй Ирыстоны зæххыл дыууæ сыхаг адæмыхатты туг кæй ныккалд. Нæ сыхæгтæ, æхсæнгарзæй ифтонг, афтæмæй æрбабырстой, æмæ æнаххос цæрджытæ кæрæдзимæ акастысты топпы кæсæнæй. Уыцы гæрзи-фтонг быцæуæн бындур сæвæрдта, репресситы цы адæмыхæттытæ бахауд, уыдоны реабилитацийы тыххæй Мæскуыйы 1991 азы 26 апрелы цы закъон cфидар кодтой, уый. Иннæ хъуыддаг та уыд, нæ бæстæйы фыццаг Президент (1991-1999 азты) Борис Ельцин 1992 азы 4 июны кæй бафыста закъон, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы сконды фидаргонд æрцæуа Мæхъæлы республикæ. Уыцы республикæйæн йæ арæнтæ не сбæрæг кодтой, афтæмæй закъоны гæххæттыты сæ къух бафыстой. Уыцы уавæр дыууæ адæмы ахастдзинæдтыл хорзырдæм нæ фæзынд. Нæ сыхæгтæ се ‘ппæт бæллæхты аххосджын кодтой ирæтты æмæ сын 1991 азæй 1992 азмæ арæзтой провокацион амидингæнæн хъуыддæгтæ. Æнаххос дзы нæ уыдысты нæ сыхæгты национал-экстремизмы лидертæ. Уыдон ныззыгъуыммæтæ кодтой сæ фыдæлты истори, æмæ хуымæтæг адæмы зондахасты мигъ сбадт. Нæ сыхæгты фидарæй уырныдта, Ирыстонимæ куы фæбыцæу уой, уæд Уæрæсейы Хицауад сæ сæрыл кæй рахæцдзæн, уый. Сæхи рагацау цæттæ кодтой, ифтонг уыдысты хæцæнгарзæй. Уыцы быцæу уыд æгъатыр, фæлæ, табу Хуыцауæн, бирæ нæ ахаста. Дыууæрдыгæй дæр фæмард адæм. Нæ сыхæгтæй – фылдæр. Хуыздæр уаид, алы хæст æмæ быцæу дæр-иу разамонджыты цæлхæмбырдæй куы ахицæн уаид. Уымæн æмæ уæддæр фæстагмæ хабар æрцæуы уымæ.
– Цы мадзæлттæ арæзт цыд, цæмæй ацы быцæу ма ‘рцыдаид, уый тыххæй?
– Цæгат Ирыстоны уæды Сæргълæууæг Галазты Æхсарбег, республикæйы Хицауады Сæрдар Хетæгкаты Сергей, республикæйы Сæйраг Советы сæрдары фыццаг хæдивæг Бирæгъты Юри æмæ республикæйы разамынды иннæ бæрнон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ фембæлдысты сыхаг рес-публикæйы Хицауадимæ, цæмæй сын сæ цæрджыты цы хæстмондæгтæ цырен кæнынц, уыдоны æрсабыр кæной, цæмæй хъуыддаг тугкалдмæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй саразой æнæмæнгхъæугæ мадзæлттæ. Фæлæ цы ‘рцыд, уый æрцыд. Ам зæрдыл дарын хъæуы иу бæлвырд хъуыддаг: быцæу ирон адæмы ныббырстæй нæ райдыдта.
Иу хъуыддаг та ма дзы уый уыд, æмæ Мæскуыйы бæрзондбадæг æлхæд политиктæй цалдæрæй æнхъæлмæ кастысты, быцæуы кæй архайдзæн Цæцæны республикæ дæр. Уыцы рæстæг уыдон сæхи ны-мадтой хæдбар республикæйыл. Фæлæ уыцы «хæрзгæнджытæ» фыдæнхъæл фесты.
Къуыри раздæр æз æмæ Козаты Георги хæдтæхæгыл атахтыстæм Цæцæны республикæмæ. Грознайы мын уыд фембæлд инæлар Джохар Дудаевимæ. Дыууæ сахаты иумæ фæныхас кодтам куыд инæлар инæларимæ, æмæ йæ комкоммæ бафарстон, нæ сыхæгтæ нæ ныхмæ куы схæцой, уæд сын се ‘фсæдтæ æххуыс кæндзысты, уымæй. Джохар мын фидарæй загъта, кæй нæ архайдзысты ацы быцæуы. Ныхасæй цы загътой, хъуыддагæй дæр уый бакодтой. Чи зоны, æмæ сæ адæмæй барвæндонæй чидæртæ экстре-мистты фарсмæ балæууыд, фæлæ сæ гæрзифтонг æфсæдтæ – нæ.
Змæстытæ райдыдтой, 30–31 октябры ‘хсæн æхсæвы Черменыхъæуы мидхъуыддæгты хайадмæ куы æрбабырстой æмæ милицæйы кусджытæн фыдмитæ куы бакодтой, уымæй.
Ацы быцæуы тыххæй бирæ фыст уыд æрмæджытæ. Ногæй, чи зоны, ницыуал зæгъдзынæн. Фæлæ ацы быцæу хъуамæ ма æрцыдаид. Куыд алы хæст æмæ æфсæддон быцæу, афтæ ацы быцæу дæр фондз боны фæстæ банцад дыууæ республикæйы Сæргълæуджыты фембæлд æмæ æрныхасы фæстæ.
Хæстæй хъæбул нæ гуыры, зæгъгæ, фæзæгъынц. Политикон архайджыты, æфсæддонты, уæлдайдæр та кæстæрты зæрдыл дарын хъæуы царды ацы карз дæнцæг, цæмæй йæ макуыуал бафæзмой, ацы цæлхдурыл сæ къах дæр макуыуал скъуырой. Æз æфсæддон дæн, æфсæддонтæ та сæ дæсныйадмæ гæсгæ пацифисттæ стæм хатт вæййынц, фæлæ ныхасæй саразæн цы хъуыддæгтæн ис, уыдон хынцгæйæ, нæ къухмæ æхсæн-гарз хъуамæ макуы райсæм.
– Ныхкъуырд раттынмæ цæттæ уыдыстут?
– Нæхимидæг æмбæрстам, сæ амидингæнæг хъуыддæгтæ фыдбылыз кæй хæсдзысты. Уымæй хызтам нæ адæмы. Цæмæй бахъуыды сахат нæ бон нæ адæмы бахъахъхъæнын уа, уый фæдыл æмбырд кæнын райдыдтам хæдбар æфсæддон къордтæ республикæйы цæрджытæй. Хæдæфсад арæзт æрцыд Ирыстоны иузæрдион хъæбулты руаджы. Уыдон сты: Отарты Хъазыбег, Уататы Зелим, Мырыкаты Чермен, Хъæдохты Аркади, Рæмонты Дмитри, Дзуццаты Рамазан, Æгкацаты Юри, Дзебойты Станислав, Едзиты Харитон, Хъалæгаты Зелим, Дауыраты Хъазыбег, Гуырцъыты Гамид, Гусаты Олег æ. инн. Сæ куысты æдас нæ уыдысты, уымæн æмæ къордтæ аразыны хъуыддаг закъонæй фидаргонд нæ уыд. Фæлæ æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ уыцы хæс сæхимæ райстой, сæ риуымбæрц Ирыстоны хъахъхъæнынмæ размæ чи лæгæрста, уыцы уæлдæр ранымад лæппутæ æмæ ма уыдоны хуызæн бирæ хъæбатыртæ. Тæссаг уыд, уый тыххæй сæ ахæстоны куы сбадын кодтаиккой, уымæй дæр. Фæлæ сæ цы баурæдтаид, цард йæхæдæг куыд сбæрæг кодта, афтæмæй Ирыстонмæ уарзондзинад сæ риуы разынд тыхджындæр. Афон куы æрцыд, уæд сæ архайд стыр ахъаз æрхаста хъуыддагæн.
Фæстæдæр хæдæфсады къордтæн разамынд лæвæрдта Дзуццаты Бибо. Бибоимæ мах кæрæдзи рагæй зыдтам. Æфсæддон училищейы курсант куы уыдтæн, уæд Бибо дæр училищейы æххæст кодта йæ службæ. Уæд уыд хистæр лейтенант.
Цæгат Ирыстоны Сæйраг Советы сæрдары хæдивæгæй мæ куы равзæрстой, уæд кусын райдыдтам закъонæвæрынадон базæйыл. Мæ размæ республикæйы æдасдзинады закъоныл куыста Къониаты Юри. Уыцы рæстæгмæ Уæрæсейы Федерацийы ахæм закъон уыд, мах та йæ цæттæ кодтам нæхи республикæйы мидæг. Закъоны проектмæ бахастам термин «силы самообороны» æмæ республикæйы хихъахъхъæны-нады тыхты фæдыл пункты бафыстам хæдæфсад æмæ, нæхæдæг цы республикон гварди сфидар кодтам, уый дæр. Афтæмæй ацы къордтæ систы закъоны бындурыл, æмæ сæ бартæ уыдысты хъахъхъæд.
Уæд сфидар кодтам Республикæйы Æдасдзинады Совет дæр. Йæ разамонæг уыд Галазты Æхсарбег, мæн та равзæрстой йæ хæдивæгæй. Уыцы рæстæг мæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд Хихъахъхъæнынады комитет дæр. Фæдзырдтам запасы афицертæм. Дарддæр хъуыд адæмон къордтæ бацæттæ кæнын, семæ рагацау бакусын. Къордты архайын кæй фæндыд, уыдоны нымæц уыд тынг бирæ. Кæд адæмон къордтæ æрмæст бахъуыды рæстæг архайынмæ хъуыдысты, уæд республикон гварди та хъуамæ уыдаид æппынæдзух цæттæ цыфæнды цауты архайынмæ дæр. Цæттæ сæ кодтам бæстонæй.
Уыцы цауæй дзæвгар рæстæг раздæр адæм, раст цыма ацы бæллæхы æрцыд æнкъаргæ кодтой, уыйау тынг æрбангом сты. Сæ фыдæлты зæххытæ экстремисттæй бахъахъхъæныны охыл æмхуызонæй куы сы-стадысты, уæд нæ адæмы хъæбатырдзинад æмæ æхсарæй мæхæдæг уыдтæн сæрыстыр. Уыцы фондз бон-мæ Ирыстон ссис иу æнæхъæн удгоймаг. Хæдзæртты æфсинтæ сæ рæбынты ницыуал ныууагътой, хастой сæ æфсæддонтæн. Уыцы бонтæ мæ никуы ферох уыдзысты. Адæммæ сæхи, сæ бинонты бахъахъхъæнынæн нæ уыд хæцæнгарз, уæлдайдæр та – фыццаг бонты, æмæ уыцы уавæрæй тынг тыхстыстæм.
– Станислав, уыцы бонты ды дæхимæ райстай стыр уаргъ æмæ хæс. Æфсæддон училищейы æвæрæнты цы ахуырадон хæцæнгарз уыд (ДОСААФ-ы, æфсæддон кафедрæйы, скъолаты æфсæд-дон æрмæджытæ), уыдон дæхи уынаффæйæ раласын кодтай æмæ сæ байуарын кодтай, змæстытæ цы бынæтты цыд, уымы цæрæг адæмæн, цæмæй бахъахъхъæной сæхи, сæ бинонты, сæ хъæутæ. Тæссаг уыд, куы дæ æрцахстаиккой, уымæй дæр.
– О, уый афтæ уыд. Фæлæ ныл уæд цы ‘рцыд, уымæй тæссагдæр та ма цы хъуамæ æрцыдаид. Иу рар-гомгæнинаг хъуыддаг та ма дзы уый у, æмæ сæ уæд мæхæдæг куы нæ байуæрстаин, уæд адæм сæ фыр-тыхстæй тыхæй басастаиккой æвæрæнтæ æмæ сæ ахастаиккой.
Хъуыддаг та афтæ уыд: уæд уыцы иу рæстæг разамынд лæвæрдтон Дзæуджыхъæуы уæлдæр æфсæддон командон училищейæн дæр, æмæ уым скълады уыд дзæвгар хæцæнгарз. Мæхæдæг хæдæфсады къорд-тимæ цæттæгæнæн куыстытæ дæр кæй кодтон, уый тыххæй училищейы райстон отпуск. Хибарæй ра-хастон уынаффæ хæцæнгæрзтæ адæмæн байуарыны тыххæй. Хæцæнгарз алкæмæн нæ лæвæрдтам, къорд-ты разамонджыты руаджы уæрст æрцыдысты, чи сæм арæхст, уыдоныл. Цæмæй училищейы мæ хæдивæгмæ ацы хъуыддаджы тыххæй ныхас ма ‘рхаудаид, уый тыххæй фæстæмæ æрбацыдтæн æмæ ныффыстон æртæ бардзырды: куыстмæ отпускæй кæй рацыдтæн, иннæ бардзырд уыд хæцæнгарз байуа-рыны тыххæй, æртыккаг та – фæстæмæ отпусчы кæй ацыдтæн, уый тыххæй. Уый Мæскуыйы куы ба-зыдтой, уæд Уæрæсейы уæды хъахъхъæнынады министр Евгений Шапошников министрады коллегийы бауынаффæ кодта, цæмæй æз æрцыдаин карз æфхæрд, ахæссой мæ дард, æмæ бирæ æндæр æртхъирæнтæ сыхъуыст Мæскуыйæ мæ номыл. Уайтæккæ сæрмагонд къамис сæрвыстой, йæ сæргъы нæ бæстæйы уæды хъахъхъæнынады министры хæдивæг, Афганистаны хæсты хъæбатыр, фæстæдæр Мæскуыйы губернатор, Борис Громов, афтæмæй, цæмæй мæ аласой семæ. Уый нысан кодта, мæ карьерæйæн кæй æрцыд йæ кæрон. Хабар къуырцдзæвæнмæ куы æрхæццæ, уæд Хетæгкаты Сергей сæ ныхмæ æрлæууыд æмæ сын карзæй загъта, Станислав махæн нæ адæмон хъайтар у, æмæ уын мах бар нæ ратдзыстæм, цæмæй йæ ала-сат, уымæн. Ныртæккæ фæстæмæ куы нæ ацæуат, уæд нæ адæммæ фæдзурдзыстæм, æмæ мæнæ ацы фæзы Ирыстоны дзыллæ æрбалæудзæн, æмæ уæд уæ хъуыддæгтæ хорз нæ уыдзысты, зæгъгæ. Уыцы ныхæсты фæстæ нæ уазджытæ цы ахъуыды кодтой, уый бæлвырд нæу, фæлæ сыстадысты æмæ æнæсыппæй фæстæмæ Мæскуымæ ацыдысты.
Фыдæлты зæхх бахъахъхъæныны тыххæй республикæйы цæрджыты ‘хсæн фæзынд хæдхæцæг къордтæ. Рахизфарсы районы къордтæн разамынд лæвæрдта Баситы Амиран. Уыцы районы æппæт хæдхæцæг къордты координатор та уыд æмæ сын растдæр æмæ хъæугæдæр мадзæлттæй архайынæн иумæйаг æххуыс кодта Уататы Зелим. Горæтгæрон районы къордæн æнтыстджын разамынд лæвæрдта Козаты Марат, Ирыхъæуы – Цомайты Тамерлан, республикон гвардийæн та – Бæройты Эльбрус. Уы-цы гварди быцæуы фыццаг бонæй архайдта, тох карзæй кæм цыд, уыцы бынæтты. Мæхæдæг дæр семæ, афтæмæй бацыдыстæм Октябрыхъæумæ. Цæмæй алцæмæй æххæст уæм, ууыл архайдта булкъон Бестау-ты Харитон.
Нæ уæлахизы ма иу хорздзинад уый уыд, æмæ быцæуы райдайæны нæ хъарутæ раст саразынмæ кæй сарæхстыстæм. Уымæн нын стыр ахъаз фесты запасы афицертæ. Уыдон куыстой æфсæддон штабы. Ра-замынд та сын лæвæрдта булкъон Годжыцаты Барис.
Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды æфсæддон тæхæг Остъаты Иналы тыххæй. МИ-8 вертолетыл сывæллæтты, сылгоймæгты, цæфты Горæтгæрон районы хъæутæй ласта Дзæуджыхъæумæ, уырдæм та – хæцæнгарз. Зын у хуымæтæг ныхæстæй йæ лæггæдтæ æмæ æхсардзинадæн аргъ скæнын, уымæн æмæ йын куыд профессионалæн æмбал нæ уыд.
Æнæ зæгъгæ нæй, уыцы тыхст бонты нæ фарсмæ кæй æрбалæууыд æмæ нын кæй баххуыс кодта Со-михы республикæ.
– Æмбисондæн баззад, Хуссар Ирыстонæй не ‘фсымæртæ, сæ сæргъы Ирыстоны хъæбатыр хъæбул, дзæнæтыбадинаг Парпат (Джиоты Алан), афтæмæй Дзæуджыхъæуы куы æрбалæууыдыс-ты æмæ уæ фембæлды фæстæ бынæттон æфсæддон къордтимæ, æвæстиатæй тыхгæнджыты ныхмæ æрлæугæйæ, экстремисттæй хъæутæ куы суæгъд кодтой, уый.
– Æз цы хъæбатыр лæппуты федтон, уыдоны нæмттæ хъуамæ баззайой Ирыстоны историйы. Хуссар Ирыстонæй фæдисы гæрзифтонгæй ссыдысты фондзсæдæ адæймаджы, сæ сæргъы Джиоты Алан (Пар-пат), афтæмæй. Уыдон иууылдæр уыдысты цæттæ тыхгæнæджы ныхмæ æрлæууынмæ. Уыдис сæм фæлтæрддзинад. Парпат йæхæдæг уыд ныллæджытæ, фæлæ хæрзконд лæппулæг. Цыдаид ыл 24 азы, фæлæ, цы æфсадимæ æрцыд, уыдон æмхуызонæй хъуыстой йæ бардзырдтæм æмæ сæ æххæст кодтой. Мах фæндагмæ сæ размæ рацыдыстæм, æрбынæттон сæ кодтам. Уыд изæр, æмæ сын уæзданæй загътон, цæмæй уал æхсæв баулæфой, сæумæйæ та хъуыддаджы балæудзыстут, зæгъгæ. Æхсæвыгон хæцын тынг зын у. Фæлæ мæ ныхасæн фехъуыстон, æнхъæл кæмæн нæ уыдтæн, ахæм дзуапп. Парпат загъта:
– Хистæр, бахатыр кæн, фæллад уадзынмæ нын рæстæг нæй. Хъусæм дæ командæтæм.
– Æз сахуыр дæн æрмæст æфсæддонтимæ кусын, æмæ картæйы сæрмæ къордæй ныггуыбыр стæм, афтæмæй нæ ныхас семæ дарддæр кодтон, æфсæддон терминтæй пайда кæнгæйæ. Сæ цæттæдзинадмæ гæсгæ мæм афтæ каст, цыма мæ бамбардзысты. Парпат мæм байхъуыста æмæ загъта:
– Хистæр, бахатыр кæн, æз дын дæ ныхæстæ иууыл не ‘мбарын. Бынæттон къордтæй нын фæндагамонджытæ немæ арвит, дарддæр нæ нæхи бар уадз. Сæумæрайсоммæ хъæутæ суæгъд кæндзыстæм.
– Уыцы æхсæв сæ арвыстон, Отараты Хъазыбег разамынд цы адæмон къордæн лæвæрдта, уыдонимæ. Сæ фæндаг уыд Хуссайраг поселокмæ, уырдыгæй ахызтысты Редантмæ æмæ, æцæг, ныхасæй цы загътой, уый уыцы райсоммæ хъуыддагæй сæххæст кодтой. Дыккаг бон сæ къорд æрвыст æрцыд Карцамæ, æмæ та уым дæр хъæу хæстмондæгтæй асыгъдæг кодтой. Дарддæр архайдтой Октябрыхъæуы, Куырттаты æмæ Камбилеевкæйы. Уыцы къордæй уæлдай ма Хуссарæй хибарæй æрцыд хицæн æххуысгæнджытæ дæр. Дарддæр хъуамæ ахызтаиккам Майскийы ‘рдæм, фæлæ нæм уæдмæ Хицауадæй фæхабар кодтой, цæмæй æруромæм не ‘фсæддон архайд, дарддæр хъуыддæгтæ кæй цæудзысты ныхасæй, зæгъгæ. Нæ хуссайраг æфсымæрты Хетæгкаты Сергеимæ фысымуат «Владикавказ»-ы разæй афæндараст кодтам фæстæмæ. Загътам сын бузныг. Уæвгæ, уыдоны аккаг ныхæстæ ссарын зын уыд.
Ныхкъуырд раттынмæ нын стыр æххуыс бакодта Дзæуджыхъæуы уæды мэр Михаил Шаталов йæ дæлбар кусджытимæ. Республикæйы заводты сæргълæуджытæ сæ кусджытимæ бахастой хъуыддагмæ сæхи сæрмагонд æххуыс. Республикæйы уæды хъæды хæдзарады комитеты сæргълæууæг Хетæгкаты Хъазыбеджы разамындæй арæзт æрцыд хъæды кусджытæй рæстдзæвинты къорд. Фæлæ ма уæддæр æййæфтам хæцæнгарзæй хъуагдзинæдтæ.
Уæрæсейы æфсад та Ирыстонмæ æрмæст æртыккаг бон кæй ссыд, уый мæм æвзæрын кодта бирæ фар-статæ. Хæцгæ нæ кодтой. Лæууыдысты ифтонгæй. Цыппæрæм бон та фæстæмæ ацыдысты.
– Рæстаг лæг иунæгæй дæр æфсад у.
– Кæддæр, дам, Абайты Васойы куы бафарстой, ирон адæм иннæ адæмыхæттытæй цæмæй хицæн кæнынц, зæгъгæ, уæд загъта: æхсар, æгъдау æмæ æфсармæй.
Ирон адæм сæ удыхъæдæй æндæр сты. Æз цалдæр хатты æрзылдтæн дунейы бæстæтыл. Мæхи цæстæй федтон, ирон лæг цы адæмы ‘хсæн æрбынат кодта, уым ын йæ æнæбафæзмгæ миниуджыты тыххæй кæй кæнынц стыр аргъ æмæ кад. Уый хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Уымæй, уæлдай нæ вæййы, хицауы бынаты фæкусы æви хуымæтæг кусæг у. Æз тынг сæрыстыр дæн нæ адæмæй.
– Быцæу цæмæй ахицæн?
– Уыцы быцæуæй цалдæр мæйы фæстæ дыууæ республикæйы дæр арæзт æрцыд сæрмагонд къордтæ. Сæ размæ уыд хæс дыууæ адæмыхатты хæлардзинад æмæ дарддæры политикон æмгуыстады фарстатæ хынцынæн. Уый фæдыл-иу фембæлдысты Кисловодскы. Кодтой ныхас, хастой уынаффæтæ, агуырдтой мадзæлттæ, фæндæгтæ сæрибар сомбонæн. Уыцы фембæлдтыты архайдтон æз дæр. Разамынд та нæ рес-публикæйы минæвæртты къордæн лæвæрдта Бирæгъты Юри.
– Ирыстонæн цы стыр хæрзты бацыдтæ, уыдон историйы фыст сты сыгъзæрин дамгъæтæй. Дæ ном у хъуыстгонд адæмы ‘хсæн, æмæ йæ абон дæр сыгъдæгæй хæссыс, Ирыстонæн лæггад кæнгæйæ. Цы у Ирыстон инæлар-булкъон Суанты Станиславæн?
– Мæ Фыдыбæстæ. Цалынмæ æгас уон, уæдмæ мæ риуы судздзæн Ирыстонмæ уарзондзинад. Мад æмæ Фыдыбæстæ Хуыцауæй лæвæрд сты, уыдонæн зæрдæйы хицæн бынат ис. Мæскуыйы ма мын ис сæххæстгæнинаг хъуыддæгтæ, уый фæстæ та, æнæмæнг, æрыздæхдзынæн Ирыстонмæ. Хъуамæ мæ царды фæззæг арвитон дунейыл хуыздæр æмæ зæрдæйæн адджындæр бынат – Ирыстоны, мæ адæмы ‘хсæн.
– Æфсæддон суæвын дæ сабибонты бæллиц уыд?
– Мæ цардвæндаг сбæрæг мæ мад Зинæйы фæрцы. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæд бамбæрстон, нæлгоймаджы стырдæр хæс кæй у хъахъхъæнын æмæ уавæртæ аразын йæ бинонтæн, адæмæн. Цæвиттон, мæ мад уыд медицинон хо. Æхсæвыгæтты-иу æй йæ рынчынтыл зилын куы хъуыд кæмæн укол кæнынмæ, кæмæн æндæр медицинон æххуыс бакæнынмæ, уæд-иу иунæгæй цæуын нæ уæндыд æмæ-иу мæн йемæ цæдисон æмбалæн ахуыдта. Æвæццæгæн, уыцы æнкъарæн, ома, хъахъхъæнæджы хъуыды, мæ риуы уыцы рæстæг æрцард.
Мæ фыд йе ‘цæг дунемæ ацыд, мæныл æртæ азы куы цыд, уæд. Фæлæ мæнæй абоны онг никуы фæцух. Йæ къам алкæддæр ауыгъд уыд нæ хæдзары: йæ уæлæ – æфсæддоны уæлæдарæс, хæстæй куыд ссыд, афтæмæй. Уæдæй фæстæмæ æфсæддоны дæсныйад мæнмæ каст æппæты ахсджиагдæр. Бæллыдтæн мæ цард Гæрзифтонг тыхты службæ кæнынæн снывонд кæнынмæ, афицеры цин райсынмæ.
Мæ фыд каст фæцис танкистты скъола. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ та куыста скъолайы исто-рийы ахуыргæнæгæй, директорæй. Æз дæр, мæ службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ, Уралы уыдтæн танкон дивизийы командыгæнæг, æмæ мæм афтæ каст, цыма кæмдæр мæ фыдимæ нæ архайдæй кæрæдзиуыл ан-дзæвыдыстæм.
– Станислав, дæ фарны хъуыддæгтæй Ирыстон у сæрыстыр. Нæ кæстæртæн дæ алы къахдзæф дæр – фæзминаг дæнцæг. Уыцы стыр уаргъ хæссыны фæндагыл дæхи амондджынæй æнкъардтай?
– О, æз амондджын адæймаг дæн, æцæг. Царды цæмæ бæллыдтæн, уыдон иууылдæр мæ къухы бафты-дысты. Ис мын бинонтæ, дыууæ хъæбулы, æртæ та – хъæбулы хъæбултæ. Зæрдæ сæм не ‘хсайы. Амонд у, дæ бинонтæй зæрдæрухс куы уай, маст сæ куы нæ зонай. Сæйрагдæр та – адæймаг хъуамæ уарза фыдæбон кæнын. Уый, æнæмæнг, хæссы удæнцой. Удæнцой та у амонды уидаг.
– Дæ кæстæртæй царды дæ фæндагыл исчи ацыд?
– Мæ цотæй – нæ. Фæлæ нæма байрæджы (инæлар хъæрæй ныххудт), ныфс мæ ис, уыдоны кæстæртæй исчи æфсæддон кæй суыдзæн, уымæй.
– Цавæр ныстуантæ дæм ис Ирыстоны цæрджытæн, нæ кæстæртæн?
– Хуыцауæй курын иу хорзæх, цæмæй Ирыстоны лæггур цæуын макуы бахъæуа. Ис нæм бирæ курдиатджын æмæ рæсугъд фæсивæд. Акæсут-ма Ирыстоны историмæ фæстæмæ. Нæ сыхæгтæ нæм пирæны коммæ лæбурæгау дыууæрдыгæй лæбурынц, фæлæ та сын нæ сахъгуырд хъæбатыр фæсивæды руаджы аккаг ныхкъуырд радтæм. 2008 азы Хуссар Ирыстоныл гуырдзиаг фашисттæ тугуарæн куы ныккодтой, уæд та тохы хъæрмæ Цæгат æмæ Хуссары фæсивæд ног æрбамбырд сты, Ирыстонæн йæ зæрдæ кæм срыст, уыцы ранмæ, фæсте ничи фæлæууыд. Æмæ та сæ сæргъы æрлæууыдысты нæ ныфсджындæр хъæбултæ Уататы Зелим, Отарты Хъазыбег, Бæройты Эльбрус. Мæлæт адæймагмæ хæстæг кæм бацæуы, уырдæм тæппудтæ хæстæг нæ цæуынц. Мæлæтæн йæ дыууæ цæстмæ чи кæсы æмæ афтæмæй йæ фыдыбæстæйы сæрвæлтау раззагдæртимæ тохы чи бырсы, уыдон та сты хъæбатыртæ, æмæ сæ Ирыстон цух никæд уыд. Ирд дæнцæг та сын – уал хæсты сæрты чи ахызт æмæ йæ адæмы сæрибардзинад чи бахъахъхъæдта, уыцы хистæртæ. Мæн тынг фæнды, цæмæй адæм зоной цардæн æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнын. Архайой алы хъуыддаг дæр æнæ топпы гæрахæй скъуыддзаг кæныныл. Æз дæн адæмы хæлардзинад æмæ сæрибардзинады фарс! Кæстæртæ хъуамæ ма рох кæной, сæ размæ чи уыд, уыцы фæлтæрты фарн. Наци хъуамæ уа æнæниз, хъомысджын, уд æмæ зондæй фидар.
Кæстæры хорз хистæртæй аразгæ у, æмæ Хуыцау Ирыстоны куырыхон хистæртæй макуы фæцудын кæнæд. Ирон адæм нæртон æфсир куыд рафтауой æмæ йæ фæрныгадæй æгас дуне дæр ныфсджын куыд уа, ахæм амонд нæ уæд!
Кæй кой не скодтон, уыдон мын бахатыр кæнæнт, ныхкъуырддæт-джытæй алчидæр у хицæн ныхасы аккаг.
* * *
Станислав, УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады куы куыста, уæд æппынæдзух уыд фæдисон. Не ‘ппæт дæр ма хорз хъуыды кæнæм, Къобæй рацæйцæугæйæ, æнæхъæн автобусы дзаг мæрддзыгой былæй куыд ахаудысты, уый. Уæд дæр Ирыстонмæ æппæты фыццаг стахт Суаны-фырт йæ ирвæзынгæнджыты къордимæ. 1999 азы Турчы цы стыр зæххæнкъуыст æрцыд, уым дæр йæ къордимæ уыд фыццагдæртимæ. Калд хæдзæртты бынæй фервæзын кодтой бирæ адæм. Уæрæсейаг ирвæзынгæнджытæ Туркæй фæстæмæ куы здæхтысты, уæд уыцы бон инæларæн уыд йæ юбилей. Сæххæст ыл 50 азы. Уыцы хабар базыдтой туркæгтæ дæр æмæ йын зæрдиаг арфæтимæ радтой стыр лæвар – туркаг инæлары пъагæттæ. Цы æнхъæлцау сылгоймаджы фервæзын кодта, уымæн госпиталы райгуырд лæппу, æмæ йыл сæвæрдтой йæ ирвæзынгæнæджы ном – Станислав.
Ныртæккæ Суанты Станиславмæ ис цардмæ рауадзинаг ахсджиаг фæндон: сфидар кæнын сæрмагонд къамис æмæ, 1992 азы нæ сыхаг экстремистты ныхмæ чи æрлæууыд, уыдоны мысинæгты бындурыл чиныг рауадзын, равдисын уыцы цауæн йе ‘цæгдзинад.
Æмбисонды инæлар… Йæ хъæбатырдзинад, йе сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæ хорзы кой мæ сабибонтæй абонмæ мæ ныййарджытæй, мæ хистæртæй кæмæн хъуыстон, Интернеты тыгъдады æмæ чингуыты кæй тыххæй кастæн, уый ныр – мæ разы. Афтæ мæм каст, кæд æфсадæн командæ кæны, уæд худгæ дæр стæм хатт бакæны, у карз. Фæлæ мæ разы цы бæрзонд, бæзæрхыг, саджы фисынтыл амад инæлар лæууыд, уый разынд бынтон æндæр: цымыдисаг ныхасæмбал, æргомзæрдæ, цæстуарзон, зæрдæхæлар, цыргъзонд, сывæллонау арф æнкъараг, фæлæ куы бахъæуа, уæд йæ ныхасæй цыма дур чи скæрддзæн, ахæм характерон хъайтар æмæ уыцы иу рæстæг – хуымæтæг адæймаг. Ацыд, фæлæ ныр дæр хъусты зæлынц, нæ ныхасы рæстæг инæлар, йæ æнкъарæнтæ нæ уромгæйæ, цы зæрдиаг худт кодта, уыцы æхцон зæлтæ. «Царды скъола», – хъуыды кодтон, фæрсырдыгæй йæм кæсгæйæ, мæхинымæр. Зæрдæ та байдзаг сæрыстырдзинадæй.
МЗОКТЫ Аслæнбег
ÆЗ РАХАСТОН МÆ ЗÆРДÆЙЫ ЦÆХÆРТÆ
ÆМÆ СÆ АРВЫЛ БАЙТЫДТОН ÆРМÆЙ
(Интервью поэт Мамыкъаты Хъазыбегимæ)
Нæ нырыккон ирон поэзийы Мамыкъаты Хъазыбеджы поэтикон хъæлæсæн нæй ивддзаггæнæн иннæ поэттимæ. Хъазыбегæн ирон дзырдаивады ис йæхи сæрмагонд бынат. Фыссы иронау æмæ дыгуронау. Мыхуыры йын рацыди дыууæ чиныджы: «Мæйы сонатæ» (чиныгуадзæн «Алани», 1998) æмæ «Æрвон рухс» (чиныгуадзæн «Ир», 2003).
Мæн дисы æфтауынц йæ æмдзæвгæты арф хъуыдытæ, уыдоны арæзт, сæ техникæ, алцæмæй дæр вæййынц æххæст. Лæмбынæгдæр куы æркæсай сæ аивадон текстмæ, уæд бахаудзынæ поэты миддунемæ, йæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ дæ нал æмæ нал ауадздзысты уыцы диссаджы сыгъдæг æмæ алæмæттаг поэтикон дунейæ.
Алыхатт дæр, Хъазыбеджы уацмыстæ куы фæкæсын, уæд цыма хæл-хæлгæнгæ хæхты æхсæн цы сыгъдæг суадон уайы, уымæй мæ дойны асæттын, афтæ мæм фæкæсы, ахæм æхцондзинад мæ зæрдæйæн æрхæссынц йæ поэтикон рæнхъытæ.
Хъазыбеджы æмдзæвгæты хицæндзинæдтæ, сæ аивадон мадзæлттæ дзурæг сты поэты курдиатыл, куыд хорз зоны адæмы цард, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы ахастытæ, царды вазыгджындæр проблемæтæ, нæ мадæлон æвзаг, куыд у йæ бон поэтикон ахорæнты руаджы сфæлдисын æнæферохгæнгæ сурæттæ.
Æмдзæвгæтæ фыссын – уый у Дунесфæлдисæджы стыр лæвар адæймагæн. Хуыцау алкæй уыцы стыр курдиатæй хайджын нæ кæны. А. С. Пушкины загъдау, Хъазыбегмæ ис «зарджыты диссаджы курдиат», æмæ йæ махæн, йæ чиныгкæсджытæн, цæстуарзонæй æмæ хæларзæрдæйæ лæвар кæны:
Æфстау зынгæй нæ судзы пецы арт,
æфстау рæнхъытæй нæй фыссæн æмдзæвгæ,
нæ райсдзынæ æфстау ды искæй цард,
дæхи цард дæр нæ ратдзынæ нымдгæнгæ.
Хуыцау дын радта царды зынг лæвар,
æмæ йæ ды хъуыры æгънæгæн дар!..
Мамыкъаты Хъазыбег канд æмдзæвгæтæ нæ фыссы. Фысджыты æмæ поэтты ‘хсæн зындгонд у курдиатджын тæлмацгæнæгæй дæр. Бирæ азты уыди журнал «Мах дуг»-ы поэзи æмæ драматургийы хайады сæргълæууæг, фæстæдæр та – йæ сæйраг редактор.
Кæсын дарддæр «Мах дуг»-ы редакцийы сæмбæлдтæн Хъазыбегимæ æмæ йæм радтон цалдæр фарсты. – Хорз уаид, Хъазыбег, цалдæр ныхасы дæ фыдæлты æмæ дæ бинонты тыххæй куы зæгъис, уæд. – Мæ фыдыфыд Раман йе ‘фсымæр Къостаимæ хæцыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, архайдтой Сталинграды бынмæ тохты дæр. Хæстæй ссыдысты хæрзиуджытимæ. Ныр ацы дунейы нал сты, не ‘ппæтыл дæр хæрзаудæн кæнæнт! Мæ фыд, дзæнæты бадинаг Джеуæрджимæ, уыдис нывгæнæджы курдиат, йæ бæллиц уыд аивæдты училищемæ бацæуын, фæлæ, бирæ æфсымæртæ æмæ хоты хистæр кæй уыд, уымæ гæсгæ, йæ заманы царды тыхст уавæртыл хъуыды кæнгæйæ, равзæрста сау куыст. Черменыхъæуы каст фæци трактористты курсытæ æмæ уый фæстæ дзæвгар азты дæргъы фæллой кодта Сырх-Дыгуры колхозы. Уыди хуымгæнæг, хортауæг, куыста комбайныл дæр. Фæстæдæр, цыппар сывæллоны йын уыдыстæм, афтæмæй 1965 азы тынг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци Хъæууон-хæдзарадон институты зоотехникон факультет æмæ кад æмæ радæй суанг йæ ацæргæ азты онг нæ колхозы фæкуыста сæйраг зоотехникæй. Уæддæр-иу стæм хатт дзæбидыр, бæх кæнæ æндæр исты ныв куы скодта, уæд-иу ын æз йæ арæхстдзинадыл дисæй мардтæн, мæн дæр ма-иу сцырын кодта нывтæ кæнынмæ, амыдта мын нываивады сусæгдзинæдтæ. Зæрондырдæм райдыдта хъæдæрмæгæй хæдзары дзауматæ, мигæнæнтæ аразын. Кодта алы уæрдæттæ, доны куырой æмæ арахъуадзæны макеттæ, кæхцытæ, тæсчъытæ, уидгуытæ æмæ æндæртæ. Йæ конд дзауматæн сæ фылдæр хай балæвар кодта нæ республикæйы бæстæзонæн музейæн. Мæ мад Нависæ ахуырад райста педагогон институты, фæсарæйнаг æвзæгты факультеты. Зæронды бонтæм Сырх-Дыгуры астæуккаг скъолайы фæкуыста немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Йе ‘мбæлтты ‘хсæн дæр æмæ йын ахуырдзауты ‘хсæн дæр уыди стыр кад. Ныртæккæ йыл цæуы 86 азы, рæвдауы йæ цоты цоты цоты. Стыр Иунæг Хуыцау ма йын бирæ цæрæнбон раттæд æнæнизæй! Мæхицæн мæ бинойнагимæ ис æртæ кæстæры: лæппу æмæ дыууæ чызджы. Уыдоны цот, нæ хурты хуртæ, сбирæ сты, ацы аз аст бауыдзысты Хуыцауы фæндæй, æмæ æнæниз æмæ амондджынæй байрæзæнт – Хуыцауæн, махæн æмæ нæ Иры дзыллæйæн уарзонæй! – Хъазыбег, æз дæ номимæ бæттын нæ нырыккон ирон поэзимæ чырыстон дины темæйы раздæхт. Дины ныхасы улæфт мадæлон æвзагыл фыццаг хатт ирон адæм банкъардтой нæ рухстауæг – сауджын Колыты Аксойы поэтикон аивадæй. Цы дæ фæнды, диныл дзургæйæ, чиныгкæсæгæн зæгъын? – Дæхи загъдау, дины темæ ног нæу ирон поэзийы. Колыты Аксо, Мамсыраты Темырболат æмæ Къостайæ райдай æмæ нырыккон поэттæй фæу. Æрмæст советон дуджы æрцыдис къуылымпыгонд дины хабар, æцæг ирон адæмæй уæддæр бирæтæ, кæм сусæгæй, кæм æргомæй, æууæндыдысты Хуыцауыл. Мæ мадымад Сурæт 90 азы фæцардис, Хуыцауæн уарзон сылгоймаг уыд. Скъоладзау ма уыдтæн, æмæ мын иу æмæ дыууæ хатты нæ бафæдзæхста, Хуыцауыл æууæнд, æмæ дæ цард йæ фæндиаг ацæуа, зæгъгæ, фæлæ мæн уыцы заман дин æппындæр нæ уырныдта. Дзæвгар фæстæдæр æй бамбæрстон, Хуыцауыл æууæндын цы стыр хæрзиуæг, цы егъау лæвар у, уый. Мæ чырыстон æмдзæвгæтæй иуы хуымæтæджы не ссардтон йæ рухс ном. Дин, æцæгдæр, стыр лæвар у адæймагæн. Хуыцауы комулæфт йæ удæй чи банкъара, уый йыл гадзрахатæй никуы рацæудзæн, никæдæмуал дзы алидздзæн, уымæн æмæ уымæй нал ис фæхицæн уæвæн. Уый у дæ уырнæн, дæ ныфс æмæ дæ уарзт. Хуыцауы комулæфты руаджы райгуырынц æмдзæвгæтæ дæр, уымæн æмæ лæджы æрфæнды йæ цин адæмимæ адих кæнын. Ныртæккæ дæхæдæг куы загътай, цин фæкæнын, зæгъгæ. Хуыцауы комулæфт, æвæццæгæн, кæмдæр ме ‘мдзæвгæтæм дæр фæхæццæ. Зæрдæйæ фыст æмдзæвгæты, æнæмæнг, ис Хуыцауы æрмдзæф. Уый нын дæтты уарзт, курдиат, сфæлдыстадон хъомыс. Махæн нæ бон у æрмæстдæр Хуыцауы фæзмын, уый фæрцы нын бантысы цыдæр муртæ, кæмæн къаддæр, кæмæн та фылдæр. Мæн ме ‘мдзæвгæтæй фæнды мæ адæмы мæ уды рæбинагдæр сагъæстимæ базонгæ кæнын, уыимæ не Сфæлдисæджы фарны Дзырдимæ. Кæд дзы мæ дзыллæйы зæрдæмæ уæддæр иу рæнхъ фæцæуа, уæд – Хуыцауæй бузныг! – Поэт хъуамæ æнкъара, йæ адæмы раз ыл цы хæс æвæрд ис, уый. Уымæн зæгъыс де ‘мдзæвгæйы: «Æз рахастон / мæ зæрдæйы цæхæртæ / æмæ сæ арвыл /байтыдтон/ æрмæй». Дæхæдæг та дæхиуыл цавæр хæс æвæрыс? Ирон дзырдаивады дæ нысан цы у? – Аивадон сфæлдыстад йæхæдæг у æнæкæрон дуне, æмæ дзы, арвы стъалытау, алы аив дзырд, алы уаз ныхасæн дæр, мæнмæ гæсгæ, ис йæхи сæрмагонд бынат. Дæ удæй арт куы цæгъдай, куынæ йæ хæлæг кæнай, уæд уыцы арт, æнæмæнг, батавдзæн лæджы зæрдæ, йæ уæлныхты йæ сисдзæн уæлтæмæны цъупмæ, ратдзæн ын ныфс, уарзт æмæ цин. Цæмæй дæ дзырд искæй зæрдæйы хъусты ныззæлланг кæна, ныннæра, уый тыххæй хъуамæ уа фæндыры тæнау атонынæввонг æлвæст. Дзаболаты Хазби хуымæтæджы нæ загъта: Цас уой ‘лвæстдæр хъистæ, Ахæм дзырдаивады бæрзæндтæм тырнын æз дæр ме ‘взонгæй нырмæ æмæ бæллын, цæмæй мын дзы уæддæр иучысыл истытæ саразын бантыса. – Цавæр уыдис, Хъазыбег, дæуæн дæ фæндаг Чырыстимæ? Цæмæн дæ фæнды, цæмæй фæсивæд «чырыстоны хал ахæрой æмæ дæуау Чырыстимæ æрцæуой», уый? – Чырыстимæ фæндаг алкæмæн уыцы иухуызон нæу. Кæмæн дæргъвæтин у, бирæ цæлхдурты сæрты йæ ахизын бахъæуы, цалынмæ йæ ссары, уæдмæ. Кæмæдæр та уыцы фарн арвæй дур æрхауæгау æрхауы æмæ йын ныррухс кæны йæ развæндаг, басгуыхы йын фæндагсар. Æз дæр æвиппайды не схайджын дæн ацы хорзæхæй. Атеистон идеологи уыди мæ хъомылгæнæг æмæ мæ тынг бахъыгдардта, фæлæ фурд донмарæнтæ куыд атоны, афтæ Хуыцауы рæстдзинад дæр иузаман арæмыгъта мæ гуырысхоты цæнд, æмæ бамбæрстон, адæймаг ацы мæнг дунемæ хуымæтæджы кæй не ‘рцыд, уый. Куы ма йæ загътон, лæджы æрфæнды йæ цин адæмимæ адих кæнын, зæгъгæ. Æппæт адæм дæр чырыстоны хал куы ахæриккой, уæд дунейыл æрфидар уаид Хуыцауы рæстдзинад. Малиты Геуæргийы загъдау: И фарни тунæ – Де ‘мдзæвгæ «Æнæном ингæны уæлхъус»-ы ис ахæм рæнхъ: «Табу Дæхицæн, не Скæнæг – Хуыцау!» Афтæ кæд фæзæгъыс? Хуыцаумæ арæх фæкувыс? Аргъуаны вæййыс? – Къоста йæ иу æмдзæвгæйы хуымæтæджы нæ фæдзæхста: Æмæ-иу скув: «Хуыцау, Рагæй нырмæ дæр ирон лæг табу кæны Хуыцауæн, кувы йæм, куры дзы… Йæ уырнынад тыхарæзт нæу, зæрдæйы уидæгтыл баст у. Нæ фыдæлтæ сæхи фæдзæхстой Хуыцауыл, æмæ уый хъуамæ алкæмæн дæр уа йæ балцы райдайæн. Хуыцауæн табу кæнын хъуамæ æдзух лæууа дæ зæрдæйы былалгъыл, уымæн æмæ уый у æцæгдæр не Скæнæг, нæ Удылхæцæг. Хъыгагæн, аргъуанмæ арæх нæ цæуын, æмæ уый у нæ дзыллæйы сæйраг бæллæх дæр. Иудадзыг хъæуы аргъуанмæ цæуын æмæ кувæг адæмимæ иумæ не Сфæлдисæгмæ кувын. Иумæйаг куывд, зæрдиаг куывд, Хуыцаумæ æнæмæнг фехъуысдзæн æмæ йын уæд фендзыстæм йæ кад, йæ рухс цæсгом, йæ уаз дунейы диссæгтæ. Фендзыстæм сæ адæймаджы цæстытæй нæ, фæлæ зæрдæйы цæстытæй… – Чырыстийы сурæт сырæзы нæ разы де ‘мдзæвгæтæй – «Чырыстийы мæлæт», «Скув-иу!», «Чырысти райгас», «Æрвон рухс», «Чырыстимæ æрцу!», «Сурæт», «Къостайы фæзмгæйæ», «Сагъæс». Чи у дæуæн – поэт æмæ хуымæтæг адæймагæн – Чырысти? – Чырысти у нæ удылхæцæг, нæ тæригъæдтæ барæг, мыггагмæйы царддæттæг. Æнæ уымæй адæймаджы цард, поэт уа, номдзыд ахуыргонд æви хуымгæнæг, у талынг æмæ афтид, йемæ та – рухс æмæ Хуыцауы фарнæй дзаг. – «Зæххон цин» – афтæ схуыдтай де ‘мдзæвгæ-сонет. Ис дзы ахæм рæнхъытæ: «Цæрыны ныфсæй ма зонæм æфсис! Бæлццон дзыллæтæ банкъуысой нæ зардмæ æмæ тырной æвæлмæцгæйæ цардмæ!» Циныл абон бирæтæ нал зонынц цин кæнын. Бынтондæр та искæй хорздзинадыл. Де ‘мдзæвгæтæ та сидынц чиныгкæсæгмæ, царды тых æмæ адæймаджы ныфс тыхджынæй-тыхджындæр куыд кæной, уымæ. – Ацы æмдзæвгæ куы ныффыстон, уæд мыл цыдис 17 азæй чысыл фылдæр. Хуыцау ис, уый уæд мæ фæсонæрхæджы дæр нæма уыд, фæлæ йæ ныр зонын, алы æвзонг удæн дæр, æвæццæгæн, йæ зæрдæйыл «ныффæлдæхы фæндыр», æмæ йын уый йæ зæрдæйы рæбинагдæр къуымы ссудзы æрвон зынг, цырын æй кæны рухс тыгъдадмæ, æмæ уый фæрцы æвзонг уд тырны, цæмæй иууыл дзыллæтæ дæр йемæ уырдæм ныххæррæтт кæной. Уыцы зынг у поэзийы сусæг гуырæн æмæ йæ тæмæн. – 2003 азы дын Дзæуджыхъæуы цы чиныг рацыд, уый схуыдтай «Æрвон рухс». Чиныджы мидæг уый æмном æмдзæвгæйы ис ахæм рæнхъытæ: Уый алкæмæн йæ зæрдæйы дуар хойы Цы у дæуæн та дæ царды «Æрвон рухс»? – Йесо Чырысти!!! – Раргом нын кæн ацы диссаджы рæнхъыты мидис æмæ зæгъ: дæумæ гæсгæ, иуæй-иу адæймæгтæ цæуылнæ æууæндынц Хуыцауыл? Æууæнд Хуыцауыл, кæ Хуыцауæн табу, – Хуыцауы дзырд у царддæттæг, нæ хъысмæты апп. Уыцы Дзырд æцæгæй у Чырысти, уыимæ уый у Сæн æмæ Кæрдзын. Алы чырыстон дæр райсы зароба æмæ зоны, ацы дыууæ дзырды цы амонынц, уый: Сæн – Чырыстийы туг, Кæрдзын та – йæ буар. Сауджыны сусæг аргъуыды фæдыл æрцæуы уæларвон диссаг: сæн фесты Чырыстийы туг, кæрдзын та – йæ буар. Æмæ уыдон чи бануазы, бахæры, уый диссаджы хуызы баиу вæййы Чырыстиимæ, ноджы схайджын вæййы йæ тæригъæдтимæ тох кæныны хъомысæй. Уыимæ Чырысти загъта: «Мæ буар чи хæры æмæ Мæ туг чи нуазы, уымæн ис мыггагмæйы цард, æмæ йæ Æз фæстаг бон райгас кæндзынæн» (Иоанны Евангели, 6:56). Хъыгагæн, ис, Хуыцауыл чи не ‘ууæнды, ахæмтæ дæр, æмæ уыдоны тыххæй Хуыцау йæхæдæг афтæ загъта: «…уыцы адæм сæ зæрдæ дур ныккодтой, сæ хъустæ – къуырма, сæ цæстытæ – куырм, цæмæй цæстæй дæр ма феной, хъусæй дæр ма фехъусой, зæрдæйæ дæр ма бамбарой – ма Мæм раздæхой æмæ сæ ма сдзæбæх кæнон» (Пехуымпар Исайы чиныг, 6:10). – Ацы рæнхъытæ ист сты æмдзæвгæ «Скув-иу!»-æй: Цин кæны зæрдæ, фæрысти, Бирæтæ йæ зонгæ дæр нæ кæнынц, цы у куывд, цæмæн хъæуы алы бон дæр Хуыцаумæ кувын. Хъазыбег, ды та кæд ссарыс не Скæнæджы ном, кæд фæзæгъыс «Табу Дæхицæн, Хуыцау!»? – Æрвылбон дæр. Бон цалдæр хатты. Алы хъуыддаджы размæ дæр æмæ йæ фæстæ дæр, суанг хæрды размæ æмæ хæрды фæстæ дæр. – Хъазыбег, ды алы бон дæр кæсыс чингуытæ, журналтæ, бирæ къухфыстытæ, уымæн æмæ дæ куыст ахæм у. Арæхдæр цавæр чингуытæ кæсыс? Уыдоны æхсæн дины чингуытæ дæр ис? Æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæн та, дæумæ гæсгæ, цавæр дины чингуытæ хъæуы кæсын? – Арæхдæр кастæн, йæ ног æмдзæвгæтæ-иу нæм «Мах дуг»-ы редакцимæ чи ’рбахаста, уыдоны къухфыстытæ, ирон æмæ дыгурон поэтты уацмыстæ. Сæ фылдæрыл редакцион æгъдауæй бирæ кусын нæ бахъуыд, фæлæ-иу уыд ахæм уацмыстæ дæр, æмæ сыл бахардз кодтон дзæвгар рæстæг, цæмæй литературон журналы рауадзыны аккаг суой, уый тыххæй, уыимæ се ‘хсæн, хъыгагæн, уыд тынг лæмæгъ æмдзæвгæтæ дæр, æмæ уыдон, ай-гъай, нæ рацыдысты. Уæгъд рæстæг мын куы вæййы, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, кæсын чингуытæ дæр, дунеон, уырыссаг æмæ нæхи литературæ, адæмон сфæлдыстад. Кæсын дины чингуытæ дæр: чырыстон сыгъдæджыты хабæрттæ, стæй уыдонæн сæхи куырыхон фыстытæ дæр. Мæнмæ гæсгæ, Библи æмæ чырыстон дины иннæ чингуытæ кæсын æмбæлы алы кары адæмæн дæр. Сæйрагдæр та – æрвылкъуыри кувынмæ цæуын хъæуы аргъуанмæ. – Аивадон тæлмац æнцон нæу. Ды раивыс ирон æвзагмæ прозаикон æмæ поэтикон тексттæ. Зæрдæмæдзæугæ сты, Цæлыккаты Ахмæтæй цы таурæгътæ ратæлмац кодтай, уыдон. Бынтондæр та йæ радзырд «Фæстаг убыхаг». Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг поэттæй та ирон æвзагмæ кæй æмдзæвгæтæ раивтай? – Студент ма куы уыдтæн, уæд фæлвæрдтон немыцаг æвзагæй Гете æмæ Гейнейы иугай æмдзæвгæтæ тæлмац кæнын. Цалдæргай æмдзæвгæтæ раивтон иукъорд нырыккон абхазаг поэттæй дæр. Æндæр нæ хъуыды кæнын, фæсарæйнаг поэттæй ма искæй уацмыстæ ирон æвзагмæ раивтон, уый. Уырыссаг поэттæй тæлмац кодтон Пушкин, Лермонтов, Есенин, Блок, Бальмонт, Маяковский, Цветаева, Тарковский æмæ æндæрты уацмыстæ. Прозæйæ Лев Толстойæ ратæлмац кодтон цалдæр миниатюрæйы, Чеховы радзырд «Замана» («Горе»), Цæголты Георгийы радзырд «Зымæгон æхсæв» («Зимней ночью»)… Кæцыдæртæ дзы мыхуыргонд æрцыдысты журнал «Мах дуг»-ы. – Нæ дуне абон у змæст æмæ æмтъеры. Адæм кæрæдзи нал æмбарынц, кæрæдзиуыл нал аудынц. Фæлæ уæддæр дæ зæрдæ цæуыл лæууы, ныфсы хос дын цы у? – Раст зæгъыс, дуне у змæст æмæ æмтъеры. Зæрдæ дзы цæуыл фæлæууа, уый хаттæй-хатт нæ уынæм. Уыимæ нæ мадæлон æвзаг заууаты уавæрмæ цæуы. Скъолаты йын фаг сахæттæ лæвæрд нæй, нæ адæм ирон газеттæ æмæ журналтæ, куыд æмбæлы, афтæ арæх нал рафыссынц. Фылдæрæн сæ гуыбыны хæрд – се стырдæр мæт, сæ катай. Паддзахады лæгтæ адæмыл, куыд æмбæлы, афтæ куы тыхсиккой, уæд, чи зоны, æмæ нæ уавæртæ фæнывылдæр уаиккой… Уæддæр Хуыцаумæ кувын хъæуы – сыкъайæ нæ, фæлæ зæрдæйы уидæгты бынæй, цæмæй нæ паддзахады лæгтæн радта куырыхон зонд, цæмæй адæм сæ къæхтыл слæууой, кæрæдзи бауарзой, æмæ нæ царды уаг йæ гаччы сбада… Цæмæй Иры фарн ма фесæфа!.. Архайын хъæуы алкæй дæр. Алы уд дæр у хæсджын йæ дзыллæйы раз. – Хъазыбег, бузныг дын, ног поэтикон æнтыстытæ дын зæгъы мæ зæрдæ.
Уыйбæрц тонынц тагъддæр,
Фæлæ уыйбæрц искæй
Агайы сæ цагъд дæр…
Æрфелауидæ, –
Уарзондзийнадæ
Æрфедар уидæ…
Фæдзæхсын дыл мæхи!»
Фæлмæн къухæй æмæ йæ хоны цардмæ.
Уый ахаста нæ тæригъæд æккойæ
Æмæ ысси æцæг фæндаг уæларвмæ.
Хуыцауæн дзур дæ цин æмæ дæ зын.
Хуыцауы дзырд дæ хъысмæтæн йæ апп у,
Чырысти та – Сырх Сæн æмæ Кæрдзын.
къæхтыл лæууыс æви – хъен, –
скув: «Фыд, Сыгъдæг Уд, Чырысти,
табу Дæхицæн! Аммен!»
КАСАТЫ Батраз
ХЪАРАТÆ – ДАРД ХУРЫСКÆСÆНЫ
Интервью
Ацы аз Мæскуыйы рацыд Уæрæсейы адæмты нырыккон литературæ¬йы антологийы фыццаг чиныг – поэзийы хай. Уырдæм хаст æрцыдысты 57 адæмыхатты минæвæртты æмдзæвгæтæ уырыссаг æмæ сæ мадæлон æвзæгтыл. Республикæйы наукон библиотекæйы ацы чиныгæн презентаци куы уыд, уæд поэт Къадзаты Станислав бафиппайдта, эскимостæн фыссынад ирон дамгъуаты бындурыл кæй сарæзта ирон лæг Хъараты Алыксандр. Уыцы хабар чиныджы фыст ис эскимосты литературæйы хайы разныхасы. Чи уыд уæдæ, эскимостæн фыссынад чи æрхъуыды кодта, уыцы ирон лæг? Кæцæй бахауди Дард Хурыскæсæнмæ? Цы архайæг уыд? Куыд рауад йæ дарддæры хъысмæт? Ацы фæрстытæ мын æнцой нæ лæвæрдтой æмæ Интернеты къуымты агурынтæ райдыдтон. Бантыст мын. Уыцы лæг уыди хъæдгæройнаг, Хъараты Иваны фырт Алыксандр. Ссардтон ын йæ фыртыфырт Алексейы. Уый цæры Екатеринбурджы, у режиссер-аниматор. Сывæллæттæн цы бирæ кинонывтæ систа, уыдонæн сæ фылдæр æвдыст æрцыдысты бæстæйы æмæ дунейы алыхуызон кинофестивальты æмæ-иу сын аргъгонд æрцыд дипломтæй, зынаргъ лæвæрттæй. Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон премийы лауреат, Свердловскы киностудийы мультипликацион кинонывты куыстадон техникон иугонды разамонæг, Уралы паддзахадон нывкæнынад æмæ архитектурæйы университеты графикæ æмæ анимацийы кафедрæйы 63-аздзыд профессор йæ фæлтæрддзинад амоны фæсивæдæн.
Хъараты Барисы фырт Алексеимæ нæм телефон æмæ Интернеты фæрцы рауад ахæм ныхас:
– Алексей, дæ хорзæхæй, истытæ ма мын радзур дæ фыдыфыд Алыксандры царды хабæрттæ æмæ йæ ахуыры фæндаджы тыххæй.
– Мæ фыд Барис йæ чиныг «Восточный ветер»-ы куыд фыссы, афтæмæй Хъараты Иваны (Убийы) кæстæр фырт Алыксандр райгуырд 1886 азы 12 апрелы Терчы облæсты Хъæдгæроны. 1899 азы йе ‘мгар 25 лæппуимæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Лорис-Меликовы æрмгуысты училиљæмæ æмæ йæ каст фæци нудæсаздзыдæй. Сæ къорды ахуыр кодтой алы адæмыхæттыты минæвæрттæ, уыдонимæ – æртæ ироны: Алыксандр, Галазты Гæтæ (Джызæлæй) æмæ Токаты Гена (Чырыстонхъæуæй). Цы аттестаттæ сын радтой, уыдонмæ гæсгæ сæ бон кусын уыд механикон заводты мастерты æххуысгæнæг, паровозты машинистты æххуысгæнæг æмæ æндæр бынæтты.
Кæсын дарддæр Уыцы рæстæг училиљæмæ цæстдарæг уыд Дмитрий Рудаков, ахуыргæнджытæй дзы куыстой Сазонов, Миронов, Комаров, Юрченко, Промляков æмæ æнд. Уыдон зæрдиагæй архайдтой, цæмæй сæ ахуырдзаутæ райсой хорз зонындзинæдтæ. Дмитрий Рудаков ирæтты æдзухдæр хаста æмбисондæн сæ хорз ахуыры, сæ хæрзæгъдауы, хистæртæн аргъ кæныны, лæмæгъты сæрыл хæцыны æмæ хæдæфсармы тыххæй. Алыксандры тынг фæндыд дарддæр сахуыр кæнын, фæлæ Цæгат Кавказы уымæн фадат нæ уыд æмæ сразы училиљæйы разамынды фæндонмæ гæсгæ Харьковы паровозтæаразæн заводмæ фæлтæрддзинад райсыны тыххæй ацæуыныл. Цехы кусын йæ зæрдæмæ тынг нæ цыд, æмæ сфæнд кодта куыдфæндыйæ дæр денджызон суæвын. Базыдта, дардмæ ленкгæнæг денджызонтæ Уæрæсейы кæй цæттæ кæнынц, порттæ цы горæтты ис, æрмæст уыдоны: Петербург, Архангельск, Одессæ æмæ Владивостокы. Равзæрста Владивосток. 1905 азы сæрды заводы йæ куыст ныууагъта æмæ араст Дард Хурыскæсæнмæ. Уырыссаг-япойнаг хæст йæ тæккæ цырены куы уыд, уæд ахæм дард фæндагыл ацæуынæн, уæлдайдæр та кадавар æхцатимæ, зын уыд. Сфаг ын сты æрмæст «Манчжури»-йы станцæйы онг. – Чи уыдысты Алыксандры бинонтæ? Куыд рауад сæ хъысмæт дæ фыд Барисы хотæ æмæ æфсымæртæн? – Мæ фыдыфыд Алыксандр бинонты хъуыддаг бакодта 1924 азы. Йæ бинойнаг уыдис Александрæ Якименко. Мæ фыдыхо Раисæ райгуырд 1925 азы 8 июлы. Мæ фыдыфыдæн уыд æртæ æфсымæры (Харитон, Барис, Дмитри) æмæ цыппар хойы (Зæнджиаты Томæ, Елойты Саса, Гуыдиаты Чабæ, Къадзаты Фатка). Хоты хъысмæты тыххæй ницы зонын. Харитоны сывæллæттæ уыдысты Моисей, Газакк æмæ Алихан. Барисы сывæллæттæ амардысты, бинонтæ не скодтой афтæмæй. Дмитри раджы амард æмæ йын ничи баззад. Алиханы фæстагæттæ сты Америкæйы. Моисей бахауд 30-æм азты кæрон репрессийы æмæ фесæфт. Йæ зæнæг Надя, Олег, Игорь æмæ Анатолийы тыххæй ницы зонын. – Кæйдæр зæххыл, Фыдыбæстæйæ дард ран æнцон нæу хи æвзаг, хи æгъдæуттæ бахъахъхъæнын Уæлдайдæр та, дæ царды фылдæр хай Японы æмæ Китайы куы арвитай, уæд. Куыд дæм кæсы, уæ бинонты æхсæн ма уæм исты баззад уæ фыдыфыдæй? – Мæн гыццылæй фæстæмæ ахуыр кодтой куыст уарзыныл, хистæртæн аргъ кæныныл, фæразоныл, искæй зондмæ хъусыныл, хъуыддаджы мидæг æргом æмæ сыгъдæгзæрдæ уæвыныл. Амыдтой мын, цæмæй схъæл уæвын, давын, расыггæнаг æмæ магусатæй мæ удхæссæг уынон. Æдзухдæр сæрыстыр уыдтæн, мæ фыдыфыдимæ цыфæнды хъуыддаг дæр саразæн кæй уыд, уымæй. Мæ фыдыфыдæй райдай æмæ иннæ хистæр фæлтæр сæ сæйраг хæсыл нымадтой сæ кæстæрты раст хъомыл кæныныл. Мæ фыдыфыд йæ боныджы куыд фыссы, афтæмæй йæ фыд Уби куы мард, уæд фæдзырдта йæ кæстæртæм æмæ сæ ракуырдта хатыр, се ‘ппæтæн ахуыры фадæттæ саразын йæ бон кæй нæ бацис, уый тыххæй. – Алексей, цы дæсныйад равзæрстай, уый исты хуызы бæттыс, дæ фыдæлты туг кæй нæ сысы, уыимæ? – О. Уби уыди зындгонд дыргъгуыстгæнæг Кавказы. Мæ фыдыфыд æмæ мæ фыд кодтой къамисæджы куыст. Мæ фыд уарзта музыкæ, оперæ, бирæ касти чингуытæ. Фæстæдæр, бæстæйыл зилгæйæ, иста чысыл кинонывтæ, стæй йæ кинокамерæ радта мæнмæ. Мæ фыдыхо Раисæ уыд историйы, англисаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, йе ‘взонг азтæй фæстæмæ здæхт уыд нывкæнынадмæ æмæ мæн дæр фæцахуыр кодта уыцы хъуыддагыл. Мæ иннæ фыдыхо Татьянæ – архитектор, ССР Цæдисы Министрты Советы премийы лауреат, ныртæккæ дæр æгас у. Мæ иннæ фыдыфсымæр Алыксандр – зындгонд разамонæг, инженер-аразæг, ССР Цæдисы Министрты Советы премийы лауреат, ныртæккæ коллекци кæны посты маркæтæ, æстай азмæ æввахс кæны къамисæджы куыст. – Хъуыды кæныс дæ фыдыфыды? – Чысылтæ. Йæ дзæбуг, йæ хырх æмæ иннæ кусæнгæрзтæ мыл-иу баууæндыд, фæйнæджы гæбæзтæй истытæ аразгæйæ. Иумæ-иу тезгъо кодтам доны былты. Уыди фæлмæн, сыгъдæгзæрдæ адæймаг. – Уæрæсейы Паддзахадон преми дын кæд æмæ цæй тыххæй радтой? – 1986 азы зындгонд америкаг сывæллæтты фыссæг Теодор Сьюза Гейзелы (Доктор Сьюз) аргъаумæ гæсгæ систон анимацион киноныв «Добро пожаловать!». Йæ сæйраг архайæг у цæгатаг саг Тидвик. Уыцы киноныв æвдыст æрцыд бирæ дунеон кинофестивальты. Райста Гран-при Лос-Анджелесы цыбырметражон æмæ сывæллæттæн хуыздæр кинонывы приз та райста Оттавæйы. Уыцы кинонывы тыххæй саккаг кодтой УСФСР-йы паддзахадон премитæ. – Дæ бинонты тыххæй нын бæлвырддæр куы радзурис? – Цæрæм мæ бинойнаг Верæимæ фæсгорæт, уым нын ис хæдзар, ис дзы дыргъдон, бирæ дыргъбæлæстæ, чысыл цад, йæ алыварс – алыхуызон къудзитæ æмæ дидинджытæ. Уыдонмæ фылдæр зилы Верæ, стæй зæххы куыстмæ уарзондзинад мæнæн дæр фыдæлтæй баззад. Мæ чызг Ксеня, сиахс Андрей æмæ сæ сывæллæттæ – Оля, Петя, Аня цæрынц Швейцарийы, горæт Балерны. Сæрды æрцæуынц махмæ сæ фæллад уадзынмæ. Мæ зæрды ис, искуы сæ сæ фыдæлты бæстæмæ аласын. – Екатеринбурджы цæрæг ирæттимæ æмæ дын Цæгат Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы дæ къабæзтимæ цавæр бастдзинæдтæ ис? – Екатеринбурджы ис Галаты Барисы номыл ирон культурæ-йы æхсæнад. Уый разамонджытимæ арæх фембæлæм. Гаглойты Лианæ æмæ Гæбæраты Андрей зæрдиагæй æрбалæууынц мæ фарсмæ, исты проекттæ куы фæаразын, уæд. Æз дæр сын ме ‘ххуысы хай бакæнын алы хъуыддаджы дæр. Æрвылаз дæр ам парахатæй бæрæг кæнынц ирон адæмы стыр бæрæгбон Джеоргуыба. Зард, кафт æмæ цинæй дзаг бæрæгбоны вæййæм мах дæр. Ацы аз, 24 ноябры, æз нывкæнынад æмæ архитектурæйы университеты студенттимæ бæрæгбонмæ сарæзтон равдыст: «Ирон адæмон аргъæуттæ Уралы нывгæнджыты цæстæнгасæй». 80-æм азты мæ фыдыхо Раисæимæ уыдтæн Ирыстоны. Фембæлдыстæм нæ бирæ хæстæджытыл, мæ фыдыфыды хистæр æфсымæр Харитоны (Гадæкко) фырт Газаггы байзæддæгтимæ. Хъыгагæн, Раисæйы æмæ мæ фыд Барисы амарды фæстæ нæ бастдзинæдтæ фæкъуылымпы сты. – Режиссер æмæ Хъараты Иваны фырт Алыксандры фæдоны нæ фæндид, Советон бирæ фольклористтæ æмæ францаг Жорж Дюмезиль стыр аргъ кæмæн скодтой, ирæтты уыцы героикон эпос «Нарты кадджыты» сюжеттыл бакусын? – Æз хорз зонын уыцы диссаджы эпос. Уымæ рог къухæй æвналæн нæй, хъæуы йыл арф ныхъхъуыды кæнын, куыстадон процесс хорз саразын, стæй стыр финансон хæрдзтæ. Уымæ цæттæ нæма дæн. – Цавæр сты де сфæлдыстадон нысантæ педагогы куыстæй уæлдай? – Мæхицæн хæсыл нымайын мæ фыдыфыд æмæ мæ фыды нæмттæ сæнусон кæнын. Мæ фыды 90 азы бонмæ ногæй уæрæхдæрæй рауадзын йæ чиныг «Восточный ветер», иллюстрацитимæ ныммыхуыр кæнын мæ фыдыфыды къухфыст «Ирыстонæн Чукоткæйæ». Фæнды мæ ирон æгъдæутты чиныг ме студентты нывтимæ рауадзын. Кæронмæ бацæттæ кæнын анимацийы (къамты, нывты кæнæ силуэты сери саразыны фæтк) ахуыргæнæн чиныг, цы кинонывтæ систон, уыдоны бæлвырд истори ныффыссын, фидæны мæ зæрдæ дарын, мæхæдæг кæнæ мæ ахуырдзауты æххуысæй Ирыстон æмæ Чукоткæимæ баст анимацион киноныв сисын. – Цы дæ фæнды зæгъын дæ ирыстойнаг хæстæджытæн, Ирыстонæн æмæ «Рæстдзинад»-ы редакцийæн. – Уæ газеткæсджытæн мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ амонд алкæй бинонтæн дæр, цæмæй хъахъхъæной, рагæй дæр ирон адæмæн кады хос чи уыд, уыцы æгъдæуттæ æмæ адæймаджы фидауынгæнæг миниуджытæ. Мæ зæрдæ дарын мæ кавказаг хæстæджытимæ бастдзинæдтæ сног кæныныл. – Бузныг дæ арфæтæй, дæ фæндтæ дæ къухы бафтæнт! Хъæдгæройнаг Хъараты Иваны (Убийы) фырт Алыксандр 1905 азы ныххæццæ Маньчжуримæ. Æхца йæм кæй нал уыд, уымæ гæсгæ афæдзы кæронмæ куыста паровозтæ аразджыты мастерæй. 1906 азы фæцыд Владивостокмæ, царди газет «Далекая окраина»-йы редактор Николай Матвеевмæ. Йæхи цæттæ кодта денджызонты училиљæмæ бацæуынмæ, уыцы-иу рæстæг куыс¬та машинистæй чысыл наутыл. Зæрдæргъæвд лæппу училиљæйы дыккаг курс куы фæци, уæд æй æнæдызæрдыгæй райстой сæйраг механикæй æфсæддон-транспортон нау «Эльдорадо»-мæ. Уыцы науы командæгæнæг уыд училиљæйы хицау Владимир Неупокоев. Камчаткæйы æмæ Цæгат-Скæсæйнаг Сыбыры былгæрæтты, суанг Колымайы онг ленк кæнгæйæ, Алыксандр зонгæ кодта æрдзон хъæздыг бынæттимæ. Америкаг базаргæнджыты раз Цæгаты цæрджыты æнæбондзинад уынгæйæ Хъараты Алыксандры зæрды æрæфтыд йæхи куыстад байгом кæнын. 1910 азы йæ къабæзтæ Хъараты Федыр æмæ Моисеимæ сарæзта фирмæ «Братья Караевы». Тагъд рæстæджы Чукотаг-Анадыраг крайы былгæрæтты фæзындысты Хъараты чысыл наутæ. Уыдон цæрджытæн ластой хойрæгтæ, цуангæнæн хæцæнгæрзтæ æмæ сæ асламæй ивтой сырддзæрмттæ æмæ хомагыл. Кæрон скодтой, уæрæсейаг дард бæстæйы цæрджыты дæсгай азты дæргъы карз нозты бын чи фæкодта, уыцы америкæгты митæн. Чукоткæйæ Америкæйы æхсæн чи цыд, уыцы наутæ баххуырсгæйæ-иу æххуыс кодтой, Аляскæ, Канадæ æмæ АИШ-æй официалон æгъдауæй Советон Уæрæсемæ æрбаздæхыны фадат кæмæн нæ уыд, уыцы ирæттæн. 1916 азæй фæстæмæ Алыксандр Сабыр фурды разамынды хæстæм гæсгæ бирæ азты дæргъы йæ цæст дардта метеорологион уавæрмæ, иртæста денджызты уæлцъар, ахуыр кодта æмæ фыста бынæттон цæрджыты æгъдæуттæ, се ‘взаг æмæ денджызы цæрæгойты цард. Уыди дæсны къамисæг. Йæ бинойнаг Александрæ Якименкоимæ куыстой скъолайы ахуыргæнджытæй. Эскимосты царды æгъдæуттæ æмæ æвзаг сахуыр кæнгæйæ йæм æрцыди се ‘взагæн сын фыссынад ирон дамгъуатмæ гæсгæ саразыны фæнд, æмæ уый дæр йæ къухы бафтыд. Хъараты Алыксандр ныффыста чиныг «Чукотско-Анадырский край». 1926 азы журнал «Экономическая жизнь Дальнего Востока» уыцы чиныгæй ныммыхуыр кодта æрмæг, бынæттон цæрæджы очерктæ, зæгъгæ, ахæм номимæ. Куыд дзурынц, афтæмæй абон дæр Алыксандры чиныгæй арæх пайда кæнынц, Чукоткæ æмæ Ихджын фурды фаунæ чи иртасы, уыцы ахуыргæндтæ. Хъараты æфсымæртæн бынæттон цæрджыты ‘хсæн уыди стыр кад. 1922 азы мидхæст куы цыд, уæд урсгвардионтæй Анадырьск æмæ Чукоткæйы æрдæгсакъадах бахъахъхъæныны æмæ сын сæ цæрджыты хойрагæй æфсадыны хæстæ æвæрд æрцыдысты Хъараты Ибрагимы фырт Федырыл. Хъараты æфсымæрты зæрдиаг архайд фадат радта уыцы бынæтты æнæ туг, æнæ хицауады хæрдзтæй Советон хицауад æрфидар кæнынæн. 1923 азæй 1926 азмæ Хъараты Алыксандр разамынд лæвæрдта Приморскы крайы хъæдгуыстгæнæн заводæн. Уæлдæфон флоты хæлæртты æхсæнады фондæн бирæ æхцайы фæрæзтæ кæй радта, уый тыххæй йын Камчаткæйы губернийы хицауад саккаг кодта Сыгъзæрин нысан. 1926 азы коммерсантты фæдыл зилын куы райдыдтой, йæ хаццон завод ын куы фехæлдтой, йæ фæлтæрддзинад йæ зонындзинæдтæй йæ Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнын йæ бон куы нал уыд, уæд йæхи айста Японмæ. 1927 азы уырдæм акодта йæ бинойнаг Александрæ æмæ йæ чызг Раисæйы. Токиойы байгом кодта йæхи фирмæ, фæсарæнтæй иста алыхуызон машинæтæ, заводтæн æмæ фабриктæн кусæнгæрзтæ, æвæргæ дæр сæ кодта йæхæдæг, ласта хойрæгтæ дæр. Арæзта катертæ æмæ алыхуызон баржæтæ. Уыд æхсæны лæг ССР Цæдис æмæ Японы базарадон ахастдзинæдты минæварады. Скусын кодта америкаг-япойнаг лифттæуадзæн завод æмæ уыд йæ сæйраг механик. 1936 азы ацыди Пекинмæ. Уым дæр кодта алыхуызон ахсджиаг куыстытæ. Япойнæгтæ Цæгат Китай куы бацахстой, уæд Алыксандрæн, советон гражданинæн, бардзырд радтой, цæмæй суткæйы æмгъуыдмæ Пекинæй ацæуа. 1938 азы йæ бинонты бахъахъхъæныны охыл æрбынат кодта горæт Тяньцзины англисаг концессийы. Ам дæр та бынæттон заводтæн амал кодта кусæнгæрзтæ æмæ ивæн хæйттæ, уыди механик æмæ цалцæггæнæг дæр. Йæ бæрны йын бакодтой ССР Цæдисы гражданты Æхсæнады къазна. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ 1947 азы фæсарæнтæй Советон Цæдисмæ чи здæхт, уыдоны фыццагдæртимæ æрбаздæхт Алыксандр дæр. Йæ бинойнаг Александрæ, йæ чызджытæ Раисæ æмæ Татьянæ, йæ фырттæ Барис æмæ Алыксандримæ æрцарди Свердловскы. Йæ цот иууылдæр бакастысты уæлдæр скъолаты. Алыксандр куыста Свердловскы подшипниктæ цалцæггæнæн заводы сæйраг механикæй, фæстæдæр та Уралы геологон управленийы центрон механикон æрмадзты механикæй. Суанг 1960 азы онг куыста машинæтæ цалцæггæнæн заводы инженерæй. Кодта конструкторы куыст дæр. Геологтæн æрхъуыды кодта æнцонхæссæн рог пец, æндæр кусæнгæрзтæ. Кæм-фæнды цæргæйæ дæр-иу цыфæнды хъуыддагмæ куы бавнæлдта Алыксандр, уæд æй кодта æнæхин æмæ сыгъдæгзæрдæйæ, йæ зæрдæ та æдзухдæр дзырдта Ирыстонмæ. Йæ къухфыст «Ирыстонæн Чукоткæйæ» æнхъæлмæ кæсы спонсормæ. Алыксандр йæ цардæй ахицæн 1961 азы 21 июлы. Ныгæд у Екатеринбурджы Никольскы уæлмæрды. Æхсызгон лæвар Алыксандры бирæвæрсыг архайдимæ хорз зонгæ уыд дард балцыты цæуæг географ, этнограф, фыссæг, Дард Хурыскæсæн иртасæг В. К. Арсеньев. Йæ чиныг «Тихоокеанский морж» ын балæвар кодта йæ къухфыстытимæ.Йæ зæрдæ æдзухдæр дзырдта Ирыстонмæ
Дардмæ ленкгæнæг штурман æмæ науы механичы дæсныйæдтæ Алыксандр райста 1908 азы, училиљæ каст фæуыны фæстæ. Сæххæст йæ бæллиц, æмæ райдыдтой йæ балцытæ денджызы æмæ царды знæт уылæнтыл. Дард Хурыскæсæны кæсаг амалгæнæг Управлени æмæ Владивосточы базарадон палатæйы хæсмæ гæсгæ куыста пароход «Роман»-ыл, уый фæстæ, 1923 азмæ та – «Аляска», «Флаер» æмæ æндæр æфсæддон æмæ базарадон наутыл куы механикæй, куы – наутæрæгæй.
ХЕТӔГКАТЫ Оксанӕ
«ЦӔМӔЙ РАЙХЪУЫСА ЗӔРДӔЙЫ МЕЛОДИ
ӔМӔ АЗӔЛА ГӔХХӔТТЫЛ»
Нӕ республикӕйы Национ наукон чиныгдоны бындурыл байгом, фӕсивӕды ‘хсӕн литературӕйы фыццаг къахдзӕфтӕ чи кӕны, уыдоны сфӕлдыстады рӕзтӕн стыр ахъаз чи уыдзӕн, ахӕм проект «Онегин клуб». Разӕнгард сӕ кӕндзӕн литературон сфӕлдыстады алы жанрты хи равдисынмӕ. Проекты мадзӕлтты архайджытӕн дӕр канд ӕхцондзинад хӕссыны фӕрӕз нӕ уыдзӕн, фӕлӕ сӕ кӕд, мыййаг, Хуыцау иу мисхал курдиатӕй фӕхайджын кодта, уӕд сын ацы арфӕйаг хъуыддаг расидджытӕ сӕ риуы цы нӕмгуытӕ байтауой, уыдон фидӕны ӕфсир рауадздзысты. Уымӕ фӕбӕллынц, ирон литературӕ ӕмӕ аивадыл иузӕрдион чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ ӕвдисӕн сты, ирон литерӕтурӕйӕн балӕггад кӕнын, цард ын снывонд кӕнын кӕстӕр фӕлтӕрты ‘хсӕн кадджын хъуыддагыл нымад кӕй нал у, уымӕн. Проект «Онегин клуб»-ы ахадындзинад нымад у республикӕйы литературон царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иуыл.
Кӕй фӕрцы фӕзынд ӕмӕ йӕ цӕрӕццаг скӕныныл зӕрди- агӕй чи архайы, уыдон сты РЦИ-Аланийы Национ наукон чиныгдоны директор Хайманты Иринӕ ӕмӕ РЦИ-Аланийы Культурӕйы министры хӕдивӕг, курдиатджын ӕрыгон поэт, «Мах дуг»-ы уазӕг ДУДАЙТЫ Чермен.
– Чермен, цавӕр хӕс ӕвӕрд ис «Онегин клуб»-ы размӕ?
– Фыццаджыдӕр, сахадын хъӕуы кӕстӕр фӕлтӕрты хъомыладон куыстыл. Литературон куыст кӕнын хъуамӕ ӕхсӕнады уа кадджын хъуыддагыл нымад, бӕрзонд ӕмвӕзадыл ӕвӕрд. Нӕ нысантӕй иу у, цӕмӕй «Онегин клуб» суа алы фӕлтӕрты минӕвӕртты уарзондӕр мадзал. Литературӕйы фарстатыл дзургӕйӕ аразын хъӕуы, хъуыддагӕн ахъаз чи фӕуыдзӕн, ахӕм мадзӕлттӕ: сфӕлдыстадон-литературон фӕзтӕ, изӕртӕ, ӕркастытӕ, конкурстӕ. Аразын та сӕ хъӕуы афтӕ, цӕмӕй сӕм адӕм зӕрдӕрайӕ цӕуой ӕмӕ исой ӕхцондзинад сӕ архайдӕй. Нӕ хӕс у, литературӕйы фыццаг къахдзӕфтӕ чи кӕны хистӕрӕй кӕстӕрмӕ, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕхсӕнады раз хи равдисынӕн уавӕртӕ аразын. Искӕй цӕстытӕй ӕмбӕхсгӕйӕ цы рӕнхъытӕ фыст ӕрцыдысты, уыдон, аргъ сын чи скӕндзӕн, уыцы адӕмы ‘хсӕнмӕ сӕ рахӕссынӕн ӕххуысы къух бадарын. Ирон, уырыссаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг классикты сфӕлдыстады бындурыл ӕнцой кӕнгӕйӕ сын сӕ уды тӕгтӕм ӕдӕрсгӕ ӕвна- лын, цӕмӕй райхъуыса зӕрдӕйы мелоди ӕмӕ азӕла гӕххӕттыл генион уацмысты хуызы. Ӕрмӕст афтӕмӕй ис хъомыл кӕнӕн фидӕны поэтты, прозаикты, публицистты, драматургты, критикты.
– Кӕи бафӕнда, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр бар ис «Онегин клуб»-ы архайынӕн?
– Ис. Ныффыссын хъӕуы курдиат. Фыццаг дӕс адӕймагӕн уал радтам клубы уӕнгты ӕвдисӕндартӕ. Се ‘хсӕн ис, куыд хистӕр, афтӕ кӕстӕр кары минӕвӕрттӕ дӕр. Сӕ курдиаттӕ ма ноджыдӕр балӕвӕрдтой ссӕдз адӕймагӕй фылдӕр.
– Ныридӕгӕн уал клубы уыд фыццаг литературон изӕр.
– О. Фыццаг мадзал уыд, фӕлӕ нӕм тынг бирӕ адӕм ӕрбацыд. Дыууӕсӕдӕ бынаты сын не ‘сфаг ӕмӕ ма бандӕттӕ дӕр ӕрбахастам, лӕугӕ чи кодта, уыдонӕн.
Ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзагыл кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, цыбыр радзырдтӕ. Ӕххӕст уыд музыкалон уацмыстӕй дӕр.
– Чермен, ӕрӕджы мыхуыры рацыд дӕхи ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Синяя тетрадь Мидаграбина». Уымӕй размӕ ма рухс федтой дӕ ӕртӕ чиныджы. Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕм сӕвзӕрд, дӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕ мыхуыры куы рацыд, уӕд?
– Уымӕн ферохгӕнӕн нӕй. Мӕ ӕмдзӕвгӕтӕ фыццаг хатт рацыдысты 2000 азы нӕ республикӕйы фӕсивӕдон газет «Слово»-йы, ӕмӕ уӕ нӕ бауырндзӕн, уӕвгӕ та цӕуылнӕ, газеты уыцы номыр абон дӕр ма ис мӕ ӕвӕрӕнты. Цы бон рацыд, уыцы бон ӕй мӕ къухмӕ куы райстон, уӕд цыма зӕххыл мӕнӕй амондджындӕр нал уыд, афтӕ мӕм каст. Суанг ма абоны онг дӕр газеты ахорӕнты тӕф мӕ зӕрдыл бадардтон. Дыууӕ ныхасы йеддӕмӕ не сты: «мыхуыры рацыд», фӕлӕ алы фыссӕгӕн дӕр ӕппӕты адджындӕр ныхӕстӕ, базыртӕ йыл чи ӕфтауы, уыдон.
Литературӕйы йӕхи чи фӕлвары, фыццаг къахдзӕфтӕ дзы чи кӕны, уымӕн ахсджиаг хъуыддаг у, цӕмӕй йӕ бинонтӕ, йӕ хистӕртӕ газетты, журналты феной йӕ ӕнтыстытӕ. Уый тынг разӕнгард кӕны рӕзгӕ удты фыссынмӕ.
– Чи бафтыдта базыртӕ дӕуыл та?
– Хӕххон-металлургон институты ма куы ахуыр кодтон, уӕд архайдтон поэтикон конкурсы. Цыдис мыл ӕстдӕс азы. Къамисы уӕнгтӕ мын саккаг кодтой фыццаг бынат. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг нӕ уыд. Конкурсы фӕстӕ мын РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы уӕды сӕрдар, къамисы уӕнг Ходы Камал балӕвар кодта Къостайы уацмысты ӕмбырдгонд ӕмӕ йын йӕ раззаг сыфыл ныффыста: «Чермен, ӕнхъӕлмӕ кӕсын дӕ ног ӕмдзӕвгӕтӕм». Кӕуылты амонд уыд мӕнӕн нӕ фембӕлд! Йӕ ныхӕстӕ мын мӕ хъарутӕ кодтой дывӕр, мӕ ныфс та ӕртывӕр.
– Куыд цӕудзӕн дарддӕр проектыл куыст?
– «Онегин клуб»-ы куыст цӕудзӕн къӕпхӕнгай. Йӕ фӕлгӕты араздзыстӕм литературон изӕртӕ ӕмӕ киноклубтӕ, сӕ бындурыл уадздзыстӕм альманахтӕ, литературон журналты сӕрмагонд рубрикӕты ӕххуысӕй мыхуыр кӕндзыстӕм ног авторты сфӕлдыстад, адӕмӕн сӕ зонгӕ кӕндзыстӕм сӕрмагонд телеравдыстыты фӕрцы.
– Бузныг, Чермен. Уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бӕфтӕнт.

Ацы аз журналы нымад ёрцыд Нафи ёмё Шамилы азёй
Ацы аз журналы нымад æрцыд Нафи æмæ Шамилы азæй
ДЗЫРДЫ ФАРН:
«Мæнæн уыд царды иу бæрзонд Стъалы, ирон дзырды Куыр-далæгон – йæ ном».
«Куы цæрæм, – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы хауæм, – уæд стъалыйау бæрзондæй».
Редакцийы кусджытё
Редакцийы кусджытæ
ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ:
"Кæд райсом фесæфдзæнис ме `взаг,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ."
"Мах абон цы ирон æвзагæй дзурæм, уый Елхотæй дæлæмæ нæ, фæлæ уырдыгæй уæлæмæ нæ хъæуы."
Хъуыды кæнæн ис æрмæстдæр иу æвзагыл. Цалдæр æвзагæй талф-тулфæй куы дзурай, уæд дын сæ иу дæр хъуыды кæныны хотых не суыдзæн. Кусынæн дын гарз куы нæ уа, уæд куыст дæр нæй. Цалдæр æвзагыл хъуыды кæныныл куы архайай, уæд æппындæр хъуыды кæнын хъом нал уыдзынæ.
Мыдыбындз йæхи мыдыл куы атигъ кæна, раст уыйау уайы дæхи дæ мадæлон æвзагыл æнæрвæссонæй æвдисын дæр.
13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд "ТАЛАТÆ"
13-ём скъолайы сфёлдыстадон къорд "ТАЛАТЁ"

