

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал




ТОХСЫРТЫ Къоста
РУХС БÆРКАД
ФÆЗЗÆГ
Хур чысыл фæмынæг,
Нал вæййы зынгдзæст.
Алы ран лæмбынæг
Бур нывтæ нывæзт.
Ацафон хуызисын
Хорз кæсы мæнмæ.
Сабитæн æвдисын
Бур æрдзы тæмæн.
Халы хъæд йæ арæзт,
Хохы сæр – зыгъар.
Арвы роны балæст
Мигъы сау къуыбар.
Кæсын дарддæр Хауы иууыл къоппæй Хизæнуат ыстæнæг, Дидинæг æргъæвсы, Махæн у йæ сæртæй (Адæмон сфæлдыстадмæ гæсгæ) Уæлæ хъæндил Мæнæ дзæбæх Æмæ рахæсс Авдæн узы – Лоло, лоло, Дæуæн дæттын Хъазын афон Цинæй, хъалæй Ныр та ма кæн Хъал дæ, бузныг Ифтонг авдæн Ацы кадджын Уæд цæрдзынæ Нæ фыс ныззад Фæлвæрайæн Цыбыр хъуынтæ Дыууæйæ дæр Уæддæр дæйынц Æмæ æдзух Æфсæстгуыбын Кæрæдзийы – Базар ис нæ цуры, Барæнтæ рæгъ-рæгъы Хуссайраг нанатæ Уарзын æз бæгуыдæр Базары цынæ и, Арв кæуы хæкъуырццæй, Райсомы фынафон Къанæуттæй нæ уынгты О, мæнæ тæрккъæвда, Хур ныккасти Сау мæсгуытæ Амы уæлдæф – Саргъы кондæн – Хус дымгæйæ Къахвæндæгтæ – Бонтæ судзынц арты, Халсары æвзары Комы дон ыснарæг, Ма тыхсут, нæ адæм, Цалдæр азы Саргъ ыл авæрын Уый нæ хъæуы Ауадзын æй * * * Не ‘фсæды уый хорæй, * * * Хъæд ныццагъдæуыд фæрæтæй, Иу, дам дзы уыди нæхицæй. * * * Хъæд нæм давонмæ фæсидт, Къудзи рафтыдта къуыбыр, * * * Алы хатт кæны дыууæрдæм: Ирд йæ дæндæгтæ, æндонæй * * * Иу уысм дæр æнцад нæ лæууы, Иу æхсæв та уым хæрззæронд Нывгæнæг Григорян В.С.
Сатæгсау æхсæр.
Дон фæласы комæй
Бур зæлдаг сыфтæр.
Баруади цъæххал.
Бурдзыкку хуымæллæг
Къутæртæй æркалд.
Сонт дымгæ – сæнтдзæф.
Зад хуымæй æнхъæвзы
Хоры адджын тæф.
Цинты цин хæссæг,
Цардамонд – æппæтæй
Бурдзалыг фæззæг.АВДÆНЫ ЗАРÆГ
Æрцæуы.
Зæлдаг кæрдæг –
Цъæх нæууыл.
Хъæндилæг,
Цæй мæллæг дæ,
Тæнтъихæг?
Хохæй цæуыс
Быдырмæ.
Æмæ рауай
Чысылмæ.
Хæрзфынтæ,
Кæд фæсурис
Йæ рынтæ.
Мæнæ хъæндил
Æрхæццæ.
Цинæй дзаг у
Йæ зæрдæ.
Чысылæн,
Зарæг кæны
Фысымæн:
Чысыл бон,
Ахуысс, айрæз
Сывæллон.
Мæ бынтæ:
Мæ цин æмæ
Хæрзфынтæ.
Æрцæудзæн,
Урс гæлæбу
Æртæхдзæн.
Цæрдзынæ,
Лæгау-лæгæн
Бæздзынæ.
Фæстиат.
Базон исты
Дæсныйад.
Дæ карæй,
Мады ‘хсыр дын –
Хæларæй.
Сыгъдæгæй,
Æмæ бафсæд
Хуыссæгæй.
Рæстæджы
Куы нæ кæнай
Æрæджы.
Æнцонæй,
Урсзачъе лæг
Зæрондæй.ЦÆТТÆ ФЫСТÆГ
Уæрыччытæ,
Нырма фæлмæн
Сæ джыджытæ.
Йæ лæвæрттæ
Фыры хъултау –
Æмхуызæттæ.
Нæуæгдзыдæй
Цæхæр калынц
Къæбæлдзыгæй.
Дзæбæх ысты,
Сыкъатæ сыл
Фæзындысты.
Уæрыччытæ
Сæ иу мады
Дымст фæдджытæ.
Дæйгæ-дæйын
Сæ кæмтты фынк
Ыстынг вæййы.
Уæрыччытæ
Куы райдайынц
Пыррыччытæ.
Гуыррыстытæ.
Ныртæккæ дæр –
Цæттæ фыстæ.БАЗАРЫ
Алцы уым – уæййаг:
Хъалгъæн æмæ нуры,
Cay нæмыг – цъæййаг.
Бадырджантæй – дзаг.
Тасмачъи бæлæгъы
Ферттивы кæсаг.
Барынмæ – цæттæ.
Уæй кæнынц банантæ –
Иууылдæр – къæдзтæ.
Алтъами – хæрзад.
Бур, рæгъæд фæткъуытæ,
Хойраджы бæркад.
Алкæмæн дæр – фаг.
Фæлæ дзы нæ вæййы
Зонд æрмæст уæййаг.РАЙСОМЫ КЪÆВДА
Фемæхсти йæ къæрта.
Ныр кæй хъуыд сæукъуырццæй
Ацы бон тæрккъæвда?
Нæй кæрон йæ уардæн.
Арвы нæрдæй абон
Райхъал ысты адæм.
Ивылд дæттæ уайынц.
Арвы судзгæ зынгтæ
Мигъы арфы тайынц.
О, мæнæ цы уарын!
Кæд, мыййаг дæ къæрта
Фестади хуынкъ арынг.ФЫЙЙАГДОН
Рагъæй коммæ.
Хох ысрухси
Арвы ронмæ.
Къултыл – рагон.
Хосгæнæг у
Хъæу Фыййагдон.
Нæу уый сусæг –
Улæфæнты
Низтæ сурæг.
Хохы саггом.
Удыбæстæ
Хъæу Фыййагдон
Хъарм æвзæры.
Урс цъуппыты
Мит фæхæры.
Гакъон-макъон,
Аргъау-биргъау –
Хъæу Фыййагдон.СÆРД
Нал быхсæм сæ тæвдæн.
Цас хъару ис царды
Хуры рухс æндæвдæн!
Алы сыф æмпылдтæ.
Ацы сæрд фæлвары
Алцæуыл йæ тыхтæ.
Хус кæнынц йæ хъуыртæ,
Æмæ ныр йæ зарæг
Нал хъуысы æппындæр.
Сæрд фыцы йæ рады.
Хъуамæ цард ыссарæм
Хуры рухс бæркады.БÆХ
Дарæм хорз бæх.
Алы бон мæ
Ис йæ хорзæх.
Æз уайтагъд.
Уады хуызæн
У йæ атахт.
Никуы холлаг.
Донмæ дæр
Нæ кæны мондаг.
Æз нæ тыргъты
Хъазæн бæх у:
Ис цæлхытыл.БАЗОН-БАЗОНТÆ
Зилы алкæд донæй.
Зæрдæ – рухс йæ койæ,
Æз зæгъын…
(куыройæ)
Мæргъты зарæгæй фæхицæн.
Æмæ уый дзырдта æфхæрдæй
Циу, уæд уыцы иу фыдгæнæг,
Хъæд цæй азарæй ныссæндæг?
(фæрæты хъæд)
Хуры тын фæзынг и.
Рувас акалдта йæ фист
Ног хъуын ыл фæзынди.
Маргъ кæны йæ зарæг.
Уымæн æмæ ныр
Ралæууыди…
(уалдзæг)
«Мæнæн дæр, дæуæн дæр».
Фæлæ нæу, мыййаг, æууæрдæн,
Кусы иудадзыг кæмæндæр.
Æмæ алмасийау цыргъ.
Хъуамæ базонай æнцонæй:
Уый у хæдзары дзаума…
(хырх)
Бон æмæ æхсæв фæцæуы.
Никæд зоны уый фæллайын,
Хур дзы бон йæхи фæнайы.
Мæй ныххауд æмæ фæдæлдон.
Уæдæ уый цы уа, мæ фæдон,
Денджыз, цад æви…
(цæугæдон)
БАКÆСÆМ НÆ ХУРТЫ ХУРТÆН
ХЪАССОХАТЫ Калинин
КЪУЫРТТОН КАРК
Бæппу мадмæ
Куы дзуры:
– Нæ хъулон карк
Цы куры?
Хæринаг уый
Нæ хæры,
Мæ баббиты
Æфхæры.
Йæ бумбули –
Пыхцылтæ.
Йæ сырх къоппа
Нынцъылдтæ.
Кæсын дарддæр Мад Бæппумæ Ысуыдзысты Æйчытæ мын Гыцци: Арвгæрон – цъæх дари, Мæ хорз хæлар Кæрконæг, – Кæдæм тæхут, Рувас, рувас, Къæрных митæ Рувас, рувас, Ды – маринаг, Баба дзы у Тызмæг дæхи Хъæлдзæг бонтæ æрвитæм, Æнæнивæг лæппу дæн. – Кæцæй цæут, лæппутæ, – Кæдæм уайут, сабитæ? Гыцци: Арвгæрон – цъæх дари, Мæ хорз хæлар Кæрконæг, Цардысты фондз æмбалы: арс, бирæгъ, рувас, зыгъарæг æмæ теуа. Фыдзымæг скодта, хæринаг сын нал уыди. Иу бон рувас афтæ зæгъы арс æмæ бирæгъæн: – Цæй, мæнæ теуайы аргæвдæм, æмæ нын æгас зымæгваг уыдзæн! Арс загъта: – Уый бæргæ хорз уаид, фæлæ нын кæм сразы уыдзæн! – Уый мæ бар уадз, – загъта рувас. – Æз æй бацырын кæндзынæн, уалдзæджы, кæрдæг куы æрзайа, уæд та дæ райгас кæндзыстæм, зæгъгæ, æмæ уый йе ΄дылыйæ ницыуал зæгъдзæн. Арс æмæ бирæгъ загътой: – Хорз, ацу йæм æмæ йæ сразы кæн, æргæвдын та мах бар уадз. Рувас фæсидти теуамæ æмæ йын хибарæй райдыдта йæ сайæн ныхæстæ кæнын: – Теуа! Уæ, теуа! Зæгъин дын зæрдæбын ныхас, фæлæ та дæ нæ уырндзæн, стæй дæ уымæй дæр тæрсын, мыййаг дын хъыг куы уа: ды, дзæбæхæн дын цы загъдæуа, уый зыгъуыммæ æмбарыс. Теуа йын загъта: – Нæ мын уыдзæн хъыг, стæй дæ дзырдыл дæр ныллæудзынæн, зæгъинаг цы дæ, уый мын зæгъ. – Цæй, теуа, аргæвдæм дæ æмæ дæ бахæрæм, стæй уалдзæджы, кæрдæг куы сцъæх уа, уæд дæ райгас кæндзыстæм. Мах дæ куы аргæвдæм, уæд дæ æгас дæр ракæндзыстæм; дæхи æгъдауæй куы амæлай, уæд дын райгасгæнæн нал ис. Теуайы бауырныдтой рувасы ныхæстæ æмæ сразы. Æрбакодта йæ арс æмæ бирæгъмæ, æмæ йæ аргæвстой. Йæ хуылфыдзаумæттæ йын рувас æмæ зыгъарæг систой. Стæй та рувас теуайы зæрдæйæ иу гыццыл зыгъарæгæн авæрдта, иннæ йæхæдæг ахордта. Уæд ын зыгъарæг загъта: – Дæ цæстытæ-иу ныдздзагъыр кæн æмæ афтæмæй кæс, фæлæ дзургæ мацы скæн. Рахастой физонæгтæ. Арс æмæ сæ бирæгъ æрысгæрстой, æмæ, зæрдæ уым нал ис, уый куы федтой, уæд сæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодтой: – Зæрдæ цы фæци, уый нын зæгъут, кæннод додой уæ къона кæны! Уæд зыгъарæг, йæ цæстытæ ныдздзагъыр кодта, афтæмæй кæсы рувасмæ. – Куы йæ хордтай, уæд мæм нæ кастæ, фæлæ мæм ныр кæс. Азым зыгъарæджы фæцис, æмæ йын арс æмæ бирæгъ загътой: – Ацы хатт дын барст фæуæд, фæлæ ма æндæр хатт куы фæрæдийай, уæд нын сар дæ сæр кæндзæн. Радтой теуайы сæр зыгъарæгмæ. Арс æмæ йын бирæгъ загътой: – Ацу æмæ йæ сарау. Зыгъарæг ахаста сæр æмæ йæ сарыдта. Рувас йæ фæдыл ауади, сæрæн йæ магъз акъахта æмæ йæ ахордта, йæхæдæг æй афтæмæй бахаста æмæ йæ арс æмæ бирæгъы раз æрæвæрдта. Æруыдтой йæ, æмæ дзы магъз нал уыди. Фæрсынц рувасы: – Цы фæци амæн йæ магъз? Уæд рувас æдзынæгæй алæууыди æмæ сын загъта: – Гъе, арс æмæ бирæгъы зондджын чи хоны, уымæн та цы зæгъон! Цæй магъз дзы агурут? Теуайы сæры магъз куы уыдаид, уæд йæхи æргæвдын уагътаид?! Бауырныдта рувасы дзырд арс æмæ бирæгъы.
Куы дзуры:
– Уый, мæ лæппу,
Къуыртт куры.
Рауадздзæни
Дзиботæ,
Урс дæллагхъуыр
Бинонтæ.
Кæрчытæ,
Æфтаудзысты
Æйчытæ.
Хæрдзынæ,
Сæрæн лæппу
Кæндзынæ.ГЫЦЦИ ÆМÆ ЧЫСЫЛ ХÆСА
Раирд та и бон.
Хæса: Уымæй ма мын бахуый,
Уæ, гыцци, хæдон.
Гыцци: Арвæрдын æркъæлæт,
Диссаг у йæ конд.
Хæса: Уымæй мын æнæмæнг
Ачъепп кæн ды рон.
Гыцци: Хур ыссыгъди арвыл,
Тынг æндавы, тынг.
Хæса: Уымæй ма нæ артыл
Баппар, гыцци, зынг.
Гыцци: Мæй, æрттивгæ, тулы,
У йæ фæндаг даргъ.
Хæса: Уымæй ма нæ къулыл
Ацауындз цырагъ.
Гыцци: Арвы астæу хъазынц
Стъалытæ фæрнæй.
Хæса: Сæр æруагътон базыл,
Акæнон фынæй…МÆ ХОРЗ ХÆЛАР КÆРКОНÆГ
Хивæнд митæ цы кæныс?
Кæм дыл амбæлд дæ хонæг,
Æд дзибатæ кæм хæтыс?
Нæ сыхæгтæн сæ уасæг –
Фыдуаг æмæ тыхтона.
Уый нæ зоны, циу уазæг,
Ныттондзæн дын дæ къоппа.УАРГÆ БОН
Сабитæ?
Уæ зонтыктæ кæм сты?
– Цъымарайы
Бабитæ
Ныссагъдысты, мæлдзысты.РУВАС
Хинæйдзаг,
Дæ даргъ къæдзил –
Митæйдзаг.
Кæм та уыдтæ,
Сайæгой,
Кæй кæркдоны,
Давæгой?
Цы хоныс?!
Ды бахордтай
Нæ гогыз.
Æдзæсгом,
Тагъд ферох кæн
Нæ кæркдон.
Нæминаг.
Нæ фæсдуары –
Хъыримаг.
Рæстдзæвин.
Фæкæндзæн дæ
Æнæсин.ЗЫМÆГ
Цы дарыс?
Нæ лæгдзинад
Куы ΄мбарыс.
Мах ихæнæй
Нæ тæрсæм,
Æд дзоныгътæ
Цæттæ стæм…
Фæтыхджын кæн
Дæ къуыззитт,
Æруар, æруар
Фæлмæн мит.
Гъе, уымæ дын
Куы бæллæм:
Митын Дада
Ыскæнæм.БАБА АФТÆ ФÆКУВЫ
Нæ сабитæ – нæ фидæн.
Махæн зæхх у нæ дарæг,
Хоры нæмыг – нæ зарæг.
Уалдзæг, разын къæвдаджын:
Нæ фæззæг уа бæркадджын.
Зилæд, зилæд нæ куырой, –
Бæркадыссæг æдзухæй:
Нæ сабитæ æфсæст уой
Дзуццутæ ΄мæ гуккутæй.ÆНÆЗИВÆГ
ЛÆППУ ДÆН
Æнцад бадын нæ зонын.
Нæ годо ‘мæ нæ хъугæн
Кæрдæджытæ фæтонын.
Баба мæ ныр лæг хоны,
Быдырмæ мæ фæхоны.
Нанайæн та гыццыл дæн:
Нæ мæм дæтты йæ цъылын.ФÆКÆСЫН ÆМ
НÆ ХЪУЫДИ?
Кæм уыдыстут, мæ хуртæ?
Цæмæн стут чъизи та?
Фæуыдзыстут фидиссаг.
– Хæдзар кæны Саугуыди,
Фæкæсын æм нæ хъуыди?!КÆДÆМ УАЙУТ, САБИТÆ?
– Мах бигъойæ нæ тæрсæм,
Уæлæ фахсæй уардитæ
Нæ нанатæн æрхæссæм.ГЫЦЦИ ÆМÆ ЧЫСЫЛ ХÆСА
Раирд та и бон.
Хæса: Уымæй ма мын бахуый,
Уæ, гыцци, хæдон.
Гыцци: Арвæрдын æркъæлæт,
Диссаг у йæ конд.
Хæса: Уымæй мын æнæмæнг
Ачъепп кæн ды рон.
Гыцци: Хур ыссыгъди арвыл,
Тынг æндавы, тынг.
Хæса: Уымæй ма нæ артыл
Баппар, гыцци, зынг.
Гыцци: Мæй, æрттивгæ, тулы,
У йæ фæндаг даргъ.
Хæса: Уымæй ма нæ къулыл
Ацауындз цырагъ.
Гыцци: Арвы астæу хъазынц
Стъалытæ фæрнæй.
Хæса: Сæр æруагътон базыл,
Акæнон фынæй…МÆ ХОРЗ ХÆЛАР КÆРКОНÆГ
Хивæнд митæ цы кæныс?
Кæм дыл амбæлд дæ хонæг,
Æд дзибатæ кæм хæтыс?
Нæ сыхæгтæн сæ уасæг –
Фыдуаг æмæ тыхтона.
Уый нæ зоны, циу уазæг,
Ныттондзæн дын дæ къоппа.ТЕУА ЙЕ ‘НÆЗОНДÆЙ
КУЫД ФЕСÆФТ
Ирон адæмон аргъау
Уæд дын рувас йæхинымæр бахудт æмæ загъта:
– Дæ бон ныккалай, ды мын йæ фылдæр æрдæг ахордтай, фæлæ нæ ныр арс æмæ бирæгъ куы фæрсой зæрдæйы тыххæй, уæд сын цы зæгъдзыстæм?
Рувас зæгъы зыгъарæгæн:
Дæ бындар фæуай, нæ гæды рувас, диссагæн баззадтæ рагæй-æрæгмæ.
КЪÆЛХИДТЫ ЭЛЬВИРА,
ЛЕГКОЙТЫ МАРИНÆ
СЫЛГОЙМАДЖЫ ФÆЛГОНЦ Джыккайты Шамилы радзырдты
«Литературæ хонæм аив, аивадон, уымæн æмæ уый у рæсугъддзинады æвдисæн, аив ныхас æмæ сыгъдæг хъуыдыты хæзнадон», – фыста Джыккайты Шамил.
2007-æм азы мыхуыры рацыд Джыккайы-фырты чиныг «Арт æмæ æртхутæг». Дисы та бафтыдта йæ аивадæй ирон чиныгкæсæджы. Фыссæг йæ прозаикон уацмысты агуры дзуæппытæ ныры царды судзаг фæрстытæн, æргом дзуры, йæ зæрдæ цæуыл риссы, ууыл, аразы цардæгас сурæттæ. Йæ хъайтартæ сты хуызджын æмæ хигъæдон, рæсугъд æмæ сæрыстыр.
Хъæздыг у Джыккайты Шамилы радзырдты фæлгонцты дуне. Бæрæг дзы дарынц рæсугъд æмæ сæрыстыр сылгоймæгты сурæттæ. Цавæр у фыссæджы идеал конд æмæ уындæй, удварнæй?
Джыккайы-фырт нæ намысджын ивгъуыдæй исы хъæбатыр æмæ сæрыстыр сылгоймаджы хъысмæт. Дисы æфтауы Шамилы радзырд «Ирон чызджы мæлæт» (уырыссаг афицеры фыстæг).
Нæ разы сыгъдæг æмæ фидауцæй сысты ирон сылгоймаджы фæлгонц. Уый бацагайдта уырыссаг афицеры зæрдæ, æндæр цæстæй йæ ракæсын кодта сæрыстыр хохæгты цардмæ. Йе ‘нкъарæнтæ, йæ дзуринæгтæ уромын йæ бон нал у, æмæ йæ хъуыдытæ æргом кæны йе ‘мбалмæ фыстæджы. Ирон чызджы тыххёй йæ ныхас у зæрдæбын, æнæхин. Цыппар хатты йыл амбæлд алы уавæрты, æмæ йæ фыццаг хатт дисы бафтыдта йæ рæсугъддзинад, дыккаг хатт – йæ сæрыстырдзинад, æртыккаг хатт – йё фæразондзинад, цыппæрæм хатт та – йё хъæбатырдзинад. Ахъаззаг аивадон фæрæз у, сюжет авторы раныхас нæ, фæлæ геройы монолог кæй у, уый: герой у цауты архайæг, æмæ йыл фидауы эмоцион ныхас дæр æмæ хатдзæгтæ кæнын дæр.
Кæсын дарддæр Радзырды архайд цæуы 1830-æм азы. Уырысы æфсад басаста Чеселт, ныр та бырсынц – Чысангоммё. Семæ – гуырдзиаг æлдæрттæ æд чапартæ, милицæ («зæхх сæ сæ быны рызти»). Кæд ирæттæ хъазуатонæй хæцыдысты, уæддæр «цы тых лæууы уырысы æфсадæн!» Хъæутæй баззад фæнык æмæ æртхутæг. Фыццаг хатт ирон чызджы (автор ын йæ ном нæ зæгъы) уынæм минæвæртты æхсæн: «Цæуынц гуыбырæй, сæ иуы къухы – урс хæцъил. Æхсæзæй – бынтон зæрæдтæ… Æвдæм уыд сылгоймаг, æрыгон æмæ сæрæн. Уый цыди фидар къахдзæфтæй». Минæвæрттæ сæ зонгуытыл куырдтой, цæмæй сын радтой сæ мæрдты. Инæлар сразы, фæлæ сæ райсоммæ ныууагъта амынæты. Ам уырыссаг афицер рахызт ирон чызджы æрфыстмæ. «…фидарæй зæгъын: фидыцæй ничи амбулдзæн Иры чызджыты. Фæлæ уæддæр ацы амынæт. Уындæй нæ разындзæн дыккаг ахæм. Цæуы сагау сæрыстырæй. Асæй – рæстæмбисæй бæрзонддæр. Йæ кондмæ бахæлæг кæндзæн Боттичеллийы Венерæ. Йæ цæсгом – ирд æмæ рухс, цæстытæ – æрвыг æмæ цæхæр, сæрыхил – индиаг цыллæ, дыууæ быдæй хуры тынтау тыбар-тыбур кæнынц йæ аив фæсонтыл, дзыккуты кæрæттæ – йæ роны тъыст. Кæцæй фæзынд ацы зæд? Цы йæ æрхаста ацы фыдæбоны коммæ? Цæмæн фидауы ссæст розæйыл сæууон æртæх куыд æрттивы, афтæ?.. Цæмæн бахауд ацы зындоны?..» [1, 210ф.] Сæрыстыр чызг гуырдзиаг æлдарæн «ком нæ радта», æмæ йæ хоны «налат». Йæ фыдмæ та йæ сидзæр чызг «Бонвæрнон каст». Æлдар домы, цæмæй йын ирон чызг йæхи фенын кæна бæгънæгæй. Уæд «йæ хъæу уæгъд уыдзæн хъалонæй». Ссардта сæрыстыр чызг амал йæ фидыц фыдцæстæй бахъахъхъæнынæн: «йæ сæр æваст размæ фæкъул кодта, æмæ йæ гуырыл æркалд дзыккуты æхсæрдзæн. Сызгъæрин хил суанг уæрджытæм æрæмбæрзта чызгон буар. …Нæ бафиппайдтон, аивæй куыд фæзылд, уый. Сæр фæстæмæ фесхуыста, æмæ дзыккуты пырхæндæг фæсонтыл абадт, æмæ фæцæуы…» [1, 212ф.]. Уырыссаг афицеры дисы æфтауы чызджы фæразондзинад: «Куыд фæцыд ахæм цæфтæй дыууадæс версты? Цавæр рухс ис йæ зæрдæйы, цы йын дæтты ахæм ныфс?» Йæ нæмыг ын лечыр куы иста, уæд «нæ бауагъта йæ къухтыл хæцын… Ахæм æвнæлдæн нæ фæразы фæлтæрд хæстон дæр. Ацы чызг быхсы æвирхъау рыст. Йæ хъæлæсæй нæ сирвæзт хъæр, нæ райхъуыст йæ хъæрзын…Баруад, цалдæр боны размæ цы фидауц федтон, уый. Æрмæст нæ бамынæг йæ цæстыты цæхæр, нæ асаст сæрыстыр каст» [1,215ф.]. Радзырды кæрон афицер фыссы ирон чызджы мæлæты æвирхъау нывты, йæ хъæбатырдзинады тыххёй. Не ‘ркъул кодта йæ сæр лæгмарты раз. Сыгъдæгзæрдæ, рæстуд чызг ныллæууыд уырыссаг æфсады ныхмæ тохы, удуæлдай тохы фæндагыл. Уый нæ ныббарста йæ фыды мæлæт, йæ худинаг æмæ райста йæ маст æлдарæй, кæд йæхæдæг дæр фæмард, уæддæр. Хæстон лæгау «фыранкау расæррæтт ласта», «йæхи ныццавта æлдарыл», «ныззæгæл дынджыр лæгыл, ласы йæ былмæ». Автор радзырды кæрон пейзажы руаджы æргом кæны йæ зæрдæйы рис. Ирон чызджы цард бары дидинæгимæ. Уырыссаг афицер, размæ бырсгæйæ, чысыл æрулæфыд лæнкауы. «Кæсын, æмæ сау къæйыл тæмæнтæ калы дидинæг. Æрзади къæйы скъуыды. Фыдраны æнафоны дидинæг…Фæлæ цæмæн æрзад ахæм тæссаг ран?…Чи зоны, æхсæв худти стъалымæ?…Цæмæй зыдта дидинæг, абон æдзæрæг хох къæхты бын уыдзæн, уый. Абон тæссаг у ам. Æвгъау у, æвгъау…» Ам нæ зæрдыл æрлæууынц Калоты Хазбийы поэтикон рæнхъытæ: «Цард у мæлæтæн æвгъау». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цауты тæлмæнтæ æмæ мысинæгтæ, адæмы рыст æмæ сгуыхтытæ абоны онг ахъаззаг æрмæг сты аив литературæйæн. Ирон адæмы хъысмæтыл хæст куыд æмæ цы хуызы фæзынд, уыцы фарст æвæры Джыккайы-фырт йæ радзырды «Цопаны чындз». Автор æвдисы хуымæтæг бинонты цард хæсты рæстæг. Фæрныг у Цопаны хæдзар. Йæ дыууæ фырты ацыдысты хæстмæ. Кæстæрæй ссыд сау гæххæтт. Мад æмæ фыдæн асаст сæ тых, фæлæ сæхиуыл хæцынц. Хистæры фырты номыл сæ хæдзары ис чындз. Сæ чындзæхсæвæй къуыри фæстæ райдыдта хæст. Фыссæг, рæсугъд ахорæнтæй пайда кæнгæйæ, зонгæ кæны чиныгкæсæджы радзырды сæйраг персонажимæ: «Рудзынгæй уатмæ кæсы Бонвæрнон. Миты хъæпæнæй æхсæвы сау зæлдаг куыд фæхицæн уа, афтæ æрыгон сылгоймаджы буарæй фæбырыд рог хъæццул. Фæзынд, стъалыты хуыз чи исы, хуримæ ерыс чи кæны, ахæм фидауц. Цопаны чындз уыдта адджын æмæ рæсугъд фынтæ»[1,5ф.]. Кæд Замирæт иунæг чызг уыд йæ ныййарджытæн, буц æй дардтой, «æмæ чызг рæзыд, бæзнаг хуымы гæлгæт-дидинæг куыд рæзы, афтæ, уæддæр уыд сæрæн æмæ æмбаргæ, фæразон æмæ тæригъæдгæнаг. Мæнæ йæ хицау мæкъуылтæ ласынмæ цæуы, æмæ чындз йæхи арæвдз кодта, кæд ын Цопан ницы загъта æфсæрмæй, уæддæр. Чысыл детальты фæрцы автор æргом кæны Замирæты фæлгонц: «йæ дзыккутæ хъæбæр быдæй уæз кодтой йæ аив сæрæн, фæлæ сæ нæ къуырдта йæ цахъхъæнтау», «арæхсгæ февнæлдта рæвдз», «кæрдæгыл айтыдта сыгъдæг къуссæрфæн», «йæ къухтæн сæ уынд куыд рæсугъд уыд, афтæ аив уыд сæ бавнæлд дæр». Замирæт æппынæдзух архайы йæ хистæрты къух фæрог кæныныл. Уæгъд рæстæг та йæ хъуыдытæ иууылдæр сты йæ уарзон Алиханимæ: «Фæлæ кæм и афонмæ Алихан? …мацы йыл æрцæуæд! Нæ, тас ын нæу. Мæ уарзт æй хъахъхъæны. Мæ зæрдæ йæ разæй цæуы, йæ риу ын æхгæны. Æрра нæмыг! Зон, фыццаг мæ зæрдæйыл æмбæлдзынæ, уым нæ ахиздзынæ…» [1,10ф.] Чындзæн ныфс лæвæрдтой уарзт, бинонты фарн. Уарзондзинад фыссæгæн у тыхджын æмæ бæрзонд æнкъарæн, зæрдæйы хорз æмæ уды рæсугъддзинад кæм зынынц, ахæм миниуæг. Хæст æнæуынон у уарзтæн. Мингай бинонты амонд басыгъта, мингай уарзæтты фæхицæн кодта кæрæдзийæ. Хæст у царды ныхмæ, мары рæсугъддзинад æмæ сыгъдæг бæллицтæ…Нæ бацауæрзта Замирæт æмæ Алиханыл дæр. Нал сыздæхт хёстёй уæздан æмæ хæдæфсарм лæппу. Замирæт у уарзон сыхбæстæн, «сæ цæст ыл æрæвæрдтой ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ». Кусы фелсырæй. «Хъæубæстæ йæ сæ хъуыры æгънæгæн хуыдтой. Уый сын уыд цыкурайы фæрдыг, зæрдæйы дидинæг, æмæ йæ уындæй сæ низтæ лыгъдысты хъæдмæ», – райы авторы зæрдæ. Йæ рынчынты фылдæр дзæбæх кодта «ныфс æмæ уды хъармæй». Цопаны чындз йæхицæн аргъ кæнын зыдта æмæ цыдис ныфсхастæй, аив æмæ сæрыстырæй. Фæлæ уавæртæ разындысты уымæй карздæр æмæ тыхджындæр. Кæддæр Хъауырбеджы уарзондзинадæн дзуапп нæ радта, æмæ уый ныр, йæ бинойнаг хæсты куы фесæфт, уæд йæ фæдыл зилын райдыдта. Хъауырбеджы раз хъахъхъæны йæ намыс. Замирæты сыгъдæг уд, йæ иузæрдыгдзинад автор æргом кæны Хъауырбегимæ быцæуы диалоджы фæрцы: «Йæхæдæг куы нæ зына, уæддæр æй æз ссардзынæн. Æз æм лæгæрддзынæн ивылд дæтты. Цæудзынæн нæмгуыты бын…» Цæттæ у æнæрцæф сылгоймаг цыфæнды зындзинадмæ дæр, фæлæ нæ бафæрæзта Хъауырбеджы фидиссаг хъуыддагæн (адавта Алиханы гал-нывонды) æмæ ацыд. Цопаны æмæ Фæрнионы иунæгæй æмæ кæугæйæ ныууагъта. Автор сагъæс кæны семæ: «Хæст мæлæтимæ хæссы низ, хæрам æмæ фыдæх». Сыгъдæг уды трагеди æвдыст æрцыд радзырд «Дидинæг æмæ хъусхилæг»-ы. Джыккайы-фырт дзуры нырыккон дуджы цаутæ. Радзырды проблемæтæ стыр æмæ ахсджиаг сты ныр дæр. Архайд дзы рæзы этикон быцæуæй. Уацмыс йæ арæзтмæ гæсгæ у авторы мысинаг. Автор хабæрттæ кæны йæхæдæг. Шамил, университеты кусгæйæ, арæх цыд студенттимæ колхозты кусынмæ. Рæстæг аивгъуыдта, фæдæ йын иу чызджы хъысмæт æнцой нæ дæтты цалдæр азы. Ахуыргæнæджы цæст ыл æрхæцыд, факультетмæ куы цыд, уæд фæлварæнты. Бæрæг дардта иннæты астæу, «кæрдæгæй дидинæг куыд зына, афтæ», «Бонвæрнон арвыл бæрæг куыд фæдары, афтæ». Бацыд ахуырмё, фæлæ стæй иннæты æхсæн айрох, нал разынд. Дыккаг хатт та автормæ уыцы чызг разынд колхозы куысты рæстæг. Рæсугъддзинадæй ницы бавгъау кодта йæ геройæн. Йæ цæст ын сæ бауарзта иууылдæр: «Рæсугъдæн цыдæртæ хатыр кæнæм, – зæрдæ дур нæу, фидауцы раз йæ тæраз раст нæ бары. Уыцы чызгæн йæ уындæй йæ зонд уыди рухсдæр, йæ ныхас – аив, йæ дзуапп – мидисджын» [1,125ф.]. – Автор нæ хæлæг кæны æппæлæн ныхæстæ чызджы æнаипп бакастæн: «йæ цыд – сæрыстыр æмæ аив, йæ фезмæлд – ныфсджын æмæ арæхстджын, йæ ныхас – уæздан. Алцæмæй дæр уыд зæрдæмæдзæугæ, æмæ йын мæ зæрдæ гом кодта йæ дуæрттæ». Шамилæн рæсугъддзинад æрмæст бакастæй нæу. «Æцæг рæсугъддзинадæн хъæуы рухс. Уыцы рухс цæуы зæрдæйæ, уымæй сфидауы цыфæнды цæсгом дæр, уый фидауц кæны бæрзонд æмæ алæмæт. Уыцы чызг рухс уагъта йæ удæй дæр æмæ йæ буарæй дæр». Ницæмæй уыд радзырды персонаж æнæмæт хъалты хуызæн, «æмхиц нæ уыд сонт кæл-кæл æмæ æваст фæзылдмæ». Аргъ кæнын зыдта йæ дзырд æмæ йæ къахдзæфæн. Хъазтмæ йæ быцъынæг нæ тыдта, йæ мондæгтæ дзы нæ уагъта, фæлæ иугæр рахызт, уæд йæ кафт дæр уыди уæздан æмæ аив. «Фæлæ арæх йæ цæстыты зынди æдзæм æрхæндæг» [1,127ф.]. Фыццæгæм курс фæцис, иууылдæр улæфынмæ ацыдысты. Мæйы фæстæ «æрбайхъуыст æнамонд хабар: уыцы чызг йæхи æрцауыгъта». Ныхæстæм гæсгæ, чызг уыди чындзæхсæвы сæ хæстæджытæм. «Уым ын йæ мады æфсымæр бауайдзæф кодта, цыбыр къаба йыл кæй федта, уый тыххæй. Чызг уырдыгæй ралыгъд æмæ тæвдæй йæ хурхыл æрвæдзæг æрбавæрдта». Нæ баууæндыд автор ууыл: «Уыцы чызг рæузонд æмæ тæлтæг нæ уыд. Хи марынæн ахъаззаг æфсон хъæуы». Цавæр, уый автор бамбæрста бирæ азты фæстæ. Ахуыргæнæг цины фынгыл бады йæ кæддæры студенттимæ. Мысынц алы ирд цаутæ ивгъуыдæй. Уыцы сæрд ацы «æнамонд чызг» дæр куыста семæ Чермены, цардысты æмдзæрæны. Чызджытæй иу, Зарæ, иу æхсæв фæрæдыд мæхъхъæлон лæппуимæ. «Уыцы чызг, – дзырдта Матронæ, – æваст фæзæрдæсаст… Хуыссæны ныххауд æмæ боныцъæхтæм йæхи æхсадта йæ цæссыгæй». Мæйы фæстæ Зарæ чындзы ацыд. Ацы «стъæлд чызг» дæр йæ мадимæ араст чындзæхсæвмæ. Уым ыл уайдзæф сæмбæлд æмæ йæхи æрбайсæфта. Фёлё автор æндæр хуызы «æнкъары», цардыл йæ къух цæмæн систа, уый: «Чындзæн исынц йæ хыз. Кувынц: «Фарн! Фарн!..» Уыцы æнамонд чызг кæсы, æмæ Сæрызæды бын урс дарæсы лæууы æмбисонды Зарæ. О, æз ын æмбарын йæ уавæр. Уынын, æрвдзæфау куыд фæци, уый… Уынын, фистæгæй хъæуæй хъæумæ куыд згъордта, уый дæр. Мæ зæрдæйæ æнкъарын йæ зæрдæйы рыст…» Æмæ авторы зæрдыл æрлæууыд æрхæндæг чызг: «Æвирхъау хъыг æм фæкаст, дидинæгыл хъусхилæг кæй сбырыди, уый. Сыгъдæг уд алцыдæр йæхимæ арф исы, уый гæлæбуйы тæнбазырау тæссонд у, нæ лæууы дæрзæг ныхасæн, риссы уайдзæфæй. Сындз схъæлæй баззайы миты бын дæр, дидинæг нæ фæразы чысыл уазалæн дæр [1,132ф.]. Нæ бафæрæзта сыгъдæг уд царды æнæрастдзинæдтæн, сайд æмæ чъизидзинадæн. Автор фæсмонæй йæхи хæры: «Чи зоны йын мæ бон бауыдаид ныфс раттын – цæрынæн, уарзынæн, тох кæнынæн». Фыссæг аххосджын кæны йæхи, йæ алыварс чи уыд, уыдоны: нæ йын хъуыстой йæ уды хъæрзын, нæ йын æмбæрстой йæ рыст, йæ хъыгтæ. Шамил йæ уарзон чызджы бары, хабæрттæ чи кæны, уыцы «дзæбæх сылгоймæгтимæ»: «Матронæ æлгъаг хабæрттæ дзырдта æхсызгонæй, худæндзастæй. Иннæтæ йæм хъуыстой рохстæй, зæронд анекдотмæ куыд фæхъусынц, афтæ, хъырныдтой ын хъæлдзæг чыр-чырæй… Уый сын уыд æрвылбоны цау, æмæ сæм нæдæр диссаг каст, нæдæр – тæригъæддаг». Æнæрцæф чызгæн Зарæйы хабар у трагеди, уды рыст, иннæтæн та – зæронд анекдот, хъæлдзæг хабар, таурæгъ. Джыккайы-фырт, мивдисджытæй пайдагæнгæйæ, ныхмæвæрд кæны радзырды сылгоймæгты характертæ. Иуырдыгæй, æнамонд чызг «ныккуыдта зæрдæбынæй», «йæ цæстытæ æмбæрзта йæ армытъæпæнæй», «хуыссæны ныххауд», «боныцъæхтæм йæхи æхсадта йæ цæссыгæй», Зарæйы хæбар базонгæйæ, иннæрдыгæй, «нæртон æхсин» сусæг æнкъарæнтæ «сасирæй луæрста», «фæзмы сойджын ныхæстæй», «хурмæ калы, дуры гуыбынмæ дæр ныдздзурæн кæмæн нæй, ахæм хабæрттæ», «хъæлдзæгæй дзырдта». Радзырды кæрон бæлвырд у авторы ахаст сылгоймагмæ: иу – «цыкурайы фæрдыг», иннæ – «ахуырст авг», «сындз схъæлæй баззайы миты бын дæр, дидинæг нæ фæразы чысыл уазалæн дæр». «Намысджын æмæ рæсугъд сылгоймагæн зын цæрæн у, – зæгъы фыссæг. Джыккайы-фырт уарзта рæсугъддзинад. Ницы бавгъау кодта сылгоймаджы фидыц æрфыссынæн. Пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæй: абарстытæй («цæуы сагау сæрыстырæй», «мах ацы сыгъдæг удæн дзуарау табу кæнæм», «уыцы чызг разынд, Бонвæрнон арвыл бæрæг куыд фæдары, афтæ»), антитезæйæ («æнхъæлыс æй цыкурайы фæрдыг, цæуыс æм хæстæг, æмæ разынди ахуырст авг», «сындз схъæлæй баззайы миты бын дæр, дидинæг нæ фæразы чысыл уазалæн дæр», «зивæггæнаг хъазæн ныхас дæр мастæн исы, йе ‘рфыг дзы æлхынцъ кæны. Уый-иу аивæй бахудт»), метафорæйæ («сау цæстытæ сыгъдысты цинæй æмæ зындысты сау зынджытæй», «цыкурайы фæрдыг»), фразеологион дзырдбæстытæй («хъæубæстæ йæ сæ хъуыры æгънæгæн хуыдтой», «уындæй нæ разындзæн дыккаг ахæм»). Куыд уынæм, афтæмæй Шамилы радзырдты сылгоймаджы фæлгонцы, ахадгæ цы нæ у, ахæмæй ницы ис. Йæ кад æмæ йæ фидауц сты йæ хъуыддæгтæ. Авторæн сылгоймаг у æрдз æмæ царды фидауц. Фидауцæй та, Шамилы хъуыдымæ гæсгæ, æвзæры рухс æмæ уарзт. Уыцы уарзт хъуамæ рæсугъд æмæ сыгъдæг кæна цард, хъуамæ лæппуйы кæна нæртон, чызджы уæздан. Хъуамæ афтæ уа абон дæр. Библиографи:
Хъæбатыр чызджы мæлæты фæстæ «æваст ферттывта æмæ ныннæрыд арв. Гыццыл раздæр дидинæг кæм федтон, уыцы къæй цæхæртæ акалдта, къæртгай фæхауд…» Арвæрттывдау уыд ирон чызджы цард. Йæ сæрыстырдзинадæй, йæ фидыцæй æмæ хъæбатырдзинадæй басаста уырыссаг афицеры зæрдæ.
1. Джыккайты Шамил. Арт æмæ æртхутæг: Радзырдтæ. – Дзæуджыхъæу, 2007. – 367 ф.
2. Джыккайты Шамил. Намыс. – Дзæуджыхъæу, 2010. – 409 ф.
3. Абайты Арбилянæ. Æз бæллын Ирыстоны амонд æмæ ирон адæмы фарнмæ // Цард. – 2007. №3, ф.34.
4. Джусойты Нафи. Куы хауай, уæд стъалыйау бæрзондæй // Рæстдзинад. – 2015. № 31, ф.3
5. Цгъойты Хазби. Рæстдзинады фæдисон, рухстауæг, ныфсдæттæг // Рæстдзинад. – 2012. №90, ф.3.
АЙЛАРТЫ Зарæ
ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ПОЭМÆ «ФАТИМÆ»
…Æз мады кад Нæ ратдзынæн, уый зон, Æфхæрдмæ… Къоста
Разныхас. Скъолайы Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Фатимæ» ахуыр кæнгæйæ, ахуыргæнджытæм æмæ скъоладзаутæм фæзыны алы фæрстытæ: поэмæйы бындуры цавæр хъуыды æвæрд ис; цы рæстæджы кой ис поэмæйы; чи уыдис Фатимæ; цæмæн равзæрста Фатимæ Ибрагимы; Фатимæ Джамбулаты куы уарзта, уæд цæуылнæ ныууагъта Ибрагимы; цæмæн ахæм æбуалгъ ми бакодта Джамбулат æ. æнд. Ацы куыст баххуыс кæндзæн уæлдæр ранымад фæрстытæн дзуæппытæ раттынæн. Уымæй уæлдай ахуырдзаутæн уыдзæн фадат раст дзуапп ссарынæн, сæхи хъуыдытæ зæгъынæн.
1. Сылгоймаджы фæлгонц Хетæгкаты Къостайы сфæл-дыстады
Ивгъуыд дугты сылгоймаджы царды уавæртæ бæллиццаг нæ уыдысты: æнæбар, æнæуæлæмæ сдзургæ, цæуыл сагъæс кæны, йæ зæрдæйы кæй сусæг сурæт дары, уый хъуыдыгæнæг нæ уыд. Æмæ йæм, æвæццæгæн, йæ амæлæт хуыздæр каст йæ цардæй…Не рыдайте безумно над ней – Она цели достигла своей, ─ Тяжесть жизни, нужда и невзгоды С колыбели знакомы уж ей… Хорошо умереть в ее годы…
Ничего, что она молода, – Кроме рабства, борьбы и труда Ни минуты отрадной свободы Ей бы жизнь не дала никогда… Хорошо умереть в ее годы.
Афтæ фыста Хетæгкаты Къоста, сылгоймаджы хъысмæтыл катай кæнгæйæ, йе ′мдзæвгæ «На смерть горянки»-йы. Йæ иннæ æмдзæвгæйы «Не поможешь ты горю слезами» Къоста равдыста сидзæр æрыгон чызджы хъысмæт:Ее грезы, заветные грезы, Ее думы над сонным прудом И ее затаенные слезы Не нашли отголоска ни в ком…
И она, словно ландыш весною, С тихой грустью любуясь на все, И росла, и цвела сиротою… Пока буря не смяла ее…
И могла ль она жить между нами В этом мире борьбы и страстей? Убери ее кудри цветами И о смерти ее не жалей!..
Сылгоймаджы хъысмæт фæхуыздæр кæнынæн уыд æрмæстдæр иу мадзал: ахуыр æмæ куыст. Ирон чызджыты тырнындзинад ахуырмæ рабæрæг 1862 азы, Иры рухстауæг Колыты Аксо йæ хæдзары чызджыты скъола куы байгом кодта, уæд. Ацы скъола 1991 азы январы сæхгæдтой, æмæ ирон интеллигенци, сæ сæргъы Къоста, афтæмæй сыстадысты йæ сæхгæныны ныхмæ, æмæ сæ къухы дæр бафтыд («Владикавказские письма», 4т., 76 ф.). Сылгоймаджы ахуырады фарстатæ Къоста равдыста йæ уацты дæр: «Общественный приговор», «Пятигорское двухклассное женское училище», «Развитие школ в Осетии», «Женское образование Осетии». Куыст. Уый у адæймаджы цардаразæг, адæймаджы дарæг. Ирон æмбисонд зæгъы: «Цард куыстæн у. Цард куыстæй у». Къоста йæ фыстæджытæй иуы 1893 азы фыссы Аннæ Поповамæ: «Бедность – не порок, а честная трудовая жизнь – вернейший путь к приобретению уважения порядочных людей» (5т., 25 ф.). Йæ пьесæ «Дуня»-йы сæйраг сылгоймаг-хъайтар зæгъы: «Цалынмæ удæгас стæм, уæдмæ хъуамæ кусгæ кæнæм, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ пайда хæсса…»; «Мах хъуамæ тæрсгæ ма кæнæм куыстæй. Афтæ æппын мацы пайдайы куыст кæн, гъе уыцы уавæры фæдыл сылгоймæгтæ систы æгас дунейы мидæг бынтон æнамонддæр». Стъараполы гимназы 50 азы юбилейы фæдыл йæ ахуыргæнинæгтæм 1889 азы Къоста сиды:Чтите науки, любите искусства, Без малодушья беритесь за труд, – Дети! Тогда благородные чувства В вас плодородную почву найдут.
1893 азы поэт фыссы йе ′мдзæвгæ «Мне нравится, мой друг…». Зæгъæн ис, æмæ у рæстдзинады, ахуырады æмæ куысты гимн:Не верь моим речам, исполненным проклятья, Насмешки злой и лжи, – я им не верю сам, – Напротив, верь, что мы, как любящие братья, Воздвигнем на земле один всеобщий храм.
Храм жизни трудовой, насильно недоступной, Сознательной борьбы, без пыток и крови, Храм чистой совести и правды неподкупной, Храм просвещения, свободы и любви.
Кæсын дарддæр В тот день, как мать твоя скончалась,
И бесприютной сиротой
В ауле нашем ты осталась,
Я взял тебя. Одну Фатиму знал и я…
…Как дочь родную,
Как равнокровное дитя
Князей почтенная семья
Ее взрастила на свободе. – Мне все равно…
Там, где нашла в себе я силу
Зарыть мечты мои в могилу,
Поверь, отец мой дорогой, –
В труде, облитой потом, кровью,
Согретой правдой и любовью,
Найду отраду и покой… А счастье было так возможно,
Так близко!.. Но судьба моя
Уже решена. Неосторожно,
Быть может, поступила я;
Меня с слезами заклинаний
Молила мать; для бедной Тани
Все были жребии равны…
Я вышла замуж. Вы должны,
Я вас прошу, меня оставить;
Я знаю; в вашем сердце есть
И гордость, и прямая честь.
Я вас люблю (к чему лукавить),
Но я другому отдана;
Я буду век ему верна. … во всем
Ущелье не было другого,
Кто мог бы поравняться с ним
Неутомимостью в работе. Как я, как ты, и Ибрагим
Родился в яслях… но к свободе
Никто из нас его любовью
В своей неволе не пылал…
Трудом, облитым потом, кровью,
Он раньше всех свободным стал… Сегодня дикая природа
Внимает с самого утра
Глухим ударам топора… … Тревожный взгляд,
Как зверь затравленный блуждает,
Не отдыхая ни на чем… Вершины гор в лучах заката
Огнем пылают золотым…
Ползет в аул лениво стадо…
Из очагов клубится дым…
Одела тень холмы, долины… …К груди белой
Чинары тянется несмелой
Рукой орешник… Он влюблен
В нее давно, но… что за пара!
Она, красавица чинара,
Царица леса, он пред ней –
Смешной, уродливый пигмей! В гнезде молодая
Голубка тоскует, ─
Дружка поджидая,
Все стонет, воркует…
(«Фыййауы зарæг») Догорела заря,
Засыпает земля,
И ночные парят уже грезы…
Грудь изныла, любя…
Жду, мой милый тебя, –
Поспеши осушить мои слезы. Проснулся царственный Казбек,
Восход приветствуя румяный.
Долины быстротечных рек
Покров свой сбросили туманный… …Тревожный взгляд,
Как зверь затравленный блуждает,
Не отдыхая ни на чем…
Горячий пот с чела стекает… А мир!.. Баюкая так нежно,
Чаруя дивной красотой,
Манит, ласкает до забвенья,
До слез, до сладкого томленья…
Простор… приволье… тишь… покой!.. Вот старый дуб… Идет рассказ
О нем, излюбленный народом,
Большой таинственный… 1. – Не оскорбляй!..
Позорна, князь, такая злоба! 2. Там, где нашла в себе я силу
Зарыть мечты мои в могилу 3. В труде, облитом потом, кровью,
Согретом правдой и любовью… 4. Мне небом посланного вновь… 5. Не требуй, не ищи, – их нет… 6. Дала я верности обет… 1. – Дæ дзыхыл хæц!
Фæуæд дын худинаг сæ кой дæр… 2. Мæ хъуыдытæ ныгæнынмæ
… Кæм разынд фаг хъару мæнмæ… 3. Рæстдзинад, уарзоны æнцойы –
Нæ хид, нæ тугæйдзаг фæллойы… 4. Æгайтма та мæм ног фæзындтæ… 5. Дзæгъæл сыл мауал кæн ды мæт… 6. Æндæр ныв райстон, нал дæн дæу…2. Поэмæ «Фатимæ»
Йæ ныффыссыны истори æмæ социалон конфликт.
1889 аы Къоста фыст фæци йæ поэмæ «Фатимæ»-йы фыццаг вариант уырыссаг æвзагыл æмæ йæ мыхуыры рауагъта газет «Северный Кавказ»-ы. Суанг 1895 азмæ дæр куыста поэмæйы композици æмæ æвзаг фæхуыздæр кæныныл. Поэмæйы сюжеты бындуры цы хъуыды æвæрд ис, уый тыххæй иртасджытæм ис алы хъуыдытæ. Фылдæр иртасджытæ поэмæйы конфликт хонынц социалон. В.Корзун зæгъы: «Поэмæ арæзт у уыцы рæстæджы царды конфликты бындурыл, æвдисы, хæххон адæмты æхсæн цы кълассон тох уыд, уыцы цаутæ» (В.Корзун. Коста Хетагуров. – М., – 33 ф.). Джусойты Нафи поэмæ хоны «патриархалон-феодалон цардыуаджы ныхмæвæрддзинæдтæ æвдисæг уацмыс» (Джусойты Н.Г. Коста Хетагуров, Сталинир, 1958. – 59 ф.).
Б.Кандиевы хъуыдымæ гæсгæ, «Фатимæ»-йы сюжеты бындуры æвæрд ис, къниаз Джамбулат цы æвирхъау мард акодта мæгуыр, æнæхин Ибрагимы, уыцы драмон коллизи. Ацы драмон коллизи у поэмæйы сæйраг социалон конфликт (Кандиев Б.И. Сюжетно-композиционные особенности поэмы К.Л.Хетагурова «Фатима». Ученые записки СОГПИ, т. XXIV, 1959. – 99 ф.). Г. Кравченко, поэмæйы идейон хъуыды иртасгæйæ, зæгъы: «Поэмæ æвдисы Кавказы социалон ныхмæвæрддзинæдтæ, æргом кæны эксплуататорон æхсæнады бындур (Кравченко Г.И. Коста Хетагуров.Жизнь и деятельность. Орджоникидзе, 1961. – 75 ф.).
Суменаты Замирæйы хъуыдымæ гæсгæ, поэмæйы аивадон конфликт у дуджы конфликт, уымæн æмæ æвдисы, реформæйы фæстæ цы социалон ныхмæвæрддзинæдтæ уыд, уыдон, стæй Кавказаг хæсты фæстæ Цæгат Кавказы цæрæг адæмтæ капиталистон цардыуаг аразыныл куы ныллæууыдысты, уыцы цаутæ (Весь мир – мой храм. – Орджоникидзе, 1989. – 196 ф.).
«Поэмæйы æвдыст цæуы, феодалон æмæ патриархалон-мыггагон æгъдæуттæ сæфтæй сæфтмæ кæй цæуынц, уый», – зæгъы Хæдарцаты Азæ (Критикон уацты æмбырдгонд. Дзæуджыхъæу, 1992. – 67 ф.).
Чи уыд Фатимæ? Чи уыд йæ социалон уавæрмæ гæсгæ Фатимæ, уый тыххæй ис алыхуызон хъуыдытæ. Иутæ, ацы фарстмæ се ‘ргом не здахгæйæ, къниазы чызджы æрцыд цагъайрагмæ æмбарын кæнынц йæ бæрзонд удыхъæды миниуджытæм гæсгæ (Кандиев Б.И. амынд чин. 110 ф.). Дзуццаты Хадзы-Мурат зæгъы, Фатимæйы ныййарджытæ чи уыдысты, уый бæрæг нæу, фæлæ баззад сидзæрæй, æмæ йæ Наиб схъомыл кодта куыд йæхи чызджы (Дзуццаты Х.М. Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй. Тбилис, 1979. – 44 ф.). Джусойты Нафи Фатимæйы моймæрцыд æмбарын кæны, кæм схъомыл, уыцы æхсæнадæй кæй ацыд адæмы ΄хсæнмæ (амынд чин. – 61 ф.). В.Корзуны хъуыдымæ гæсгæ, «возвращается в среду трудового народа» (амынд чин. – 32 ф.).
Дарддæр æрхæсдзыстæм Суменаты Замирæйы цымыдисаг хъуыдытæ, Фатимæ чи уыд, уый тыххæй. Фатимæ у хæсгæ чызг:

Ацы аз журналы нымад ёрцыд Нафи ёмё Шамилы азёй
Ацы аз журналы нымад æрцыд Нафи æмæ Шамилы азæй
ДЗЫРДЫ ФАРН:
«Мæнæн уыд царды иу бæрзонд Стъалы, ирон дзырды Куыр-далæгон – йæ ном».
«Куы цæрæм, – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы хауæм, – уæд стъалыйау бæрзондæй».
Редакцийы кусджытё
Редакцийы кусджытæ
ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ:
"Кæд райсом фесæфдзæнис ме `взаг,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ."
"Мах абон цы ирон æвзагæй дзурæм, уый Елхотæй дæлæмæ нæ, фæлæ уырдыгæй уæлæмæ нæ хъæуы."
Хъуыды кæнæн ис æрмæстдæр иу æвзагыл. Цалдæр æвзагæй талф-тулфæй куы дзурай, уæд дын сæ иу дæр хъуыды кæныны хотых не суыдзæн. Кусынæн дын гарз куы нæ уа, уæд куыст дæр нæй. Цалдæр æвзагыл хъуыды кæныныл куы архайай, уæд æппындæр хъуыды кæнын хъом нал уыдзынæ.
Мыдыбындз йæхи мыдыл куы атигъ кæна, раст уыйау уайы дæхи дæ мадæлон æвзагыл æнæрвæссонæй æвдисын дæр.
13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд "ТАЛАТÆ"
13-ём скъолайы сфёлдыстадон къорд "ТАЛАТЁ"

