Яндекс.Метрика

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал

Тугъанты Махарбег

Тугъанты Махарбег

Номдзыд ирон нывгæнæг, публицист, фольклорон уацмыстæ æмбырд-гæнæг æмæ иртасæг, педагог æмæ этнограф, Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы фæдон Тугъанты Махарбеджы лæггæдтæ сты æгæрон. Йæ уды фарн æмæ къухты арæхстдзинадæй йæ фæстæ рæдау æфсинау аивады цы дзаджджын хуынтæ ныууагъта, уыдон фидæны фæлтæртæн баззайдзысты дæнцæгæн.

Саулаты Сергей

Саулаты Сергей

РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Саулаты Барисы фырт Сергей нывкæнынады аивады алы жанрты дæр кусы æнтыстджынæй. Йæ конд нывтæй алкæцы дæр у хицæн истори. Ирд ахорæнты змæстыты цы экспрессион нывтæ райгуыры, уыдоны æвæрд ис арф хъуыды, æнцонæй ссарынц фæндаг аивадуарзджыты зæрдæтæм. йæ алы уацмысы дæр бæрæг дары нывгæнæджы уарзондзинад йæ Нанамæ, уынджы тезгъогæнджытæм, æрдзмæ, Райгуырæн бæстæмæ, сылгоймагмæ.

Сергей райгуырд Дзæуджыхъæуы 1967 азы. Каст фæци ЦИПУ-йы аивæдты факультеты нывкæнынады хайад. Кусы Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл Нывкæнынады училищейы.

Аллоныстон: ивгъуыды сурёттё

Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ

РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы фæстаг рæстæг цы равдыстытæ уыд, уыдоны ‘хсæн аккаг бынат бацахста, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Епархи Нывгæнджыты цæдисимæ Аланийы истори бахъахъхъæныны тыххæй цы конкурс расидтысты «Аллоныстон: ивгъуыды сурæттæ», зæгъгæ, уый. Уæ размæ хæссæм, конкурсы уæлахиздзауты æмæ, къамис аргъ кæмæн скодта, уыцы авторты куыстытæ. Конкурс арæзт уыд Аланийыл саргъуыды 1100 азы юбилейы бонмæ. Ныридæгæн нывгæнджытæ цæттæ кæнынц ног куыстытæ ацы темæмæ гæсгæ. Æвдисæн сын уыдзыстут «Мах дуг»-ы фæрстыл.

Театр «НАРТЁ»

Театр «НАРТÆ»

Ацы аз РЦИ-Аланийы культурон царды æрцыд ахсджиаг цау: паддзахадон Бæхты драмон театр «Нартæ» Къостайы райгуырды 160 азы юбилейы бонмæ сæвæрдта поэтикон спектакль «Бæрæгбон хæхбæсты». Равдыстой йæ æхсæз хатты, æмæ-иу дзы спектакльты рæстæг адæмæй къухбакæнæн нæ уыд.

Спектаклы режиссер æмæ кæфтытæ æвæрæг у театры аивадон разамонæг, РЦИ-Аланийы адæмон артист Сихъоты Тимур. Сценарийы автор – адæмон поэт Кокайты Тотрадз. Музыкалон фæлгонц ын сарёзта Газайты Зоя. «Театр «Нартæ»-йы артисттæй уæлдай ма спектаклы архайынц Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театр, паддзахадон Дыгурон драмон театр, Культурæйы колледж æмæ кæфтыты ансамбль «Чысыл джигит»-ы артисттæ. Хæстон сценæтæ æвæрæг – Уалыты Гиви.

Театр «Нартæ»-йæн 1990 азы бындур сæвæрдта Дзиуаты Анатоли. Фыццаг дзы æвæрд æрцыд Джыккайты Шамилы пьесæ «Хъодыгонд зæд».

Фæстаг хатт ма Бæхты театры драмон спектакль æвæрд æрцыд æртындæс азы размæ («Посвящение семерым»). Сæвæрдта йæ Сихъоты Тимур. Абон театры кусы ссæдз адæймаджы, ис дзы фараст бæхы. 

Дзанайты Азанбег

Дзанайты Азанбег

Хъуыстгонд нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы райгуырды 100 азы бонмæ республикæйы цы мадзæлттæ сарæзтой, уыдоны ахсджиагдæртæй иу уыд, РЦИ-Аланийы Национ музейы цы равдыст байгом, уый. Йæ бацæттæ кæныныл бакуыстой музейы разамынд æмæ æрыгон аивадиртасæг, музейы наукон кусæг Болататы Фатимæ. Къамтæ систа Мæскуыйы А.А. Бахушевы номыл театралон музейы наукон кусæг Анастасия Робакидзе. Азанбеджы нывтæй цалдæр журналы мыхуыргонд цæуынц фыццаг хатт.

Ацы аз журналы нымад ёрцыд Нафи ёмё Шамилы азёй

Ацы аз журналы нымад æрцыд Нафи æмæ Шамилы азæй

ДЗЫРДЫ ФАРН:

«Мæнæн уыд царды иу бæрзонд Стъалы, ирон дзырды Куыр-далæгон – йæ ном».

«Куы цæрæм, – уæд чысыл æмæ дзæбæх, Куы  хауæм, – уæд стъалыйау бæрзондæй».

Редакцийы кусджытё

Редакцийы кусджытæ

Хетагкаты Оксана
сӕйраг редактор
Гусалты Барис
прозӕйы хайад
Касаты Батрадз
поэзийы хайад
Тъехты Тамерлан
критикӕйӕ хайад
Джусойты Нина
шеф-редактор
Багаты Марат
версткӕ
Previous
Next

ÆВЗАДЖЫ ТЫХХÆЙ:

"Кæд райсом фесæфдзæнис ме `взаг,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ."

"Мах абон цы ирон æвзагæй дзурæм, уый Елхотæй дæлæмæ нæ, фæлæ уырдыгæй уæлæмæ нæ хъæуы."

Хъуыды кæнæн ис æрмæстдæр иу æвзагыл. Цалдæр æвзагæй талф-тулфæй куы дзурай, уæд дын сæ иу дæр хъуыды кæныны хотых не суыдзæн. Кусынæн дын гарз куы нæ уа, уæд куыст дæр нæй. Цалдæр æвзагыл хъуыды кæныныл куы архайай, уæд æппындæр хъуыды кæнын хъом нал уыдзынæ.

Мыдыбындз йæхи мыдыл куы атигъ кæна, раст уыйау уайы дæхи дæ мадæлон æвзагыл æнæрвæссонæй æвдисын дæр.

13-æм скъолайы сфæлдыстадон къорд "ТАЛАТÆ"

13-ём скъолайы сфёлдыстадон къорд "ТАЛАТЁ"

Закрыть меню