ЦГЪОЙТЫ Хазби

РАГБОНТЫ ФЫСТÆДЖЫТÆ

Новеллæ

Дыууæизæрастæу. Тамарæ йæ изæры зылдтытæ раджы фæци. Йе скъоладзау чызг æмæ лæппуйы фæсхæрд ноджыдæр ма сæ уроктыл бафтыдта, рæвдауæндоны кары лæппу та йæ ног хъазæнæй хъазыныл фæци. Гъе, æрмæст ма йæ сæрыхицау Сосланмæ у йæ каст. Йе ‘мкусджытæй дзы кæмæндæр йæ райгуырæн бон у, æмæ фæстиат кæны. Цалынмæ цæуа, уæдмæ дæр æнцад нæ бады Тамарæ – хæдзары зылдтытыл йæхи ирхæфсы, сæ цотмæ йæ цæст дары. Сосланæн æхсæвæр раджы æрцæттæ кодта, уазал дæр ма кæны. Куы ‘рбацæуа, уæд ын æй ахъарм кæндзæн. Цыфæнды цæлы фынгыл дæр фæбадæд, уæддæр æрмæст къофи кæнæ цай ма æркура, уымæн гæнæн нæй. Тамарæйæн уый дæр æхсызгон вæййы: æгайтма йæ хæрд, йæ нозт æгъдауыл вæййы, стæй ма йын йæ къухæйдзагæй хæринаг дæр бацагуры. Адджынæн, хæрзадæн дзы саходы.

Тамарæйæн уыцы хъуыдытæ дуар фегом кодтой сæ уарзондзинады райдайæнмæ, æмæ йæ мидбылты бахудт. Диваныл йæхи æруагъта, æмæ йыл æхсызгондзинады уылæнтæ æрбакалдысты, базыртæ йыл басагътой, æмæ ма, цымæ, уымæй амондджындæр зæххыл исчи уыд! Уыцы уавæры цас фæци, уый йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, æмæ ма цас ахастаид, уый чи зоны, сæ телефоны дзæнгæрæг æй йæ абоны уагмæ куынæ раздæхтаид, уæд.

– Алло, алло! Тамарæ дæ? – райхъуыст телефонæй сылгоймаджы хъæлæс.

– О, о! Тамарæ дæн. Ды та чи дæ? Бахатыр кæн, нæ дæ базыдтон.

– Чи дæн, чи, куы зæгъай, уæд дæ лæджы æмкусæг. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уæхимæ нæма ис. Райгуырæн боны фæдыл фынджы фæстæ йæхи æндæр сылгоймагимæ ирхæфсы. Тагъд нæ уыдзæн. Дæумæ йæ нæма ‘вдæлы.

– Тугтæ йыл ма мыс! Хъахбай цыдæр! – фæрæвдз Тамарæ.

– О, о! Кæд дæ нæ уырны, уæд ма йын-иу йæ костюмы дзыппæй былтæ ахорæнæй амæстæй йæ фындзы кæлмæрзæн сис! – ууыл аскъуыд йæ ныхас, æмæ телефоны бипп-бипп райхъуыст.

Тамарæ сагъдауæй аззад, стæй дзы хъæрæй сирвæзт:

– Нæ! Уымæн уæвæн нæй!

Сывæллæттæ йæм се ‘ргом раздæхтой, йæ цæстæнгас сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ йыл чызг йæхи æрбауагъта, Æна, цы кæныс, зæгъгæ. Мад æй æрбахъæбыс кодта:

– Ницы, ницы, мæ дзыккакъах чызг. Дæ уроктæ конд фæдæ? Тагъд уæ фыд дæр фæзындзæн æмæ уын сæм уый æркæсдзæн.

Йæ цоты райсомы уæлæдарæсмæ зилгæйæ, Тамарæйы сæрæй нæ хицæн кодтой уыцы сылгоймаджы ныхæстæ. Нæ, нæ, æз цы Сосланы зонын, уый ахæм нæу, зæгъгæ, йæхицæн ныфсытæ æвæрдта, уыцы сылгоймаг нын не ‘нгом цард халын сфæнд кодта.

– Ницы йын дзы рауайдзæн! – сдзырдта та хъæрæй. – Мæн ахæм ныхæстæй нæ асайдзысты, нæ мæ сæрра кæндзысты! Мæ бинонты цард фехалыны онг.

Чысыл фæстæдæр сæ дуары гуыпп фæцыд – Сослан мидæмæ æрба- хызт. Тамарæйыл цыма хъызт бон хур ракаст, уыйау фæци; йæ размæ рауад сæ кæстæр лæппуимæ, бацин ыл кодта. Ай-гъай, чысыл раздæр ма йын телефонæй, æндæр сылгоймагимæ ис, зæгъгæ, куы дзырдтой.

– Æгæр та афæстиат дæн, не ‘фсин, æмæ хатырæй фæуæд, – загъта Сослан. – Æгъдау та мæ æрцахста. Нæ куысты фылдæр сылгоймæгтæ сты. Нæлгоймæгтæн дæр сæ фылдæр фынджы æгъдауæй сæхи иуварс кæнынц. Æз та – хъæууон лæппу, æгъдауы бахауын, æмæ дзы ануазын дæр фæхъæуы…

Сæ кæрæдзи та æрæмбæрстой, æрхъармуд сты, æмæ сæ алчидæр йæ хуыссæн бацагуырдта. Тамарæ сæ æрбæстонтæ кодта, фæлæ йын уæддæр уыцы хъахбайы ныхас æнцой нæ лæвæрдта. Фатер куы ныссабыр, уæд рагъæнæй Сосланы костюм райста æмæ йын йæ дзыппытæ асгæрста. Ахæм митæ йæ сæрмæ бæргæ нæ хаста, стæй Сосланыл ма æууæнд, истæмæй йыл дызæрдыг кæна, уый йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Ныр дæр йæ зæрдæ йæхиуыл худт, фæлæ йæ рæстдзинад базонын фæндыд!

Костюмы мидæггаг дзыппы разынд фындзы кæлмæрзæн. Хæрдмæ йæ дыууæ æнгуылдзæй сласта, хъавгæ йæ райхæлдта. Тугæй хъулонау разынд йæ иу хай былтæ ахорæнæй амæстæй. Æвиппайды Тамарæйы къухæй зæхмæ æрхауд. Æлгъ ыл кодта æмæ та йæ, йæхи былтæ ахорæнæй хъахъхъæнгæйæ, дыууæ æнгуылдзæй – хистæр æмæ амонæн æнгуылдзтæй – систа. Сонтæй афæнд кодта Сосланмæ йæ бадавын… Фæлæ нозтвæллад лæг уайтагъд афынæй. Сослан ыл гадзрахатæй рацæуа, уый йæ ницы хуызы уырныдта. Фæлæ йын йæ рæстдзинад куыдæй райхала, куыдæй базона, ууыл уыд йæ сагъæс. Бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодта æмæ ницы фæрæз ардта. Сослан афтæ нæ бакæндзæн, зæгъгæ та йыл ногæй æрбакалдысты сæ уарзты райдайæны тæлмæнтæ.

Сослан историон факультеты ахуыр кодта, Тамарæ та – филологон факультеты. Алы хъæутæй сæ сæ ахуыры фæндаг университетмæ æркодта. Кæрæдзи никуы федтой суанг университеты дæр, цалынмæ сæм иумæйаг лекци нæ уыд, уæдмæ. Уæд дæр, зæгъгæ, къæсæрыл хæрхæмбæлд нæ фесты, уæд, чи зоны, абон иумæ нæ уаиккой, сæ цард нæ баиу кодтаиккой. «Нæ! Нæ! Хуыцау бахизæд æнæ Сосланæй цæрын», – йæ хъуыдытæй фæтарст Тамарæ.

Аудиторийы къæсæрæй мидæмæ бахизон, зæгъгæ, куыд загъта Тамарæ, афтæ йæ размæ фæци Сослан, тыргъмæ ма цæмæдæр фездæхт. Тамарæ йын фæндаг дæтты, Сослан та уымæн дæтты. Афтæмæй кæрæдзимæ фемдзаст сты, æмæ дыууæ дæр сагъдау аззадысты, сдзурынхъом нал систы, ды ахиз, зæгъгæ. Уæдмæ Тамарæйы фæстæ мидæмæ цæуджытæ фæзынд, æмæ уый бахызт, Сослан та рахызст. Сæ дыууæ дæр кæрæдзи фæстæ ракастысты æмæ та фемдзаст сты. Уыйадыл цыдæр æбæрæг хъуыдытæ æмæ æнхъарæнтæ базмæлын кодтой Тамарæйы зæрдæ. Фæлæ сæ лекцийы рæстæг феуæгъд, æмæ та йæ раздæры гаччы абадт.

Сослан, уый фæстæ йын куыд дзырдта, уымæ гæсгæ лекцийæ æмбаргæ дæр ницыуал бакодта, йæ хъуыдытæ иууылдæр уыдысты Тамарæйыл: чи у, йæ фенын ма мын бантысдзæн, зæгъгæ, æмæ лекци куыддæр фæци, афтæ, адæмы сæрты сæрбихъуырæйттæ кæнгæ, йæ разы февзæрд.

Базонгæ сты… Уæгъд æй нал суагъта. Стæй Тамарæйæн дæр уый йæхи фæндыд. Ахæм лæппуйы чи нæ бауарздзæн!.. Байгом ис чызджы зæрдæ дæр. Æмæ æрмæст йæ ныхæстæм, йæ æрхъуыдыджын митæм нæ, фæлæ йæ фыстæджытæм дæр. Æцæг æм йæхæдæг йе ‘нкъарæнты тыххæй никуы ницы ныффыста. Уый та, æрмæст уыдоны тыххæй нæ, фæлæ ма – йæ дызæрдыг сагъæстæ дæр. Сагъæс та цæуыл кодта? Тамарæйы-иу ахуырæй, йæ мад æмæ фыдæй уымæ куы нæ равдæлд, уæд йæ дызæрдыг хъуыдытыл.

Тамарæ Сосланы фыстæджытæй иу дæр нæ фесæфта, фембырд сæ кодта, æмæ, ныр йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд сæ се ‘вæрæн бынатæй райста æмæ сæ стыр хæзнайау йæ разы æрæвæрдта. Æрбадт бандоныл æмæ сæ фæлдахы. Сæ фылдæр – æмдзæвгæтимæ. Иуахæмы йын афтæ дæр ма загъта: «Афтæ æнхъæлыс, æз филолог нæ дæн æмæ æмдзæвгæтæ фыссын нæ зонын? Уарзондзинад цы нæ кæны!..» Фæлдахы фыстæджытæ, кæсы æмæ сæ кæсы. Сæ ныхæстæ йын рæвдауынц йе ‘нкъарæнтæ, йæ зонд. Цæмæн сæ райста, цы мæт ын сæ райсын кодта, уый дæр æй æрбайрох. Мæнæ иу цыбыр фыстæджы кæрон цыппар рæнхъы:

Уарзтон дæ, уарзтон дæ, бирæ дæ уарзтон:
Хурыл дæ, стъалытыл, зæдтыл дæ барстон.
Амæндты амонд дæ! – загътон мæхицæн.
Уый æнхъæл чи уыди – махæн фæхицæн?!

Сæрды каникулты дыууæ мæйы кæрæдзи куы нал федтой, уый уæды фæстиуæг у. Тамарæйæн йæ мад фæрынчын, æмæ йæ йæ фæдыл дохтыр- тыл рахау-бахауæй ма Сосланмæ кæм æвдæлд. Мæнæ ма ноджы ахæм цыппаррæнхъон:

Зæгъ-ма æргом, цы хур, цы къæвда дæ ‘рхаста мæ размæ?
Мæ амондæн?! Æви зынтæн, æдзух кæнон æз сагъæс?
Нæ баиумæ тырнын, фæлæ мын ницы ‘нтысы размæ.
Мæ уавæрмæ æгъатырæй, куыдфæндыйæ ды ма кæс!

Сахат æхсæвы дыууадæс амоны, фæлæ уæддæр Сосланы фыстæджытæй Тамарæйы йæхи атонын нæ фæнды.

Хъуамæ æз дæ цæстыты ныххауон,
Нал дæ уадзон иннæтæм кæсын.
Уадз æмæ дæ зæрдæйы æрцæрон,
Исон ын йæ рис æмæ йæ зын.

Тамарæ хорз хъуыды кæны алы фыстæджы райст дæр. Æрвыста йæм сæ хъæумæ сæхимæ каникулты рæстæг, æмдзæрæнмæ йæ хорз хæлæрттæн. Сæрдыгон студентты арæзтадон къордтæй. Йæ къухы-иу ын сæ фæсагъта йæхæдæг дæр, æрхъæцмæ-иу куы нал лæууыд, йе ‘нкъарæнтæ-иу куы сабухтой, уæд.

Циу цард? Хур зæхх куынæ тава,
Æхсæвы тар куынæ сура мæйрухс.
Дæ уарзт кæйдæр зæрдæ куынæ тава,
Хæрæгау уæд сындзы сæрыл фæкус!

Тамарæ мæнæ ацы æмдзæвгæ та æнæкæсгæйæ дæр зоны.

Ныйирд. Цъæх арвыл – стъалыты пырхæн.
Мæй – хуртуангæс, хъусцæгау æрзæбул.
Æрфæны фæд – йæ тæмæнты ныгъуылæн.
Зæлдаг тынтæй мæ уарзонæн æхсæвдзу
Чындздзон дарæс лыстæг сынкæй хуыйы,
Æз та йæ бæсты стъалыгæс лæууын.

Фыстæджыты ‘хсæн бæрæг дары, кæрæдзи куы бамбæрстой, уæд æм 8-æм Мартъийы фæдыл кæй æрбарвыста, уый. Цæмæдæр гæсгæ йын уæлдай стырдæр аргъ кæны, рæстæгæй-рæстæгмæ йыл ахæссы йæ
цæстæнгас, бакæсы йæ, æмæ та сног вæййынц йæ рæсугъд æнкъарæнтæ.

«Дидинæг. Цал æмæ цал хуызы сты дидинджытæ! Чи дзы кæм зайы, цы уæлдæфæй улæфы, цы æрдзы хъæбысы рæзы, уымæ гæсгæ тæф кæны.

Мæнæ та ныр дæр уалдзæг æрцыд. Æрхаста йемæ хуры хъарм æмæ дидинджыты комулæфт, уарзæтты хъынцъым æмæ æхцондзинад. Зæрдæ дзаг кæны рæсугъд æнкъарæнтæй, уæлмонц бæллицтæй. Æмæ дын уалдзæджы фыццаг бæрæгбоны – Сылгоймæгты æмæ дидинджыты бон – зæрдæбынæй арфæ кæнын. Хæрздæф дидинæгау уарзон æмæ адджын у адæмæн. Дæ фенд æхсызгондзинад кæмæн хæссы, дæ хорз ракæнд та – амонд, ахæмтимæ цæр. Æцæг уарди-дидинæгау у сындзджын. Тызмæг, гуырымыхъхъ, дæрзæг; дæ зæрдæйы ахаст, йæ уаг æмæ дын де ‘нкъарæнтæн аргъ кæнын кæй нæ бафæнда, дæ сæрыстырдзинад басæттын чи сфæнд кæна, уыдоны ныхты бынтæ судзин фæныхсæгау риссаг рæхуыст кæнын дæ бон куыд уа, афтæ. Дæ номы аккаг зæрдæрайæ цæр зæххон дзæнæты уарзондзинадимæ. Уарзондзинад цардмæ, дæ алыварс хорз адæммæ. Сæйрагдæр та – æдзух дæ зæрдæ кæй зæгъы, дæумæ чи тырны, уымæ!

Цæй хорз, цæй диссаг у цæрын,
Куы зонай: кæмдæр дæ чидæр мысы.
Дæ фенд ын у æхцон, æдзух – йæ бæллиц.
Рæвдауы дæ йæ цæстæнгас, йæ тавиц.
Йæ катай дæ зæрдæмæ дæр хъуысы,
Æрвон кæлæнтæ дзы ‘взæры.
Куыд хорз, куыд æхцон у цæрын,
Куы зонай: кæмдæр дæ чидæр уарзы,
Дæ номимæ бæтты йæ хур, йæ амонд.
Дæ уарзт! Æппæт дæр раттид уый сæраппонд!
Æнкъарыс æй, базыртæ дыл садзы, –
Йæ уарзт дæ зæрдæйы цæры.

Цæй хорз, цæй диссаг у цæрын,
Куы зонай, уарзыс æмæ дæ уарзон.

Тамарæ та хъуыдыты аныгъуылд: «Нæ, нæ! Ацы ‘нкъарæнтæ кæмæ уыд, уый сæ куыд хъуамæ ферох кæна?! Чидæр нын нæ цардмæ ныхилы, æмæ йын дзы ницы рауайдзæн!» Æмæ та йæхимид адзæгъæл, стæй скарста: «Цæй, æмæ йын æй йæ зæрдыл æрлæууын кæнон, уадз æмæ йæ бакæса». Фыстæг иуварс æрæвæрдта. Иннæты фæлдахы: «Мæнæ ацы æмдзæвгæ дæр, йæхи мын кæм нывонд кæны, уый».

Дæу фенынмæ бæллын æдзух.
Дæ ныхæстæ нæ кæнынц цух
Мæ зæрдæйæ. Фæфæнды мæ:
Æрмæст ныккæс дæ зæрдæмæ!
Дæ цæрайæ цæрын. Кæнын
Табу дæ номæн. Ард хæрын
Дæу дæн! Дæу у мæ цард, мæ зонд,
Мæ уд дæ удæн у нывонд.
Мæ уд – дæ нывæрзæн æвæрд.
Мæ уд дæ удæн у лæвæрд.
Мæ уаг, мæ ми – дæуæн цагъар,
Мæ зæрдæ бахæрай, Тамар!

Тамарæ ма бирæ фæхъуырдухæн кодта йæхиимæ уыцы æхсæв, Сосланæн йæ рагбоны фыстæджытæй кæцы бакæсын кæна, уый тыххæй. Алкæмæн дæр дзы йæ хъуыдытæ, йе ‘нкъарæнтæ йæ зæрдæйыл, йæ зондахастыл афтæ ахадгæ æмбæлыдысты, æмæ дзы кæцы равзæрстаид, рахицæн кодтаид, уымæн ницы амал ардта. «Кæнæ мæнæ ай цы кæны?» – йæ къухмæ райста, сæ чызг Азауы фæстæ сын лæппу куы райгуырд, уæд, цалынмæ арæндоны уыд, уæдмæ йæм йе ‘нкъарæнтæ цы æрмæджы равдыста, уый: «Мæ уды тавс».

«Æз суадон дæн – рæсуг æмæ сатæг. Кæддæр рахъардтон цъæхнæуу фахсы гуыбынæй. Лыстæг цыхцырджытæй ныллæууыдтæн æддæмæ. Æмæ мыл бацин кодта кæрдæг. Æхцонæн мæ ныхъуырдтой йæ уидæгтæ, æмæ цъæхæй-цъæхдæр кодта. Фæлæ йын йæ уидæгтæм мæ хъæлæсы фæхастон змис æмæ лыстæг хуыр. Зымæгон хъызты-иу йæ цъæнут сыфтыл мæ комытæф ихын хъусцæджытæй фæрдгуытæ бафтыдта, æмæ ихæнриз кодтой, сабыргай сыд сæ хъæд, сæ уидаг, æмæ байгом мæ фыцæн бынат, бæзджын кæрдæджы æхсæнæй арвмæ сæрттывтон сæгъы цæстау сыгъдæгæй. Цæссыгау лæдæрсы мæ дон, тындзы дæлæмæ мæскъмæ, æмæ мæ фæд чындздзон чызджы риуыл ставдбыд хъуымбыл дзыккуйау фахсыл дæлиау æрзæбул, раст ыл цыма дымгæ йæ къух рæвдаугæ æруадзы, уыйау зына-нæзына къæдзмæдзытæгæнгæ æруад цæугæдонмæ.

Æз суадон дæн – рæсуг æмæ сатæг. Бæлццонæн сафын йæ дойны, зайæгойæн – йæ мондаг. Сæрдæй-зымæгæй хуры цæст уыдтон, мæйрухс æхсæвты стъалытимæ хъазыдтæн, мæ уæлцъар айдæны сæхи уыдтой цæргæстæ. Хъарм уарынты, их къæвдаты надтон мæхи, здухгæ митгæлæбутæ уæлдæфы ахстон æмæ сæ зыдæй ныхъуырдтон, æхсæрдзæнтимæ зарыдтæн, семæ ерыс кодтон. Нæ фæлладтæн лæггад кæнынæй, абухынæй, уарзынæй, цæрынæй. Афтæ дæлдзинæгмæ тындзыдта азы фæстæ аз.

Æз тарстæн, иуахæмы мæ митхъæпæн йæ быны куы фæкæна, лæсæн мыл куы ракæла, куы ныххуыдуг уон, куы бамыр уа мæ зарæг. Æз тарстæн… Фæлæ мæм æнæнхъæлæджы Хуыцауы лæварау фæзындтæ ды! Æмæ мæ раздæхтай фæндагмæ. Царды фæндагмæ, фидæныл æууæнчы, фидæнмæ тырнындзинады фæндагмæ. Цардмæ!

Ды – мæ хъуылхъуылгæнаг суадон, мæ уды тавс. Æрæджиау чысыл уæлдæр суанг зæххы бынæй ратыдтай æмæ нæрæмонæй афæд кодтай иуырдæм, стæй та – иннæрдæм. Æнæрцæфæй, æнæбасæтгæ, раст цыма мæн агуырдтай, уыйау тыхстæ, фæйнæрдæм рæдывтай нæуцъар фахсы къуылдымтæ… Æмæ мæ ссардтай!.. Æрфæд мæм кодтай… Мæ æрвхуыз цæстытæм мын ныккастæ, федтай дзы дæхи, ныххуыпп кодтай мæ донæй æмæ мыл рауагътай дæхи. Дæ донæй, дæ цинæй, дæ мæтæй, дæ рисæй байдзаг ис мæ гуырæн, мæ уд, мæ зæрдæ. Мæ фыцæны найыс дæхи. Хурмæ та сæрттывта мæ цæст, сабухта мæ цæрæн. Йæ былтæй акалд, æмæ нæ удты монц иу фæдыл уырдыджы стыр цæугæдонмæ сцырын.

Мæ уды тавс, мæ хъуылхъуылгæнаг рæсуг æмæ сатæг суадон, дæ фарсмæ та бафтыдис мæ тыхыл, мæ ныфсыл, æмæ фæтынгдæр ис мæ зарæг. Дæуимæ мæм хъызт зымæджы хъæпæнтæ, тæрккъæвдайы лæсæнтæ нымады дæр куынæ сты. Куы уай мæ фарсмæ – ныббыхсдзынæн æппæтæн дæр, ныссæтдзынæн цыфæнды ныхдуртæн дæр сæ фыдгæнд. Æмæ цæй ныззарæм нæ иумæйаг зарæг, къæрццæмдзæгъд хъазты æрзилæм иумæ симды. Иумæ аныгъуылæм хуры тынты, мæйрухс æхсæвы фæлмы, стъалыты дзыгуырты.

Мæ уды тавс, ды æмæ æз фестадыстæм дыууæ суадонæй æнхъæвзæг иу зараг къададон, æмвæды чындздзон чызджы уарзæгой риуыл ставд æмæ æнгомбыд хъуымбыл дзыккуйау систæм, æмæ нын райхалæн ма уæд!

Ды чи дæ, уый зоныс? Ды дæ уалдзыгон хъоппæгцæст дидинæг. Райсомы ирдгæ æмæ изæры рæудымгæ кæуыл узæлынц, хуры хъарм тынтæ кæй рæвдауынц, уый! Рæвдауы дæ мæ уарзондзинад дæр, æмæ хæлбурцъ кæнынц де ‘нкъарæнтæ. Хатт дыл зæйау рацæуынц, хатт ныццæм вæййынц дæ уды æмæ дæ рæстмæ сулæфын нал фæуадзынц. Ды фæлмæцыс сæ уæзæй, сæ тыхæй. Уый æхцон фæлмæцыд у! Баивæн ын ницæмæй ис. Хуыцауы лæвар у зæдты мыдамæст фынгæй. Фæлæ дæ зæрдæ сонтæй куы айдзаг вæййы æмæ дæ риуæй йæхи куы рацæйтоны, уæд дын фæриссæгау кæны. Æмæ дæ сæр куы æркъул кæныс, уæд мæм уалдзæджы фидиуæг малусæджы хуызæн фæкæсыс. Ды дæ, сатæджы фæуазал æмæ хуры тынты æнарæхст æвнæлд дæр зын кæмæн кæны, ахæм æрвон малусæг.

Ды чи дæ, уый зоныс?! Ды дæ хæххон сæрвæты сырх-хъулон дидинæг – дзæгъдзæгъæг. Уадымс хъазы дæ дæллагхъуыр, æмæ дыл фыр цинæй бахæцыд ризæг. Зырзыраг дæр дæ уымæн хонынц. Акæс-ма сæрвæты хъæбысмæ: сырх тæппытæ дари хъуымац фестад. Гъæйтт, тæхуды, дæуæн уымæй æнгом къаба бахуый! Дæ гуырвидауц дзы куыд разына, дæ зæрдæ хурварс кæмæй абада, ахæм. Мæйрухс æмбисæхсæв арвы стъалытæ халыл бакæн æмæ дын сæ дæ хъуырыл æрæфтау, Бонвæрнон дын дæ ныхыл бакæн, райсомы æртахæй дыл дзабыртæ скæн, дæ къухыл дын ахæц æмæ дын зæгъ: «Цом мемæ дæ уарзты фæдыл!»

Ды чи дæ, уый зоныс?! Æхсырхъуыр уарди-дидинæг! Мыдыбындз мыдагурæг кæмæ тæхы, хуры тынтæ кæуыл хъазынц, ахæм зæрдæскъæфæн дидинæг! Алчидæр дæм тырны: баузæлы дыл, рахъавы дæ æртонын æмæ дæ йæ уаты йæхи бакæна. Фæлæ дæуыл ис сындзытæ æмæ сæ къухты ныхсынц – дæхи æртонын нæ уадзыс! Æз дæм уарзты уæлмонцимæ хъавгæ æввахс бацыдтæн. Ды дæ сындзытæ амбæхстай, дæхимæ мæ хæстæг бауагътай, æмæ дын дæ урс дидинсыфтæн иугай батæ кæнын, рæвдауын дæ, рæвдауыс мæ ды дæр цæстæнгасæй. Ды дæ мæ царды дидинæг. Дæ уындæй, дæ кондæй, дæ цæстæнгасæй зилы мæ сæр, уынын дзы мæ бæллиц, мæ катай, тæрсын дын æртонынæй – æмæ дæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Хъахъхъæнын дæ – мæхицæн нæ! Дæхицæн! Фæнды мæ, куыд дæ, афтæмæй куы баззаис! Де ‘нкъарæнтæн, бæллынæн æмæ уарзтæн кæрон куынæ уаид!!!

Циу цард, куынæ уарзай, куынæ æнкъарай уарзты ад, уæд! Ницы! Цард у уарзондзинад! Иу – æлгъыст, дыууæ – фæлдыст, æртæ – æнтыст. Иу – мæгуыр æмæ æрхæндæг, дыууæйæн æртыккаг куынæ уа, уæд сæ цард у æрхуым æмæ мæтъæйлаг. Æртыккаг та у уарзондзинад, цард.

Мит фæлдзæгъдæн кæны,
Уары, уары ‘мæ уары,
Раст сыхырнайæ чидæр
Мигътæ арвæй луары.
Мах дыууæйæ лæууæм
Гомдуар арвы бын – иунæг.
Мах нæ уарзтæй цæрæм
Дуне, стъалыты мидæг.
Митгæлæбуты ‘хсæн,
Здухгæ, февзæры уадымс,
Сонтæй асхойыс мæн,
Худыс, сабийау хъазыс.
Мит фæлдзæгъдæн кæны,
Уары, уары ‘мæ уары,
Раст сыхырнайæ чидæр
Мигътæ арвæй луары.
Митæй дзыккутыл рæвдз
Иу уаргъ сæвæрдта уарын.
О, цæй диссаг дæ, æрдз!
Зæрдæ агуры зарын.
Кæн дæ фæлмæн ныхас,
Мæн фæцагайы уаз зын.
Уадз дæ цæстыты ‘нгас
Тынгдæр сабуха уарзын.
Мит фæлдзæгъдæн кæны,
Уары, уары ‘мæ уары,
Раст сыхырнайæ чидæр
Мигътæ арвæй луары.
Мах дыууæйæ лæууæм
Гомдуар арвы бын – иунæг.
Мах нæ уарзтæй цæрæм
Дуне, стъалыты мидæг».

Азау дунемæ амондджын къах равæрдта – йæ фæстæ сын дыууæ лæппуйы райгуырд. Сослан æм фыр буцæн йæ номæй дзургæ дæр нæ кæны. Дзыккакъах æй хоны, Тамуйы кæхцы йын йæ къах дзыккайы куы атъыстой, уæдæй нырмæ. Искæдæм балцы кæнæ командировкæйы куы фæцæуы, уæд Азауы кæртмæ арвиты, фæзæгъы йын: «Дæуæн дæ къах хорз у, ахизæны дыл куыд фембæлон, афтæ бакæн». Азау дæр та йæхицæй ныббуц вæййы.

Сослан бæрнон бынаты кусы, разамонæг у, студентæй дæр æхсæнады хъуыддæгты зæрдиаг архайæг уыд. Горæты разамынд ыл сæ цæст æрæ- вæрдтой, æмæ, куыддæр университет каст фæци, афтæ йæ сæхимæ кусынмæ æрбахуыдтой. Скъолайы ахуыргæнæгæй иу бон дæр нæ бакуыста. Тамарæ дзы, цалынмæ Азау нæ райгуырд, уæдмæ иудадзыг фæкуыста, стæй йæ æртæ хатты декреты цæуын бахъуыд. Ныр дæр та уал ахуыргæнæгæй бæргæ кусы, кæд ын дзы, æртæ сывæллоны хъомыл кæнгæйæ, бирæ не ‘нтысы, уæддæр. Фæлæ цыма йæхимæ йæ зæрдæ фехсайдта. Сослан уыцы хабарæн ницыма зоны, æмæ йын æй зæгъын хъæуы. Цин ыл цы бакæна, æндæр ын хъыг нæ уыдзæн. О, фæлæ уал ацы фарста райхалын хъæуы… Царды цы не ‘рцæуы, ахæм хъуыддаг нæй. Æмæ цæмæй, кæцы фыстæгæй райдайа, ууыл бирæ фæсагъæс кæнгæйæ, сфæнд кодта, сæ базонгæйы фæстæ йæм иумæйаг лекцитæй иуы фыццаг хатт къухæй-къухмæ цы чысыл æрфыст æрбалæвæрдта, уый равзарын.

«Цæй зын у, цæй зын æнæ дæу цæрын, мæ уд бафæллад дæумæ æн- хъæлмæ кæсынæй. Ды та мæ хъуыды дæр нæ кæныс. Мæ фæрсты æрцæуыс, салам мын нæ дæттыс, цыма зонгæ дæр не стæм, афтæ дæхи дарыс. Мæ рисыл нæ риссыс, мæ цин дæ не ‘ндавы. Æз та дæм æнхъæлмæ фæкæсын, дæ уындмæ фæбæллын. Де сныхас мын амонд куы хæссы, дæ фендæй мæ зæрдæ райгæ куы кæны!..»

Тамарæ йæ иуварс æрæвæрдта, иннæты амбырд кодта æмæ та сæ сæ бынаты бафснæйдта. Стæй Сосланы дзыппы ногитуæвæрд фындзы кæлмæрзæн сæвæрдта, былтæ ахорæнæй амæсты та бæрæг ран бафснæйдта. Сосланы рагбонты фыццаг фыстæг сæ фыссæн стъолыл йæ папкæйыл бæстон æрæвæрдта, райсомæй æй æнæмæнг куыд бафиппайа, афтæ. Йæхæдæг йæ цотыл æрзылд, алкæй дæр дзы абæрæг кодта, сæ хъæццултæ сын арæстытæ кодта æмæ æнæ хъыпп, æнæ сыппæй сæ уатмæ бахызт, Сослан куыд нæ райхъал уа, афтæ фæлмæн сæ хуыссæны йæхи æруагъта. Райсомæй дæр ын Сосланимæ аныхас кæныны фадат нæ фæци. Уымæй раздæр фехъал, йæ цотæн, йæ сæрыхицауæн аходæн ацæттæ кодта. Скъоладзауты ахуырмæ арвыста, йæхæдæг кæстæримæ рæвдауæндонмæ фæраст. Стæй та – скъоламæ, йæ куыстмæ.

Сослан дæр райсомæй тагъд-тагъд йæхи арæвдзытæ кодта, æгæр-мæгуыр цай дæр нæ бацымдта, афтæмæй фатеры дуар рахгæдта æмæ куыстмæ атындзыдта. Бынæй йæм æнхъæлмæ каст йæ шофыр. Сæ фыссæн стъо-
лæй йемæ цы гæххæттытæ айста, уыдонмæ дзæбæх дæр не ‘ркаст, иууылдæр æй хъуыдысты, ууыл дæр нæ ахъуыды кодта, афтæмæй сæ йæ папкæйы бавгæдта æмæ йæ йæ дæларм атъыста. Зноны нозтæй йæ сæр нырмадæр уыд цæнгæты хуызæн. Нозтвæлладæй куыд кусдзæн, адæмимæ куыд ныхас кæндзæн, цавæр уынаффæтæ хæсдзæн, уымæн ницы зоны.

Йæ кусæн уаты стъолыл йæ гæххæттыты папкæ æрæвæрдта Сослан æмæ уæззаугай йæхи бандоныл æруагъта. Папкæ байгом кодта, æмæ дзы æппæты уæле, Тамарæ йын кæсынмæ цы фыстæг æрæвæрдта, ууыл уайтагъд йæ цæст æрхæцыд. Йæ кæддæры къухфыст нал базыдта æмæ йæм фæлæбурдта, ай цы у, зæгъгæ. Зыдæй йæ акаст æмæ йын йæ хъуыды рæстмæ нæ бамбæрста. Дыккаг хатт. Æртыккаг хатт æй сабыргай куы бакаст, уæд йæхимæ фарст радта: «Чи йæ кæмæ фыссы? Мæ папкæйы цы кусы?» Æрæджиау йæ зæрдыл æрбалæууыд, сæ фатеры фыссæн стъолæй йæ кæй систа æмæ йæ папкæйы йæхæдæг кæй авæрдта, уый.

Сослан сагъдауау аззад, цыдæр хъуыдытæ йæ сæ быны афсæрстой, æмæ йæ нозтвæллад цыдæр фæци. «Ацы фыстæг нæ фатеры фыссæн стъолыл цы куыста? Чи йæ кæмæ фыссы?! – фæрсы йæхи. – Тамарæмæ? Æмæ чи?!» Йæ сæр ныттылдта, йæ цæстытыл йе ‘рмттæ авæрдта. Æмæ дызæрдыг хъуыдыты аныгъуылд: «Чи нын халынвæнд кæны нæ рæсугъд цард?!» – сирвæзти йæ дзыхæй æмæ ныууынæргъыдта.

Сослан уыцы бон нæ куыстæй уыд, нæ хæдзарæй. Тамарæ йын цы фыстæг бакæсын кодта, уый йæ уæгъд нал уагъта, йæ уæлныхты йын хаста йæ хъуыдытæ, йæ митæ. Нæ хицау цыдæр кæны, зæгъгæ, ахæм хъуыдыимæ-иу йæ уатæй рахызтысты, йе ‘мкусджытæй йæм-иу чи бауад, уыдон. Йæхæдæг, куысты рæстæг нæма фæци, афтæ сæхимæ атагъд кодта, Тамарæйæн фыстæг равдисынмæ.

– Ай кæй фыст у?! Чи дæм æй фыссы? – фæрсы Тамарæйы, куыддæр фатеры баиу сты, афтæ.

– Кæй фыст у, зæгъыс?! – ныддис кодта Тамарæ… Стæй фембæрста, йæ къухфыст кæй нал базыдта æмæ дызæрдыг кæй кæны. – Мæнæ диссæгтæ! Нал æй базыдта! Ныртæккæ дын æй æз фенын кæндзынæн. – Йе ‘вæрд фыстæджытæм бауад, рахаста сæ æмæ йын сæ йæ разы æрæвæрдта:

– Мæнæ адон кæй фыст сты, уый!

Сослан йæхи фыст фыстæг кæй нал базыдта, уымæй хорзау нал уыд æмæ йæм хатыр курæгау æрбакаст. Стъолæй фестад, йæ хъæбысы йæ æрбакæнын уыд йæ зæрды, фæлæ йæ Тамарæ фæурæдта:

– Ды ма мын зæгъ…

Сæ уатмæ бауад, уырдыгæй йын кæйдæр былтæ ахорæнæй амæзт фындзы кæлмæрзæн, йæ дыууæ æнгуылдзæй йыл хæцгæйæ, радавта, йæ ахуырст æм куыд зындаид, афтæ æмæ йæ фæрсы:

– Ай цы у? Дысон æй дæ дзыппæй систон. Де ‘мкусæг сылгоймæгтæй мæм дысон дæ размæ иу æрбадзырдта æмæ мын æй уый загъта. Æндæр, хорз куы зоныс, æз дыл дызæрдыг никуы кодтон, дæ дзыппытæ дæр дын никуы къахтон.

Сослан фæуыргъуыйау, йæ цæсгом сырх-сырхид афæлдæхт. Йæ дзып-мæ февнæлдта фындзы кæлмæрзæн агурæг.

– Уым æндæр ис. Дысон дын æй аивтон, – сабыр хъæлæсæй сдзырдта Тамарæ.

– Мæнæ диссæгтæ! Æууæнк куыд никæуылуал ис. Кæс-ма, кæс, уыцы налатмæ! – сирвæзт Сосланæй. – Къухтæхсæнæй куы рахызт, уæд мæ фындзы кæлмæрзæн бацагуырдта йæ къухтæ асæрфынæн. Цæмæй, дам сæ асæрфтаин, уый дзы нæ уыд. Зæрдæхæлар у, фæлæ афтæ цæмæн бакодта, уымæн мæ бон дзуапп раттын нæу.

– Зæрдæхæлар!? Бынтыдзæуæг, æндæр цы? Дæхи дзы хъахъхъæн! – сдзырдта Тамарæ æмæ йын æхсæвæр æвæрыныл фæци.

Сослан уæддæр йæхицæн бынат нал æмæ нал ардта. Йæхи Тамарæйы раз æнæ аххосæй куыд сраст кодтаид, уый нæ зыдта. Иучысыл йе скъоладзау сывæллæттимæ сæ ахуыры фæдыл аныхас кодта, афæрстытæ сæ кодта скъолайы хабæрттæй, æркаст сын сæ боныгтæм, тетрæдтæм. Стæй та Тамарæйы уæлхъус алæууыд. Фæндон æм бахаста, ацы хатт Батрадзы рæвдауæндонæй уый кæй æрбакæндзæн.

– Ды йæ куыд хъуамæ æрбакæнай? Зонгæ дæ дзы куы ничи кæны, уæд дын æй куыд хъуамæ раттой? – зæгъта йын Тамарæ. Диваныл æрбадт, æрбад-ма ды дæр, зæгъгæ йын загъта. – Дæуæн мæм сусæг зæгъинаг ис, æмæ мæм биноныг байхъус. Мæхимæ та мæ зæрдæ фехсайдта, æмæ мын æй дохтыртæ дæр загътой.

Сослан диванæй фестад, йæ хъæбысы йæ фелвæста æмæ йæ ныззылдта. Азау æмæ Таму сæ цины хъæрмæ залмæ æрбауадысты, æмæ, кæд сæ мад æмæ фыдæн сæ цин цæуыл у, уый нæ базыдтой, уæддæр сыл ныттыхстысты.

Сæ хъæлдзæгдзинад иудзæвгар ахаста. Кæрæдзиуыл цин кодтой æнæрæнцайгæйæ. Уæдмæ Батрадзмæ цæуын афон дæр æрхæццæ.

– Æз Батикмæ цæуын, – загъта Тамарæ Сосланæн. – Дæуæн дæр та фæстæдæр фадат фæуыдзæн уыцы куыст кæнынæн. Ныр уал уæртæ дæ фыстæджытæм æркæс, æмæ дын не ‘рыгон бонтæ сног кæной.

Сослан йæхи фыссæн стъолмæ байста. Тамарæ та фатеры дуар рахгæдта. Азау æмæ Таму сæ уроктæ ахуыр кæнынмæ баздæхтысты. Искуы-иу хатт-иу сæ фыды истæмæй афæрсынмæ рауадысты. Æмæ æрмæст фæрсынмæ нæ, фæлæ йемæ аныхас кæнынмæ. Арæх æй уымæ нæ февдæлы, абон куыстæй цыдæр раджы æрбацыд, æмæ сын уый æхсызгондзинад хаста. Сосланæн дæр. Уымæй йæхи фыст фыстæджытæй дæр. Уæлæрвтæм стахт æмæ æртахт.

Тамарæ Батрадзимæ фатеры къæсæрæй куы ‘рбахызтысты, уæд æртæйæ дæр сæ размæ атагъд кодтой, цыма сын дард балцæй æрбацыдысты, кæрæдзи рагæй нал федтой, уыйау кæрæдзиуыл бацин кодтой.

Бæрæгбоны хуызæн уыд уыцы изæр Сослан æмæ Тамарæйы фатеры, фыр цинæй кæрæдзийæ нал æфсæстысты. Иуахæмы Сослан Тамарæйæн афтæ:

– Ехх, æмæ мæ ныхас æппæт адæммæ куы фехъуысид, уæд сын зæгъин: «Уæ рагбонты фыстæджытæ арæхдæр кæсут! Уыдон уын-иу æрмæст уæ уарзт не сног кæниккой, уæхи дæр уын æрыгон кæнынц!»