Истори

«Мах дуг»-ы фæндæгтæ

Иудадзыг чи цæуа, ахæм литературон оргæн саразыныл нæ разагъды лæгтæ архайдтой суанг æнусы райдайæны дæр. Фыццаг ирон журнал “Зонд” фæзынди 1907 азы. Уымæй æртæ азы фæстæдæр Коцойты Арсен рауагъта журнал “Æфсир” (1910). 1912 азы Бетъырбухы рацыд æртыккаг ирон журнал “Хуры тын” (йæ редактор – Брытъиаты Елбыздыхъо). Нæ литературæйы рæзтæн иуцасдæр фæахъаз журнал “Чырыстон цард” дæр (1911-1916, йæ редактор – Цомайты Харлампи). Æртынæм азты райдайæны дæр рацыди къорд ирон журналы: “Абон” (1932), “Литературæйы хъазуатон” (1932-1933), “Ног талатæ” (1933-1934). Фæлæ уыдонæн бирæ цæрæнбон нæ уыди – малусæгау иу æваст фæзындысты æмæ иу уайтæккæ æрбайсæфтысты.

“Мах дуджы” фыццаг редктор уыди Къосыраты Сæрмæт – нæ нацийы иузæрдион хъæбул, ирон фысджытæй бирæтæн стыр хæрзты чи бацыди, Къостайы царды хабæрттæ æмæ литературон бынтæ биноныг кæныныл хæдзардзинæй чи куыста. Журналы алыварс æрбамбырд сты нæ фысджыты хистæр фæлтæр – Коцойты Арсен, Къубалты Алыксандр, Малиты Георги, Нигер, Гулуты Æндыри, Цæголты Георги, Барахъты Гино, Илас Æрнигон, стæй литературон фæсивæд – Дзесты Куыдзæг, Фæрнион Къоста, Мамсыраты Дæбе, Плиты Хадо æмæ Грис, Ардасенты Хадзыбатыр, Епхиты Тæтæри, Хъазбегты Хъазыбег, Хозиты Яков, Хъайтыхъты Геор æмæ иннæтæ.

“Мах дуг”-æн йæ ном – йæ уæлæ: цы дуджы царди, уый æвирхъау тохтæ бæлвырд-бæрæгæй зынынц йæ фæрстыл. Ног цард агуырдта ног зарджытæ. Æмæ фысджытæ, уæлдайдæр кæстæр фæлтæр, ерыс кæнын байдыдтой, æз хъæрдæрæй ныццæлхъ ласон зарæг, зæгъгæ. Сæ фылдæр фæцайдагъ сты агиткæтыл, цъæлхъæрыл, хус ныхæстæ, партион лозунгтæ æмæ сидтытæ рифмæтæй кæрæдзиуыл бийынмæ. Адæм фыдæй-фыртмæ цы уды хæзнатæ, генион уацмыстæ сфæлдыстой, уыдон нал бæззыдысты, ног цардæвæрд сыл йæ къух систа, ныгæнын сæ райдыдта. Кæстæртæ хистæртæн зонд амоныныл схæцыдысты, æниу ам хъуыддаг кæстæрæй хистæры сæрыл нæ уыди – тох цыди бынæттыл, æрдз курдиатæй хай кæмæн не скодта, уыдон “рæстæджы науæй” æппарын райдыдтой фарны лæгты. Суанг ма адæмон сфæлдыстады æмæ Къостайы фыстыты ныхмæ дæр сæ гæрзтæ рабастой.

“Хазбийы, Аслæнбеджы, Хъуыдайнаты, Чермены, Уастырджийы æмæ зæдты зарджытæ базæронд сты… Нал хъæуынц… Абоны цæстæй акæсгæйæ Къостайы зарджытæ дæр уыдонимæ нымад æрцæудзысты. Социалистон арæзтады хъазуатон темпытæ агурынц æндæр, ног зарджытæ”, – фыста иу æрыгон автор 1932 азы 18 июны “Рæстдзинад”-ы. Иннæ автор Коцойты Арсены хуыздæр радзырдтæй зæгъы: “Нæ бæззынц, уымæн æмæ зыгъуыммæ æвдисынц æцæгдзинад”. Дарддæр дзуры ноджы карздæрæй: “Стыр зиан хæссы ацы радзырд (“Æхцайы чырын”. – Хъ.Æ.), цъыфкалæн кæны фæллойгæнджытыл”. (“Мах дуг”, 1939, № 5, 45 ф.). Æрцыдысты Белинскийы ныхæстæ: “Каждый, чтоб ему было широко и просторно жить, готов… запретить другим жить… Есть ужасные запретители: кроме своих сочинений, так бы все и запретили гуртом…”

Нæ литературæйы сæрмæ æмбырд кæнын райдыдтой сау мигътæ. Нæ хуыздæр фысджытыл, дунейы литературæйы классикæйыл чи схъомыл, стыр культурæ, æрдзон фарн æмæ хъæздыг курдиаты хицау чи уыд,уыдоныл арæхæй-арæхдæр æмбæлдысты æнæджелбетт, æнæхъола къулбадджыты гуымиры уайдзæфтæ, дзырдæппарæнтæ. Ралæууыдысты тугуарæн азтæ. Æгъатыр системæйы азар кæй басыгъта, уыцы ирон фысджыты нымæц схæццæ дыууиссæдзмæ. Уыдонæй бирæтæ уыдысты нæ литературæйы кад æмæ фидауц. Кæд сын райдианы мыхуыры оргæнты сæ фыстытæн бынат уыди, уæд сын фæстагмæ сæ фæндæгтæ æхгæнын райдыдтой. Былалгъæй зарын кæй нæ зыдтой, вульгарон-социологон эстетикæ (кæд ын эстетикæ схонæн ис, уæд) сын æцæгæлон кæй уыд, уый тыххæй. Мæ ныхасæн бындур скæныны охыл ракæндзынæн ахæм хабар. 1937 азы трагедийы фæстæ ма нæ зæронддæр фысджытæй æрмæст Арсен, Цæголты Георги, Нигер æмæ ноджы иу дыууæ-æртæйæ аззадысты удæгасæй. Фæлæ куыд цардысты?

1934 азы Цæгат Ирыстонмæ уазæгуаты ссыди мæскуыйаг фысджыты къорд, сæ сæргъы Ильинский. Мæнæ сын цы ныхас рауад Арсенимæ:

“Коцойты Арсен: Æз 1929 азæй абоны онг фыссын… терминтæ, кусын терминологон къамисы, æмæ мæ фыны дæр уынын уыцы терминтæ… 1929 азæй фæстæмæ егъау ницыуал ныффыстон. Хицæн радзырдты æмбырдгонд лæвæрд æрцыд мыхуыр кæнынмæ, фæлæ нæма рацыд. Кусын ноджы чингуытæ ивыныл. Раивтон аивадон фыстытæ: Гатуйы-фырты фыст “Зды – цинк”, “Джызæлдоны адæм”– Дангуловы фыст æмæ æнд.

Ильинский (мæскуыйаг фысджыты бригады сæргълæууæг): Коцойы-фырт, зæгъ-ма нын, дæ куыстытæй дæ куы суæгъд кæниккой, уæд дæхи куыстыл нæ бакусис, ницы ныффыссис?

Коцойы-фырт: Цæуылнæ, фæлæ уæд цæмæй фæцæрин? Абоны онг нырма цы чингуытæ раивтон, уыдонæн æхца нæ райстон, æмæ терминон къамисы куынæ кусон, уæд цы бахæрдзынæн æмæ цæмæй цæрдзынæн? Æндæра мæ тынг фæнды, истытæ куы ныффыссин, уый. Ис мæм, кæй райдыдтон фыссын, ахæм радзырдтæ, пьесæ дæр, фæлæ мын нæй рæстæг уыдоныл кусынæн”.

Ахæм уавæртæ сарæзта ног цардæвæрд нæ фысджыты хуыздæртæн. Цал æмæ цал хатты фæчынди цъыфкалæнтæ, æбуалгъы хахуыртæ Нигерыл! Æниу цас хъыцъыдæттæ бадардтой Цæголты Георгийæн! “Оставшись без средств к су˜ествованию, Георгий Цаголов скончался от голода 10 августа 1939 года”, – зæгъы Суменаты Замирæ Цæголты Георгийы уацмысты æмбырдгонды фыццаг томы разныхасы (“Ир”, 1992). Алы къуымты фæрахау-бахауы фæстæ сыдæй амарди Арсен дæр 1944 азы.

“Мах дуг”-ыл дзургæйæ ацы цаутæ зæрдылдаринаг сты, уымæн æмæ журналы æмæ фысджыты хъысмæттæ кæрæдзийæ хицæнгæнæн нæй, нæ литературæйы цы сгуыхтытæ æмæ къуыхцытæ уыди, мыхуыры оргæнтæ дæр уыдонæй иуварс нæ баззадысты.

65 азы дæргъы журнал цы романтæ, уацаутæ, пьесæтæ рауагъта, уыдон сæдæтæй нымайгæ сты, радзырдтæ, кадджытæ, æмдзæвгæтæ та – минтæй. Уыдон се ’ппæт æцæг аивады домæнтæн дзуапп куы дæттиккой, уæд ирон адæм сæ синысæртыл хæциккой, нæ кад æгас дунейыл нæрид. Фæлæ… Аивадæн бæрцæй аргъгæнгæ нæу-йæ барæнтæ æндæр сты. Ссæдз романæй кæнæ сæдæ радзырдæй цал фæрæстмæ, уый рæстæг равдисдзæн. Æз та æндæр хъуыддагыл дзурын: “Мах дуг” йæ райгуырдæй абонмæ ирон аив ныхас хæссы дзыллæмæ, цæстуарзонæй лæггад кæны нæ нацийæн, кæд йæ куысты бирæ аиппытæ уыд, уæддæр. Канд нæхи литературæйыл нæ цæуы ныхас – дунейы адæмты номдзыддæр фысджыты сфæлдыстадмæ дæр йæ хъус тынг дардта. Лукиан æмæ Хайям, Шекспир æмæ Боккаччо, Петраркæ æмæ Саади, Расин æмæ Руссо, Пушкин æмæ Гоголь, Байрон æмæ Бернс, Салтыков-Щедрин æмæ Шевченко, Петефи æмæ Уланд, Чехов æмæ Джойс, Блок æмæ Кафка, Тукай æмæ Есенин, Сартр æмæ Камю, Ионеско æмæ Борхес, Платонов æмæ Астафьев…Уыдон æмæ бирæ æндæр дзырддзæугæ фысджытæ сдзырдтой иронау. Журнал бирæ сарæзта фольклор адæмы ’хсæн парахат кæныны хъуыддаджы дæр. Зæгъæм, Гуытъиаты Хъазыбеджы æмбисæндтæ хицæн чиныгæй рацæуыны размæ фæзындысты “Мах дуджы” (1975 азы). Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, зарджытæ, уыци-уыцитæ, куывдтытæ, хъæлдзæг ныхæстæ… Суанг ма дзы æлгъыстытæн дæр разынди бынат. Журналкæсджытæ базонгæ сты нæ кадæггæнджыты царды хабæрттимæ дæр. Иры æгъдæуттæ æмæ æвзаг, истори æмæ цардыуаг, нывкæныны аивад æмæ музыкæ – ацы хъуыддæгтæ кæддæриддæр уыдысты “Мах дуджы” дзуринæгтæ, йæ сагъæс, йæ катай, “йæ хуымгæнды хай”. Нæ литературæйы астæуккаг цæджындзты æмрæнхъ журналы автортимæ ранымайæн ис нæ разагъды нывгæнджытæ Тугъанты Махарбег, Едзиты Сослæнбег æмæ Дзанайты Азанбеджы, театралон аивады дæснытæ Тотраты Бесæ æмæ Хъариаты Тамарæйы, композитортæ Кокойты Тæтæрхъан æмæ Галаты Барисы, историктæ Кокиты Георги, Борис Скитский, Блиты Макс, Леонид Семенов æмæ Тотойты Михалы, этнографтæ Къарджиаты Бекызæ, Цагъаты Анастасия, Барахъты Еленæ æмæ Мæхæмæтты Æхсарбеджы… Уæдæ куыннæ скæнон нæ дзырддзæугæдæр ахуыргонд Абайты Васойы кой. Уый уацтæй фидыдта кæддæриддæр “Мах дуг”. Ацы номхыгъдмæ ма бафтауæн и нæ ахуыргæндтæй бирæты нæмттæ.

“Нæ разагъды лæгтæ”, “Аивад, культурæ”, “Рæстæг – рæстæвзарæн”, “Сфæлдыстадон бынтæ” æмæ æндæр рубрикæты радзырдтам Санаты Сем, Зыгъуытаты Бибо, Байаты Гаппо, Цæлыккаты Ахмæт, Темырханты Сослан, Тугъанты Махарбег, Едзиты Сослæнбег, Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Гæздæнты Гайто, стæй бирæ æндæр фарны лæгты тыххæй. Рохуаты никуы уыдысты нæ хъæбатыр революционертæ, инæлæрттæ æмæ иннæ сгуыхт адæм.

Ирæн стыр хæрзты бацыдысты уырыссаг ахуыргæндтæ Шегрен, Миллер, Ковалевский, украинаг Скитский, гуырдзиæгтæ Долидзе, Чонкадзе, францаг Дюмезиль – уыдоны сфæлдыстадон сурæттæй дæр сфидыдта журнал.

Раст нæ уаид, “Мах дуг”-æн разамынд чи лæвæрдта, зæрдиагæй чи куыста йæ уадзыныл, уыдон нæмттæ ма æрымыс, уæд. Йæ редактортæ уыдысты Къосыраты Сæрмæт (1934-1935), Дзаттиаты Алыксандр (1935), Боциты Барон (1936-1937), Бæдоаты Хъазыбег (1937), Епхиты Тæтæри (1937-1941), Дзаттиаты Тотырбег (1945-1948), Плиты Грис (1948-1952), Токаты Асæх (1952-1954), Мæрзойты Сергей (1954-1960, стæй 1985-1986), Цæгæраты Максим (1960-1963, стæй 1978-1985), Цырыхаты Михал (1963-1977), Богазты Умар (1977-1978).

Бирæ азты дæргъы журналы æнæзæрдæхудтæй фæллой фæкодтой Гулуты Æндыри, Плиты Хадо, Дарчиты Дауыт, Бесаты Тазе, Саламты Алихан, Чехойты Сæрæби, Баситы Михал, Гаджиты Георги, Сечъынаты Ладемыр, Бицъоты Грис, Хуыгаты Сергей, Хостыхъоты Зинæ, Ходы Камал. Хæмыцаты Албег, Æгъуызарты Саукуыдз, Агънаты Гæстæн, Кокайты Тотрадз. Редакцийы кусджытæ абон дæр æхсызгонæй æрæмысынц сæ раздæры æмкусджытæ Белеккаты Аминæт, Беспалова Варварæ, Дзыгасты Софя, Дегъуаты Соня æмæ иннæты.

Ныронг нæ къухы цы бафтыди, цы сарæзтам, уыдон бæрæг сты, адæмы зæрдæты, æхсæны царды сæ фæд ныууагътой.