Сомбоныл ивгъуыды хæзнатæ тауæг журнал

Нæ зынаргъ хæлæрттæ!

90 азы сæххæст литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ыл. Æнус чысыл хъуаг фæцыд Ирыстоны национ культурæйы хæзна арфæйаг фæндæгтыл. Нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ йын бындур куы æвæрдтой, уæд сæ фæндыд, цæмæй дзыллæйы хона рухсмæ, фысджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ йæ фæрстыл дзурой, цы сæ тыхсын кæны, цæуыл бацин кæнынц, æппæт уыдæттыл.

Ирон æвзагыл журнал уадзыны фæлтæрæнтæ ма уый размæ дæр уыд, фæлæ царды рæз рахæссыны амонд хъысмæтæй фæци «Мах дуг»-ы. Æмæ абон у æцæгдæр не ‘мдугон. Нæ размæ нын уыцы-иу рæстæг хæссы классикты уацмыстæ, райдай Хетæгкаты Къостайæ, Гæдиаты Секъайæ, Брытъиаты Елбыздыхъойæ, æмæ фæу нырыккон фысджыты сфæлдыстадон æнтыстытæй. Ома, ивгъуыд бæтты абонимæ æмæ сомбонимæ дæр, уымæн æмæ арæх раргом кæны мадæлон æвзагыл æнувыд ног авторты нæмттæ дæр.

Мах иууылдæр цæрæм, дуне æнæхъæнæй дæр кæм ивы, стыр историон фæзилæнтæн æвдисæн кæм стæм, ахæм рæстæг. Æмæ уыдæттыл дæр нæ журнал-юбиляр дзуры уæндон æмæ бæстонæй. Йæ фæрстыл æвдыст цæуынц Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтарты сгуыхтытæ, фаг æргом здахы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæм дæр. Уæдæ нæ аивады архайджыты сфæлдыстадон сурæттæ, Ирыстоны хъæуты тыххæй æрмæджытæ дæр адæмы зæрдæмæ цæуынц. Æмтгæй райсгæйæ та æппæт уыдæттæ сты патриотон хъомылады ахъаззаг фæрæз.

Нæ фæсивæды раст фæндагыл аразджытæ, ныййарджыты æмрæнхъ, фыццаджыдæр ахуыргæнджытæ сты. Æмæ уыдон, удварны хæзнатæ парахат кæнгæйæ, журналы æрмæгæй пайда кæнынц, сæхæдæг дæр йæ автортæ уæвгæйæ. Уæдæ нæ ахуыргæндтæ дæр – афтæ. Сæ зонадон иртасæнтæй дарддæр ма нæ размæ рахæссынц архивтæй, адæмон сфæлдыстады æвæрæнтæй æрмæг.

Афтæ куы зæгъæм, æмæ журнал «Мах дуг»-имæ нæ истори æмæ культурæйы зынгæдæр архайджытæ иууылдæр баст сты, уæд нæ фæрæдидзыстæм. Редакцийы коллектив, райдай йæ фыццаг редактор Къосираты Сæрмæты рæстæгæй, йæ алыварс æнгом кодта хуыздæр, куыстхъомдæр тыхтæ. Æнтысы йын абон дæр, æмæ уый руаджы бакæсæн вæййы бирæ цардфæзилæнты тыххæй.

Уæдæ ирон æгъдау, ирон традицитæ парахатгæнджыты тыххæй та журналы цас зонинæгтæ ссарæн ис! Абон, хъыгагæн, адæм зæрдæйы фæндиаг нал кæсынц ахæм, æмæ аивадон уацмыстæ дæр. Уый фæлтæрты хъомыладыл хорзæрдæм нæ зыны, фæлæ «Мах дуг» архайы уавæрыл сахадыныл. Йæ бæстон æрмæджыты фæзынды фæстæ библиотекæты саразынц чиныгкæсджыты конференцитæ, автортæ сæмбæлынц скъоладзаутимæ.

Æнæ бафиппайгæ ма нæй аивадон тæлмацы традицитæ дарддæр кæныны хъуыддагæн. Уымæн ахъаззаг фæрæз у сыхаг регионтимæ иумæйаг номыртæ уадзыны хъæппæрис. Афтæмæй иуæй ирыстойнæгтæ Цæгат Кавказы авторты уацмыстимæ зонгæ кæнынц, иннæмæй та ног тæлмацтæ хорзæрдæм ахадынц литературон процессыл.

Бæрæгбон арфæтæй фидауы, æмæ «Мах дуг»-æн мæ зæрдæ зæгъы, цы фæрнджын хъуыддæгтыл хæст у, уыдон йæ къухы цæмæй æфтой, уый. Йæ коллектив ноджы фылдæр æргом дарæд æрыгон автортæм, фыссæд, æхсæнад цы тыхсын кæны, уыдæттыл. Сæйрагдæр та йæ къæбиц литературæйы алы жанры дæр æххæст уæд цымыдисаг æмæ актуалон уацмыстæй.

Ноджы ма нæ юбиляр-журналæн мæ цæст уарзы, цæмæй йæ кæсджыты нымæц фылдæрæй-фылдæр кæна. Ирон йæхи чи хоны, йæ мадæлон æвзаг чи уарзы, уыдоны куыстуæтты æмæ хæдзæртты искуы иу хатт æрбафтæг уазæг нæ, фæлæ хион-хæстæджы хуызæн хъуамæ уа!

Дуг æмæ рæстæджы хорзæх уæ уæд, нæ уарзон Ирыстоны цæрджытæ!

Сергей МЕНЯЙЛО, РЦИ–Аланийы Сæргълæууæг