Нæхи «Мах дуг»

Йæ бонæй уа, абон зæрдиагæй кæуыл цин кæнæм, бирæ хъарм арфæтæ чи исы! Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Журнал кад æмæ радимæ 90 азы дæргъы ирон адæмы культурæйы сæрхъуызойы бынаты хъæддыхæй лæууы. Мингай кæсджытæ йæ нымайынц национ литературæйы фидар цæджындзыл. Кæд йæ кары бацыд, уæддæр æрыгонæй-æрыгондæр кæны. Йæ рухсдæттæг фæрстыл цы рæсугъд хъуыдытæ фыст цæуынц, уыдон ныфсы, хъаруйы хос сты, чи сæ кæсы, уыдонæн.

Ахæм цины бон мæн фæнды иучысыл ивгъуыд рæстæгмæ акæсын.
1934 аз стыр амонд æрхаста ирон адæмæн. Коммунистон партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бюро бауынаффæ кодта аивадон-литературон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг» уадзын. Уый фæдыл историон гæххæттыл йæ къух бавæрдта обкомы секретарь, фыццаг ирон советон газет «Кермен»-ы раздæры редактор Бутаты Хъазыбег. Уый, нæ интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæй иу, хорз æмбæрста, æнæ сæрмагонд мыхуыры оргæнæй национ литературæйæн парахатæй рæзæн кæй нæй. Фысджытимæ иумæ уырзæй сгарæгау бацагуырдта журналы редколлегийы уæнгтæ. Уыдон уыдысты нæ разагъды лæгтæ: Къосираты Сæрмæт, Дзесты Куыдзæг, Дзанайты Иван (Нигер), Фæрниаты Къоста (Фæрнион) æмæ Боциты Барон. Сæйраг редакторы зын æмæ кадджын бынаты нысангонд æрцыд Къосираты Сæрмæт.

Мах абон хъуамæ сызгъæрин дамгъæтæй ныффыссæм, ахæм ахс- джиаг хъуыддагмæ уыцы тыхст рæстæг йæ ныфс чи бахаста, нæ уарзон журналæн фидар къæйдуртæй бындур чи сæвæрдта, уыдоны нæмттæ.

«Мах дуг» хуымæтæджы нæ бачындæуыд Къосираты Сæрмæты бар. Уый æрмæст курдиатджын журналист æмæ литератор нæ уыдис, фæлæ арæхстджын организатор æмæ æхсæнадон архайæг дæр. Зæгъæм, 1932 азы Дзæуджыхъæуы дыууæ педагогон институты куы байгом ис – 2-æм Цæгаткавказаг æмæ Ирон, – уæд облæсты хицауад Ирон пединституты ректорæй сæвæрдта Сæрмæты, уымæн æмæ йын зыдта йæ зонд, йæ хъару, йæ ныфс. 1924 азы Мæскуыйы Журналистикæйы паддзахадон институты куы ахуыр кодта, уæд Мæскуыйы пролетарон фысджыты иугонды цур сарæзта ирон хайад «Зиу». Йæхицæй дарддæр ма оргбюройы уыдысты Хъуылаты Созырыхъо æмæ Кокиты Георги. 1925 азы хайад Мæскуыйы рауагъта ирон æвзагыл литературон альманах «Зиу»-ы фыццаг чиныг.

1925 азы декабры хайад кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы. Йæ алфамбылай æмбырд кодта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны литературон тыхтæ. 1927 азы, йæ редактор Къосирайы-фырт, афтæмæй рацыд альманах «Зиу»-ы дыккаг чиныг. 1925 азы Сæрмæт сси газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор. Диссаджы зондджын æмæ фæллойуарзаг адæймаг стыр хæрзты бацыд æрмæст ирон журналистикæйæн нæ, фæлæ национ литературæ æмæ культурæйæн. Уыди Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдис саразыны оргкомитеты сæргълæууæг, уый фæстæ та – йæ сæрдар, журнал «Мах дуг»-ы фыццаг редактор. Йæ авналæнтæ цас парахат уыдысты, уымæн ма ис ноджыдæр иу æвдисæн. 1935 азы нæ номдзыд Ирон театр куы байгом, уæд Сæрмæт сси йæ фыццаг директор.

Гъе ахæм курдиатджын лæджы разамындæй боны рухс федта «Мах дуг». Журнал йæ фыццаг номырæй фæстæмæ бацахста ахсджиаг бынат ирон адæмы культурон царды, сси, фыссæджы куыст чи кодта, уыдоны хъарм авдæн.

Фидарæй афтæ зæгъæн ис, æмæ нæ классиктæ иууылдæр сæ бындурон фæллæйттæ рæгъмæ рахастой «Рæстдзинад» æмæ «Мах дуг»-ы фæрстыл. Боциты Барон, Мамсыраты Дæбе, Плиты Грис, Дзаттиаты Тотырбег, Мæрзойты Сергей, Цæголты Васили, Токаты Асæх, Дарчиты Дауыт, Джусойты Нафи, Дзугаты Георги, Плиты Харитон, Цæрукъаты Алыксандр, Хъазыбегты Хъазыбег, Цæрукъаты Владимир, Цырыхаты Михал, Темыраты Давид, Бесаты Тазе, Цæгæраты Максим æмæ Гиго… Абоны литераторты фæлтæры минæвæрттæ, дзæбæхæй нын цæрой, Дзасохты Музафер, Цомартаты Изæтбег, Агънаты Гæстæн, Кокайты Тотраз… Журнал йæ царды фыццаг бонтæй фæстæмæ дзыллæты ‘хсæн парахат кæны ирон адæмон сфæлдыстады хуыздæр æвдисæндартæ.

Уæлдай æхсызгон у, «Мах дуг»-ы кусджытæ æмæ авторты бирæ фæлтæртæн сæ фылдæр каст кæй фесты Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институт, ныртæккæйы университет. Ноджы ма нæ фидар бастдзинадæн ис ахæм æвдисæн: нæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ирон филологийы факультеты профессортæ, доценттæ, аспиранттæ, студенттæ, йæ рауагъдонтæ – скъолаты ахуыргæнджытæ – ахуыргæнæн чингуыты æмрæнхъ парахатæй пайда кæнынц «Мах дуг»-ы æрмæджытæй.

Журнал йæхимæ æрбаввахс кодта бирæ ахуыргæндты сæ зонадон уацтимæ. Йæ хъæппæрисæй журналы иузæрдион автортæ систы бирæ профессортæ, зæгъæм, Тотойты Михал, Цуциты Барис, Мæхæмæтты Æхсарбег, Тедтойты Аслæмбег, Салæгаты Зоя æмæ æндæртæ. Уыдоны куыстытæ стыр пайда фесты ног фæлтæрты ахуырады æмæ наукæйы бæллиццаг фæндæгтыл æрлæууын кæныны хъуыддаджы.

«Мах дуг»-ы бирæ хорздзинæдтыл дзургæйæ, фидарæй зæгъæн ис, æмæ уый йæхи кæй нæ ныггуыбыр кодта æрмæст ирон литературæ- йыл. Йæ фæрцы бирæтæ сæ мадæлон æвзагыл бакастысты уырыссаг æмæ дунеон классикæйы хуыздæр минæвæртты: Лев Толстой, Федор Достоевский, Алишер Навои, Шота Руставели, Омар Хайям æмæ ноджы бирæ æндæрты. Уæдæ нæ сыхаг адæмты фысджыты хуыздæр уацмыстæ цæстуарзонæй кæй уадзы, уый дæр кæуылты æппæлинаг хъуыддаг у! Уымæн та ма ис ноджыдæр стыр политикон ахадындзинад: æххуыс у алы æвзæгтыл дзурæг æмæ алыхуызон динтыл хæст адæмты кæрæдзимæ æввахсдæр кæнынæн.

«Мах дуг» цæрæд æмæ цæрæд, йæ кусджытæ та дзæбæх, æнæнизæй ног æмæ ног авторты æмæ фæндæгтæ сгарæнт.

МÆХÆМÆТТЫ Ахуырбег,
историон наукæты доктор, ЦИПУ-йы президент