Фæсивæды йæ алыварс æнгомгæнæг журнал

Журнал «Мах дуг»-æн ирон адæмы царды йæхи сæрмагонд бынат ис, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд, æвæццæгæн, рæдыд ныхас нæ уыдзæн. «Мах дуг»-æн йæ хистæр æфсымæр «Фидиуæг», Хуссар Ирыстоны журнал, уыд хорз фæндагамонæг æмæ хæлар зондамонæг. Ныр «Мах дуг» йæхæдæг дæр йæ кары бацыд, æмæ «Фиди- уæг»-имæ иумæ хистæрты ном кадимæ хæссынц Ирыстоны æрыгондæр журналты æмæ журналкæсджыты раз.

Лæг йæ хæстæ, йæ нысан куы уына æмæ куы ‘мбара, уæд сæ æххæст кæнын æнцондæр у. Афтæ – мыхуыры фæрæзтæн дæр. Æмæ уыцы хорз миниуæгæй хайджын у «Мах дуг». Йæ райдайæнæй фæстæмæ йын уыд курдиатджын разамонджытæ (номæй-номмæ сæ нæ нымайдзыстæм; кæм сты, уырдыгæй æххуысгæнæг уæнт сæ фæдонтæн). Уыдон хорз мыхуыры фæрæзы скъола сарæзтой æмæ ныууагътой абоны кусджытæн.

Æз хорз хъуыды кæнын, скъоладзауæй куыд кастæн журнал, уый. Фæлæ уæддæр мæ зæрдæмæ уæлдай хæстæгдæр фæци студенты бонты, фыццагкурсон уæвгæйæ, нæ факультеты æмæ æмдзæрæны алы бон кæй уыдтон, уыцы хистæркурсонты мыггæгтæ æмæ уацмыстæ журналы фæрстыл куы ауыдтон, уæд. Хуымæтæджы хъал нæ уыдтæн иу номыры æртæ хæстæгмæ зонгæ студенты уацмыстæ кæсгæйæ: Багаты Аврамы радзырд «Дыууæ талайы», Бутаты Победæйы æмæ Уалыты Лавренты æмдзæвгæтæ. Йæ хæдфæстæ иннæ номыры та ногæй – Лавренты æмдзæвгæтæ, Агънаты Гæстæны радзырдтæ «Кæстæр чындз» æмæ «Фырт», Цомартаты Изæтбег æмæ Цгъойты Хазбийы уацтæ æмæ уацмыстæ. Чысыл фæстæдæр сæм бафтыдысты Къибирты Амырхан, Фидараты Изетæ, Бабочиты Руслан æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон иууылдæр систы ирон зындгонд фысджытæ æмæ мыхуыры бæрнон кусджытæ.

Абон журналтæ, гæххæттыл уагъд мыхуыры иннæ фæрæзтæ, зын уавæры сты, «тохы дуг» сын у: сæ алыварс фæзынд техникæйæ гæрзифтонг, бонæй-бонмæ фылдæргæнæг информацион фæрæзтæ. Æмæ ам журналы сæйраг хотых у мыхуыргонд æрмæджы хæрз- хъæддзинад. Фæлæ хорз æрмæг хорз автортæй аразгæ у, æмæ, уыцы хъуыддаг рæвдздæрхъуаг кæй у, уый сусæггаг нæу, сусæг кæнын дæр нæ бакомдзæн. ХХ æнусы Дунейы Фарн цас рæдау разынд æрыгон курдиаттæ раттынмæ бæрцæй чысылгомау ирон адæмæн, уыйбæрц, хъыгагæн, фæстæдæр та æлгъин разынд.

Кæддæр нын ацы хъуыддаджы тыххæй Джыккайты Шамил афтæ загъта: «Бамбарут, курдиат асфальты хъæбæрыл гуыргæ ракæндзæн, фæлæ рæзгæ не скæндзæн… Акæсут-ма, нæ курдиатджын фысджытæ иууылдæр кæцæйты рацыдысты, сæ сабидуг кæмыты арвыстой, уымæ». Æмæ уый раст у – музæ (курдиат), æвæццæгæн, уæзданарæзт æмæ тæссонд у, хъæрахст-цъæхахстгæнæг дуне йæ зæрдæмæ нæ цæуы, тæрсгæ дзы кæны.

Фæлæ мæн уæддæр фидарæй уырны, кæмдæр, сæ уацмыстæ равдисын æфсæрмы цы фæсивæд кæны (алчидæр бавзæрста уыцы æн- къарæн), ахæмтæ ис, æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй фæныфсджындæр уой.

«Мах дуг» уыцы хъуыддаджы активон у, раппæлинаг сты йæ алыхуызон ерыстæ алы кары журналкæсджыты ‘хсæн. Раппæлинаг у йæ хæлардзинадтауæг архайд дæр æндæр адæмты литературæ æмæ культурæимæ бастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддаджы. Йæ зæрдæйы фæндиаг æнтыстытæ йæ къухы бафтæнт.

«Мах дуг», дæ гуырæн боны дын мæ зæрдæ зæгъы куыстхъом, цард- хъом æмæ фæрæзджын уæвын, ног курдиатджын автортæ та дæм кæддæртау рады куыд лæууой. Хистæрæй, кæстæрæй, стыр хицауæй хуымæтæг чиныгкæсæджы онг дын, цы æххуысы æмæ кады аккаг дæ, уый куыд зоной. Дæ дыккæгæм æнусмæ ныфсджын къахдзæф куыд бакæнай, æмæ дын уый та бирæ ног хæрзтæ, стыр æнтыстытæ куыд æрхæсса!

БЕЗАТЫ Фаризæ,
педагогон наукæты кандидат, ЦИПУ-йы ирон литературæйы кафедрæйы доцент