Рæдауæй ныл удварны хæзнатæ тауы

РЦИ-Аланийы Национ наукон чиныгдоны милуан æмæ æрдæджы бæрц фондæй 30 мин сты бæстæзонæн æвдисæнтæ. Æмæ уыдоны ‘хсæн сæрмагонд бынат ахсы журнал «Мах дуг». Ацы бæстæзонæн рауагъд адæм иннæтæй арæхдæр агурынц. Кæй Къостайы æмдзæвгæтæ зæрдæскъæфт кæнынц, кæй Брытъиаты Созырыхъойы аргъæуттæ, кæй та – Коцойты Арсены радзырдтæ æмæ Гæдиаты Секъайы таурæгътæ кæнæ Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæтæ. Гъемæ сын сæ уацмыстæ йæ мадæлон æвзагыл чи кæсы, уыдон иууылдæр уарзынц «Мах дуг».

Нарыккон Ирыстоны зонадон, культурон æмæ ахуырадон тыгъдады журналæн ис аккаг бынат. Æрвылбон дæр æй агурынц алы кары адæм. Æмæ сыл уый дæр рæдауæй тауы удварны хæзнатæ. Уал азмæ дзы цас хъæугæ æрмæг рацыд литературæйæн аргъгæнджытæн, фысджытæн, ахуыргæндтæн. Уæдæ ахуыргæнджытæн æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты гуманитарон факультетты студенттæн та «Мах дуг» сæ къух методикон амынддзинæдтæй саразы. Мах, чиныгдоны кусджытæ, журналы æрмæджытæм гæсгæ скæнæм поэзийы изæртæ, равдыстытæ, библиографион амонæнтæ.

Йæ равзæрдæй фæстæмæ журнал стыр æргом здахы ирон адæмы истори, этнографи, æвзаг, культурæйы фарстатæм. Гуытъиаты Хъазыбеджы «Ирон æмбисæндтæ», «Уыци-уыцитæ», «Нарты кадджытæ», Цагъаты Анастасияйы «Фольклорон-этнографион æрмæг», Туаты Ольгæйы «Сылгоймаджы фæлгонц Нарты кадджыты», Тменаты Дзерассæйы «Ирон сывæллæтты фольклор æмæ хъæзтытæ» – æрмæст ацы фæстаг азты мыхуыргонд æрмæджытæн дæр сæ нысаниуæг кæуылты у!

Кæнæ рубрикæтæ «Не ‘взаг – нæ фарн», «Нæ уидæгтæ», «Нæ ра- загъды лæгтæ», «Аивад, культурæ», «Æмдугоны хъуыдытæ», «Бакæсæм нæ хурты хуртæн»… Бирæ азты размæ Уæрæсейы фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыд (уыимæ ирон æвзагыл!) уырыссаг фæсарæйнаг литературæйы классик Гæздæнты Гайтойы радзырд дæр.

Куыд нæ хъуамæ фæнысан кæнæм, нæ культурæ æмæ зонадæн æвæджиауы хæрзты чи бацыд, уыцы Шегрен, Миллер, Ковалевский, Скитский, Долидзе, Чонкадзе, Дюмезилы сфæлдыстадон портреттæ.

Уæдæ дунеон аивадон литературæ дæр журналы бирæвæрсыгæй æвдыст цæуы. Ам адæмæн ирон æвзагыл сæ бон бакæсын у Эзопы, Еврипиды, Шекспиры, Байроны, Гюгойы, Пушкины, Чеховы, Тютчевы, Платоновы, Астафьевы уацмыстæ. Æрмæст фæстаг азты «Мах дуг» йæ кæсджыты размæ рахаста алы паддзахæдты минæвæртты 60 авторы фæллæйттæ.

«Мах дуг» æрмæст удварнæй нæ хъæздыг кæны, фæлæ ма йе ‘ргом здахы нæ алфамбылай дунейы æрдзы æнæниздзинадмæ дæр. Уымæ гæсгæ сисы демографи æмæ экологиимæ баст фарстатæ дæр.

Уæдæ дзы цæстуынгæ æрмæг дæр парахатæй фæзынд. Рагон хуызистытæ, фысджыты къамтæ, нывгæнджыты куыстытæ – уыдон дæр æм адæмы æргом здахынц.

Журналы Коцойты Арсен, Малиты Георги, Къубалты Алыксандр, Барахъты Гино, Илас Æрнигон, Нигер, Гулуты Андрей, Дзесты Куыдзæг, Мамсыраты Дæбе, Плиты Грис, Хъодзаты Æхсар æмæ бирæ æндæр фысджытæ цы традицитæ сæвæрдтой, уыдоныл абон ноджы ‘фты, æмæ «Мах дуг»-æн йæ алы номыр дæр свæййы Ирыстоны национ интересты фидиуæг, уыцы иу рæстæг литературон-аивадон рауагъды æппæт домæнтæн дæр дзуапп дæтгæйæ. Цæры æмæ кусы, нæрæмон Къоста куыд фæдзæхста, афтæ.

Зæгъдзынæн ма, чиныгкæсджытæ æхсызгонæй кæй агурынц тематикон номыртæ дæр. Уыимæ сæ 3-аг, 5-æм, 6-æм рауæгъдтытæ нæ фæхонынц, фæлæ Абайы-фырты, Гæздæны-фырты, Уатайы-фырты, Гамзатовы, Беслæны, Ставд-Дурты номыртæ.

Цыбыр дзырдæй, цы чиныгдоны кусджытæн, цы чиныгкæсджытæн «Мах дуг» у, зæрдиагæй кæмæ фенхъæлмæ кæсынц, ахæм хæлар. Гъемæ ма бирæ юбилейтыл сæмбæлæд, ног æмæ ног сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизæд йæ иузæрдион автортимæ!

Хицæн арфæйы ныхæстæ – журналы сæйраг редактор, курдиатджын æрыгон разамонæг Хетæгкаты Оксанæйæн. Йæ коллективимæ иумæ йын бирæ бантысæд ирон аив дзырд парахат кæныны арфæйаг хъуыддаджы!

БИБУАТЫ Иринæ,
РЦИ-Аланийы Национ наукон чиныгдоны директоры хæдивæг