Руставели «Стайыцармдарæг»

Бестауты Гиуæргийы тæлмац

Тæлмацгæнæгæй. 1

РАЙДАЙÆН.. 2

АРАБЫ ПАДДЗАХ РОСТЕВАНЫ ХАБАР. 4

РОСТЕВАН ПАДДЗАХ ÆМÆ АВТАНДИЛЫ ЦУАН.. 7

АРАБЫ ПАДДЗАХ ФЕМБÆЛД СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫЛ.. 8

ТИНАТИН АВТАНДИЛЫ ÆРВИТЫ СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫ АГУРÆГ. 11

АВТАНДИЛЫ НЫСТУАН ЙЕ ‘ФСАДМÆ… 15

АВТАВДИЛ АЦЫД СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫ АГУРÆГ. 16

АВТАНДИЛЫ НЫХАС АСМАТИМÆ ЛÆГÆТЫ.. 20

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛЫ ФЕМБÆЛД.. 24

ТАРИЕЛ ЙÆ ХАБÆРТТÆ ДЗУРЫ АВТАВДИЛÆН.. 26

ТАРИЕЛЫ УАРЗТЫ ФЫЦЦАГ ХАБАР. 28

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ.. 31

ТАРИЕЛЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ.. 31

ТАРИЕЛ ХАТАЕТМÆ ÆРВИТЫ ЧИНЫГ. 32

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН СИДЫ ТАРИЕЛМÆ… 32

ХАТАЕТЫ ПАДДЗАХЫ НЫСТУАН ТАРИЕЛМÆ… 33

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЕМБÆЛД.. 34

ТАРИЕЛЫ БАБЫРСТ ХАТАЕТМÆ ÆМÆ СТЫР ТОХ.. 35

ТАРИЕЛ ЧИНЫГ РАРВЫСТА ИНДИЙЫ ПАДДЗАХМÆ ÆМÆ УÆЛАХИЗÆЙ ÆРЫЗДÆХТ. 38

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ.. 40

ТАРИЕЛ ФÆКУЫДТА ÆМÆ БАУАДЗЫГ. 41

ТАРИЕЛЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ.. 41

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ МОЙМÆ РАТТЫНЫЛ УЫНАФФÆ.. 42

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ТÆРХОН.. 42

ХОРЕЗМЫ ШАХЫ ФЫРТ ÆРЦЫД ИНДИМÆ ÆМÆ ФÆМАРД ТАРИЕЛЫ КЪУХÆЙ.. 45

ТАРИЕЛ БАЗЫДТА НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЕСÆФТЫ ХАБАР. 46

ТАРИЕЛЫ ФЕМБÆЛД НУРАДИН-ПРИДОНИМÆ.. 48

ТАРИЕЛ ÆХХУЫС КÆНЫ ПРВДОНÆН.. 50

ПРИДОН ДЗУРЫ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ХАБАР. 51

АВТАНДИЛ ÆРЫЗДÆХТ АРАВИМÆ.. 55

АВТАНДИЛ ХАТЫ ВИЗИРМÆ, ЦÆМÆЙ ЙЫН БАЛЦЫ АЦÆУЫНЫ БАР РАКУРА РОСТЕВАНÆЙ.. 59

АВТАНДИЛЫ НЫХАС ШЕРМАДИНИМÆ… 63

АВТАНДИЛЫ НЫСТУАН РОСТЕВАН-ПАДДЗАХМÆ.. 64

АВТАНДИЛ КУВЫ ХУЫЦАУМÆ… 65

РОСТЕВАН БАЗЫДТА АВТАНДИЛЫ АХЪУЫЗЫНЫ ХАБАР. 66

АВТАВДИЛЫ ДЫККАГ БАЛЦ.. 67

АВТАНДИЛ ССАРДТА ТАРИЕЛЫ… 70

ТАРИЕЛ ДЗУРЫ, КУЫД АМАРДТА ДОМБАЙ ÆМÆ СТАЙЫ… 73

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛ БАЗДÆХТЫСТЫ ЛÆГÆТМÆ… 74

АВТАНДИЛЫ БАЛЦ ПРИДОНМÆ… 77

АВТАВДИЛ ÆРЦЫД ПРИДОНМÆ… 78

АВТАНДИЛ АЦЫД НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ АГУРÆГ ÆМÆ ФЕМБÆЛД КАРУАНТЫЛ.. 82

АВТАВДИЛ НЫЦЦЫД ГУЛАНШАРОМÆ.. 85

ФАТМАН БАУАРЗТА АВТАНДИЛЫ… 87

ФАТМАН ÆРВИТЫ УАРЗТЫ ЧИНЫГ АВТАНДИЛМÆ.. 87

ФАТМАН ДЗУРЫ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ХАБÆРТТÆ.. 90

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ УАЦАРЫ АКОДТОЙ КАДЖИТÆ.. 97

ФАТМАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНМÆ.. 102

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ДЗУАПП ФАТМАНÆН.. 103

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ.. 103

АВТАНДИЛ ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ПРИДОНМÆ… 105

АВТАНДИЛ АЦЫД ГУЛАНШАРОЙÆ ÆМÆ ФЕМБÆЛД ТАРИЕЛЫЛ.. 106

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛ АЦЫДЫСТЫ ПРИДОНМÆ.. 110

НУРАДИН-ПРИДОНЫ УЫНАФФÆ.. 111

АВТАНДИЛЫ УЫНАФФÆ… 112

ТАРИЕЛЫ УЫНАФФÆ… 112

ТАРИЕЛ БАЦЫД ДЕНДЖЫЗТЫ ПАДДЗАХМÆ… 114

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ ПРИДОНЫ ГАЛУАНЫ… 117

ÆРТÆ ХЪАЙТАРЫ БАЛЦ ЛÆГÆТМÆ ÆМÆ УЫРДЫГÆЙ АРАВИМÆ… 119

АВТАНДИЛ ÆМÆ ТИНАТИНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ. 124

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ. 126

КÆРОНБÆТТÆН.. 127

ФИППАИНÆГТÆ… 128

 

Тæлмацгæнæгæй

«Стайыцармдарæг» ратæлмац кæнын мæ рагон бæллиц уыд, фæлæ йæм, раст зæгъгæйæ, мæ ныфс нæ хастон. Иу фæсарæйнаг ахуыргонд фыста, зæгъгæ, «Стайыцармдарæг» ратæлмац кæнын æнæхъуаджы хъуыддаг у, уымæн æмæ тæлмацы уыйбæрц сафы æмæ уый фыдракæнд у Руставелыйы генийы раз.

Руставели йæ уацмыс фыста сæрибарæй, йæхи загъдау, хъазгæ æмæ худгæйæ, сарæзта йын бæрæг-бæлвырд национ фæлгæт. Тæлмацгæнæджы зын куыст уый мидæг ис æмæ уыцы поэтикон фæлгæттæм æндæр национ æвзагыл хъуамæ æркæна поэты генион хъуыдытæ. Уыйадыл уацмысæн эквивалентон тæлмац скæныны фадат зынæй ис. Кадæгæн, иронау тæлмацгæнгæйæ, ныхдур уыд уый дæр æмæ ирон æвзаджы нæ баззад паддзахы галуаны терминологи.

Цæмæй тæлмацы йæ оригиналы зæронд колорит уыдаид, уый тыххæй бахъахъхъæнын хъуыд традицион «бæрзонд» æмæ «ныллæг» шаирийы (гуырдзиаг æмдзæвгæвæрды 16-онгон хуыз) гармони, стæй строфайы цыппар æмхуызон рифмæйы дсер. Кадæджы текст рафæлгъауыны хъуыддаджы мын баххуыс, сæйраджы, оригинал æмæ, йæ алыварс руставелологон литературæйы цы быцæутæ цыд, уыдон сахуыр кæнын, стæй йæ ирон тæлмацы традыци (куыстой ма йыл Хозиты Яков, Плиты Харитон, æнæхъæнæй та йæ раивта Саулохты Мухтар) æмæ, æппынфæстаг, йæ бирæ уырыссаг тæлмацтæ зонын.

«Стайыцармдарæг» мæ йæхимæ сæйраджыдæр ныббаста канд йе стыр идейон-аивадон миниуджытæй нсе, фæлæ дзы мæ зæрдæйæн лымæн, иумæйаг кавказаг уд, уый нæ, фæлæ ма Иры кулътурæйæн, Иры кæддæры нæргæ историйæн хицон миниуджытæ кæй федтон, уымæй дæр.

«Стайыцармдарæг» раивын æз сæйраджы нымайын мæ нацийæн ахъазы хосыл. Руставелийы гени бирæ хæрзиуджыты бацæудзæн ирон зонд æмæ зæрдæйæн, уый æмрæстæджы тæлмацы нысан у ирон æмæ гуырдзиаг адæмы хæлардзинады æнусон мæсыгыл ноджы иу дур сæвæрын, уымæн æмæ кадæг фыст у гуырдзы æмæ иры рагон туглымæндзинады иууыл бæрзонддæр æвдисæндарты — Тамар æмæ Дауыт Сосланы номарынæн.

Тæлмац, зæгъгæ, ацы нысæнттæм чысылдæр фæхæццæ, уæд æз мæхи нымайдзынæн амондджыныл.

РАЙДАЙÆН

Чи у дун-дуне сфæлдисæг, тых, йæ сæры тых а бæстæн,

Мидæрвон хъомыс чи радта зæдтæ, дауджыты къабæзтæн,

А зæхх — адæмæн — йемыдзаг алы рухс цинтæй, сагъæстæй, —

Гуырдзæй паддзæхтæ се ‘ппæт дæр уый хуыз, уый фæлгонц рахастой,

 

Уæ, Бæрзонд Хуыцау, не скæнæг, иунæг, фарнхæссæг уаз Хуыцау,

Ратт мын бархъомыс — д’ азарæй зины басæттон, басудза!

Ратт мын уарзæтты судзгæ монц, — рог мыл базыртæ басадза,

Уарзт мыл ингæнмæ сагъуыйа, уæгъд мæ зæрдæйы ма суадза.

 

Уадултугæхсырæмхæццæ, сатæг-саудзыкку Тамарæн

Хурпаддзахы ‘гъдау цы домбай ратты йе ‘нæрцæф æхсарæй,

Уымæн æз йæ ном куыд арон? — дзырдтæн нæй уырзæй æвзарæн:

Хъуамæ зæрдæтæм ныттæдзид уый номыл мыдау мæ зарæг.

 

Абон ног ыстауын мæнæ рухсдзæсгом паддзах Тамары,

Ног мæ зæрдæйы рæбынæй тугхæццæ цæстысыг хъары;

Мил йæ сатæг-сау цæсты цад, сис — йæ хъæзгуыр къухы дарын,

Кадæгхъусджытæн сæ риумæ сарат хъамайы фындз дарын.

 

Бардзырд раттой мын: ыскæнон хъуамæ уыдонæн сæ зарæг,

Цæсты раз нывау куыд сыстой: зæрдæйыл цъæх арт æндзарæг

Рухс налхъуыт-налмас дæндæгтæ, астæу — тасгæ-уасгæ, нарæг,

Фидар дуры дæр фæстагмæ ‘рсæтты зды фæлмæн хъæсдарæг.

 

Æтт, фæдис, — зæрдæ, мæлгъæвзаг æмæ аивы дзырдвидыц, —

Абон ме ‘нæрхъæц бæллицтæ уе ‘гасмæ æххуысмæ сидынц, —

Тариелыл у мæ катай, уымæ уадвæдис æрвитынц;

Дард, кæрæдзимæ ныфсæнхъæл, худгæ ‘ртæ стъалыйы ‘рттивынц.

 

Тариелы зарæг зарын æмæ сау цæссыг ызгъалын;

Ахæм саггуырды уæззау рис, цæй, кæй зæрдæмæ нæ хъары!

Уый, æз ныффыстон — Руствели — кадæг — рухсцырен ыстъалы, —

Таурæгъ уыд нырмæ хуымæтæг, ныр алдзæн тæмæнтæ калы.

 

Ард кæй номæй хæрынц æфсад, æз кæуыл кæнын æрратæ,

Уымæн басгуыхтæн мæлгъæвзаг æмæ снывæзтон мæ кадæг.

Басыгъд, бадон и мæ зæрдæ, тайын уарзты зынджы цадæг.

Кæнæ уарзты хос куы фенин, кæнæ сау ингæны сатæг.

 

Ацы хорз таурæгъ — хуры къæртт — Персæй рафтыди Гуырдзымæ,

Къухæй къухмæ йæ райсын дæр цæст куыд бауарза ныр цымæ! —

Таурæгъ кадæгæй раивтон æз тæрсгæ-ризгæ стыр зынæй. —

Уый куынæ сфауид буц рæсугъд, — арвмæ сырæзин фырцинæй.

 

Цæстырухс — йæ уындæй саугуырм — бархийæ вæййы йæ уацар,

Зæрдæ — базырджын йæ уарзтæй — хъæды знæт сырдтимæ бацард;

Судзгæ батадтæн, цырагъау, æммыст, удæнцойыл бацуард

Æмæ ‘ртæ хъайтары кадыл дард ныццарауæд дæ базард!

 

Мачи, ма фауæд йæ хъысмæт, алчи й’ амондыл ныхъхъæцæд:

Кусæг бакусæд, хæстон лæг тохы ‘хсарджынæй ысхæцæд.

Иугæр уарзыс, уæд дæ зæрдæ, уадз, ыспæртт кæнæд, ысхæцæд —

Мадæр уарзаг уды бафау, — нæу уыраугæ уарзт хуызхæцæн.

 

Зарæг ракæны пахуымпар, зарæг — зонды рухс сæйраджы, —

Судзы зæрдæйы цырæгътагуаз æрвон ныхасы руаджы.

Уæвгæ, не ‘ппæтмæ нæ хъары, алчи нæу йæ хæрзтæй хайджын.

Хорз хъуыды фидауы ‘лвæстæй, — джиппау ку’абады йæ гаччы.

 

Дугъ — йæ фæлварæн æфсургъæн, уадау, даргъ фæндагыл уайын,

Пуртихъазæгæн — уæрæх фæз, къах — рæстдзæвин — кæд нæ сайы,

Афтæ зарджытæнывæндæг рифмæтæ нывыл нымайы,

Фæлæ ферхæцыд, фæкъуыхцы, зæгъгæ, райдыдта фæллайын,

 

Уæд тыхæвзарæн ралæууыд: кæс — йæ зарæджы цас тых уа,

Ныхас йе ‘мбисыл аскъуыди, баци тас æмæ масты хай.

Уый дæсны лæгæн не ‘мбæлы, — нæу сæрмæхæсгæ састы хал, —

Ризгæ, судзаггаг зарæгæй хъуамæ диссæгтæ басгуыха.

 

Лæг дзымандытæ куы кæна искуы, хаттæй-хатт, æфсонæн, —

Уымæн зарджытæнывæндæг нæй рæсттæрхонæй ысхонæн.

Амцæф-уымцæфтæ — йæ зарæг, фæлæ, уастæн уа йæ бонæй, —

Хъен ныллæудзæни, хæрæгау, — нæй, дам, дзы хуыздæр мæнонæй!

 

Дыккаг ахæм у дзыманды, — чи йæ цанæбары зары; —

Нæу йæ бон аив ныхасæй зæрдæйыл цъæх арт æндзарын.

Ахæм зарæджы дæсныты саби цуангæнджытыл барын, —

Ыстыртæм сæ ныфс нæ хæссынц æмæ лыстæг сырдты марынц.

 

Зарынц æртыккаг дзыманды хиирхæфсынæн минасы.

Уым кæрæдзийæ дæлгоммæ уымæй фæсивæд фæхъазы.

Хъуыды дзы нывыл куы ‘мбæхса — мах йæ кадаварыл разы,

зарæггæнæг уый у, дардыл чи тындза йæ базыр.

 

Хъуамæ зарджытæнывæндæг алы дзырд тæразыл бара,

Иунæг удлæууæн чызгайы худгæ стъалытимæ бара,

Чызг æй сагъæссаг куы кæна, — уый йын удæхцонæй бара,

Æмæ тугæрхæм зæрдæйæ судзгæ уарзты хъæр æмбара.

 

Ног кæмæн кæнын номарæн, уый кой ме ‘взагæй нал æфты,

Æз куыд зарыдтæн уый кадыл, æммыст зонин дзы уа рæвдыд!

Фæлæ бакодта карз ыстай мæн æгъатырæй царæфтыд:

Æз — фæсномыгæй йе стауæг — бадæн мастимæ дзуарæфтыд.

 

У мæ кадæджы ратæдзæн уарзт — æрвон диссаг, замана,

Уый цы мæлгъæвзаг радзура, гъе цы уадындз æй самона!

Удыл базыртæ басадза — хурмæ рухс фæндаг амона!

Уымæн мин азты судзгæ рис фидынц зæрдæтæ, хъалонау,

 

Уый цы зондджындæр адæмæй никуы ничима рахатыд,

Уый цы ‘взаггæл лæг райхала? — дзырд æнæбон у, н’ ахады,

Уарзты кадæджы буары монц æз нæ ныууагътон рохуаты:

Туг, ыстæгæй конд уарзæтты мачи, ма барæд къахбайтыл.

 

Араб сонт хонынц уарзоны, сонт — миджнур, зæгъгæ, уарзы, дам,

Сонт та…. мастыл æй бафтауы уарзты сусæггаг карз æгъдау.

Иутыл уазсыгъдæг уыцы ‘гъдау цины базыртæ басагъта,

Хæлд, сырдон монцæй иннæты карз æрдон цыбæл басыгъта,

 

Уарзон — бакастæй хурты-хур, — хъуамæ баззайа фенддагæн,

Номы диссаджы дзурынæн — йе ‘гъдау, йе ‘рхъуыды, йе ‘взаггæл,

Уа ныфсы мæсыг йе ‘мгарæн, тохы — тасы хос йе знагæн.

Атæппæт хæрзтæй чи фæцух, уый нæу уарзæттæн се ‘взаргæ.

 

Уарзт у зæрдæйæн йæ фидыц, рухс, æвæджиаг æнкъарæн,

Уый бынтон æндæр у, уымæн нæй къахбаймийау æмбарæн;

Се ‘хсæн айтыгъдис æгæрон, арвæй зæххы ‘хсæнау, арæн.

Адæм, æз сымах фæдзæхсын: — нæй сын иу тæразыл барæн.

 

Уарзон уарзоныл æнувыд — рог æрдон митæм нæ тасы,

Уысм фæхицæн ис йæ хурæй, — тайы, сусæгæй дзыназы,

Фæлæ не сивдзæн йæ зæрдæ, дард æнхъæлцауæй фæразы;

Судзгæ чи бауарзы искæй, уый аслам пъатæ нæ уарзы.

 

Нæу сæрмæхæсгæ никæмæн, мачи ма хынцæд аивыл:

Бонæн удыхай агурын, иуæй иннæйы раивын, —

Сонт, цъæхæйрæгъæд сабитыл цыма ‘рдон уылæн аивылд.

ЦУарзт, дæ сæрвæлтау уарзæттæ къух æппæт хæрзтыл ауигъынц,

 

Зæрдæ сусæгæй фæдуды уарзты судзаггаг цъæх артæй,

Уарзон уарзоныл фæкæны сагъæс иунæгæй æнкъардæй.

Тайгæ, удисгæ, йæ уындмæ фехсыны йæ былтæ дардæй,

Алцы йын æхцонæй бары: зæрдæ ачъепп кæнæд кардæй!

 

Йе ‘мбæхст катайаг бæллицтæ никуы никæмæн фæдзуры,

Уарзтæй «оффытæ» нæ кæны худаг адæмæн сæ цуры.

Уымæй уыдонæн сæ цæсты, ома, бафтауа йæ хуры?

Нæ, йæ сæрвæлтау Хуыцауæй алы дудгæ фыдтæ куры!

 

Уæдæ чи сæрхъæн лæхуры уынджы уарзоны ныхæстæ?! —

У йæ уарзонæн, йæхицæн уый æгады хос æрмæстдæр.

Уымæй йе ‘мзæрдæ чызгайæн, ома, ном кæны, — куыннæ стæй!

Чызджы фæндырты фæцæгъдынц, — ацу, ма басудзæд мæстæй!

 

Диссаг: бирæтæм цæмæн ис ахæм цауд æгъдау — æнахуыр:

Мысынц хорз чызджытыл тугтæ æмæ слæууы дам йæ къахыл.

Радгай уыдонæн сæ цинтæ афтæмæй фæкæнынц къахыр.

У йæ уд, йæ дзæцц фыдлæгæн искæйы фыдгой, фыдхахуыр.

 

Уарзон уарзонмæ куы бæлла, — адæргæй йæ зæрдæ ризы,

Йе ‘мбæхст судзаггаг цæссыгæй уæд йæ мондæгтæ фæисы.

Тайы цадæггай, цырагъау, уд зындоны рыстæй риссы, —

Фæлæ сусæггаг хъæдгæмттæ никуы никæмæн æвдисы.

АРАБЫ ПАДДЗАХ РОСТЕВАНЫ ХАБАР

Уыд Аравийы стыр паддзах, Ростеван, зæгъгæ, — кады лæг.

Амонд йе ‘мдзæрин бакодта, никуы банкъардта царды мæт, —

Зондджын, намысджын, хъомысджын, хорз хæстон фæтæг, дардуынæг,

Йе ‘фсад, йе ‘нувыд адæмæн кодта разамынд барджынæй.

 

Уæвгæ, паддзахæн ничи уыд фырт, бындайрагæй дунетыл.

Лæг сылвæстагæй базæронд: — иунæг байрæзт ын хуры тын;

Хаста раст цыма стъалытæ чызг йæ зæрдæскъæф сурæты.

Уый цы ‘взаггæлтæ сныв кæной, — хъавгæ цасфæнды дзурæнт ыл?!

 

Тинатин, зæгъгæ, — чызджы ном, — байрæзт, рухс тынтæй байдзаг и.

Бацыд хурзæрин й’ аууоны, — мæнæ минæвар уалдзæгæй!

Паддзах басиды визиртæм, бады бандоныл хъæлдзæгæй; —

Исты ‘хсызгойнаг ног хабар ис йæ хъуыдыйы ‘вæццæгæн.

 

Дзуры: «Иу фæнд мæм ис æмæ ныр сымахмæ дæр байхъусин:

Зæгъгæ, уардийы дидинæг бампылд, базæронд, бахус и,

Уый æрызгъæлы, уый бæсты уарди ног къуыбыр рахæссы.

Уæдæ ме ‘хсæв дæр ралæууыд, хур мыл акъул ис, ахуыссыд.

 

Æз ныззæронд дæн: низты низ, ризгæ, ме уæнгты бацыдис.

Бирæ нал баззад м’ адзалмæ, — у мæлæты хос ацы низ.

Рухс куы схæццæ уа таримæ, — рухс ысхонæн ма цас ын ис?!

Тинатин, зæгъын, спаддзах уæд, — хур кæй сурæты схъазыдис.

 

Визиртæ загътой: «Хур-паддзах, дæу зæронд хонын не ‘мбæлы;

Худгæ уардийы дидинæг афтæ рагацау не ‘мпылы,

Бампылд, — гъе уæддæр зæрдæйыл, уыйау, дидинæг не ‘мбæлы:

Мæй, цырен мæйы стъалытæн, зæгъ, куыд бахынцæм се ‘мбалыл!

 

Ма, цытджын паддзах, карджынæй афтæ карз дæхи ма рафау:

Искæй амындты диссагдæр у дæ зонды цур кадавар.

Уæвгæ, чызгæй дæр раст зæгъыс, — ноджы де ‘рхъуыды бадывæр, —

Хорз у, сæвæр æй — ус-паддзах хурау адæмы батава.

 

Чызг паддзахы зонд рахаста гуырдзæй, арфæгонд — дауджытæй.

Ныхас цуронмæ ма бамбар, — мах дзырдтам ма йæ раджы дæр.

I Хурты хур куыд у, афтæ ма зоны алы ми ‘гъдауджынæй:

Нæй сылæй-нæлæй домбæйттæй, гъе, сæ лæппынтæй хъауджыдæр».

 

Автандил, зæгъгæ, се спаспет, уыд амирспасалары фырт,

Хурты, мæйты ‘нгæс милрихи, номы диссаджы ‘хсары гуырд.

Уый цырен цырагъ фестади, уарзтæй катайаг, царæфтыд, —

Судзгæ сагъæс ыл бафтыдта буц Тинатины сауæрфыг.

 

Чызг йæ зæрдæйы ныххаудис, — арф æй сусæгæмбæхст дары,

Уарди уардийæ фæхицæн, уæд мæрдонвæлурс фæдары,

Ие ‘ввахс балæууыд — йæ уындæй лæппуйыл цъæх арт æндзары:

Уарзтæй чи райсы зæрдæниз, уый цынæ фыдбон æвзары!

 

Лæппу хатыди — чызгмæ йын тагъд-тагъд бауайын не ‘мбæлы;

Ростеваны фæнд фехъусгæ цинты цинимæ фембал и.

Загъта: ‘взистбазыр хурыл-иу ныр кæд арæхдæр фембæлин,

Дард æнхъæлцауы ‘рхæндæгæй, дойны уардийау, не ‘мпылин.

 

Атахт паддзахы фидиуæн — уайтагъд фембæлццон уадимæ;

Тинатины, дам, сæвæрдтон æз мæ сыгъзæрин бадæны.

Уый — мæ зæрдæйы дидинæг — хурау тавдзæнис адæмы.

Хонын дунейы ‘взаггæлты — ном ын чи скæна кадимæ!

 

Кæс Аравийы уæздæттæм, — галуаны æрлæууæн нал уыд:

Бирæ мин æфсады спаспет Автандил — æрттивгæ стъалы,

Гъе, визир Сограт — дзырддзæугæ… — цæй, лæг дзы нымайа цалы!

Рухс паддзахбадæн къæлæтджын рæбыны тæмæнтæ калы.

 

Чызджы сбадын кодта паддзах барджын хицауы бынаты,

Систа кады худ йæ сæрæй, — айс, дæу у, зæгъгæ, йæм хаты. :

Фыд йæ бындармæ фæдзæхстæй уаз паддзахы лæдзæг ратты.

Тинатин — зæндджын, æгъдауджын — хурау къæлæтджыны бады.

 

Адæм алæууынц фæстæмæ, сæр æркъул кæнынц йæ разы.

Дардыл уадындзтæ ныццæгъдынц, сыкъа цинвæдис ныууасы.

Чызг кæуы, — цыма зæрин хур тар, хъуынтъыз мигъты ‘хсæн хъазы;

Сау сынтыбазыр цæстыхау ризгæ ‘взист цæссыгæй тасы.

 

Фыды бандоныл рабадын чызг нæ нымайы аивыл,

Æмæ уалдзыгон уарынау цæссыг уардийыл аивылд.

Фыд ын амоны царды ‘гъдау: «Кæстæр хистæры раивы,

Æви февæстаг де схæссæг, æви цæстытыл уайы фын!

 

Уæдæ, ма мын кал сау цæссыг, ма схæц катайыл, сагъæсыл.

Ныр ды спаддзах дæ а бæсты, æз мæ ныфс, мæ бон, нал хæссын.

Уадз, Аравийы стъалыйæн ма уа мин азтæм ахуыссæн! —

Рухс дæ зонд куыд у, афтæ мын у дæ уагæй дæр номхæссæн.

 

Тауы уардийæ, фаджысæй хур æмхуызон рухс алцæуыл;

Хуры фæзм, мæ чызг, — адæмыл ныр дæ зæрдæйы бар цæуы.

У рæдау æмæ парахат, ма кæн ауæрдгæ мацæуыл:

Фурдты бацæуæн денджызæй бирæ ‘ддæмæ дæр рацæуы.

 

Мах нæ рæдауæй фидауæм, буд — йæ хæрздæфæй дзæнæты!

Лæг йæ парахатæй царды тых кæны мæнгард, мæлæтыл.

Мулк нæ хардз кæныс? — нæ хæссы удæн амонды тæмæн тын.

Байтау хорз, цæмæй йæ ‘ркæрдай, — сæфы тауинаг æнæтыд!»

 

Хъуыста чызг æнцад, æмбаргæ, ради, раздæрау, нæ куыдта.

Цинæй барухс ис йæ зæрдæ, — райдыдта цæлкæнын фыд та:

Ныр йæ цардамонд фæхудтис æмæ бабæстон и хъуыддаг.

Хурты-хурзæрин йæ фауæг буц Тинатины фæзмыдта.

 

Чызг фæсидт æмæ йæ уæлхъус февзæрд йе ‘нувыд дыджызæ,

Загыа йын: «Æрхæсс, — мæ номыл ис кæм цы чырын, цы чыссæ».

Систой ‘нæнымæц сыгъзæрин, алы стæм дзаумæттæ, чызг сæ

Цас фæлæвæрдта фæйнæрдæм, — нæй йын радзурæн, ныффыссæн.

 

Бирæ ракодта лæвæрттæ, адæмæн хæларæй уары,

Алкæй иухуызон рæвдауы: не ‘взары цагъар, æлдары.

Уый йæ фыды фæдзæхст ахæм Тинатин йæ зæрдыл дары:

«Хур йæ рухс тынтæ рæдауæй алцæуыл æмхуызон луары».

 

«Лæгъзтæ байгом кæнут тагъддæр, — уаргæ ‘взист, сыгъзæрин, — дзуры,

Бæхгæс, де ‘фсургъты рæгъæуттæ рауадз, — райуар сæ мæ цуры!»

Адæм байдзаг ысты мулкæй, исынц — цас сæ зæрдæ куры,

Æфсад хæзнамæ хæлæфæй раст абырджытау лæбурынц.

 

Цыма Турчы зæххыл тохы бафтыд а хæзна сæ къухы,

Алчи ласы ‘фсургъ — араббаг, — уадсур, чи басгуыха дугъы.

Уары ‘взист æхца, цæвиттон, дымгæ митуылæн ыздухы.

Хистæрæй, чызгæй, лæппуйæ алкæмæн йæ чыссæ цух уыд.

 

Галуан куывд кæны дыккаг бон, фынг — алæмæтон, æгъуыстаг.

Æфсад уытæппæтæй бадынц, иу сæ знон-абон нæ сыстад.

Ростеван йæ сæр æруагъта, зæхмæ ‘рхæндæгæй ныхъхъуыста.

Фынгтыл сусу-бусу систой: «Ау, цæмæн фæцыд йæ хуыз та?»

 

Æфсадæн сæ сæр, сæ фæтæг Автандил — домбай, хъæбатыр,

Рухс тæмæнкалгæ уæлейæ фынгыл хурзæринау бады,

Урсзачъе Сограт — йæ фарсмæ. Паддзах фенкъардгъуыз и, — хатынц,

Сусæгæй фæрсынц кæрæдзи: «Хицау нал у цыма й’ адыл?»

 

Нæ, хуымæтæджы нæ нымдзаст зæхмæ тарæрфыгæй афтæ,

Хъыгцы фæкæсдзæнæм фынгыл — цæл, минас, къæрццæмдзæгвд, кафтæй!

Автандил зæгъы Согратæн: «Цом-ма, хъазгæмхасæн, хъавгæ,

Бафæрсæм нæ буц паддзахы йе ‘нкъард, йе ‘рхæндæджы равгæй».

 

Сабыр сыстадысты фынгæй, талас талм бæлæстау тасынц,

Айстой нуазæнтæ сæ къухы, хур — сæ зæрдæскъæф æнгасы.

Кæс — сæ зонгуытыл æрхаудтой уæртæ паддзахæн йæ разы.

Райдыдта Сограт — дзырдарæхст — хъавгæ, худгæбылæй хъазын:

 

«Фарн дæм бадзурæд, буц паддзах, хур дæ цæсгомæй нал кæсы;

Уый, — дæ хæзнаты байуæрстæй кæд нæ бахаудтæ сагъæсы? —

Чызг сæ схай кодта дзыллæйæн, — цин кæмæ нæ каст с’ ахæссын!

Ма йæ спаддзах кæн уый фæлтау, æмæ ма ‘взарай ахæм зын».

 

Ростеван æм сабыр хъусы, стæй йæ мидбылты фæхуды:

Дис кæны, зæгъгæ, куыд уæнды, — ацу, бахынц æй тæппудыл!

Дзуры йæм: «Зæндджын дæ, ‘взаггæл, фæлæ хатт дæ тæрхон цуды;

Чи зæгъа мæнæй — «æлгъин у», уый рæстдзинадæн цы ‘мбуды!

 

Уый мæ не ‘ндавы, хорз визир, уый мæ не ‘фтауы сагъæстыл:

Раттæд адæмæн хæзнатæ, — мур нæ мæт кæнын с’ ахастыл.

Цард мыл баизæр мæнæ ‘мæ лæг нæ баззайдзæн а бæстыл, —

Райса кард æмæ раива мæн тыхæвзарæн карз хæсты.

 

Иу сыл-бындар мын баззади, — цæй, куыд æй дарон азымы!

Нæй зæрдæдарæн иу кæстæр, нæй мын иунæг фырт а зыны, —

Ме ‘мсæр чи уаид пуртийæ, фат æмæ ‘рдынæй хъазыны.

Автандилмæ ма иу чысыл хатт мæ хъаруйæ разыны».

 

Автандил нымад куынæ ‘рцыд арæхстæй паддзахы ‘нгæсыл,

Аив мидбылты фæхудгæ зæхмæ ‘фсæрмгъуызæй ныккæсы:

Ферттывтой дзæнхъа дæндæгтæ: дардыл рухс уылæн æнхъæвзы.

Хицау æй фæрсы: «Мæ дзырдтæй худæгау дæумæ цы кæсы?

 

Цæй-ма, зæгъ æргом — цы худыс уа былысчъилæй мæ цуры? —

Паддзах лæппумæ ныууырдыг, — æви исты ‘взæртæ дзурын?»

Лæппу: «Хорз, цæуыл фæхудтæн, уый зæгъон, æрмæст дæ курын:

Раттæд мын Хуыцау дæ хорзæх, — ма мæм сис хæцын, лæбурын».

 

Буц Тинатинæй карз сомы паддзах ракодта барвæндæй:

«Раст мын зæгъ æмæ ‘фхæрды хыгъд айс мæ зæрдæбын арфæтæ!»

«Уæдæ бауæндон, хорз паддзах, — дзуры ‘фсæрмгъуызæй Автандил,

Фатæхсынæй дыл, чи зоны, не ‘мбæлд хистауын афтæ дæр.

 

Æз — дæ къæхты рыг — ахызтæн кæд хæрзæгъдауы арæнтæй,

Уæд — хатыр, фæлæ бафхæрдæн нæй рæстгæрхоны барæнтæ,

Фатæй ерысы бавзарæм, уæвгæ, не стæм æмкарæнтæ.

Пуртихъазæгæн фæз æмæ пурти — йе сгуыхты барæнтæ!»

 

«Хорз, кæд афтæ у, — сфæлварæм, фæлæ карз фæсмон ма ‘ркæ ды!

Райсом ацæуæм, бавзарæм сырдты милмæ ‘хсын тар хъæды.

Демæ ерысы ‘вдисæнтæн ракæ не ‘фсады ‘взаргæты,

Фенæм, — чи тынгдæр бафтауа дисы хъуыддаджы ‘мбаргæты!»

 

Ууыл балхынцъ и сæ ныхас лæппу ‘мæ цытджын паддзахæн,

Æмæ хъазгæмхасæн систой ныр кæрæдзийæ дзырдкъахæн.

Куывд куы бацыдис йæ тынджы, уæд хæснаг ыскодтой ахæм:

«Фод æртæ боны бæгъæмсар — састы чи баззайа махæй».

 

Ростеван зæгъы: «Дыууадæс немæ барджытæ цæудзысты,

Ноджы нын цагъар дыууадæс рæвдз нæ къухмæ фат дæтдзысты.

Шермадин — æнувыд — семæ, сырдтæм цырддзастæй кæсдзысты,

Чи дзы цал амара махæй, уый нын уый фæстæ зæгъдзысты».

 

Паддзах цуанон лæгтæн расидт: «Уайгæ бондзирдзурыл гъæйттæй

Æмæ растын кæнут сырдты хъæдтæ, быдырты кæрæттæй».

«Райсоммæ цæттæ ут!» — бардзырд раттой хотыхдар æфсæдтæн.

Ууыл цин, цæлы фынг райхæлд æмæ ног фенддаг æрцæттæ.

РОСТЕВАН ПАДДЗАХ ÆМÆ АВТАНДИЛЫ ЦУАН

Бон æрбацъæх и, галуанмæ бацыд урс бæхыл хурзæрин;

Лæппу — буцвæлыст двдинау, худы сарыхъхъы бур зæрин, —

Артæмсырх дари дарæсы хъоппæг бакодта хурдзæрин,

Сиды паддзахмæ ерысы, — фат-æрдынæй дæр дзурдзæни.

 

Паддзах дæр ысбадт йæ бæхыл æмæ цуан кæнынмæ рацыд.

Сырдтæй цуанон лæгты хъула иу дæр фæсвæдмæ нæ уадзы.

Ростеванæн йе ‘фсад — йемæ, уайынц йе ‘мвæдисы балцы,

Хъазынц фат-æрдынæй, кардæй, се ‘фсургътыл фидауы хъал цыд.

 

Уæд дыууадæсмæ фæсвды хицау йе ‘нувыд цагъартæй, —

«Фаттæ нæм цæрдæг дæтдзыстут, — дзуры сын сæ хæс, сæ бартæ, —

Гъе стæй цырддзастæй хынццзыстут сырдты — рогдзæфæй, дзыхъмардæй».

Райхъуыст уалынмæ сæ уынæр хъæды сырдрæгъæуттæн дардæй.

 

Æмæ даргъ æрдузмæ къордгай мæнæ рагуылф кодтой хъæдæй

Сæгъ, сæгуыт, зæгъай, сæрджын саг æмæ цырд сугъахъ ызнæтæй.

Автандил æмæ сыл паддзах ихуарæн кæнынц сæ фæттæй;

Гъæйтт, рæстдзæвин лæг, цы фæдæ! — Ныр дæ хъару ‘мæ дæхæдæг.

 

Рыг ысбадт сæ сæрмæ мигъау æмæ хуры цæст ныттар и,

Зæххыл туг лæсæнтæ кодта — кæрдæг фестади сырх дари.

Фатæн фат йæ фæдыл тахти, — их дæр афтæ тынг нæ уарид!

Цырддзаст цагъартæ нымайынц — фенæм, чи цал сырды ‘рмарид!

 

Аззад хъæдæрдуз фæстейæ, сырдтæн ныр сæ размæ уайынц.

Ноджы дзы дзæвгар ныццагыой — уый Хуыцауы фыдæх сайынц.

Автандилæй алчи дзуры, зæрдæ, дам, йæ уындæй райы:

«Ахæм талм бæлас гуырвидыц иу æрмæст дзæнæты зайы».

 

Æрдузæн йæ фале дон и, доны цур — бæрзонд къæдзæхтæ,

Сырдтæй баирвæзти хъæдмæ, тархъæды куыд цæуой бæхтæ!

Автандилитæн сæ ныхæй ферттывтой сæ хиды ‘ртæхтæ.

Иу сæ иннæмæн фæзæгъы: «Фенæм, чи ‘хста ныр дзæбæхдæр!»

 

Ерыс балхынцъ и, рацæуынц ныр æдыхст æмæ сабырæй.

Хицау байради, хъæлдзæгæй хъазы номдзыд бæгъатырæй.

Тагъд сæ ‘рбаййæфтой се ‘фсад дæр, паддзах цагъартæн: «Хатын æй,

Ис цыдæр аргъуц уе ‘нгасы, мацы бамбæхсут хатырæй».

 

Загътой йын: «Дæ фыдæх исæм, фæлæ д’ амæттаг — нæ сæртæ,

Раст тæрхон кæнын фæдзæхстай махæн, не ‘вдисæн — дæ зæрдæ.

Уæдæ спаспетæй куыд зæгъæм, ома ‘хста дæуæй æвзæрдæр, —

Алы фатæхстæн рæстдзæфæй сырдты чи кодта дзыхъмæрдтæ!

 

Иумæ бахынцгæ уæ къухæй сырдтæй мард дыууæ сæдæ сты,

Фæлæ ссæдз уæлдай æртыддта спаспет уыдонæй нæ рæзты,

Фат нæ фæивгъуыдта, барста цыма й’ алы фехст тæрæзтыл.

Уæд дæ рогдзæф сырдтæй мах та цагътам бирæты дæ бæсты».

 

Уæдæ хорз хабар — саггуырд æй тохы раивдзæн кардимæ!..

Паддзах бахъæлдзæг, афтæ ма хъазгæ байрайы нардийæ.

Уарзы лæппуйы йе схæссæг — цыма булæмæргъ уардийы,

Ныр йæ зæрдæйы судзгæ маст ахстон, сау калмау, нал бийы.

 

Æфсад, хицæуттæ сæ фæллад иу ран бæлæстæм æрхæссынц,

Сатæг аууон уыд сæ быны, уым æрбынат кодтой фæзы.

Æмæ цагъартæй дыууадæс цырддзаст, дардуынаг цæргæсы

Донбыл тархъæды кæрæттæм дардыл къухаууон фæлгæсы.

АРАБЫ ПАДДЗАХ ФЕМБÆЛД СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫЛ

Федтой: диссаджы бæгъатыр, — бадти доныбыл æнкъардæй,

Рухс — йæ сау бæхы хæрхидон: калдта ‘взист тæмæнтæ дардæй.

Ирд налхъуыт-налмас фæрдгуытæ худынц йе згъæрæй, йæ уартæй.

Уарди — ‘ртæхдзæссыг йæхимид судзы сусæггаг цъæх артæй.

 

Ис ыстайдзармæй лæппуйыл кæрц бæллиццаджы дарæсау.

Худ — кæркæ-мæркæ инн’ ахæм, уый дæр ранæй-ран дары сау.

Цонджы стæвдæн ехс — уæрагыл, уымæй чи домбай сарæхса!

Джихæй баззайгæ цагъартæй исдуг иу хъыпп-сыпп нал ысхауд.

 

Хъуыддаг паддзахмæ бахæццаз, кодтой алы дзырд, алы дис.

Иуы цагъартæй арвыстой, тагъд-тагъд барæгмæ бацыдис;

Федта: ‘взист къæвда цæстытæй сау цыхцырджытæй уарыдис;

Касти лæппумæ минæвар æмæ дзурынхъом нал уыдис.

 

Цыма хингонд фæцис, уыйау лæг — дæрддзæф æрлæууыд сагъдау,

Бандзыг ис, æниу æмгæрон тас йæ зæрдæмæ нæ уагъта.

«Паддзах дæм йæхимæ сиды», — хъавгæ кæд æмæ кæд загъта.

Уый йæ, марадз зæгъ, кæд хъусы, сулæфы бынозæй тагъд-тагъд.

 

Саггуырд цагъары нæ уыны; дзуры, нæ, — цы йын æмбары!

Афтæ се ‘фсады хъæрахст дæр уымæ не хъуысы, нæ хъары.

Риуы цавæрдæр æвирхъау дудгæ масты рис æнкъары

Æмæ уый алфæн йæ рустыл тугхæццæ цæстысыг уары.

 

Дард кæмдæр хæты йæ сæнтты, бады, хъуыдыты ныдздзæгъæл.

«Лæппу, хицау, дам, дæм сиды», — ног æм бахатыди цагъар.

Нæй, нæ фæчъил и, йæ риу ын судзы уагæры цы цæхæр!

Уæгъды Уардийы къуыбырмæ хъуыста минæвар дзырдæгъгъæл.

 

Æмæ дисгæнгæ фæстæмæ раздæхт паддзахы фæдисон,

Бацыд хицаумæ, зæгъы йын: «Ахæм никуы ‘рцыд æмбисонд;

Кæнæ сонт цыдæр у барæг, кæнæ фесæфтон мæхи зонд:

Нæй, нæ байхъуыста, мæхи ма ныр дæ фыдæхæй куыд хизон?»

 

Паддзах фестъæлфыд, бамæстджын: «Уый ныхмæ лæууын чи уæнды?

Рæвдз дыууадæсæй уайгæут, уа домбай барæг чи фæнды, —

Барæй нæ? — Ахстæй ракæнут уыцы ‘нæсæттон хивæнды:

Ам мæ бардзырдмæ не хъусын нæу ныббаринаг иуæн дæр!»

 

Æмæ цагъарты бал бацыд донбыл барæгмæ хæрзхæстæг, —

Хотыхты зæлланг куы райхъуыст, гъе уæд фесгъæлфыд æрмæстдæр,

«Уæууай» — сирвæзтис йæ дзыхæй, акаст алырдæм фæлмдзæстæй.

Федта: й’ алыварс хæстæввонг мæнæ ‘ртыхстысты æдгæрзтæ.

 

Къухæй асæрфта йæ цæссыг, балвæста йæ уæнгтæ нарæг,

Фатдон асгæрста, йæ фарсыл кард æрбæстон кодта барæг,

Бæхыл абадти, фæрасти, цæй-ма, чи йæ уа хъыгдарæг!

Искæй цагъартæм цы хъуса, — чи сæ у йæ рис æмбарæг!

 

Уыдон айтыгыой сæ цæнгтæ. Барæг, — ахсынц æй, — фæхатыд,

Уым сæ се знæгты фæндиаг райдыдта цæгъдын æгъатыр.

Кард сæм не сласта, йæ комæй цирхъæн не ‘рттивы дзæгъгъа тын.

«Цъыкк!» — сæ ронбастмæ сæ ‘рфады ехсæй диссаджы бæгъатыр.

 

Хицау цагъартæн æххуысмæ сиды йе ‘фсадмæ фæдисы,

Фæлæ фæдисы фæзындмæ уыдон банцадысты ‘мбисыл.

Барæг февналы уæлбæхæй, йе ‘ртты фæдисонты сисы,

Иуы иннæуыл ныххуырсы, — паддзах бахауди фырдисы,

 

Автандил æмæ йæ хицау уайтагъд февзæрдысты бæхтыл.

Цыма ‘фсургъыл бады барæг, — уайы, сурынц æй хæрзуæгъды:

Мæнæ быдыры хæдсæрмæ хур — зæринбазыр фæтæхы; —

Уый йæ бацæуын нæ фæнды ногæй паддзахы фыдæхы.

 

Федта: ‘рбахæстæг æм паддзах, ехсæй февзыста йæ бæхмæ

Æмæ бæх йæхи, зынг фатау, фехста фæндаджы уæрæхмæ.

Цыма зæххы скъуыды ф’ аууон, кæнæ стахт уæларв, уæлдзæхмæ, —

Фæд фæцагуырдтой, — æвæд уыд фæндаг, фæсвæндæгты цъæх нæуу.

 

Цыма зин уыди, — фæтары æмæ паддзахыл æфтыдис

Иуæй судзаггаг фыдсагъæс æмæ иннæмæй мæрдты дис.

Цæфты бастой, мæрдтыл ниудтой æфсад, — чи ма сыл хæцыдис!

Ростеван зæгъы: «Мæ цинтæн се ‘нкъард дард кæрон æрцыдис.

 

Уый, мæ хъæлдзæг бонты бирæ, хъыг фæкаст Ыстыр Хуыцаумæ

Æмæ уый фæндæй мæ цинтæ мæнæ расайдтой фыдцаумæ.

Ныр сæ хосгæнæг мæ ристæн иу æрмæст уыдзæнис сау мæр,

Табу, не скæнæг, дæхицæн! Сæххæст уа дæ тæрхон хъуамæ!»

 

Раздæхт, галуанмæ йæ фæндаг паддзах тарæрфыгæй дары.

Лæджы ерысы мæт нал и, бафтыд додой æмæ сарыл.

Алкæй фервиты фæйнæрдæм, цæй, кæй ма ‘ндавы сырд марын.

Иутæ: — раст, дам, у! Йæ сагъæс мисхал иннæтæм нæ хъары.

 

Паддзах бацыдис йæ уатмæ: «Уадзут иунæгæй мæ», — загъта.

Автандилы ма йæ цуры, уарзон, хи фыртау, ныууагъта.

Галуан саудалынгæй ракаст, цин йæ рæубазыр æруагыа.

Чанги бамыр и — зæлудæвдз æмæ чагъана нæ цагъта.

 

Тинатин, йæ фыд мæстджын у, уый куы фехъуыста, уæд сыстад,

Арвыл нал зыны йæ рухсæй худгæ хуры цæст — æгъуыстаг.

Бацыд, къæсæргæсы ‘рфарста, дзуапп ыл сæмбæлди, рæхуыстау:

«Хур-паддзах нынкъард, нырхæндæг, арф йæ зæрдæмæ ныхъхъуыста.

 

Баззад хибарæй æрмæстдæр Автандилимæ йæ уаты.

Фембæлд ыл, зæгъынц, æнахуыр хины диссаджы бæгъатыр».

Фыдæн иунæгæй хуыздæр у, — чызг йæ мид-зæрды фæхатыд:

Ацыд, рухскалгæ, фæстæмæ, цыма хур йæ фæдыл атылд.

 

Паддзах цъус фæстæ бафарста: «Чызг кæм и, цымæ, ц’ аразы —

Ме скаст, ме стъалы, ме стыр цин, — æз кæй номæй дæн уа разы?»

Дзуры къæсæргæс: «Ам уыди, хур йæ цæсгомыл ахъазыд,

Де ‘нкъард фехъусгæ ферхæндæг, ацыд, уый фæстæ нал разынд».

 

Паддзах загъта уæд: «Фæсид æм, къæсæрхъахъхъæнын фæуадз уал:

Рацу, рахæсс, зæгъ, мæ удæн де ‘рвон мидбылхудт, æвдадзау,

Зæгъгæ, радзурон дын — карзæй мæн куыд бафхæрдта фыдадзал.

Иу ды ма, зæгъ, мын мæ риумæ кæд æхсызгон цин ныттадзай!»

 

Тинатин фæзынд, йæ уындæй зæрдæйæ фыдсагъæс суры,

Уадултæ — фæлурс; æвзист мæй раивта сыгъзæрин хуры.

Паддзах апъа кодта чызгæн, сабыр ын рæвдаугæ дзуры:

«Свдынмæ цы кастæ ‘нхъæлмæ, ам цæуылнæ дæ мæ цуры?»

 

Тинатин зæгъы: «Дæ фенын афоныл мæн дæр фæндыди,

Фæлæ, цæй, зæгъын, — фæстæдæр. Чи зоны дæ чызг рæдыди.

Хур дæ уа ‘рхæндæгæй фенгæ, мигъы гамхуды хæтыди.

Нæй æрттæдæлармæй бадæн: маст хъуыддаггæнæг кæд уыди!»

 

Ростеваны зæрдæ байрад чызджы рухсхъуыды ныхæстæй:

«Мæт цы хъомыл у мæ удæн, — иугæр дæу уынын мæ цæстæй.

Æммыст, байхъусис дæ фыдмæ, уый цы сагъæсæй фæхъæстæ:

Уæвгæ, нал æм хæссис азым, — афтæ дын кæй судзы мæстæй.

 

Хины, диссаджы хъайтарыл фембæлдтæн æмбойны хъæды,

Хур нæ тæмæн калдта никуы уыйау дун-дунейы ‘рфæнты.

Бадти доныбыл дзыназгæ, мæн йæ базонын æрфæндыд,

Не ‘рцыд ме ‘мгæрон, фæхъыг дæн æмæ бафтыдтæн йæ фæдыл.

 

Бæхыл абадти, фæуагъта уый йæ цæстысыг ызгъалын.

Ме ‘фсадæн «хæцут ыл» — загътон, систа сæ цæгъдынтæ, марын.

Гъе стæй иу тъæбæртт фæласта, раст дæлимонау фæтары.

Дис кæнын ныр дæр ма: уый йæ фыны федтон æви хъалы.

 

Ног та ‘рбалæууыд зæрдæйыл, — цин мæ хъуыдытæй адард та:

Уый мын сыскъуыдта ме ‘фсады, — кæрдæг тугхъулон адардта.

Кæд хæйрæг уыди, — ‘рбадæлдзæх, мах йæ цъысыммæ батардта,

Æви схъыг мæ ис ме скæнæг — марг йæ цагъарæн бадардта. —

 

Раздæр мын цы фæци хорзæй, уыдон ныр мæ фарсæй фесты;

Мастмæ расайдтой мæ цинтæ, хъæлдзæг, худæн бонтæ фесты.

Афтæ цардамонд нæ тайы хаттæй-хатт, хæрам нын фесты.

Азтæй бирæ дæр фæцæрон, — дарддæр мын бæллиццаг не сты.

 

Чызг æм бадзуры: «Хъысмæты уæгъды рагацау цы фауыс?

Гъе стæй азымы цы дарыс афтæ дзæгъæлы Хуыцауы?

«Марг дын бадара» дзы ма зæгъ, — алкæй циндзастæй рæвдауы.

Царды чи тауа хæрзиуæг, уый хæрам ма та куыд тауы?!

 

Ды — паддзæхты-паддзах, барджын — судзай не ‘мбæлы — фырмæстæй.

Макуы ма фæзына — ма зæгъ, барæгæн йæ кой, йæ хъæстæ.

Арвит агурæг фæйнæрдæм, дардыл у дæ зæхх, дæ бæстæ

Æмæ базонай: лæг уыдис æви зин федтай дæ цæстæй».

 

Дунейы цыппар кæронмæ фервыстой лæгтæ йæ дзырдæй,

Карзæй бафæдзæхстой лæгты: «Уайгæ, удаистæй цырддæр

Агурут, йæ фæд ыссарут уыцы хинæфтау фыдгуырдæн,

Бацæуæн кæдæм нæ уа йæм, чиныг æм ныффыссут уырдæм».

 

Афæдз дунейы кæрæтты зилынц, агурынц къуыми-къуым.

Лæппу ‘рбадæлдзæх æмбойны, цыма хæйрæг уыди, дзинкъуыр.

Фарстой алыран: йæ фенæг иу лæг ничи разынд никуы.

Иу Ыстыр Хуыцау — йæ зонæг: бастад, бафæллад сæ чи куыд!

 

Æмæ раздæхынц фæстæмæ, паддзахмæ сæркъулæй дзурынц:

«Мах фæзылдыстæм дунетыл, иу къуым нал ныууагътам сурыл.

Фæлæ нæй, нæ бон нæ баци мæт дæ зæрдæйæ фæсурын:

Никуы никæй цæст ысхæцыд уыцы сау диссаджы хурыл».

 

«Уæдæ раст уыди мæ бындар: фембæддтæн æцæгдæр зиныл,

Цъаммар хæйрæджы кæлæныл, сау дæлимоны фыдхиныл.

Арв мæм йе ‘ртхъирæн æрвыста, систон къух цыма мæ диныл

Æмæ, цæй, мæ мæт цæуыл уа, — бафтæд цинты цин мæ циныл!» —

 

Загъта паддзах æмæ галуан райгæ се ‘рхæндæг бон ивынц,

Хъæлдзæг зарæджы дæснытæм, хорз фæвдырдзæгъдджытæм свдынц.

Паддзах та сыгъзæрин уары: алырдæм лæвæрттæ ‘рвитынц;

Уæвгæ, рухс паддзахæн рагæй уыд йæ рæдауы йæ фидыц.

ТИНАТИН АВТАНДИЛЫ ÆРВИТЫ СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫ АГУРÆГ

Бадт æхсæвдарæн хæдоны Автандил йæ хуыссæн уаты,

Райгæ зарыд æмæ цагъта чанги урс æнгуылдз — дзæнхъатын.

Тинатины ‘ххуырст æрбацыд — негыр саг лæппумæ хаты:

«Талмгуыр, мæйдзæсгом дæм сиды, уæ, нæ сæрхъызой бæгъатыр».

 

Цины, диссаджы фидиуæн удыл аныдзæвд удæвдзау.

Къаба ‘вæджиау акодта, хурау рарттывта — худæндзаст,

Лалбыл уардийы фендзæни, уый — йæ зæрдæйæн — хурыскаст.

Уарзон фембæлди уарзоныл, — риуы сабузы судзгæ уарзт.

 

Тасгæ-уасгæгуыр ацыди, уадындз зæрдæйы уасыди.

Хурыл фембæлди, — уардийау уд кæй рухс мысгæ басыди.

Чызг æрхæндæг уыд, цæстыты маст, æрвырттывдау, тасыди,

Мæй, цыренцалх мæй, раст цыма мигъты сау малы хъазыди.

 

Чызг зæрдæзæгъгæ тинты кæрц уæгъд æрбаппæрста йе уæнтыл,

Хыз æркодта ‘мæ бакæс æм! — лæг йæ цæстытыл не ‘ууæнды;

Цæсты даргъ хаутæн баззайдзæн уд сæ фидыцы, се ‘вæрды;

Даргъ хъуымбыддзыкку хъазхъуырыл сау æхсæрдзæнтæй фемуырдыг.

 

Сырх, дари хызы хауты ‘хсæн нал зынд рухс цæсгом сагъæстæй,

Чызг, ысбад, зæгъгæ, — лæппуйæн бандон цагъартæ рахастой,

Чызгмæ ‘ввахс ын æй авæрдтой, уый æрбадтис ыл арæхстгай,

Касти комкоммæ цæстытæм æмæ нал иртæст с’ ахæстæй.

 

Чызг æм бадзуры: «Карз фæндæн æз йæ койæ дæр баризын,

Фæлæ скарстон æй фидарæй, — къух ыл нал æмæ нал исын.

Дæу мæ фæдисы фидиуæг, хатын, бафтыдта сау дисыл;

Хатын, не ‘нкъарыс — баппæрста мæн цы сагъæс уæззау рисы».

 

Лæппу бауæндыд, æргом æм дзуры: «Уæвгæ ма цы хатон:

Фембæлд рухс хурыл фæлурс мæй, — батад, бауырыди, бадон.

Æз хъуыды кæнынæн нал дæн, æз рынчын, цыма, дæн, уатон;

Зæгъ, цæуыл мын у дæ сагъæс, гъе, цы хос ын уа — сæрфатон?»

 

Уæд йæ рæвдаугæ хъæлæсæй чызг зæлдаг тынтæ нывæнды:

«Афтæ хицæнæй мæ демæ никуы фембæлын нæ фæндыд:

Ныр мæ фæдисы фæсидтмæ ма бафт, курын дæ, дывæндыл;

Мæн цы баппæрста — зæгъон дын — масты, катайы гуылфæнты.

 

Сырдты ерысæй æрæджы Ростеванимæ кæм цагътат,

«Уым, дам, диссаджы бæлццоны федтам доныбыл» — куы загътат,

Уыцы ‘нкъард лæппуйы уаг мын маст мæ зæрдæмæ ныттагъта.

Уый куы ‘рцагурис, æниу æй аргæ чи скæндзæни тагъд та!

 

Никуы ской кодтай мæ цуры, фæлæ рагæй дæр æмбарын, —

Сусæг уарзтæй мæ кæй уарзыс, уый дæ катайы æппары.

Зонын, аивæй дæ рустыл арæх хъарм цæссыг фæуары,

Уый дæ зæрдæйыл, дæ удыл уарзт зæрин хъадаман дары.

 

Уæдæ, уыйадыл, зæгъын дын, дæ дывæр хæсджын мæ разы:

Иуæй, ничи нын и — де ‘муæз чи уа намысы тæразыл;

Баст дæ иннæмæй та мемæ: ды мæн уарзыс, æз дæу уарзын,

Гъемæ уыцы гуырды ‘рцагур, ацу, айс дæхимæ а зын.

 

Уымæй фидар мæсыг самай ды мæ зæрдæйы дæ уарзтæн,

Æмæ ме ‘рхæндæг бæллицтæ байс йæ уацарæй фыдмастæн.

Ме ‘нкъард сау сагъæс мын раив уарди, малусæджы хъазтæй.

Де ‘рцыд, сахъ домбай, мæ удæн, хурыл фембæлдау, куыд уа стæй.

 

Зил æртæ азы йæ фæстæ, ма ныууадз дæ разæй арæн.

Кæд нæ разына, зæгъдзынæн, нæй йын а зæххыл ыссарæн.

Фæлæ кæд йæ фæд ыссарай уыцы диссаджы хъайтарæн,

Худгæ уардийы къуыбырау, айс мæ сонт зæрдæ лæварæн.

 

Ард хæрын, дæу дæн æнустæм, æз куы смой кæнон æндæрæй,

Хурты хуры дæр дæ цуры, зæгъгæ, равзæрстон хуыздæрæн, —

Уайтагъд авд дæлдзæх ныххауон, фестæд сау зындон мæ цæрæн,

Дардмæ батайон дæ уарзтæй æмæ мауал уон мæ сæрæн».

 

Лæппу сауцæстыхау хурмæ дзуры: «Цины уд фæдæлдон,

Æз, дæ нымд цагъар, дæ дзырдтыл, цæй, дыууæ зæгъын куыд уæвдон,

Гъе, мæ уд, мæ дзæцц куыннæ уа — тагъддæр бакæнын дæ фæндон,

Кæд адзалæнхъæл дæ фæрцы ссардтон рухс амонд, цæрæнбон!

 

Бацыд хурзæрин дæ хуызы, — афтæ бафæндыд Хуыцауы,

Æмæ ирд арвыл дæ фæлгонц мæй, ыстъалыты рæвдауы.

Уый мæ удæн дæр рæдауæй ныр йæ хæрзиуджытæ тауы

Æмæ, уардийау, йæ рухсмæ зæрдæ дидинæг æфтауы».

 

Ард куы бахордтой, куы радтой дзырд кæрæдзийæн, — йæ фæстæ

Бирæ ‘хсызгонæй фæкодтой адджын уарзæтты ныхæстæ:

Судзынц дæндæгтæ цыренæй, — урс налхъуыт фæрдыджы ‘нгæстæ,

Арвы ферттывдау — сæ фæхудт, дардыл барухс кæны бæстæ.

 

Иумæ ‘рбадтысты фæндонæй, иу сæ иннæйы рæвдауы,

Худынц, раст цыма сæ былтыл уарди дидинæг æфтауы.

Урс дзæнхъа дæндæгты ферттывд сырх, хъырмыз былтæй фидауы;

Лæппу йын зæгъы: «Дæ уынд мыл уарзты пиллон арт æфтауы…»

 

Саггуырд ацыдис, æниу æй размæ къах бæргæ нæ хаста.

Баззад цæстытæй фæстæмæ чызджы рухс цæсгоммæ бастау,

Цыма их æрцыд йæ удыл, уарди басыд æмæ бастад,

Зæрдæ зæрдæйыл æнувыд хаста уарзты сагъæс мастау.

 

Дзуры: «Хурзæрин, ам ма дæн, фæлæ уардийау бампылдтæн,

Бур сæ цæрдхъом хуыз афæддæхт урс дзæнхъа рустæн, лал былтæн,

Уæд куыд быхсдзынæн уагæры дард ран — цинкъаддæр, сарфылдæр!

Уæвгæ, барвæндæй сисдзынæн къух дæ сæрвæлтау цардыл дæр».

 

Лæппу ацыдис, ысхуыссыд, йе ‘вастæй йæ зæрдæ тъизы.

Цыма дымгæйы гæдыхъæд, — æхсæв-бонмæ уаты ризы.

Цæст æрцъынд кæны, йæ сæрæй Тинатины уынд нæ хизы,

Фыны фестъæлфы, кæлмдзæфау, æмæ богътæ кæнын сисы.

 

Дард йæ уарзонæй кæй цæуы, уый — йæ ризгæ уды стыр зын.

Уары уардийы къуыбырыл ирд налхъуыт-налмас цæстысыг.

Бон куыд æрбарухс и, — фестад, хур та ферттывта йæ хуызы,

Бацыд галуанмæ уæлбæхæй, цыма мисхал дæр нæ тыхсы.

 

Æмæ барвыста паддзахмæ лæппу галуаны дуаргæсы,

Зæгъгæ, сфæнд кодтон ахæтын, цæст нæ бæстæтыл ахæссын:

Ды кæй басастай, уыдонæй исчи коммæ кæд нал кæсы,

Уæд йæ хивæндыл бафтауон уый фæсмон æмæ сагъæсыл.

 

Арæн басгарон, фыдгулæн ма уа ‘рбабырсыны фадат.

Тинатины тас ызнæгтæн мигъау се уоны куыд бада.

Фена коммæгæс мæ рæвдыд, хивæнд йе ‘нæбон æрхата,

Кадæй-радæй дæм æрвитон амæй-ай хуыздæр хуын тагъд-тагъд.

 

Паддзах лæппумæ рарвыста: «Де ‘гъдау — де сныхас, д’ арæхсты,

Ды домбай дæ ‘мæ, зонын æй, нæй дын чъилгæнæн карз хæрты.

Аду, хорз, фæлæ бакодтай мæн фыдкатайтæн с’ ахæсты,

Æмæ дард балцæй де ‘рцыдмæ зæрдæ судздзæни сагъæсты».

 

Лæппу бацыдис, уæздан ын акуывта ныллæг йæ сæрæй:

«Уый, æгæртæ мæ куы стауыс, уæ нæ хорз паддзах, ды цæрай!

Кæд нæ фæкæнид нæ Хуыцау мæн мæ фæндагæй æнæрай,

Дæу æрæййафин дзæбæхæй, хъазгæ-худгæ мыл æмбæлай!»

 

Паддзах лæппуйыл ныттыхсти, уый йæ хи фыртау ысхаста

Æмæ диссаг дæр нæ уыдис — иу сæ иннæйы кæй уарзта!

Ростеван нынкъард ис, уæвгæ, уый йæ зæрдæйæн нæ барста,

Фæлæ цин кæна, дзыназа, — зæрдæ искæйы кæд фарста?!

 

Лæппу галуанæй рахызти, цырд йæ саулохмæ февзыста.

Уад дыууын боны, хаттæй-хатт бонæй тар æхсæв не ‘взæрста.

Тинатины хуыз рухс сæнттыл уарзты пиллон арт фендзæрста,

Æмæ дард балцы зæрдæмæ монц гуылф-гуылфгæнгæ фефсæрста.

 

Спаспет арæнтæм фæхæццæ, адæм ыл кæнынц тыгуыртæ,

Уæздæттæ цæуынц йæ размæ, амæй-ай хуыздæр — сæ хуынтæ.

Райынц, цин кæнынц. Сæ зæрдæ хурау барухс и йæ уындæй,

Фæлæ лæппуйы кæм æвдæлд, ног та райдыдта цæуынтæ.

 

Уыд хæстон сахар, дур-гæнах дард Автандилæн арæныл,

Уым æрæнцади ‘ртæ боны, кæд йæ цæстысыг уары ныр,

Цуан кæны æмæ н’ ауæрды, гъе, уæддæр уал сырдмарыныл,

Йемæ — йе ‘нувыд Шермадин, — кадджын визиры бар ын уыд.

 

«Шермадин, мæ бон, — дзуры йæм, — ды мæ сусæг равг хатыдтай,

Фæлæ чи зæгъдзæн, — уарзты монц мæн куыд бадомдта, батыдта!

Ныр мæ зæрдæйы ‘мбæхсинаг мæнæ раргом и, ратыдта;

Уый, мæ развæдыл ме стъалы цины рухс тынтæ райтыдта.

 

Тинатины уарзтæй тадтæн, рагæй уацары мæ дардта,

Ихдзагъд уардийыл æрвдидин судзгæ хъарм цæссыг фæкалдта.

Ныр мæ уарзты зæд æмбойны мæн йæ фæхудтæй æрцардта,

Мæнæ зæрдæмæ, уыныс æй — уаз, алдзæн цырагъ ныддардта.

 

«Ацу, — загъта мын, — бацагур уыцы саггуырды, базон æй.

Æмæ ракур мæн; ма багъгъæл: ды дæ дард балцæй ма зынай,

Æз æндæр искæй равзарон ам æмкъайагæн, уарзон æй!»

Гъемæ зæрдæйыл удыхос сæмбæлд, фервæзти карз сонæй.

 

Иуæй — йе ‘нувыд хъазайраг — дæн æнусхæсджын йæ разы, —

У хъазайраджы уæццæ хæс — уа йæ хицауæй æназым.

Уарзын иннæмæй та чызджы æмæ ‘взарын уарзты карз зын.

У ныфсхастдзинад — лæгдыхæй дудгæ тухитæн фæразын.

 

Хорз цагъар æмæ хицауау мах кæрæдзийæ не ‘фсæдæм:

Æз — дæ хицау дæр; де ‘мгар дæр, ды — мæ фæдон, мæ ныфсдæттæг.

Ме ‘ууæнк — иунæг ды, хистæрæй дæу ныууадздзынæн ме ‘фсæдтæн.

Мæн дæу йедтæмæ искæмæн а хæс бакæнын не сфæнддзæн!

 

У-иу ме ‘фсæдтæн мæ фæстæ балхон тохвæдисы, хæсты.

Галуан макуы ныууадз рохы, бафæрс, базон-иу — куыдтæ сты.

Афысс, арвит-иу сæм чиныг, гъе стæй хорз хуынтæ мæ бæсты:

Уый сæ ма фæхата мачи, — нал и се спаспет сæ бæсты.

 

Тохы, цуан кæныны, стæры цу, дæ хæларау, фæзм-иу мæ,

Азтæй бабыхс мын æртæ ды, дар дæхи, — цыма стæм иумæ.

Кæд уæдмæ зынин, мæ хуры хъахъхъæ кадимæ, цытимæ.

Кæд нæ ‘рыздæхон, — фæку мыл, мастæн ратт фæндаг дæ риумæ.

 

Бауæнд, гъеуæд, гъе, паддзахæн судзгæ сау хабар радзурын.

Зæгъ, — мæнæйуый, дын бабын и, нал ын бантысти рацæрын.

У, зæгъ, алкæйы бонæмгъуыд ацы дудгæбон, ацы рын.

Ратт мæ хæзнатæй алкæмæн: алы тыхст æмæ уацарæн.

 

Уæд мæ хъуыддæгтæ кæронмæ бахынц бакæнын дæ хæсыл.

Ку мыл, маст мыл кæн, — сыджытмæ лæг æндæр хæзна нæ хæссы,

Феста, чи зоны, мæ удæн уым алдзæн цырагъ дæ цæссыг.

Мыс мæ лæггæдтæ, хæрзиуæг царды рох кæнын нæ бæззы».

 

Шермадины зæрдæ суынгæг уыцы удæууил ныхæстæм,

Судзгæ ‘взист цæссыгтæ калы, развæд нал уыны йæ цæстæй.

Дзуры: «Батар уыдзæн, зонын, цины рухсы тын дæ фæстæ.

Лæуу, — зæгъон, æмæ мæ дзырдмæ, ома, байхъусай? — куыннæ стæй!

 

«Дæу ныууадздзынæн мæ бæсты», — уый цы загътай мын, мæ хицау?

Æз куыд сарæхсон? Кæстæрмæ, зоныс — сонт рæдыд æмхиц у!

Æммыст ахъуызиккам иумæ, уаин искуы дæр дæхи цур.

Науæд, судзаджы зындонау, у мæнæн дæуæй фæхицæн».

 

Спаспет ын рæвдаугæ загъта: «Хъус, мæ хъуыды мын æмбар ды, —

Уарзон уарзонмæ бæлгæйæ иунæгæй фæзилы дардыл.

Нæй, — æнæфыдæбон амонд, ис-бон не ссардзынæ царды!

Арц йæ зæрдæйы ныссæдзæд, сау хин баййафæд мæнгарды!

 

Ахæм ничи ис, дæ разæй лæг кæмæн зæгъа йæ сагъæс,

Гъемæ чи айса йæхимæ хистæр-хицауы уæззау хæс,

Хъахъхъæ фидæрттæ, дæ цæст-иу тагъд-тагъд дард арæнтыл ахæсс.

Кæд æз дæр зынин, Хуыцау мын кæд ысныв кæнид уæлахиз.

 

Нæу ын хъауджыдæр адзалæн — иу уа, бирæ уой, сæдæтæ,

Иунæг ницы давы, — иу мæ хиза Стыр Хуыцау мæлæтæй!

Кæд нæ фæзынон æмгъуыдмæ, раив уæд дæ цин мæ мæтæй,

Гъа, ныффысдзынæн дын чиныг: ды — мæ дæлдæртæн сæ фæтæг».

АВТАНДИЛЫ НЫСТУАН ЙЕ ‘ФСАДМÆ

Чиныджы ныффыста: «Ме ‘фсад, — ацы бонмæ уыл мæ бар цыд, —

Уе ‘ппæт, хистæрæй-кæстæрæй, — чи уæ сонт у, чи та — кардзыд, —

Ме ‘муд, ме ‘нувыд хæстонтæ, иумæ ‘рбамбырд ут уæ бардзы

Æмæ байхъусут, уæ зæрдыл фидар бадарут мæ бардзырд!

 

У мæ къухæй фыст а чиныг, хъуыды чиныджы разыны.

Фод уæ сæрылхаст уе спаспет, — мæн куы бадарат азымы:

Хъуамæ баивон рæстæгтæй цъусдуг цæл æмæ нуазыныл,

Искуы хибарæй минасыл, фат æмæ ‘рдынæй хъазыныл.

 

Афæдз ахæтын ыстæры домынц уе ‘лдарæй йæ хæстæ,

Хъуамæ иунæгæй фæцæуон, ме стыр балцы ‘мгъуыд æрхæстæг,

Æмæ уе ‘ппæтæй цы курын, уæд цæуыл уын у мæ лæгъстæ:

Фидар хъахъхъæнут мæ фæстæ тохты не знæгтæй нæ бæстæ.

 

Шермадины уын мæ бæсты уадзын хистæры бынаты,

Мард уон æз æви сæрæгас, уый — уæ сæрхъызой бæгъатыр,

Хурау уе ‘ппæты рæвдаудзæн, уарди не ‘мпылдзæни, хатын,

Фæлæ хивæндæн, мæнгардæн, зонут, никуы кæндзæн хатыр!

 

Уæвгæ, ‘мбарут æй уæхæдæг, — уый у ме ‘фсымæр, мæ кæстæр,

Мæн куыд нымадтат, раст афтæ ут йæ коммæгæс мæ фæстæ:

Сида уадындзæй фæдисы, — уайтагъд рарæвдз-иу ут хæстмæ.

Æз куынæ зынон, — æмбæлы, калат сау цæссыг уæ цæстæй».

 

Номы ‘взаггæлæн йæ чиныг ууыл ахицæн и, балхынцъ.

Роны бафснайдта сыгъзæрин æмæ бабадти йæ бæхыл.

Радта цуан кæныны бардзырд æмæ быдыры уæрæхы

Мæнæ йе ‘фсадимæ иумæ, уадау, саг лæппу фæтæхы.

 

Бæх фæурæдта фæстагмæ æмæ йе ‘фсадæй фæхицæн;

Загъта цагъартæн: «Ныууадзут мæн ам иунæгæй мæхицæн».

Æмæ хъамылы фæаууон, ныр кæм цæудзæни, кæм хитдзæн,

Тинатины уарзтæй уадзыг уым йæ сонт зæрдæ нæ чъиодзæн.

 

Атахт атагъайы уайтагъд, адард, аныкъуылдта лæппу.

Иунæг фенæг æй нæ фæцис, цæст нæ фæхæцыд йæ гæппыл.

Тохы карды бын фыдтасæн никуы чъил кодта кæд æппын,

Абон уарзты раз фæтасыд æмæ нал уыдис йæ чеппыл.

 

Фесты цуангонд æмæ ‘рфарстой æфсад-хицауæй кæрæдзи,

Фæлæ хурдзæсгом кæм фесæфт, иу дæр уый фенæг нæ фæци.

Зилынц, алы ран ысгарынц, агурынц — йæ бон кæмæн циу.

Хъæлдзæг хъал ма та сæ чи у, се ‘ппæт — сагъæссаг, æнæ цин.

 

«Цæй, кæм агурæм, — дзыназынц, — ныр нæ сæрхъызой домбайы?!»

Къордæй къорды ‘хсæн фæдисы тагъд-тагъд фидиуджытæ уайы.

Фæлæ нæй æмæ фæстаг ныфс зæрдæты сындæггай тайы

Æмæ хæстонты цæстытæй маст уыраугæ цæссыг сайы.

 

Шермадин йæхимæ басидт балхон, разагъта уæздæттæм,

Систа, равдыста сын чиныг, загъта ‘рхæндæгæй æппæт дæр.

Уый сын сагъæссаг кæм нæ уыд æмæ зæрдæты ныфссæттæн!

Кодтой еу-додой, сæ сæртæ хостой утæппæт æфсæдтæ.

 

Загътой: «Хицауы фæлыгъдæй махыл масты цæхæр разæй,

Фæлæ, зонæм æй, йæ бынат не ‘мбæлд никæмæ дæ разæй

Æмæ, коммæгæс цагъартау, ныр дæ бæрны стæм æгасæй!»

Ард ын бахордтой йæ разы иумæ фидары ныхасæй.

АВТАВДИЛ АЦЫД СТАЙЫЦАРМДАРÆГ БÆГЪАТЫРЫ АГУРÆГ

Зондджын Эзрос мын æвдисæн «Дионос», зæгъгæ, — йæ фысты:

У, дам, тугтæригъæд — уарди уаддзæг бахауа фыдхъызты;

Афтæ сагъæссаг, мæгуыр у, — раздæр хъал æмæ сæрыстыр,

Ныр æцæгæлон, цæрддзуйау, дард ран чи хъæца йæ рыстыл.

 

Бæх цаппалуадæй ауагъта, атахт быдыры Автандил.

Ныр Аравийы арæнтæй ахызт, дард бæстæм афтыди.

Хурыл мæт æмæ сагъæсæй цардцæрæдздзагæй рафтыди,

Загъта: «Нал уынын уый æмæ зæрдæ рухс цинтæй сафтид и».

 

Ног мит рауарыд уардийыл æви халасы басыди,

Маст ысхъызыди зæрдæйы, уд — æрдунарæг — тасыди.

Загъта: «Удхар мын уагæры ныв мæ хъысмæтæй цас уыди!

Ныр, цы бон мыл и? — Раздæр мын амонд уадындзæй уасыди!»

 

Уарди рухс хурмæ бæлгæйæ бонæй-бон тынгдæр æмпылди.

Зæгъгæ «ма йæ мыс», — йæ сидтыл зæрдæ, марадз зæгъ, æмбæлди!

Уый ныддур æмæ нæ хъуыста, уæвгæ, фидар ыл æмбæлди.

Лæппу агуырдта ‘мæ фарста, — дард цы бæлццæттыл æмбæлди.

 

Зилы дунетыл. Йæ цæссыг денджызтæм хæссы æнхъæвзæн.

Арв — йæ хъæццул, зæхх — йæ гобан, у йæ цонг йæ пух нывæрзæн.

Дзуры: «Байстай мын мæ зæрдæ æмæ нал дæн, чызгай, хъæлдзæг,

Фæлæ амæлон дæу тыххæй, — мæн хуыздæр амонд нæ хъæудзæн!»

 

Хатти, бæстæтыл фæзылдис, ахызт арæнтыл æдæрсгæ,

Уымæн арвы бын нæ баззад искуы иу къуым дæр æнæсгæрст,

Фæлæ ничи уыди никуы фенæг барæджы йæ цæстæй.

Баззад афтæмæй æмгъуыдмæ мæнæ ‘ртæ мæйы æрмæстдæр.

 

Афтыд иу бæстæм фæстагмæ, хордта иунæгæй йæ хъиутæ,

Мæй нæ фембæлдзæн бæлццоныл уым Адамы цотæй иу дæр.

Маст нæ бавзæрстой — зæрдæрис ахæм Вис æмæ Рамин дæр.

Иу ма — уарзон чызджы мысын уыд йæ хъыг æмæ йæ цин дæр.

 

Хæхты стырдæрыл ысхызти, слæууыд айнæджы къæмбыртыл,

Акаст къухаууонæй, дæлæ разынд авд бонцау тыгъд быдыр.

Урс, æвзистдзыкку цæугæдон тыхст бæрзонд хохы рæбынтыл,

Хохæй быдыры ‘хсæн донæн — хъæд дыууæрдыгæй йæ былтыл.

 

Æмæ хъуыдыты ныдздзæгъæл, маст йæ рыст зæрдæмæ ‘фсæры,

Раст дыууæ мæйы ма баззад, зилы ныр куырой йæ сæрыл;

«Уæуу, куы раргом уа мæ хъуыддаг! — Риуы сусæг тас æвзæры,

Ногæй райгуырын кæй бон у, хорзæй чи раива ‘взæры!»

 

Лæппу нал зоны, цы кæна, бахауд сагъæссаг дывæнды.

Дзуры: «Здæхон æмæ фæндаг ныр кæдæй нырмæ нывæвдын,

Уæд куыд бадзурон мæ хурмæ, — дæу зæрдæбынæй цы фæндыд,

Уый нæ бакодтон, фæзылдтæн уæгъды барæгæн йæ фæдыл?!

 

Дарддæр размæ цон, ысгарон, хъæдты, быдырты ма зилон,

Хины барæджы фæдагур рæгътыл, хохбæрзæндтыл хилон,

Æмæ ме ‘мгъуыды бон куыдæй Шермадины цæсгом чъиллон, —

Мæтæй паддзахы зæрдæйыл арт куы бафтауа цъæх пиллон.

 

Афтандил, дам, нын фæхъуыдис, — ниугæ радзура мæ ныстуан.

Сисой еу-додой, æрдиаг æмæ февналой сæ рустæм,

Æз афтидармæй ныздæхон, — уæууа, худинаг æнустæм!» —

Тар, зæрдæрхæндæгæй лæппу кодта карз хъысмæтæн бустæ.

 

Дзуры: «Стыр Хуыцау, зæгъ-ма мын, ныр куыд банымайон растыл,

Мæн кæй хитын кæныс уæгъды дард мæ бæстæй, цыма хасты?!

Ды йæ цины хай мæ удæн байстай, бафтыдтай мæ мастыл

Æмæ ме ‘рхæндæг цæстытæй атахт рухс амонды уаз тын.

 

Нæ, — зæгъы, — уæддæр æз хъуамæ раттон фидар ныфс мæхицæн;

Уд æмгъуыдæй раздæр буарæй никуы, никуыма фæхицæн.

У Хуыцауы бар æппæт дæр, — маст мæм дзæгъæлы нымхицау;

Амонд мах коммæ нæ кæсы, не стæм йе скæнæг, йæ хицау.

 

Уæдæ бирæ дæр фæзылдтæн, нал дæн уал азы хæдзарон,

Фæлæ — никуы æмæ ницы, цасфæнды мæ уд нæ хъарон!

Зин æй чи схуыдта, уый раст уыд æмæ зины фæд куыд арон,

Кæнæ ниуынæй цы цæуы, уæгъды сау цæссыг куы калон?!»

 

Цырд фæуырдыг кодта хохæй, ахызт доны, хъæдæй азынд.

Уæртæ йе ‘фсургъыл фæуайы, быдыр айтыгъди йæ разы.

Акаст, асасти йæ хъару, цыма нал исы йæ базыг,

Цины мидбылхудты рухс тын цæсты даргъ хаутыл нæ хъазы.

 

Æмæ сфæнд кодта фæстæмæ уый йæ дард уæзæгмæ здæхын,

Разыдд, рараст и, тæссармæ уайы быдыры йæ бæхыл.

Мæй лæджы фыртыл нæ фембæлд уыцы ‘лгъыстаджы сыгъд зæххыл.

Арæх — сырд, фæлæ нæ цыди уый сæ Хуыцауы фыдæхы.

 

Рыст, хъæддагуавæр бæлццоны исдуг сырдты мæт кæм уыди!

Уый Адамы цоты ‘гъдауыл хæлц уæддæр фæстагмæ ‘рхъуыди;

Цонг — Ростомы цонгæй даргъдæр — фат нылвæста, сырд æртыдди

Æмæ ‘рцъыкк-æхсонæй нæууыл арт, гуыргуырон арт, ыссыгъди.

 

Артыл физонджытæ зилынц, бæхы кæрдæгыл ысуагъта.

Федта: ‘хсæз барæджы уæртæ ‘рбатæрынц сæ бæхтæ тагъд-тагъд.

Исдуг фестъæлфыди лæппу, баззад, сердæм кæсгæ, сагъдау.

«Кæд абырджытæ сты, науæд ам цæрæг куынæ и!» — загъта.

 

Райста фат-æрдын, фæраст сæм, цыма тохмæ цыд, ыстæры;

Ас дыууæ барæджы се ‘хсæн кодтой милрихи кæстæры.

Зынд, — уæззау цæф уыди лæппу, туг ныхъхъæбæр и йæ сæрыл,

Кодта уадзгуытæ, хъæрзыдта, нал ын уыд нывгонд фæцæрын.

 

«Чи стут, — дзуры сæм, — уыдтон уын æз абырджытæ уæ хуызы!»

«Ма кæ, ма, нæ хур, ныууадз нæ, — лæппумæ сæ лæгъстæ хъуысы, —

Мæнæ еу-додойаг фестæм, кæс, нæ цæстысыг нæ сысы,

Исты ‘ххуысхъом нын куы бауис, мах — дæ уазджытæ, нæ фысым».

 

Автандил хæстæгдæр бацыд, бæлццæтты фæрсы сæ мастæй.

Уыдон радзырдтой æппæт дæр ниугæ, ‘рхæндæгæй, ныфссастæй:

«Мах æфсымæртæ стæм не ‘ртæ, дæлдзæх — не сфæлдисæг, уастæн!

Хатает хуыйны нæ бæстæ, ис нын фидар сахар й’ астæу.

 

Ардæм рацыдыстæм цуаны, «ам сырдарæх у»- — нæм хъуысти,

Не ‘фсад бирæнымæц — немæ, зæхх сæ къæхты бын æнкъуысти.

Мæй ам баззадыстæм, хъæрмæ сырдвос хъомпалæй куы сыстид,

Хæхты, быдырты сæ мах дæр цагътам къордгæйттæй, — цы ‘нтысти!

 

Не ‘ртæ басгуыхтыстæм, махау бирæ ничи цагъта сырдтæй:

Æмæ райдыдтам быцæутæ, — чи уа не ‘ртæйæ та ‘взыгъддæр?!

«Нæ, æз фыддæр цагътон сырдтæй! Нæ, æз, дам, тынгдæр æсгуыхтæн!

Алчи ‘ппæлыдис йæхицæй, домдтам бавзарын нæ тыхтæ.

 

Абон сыстадыстæм, райстам немæ дунейы сæгдзæрмттæ.

Загътам: «Равзарæм рæстдзинад, — чи куыд сарæхса йæ цæнгтæй!

Хъузон ма рацæуæд немæ, уæд нæ хыгъд уыдзæн æцæгдæр.

Чи цы фæцæф кæна сырдтæй, — уадз, йæхæдæг сæ фæцæгъдæд».

 

Бардзырд радтам æмæ не ‘фсад уайтагъд аздæхтысты, мах та, —

Ифтонг хотыхæй, ызгъæрæй, немæ ‘ртæ лæджы ныууагътам.

Хæхты, быдырты цы ‘ййæфтам, — алцы ‘нæвгъауæй фæцагътам:

Сырд кæм лæууыди нæ разы, уæлдæфы кæм тахти маргъ та!

 

Уæд кæсæм æмæ уалынджы хины ‘взыгъд лæппу ‘рбазынди, —

Тар, æлхынцъæрфыг, йе ‘фсургъыл, сау а?рвæрттывдау, тасыди,

Бур, кæркæ-мæркæ стайдзармы уæнгты хурвидыц хъазыди.

Ахæм чи федта?! Чи зæгъдзæн: дис нæ цæстыты цас уыди?!

 

Афтæ рухс тæмæнтæ калдта, афтæ цæсты тигътæ иста,

Загътам: «Хур æрхызтис арвæй, зæххыл атылдис æвзист цалх!»

Мах æй ахсынвæнд ыскодтам, ехх, цы нæ хъуыди, цы систам?! —

Мæнæ ныр кæлы нæ цæссыг, фестæм сары-сайраг, хистаг.

 

Æз мæ кæстæрты фæдзæхстон: «Лæппу — зонут æй — мæн хъæуы!»

Загъта астæуккаг æфсымæр: «Йе ‘фсургъ зæрдæмæ куыд цæуы!»

Мæнæ уый та нын æрфæндыд иунæгæй йæ ныхмæ ‘рлæууын.

Æмæ бабырстам, лæбурæм, уый уæддæр сындæг фæцæуы.

 

Лал, хъырмызхæццæ дзæнхъайау дардтой уардигъуыз тæнбылтæ,

Мах æй не ‘ндæвтам, нæ нæм каст, калдта фырмæстæй тыфылтæ.

Иугæр не ‘нцайæм, — куы федта, уæд йæ зæрдæрис фæфылдæр;

Ехсæй райдыдта цъыччытæ, — марадз, бауæнд æм тæфтыл дæр!

 

Мах фæчъил ыстæм дыууæйæ, бауад иунæгæй нæ — кæстæр:

«Барæг, агъæц-ма!» — фæхæцыд къухæй бæлццоныл æдæрсгæ.

Уый æнæрцæф зылд фæкодта, ма ‘нхъæл — бавнæлдта йæ гæрзтæм,

Ехсæй сæры фахс æркъуырдта, рустыл туг æруад лæдæрсгæ.

 

Цыма лæппуйы ныццавта ехсæй нæ, фæлæ дзæккорæй, —

Ахауд, бауадзыг, цæвиттон, сæр æваст фæхицæн гуырæй.

Барæг афардæг и, й’ ахсæг баззад сагъæссаг, мæгуырæй,

Мах ма кастыстæм йæ фæдыл дардæй, дурдзавдау, æмырæй.

 

Уый фæстæмæ дæр нæ фæкаст, цыд йæ фæндагыл сæрхъалæй.

Ахса, рухскалгæ фæтулы, хурау, атагъайы далæ», —

Автандилæн æй æвдыстой æмæ саудалынгæй, тарæй

Сау тæхгæ ‘фсургъыл ысуыдта йе ‘ндæрг диссаджы хъайтарæн.

 

Æмæ ‘рцыд йæ зæрдæ йе ‘муд, нал уыд раздæрау æнæ цин,

Зæгъгæ, уал азы мæ хъеллау, хорз у, — дзæгъæлы нæ фæци, —

Уыцы барæгимæ, гъеныр, кæд ыссариккам кæрæдзи.

Лæг йæ бæллиццыл фæхæст и, уæд цынæ фыдтыл фæхъæцид.

 

Дзуры: «Стыр бузныг, хæлæрттæ, рис мын аппæрстат мæ удæй,

Уыцы саггуырды фæдагур рагæй хауæггаг, цæрддзу дæн.

Уас Хуыцау кæрон ыскæна уе стыр сагъæссаг фыдудæн,

Амонд бахуда сымахмæ, уе знаг, уе ‘лгъитæг фæдуда!

 

Ады фидиуæнæй, райгæ, æз æхсызгон цин куыд хатын,

Афтæ сæнæниз уа тагъддæр, сыста уе ‘фсымæр бæгъатыр!»

Къухæй ацамыдта лæппу: «Уæртæ ме ‘нцойы бынаты,

Нæууыл аууоны улæфут, уым уал айтындзут уæ цатыр».

 

Æмæ саргъыл февзæрд сагсур, бæх фæтъæбæртт ласта уадид,

Цыма баст уари-цъиу феуæгъд, цыма бæхы уæнгты уад и,

Цыма хуры фæстæ ‘взист мæй арвыл тулгæ-тæхгæ уади,

Уыйау, атагъайы ‘рттывта æмæ ‘хсызгон цинæй ради.

 

Баввахс барæгмæ, — куыд кæна, — бафтыд сагъæсыл æрхуымæй:

«Йемæ дзурыныл ысхæцон, — ноджы сызнæт уыдзæн уымæй.

Лæг тыхст уавæры куы тындза, — нæй йын фервæзæн йæ зынæй,

Зондджын чи у, уый йæ хъуыддаг хъавгæ бакæны уæзбынæй.

 

Лæппу хъеллауаг, хъæддаг у, систа сонты цæрддзу иугæр,

Æмæ адæмæй нæ уадзы йе ‘ввахс, йе ‘мгæрæтты никæй,

Уæд куыд сæмбæддзæн мæныл дæр? Уæуу, куы февзида йæ цирхъæй!

Иу нæ иннæйы ныммардзæн, стæй Хуыцау йæ зонæг — чи кæй.

 

Нæ, цæмæн хъæуы рæуæг ми! Уæгъды схæцыдтæн дывæндыл

Æмæ ме ‘рхæндæг хъуыдытæ дардыл дзæгъæлы нывæндын:

Искуы ма цæра, — нæ уыдзæн, хохы, лæгæты уа, хъæды;

Уым ысфæлварон мæ тыхтæ, уырдæм ацæуон йæ фæдыл».

 

Уайы диссаджы бæгъатыр ныр дыууæ ‘хсæвы ‘мæ боны,

Нæ хæргæ каны, нæ — нуазгæ, додойæ фæллад нæ зоны,

Автандил цæуы йæ фæстæ стонгæй, раст цыма зындоны.

Уыйау йе ‘гъуыссæг цæстытæ зилынц иудадзыгдæр доны,

 

Бон та баизæр ис, дардæй хъил, хъуына къæдзæхтæ разынд,

Се ‘хсæн — сау лæгæт, йæ ныхмæ къæйтыл урс æхсæрдзæн хъазы.

Донбыл лæгæты хъæлæсы дымгæ хъæзы дзыкку фасы,

Дымгæ спæр-пæр кæны маргъау даргъдзонг, æрвæмбæрц бæласыл.

 

Барæг азылди тæссармæ, Автандил йæ фæдыл касти,

Барæг къæдзæхты ‘хсæн доныл лæгæтмæ куыддæр фæраст и,

Афтæ бæласыл ысхызти, бæх ын бæласы бын баст и,

Размæ къалиуты ‘хсæн ахылд, хъавгæ лæгæтмæ нымдзаст и.

 

Кæс, куыддæр фæзынди хъæзы стайыцармдарæг бæгъатыр,

Афтæ лæгæтæй йæ размæ рауад иу сылгоймаг сауты;

Судзгæ сау цæссыгтæ ‘рттивынц дардмæ даргъ цæстыты хаутыл.

Лæппу ‘ргæпп ласта йæ бæхæй æмæ сылгоймагыл атыхст.

 

«Ехх, мæ хо Асмат, — зæгъы йын, — хид нæ къæхты бын ныккалди:

Нал и, фесæфти, фæтары не ‘рдаг, удыгага уарди». —

Лæппу риухойгæ дзынæзта, мæтæй чызджы зæрдæ марди

Æмæ с’ алфамблай, ингæнау, æрдз дæр бамыр и, нынкъард и.

 

Сæрмæ февналынц, бындзыггай бафтынц сау дзыккутæ хъæзыл,

Æмæ се ‘рдиаг, сæ ниудмæ къæйтæ, къæдзæхтæ ныхъхъæрзынц.

Додой, сар кæнынц, сæ рустыл цæссыг тугхæццæ лæдæрсы.

Автандил ныджджих сæ митæм, дардæй, хингондау, фæлгæсы.

 

Чызг æрсабыр ис фæстагмæ, сыстад, саулохагмæ базылд:

Систа йын йæ саргъ, ыстæй йæ уæртæ лæгæтмæ фæласы.

Райста барæгæй дæр гæрзтæ, мидæмæ йæ разæй бацыд.

Дарддæр лæппу æмæ чызгæй иу дæр лæгæтæй нæ разынд.

 

Автандилыл катай бафтыд, — цæй, куыд рафæлгъауа хабар?..

Райсом бон æрбацъæх, чызг та рахызт, сатæгсау — йæ къаба.

Бæхы баивтыгъта, бæхы сау тæхгæ стъалыйыл абар.

Райста лæппу дæр йæ гæрзтæ, кæс — хæстон гаччы куыд абадт!

 

Цирхъ, ызгъæр хæдон, ыстайдзарм, — у йын фидыцы хос алцы,

Рараст, ногæй та йæ ‘рвиты чызг цæссыгкалгæ йæ балцы.

Уый йыл атыхсти рæвдаугæ, бæхыл абадт æмæ рацыд,

Хъæзы доныбыл Асматы ниугæ, рустæтонгæ уадзы.

 

Автандил та йæ хæстæгмæ федта, сусæг цинæй райы;

Лæппу — милрихи, цæссыгдзаст, — мæнæ хур йæхи куыд найы!

Цыма й’ алфамблай парахат хъæзы буды хæрздæф тайы.

Уый — домбай уæрыкк куыд мара, — афтæ рамарид домбайы.

 

Барæг ацыди йæ фæд-фæд, ногæй уыцырдæм ныллæууыд, —

Тагъд та быдырмæ ныххиздзæн, дæлæ хъæдвæндаг фæфæуы.

Автавдил кæсы йæ фæстæ, — цæй, хуыздæр фадат цы хъæуы!

Дзуры: «Стыр Хуыцау, мæ хъуыддаг уый мæ фæндиаг куы цæуы!

 

Гъеныр лæгæтмæ — мæ фæндаг, чызджы бафæрсон æппæтæй:

(Чи у саг лæппу, кæцон у, гъе, ныдздзыназы кæй мæтæй?

Чызгæн ракæнон мæ хабар, — ам цæмæн тайын уæлхъæдæй,

Уа мын, чи зоны, мæ зыны уый æххуысгæнæг йæхæдæг».

АВТАНДИЛЫ НЫХАС АСМАТИМÆ ЛÆГÆТЫ

Лæппу бæласæй æрхызти, бæхы бæттæнæй ысуагъта,

Саргъыл февзæрди, фæцæуæг гомдуар лæгæты ‘рдæм тагъд-тагъд.

Рауад сылгоймаг йæ размæ, «раздæхти мæ барæг», — загъта,

Фæлæ, ‘ндæр лæг у, — куы федта, баззад.мидбынаты сагъдау.

 

Автандилы уынд йæ удыл чызгæн аныдзæвди маргау.

Фездæхт, лæгæтмæ ныййарц и, ниуы, бадæн, дам, хæдзаркалд.

Ауад, ацахста йæ лæппу, бахауд къæппæджы хуыргаркау,

Йе ‘мбу, йе ‘рдиагмæ згъæлынц айнæг сау къæдзæхтæ фаркгай.

 

Тоны, цъелф кæны йæ къухтæй, æлгъ кæны, йæхи дзы хизы

Æмæ цæргæсы ныхты бын тæсæй, ахст хуыргаркау, ризы,

«Тариел!» — зæгъгæ, кæмæдæр сиды, хъæр кæны фæдисы.

Уæд йæ хъуыры цъар ивазгæ лæппу табу кæнын сисы.

 

Дзуры: «Ма, мæ къона, ма ку, сырд, хъæддаг, мыййаг, куы нæ дæн,

Ам цы хурдзæсгом уыд, уымæ кастæн джихтæгæнгæ хъæдæй,

Чи у уыцы сонт? Дæ зæрдæ ма дар уазæгæн æхгæдæй;

Радзур, уыййеддæмæ ма тæрс, уæгъды ма хъуысæд дæ «дæдæй».

 

Чызг фæсабыр ис, ыстæй йæм дзуры фидарæй, уæндонæй:

«Цæй, цы мыл сагъуыдтæ, сонт дæ, æви зин — æрвыст зындонæй?!

Ды цы хабар домыс, уый дын, ма ‘гъгъæл — радзурон æнцонæй,

Фæлæ дзæгъæлы дæ рæстæг сафыс а лæгæты, зон æй!

 

Чи дæ, цавæр дæ? Цы фæрсыс мах нæ мæтагæй, нæ зынæй?

Уымæн нæй зæгъæн, ныффыссæн, уæгъды бирæ йæм бæлдзынæ;

Иунæг иу хатт мæм куы хатай, «нæ» дын мин хатты зæгъдзынæн,

Цин мæ не ‘ндавы, мæ комдзог у мæ цæстыты тæдзынæг».

 

«Чызг, — зæгъы йын уый, — нæ зоныс, цавæр дудгæфыд æвзарын,

Ацы барæджы фæдагур æз кæцæй мæ фæндаг дарын.

Ныр кæдæй-уæдæй мын бантыст йе ‘ввахс удгоймаг ыссарын;

Алыг, нал дын и ныууадзæн, иу — дæумæ мæ бæллиц хъарын».

 

Чызг — Автандилмæ: «Ныууадз-ма, айс, дæхи рæстæгыл алас,

Хуры нал уыныс мæ цуры, уазал уымæн хæссыс, — халас!

Уæгъды мауал кæс æнхъæлмæ, цæй, цыбырдзырдæй, фæндараст! —

Кæд дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд, цы дæ фæнды, уый араз!»

 

Лæппу зоныгуылæй чызгмæ ног йæ хъуырыцъар ивазы,

Уый нæ чъил кæны, нæ сæтты, марадз зæгъ, нæ кæны разы.

Лæппу рахсыст æмæ фестад, дзыкку райвæзта — сынтбазыр;

Кард ын авæрдта йæ хурхыл: «Уæдæ, ма мæм æрхæсс азым!

 

Ацы судзаджы фыдмаст дын дарддæр нæу мæ бон ныббарын!

Ныр кæдæй нырмæ мæ рустыл уæгъды сау цæстысыг уары.

Бавзар карды бын, дæ риумæ иугæр табутæ нæ хъары!

Дзургæ тагъд æппæт лыстæггай, науæд дæ ныртæккæ марын!»

 

Чызг былысчъилæй: «Дæ фæвдон у цыбырхъуыды, фыдамал.

Зоныс, не скæндзæни дзурын мæн мæ удæгасæй хъама.

Науæд бафæлвар, дæ бар у, — мæн зæгъынæнхъæл дæр амар, —

Искæй дзургæ ма кæд федтай ды йæ мæлæты фæсзаман?!

 

Афтæ, фехъуыстай мæ фæндон. Уæдæ мауал хæц дæ мастыл;

Æз хъыпп-сыппыскæнæг нал дæн, ме ‘взаг зæрдæйыл нæма стых,

Фæлæ цæв дæ кард, — дæ бар дæн, цыма карз тохы дæ, — басгуых

Æмæ, сусæджы гæххæттау, тагъд мæ цæрæццаг уд аскъуын!

 

Уæвгæ, чи зоны, мæлæтæй абон тынг тæрсын, — æнхъæлыс!

Мæнæ мард куы дæн уæлхъæдæй, цардмæ рагæй дæр нæ бæллын.

Циу мæ удæгас, уыныс мæ: рустыл цæстысыг куыд кæлы!

Уæд куыд дын зæгъон мæ ныхас?! — Чи дæ, — зонгæ дæ нæ кæнын».

 

Лæппу хинымæры дзуры: «Ницы, афтæмæй нæ тасы.

Исты ‘рымысын æмбæлы, нæй йын басæттæн фыдтасы».

Чызджы суæгъд кодта, йæхицæн фалдæр бабукъ и, дзыназы:

«Чызг, фæрæдыдтæн: мæ цæсгом, ме ‘фсарм бахордтон дæ разы!»

 

Чызг тæргайæ ‘рбадт йæ фарсмæ, у нырма тызмæг, æрхæндæг.

Автандил ныдздзæм, ныммыр и, рустыл — цæссыгты пырхæндæг.

Хъарм, æвзистæртах къæвдайы мæнæ уардидон ысцæмтæ,

Чызг нæ фæлæууыд, æркуыдта, царвау атади йæ зæрдæ.

 

Кодта лæппуйæн тæригъæд, йемæ судзгæ цæссыг калдта,

Фæлæ, раздæрау, йæ былтæ уый æмырæнгомæй дардта.

Ныр зæрдæаивæй лæппу чызджы сабыр равг æнкъардта,

Сыстад, бацыдис йæ размæ, ниугæ зонгуытыл æрхаудта.

 

Дзуры: «Зонын æй, дæуæй мын нал и хо зæгъæн, — хъыг мæм дæ,

Карз дæ бафхæрдтон мæ тыхстæй, сонт ми бакодтон æвæндæй.

Ныр дæ къухы дæн, мæ удæй ис дæ маст сисæн дæуæн дæр,

А мæ зæрдæйæ дæ зæрдæ кæд нæ разына фæлмæндæр.

 

Равдыстон мæхи дæ разы сау хъæддаг лæгæй, — æмбарын,

Фазлæ уарзтæй сыгъд мæгуыр у, уымæн чи фыдлæг нæ бары!

Нæй мын баххуысгæнæг ничи, иу — дæуыл мæ зæрдæ дарын.

Айс мæ уд дæр мын, æрмæст мын бантысæд дæ зæрдæ ссарын».

 

Чызгæн уыцы дзырдтæм ноджы тынгдæр райхъуысти йæ кæуын,

Ногæй февналы йæ рустæм æмæ йе ‘рдиаг ыссæуы.

Нал ис хъарæгæн кæрон дæр, уый ныддаргъ æмæ нæ фæуы.

Автандилы зæрдæ райы, — цæй, æндæр ма йæ цы хъæуы! —

 

«Зæгъгæ, уарзты коймæ иугæр афтæ тынг йæ зæрдæ дуды,

Уæд кæйдæр уарзты фыдсагъæс, низау, бафтыди йæ удыл».

Дзуры: «Уарзоны фыдгул дæр хатт нæ бауадзы фæцудын.

Уарзон — удуæлдай, — нæ кæны цард-цæрæнбонмæ тæхуды.

 

Мæн, мæ хойы хай, зæххон хур судзы рухс уарзты фыдæхæй.

Ацы барæджы фæдагур уый мæн рарвыста уæлбæхæй.

Æз цы дард бæстæй æрцыдтæн, уырдæм мигъæн дæр — зынтæхæн.

Ды — мæ иунæг ныфс, уыныс æй, — нæй мын афтæмæй ыздæхæн.

 

Де ‘мбал саг лæппуйы сагъæс мæн мæ уæзæгæй фæхаста,

Уый мын, цины хыгъд, мæ удæн сусæг судзгæ рис ныббаста.

У дæуæй кæнгæ: мæ риуы дарддæр цин уа æви маст уа,

Дарддæр а лæппу фæцæра æви сыджытмæ фæраст уа».

 

Чызг æм раздæрæй фæлмæндæр, фæлæ ‘нкъард хъæлæсæй дзуры:

«Ныр зæндджындæр у дæ ныхас, уый мын хъыг мæ риуæй суры.

Науæд расайынц фыд-зæрдæ сонты хыл æмæ лæбурын.

Ныр æххуысгæнæг ыссардтай; мæнæ æз — дæ хо — дæ цуры.

 

Иугæр уарзты номæй дзурыс, уымæ ‘рбасидтæ фæдисы,

Уæд æз дæр мæ гæрзтæ калын. Рис дын бафтыдтон дæ рисыл,

Фæлæ нал кæнын мæхи дзырд, демæ бацыдтæн цæдисы.

Зын нæ кæсдзæн мæм дæу тыххæй ныр мæ къух мæ цардыл сисын.

 

Кæд мæнмæ фæндонæй хъусай, архайай, куыд дзурон, афтæ,

Уæд дæ зæрдæйы бæллиццæн ис рæхджы дæ къухы бафтæн.

Науæд — дзæгъæлы нæ митæ, бирæ тухитæй дæр рафтæм!

Зон æй, фыдбылыз — фыдгулты, ис дæуæн мæрдтыл дæр бафтæн.

 

Автандил зæгъы: «Дæ дзырдтæм иу хабар мæ цæстыл уайы:

Фæндагыл цæуынц дыууæйæ, иу лæг сæ фæстейæ зайы.

Размæ ратындзыдта, федта: йе ‘мбал аирвæзти цъайы.

Уый ма ц’ акæна, — нæ зоны, ниуы ‘рхæндæгæй, кæм райы!

 

Дзуры йе ‘мбалмæ: «Чысыл мын уым фæлæуу, мæ хæлар, доны,

Æз бæндæн æрдавон, абæтт ды дæхи йæ иу кæроныл,

Æмæ фендзынæ, — рæхджы мын нал уай уыцы тар зындоны».

Бинаг бахудти: «Лæудзынæн, уæдæ ‘ндæр та мæ цы бон и!»

 

«Ис, мæ хойы хай, дæ къухы ныр мæ хъысмæтæн йæ бæндæн;

Иу, — дæ фæрцы мын æрмæстдæр ис рæсугъд амонд нывæндæн.

Сонтау сæры магъз ысдзæгъæл æмæ хосæнхъæл дæуæй дæн:

Лæг — æнæниз та кæм федтай: кура ‘вдадзыхос кæмæйдæр!»

 

Чызг зæгъы: «Лæппу, дæ ныхас цинау зæрдæйыл æмбæлы;

Саггуырд, зондджын дæ. Лæгау дæ кадæй раппæлын æмбæлы.

Иугæр уый бæрц зынтæ федтай, каст дæм амæлын гæнгæлы,

Уæд дæ къухы и дæ бæллиц, хъус, дæ цæссыг ма цы кæлы?!

 

Уыцы барæгæн йæ хабар нæу мæнæй дзургæ, хуымæтæг,

Уый дын ракæндзæн æрмæстдæр ам йæхи дзыхæй йæхæдæг.

Бад, æнхъæлмæ кæс, фæзындзæн, фæлæ мауал кæн ‘æрхæндæг.

Ма ку, ма кæнæд дæ цæссыг ихдзагъд уардийыл пырхæндæг.

 

Ис дын иу мæнæй æрмæстдæр базонæн нæ нæмттæ махæн:

Тариел хуыйны йæхи ном ме ‘нкъард, цардиппæрд паддзахæн,

У Асмæт мæ ном мæнæн та æмæ дæн сыгъдамонд ахæм,

Маст мæ чызгон бонты цинæй иудадзыг кæны хылкъахæн.

 

Ды нæма зондзынæ ницы дарддæр а хъæддаг хæдзары.

Йе ‘фсургъ тыгъдбыдыры скъæфы уыцы тасгæгуыр хъайтары.

Уый мæн дæр æмæ йæхи дæр ам æрмæст сырдвыдæй дары.

Уæвгæ, чи зоны, йæ фæндаг афонмæ фæстæмæ дары.

 

Фæлæ лæуу æмæ йаг фенай. Кæд мæ лæгъстæйæ фæтаса,

Дæу æфсымæрау, хæларау арф йæ сонт зæрдæмæ райса,

Уæд йæ хабæрттæ кæндзæнис, хъус æм — цасфæнды дзыназа.

Ацу, радзур сæ дæ хурæн æмæ дæ тыхджындæр уарза».

 

Лæппу бакасти йæ коммæ, — цæссыг нал уары йæ рустыл.

Тагъд тъыбар-тъыбур, цæллахъ дæр ауад адагæй сæ хъустыл.

Федтой: донуылæнтæй рахызт мæй, тæмæнтæкалгæ, рухстын.

Ахæм фидыцы гуырд никуы ничи федтаид æнусты.

 

Чызг зæгъы: «Дæ хъуыддаг тулы, фæлæ зæрдыл дар нæ бадзырд.

Уæртæ фæскъæдзæх — æмбæхсгæ, фезмæл цырд, куынæ дæ уадзыг.

Уыцы сонт лæппу сæрхызт у, никæй йе ‘мгæрон нæ уадзы.

Дæу æвиппайды куы фена, — ма ‘рцæуа фыдбылыз мацы».

 

Чызг Автандилы æмбæхсы тагъд-тагъд фæскъæдзæх фæдисæй.

Лæппу ‘рфистæг ис, фидауынц фатдон, кардвæлыст — æвзистæй.

Чызг æм рацыди, дзыназынц, дудынц судзаджы фыдрисæй,

Автанднл сæм, хъавгæ, касти, марди се ‘рдиагыл дисæй.

 

Бур, мыдадзæмбур афæлдæхт лал йæ цæссыджы найынæй.

Уарыд уардийыл миттъыфыл, басыд уазалы майы мæй.

Бæхы баласта, баирхæфст лæппу хотыхтæ ‘фснайынæй.

Исдуг басабыр, фервæзтис уды дудынæй, тайынæй.

 

Автандил — æмыр, æдзынæг, дарддæр аивæй фæлгæсы.

Чызг кæркæ-мæркæ, дзындзæрду стайдзарм гауызæн æрхæссы,

Номы саггуырд ыл æрбады, ногæй фегуыры йæ цæссыг

Æмæ тугæмхæццæ рустæм цæсты сау хаутæй лæдæрсы.

 

Чызг æрцъыкк-æхсон ысцагъта… Артыл физонæг фæхъæбæр

Æмæ лæппуйы раз уайтагъд фынгыл февзæрдис æхсæвæр.

Систа, схаста дзы йæ дзыхмæ, кæрдих аууылдта гæзæмæ;

Нæй, нæ ныххызтис йæ хъуыры, фынгæй абадти фæстæмæ.

 

Æмæ ‘рхуыссыдис, æрфынæй, цъынд куыд ахæцыд йæ цæстыл,

Афтæ богътæгæнгæ фестад, цыма туг ныууарыд бæстыл.

Автандил мæрдтыдис кодта йе ‘мбу, йе ‘рхæндæг дзынæзтыл.

Чызг ын йе знæт равг кæугæйæ барста сагъæсы тæрæзтыл.

 

«Зæгъ, цы та ‘рцыди? — фæрсы йæ, — гъе, цæмæн фездæхтæ тагъд та?»

«Дæлæ тыгъд быдыры чидæр бафтыди мæ фæдыл, — загъта. —

Хъал, паддзах лæг уыдис, цуанон, сырдты фат-æрдынæй цагъта,

Йе ‘фсад — бирæнымæц, минтæ, ме ‘рдæм фенкъуыстысты цъахтау.

 

Ома се ‘мгæрон æрцæуон, — уый мæ не схаста мæ зæрдæ, —

Басыгъд, бауырыд сæ уындмæ ноджы судзаджы цæхæртæй

Æмæ бамбæхстæн, нæ зындтæн хъæды бæлæсты сыфтæртæй.

Райсом ацæудзынæн, — загътон, — адон айсой уал сæ сæртæ».

 

Чызг ыставд цæссыг ныккалдта: «Сырдтæн се ‘мдзæрин куы бадæ, —

Паддзæхтæй дæхи цы хизыс, кæнæ се ‘фсадæй? Æрра дæн!

Рагæй де ‘мдзæхдон, дæ хæлар нал ис а дунейыл адæм.

Бамбар, афтæмæй дæ удæн а цард никуы уыдзæн адæн.

 

Иунæг иу къуым дæр нæ баззад, — ды кæм нæ уыдтæ, цы бæсты;

Ау, куыннæ дыл фембæлд ахæм иу лæг, — ма ныхса дæ цæсты,

Гъе, кæмæн зæгъис дæ сагъæс де ‘рхæм — де ‘рхæндæг ныхæсты,

Демæ чи уаид дæ цины, гъе, дæ тугкалæн зын хæсты?!»

 

«Ехх, бæргæ, мæ хо, дæ ныхас раст у, зонын æй, дæхистæн!

Фæлæ хосгæнæн уæлæуыл нæй мæ хъæдгæмтгæн, мæ низтæн.

Ахæм саг лæппу нæ райгуырд, чи мын фесафа мæ ристæ.

У мæрдтыл бафтын мæ бæллиц, цард-цæрæнбоныл æрмист дæн.

 

Цыма Стыр Хуыцауæн састон раст йæ сыгъзæрин къæсæртæ, —

Никуы никæуыл ныккалдта афтæ й’ азары цæхæртæ!

Никæй не ‘ндавы мæ сагъæс, никæй нал хъæуы мæ сæр дæр.

Иу — дæуыл дарын æрмæстдæр зæххæй арвы ‘хсæн мæ зæрдæ».

 

Чызг лæгъстæмхæццæ фæзæгъы: «Уæдæ ма фæхъыг у, — курын,

Иугæр бафæндыд Хуыцауы, — æз дæ зыны уон дæ цуры,

Уæд мæн иу ыстыр хъуыддагыл демæ бафæндыд æрдзурын, —

Маст æгæр æртыхст дæ удыл, мæнæ мигътæ цыма хурыл».

 

Тариел зæгъы: «Дæ хъуыды райхал, ма ‘фсæрмы кæн уæгъды.

Æз хъысмæтæй дæн æнæмбал, — ам кæй ракъахдзынæн хæхты?!

Афтæ бафæндыд Хуыцауы æмæ нал лæууын мæ къæхтыл,

Æмæ бацардтæн, хъæддагау, а цъæх айнæджы дыдæгъты».

 

Чызг æм хаты: «Уæдæ хатыр, фæлæ мауал лæуу æрхуымæй

Æмæ ма ракæс фыдæхæй, лæг куы ракæнон дæм къуымæй.

Ма сис марæн кард йæ ныхмæ æмæ расомы кæн, — уымæй

Ды кæй зæгъдзынæ дæхицæн дард æнусбонтæм æфсымæр».

 

Лæппу йе сæфт хуры номæй радта фидар дзырд Асматæн:

«Хорз, дæ фæндиаг уыдзæнис, чи у, ардæм мæм æй ракæн.

Баууæнд, — фембæлдзынæн ууыл райгæ, цинимæ, хæрзуагæй.

Гъе стæй йе ‘гъдауæн уыдзынæн æз цырагъдарæг дæндагæй».

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛЫ ФЕМБÆЛД

Чызг фæтæррæст ласта уайтагъд, февзæрд уазæгæн йæ цуры;

«Ма тæрс, не смæсты, нæ фæхъыг, сиды дæм йæхимæ, — дзуры».

Чызг Автандилы фæкæны, нæ — цыренцалх мæй фæтулы,

Тариел æм касти джихæй, касти, барста йæ зынг хурыл.

 

Кæд дыууæ рухс хуры иумæ никуы арвыл дæр нæ хæты,

Уæд ныр ферттывтой æмхуызон ацы саудалынг лæгæты!

Се ‘нгæс тасгæгуыр нæ уыдзæн талм, æвдадз талм дæр дзæнæты,

Авд æрттиваджы уæлæрвты бафтынц фырхæлæгæй мæтыл.

 

Мæнæ фембæлдысты ‘рдхæрдтау, райдыдтой хъæбыстæ, пъатæ,

Худынц уардийы къуыбыртæй дæндæгтæ — фæрдыг, дзæнхъатæ.

Куы кæрæдзийыл ныттыхсынц, куы ныуулæфынц æнкъардæй,

Уадзынц лал уадултæ пиллон масты судзаджы цъæх артæй.

 

Сабыр рахæцыд фæстагмæ Автавдилы цонгыл фысым,

Иумæ ‘рбадтысты, сæ рустыл судзгæ сау цæссыг нæ сысы.

Æмæ, банцад сын куы нал и, уæд Асматы хъæлæс хъуысы:

«Цæй, æгъгъæд уын у дзыназын, хур уæ цæссыджы фæхуыссы».

 

Тариелы зæрдæ — уарди — хурмæ бацæрдгъуыз фæскъæвда.

Автандилы ‘рфарста: «Гъа æз цæрдтæй мæрдты ‘хсæн дæн, сæфтау,

Фæлæ ды кæцон дæ, чи дæ, дæу цы сусæг маст æндæвта?

А сыгъд бæстæм дæ цы нысан, гъе, цы дард бæллиц ыскъæфта?»

 

Автандил — мæлгъæвзаг — дзуры удуæнгтæгæнæг ныхæстæ:

«Уæ, домбай хъайтар, фæцыдтæн дард Аравийæ дæ фæстæ.

Уым, Аравийы, ныууагътон æз мæ галуантæ, мæ бæстæ,

Уым ныртхутæг и мæ зæрдæ, — уарзты маргæй мын фæхъæстæ.

 

Æз мæ хицауæн йæ чызджы сусæг судзгæ уарзтæй уарзын,

Ныр мæ хурзæрин паддзах у, цагъартыл цæуы йæ бардзырд.

Мах ма фембæлдыстæм демæ, ау, дæ хъуыдымæ нæма ‘рцыд, —

Иу ран бирæ ‘фсад куы цагътай, мæрдтæй атагъа куы нал зывд?!

 

Бадтæ доны был æнкъардæй, мах дæм цагъарты нырвыстам, —

Фидар дæм ныххастой бардзырд: сиды дæм нæ паддзах, сыст, дам,

Ды нæ бакастæ нæ коммæ, ды нæ бардзырдмæ нæ хъуыстай,

Не ‘фсад афсæрстой дæ ныхмæ æмæ басгуыхтæ бæгуы стæй!

 

Ехсæй цъыкк — тылдысты сæртæ, кард дæ нал бахъуыди сисын,

Паддзах абадтис йæ бæхыл, загъта, уайгæ, дам, фæдисы,

Ды фæдæлдзæх дæ, хæйрæгау, не ‘ппæт бахаудыстæм дисы.

Тынгдæр рахсыстыстæм мæстæй, ног рис бафтыди нæ рисыл.

 

Хицау феххæлыд — æнæрцæф, — зонынц паддзæхтæ фæмæсты!

Радта бардзырд æмæ не ‘фсад се ‘ппæт агуырдтой, йæ цæст дыл

Никуы никæмæн ысхæцыд хъæдты, быдырты, хæхбæсты.

Уæд мæн рарвыста, — кæй фарсмæ хур, эфир кæнынц къæмдзæстыг.

 

Уый мын расидти: «Фæнды дæ — уай мæ удлæууæн, мæ уарзон,

Уæд фæцу, мæ хур, йæ фæдыл, чи у уыцы барæг — базон».

Ме ‘мгъуыд ахæм уыд, — æнæуый хъуамæ ‘ртæ азы дзыназон.

Диссаг, ауал азы дард ран у мæ уарзгæ уд фæразон!

 

Зилын, агурын, ысгарын, никуы ничи уыд дæ фенæг.

Иубон туркаг лæгты федтон, иу уæззау цæф лæппу — семæ.

Уый сæ кæстæр уыди, демæ тохы бацыд, кæмдæр, гъе, ‘мæ

Ныр дæ ехсы цæфæй хъуамæ бафта йе ‘нусон дунемæ».

 

Тариелæн дæр æрлæууыд хæст Аравийы йæ зæрдыл.

Дзуры: «Раст зæгъыс, уыдаид, донбыл фембæлдтæн кæддæр дыл

Уæд æрхæндæгæй, æнкъардæй, — уайы цæстытыл куыддæрты, —

Бадтæн, мысыдтæн мæ хуры, — мæн кæй маст бафтыдта мæрдтыл.

 

Диссаг, хъæугæ уæ цы кодта, тох цæмæн кодтат, хылкъахæн?

Ау, куынæ уыдис нæ уавæр иу мæнæн æмæ сымахæн!

Уæвгæ, мæн кæй ахстой, уымæй уе ‘фсад фос фæкодтой ахæм,

Æмæ бахастой мæ бæсты мæрдты се ‘рвитæг паддзахæн.

 

Иу каст акодтон фæстæмæ, федтон, — хицау уыд фæдисон,

Загътон, паддзахæн йæхимæ, цæй, мæ марæнгарз куыд сисон?!

Уайтагъд иу тъæбæртт фæласта ме ‘фсургъ, уадсурау, — æмбисонд

Æмæ нал фæзынд мæ кой дæр, зинау, айсæфтæн æмбисбон.

 

Зæгъгæ, ‘рбаййæфта мæ ме знаг, — фесхой ме ‘фсургъы йæ цурæй,

Иу уысм, иу цæстыныкъуылдмæ бæхы нал ауындзæн сурæг.

Уыцы туркæгтæй дæр ибон кодта иу йæхи лæбурæг

Æмæ фæндаджы хъæбæрыл аззад, удисæгау, сурæй.

 

Ды — хæлар уазæг — мæ удæн цины рухс хуындзау фæзындтæ.

Кондæй — талм бæлас, хъайтаргъуыз, хурты хурзæрин — дæ уындæй.

Уæвгæ, ихдзагъдау, фæлмаст дæ, тухи бавзæрстай — кæсын дæм,

Сæфт лæг агурын, мæнæйма, — зынтæн равзæрстай сæ зындæр!»

 

Автандил нымдгæнгæ дзуры: «Уый мæ ‘гæр-æгæр ыстауыс:

Талмгуыр, удвидар хъайтартæм иу æрмæст, мæ бон, ды хауыс,

Иунæг, хурты хурау, зæххыл рухс, зæрин тынтæ ды тауыс,

Мæстæй тайыс, фæлæ мур дæр, де ‘рдаг фидыцæй нæ хъауыс.

 

Уæдæ рохуаты дзыназæд фæсмигъ ме ‘нхъæлцау ыстъалы,

Æз мæ къух мæ фæндыл исын, абон ме ‘мгъуыды дзырд халын,

Абон барвæндонæй ивын цин фыдбоныл, лал — хрусталыл

Æмæ де ‘мдзæрин уыдзынæн — разы д’ амондыл, дæ халыл».

 

Тариел зæгъы: «Мæ уд мын уыцы ‘хцон дзырдтæй рæвдауыс,

Уый хыгъд æз дæуæн цы фæдæн? — Дис дæ фысымыл æфтауыс.

Уарзон уарзоны рис — зонаг, — уый бæлвырд куы нæ у тауыс!

Фæлæ дæу дæ хурæй байсон? — Уæд куы бахордтон мæ намыс!

 

Ды дæ хицауы фæндонæй зилыс ауал азы дардыл.

Æмæ фембæддтæ мыл абон мæнæ удæгасæй мардыл.

Фæлæ дудгæфыд æндæр у: дзырд куы ‘рыфтауон мæ цардыл,

Уæд, физонæгау, мæ зæрдæ судзгæ зиддзæни цъæх артыл».

 

Чызг æм дзуры: «Домбай, мастæн нæй цæстысыгæй ныххуыссæн.

Ды куынæ зæгъай дæ хабар, — нæй йын радзурæн, ныффыссæн.

Ацы саггуырдæн дæу тыххæй байсæфт уал азы йæ хуыссæг,

Уый дын, чи зоны, дæ зыны исты ‘рымысид æххуысæн.

 

Ам мыл райсомсарæй сагъуыд, мæн лæгъстæмхасæнтæй къахта,

Æз ныффидар дæн, ныддур дæн, уый уæддæр лæджы кæм уагъта.

Не ‘нкъард хабæрттæй йæ удæн цин кæм æрхæсдзыстæм мах та,

Фæлæ, уадз, æппæт дæр зонæд, — иугæр дунейы фарн загъта».

 

Тариелы уæнгтæ ризынц, фæлæ дзурыныл ысразы:

«Асмат, ауал азы мемæ ды цы тухитæн.фæразыс,

Зоныс, уыдонæн сæ койæ зæрдæ — тугæрхæм — дзыназы,

Фæлæ уазæгæн цы кæнон, — дæн цæссыгхæсджын йæ разы!»

 

Дзуры: «Хо кæнæ æфсымæр лæг кæмæй зæгъа йæхицæн,

Уый цин, уый хъыгæй йын хъуамæ ма уа ингæнмæ фæхицæн.

Рæзы иуы сæфтæй иннæ, нæй Хуыцауы цæфæй лидзæн.

Хъус мæм, бабыхс-иу, мæ зæрдæ ивгъуыд бонты коймæ риздзæн».

 

Чызгмæ бахатыди: «Рацу, ам мæ фарсмæ ‘рбад æд дурын,

Кæд фæуадзыг уон, фæтыхсон æмæ нал арæхсон дзурын,

Дон мыл бакал æмæ ‘рчъицон, ног æрымысон мæ хуры;

Кæд нæ раздæхон, уæд-иу мæ бавæр а сыджыты — курын».

 

Лæппу йе ‘гънæджытæ суагъта, риу, бæгънæг къæдзæхау, разынд,

Бады тарæй, цыма бацыд рухс хур сау мигъты дæлбазыр.

Исдуг бамыр и, ныхъхъус и, йе ‘взаг дзурынмæ нæ тасы,

Гъе стæй иу «е-гъе» ныккодта æмæ райдыдта дзыназын:

 

«Уæ, мæ удлæууæн, мæ зæрдæ, ме сæфт хуры хай, кæм мын дæ?

Мæн куы фæкодтай æнæ хай уарзты цин æмæ дæ уындæй!

Цыма дзæнæты дыргъдоны тасгæ талм бæлас лæууыдтæ,

Ныр дæу ралыгчынди» — нал у лæппуйæн йæ бон кæуын дæр.

ТАРИЕЛ ЙÆ ХАБÆРТТÆ ДЗУРЫ АВТАВДИЛÆН

Уæдæ ме ‘рхæндæг ныхæстæм байхъус, бадар сæ дæ зæрдыл,

Федтон дудгæ фыдтæ бирæ, уæвгæ, ме ‘взаг сæ нæ кæрды.

Сонтæй тухиты мæ хъуырмæ æз кæй сæраппонд лæгæрдын,

Хатын, уый маст мæ фæстагмæ цæрдтæй бафтаудзæни мæрдтыл.

 

Ис нæм Индийы, зовдзынæ, авд паддзахады авд раны,

Уæдæ, уый дæр ма хъуыстаис: — уыд æхсæз дзы Парсаданы.

Исджын, барджын лæг, парахат, йе ‘хсар ахъæр ис адæмыл, —

Уый сæ паддзах уыд паддзæхтæн, бадт йæ сыгъзæрин бадæны.

 

Æвдæм индийаг паддзахæн æз йæ бынылзад кæстæр дæн,

Саридан, зæгъгæ, йæ койæ кодтой йе знæгтæ тæсмæрдтæ.

Хъал, хъæбатыр уыди, номдзыд, тохты йе ‘мсæртæй — фæлтæрддæр.

Рæстæг хъæлдзæгæй æрвыста, цард æм байтыгъта йæ тæрттæ.

 

Фæлæ сфæлмæцыд иунæгæй æмæ сагъæсæй рафтыди.

Загъта: «Хъæддзæг дæн, исбон мыл бирæ знæгтæй дæр бафтыди,

Фæлæ хибарæй ме ‘рдаг цард цауд, æгъуыз æмæ сæфт уыди!

Парсаданимæ баиу уон, — зæрдæ ‘хцон цинтæй сафтид и».

 

Æмæ минæвар нырвыста иуы йе ‘нувыд цагъартæй:

«Парсадан цæра, ды дарыс иууон Индийыл дæ бартæ.

Æз, хæлар сыхагау, де ‘мкъул бирæ хицæнæй фæцардтæн.

Ныр ныффæнд кодтон дæ дæлбар уа, дæ коммæгæс мæ кард дæр».

 

Уый куы фехъуыста, йæ цинæн Парсадан кæрон нæ зыдта.

Загъта: «Стыр Хуыцауæн табу, Индийæн цæуы йæ хъуыддаг»,

Дзуапп æрбарвыста мæ фыдмæ, у мæнæн дæр, дам, ыскъуыддзаг:

«Рацу, кадылдард уыдзынæ, ды — мæ хæлæрттæн сæ фыццаг».

 

Амирбарæй йæ бакодта, лæджы бархъомыс бадывæр,

Амирбары ном Индийы у амирспасалары ‘мбæрц,

Ахæм рухс цард ын никуы уыд раджы фыны дæр, хъалы дæр;

Нæу паддзах, фæлæ уыцы бар ныр йæ хъомысы ‘нкъарыдæр.

 

Йемæ йе ‘мсæрау ысхæлар паддзах, нал æфсæст йæ уындæй,

Кодта иудадзыг йæ цæра, цух — йæ мæт, йæ цин — фæдывæр,

Цуаны, тохмæ-иу цыдысты, знаг сæм нал уæндыд тæфтыл дæр,

Ау, кæмæй фæдæн, йæ хуызæн æз цæуылнæ дæн мæ фыдæн.

 

Паддзахæн зæнæг нæ цъвдис æмæ ‘рхæндæг бонтæ ‘рвыста,

Æмæ йе ‘фсадæй, йæхийау, алчи зæрдæмæ ныхъхъуыста.

Гъе уæд дунемæ фæзындтæн, уас, мæ гуырæнбон æлгъыст уа!

Паддзах бахъæлдзæг: Хуыцау, дам, радта рухс ‘амонд — æгъуыстаг.

 

Загъта мæ бындар йæхицæн, нал уыд галуаны цин къахыр,

Адæм, æфсæдтæ нымадтой мæн сæ фидæны паддзахыл.

Номдзыд, зондджындæр лæгтæ мæ кодтой хицауы ‘мсæр ахуыр.

Онгæй рацыдтæн домбайгуырд, худтæн, дзаг хурау, мæ цалхы.

 

Асмат, ме ‘вдисæн — дæ зæрдæ, батад ме ‘рдаг хуыз, фæцыдис:

Рухс сæуæхсидæн — мæйдарау, хур мæ рыджы дæр нæ зындис.

Уыд алæмæттаг мæ бакаст æмæ кодтой мыл мæрдтыдис.

Ныр æндæрджы хуызы хилын, цин мæ цæстыты ныфтыдис.

 

Рæзтæн, фондз азы мыл сæххæст, афтæ не ‘хсин чызг ныййардта».

Тариелы зæрдæ бахъарм, цырд ыл дон Асмат æркалдта.

Лæппу ‘рчъицыдта: «Мæ риу мын уарзтæй чи судзы, цъæх артау,

Уый сæрысуангæй, зынг хурау, удмæ рухс цырæгътæ дардта.

 

Цæй, цы йæ стауон, йæ уындæн нæй ыснывгæнæн ныхæстæй.

Парсадан ныззылдта стыр куывд, дардыл сызмæлыди бæстæ,

Дуне минæвар цыдысты: паддзах паддзахæн йæ фæстæ,

Паддзах байуæрста лæвæрттæ, хъæлдзæг арвыстой сæ рæстæг.

 

Йе ‘мгъуыд æвгъæдæн куы фæцис, — чызджы мемæ иумæ хастой.

Адæм авдæнмæ дæр сонты худгæ хурзæриныл барстой.

Раддæн, — æхсин æмæ паддзах мах æмхуызон уарзтæй уарзтой.

Ныр зæгъон æмæ куыд зæгъон… мæн кæй цæстытæ ныббастой»…

 

Лæппу чызджы коймæ барызт, ногæй бауадзыг, фæсур и,

Автандилæн дæр йæ рустыл цæссыг цæссыджы фæсуры.

Тариелæн та йæ риумæ чызг фæкъул кодта йæ дурын.

Уый ныуулæфыд бынозæй, рабадт, райдыдта та дзурын:

 

«Нестан-Дареджан — мæ сагъæс, судзгæ батадтæн йæ номыл,

Ууыл авд азы куыд сæххæст, афтæ фембаргæ, фæхъомыл.

Хуртæ, рухс мæйтæ дзы касти, бæстæн уымæй уыд сæ сомы.

Дур, æхсыст налмас у зæрдæ, — уымæй ахицæн уромы.

 

Æз фæхæстхъом дæн, — куы федтой иу бон, — уæд æрхауди мах кой:

Галуан ныр æвæстаг нал у, чызг паддзахбывдар у, — загътой.

Мах фæхицæн ыстæм афтæ, мæн мæ фыды ‘вджид ныууагътой,

Уарзтон пуртийæ хъазт, цуаны домбæйтты, гæдытау, цагътон.

 

Паддзах самадта мæсыг дæр уарди-дидины къуыпайæн.

Мæсыг мидæгæй æрттывта дзиндзæ, æргъæу æмæ дзæнхъайæ.

Кæрты — дидинæгдон, й’ астæу — цадгонд уардидонæй — найæн.

Рæзтис уым, — кæй уарзтæй хъæдты абон æз хæтын æррайæ.

 

Буд сыгътой æхсæвæй-бонæй чызджы зæдбадæн хæдзары,

Куы йæ уаты бадти саби, куы йæ дидиндоны зарыд.

Дард Каджет-бæстæй æрхуыдта фыд йæ идæдз хо Давары,

Æмæ зондджын хъомыл кодта уый нæ паддзахы бындары,

 

Дардтой мæсыгы рудзгуытыл даргъ æмбæрзæнтæ дарийæ.

Фенæн нал уыдис афтæмæй уыцы фенддаджы уардийæн.

Иу Асмат æмæ цагъартæ уый ирхæфстой-иу нардийæ.

Рæзти мæсыгы, раст, цыма, Габаоны цард таубийæ.

 

Хъал фынддæс аздзыд лæппуйæ, цæй, цы уыдаид мæ мæт та:

Мæн йæ хъæбулы бынаты паддзах, раздæрау, æвæрдта.

Хур — уындæй, домбай — хъаруйæ, онгæй — талм бæлас дзæнæттаг,

Афтæ, фатæхсынæй чи уыд ме ‘нгæс ме ‘мгæрттæй сæрæ та!

 

Мил нæ ивгъуыдтон мæ фатæй, саг, сæгуыт, сычъитæ цагътон.

Пурти хъазынæй мæ разæй никæй ме ‘мгæрттæй нæ уагътон.

Фынгыл фенддаг уыдис, — чанги æз куыд арæхстджынæй цагътон.

Ме сæфт хуры мæтæй мæнæ ныр «хæрзбон, а дуне», — загътон.

 

Æз фæсидзæр дæн, мæ сахъ фыд амард, ахицæн йæ цардæй,

Парсаданы цин æрнымæг, галуан ракастис æнкъардæй.

Не знæгтæ сæ къах æркъуырдтой, — мигъ кæй оны бадт йæ кардæй

Æмæ худтысты сæ мидбыл ныр зыхъхъырдæндагæй, дардæй.

 

Афæдз саударæн фыдохы уаты дуарæхгæдæй бадтæн.

Афæдз сау цæстысыг калдтон æмæ ‘хсæвæй-бонæй таддæн.

Хатæг паддзахæй æрбацыд: «Мах нæ фæрыстыстæм къаддæр,

Фæлæ не ‘дзардæн цæссыгæй нал и ног цæрæнбон раттæн.

 

Ралас, сис, мæ хур, дæ саутæ, дарддæр мауал бад фыдохы.

Айс сæдæ хæзнайы, — загъта, — хæц дæ зæрдæйæн йæ рохыл».

Мур нæ ныууагъта йæхимæ уый мæ фыды мулкæй рохы.

Амирбары чин мын радта: «Басгуых-иу, дæ фыдау, тохы».

 

Ме ‘мгъуыд саударæн куы фæци, — ног ысуынгæг и мæ зæрдæ.

Уайынц уæздæттæ мæ размæ, хъавгæ ‘ркъул кæнынц сæ сæртæ.

Чи сæ ме ‘фцæджы ныттыхсы, раст мæхи фыдау узæлгæ.

Инди расидти бæрæгбон, галуан акаддта цæхæртæ.

 

Паддзах æхсинимæ се ‘мвынг мæн æрбадын кодтой кадыл;

Айс дæ фыды хæс дæ къухмæ, — иумæ райдыдтой мæм хатын,

Мæн нæ фæндыди, — кæм уыдтæн уыйау сахъ æмæ хъæбатыр!

Фæлæ ме схæссæг паддзахæй, цæй, куыннæ кодтаин хатыр!

 

Алцы чи мысы, мæрдырох бафтыд уал азы мæ удыл.

Размæ нал цæуы мæ хъуыддаг, арæх фæсвæндаг фæцуды.

Цард мæнгард æмæ фæлывд у, хатт былысчъилæй фæхуды;

Кæс, фæхъæстæ дæн йæ маргæй æмæ ме ‘нкъард зæрдæ дуды».

ТАРИЕЛЫ УАРЗТЫ ФЫЦЦАГ ХАБАР

Исдуг судзгæ цæссыг калдта, стæй та фенцади гæзæмæ:

«Иухатт паддзахимæ цуанæй иумæ здæхтыстæм фæстæмæ.

Парсадан зæгъы: «Мæ чызджы хъуамæ ауынæм æнæмæнг».

Ехх, цы бон мыл ис! Фæлтау æй фыд куы федтаид æнæмæн.

 

А сындзыуасджыты халгонд демæ рахæос, зæгъгæ, загъта

Æмæ фездæхтыстæм, зæрдæ уæд фыццаг цъæх арт ысуагъта.

Уарзт дзы уыцы бон æнусмæ масты сарат кард ныссагъта,

Кард болат риуы цæхæртæ калы ‘рцъыкк-æхсоны цагъдау.

 

Хины дидинæгдон кæрты, — аив, диссаг уыд дзæнæтау;

Удыл тайгæ зарæг кодтой мæргътæ, донбеттыр — сирентау,

Уади къадатæй, æнхъæвзта цæдты уардидон æнæнтау.

Сырх, дари ‘мбæрзæнтæ ‘рттывтой ирд алдымбыды тæмæнтау.

 

Уый нæ фæндыд, — чызджы фена исчи ‘ддагонæй, хæларæй

Æмæ къæсæрæй куы бахызт, æз æдде лæууыдтæн барæй.

Уырдæм хъуысти мæм сæ ныхас уаты гауызæмбæрзт дуарæй.

Парсадан Асматмæ: ауай, райс, дам, мæргътæ амирбарæй.

 

Гауыз базмæлыд, фæзыхъхъыр, æз ныддыз-дыз кодтон уадид:

Чызгмæ фемдзаст дæн — мæ удыл уарзты судзгæ фат ысуади,

Раттон мæргъты хал Асматмæ, зæрдæ пиллон арты ‘руади.

Ехх, уæдæй нырмæ дæ фысым дудгæ ‘рхæндæгæй фæсади!

 

Ныр нынныгуылди, ныххуыссыд уыцы хурты хур, фæтары»…

Лæппу бауадзыг и ногæй, ахауд, ницыуал æнкъары.

Автандил æмæ Асмат дæр ногæй бафтыдысты сарыл:

«Оххай, гъе, бецау, куыд батад, маст куыд бадомдта хъайтары!»

 

Чызг ыл уазал дон æркалдта, лæппу ракастис йæ цæстæй.

Исдуг не сфæрæзта дзурын, сыгъд йæ фæлмаст зæрдæ мæстæй.

Цæссыг сыджытимæ схæццæ, зæххыл алæсæн ызмæстæй,

Арф ныуулæфыд дзыназгæ: «Ехх, цы бон мыл и, цы рæстæг!

 

Дуне боныгъæдау ивы, бирæ чи байрайы цардæй,

Амонд ууыл дæр фæстагмæ иу бон разилы мæнгардæй.

Хъуамæ, зондджынæн фыдхъысмæт хъулау ма хъаза йæ бартæй.

Хъус мæм, цалынмæ нæ федтай мæн дæ цæсты раз дзыхъмардæй.

 

Раттон мæргъты хал Асматмæ, дарддæр нал зонын — цы бадæн;

Зæхх фæцудыдта мæ быны. Куыдмæ ‘рчъицыдтон хæрзцадæг:

Мæнæ м’алфæмблай тыгуыртæй ниуынц алырдыгæй адæм.

Афтæ хатын, цыма фурды узгæ стыр бæлæгъы бадæм.

 

Даргъ, уæрæх уаты хуыссыдтæн пух, зæрдæзæгъгæ лыстæны.

Æхсин февналы йæ рустæм, паддзах риухойгæ куы скæуы.

Ирд, налхъуыт-налмас фæрдгуытау, цæссыг гагатæй ызгъæлы,

Вельзевулы ‘фсон мæ кодтой, зæгъгæ, уый хинæй ыстъæлы.

 

Паддзах ме ‘рчъицыд куыд федта, афтæ ме ‘фцæджы ныттыхсти.

«Охх, æгайтма мын æгас дæ!» — ног йæ цæстысыг æрмызти.

Сонтау фесхъиудтон, мæ риуы зæрдæ — тугæрхæм — нынкъуысти,

Хур та баталынг, фæсур дæн, уаты судзгæ додой хъуысти.

 

Æмæ моллотæ мæ уæлхъус цас ис, — ацу ‘мæ сæ бахынц!

Бадынц, аргъауынц мæ номыл, уаз хъуыран чиныг фæлдахынц.

Сур æртæ боны куы фæуин, уыдон алы низтæ къахынц,

Къахынц, аххосаг фæстагмæ ногæй фыдбылызмæ здахынц.

 

Уæд мæ хосгæнджытæ ноджы тынгдæр бафтыдысты дисыл:

Ау, кæд исты маст, æндæр, дам, ницы лæппуйæ нæ риссы.

Уаты фестъæлфын сæнтдзæфау, куы сæнттæ цæгъдын дæр сисын.

Уайы не ‘хсинæн йæ цæссыг, ирд цæппузырау æнхъизы.

 

Афтæ ‘ртæ боны мæ удыл цæрдтæй мæрдты ‘хсæн хæцыдтæн,

Æмæ ‘рчъицыдтон фæстагмæ, ме ‘муд цадæггай æрцыдтæн.

Загътон хинымæры: «Диссаг, — уый бæрц бабыхстон, хъæцыдтæн!

Ныр — æгъгъæд, Хуыцау, æгæр дæр ам мæ цæссыджы мæцыдтæн.

 

Кувын — не сфæлдисæг, ракæс, иу дæуыл мæ зæрдæ дарын:

Ратт мын удвидар, лæджыхъæд, зæгъын, бафтон ма хæдзарыл.

Ам мæ низы хатт куы схъæр уа, уый тас, уый æфсæрм мæ мары.

Айста Стыр Хуыцау мæ лæгъстæ, бацыд тых мæ лæмæгъ буары.

 

Æмæ рабадтæн, ызгъорынц уайтагъд паддзахмæ фæдисæй,

Зæгъгæ, сыстади, дам, сыстад, лæппу фервæзтис йæ низæй.

Уайынц æхсин æмæ паддзах, нæй кæрон сæ цин, сæ дисæн.

Сиды Стыр Хуыцаумæ хицау: «Рынчын фод мæнæй æвдисæн!»

 

Хатынц, ахæр-ма, дам, исты, цинæй нал лæууынц сæ къæхтыл.

Загътон паддзахæн: «Æнцой дæн, ам цæмæ ма бадон уæгъды,

Дæлæ быдырмæ ныууаин, цъусдуг афæлгæсин хæхтыл».

Хорз, дам, — паддзах дæр фæбæлццон, уайтагъд абадтыстæм бæхтыл.

 

Донбыл азылдыстæм фæзы, гъе стæй раздæхтæн нæхимæ;

Уый мын тарст æмæ цыдыстæм сыуанг мах кæрты онг иумæ.

Аздæхт, бацыдтæн мæ уатмæ, маст ныггуылф кодта мæ риумæ.

Загътон: «Нал мын и фæцæрæн ацы судзаджы фыдимæ!»

 

Мæтæй лал ысбур сафранау, рустæн ахуыссыд сæ тæмæн,

Мин сæдæ карды мæ риуы акаст чъылдымæй фæстæмæ.

Уатмæ дыуаргæс фæзындис, асидт хæзнадармæ ‘ддæмæ.

Загътон: «Сусæгæй цы дзурынц? — Хъуыддаг базыдтой æнæмæнг!»

 

«Мæнæ минæвар Асматæй» — загътой, уæд. Зæгъын, — цы домы?

Уарзты сидæн чиныг уазæг уатмæ ‘рбахаста мæ номыл.

Дис, мæрдты дис мыл æфтыдис, ме ‘взаг нал арæхст мæ комы:

Мæн Асматы мæт кæм уыдис, зæрдæ тасынтæ кæм комы?

 

Ау, кæд мæ бауарзта уагæр? Гъе, йæ ныфс та мæм куыд хæссы?

Ныр цы бачындæуа? Искæй ма ‘рдар мацæмæ, — нæ бæззы,

Хахуыр, дам-дум мыл кæндзæни, ‘лгъитдзæн, калдзæнис йæ цæссыг».

Уарзтæн уарзоны дзуапп раттон — афтæ бахыгътон мæ хæсыл.

 

Рæстæг уадис æмæ зæрдæ ноджы тынгдæр сыгъд цъæх арты.

Фæзмæ нал кодтон мæ фæдыл ме ‘фсад, ме ‘нувыд цагъарты.

Хæдзар хосгæнджытæй байдзаг, цыма моллоты дæр сардыд.

Гъе уæд райдыдтон хъысмæтæн фидын тугхъалон мæ царды.

 

Бадти тараууон мæ удыл æмæ ничи уыд йæ зонæг,

Зæрдæ сусæгæй куыд кодта уарзты пиллоны физонæг.

Загътой, тугбадт, дам, у, паддзах дзуры: «Хос æрцыд йæ сонæн:

Туг ын рауадзут йæ цонгæй». Æз ысразы дæн æфсонæн.

 

Уаты ‘рхæндæгæй куы хуыссин, де знаг, де ‘лгъитæг — мæ уагæн.

Ме ‘ххуырст арæхстгай æрбацыд; уæд цы хæрзæджы хъуыддагæн? —

Сиды: «Минæвар — Асматæй», зæгъын, мвдæмæ йæ ракæн.

Дзурын дисгæнгæ мæхимид: «Ау, цы мæ баййардта, уагæр?!»

 

Уатмæ минæвар æрбацыд, уый мæм сусæг чыныг радта.

Тагъд, дам, фембæлæм, — фыста мæм, диссаг, — чызг йæ уд куыд хъардта.

Дзуапп æм арвыстон: «Цы тыхсыс, гъе, цæуыл кæныс æнкъард та;

Зæгъ, — кæд фæзынон, æрмæстдæр, — мæн дæ фидиуæн æрцардта».

 

Чиныг арвыстон, ыстæй та кодтон хинымæры джитæн:

Амирбаруæвгæ цы систон, ау, куыд мæ байрох и, чи дæн!

Галуан ме ‘нæуаг куы ‘рхата, — фегад ме стыр ном, мæ чин дæр.

Тарды баййафдзынæн, ацу æмæ зæгъ «хæрзбон» дæ цинтæн!

 

Лæг æрбацыд Парсаданæй, фарста, рынчын, дам, цы баци;

Туг ма, дам, цæуы йæ цонгæй æви байгас и йæ дадзин?

Загътон: «Адзæбæх дæн мæнæ, цыма туграуагъды ‘вдадз и,

Тагъд фæзындзынæн, дæ фендæй уæд мæ удмæ цин ныттадзин!»

 

Æмæ паддзахмæ фæзындтæн: «Табу Стыр Хуыцауæн» — загътой,

Мæн, æнæгæрзтæ быдыргъау, саргъыл арæхстгай æрсагътой.

Мæргъты сыстын кодтой балгай, цуанон уарицъиуты суагътой,

Айхъуыст тыгъд быдыры цъах-цъах, мæргъты фат-æрдынæй цагътой.

 

Фæсцуан паддзахы фæндонæй фынг æрæвæрдтой мæ цытæн,

Фынгыл адæмы ирхæфстой номдзыд зарæджы дæснытæ.

Паддзах байуæрста рæдауæй лал, зынаргъ дуры цæстытæ,

Алчи скъæфта сæ хæлæфæй, цыма, нал сын цыд бæсты дæр.

 

Мæн мæ уарзонмæ ‘ввахс зæрдæ цин, цæл кæнынмæ нæ хаста,

Чызджы мысынæй мæ рыст уд, фатдзæф дойны сагау, бастад.

Æмæ ме ‘мгæрттимæ иумæ мах нæхи хъæмæ уæд байстам,

Уым мын ме ‘рхæндæг зæрдæйæн минас расыг цин ныббаста.

 

Дзуры хæзнадар мæ хъусы хибар ме ‘рхонгæ хæлæрттæй:

«Æлдар, агуры дæ иу сыл, — калынц цæстытæ тæмæнтæ,

Йе ‘рдаг рухс цæсгом æмбæхсы чызг йæ кæрдæнæй цæмæндæр».

Загътон: «Мидæмæ йæ бакæн, уый æрбацыди мæ фæндæй».

 

Фынгæй сыстадтæн, æмхуызон минас сызмæлыд мæ фæстæ.

«Бадут, — загътон сын, — ныртæккæ, иу уысм ауайон æрмæстдæр».

Уатмæ бахызтæн, ыслæууыд цагъар хъахъхъæнæг æдгæрзтæ.

Чызгыл фембæлдтæн æгъдауыл æз мæхинымæр фæдзæхстæй.

 

Уый мын акуывта йæ сæрæй, зæхмæ, талм бæласау, тасы.

«Уастæн, арфæйаг уа, — дзуры, — æз кæй тыххæй дæн дæ разы!»

Диссаг, уарзоны кæлæн монц нæй йæ къæмдзæстыг æнгасы!

Æви уарзты ‘гъдау нæ зоны, баргъæвст, бандзыгау ис а сыл!

 

Тæрхæгыл æрбадтæн, исдуг чызг лæууыд, цыма, цырагъдар,

Уазæг дæр йæхи фæстагмæ дæрддзæф гауызыл æруагъта.

«Уым цæмæн? — фæрсын, — мæ уарзтæй кæд дæ риу цъæх арт ысуагъта»?

Уый мæм уайсадæгау хъуыста æмæ стæй, нымдгæнгæ, загъта:

 

«Судзын æфсæрмæй, дæ разы, ау, кæд ахæм хуыз æвдисын, —

Зæхх куыннæ скъуыйы мæ быны, ды куыннæ бафтыдтæ дисыл!

Фарн дæм бадзурæд: уæддæр мæ де ‘гъдау худинагæй хизы,

Табу — Стыр Хуыцауæн, уый мыл, нæй, нырма йæ къух нæ исы!»

 

Сыстад гауызæй, нымдгæнгæ, уазæг — тыхст æмæ къæмдзæстыг.

«Сусæг минæвар дæн, — дзуры, — рухс цы хур-чызг тауы бæстыл,

Уый мæ рарвыста, нæ бары ме ‘хсин тасуавæр тæрæзтыл.

Уæвгæ мæнæ дын йæ чиныг, — алцы радзурдзæн мæ бæсты».

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ

Мæн кæй уарзт судзы тыфылæй, чиныг уымæй æрвыст разынд.

«Домбай, ма фæцуд, — фыста мæм, — рисæн ма баком æртасын:

Æз дæу дæн, фæхæц дæхиуыл, сонтау не ‘мбæлы дзыназын.

Байхъус, алцы дын лыстæггай радзурдзæн Асмат — дæ разы.

 

Уарзт нæ фидауы кæуынæй, суртæ, уадзгуытæй цы ‘нхъæл дæ?

Равдис уый бæсты дæ хъару, балхæн уарзонæн йæ зæрдæ!

Хатает уыди нæ дæлбар, хъалон нал фидынц ныр уæртæ.

Уый, зæгъ-ма, мæ бон, куыд быхсæм, æви сызгæ сты нæ кæрдтæ?!

 

Ды цæмæй зоныс, кæй уарзын дæу æз сусæг-æргом рагæй!

Фæлæ райхалыны фадат уымæн никуы уыд æвзагæй.

Оххай, ибонты дæ фæсцуан кæрты нал федтон хæрзуагæй,

Лæппу, радзур-ма, цы бадæ, раст-ма тохвæдисмæ сагæй.

 

Раст, фæдзæхсын дын, дæ бæх та фесхой не ‘фсадæн сæ разæй,

Хатаеты бæстæм бабырс, басгуых, — балæгæрд æдасæй.

Худгæ уардийы къуыбырыл ма кал судзгæ цæссыг, ма сæй.

Тохы рухс уыдзæн дæ фæндаг хурау ме ‘нæкъæм æнгасæй!»

 

Дзуры, дзуры мын, Асмат дæр, — нал тад æфсæрмæй мæ разы.

Цыма ‘рвæрттывдæй мæ удæн фескъуыд йе ‘рхæндæг дзыназын,

Цинæй арвы милтыл зæрдæ, маргъау, асæрфта йæ базыр.

Рухс тын анхъæвзта мæ рустыл, хур та лал фæрдыджы схъазыд.

ТАРИЕЛЫ ФЫЦЦАГ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ

Дзуапп фыстон, фæлæ цæстытæ кодтой чиныджы тарытæ:

«Мæй, дæ сурæт мын хуры цур рухс парахатæй калыдæр;

Æз нæ радомин де ‘нæнгæс арвæй фидыцы стъалы дæр,

Уæд, цы ‘гъдауæй мæ бауырна: фыны нæ, фæлæ хъалы дæн?!»

 

«Айс æй ныр, — Асматæн загътон, — нæу æндæр мæ бон ныффыссын.

Радзур де ‘хсинæн, ыскаст, зæгъ, иугæр хур мæныл дæ хуызы,

Мæрдтæй раздæхтай мæ цæрдтæм, маст мæ нал дары йæ хызы, —

Уæд дæ бар куы у, кæд исты тохы ме ‘хсарæн æнтысы».

 

«Чызг ысфæнд кодта, — Асмат мын дзуры сусæгæй, хæларæй: —

Уе ‘гъдау ма ‘рхата æппындæр, мачи — хицауæй, цагъарæй,

Цу нæм уый тыххæй мæ номыл, мемæ тезгъойы ‘фсон барæй».

Афтæ бакæнын, дам, домы, ме ‘хсин номдзыд амирбарæй.

 

Худгæ рацæуын кæй рæзты хурты хурзæрин нæ уæнды,

Дары тарæнгæс кæй цуры бон алдзæн рухсы тæмæн тын,

Сæмбæлд уый зондджын уынаффæ, арвы ферттывдау, мæ зæрдыл,

Тынгдæр бахаудтæн йæ дзырдтæй уарзты судзаджы кæлæнты.

 

Æз зынаргъ дуртæй æрхастон дзаг зæрин тæбæгъ Асматæн,

Уый сæм, марадз зæгъ, æвналы, дзуры, цух, дам, сæ нæма дæн.

Систа къухдарæн фæстагмæ рогконд, иу драхмæ нымадæй.

Загъта: «Фаг мын у, хæсдзынæн уый зæрдылдарынæн кадæй».

 

Ацыд уазæг чызг, йæ рыстæй ризгæ банцадис мæ зæрдæ.

Ме ‘хсæв аивта, — ныххудти цины рухс боны цæхæртæй.

Фынгмæ баздæхтæн фæстæмæ ме ‘рдхорд, ме ‘нувыд хæлæрттæм,

Æмæ хъæлдзæгæй, рæдауæй бирæ байуæрстон лæвæрттæ.

ТАРИЕЛ ХАТАЕТМÆ ÆРВИТЫ ЧИНЫГ

Радтон минæвармæ чиныг, Хатаетмæ, зæгъын, уайгæ.

Чиныджы ныффыстон: «Инди никуы никæй кодтой сайгæ:

У Хуыцауы ‘мдых нæ паддзах — йе ‘муд, йе ‘нувыдыл тайгæ,

Фæлæ чи раста йæ ныхмæ, уый уыдзæн йæ гуырæй райгæ!

 

Не ‘муд, не ‘фсымæр æлдæрттæ, кæд нæ зилут ныл мæнгардæй,

Ацы бардзырд уæм куыд раттой, афтæ нæм фæзынут ардæм.

Мах куы ныццæуæм сымахмæ, — дзурын бахъæудзæни кардæй,

Æмæ тугкалæн уæззау хæст ниугæ бахиздзæн йæ бартæм».

 

Чиныг арвыстон, мæ удыл цин цыхцырджытæй ивылыд,

Галуанмæ цыдтæн æрвылбон, раддæн амонды тыфылы.

Уæд рæдау уыди мæ хъысмæт. Ныр хæтын цыма фыдфыны,

Лидзынц сырдтæ дæр мæ уындæй, маст мæ рох лæгæты ‘хсыны.

 

Раздæр хъæдмæ уыд мæ зæрдæ, стæй хæрзамонды хай бадæн

Æмæ ме ‘мгæрттимæ иумæ уыд цæлы фынгыл мæ бадæн.

Фæлæ уарзтæмхиц — æнæрхъæц, рæстæг нал æрвыстон адæн

Æмæ ме ‘намонд æлгъитгæ сагъæс райдыдтон хæрзцадæг.

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН СИДЫ ТАРИЕЛМÆ

Иу бон галуанæй нæхимæ фæсцæл бацыдтæн, куы ‘рбадин.

Чызджы мысыдтæн, йæ сурæт цæстыл, хурзæринау, уади.

Уыд мæ ныфсы хох йæ чиныг, уд æхсызгон цинæй ради.

Кæртгæс цагъармæ фæсидти, систой сусæг хъус-хъус уадид.

 

Йе ‘ххуырст, дам, фæзынд Асматæн. Зæгъын, ракæнут æй цырддæр.

«Сиды дæм дæ хур», — фыста мæм, зæрдæ фырцинæй фæкуыддæр,

Хур мыл ракасти, мæ уды тарæн нал аззад йæ цъыртт дæр.

Уайтагъд æххуырстимæ иумæ чызджы мæсыгмæ ныццыдтæн.

 

Кæрты ничи уыд ызмæлæг, зынд æдзæмæмырæй мæсыг.

Уалынмæ кæсын: Асмат мæм худгæ разтыргъæй фæлгæсы,

Дзуры: «Сластон дын дæ удæй мæнæ сагъæсы хъæстæ сындз,

Рацу уардийы къуыбырмæ, фен — æнхъæлмæ дæм куыд кæсы».

 

Чызг уæззау гауызыл хъавгæ иуварс ахæцыд, фæкастæн,

Лал, æргъæувæлыст тæрхæгмæ уайтагъд хингондау ныббастдæн:

Бадт ыл ме стъалы фæлурстын, рухсдзыд хурзæринау, растдæр,

Сау дыууæ стыр цады ме ‘рдæм каст æдзынæгæй, æмдзастæй.

 

Афтæ цавддурау лæууыдтæн, бадт æдзæмæмырæй зæд дæр.

Æмæ хиуонау, хæларау, каст мæ цæстытæм узæлгæ.

Басвдт йе ‘нувыд Асматмæ, дзурынц аивæй цыдæртæ,

Уый мын «ацу, дам», куы загъта, — суагъта пиллон арт мæ зæрдæ.

 

Уатæй рахызтæн, мæ фæдыл рацыдис Асмат нымдгæнгæ.

«Уастæн бастъæлай, — æлгъыстон, — амонд, федтай мæ дæ уæнгæл.

Уæдæ рухс цинæй мæ уды ног цæмæн кæныс фыдæнхъæл!»

Сагъæс зæрдæйыл æртыхсти — масты судзагæй ныддæнгæл.

 

Нал зынд дидинæгдон хъæлдзæг, хур æнкъард уыдис, æгъуызтын,

«Уæгъды ма мæт кæн, — Асмат мын дзуры, — хъуыддæггæ рæвдз ысты,

Бакæн зæрдæйы дуар цинæн, ауигъ къух дæ маст, дæ рыстыл:

Уый æфсæрмы кæны уæртæ, стæй æнæрцæф у, сæрыстыр».

 

Загътон: «Хорз, мæ хо, мæхи уал фидар дардзынæн дæ ныфсæй.

Ис, Хуыцауыстæн, дæ фæрцы ацы судзагæн ныххуыссæн.

Курын, тагъд-тагъд-иу мæм афысс; уый мын фаг уыдзæн æххуысæн.

Зонын, алцы мын æргомæй ничи дзурдзæни дæ хуызæн».

 

Бæхыл абадтæн, нæхимæ ‘рцыдтæн, сау цæссыг æзгъалын.

Уаты ‘рхуыссыдтæн, йæ бартæм хуыссæг, марадз зæгъ, æвналы!

Цæсгом — цъæх, цыма копрадз дон уади уадулты сырх лалыл,

Бон мæ нал хъуыди, — мæ удæн уыд æхцон, æвдадзау, талынг.

ХАТАЕТЫ ПАДДЗАХЫ НЫСТУАН ТАРИЕЛМÆ

Ме ‘рвыст тагъддзутæ ‘рхæццæ сты Хатает бæстæй уалынмæ.

Хатаеты дзуапп фехъусгæ айрох зæрдæйæ алы мæт:

«Ис нын фидæрттæ, рæвдз ыстæм мах нæ хъарутæ ‘взарынмæ.

Чи у Индийы стыр паддзах? — Махæн уахицау, уалымæн?!»

 

«Тариел, зæгъгæ, — æфхæрæн уыд йæ фыст Рамаз паддзахæн, —

Де ‘рвыст чиныджы фыст бардзырд басгуыхт худæджы хос махæн.

Ау, куыд мæм сидыс уæхимæ, дзырд куыд ысфæрæзтай ахæм?

Фод фæстаджы ‘рвыст дæ бардзырд, кæд нæ мæ кæныс хылкъахæн!»

 

Бардзырд раттон æмæ уайтагъд ме ‘фсад райдыдтой æмбырдтæ,

Арвы стъалытæй фылдæр мæм Инди рарвыста йæ фырттæй:

Къордтæй уадысты фæдисы хохаг къададæттæй цырддæр,

Æмæ, денджызау, фæйлыдтой хæхтæ, дардыл тыгъд быдыртæ.

 

Федтон ме ‘фсады, мæ зæрдæ барухс се ‘гъдауæй, сæ бардзæй:

Се ‘ппæт — разæнгард, цæхæрцæст æмæ тохмæ цæттæ — мардзæ!

Ифтонг, хотыхджын, хæрзвæлыст уартæй, фат-æрдынæй, арцæй.

Бæх тæлтæг, зæгъай, — цъæтæлвæст, цирхъ, хваразмаг ызгъæр — залдзæг.

 

Æз сырх-сау хъулон тырыса сдардтон паддзахы фæндонæй,

Бардзырд раттон æмæ ме ‘фсад размæ фенкъуыстысты бонæй.

Химид сусæгæй дзынæзтон, балц мын нал уыдис æнцонæй.

Хуры ‘нæфенгæ куыд цæуон, зæгъын, карз хæстмæ уæндонæй!

 

Цъусдуг бауадтæн нæхимæ, зæрдæ сусæг маст æвзоны,

Уайы хъарм цæссыг мæ рустыл, æмæ уд æнцой нæ зоны.

Дарын азымы хъысмæты æмæ хи сыгъдамонд хонын:

«Ау, цæмæн мæ хъуыдис уарди, кæд мæ бон нæ у йæ тонын?»

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЕМБÆЛД

Цагъар мæм æрхаста чиныг: «Чи уа?» — бафтыдта мæ дисыл.

Уый Асмат фыста, мæ сагъæс уайтагъд аскъуыдис æмбисыл;

Зæгыæ, хурзæрин дæм сиды, цин дын рухс амонд æлвисы,

Рацу тагъддæр æмæ сисай къух дæ сагъæсыл, дæ рисыл.

 

Фестад булæмæргъ мæ зæрдæ æмæ мин æвзагæй зарыд.

Бон æризæр и, фæраст дæн, хъавгæ, дидиндоны дуарыл.

Тыргъмæ бахызтæн, Асмат та кастис уым æнхъæлмæ тары.

Худгæ «Рацу, домбай, — дзуры, — мæй дын йе ‘рвон тынтæ хъары».

 

Райдзаст, фвдыцы хæдзармæ бахызтис Асмат мæ разæй,

Разынд мидæгæй цырен мæй æмæ рухсы уылæн разæй.

Бадт цъæх дариты фæлыстæй, цыма уалдзæг уыд æгасæй,

Хины диссаджы зæрдæскъæф — уæнгты ‘лвæст кондæй, æнгасæй.

 

Уатмæ бацыдтæн, мæ зæрдæ фестад тайгæ цырагъ уарзтæй.

Уый æмбисæхсæв мæ удыл ракаст ирд райсом цъæхдзастæй.

Исдуг рухс хуры мæ разы дардта йе ‘фсарм цыма бастæй,

Гъе стæй амонды хай бадæн æз йæ иу хъуызгæ фæкастæй.

 

Дзуры чызг, Асмат, зæгъ, дам, ын, амирбар чысыл куы ‘рбадид.

Уый мын гауызыл йæ разы авæрдта фæлмæн баз уадид.

Базыл арæхстгай æрбадтæн, зæрдæ рухс амондæй тади.

Диссаг, — цардæгасæй мысын: уд йæ ныхæстæм куыд ради!

 

Чызг мын загъта, зæгъгæ, зонын, ибон ме ‘мырыл фæхъыг дæ;

Хурæй, двдинау, фæцух дæ, ноджы бампылдаис тынгдæр,

Æмæ калдтаис дæ рустыл сау зæрдæхалæн цæссыгтæ,

Фæлæ ме ‘вæндæй дæ разы стыхстæн, æфсæрмæй нындзыг дæн.

 

Чызг нæлгоймаджы раз хъуамæ ма уа афтæ ‘ргом, — æмбарын,

Фæлæ мин хатты зындæр у риуы сусæг сагъæс дарын.

Размæ худгæ кодтон арæх, удыл сусæг цæссыг уарыд,

Уым дын ме ‘рвыст чызг дзырдтаид, — æз цы дудгæ фыд æвзарын.

 

Мах цы бамбæрстам кæрæдзи, уымæй сау ингæны дуармæ,

Зон, мæ зæрдæйæн йæ рохтæ раттон барвæндонæй д’ арммæ.

Дæу цы бон фæсайон, — зæхх мæ айсæд уыцы бон йæ тармæ,

Фараст ирд арвæн фæцух уон æз сæ рухс æмæ сæ хъармæй!

 

Хатаетмæ бабырс, кардæй сау фыдгулы риумæ баххæсс,

Раттæд дын Хуыцау уæлахиз, бафид де ‘фсæддон уæззау хæс!

Фæлæ де ‘рцыдмæ куыд быхсон æз, куыд уромон мæ сагъæс?!

Уадз-ма де ‘рдаг зæрдæ мемæ, уый хыгъд ме ‘рхæндæг уд ахæсс!»

 

Чызгæн загътон, зæгъын, «Радтай ды мæнæн цæрæнбон иугæр,

Фестад заргæ уадындз зæрдæ, никуы нал кæндзæни ниугæ.

Ныр мæ цæстыты хæсдзынæн æз дæ хурвæлгонц æрттивгæ.

Тохы не ‘рлæудзæн мæ ныхмæ Хатаеты ‘фсæдтæй иу дæр.

 

Ды цы сныв кодтай мæ удæн, уый бæрц амонд æм æрхауа, —

У зæххон лæгæн йæ царды уый æгæр ыстыр, æвгъауаг.

Æз дæу уарздзынæн, мæ уарзтæй рæстæг бирæ дæр куы хъауа,

Судздзæн, цалынмæ мæ зæрдæ дæлкъæй, сыджыты бын бауа».

 

Дины уаз чиныг дын райстам, ард куы бахæриккам карзæй;

Уыцы хурты хур фæрæвдз и, сомы ракодта мæ разæй:

«Æз мæ зæрдæйæн куы зæгъон искуы ‘ндæр искæмæй: «уарз æй»,

Фон Хуыцауы ‘лгъыст, мæ цинтæ уайтагъд акæлæнт мæ фарсæй!»

 

Цъусдуг абадыстæм, кодтам адджын уарзоны ныхæстæ,

Иумæ бахордтам дыргътæ дæр, фæлæ ‘рхæндæг уысм æрхæстæг

Æмæ сыстадтæн цæуынмæ æз æнкъард æмæ фæлмдзæстæй,

Зæрдæ сыгъд йæ уарзтæй, артау, æмæ зылд мæ сæрыл бæстæ.

 

О, куыд зын мын уыд фæхицæн уыцы рухсалдзæн зынг хурæй!

Гадтæн аивæй йæ цинæй, къах мæ нал хаста йæ цурæй.

Цыма ‘рвон тыгъдады стъалы худт мæ удимæ мызулæй.

Диссаг, — йе сæфт ын уромын, у бæлвырд мæ зæрдæ дурæй!

ТАРИЕЛЫ БАБЫРСТ ХАТАЕТМÆ ÆМÆ СТЫР ТОХ

Бæхыл абадтæн сæумæйæ, «уасгæ сыкъатæй!» — фæсвдтæн.

Фенкъуыст ме ‘фсады цъæх денджыз, — цыма уадтымыгъы ‘хсидтæй.

Кæс, домбайæн, зæгъын, тугæй кæд нæ бафидой йæ фиддæн!

Тагъдæн уадыстæм тæссæртты, дæттыл чи ма фарста хидтæ?!

 

Инди баззадис фæстейæ æмæ рыджы змур æврагъæй

Рахызт минæвар мæ размæ номдзыд хан — Рамаз-паддзахæй.

Уый мын фидиуæн æхсызгон къулсæрæй куы зæгъид ахæм:

«Уæууа, ‘ргæвддзысты уæ сæгътæ ныр нæ бирæгъты дæр махæн!»

 

Йемæ ‘рбахаста мæ номыл хуын йæ паддзахæй æгъуыстаг.

Дзуры: «Хатыр, дам, нын бакæн, кæд дæ бардзырдмæ нæ хъуыстам,

Мах дæ карз фыдæхæй бахиз, арвæй минæвар æрвыстау,

Кард нæм ма райс æмæ мæнæ, айс — цы нæ фыстам, цы фыстам.

 

Сайдтам, — зонæм æй нæхæдæг, ныр нæ фæсмон у нæ лæгъстæ:

Зæдтæй курæгау дæ курæм, ма ‘ркæ де ‘фсады нæ бæстæм,

Æмæ де ‘нæбон цагъартæй ма ‘рдом тугхъалон фыдхæстæн,

Рацу де ‘мсæртимæ, мах дын фидар раттынмæ цæттæ стæм».

 

Æз мæ визиртæм фæсидтæн, хъуыддаг райдыдтам æвзарын.

Загътой: «Бахатыр кæн, диссаг нæу фæрæдийын дæ кары,

Зонæм не знаджы, — йæ сау марг, калмау, арф æмбæхст фæдары;

Уым дыл ма разила сайдæй, Инди ма бахауа сары!

 

Ацу, иу чысыл къорд акæн демæ де ‘хсарджын хæстонтæй, —

Де ‘фсад де ‘ввæхсты куыд цæуой, — уа сæм басидæн æнцонтæй.

Ард-иу бахæрын кæ знагагн, сайынмæ куы хъава зондæй,

Уæд фæсид æмæ нæ разæй, кæс, куыд фæлвдзæг уа сонтæй».

 

Райстон визирты уынаффæ, загътон минæварæн, — разы;

Фæлæ уайгæ, зæгъын, тагъддæр æмæ бабуц кæн Рамазы.

Царды ма баив мæлæтæй, хох дæр не ‘рлæудзæн нæ разы.

Мах чысыл къордæй фæцæуæм; ам мæ бирæ ‘фсæдты уадзын.

 

Æмæ ‘ртæ сæдæ хæстоны мемæ ме ‘фсады хуыздæртæй

Цырд фæцагайдтой сæ бæхтæ, калынц цæфхæдтæ цæхæртæ,

Дæрддзæф ме ‘ннæ ‘фсад дæр уайынц, дарын се ‘ххуысыл мæ зæрдæ.

Ис сæм бардзырд æмæ — исты? — уæд æлвæст ысты сæ кæрдтæ.

 

Уайæм быдыры ‘ртæ боны, хан мын ног хуынтæ рарвыста:

Алы хорз дарæс, — чи зæгъдзæн: хъалон ацы лæг нал фыста!

Дзуры минæвар, йе сныхас у зæлдаг таджы балвыстау:

«Хан дæм тынг бæллы, уæвгæ, дам, бирæ ницы ‘гъдау равдыстам,

 

Фæлæ рахæссы дæ размæ алы лал фæрдыг, цыкура,

Тагъд дыл фембæлдзæн, дæ фенд ын у мæйдары фæстæ хурау».

Загътон: «Рацæуæд, уыдзынæн разы, — хатыр мæ куы кура

Æмæ стæй, зæгъын, кæрæдзи уарзæм фыд æмæ хъæбулау».

 

Ног цæуæм. Нæ фæллад иу ран уадзæм тар хъæды дæлбазыр,

Ханы минæвæртты къорд та уайтагъд табугæнгæ ‘рбазынд.

Уый хуындзау куы сты, сæ фæдыл, кæс, æдсаргъ æфсургътæ ласынц,

Дзурынц: «Де ‘рцыдмæ бæлгæйæ дардæй хицæуттæ дзыназынц.

 

Хан дæр рацæуы дæ размæ, кадæй къæлæтджынæй сыстад.

Райсом фембæлдзыстут, махæн разæй рарвыста йæ ныстуан».

Ханы минæвæрттæн нæууыл цатыр айтыгыон æгъуыстаг,

Æмæ уазджытæн сæ хуыссæн уыд зæдбадæны фæлыстау.

 

Лæг цы хорз ракæна царды, уый тъымы-тъыма нæ сæфы:

Иу мын минæвæрттæй загъта ханы сау фыдвæнд йæ цæфыл.

Уый мæм аивæй æрбацыд уыцы саудалынг æхсæвы,

Дзуры: «Хæс мыл и сымахæй, ахсæв уымæн дæн æнæ фын.

 

Æз дæ хорз фыдæй рæвдыд дæн, æз — дæ фыды къухæй хъомыл.

Ам фыдвæнд æрцыд мæ хъустыл æмæ басастон мæ сомы;

Нæу мæ цæстыты бон, феной: сау калм уардийы куыд тоны,

Фæлæ хъус, мæ хур, æпггæт дæр æз бæлвырд-бæрæгæй зонын;

 

Зонын, гадзрахатæй, сайдæй хан ысфæнд кодта дæ марын;

Иу ран йе ‘фсадæй дæ разы уый сæдæ мин лæджы дары,

Бадынц иннæ ран æртывæр; хъахъхъæ, къæппæджы дæ ‘ппары,

Фердæх, цалынмæ дæ сæрыл туг цыхцырджытæй нæ уары.

 

Хан дæ ‘лхæндзæни йæ хуынтæй, калмау, бамбæхсдзæн йæ хъæстæ;

Арт сæ фæдисы нысан у, мигътыл аныдзæвди фæздæг, —

Се ‘фсад д’ алыварс æртыхсдзæн, хъæр, ызмæлд ысуыдзæн бæстæ;

Иу лæг мин лæджимæ тохы, цæй, цы рамбулдзæн йæ хæстæй!»

 

«Бузныг, — загътон ын, — мæ фыдæн у йæ фæткыл хæст йæ фæдон;

Хорз дын бафиддзынæн хорзæй, кæд сæрæгас уон, æвыд уон.

Ацу де ‘мбæлттæм фæстæмæ, мацы ма фæхатой уыдон.

Дæу куы ферох кæнон искуы, — фон æлгъыст æмæ дывыдон».

 

Хъуыддаг не схъæр кодтон, арф æй дардтон зæрдæйы æмбæхстæй,

Царды ‘рцæуинаг æрцæудзæн, ис æппæтæн дæр йæ рæстæг.

Фæлæ ме ‘фсадмæ фæдисы уадид арвыстон фæдзæхстæй:

«Хæхтæ, быдыртыл æмгуырæй тагъддæр ратындзут мæ фæстæ».

 

Бон куы ‘рбалæууыди, — худгæ загътон минæвæрттæн барæй:

Ханæн радзурут: «Фæрæвдз кæ, тагъддæр фембæлæм хæларæй».

Ног фæцыдыстæм æмбисбон мах æдас æмæ сæрхъалæй, —

У хъысмæты бар лæджы цард, нæй нын бамбæхсæн адзалæй.

 

Рындзæй ахъахъхъæдтон, иу ран, — сау рыг атагъайы сыстад;

Загътон: рацæуы мæ ныхмæ уыцы хинæйдзаг, æлгъыстаг.

Рацу, ра, мæнгард, дæ риуыл бавзар ме ‘хсаргард — цыргъыссад!

Дзурын ме ‘мхæстонтæн: «Бахъуыд, ныр домбайы ‘хсар — æгъуыстаг!

 

Мæнæ тохы бон ныккодта, — хан ныл рацыди мæнгардæй.

Гъæтт, æфсымæртæ, фыдгул уæ макæй ма фенæд уæнгмардæй.

Чи уа паддзæхтæн сæрнывонд, уый дзæнæт æлхæны цардæй.

Кард ызнагмарæн у, цомут, науæд чи цы хъавы кардæй?!

 

Раттон тохвæдисы бардзырд æмæ ме ‘фсæддонты бардзæй

Уайтагъд акодта йæ уæлæ алчи згъæр цæнгдыстæ, заддзæг.

Бæхмæ февзыстон: «Мæ фæдыл!» — уадау фенкъуыстыстæм, мардзæ!

Æмæ, цин дын фенон, хорз сæм хъавæм карды комæй, арцæй!

 

Мах хæстифтонгæй куы суыдта, уæд фыдгул фæтыхст, фæсæццæ:

Уайтагъд хид-калгæ мæ размæ ханы минæвар ысхæццæ.

Дзуры: «Бадзырды ныхасы уый бæлвырд цыдæр ысхæццæ,

Æви ‘лвæвст кардæн кæд искуы хъæды фесæфтат йæ кæрддзæм?!»

 

«Ацу радзур, — зæгъын, — ханæн: мах дæ нал хъæуы быддауын,

Ныр дæ хин фæбадт дæ. хъуыры, зонын, сайдтай мæ, фыдгауыр!

Фæлæ рацæут, нæ тыхтæ тохы бавзарæм æгъдауыл,

У мæ фæринчы болат ком сарат, — нал æй хъæуы дауын».

 

Бацыд минæвар Рамазмæ, здæхгæ нал ракодта. Уадид

Арт ныггуыпп ласта, йæ фæздæг зилгæ сау мигътыл ысуади;

Мæнæ фенкъуысти, лæсæнау, — ханæн хъæды ‘мбæхст цы ‘фсад и,

Фæлæ, Стыр Хуыцау, дæ фæрцы а лæппу сæрæгас зади.

 

Танхъа згъæр хызимæ ‘ркодтон, арц бæрзонд мæ сæрмæ систон,

Туг хæстмонц пиллон ысуагъта, кардæн балхъывтон йæ фистон.

Дардыл ранхъæвз-банхъæвз систа мах къорд, раст цыма у ‘взист дон.

Мах — æртах, нæ фыдгул — денджыз, нæй мæ тас уæддæр — ныцъцъист уон.

 

Се ‘хсæн февзæрдтæн, «æрра у», — загътой джихтæгæнгæ, тарстæй.

Æз сæ сæйраг къордмæ ноджы фесхуыстон мæ саулох раздæр.

Арц фæцарæзтон, æрфæлдæхт лæг æд бæх, фæсастис арц дæр,

Кард фæрцъортт ластон, ныммæлæн ма уа йе скæнæгæн, уастæн!

 

Раст ма цъиусуры фæзындæй афтæ схъомпал вæййынц зымтæ;

Иуы иннæуыл ныххуырсын, мæрдтæй амайын къуылдымтæ.

Барæг асхъиуы мæ цæфæй, цъилау нал лæууы йæ зылдæй.

Раззаг дыууæ къорды ‘фсæдтыл ныр дзыназдзысты сæ сылтæ,

 

Фæлæ ‘ртыгуыр ысты мæнæ, цъахтау, м’ алыварс фыдгултæ,

Дасын, нал мæ ис уромæг, туг фæйнæрдыгæй ыскултæ.

Кардæй — цъыкк æмæ сæ ‘рфадын, сæргътыл аззайынц зæбултæй,

Иу сæ нал лæууы мæ ныхмæ, фесты додойаг сæ удтæ.

 

Ноджы хъахъхъæнджытæн райхъуыст рагъæй се ‘рдиаг, сæ хъæртæ:

«Арв ныл рахæтыди, — лидзгæ, тагъддæр бафснайут уæ сæртæ,

Зилгæ рацæуы нæ ныхмæ сау рыг, сау лæсæнау, уæртæ.

Уый бæрц хотыхджын æфсæдтæн мах сæ уындæй дæр — тæсмæрдтæ!»

 

Ме ‘фсад ракодтой æхсæвдзу, зæхх сæ къæхты бын ызмæлы,

Ме ‘фсад нæ, фæлæ, цæвиттон, дуне рацыдис ыстæры, —

Байдзаг, атагъа сын не сфаг, се ‘рдæг хохфæхстыл æфсæры,

Уасынц уадындзтæ фæдисæй, хъуысы гуымсæгтæн сæ нæрын.

 

Уый нæ фыдгултæ куыд федтой, афтæ схъомпал ысты, цъахтау,

Лвдзынц тугамæхст быдыры, сурæм сæ фæстейæ мах та.

Ханы йе ‘фсургъæй æристон, басаст, йе схъæл сæр æруагъта.

Йе ‘фсад баисты нæ уацар, саст фыдызнæгты нæ цагътам.

 

Сурæг лидзæгыл фæхæст и, ‘взидæг хъавæгмæ фæраздæр,

Калдтой ханы ‘фсад сæ гæрзтæ, бафтыд се ‘дыхыл сæ тас дæр.

Истой ме ‘хсæвдзу хæстонтæ знагæй се ‘гъуыссæджы маст дæр.

Æмæ хурныгуылды уæлдæф байдзаг тарст лæгты цъæхахстæй.

 

Тох кæм ахæццæ кæронмæ, уым ысфæнд кодтам улæфын.

Карды фындз æруад мæ цонгыл, фæлæ не стыхстæн мæ цæфыл.

Ме ‘фсад м’ алфамблай — тыгуыртæ, дымгæ цины хъæртæ скъæфы,

Райынц, дис кæнынц мæ тохыл, ме ‘нгасæй сæ фæллад сæфы.

 

Кад мын ахæм уыд, — ысхуыдтой мæн ысгуыхт лæгтæн сæ хуыздæр.

Чи куыд барджынæй мын кодтой ме ‘фсад пъатæ ‘мæ хъæбыстæ.

Ме ‘мсæр хистæртæн мæ цинæй калд сæ цæстысыг, зæххыстæн.

Диссаг, басастай, дам, ханы уыцы иу домбай рæхуыстæй.

 

Загътон ме ‘фсæддонтæн, — ацыт, рассивут сæ мулк фыдгултæн.

Уыдон се ‘мыдзагæй хастой бæхтыл хордзентæ, дзæкъултæ.

Тох мæ нал бахъуыди дарддæр, тугæй нал ыскодтон’култæ.

Раттой алцы дæр ызнæгтæ, фæсвæд нал бамбæхстой мур дæр.

 

Дзурын хинæйдзаг Рамазмæ: «Ды къæппæг æвæрдтай махæн,

Ныр дæхæдæг дæ йæ мидæг, фæлæ де ‘нæууæнк уд балхæн:

Байтындз фидæртты дыуæрттæ, табу кæн нæ хорз паддзахæн,

Науæд ма рахъаст кæн, — сомбон дæу куы бакæнон хæдзархæлд».

 

Хан сæргуыбырæй: — «Мæ хъысмæт абадт де ‘хсаргарды комыл, —

Цæй, цы бон мæ ис, æрмæст дæ иу лæг ме ‘муæздæттæй домын.

Уымæн арвитон ныртæккæ бардзырд фидаргæсты номыл.

Æмæ ‘ппæт уыдзæн дæ къухы, — ард хæрын, кæнын дын сомы!»

 

Ханы ‘взæрст лæгймæ иумæ иу къорд арвыстон æфсæдтæ

Æмæ фидаргæсты ‘ркодтой Хатает-бæсты кæрæттæй. —

Раттой фидæрттæ, мæнæй-ма, цæф нæ фесты, цы, — сæрсæттæн!

Семæ цас хæзнатæ ‘рхастой, — нæй сын бахынцæн æнцæнттæй.

 

Гъе, ‘рмæст уый фæстæ бацыдтæн Хатает бæстæм барджынæй,

Ныр сæ хæзнатæ равдыстой, ма ‘гъгъæл — мисхал дæр хъаджджынæй!

«Аргъуц ма кæнут, ма тыхсут», — загътон адæмæн адджынæй, —

Хурæй судзынæй ма тæрсут, — рухс уыл таудзæни кадджынæй».

 

Систон хæзнатæ нымайын, алцы бабæстон, æрцæттæ.

Уыд зынаргъ дурæй мæ разы бур, сæнтсырх æмæ цъæх цæттæ.

Се ‘хсæн разындис æнахуыр къаба, диссаджы сæрбæтгæн.

«Бафсæд адонмæ кæсынæй, — загътон хинымæры, — дæттæй!»

 

Ау, цы сæ сфæлдыста? — Дисæй кодта сæры зонд дзæгъæлтæ; —

Нæй, нæ бафтыдысты къухы уыцы сусæджы дæгъæлтæ.

Се ‘ндыгъд, хауæнгом цæгбыдæн нæй хуымæтæджы зæгъæн дæр,

Раст, æндонæхсыстау, фвдар, калдтой мидрухсæй цæхæртæ.

 

Уыдон хицæнæй мæ хурæн æз куы бафснаин лæварæн,

Гъе стæй хæзнайы хуыздæртæ дарддæр паддзахæн æвзарæм.

Æмæ мин теуайы уаргъы уымæн рарвыстон хæларæй,

Ноджы ‘хсызгон цин — Рамазы, зæгъын, басастон æхсарæй.

ТАРИЕЛ ЧИНЫГ РАРВЫСТА ИНДИЙЫ ПАДДЗАХМÆ ÆМÆ УÆЛАХИЗÆЙ ÆРЫЗДÆХТ

Чиныг афыстон: «Хорз паддзах, амонд бахудтис Индимæ!

Хан фыдвæнд кодта, гъе, фæлæ басаст йе ‘наккаг хинтимæ.

Бахъуыд тохы сæр, афонмæ уымæн не ‘рвыстон фидиуæн.

Ныр мæ уацар у хан æмæ здæхын мулкимæ, цинтимæ.

 

Фæтк æрæвæрдтон йæ зæххыл æз нæ бæрзæйсаст ызнагæн.

Мемæ.рассывтон æнæвгъау Хатает-бæсты хæзнатæ;

Уæвгæ, теуатæ мын не сфаг æмæ баивтыгътон галтæ.

Кад, нымдгæнгæ мæ фæндараст кодтой къулбæрзæйæ хъалтæ.

 

Хин Рамаз-ханы фæкæнын ахстæй Индимæ мæ разæй».

Парсадан мæ размæ рацыд, æмæ цины уылæн разæй.

Мæн куыд барæвдыдта паддзах — нæй йын радзурæн ныхасæй!

Ног мын бабаста мæ цæф цонг, хорз у, — ‘рцыдтæ, да,м, æгасæй!

 

Фæзы цатыртæ дарибыд дардыл айтыгъта парахат,

Фынг æрæвæрдтой сæ быны, — мæнæ зæдбадæн, паддзахуат.

Бадæм бонизæрмæ фынгыл, цин, фæллад зæрдæйы сахад!

Паддзах афтæ мæн рæвдыдта, байрох карз тохты зын сахат.

 

Бадт нын бацайдагъ и бонмæ, хъæлдзæг арвыстам нæ рæстæг,

Æмæ бонцъæхтыл æруагътам уæд нæ цатырты пæлæзтæ.

Парсаданы бардзырд айхъуыст: «Æфсад рацæуæнт æдгæрзтæ,

Æмæ уацайрæгты ‘ркæнут, ханы равдисут мæ цæстæн!»

 

Уайтагъд хицауы фæндонæй ахстæй ракодтон Рамазы,

Уый йæм худгæбылæй ракаст, цыма саби уыд æназым.

Ханæн йе ‘лгъаг ми ныббарстон, рухс мæ цæсгомыл дæр хъазыд,

Нæй хъайтары ‘гъдауы — дара саст, æфхæрд фыдгулы тасы.

 

Хатает-бæсты паддзахы исдуг хорз уазæджы ‘гъдауыл

Парсадан хынцы хæларæй, худгæ-хъазгæ йæ рæвдауы.

Басидт уый фæстæ мæнмæ дæр, цин йæ ныхæстыл фидауы:

«Зæгъ, хатыр кæныс Рамазæн, æви не ‘мбæлы фидауын?»

 

Загътон, цæй, зæгъын, Хуыцау дæр хатт таригъæдджынæн бары, —

Уыйау бахатыр кæн ханæн, кæд йæ фыдракæнд æмбары.

Парсадан Рамазæн: — «Табу, махмæ де ‘нкъард уавæр хъары,

Фæлæ ма сфæнд кæн нæ ныхмæ дарддæр фаты фындз ныддарын».

 

Мах дæс мин драхмæйы ‘рдомдтам, хардз — хæстон фиддæн Рамазæй,

Мин зæлдаг тыны даритæ, бирæ — ‘взаргæдæр атласæй.

Гъе стæй уацайрæгты, раздæр маст цы бавзæрстой фыдтасæй,

Уый хыгъд барæвдыдта паддзах дарæсæй, адджын ныхасæй,

 

Хан ныллæг йæ сæрæй кувгæ бузныг загъта Парсаданæн:

«Раст мæ бафхæрдта мæ Хуыцау, — нæй мæнгард мийæн ныббарæн,

Искуы исты ма, уæд-иу мæ де ‘ххуырст удмартæ ныммарæнт!»

Араст, йе ‘муацайраг адæм йемæ ацыдысты ханæн.

 

Райсом раджы мæм нæ паддзах лæг æрбарвыста: «Фæллад дæ,

Фæлæ ‘ртæ мæйы, дæ фæстæ, цуаны иу бон дæр нæ хаттæн,

Хъæды уæхстыл фых сырдвыдæн цыма ферох кодтон й’ ад дæр;

Рацу, цуан кæныны цинæн ног нæ уд, нæ зæрдæ раттæм».

 

Уайтагъд бацыдтæн, лæууыди галуан цуан кæныны къахыл:

Кæрты — дунейы гепардтæ æмæ уарицъиутæ — ‘рмахуыр.

Райгæ фембæлдтæн гæрзифтонг, циндзаст хурæнгæс паддзахыл,

Адæм — хъалзæрдæ нæ уындæй, — цæст куы ‘рывæриккой махыл!

 

Къухæй ацамыдта ме ‘рдæм паддзах аивæй йæ къайæн:

«Кæс, куыд ысрæсугъддæр ноджы фæсхæст, — у, цыма, дзæнхъайæ!

Зæрдæ не ‘фсæды йæ уындæй, худгæ рухс хурау дзы райæм;

Ис мæ зæрдæйы, ‘хсин, иу фæнд, цæй, зæгъдзынæн дын уæд та йæ.

 

Дæу нæма фарстон, æрмæст æй сусæгæй мæ риуы дарын:

Хъуамæ спаддзах кæнæм, зон æй, мах нæ хурæнгæс бындары,

Уæдæ талм бæлас — дзæнæттаг конд цæмæн ма нын уа ‘ндары.

Ардæм ракæн æй, — уыной нын ам нæ рухс сæнтты сæудары»…

 

Фæзты, рагърындзтыл зылдыстæм, саг, сæгуыт, сычъитæ цагътам;

Сырд нæ егартæн кæм ирвæзт, гъе, нæ уарицъиутæн маргъ та!

Фæлæ уалынмæ нæ паддзах «ныр цæуын афон у», — загъта

Æмæ пуртийæ нæ хъазт дæр фæзы йе ‘мбисыл ныууагътам.

 

Сахар фенынмæ мæ размæ цырд кæртгай, сыхгай æрæмбырд.

Бадт мæ хæстдзагъд уæнгтыл аив къаба — счъилдысджын, алдымбыд,

Цыма ‘ртæхдзастæй гæзæмæ уарди афæлурс, æрæмпылд.

Диссаг! Кодтой мыл æрратæ, нæй, дам, йе ‘мвидыц сæрæнгуырд.

 

Хатает-бæстаг сæрбæттæн калдта ‘рттывтытæ мæ сæрыл

Æмæ цæсты тигътæ истон саргъыл дариты сæр-сæры.

Мæнæ ‘рхæццæ стæм, фæхизын райгæ галуаны къæсæрыл,

Фæлæ хурдзæсгомы фендæй арв мæ зæрдæйы ныннæрыд.

 

Уыд зæрингъуыз дарæс чызгыл æмæ й’ алфæмблай тыгуырæй

Йе ‘ххуырст буц чызджыты къорд дæр зывд, сырх дидинтау, дзыгуырæй.

Се ‘хсæн зæды бæрæг дардта йе ‘рвон бахудтæй, йæ гуырæй;

Зынд цырен фæрдгуыты рухс хал уарди пух былты зыхъхъырæй.

 

Бастæй ме ‘фцæгмæ мæ риуыл уыд мæнæн мæ цæф цонг ауыгъд.

Æхсин сыетади, мæ размæ рацыд кадыл æмæ ‘гъдауыл,

Пъатæ мын кæны, тыхсы мыл, раст хъæбулау мæ рæвдауы.

Дзуры: «Не знаг ныр нæ ныхмæ кард кæд нал бауæндид дауын».

 

Уым мæ ‘рбадын кодтой семæ, уый æхцон кæм нæу мæнæн та!

Чызг — мæ бакомкоммæ, хурау, калы рухс цырен æнæнтау,

Бады ‘фсæрмгъуызæй, æмырæй: у йæ хъуызгæ каст кæлæнтау,

Æмæ уыд мæ удæн чызгæй цæст фæивгъуыйын мæлæтау.

 

Фынг æрæвæрдта нæ паддзах ахæм фенддаджы бæркадджын,

Æмæ, ‘вæццæгæн, нæ уыдис маргъы ‘хсырæй дæр ма хъаджджын;

Лал, налхъуыт-налмас сæнгæрзтæ, алцы — йе ‘гъдауыл, йæ гаччы,

«Макæй ма фенон æрвонгæй», — хицау бафæдзæхста — радджын.

 

Æз уым удæнцойæ, ‘хцонæй хъæлдзæг арвыстон мæ рæстæг;

Нал сыгъд чызджы цур мæ зæрдæ, арвыл нал æмбæлд йæ фæздæг;

Зæрдæ, сонт зæрдæ къæмдзæстыг кодта адæмæй æрмæстдæр.

Нæй хуыздæр амонд — куы уына лæг йæ уарзоны йæ цæстæй!

 

Зарæг фескъуыдис æмбойны, уый, цытджын Парсадан дзуры:

«Тариел, мæ бон, дæ цинæй райæм абон мах дæ цуры.

Уый, ды басгуыхтæ, ды ‘ркодтай ахстæй Индийы фыдгулы;

Цыма рауагътай æхсарæй махæн мигъты малæй хуры!

 

Ам дæ сфæлындзын æмбæлы, не ‘гъдау афтæ домы, н’ ахуыр,

Фæлæ диссаг у дæ фæлыст æмæ нал фæнд кæнæм мах уый.

Айс сæдæ хæзнайы, дарæс, хорз, дæхи фæндиаг бахуый.

Ма кæн, ма, мæ хур, къæмдзæстыг, айс зæрдæхæларæй а хуын»..

 

Æмæ хæзнатæн мæ къухы уым сæ дæгъæлтæ ныссагътой;

Æз ныллæг мæ сæрæй кувгæ «ут мын ис-бæркадджын» — загътон.

Худгæ хуртæ мын сæ пъатæй цин мæ зæрдæмæ ныттагътой.

Уæрстой æфсадæн сæ исбон, цух сæ никæйы ныууагътой.

 

Паддзах ног æрбадти, зарæг айхъуыст, арауы та бæстæ,

Чангн, барбитийæн ногæй ризынц се ‘рдхæрæн хъæлæстæ.

Бон куы ‘ризæрис, уæд æхсин сыстад, ацыдис йæ фæстæ,

Мах фынафонтæм уæддæр ма ‘рвыстам минасы нæ рæстæг,

 

Дарддæр нозткæнын фæзын ис æмæ сыстадыстæм фынгæй,

Æмæ баздæхтæн нæхимæ. Уаты зæрдæ срыст, ысуынгæг, —

Масты уацары уырыдис уарзты судзаджы сырх зынгæй,

Чызджы мысгæйæ мæ буар кодта ‘хцон дыз-дыз æмдынгæй.

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ

Уатмæ ‘рбацыд æмæ дзуры ме ‘ххуырст раст хабар, — нæ сайы.

«Иу чызг хызы бын йæ рæстæг тыргъы де ‘нхъæлцау нымайы».

«Уый у!» — фестадтæн, йæ размæ чызгæн удаистæй уайын;

Уайтагъд базыдтон Асматы æмæ сусæг цинæй райын.

 

Дæн мæрдтыл æфтыд кæй уарзтæй, зонын, уый мæм æй æрвиты

Æмæ уыцы сонтæй чызгæн пъайæ йе.’хцон лæггад фидын.

Йемæ тæрхæгыл æрбадтæн, зæрдæ ‘нхъæлцауæй æхсиды;

«Цæй-ма, дзур, — зæгъын, — куыд цæры тасгæ-уасгæ талм гуырвидыц?

 

Иу мын уый хабæрттæ ракæн, æмæ ‘ндæр хорзмæ нæ бæллын».

Загъта: «Зонын æй, æппæт мыл ам æргом дзурын æмбæлы,

Фæлæ знон дзæбæх кæрæдзи федтат иумæ бадгæ цæлы,

Айс-ма, мæнæ дын йæ чиныг, уым æппæт фыст у, — æнхъæлын»

 

Рухс, алдзæн тынтæ кæй сурæт тауы, уый чиныгмæ ‘ркастæн;

Чызг фыста: «Мæ дуне, ‘рттывтай ирд, цырен фæрдыгау, растдæр

Æмæ цæсты тигътæ истай тохдзагъд де ‘фсургъыл дæ хъазтæй.

Нæ, мæ уадултыл нæ фæцыд уæгъды хъарм цæссыг дæ уарзтæй.

 

Ме ‘взаг н’ арæхсы — дæ фвдыц, де ‘гъдау равдисын бæрц дзырдтæй.

Цард мын н’ ад кæндзæн æнæ дæу, афтæ зæрдæмæ фæцыдтæ.

Домбай, уардидон-цæссыджы — хур — дæуыл мастæй мæцыдтæн;

Æз æрмæст дæу дæн, дæуыстæн, ды мæ ныфс, мæ ном, мæ цыт дæ!

 

«Зонын, артуадзгæ дæ рустыл уагътой цæссыгтæ сæ фæдтæ,

Ныр дæ зæрдæйы æгъгъæд садз масты маргæйдзаг цыргъ фæттæ.

Адæм дис кæнынц нæ уындыл: «Чи рæсугъддæр сæ у, дæттæй?»

Де ‘рдаг, рухс уарзты нысанæн ратт мын д’ абоны сæрбæттæн.

 

Ратт мын д’ абоны сæрбæттæн, хорз дзы сфидауа мæ сæр дæр.

Уый дæ уарзоныл куы фенай, — тынгдæр райдзæни дæ зæрдæ.

Айс мæ цонгдарæн йæ бæсты — уа фвдыцджындæр, æвзæрдæр!

Раив де ‘гъуыссæг фыдæхсæв цины ‘хсæвтæ ‘мæ изæртæй!»

ТАРИЕЛ ФÆКУЫДТА ÆМÆ БАУАДЗЫГ

Тариел, мæгуыр, цæф сырдау, уыцы иу богъ-богъ нылласта:

«Уый мын цинæн æмæ мастæн ме сæфт хуры хай ныббаста!»

Æмæ ризгæ былтæм лæппу чызджы цонгдарæн ысхаста,

Æмæ ‘рхауд æмырæй зæххыл, раст болат фæринчы састау.

 

Афтæ уæлтæрхæг æдзæмæй мард æнæзмæлгæ фæхуыссы.

Риу тымбыл къухæй кæм хоста, уым йæ цъæх-хъулон нæ сысы.

Фемæхст тугдзæссыг Асматæй, уымæн хъарæгæй цы ‘нтысы:

Дон ыл калы, фæлæ ‘рмæстдæр зæххæй доны цъыкк-цъыкк хъуысы.

 

Автандилы зæрдæ суынгæг: саггуырд бабын ис йæ разы.

Халы дур къæртгай Асматы судзгæ додойы дзыназын.

Лæппу ‘рчъицыдта фæстагмæ, рустыл царды рухс ысхъазыд.

Дзуры: «Н’ амардтæн? Хъысмæт мын уый мæ туг æхсныфæй нуазы!»

 

Рабадт, диссаг уыд, йæ уæнгты баззад сыстынæн цы мадзал!

Бурбын афæлдæхти уарди, цæсгом адардта мыдадзау.

Бандзыг; афтæ у, — мæрдон хъыг удмæ масты марг куы тадза.

Цардмæ раздæхтис, уæвгæ та уыд йæ уд, йæ дзæцц фыдадзал.

 

Ног та дзуры Афтавдилæн: «Хъус дæ сонт дзурæгмæ дарддæр

Æмæ базонай, цæй тыххæй æз цæрдудыгасæй мард дæн:

Зæгъ дæ хæларæн дæ мæтаг, — зонын уæд уыдзæнис къаддæр.

Уæвгæ, дудгæ фыд æвзаргæ, диссаг — афонмæ фæцардтæн! —

 

А мæ кæнгæ хо Асмат мын уыд æппæтдзурæг æргомæй.

Систа, цонгдарæн мæм радта уыцы рухс хуры фæндонзгй.

Уый æз цингæнгæ мæ цонгыл уайтагъд акодтон æхцонæй

Æмæ диссаджы сæрбæттæн чызгæн арвыстон мæ номæй».

ТАРИЕЛЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ

Чиныг æм ныффыстон: «Рухс хур, æз дæ судзгæ тынтæй тайын.

Зæрдæ бартхутæг сæ зынгæй æмæ уæнгты ‘хсарæй кайынц.

Уарзтæй сæрра дæн, мæ цæстыл худгæ де ‘рвон сурæт уайы;

Нæй мын бафвдæн дæ хæрзтæн æмæ ме ‘нкъард уд нæ райы.

 

Мæрдтæй раздæхтай мæн иу хатт æмæ уæд мæ цин цæй бæрц уыд,

Уый бæрц ахсæв дæр мæ зæрдæ ‘хсызгон банкъардта дæ фæрцы:

Ис дæ цонгдарæн мæ цонгыл, уæвгæ, скодтай мын æгæр цыт; —

Амонд ахæм у мæ удæн, — цард-цæрæнбонты цы нæ ‘рцыд.

 

Мæнæ сæрбæттæн, дæуæн æй кодтон раттынвæнд, дæуыстæн!

Йемæ къаба дæр, — фæдар сæ уарзты номарæн фæлыстæн.

Æмæ курын дæ, — мæ удæн, рацу, хос ыскæн йæ рыстæн.

Иу дæумæ бæллын, дæ мæтæй æз мæлæтдзаг цæф, рæхуыст дæн!»

 

Ацыд чызг æмæ мæ уаты сæр æркъул кодтон хæрз чысыл,

Фæлæ фестъæлфыдтæн, фыны федтон худгæ зæд йæ хуызы.

Уайтагъд фехъал дæн, — фæтары, бадын, уыцы рухс фын мысын.

Æхсæв — тарагдзæм, сыбыртт дæр никуы, никæмæй нæ хъуысы.

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ МОЙМÆ РАТТЫНЫЛ УЫНАФФÆ

«Паддзах сиды дæм», — мын загътой райсом, уд куы бацыд боны.

Уайтагъд галуанмæ фæуадтæн, — циу, цы хабар у, — нæ зонын.

Паддзах, æхсин æмæ ‘ртæйæ бадынц уæздæттæ тæрхоны.

«Абад», — загътой мын, куыд нæ уон разы хицауы фæндоныл!

 

Дзурынц æхсин æмæ паддзах: «Мах фæцардыстæм нæ рæстæг;

Ныр Хуыцауы фæндæй мæнæ талынг цардизæр æрхæстæг.

Ис нын, зоныс æй, бындарæн иунæг хуры тын æрмæстдæр.

Уый чызгæн æмæ фыртæн дæр хъуамæ баззайа нæ фæстæ,

 

Æмæ сфæнд кодтам — æркæнæм мой нæ сылбындарæн ардæм,

Чызджы сæвæрæм паддзахæй, раттæм уый къухмæ нæ бартæ;

Фидар бахсвда йæ бывдур ног нæ паддзахад, нæ цардæн.

Кард нæм ма сиса нæ фыдгул æмæ макуы суæм цагъарта».

 

«Чызджы, — загътон сын, — паддзахæй хъуамæ сæвæрат, — бывдар у.

Хурæн, — зонæм æй, — æрдхæрæн у йæ зонд æмæ йæ хъару.

Мой та… чи нæ уыдзæн разы. Мой зæрдæзæгъгæ ыссарут.

Уый уын, гъе, мæ ныхас! Дарддæр, зонут, — алцы дæр уæ бар у!»

 

Хъуыддаг райдыдтам æвзарын, æз хъæцын, быхсын куыддæрты;

Нæй ныхмæ лæууæн, — æмбарын, нæй мын ахизæн сæ сæрты.

Парсадан зæгъы фæстагмæ: «Ис Хорезмы шах мæ зæрды,

Уый фырт, уæд, зæгъгæ, фæстæмæ уый цур аздахин хуыздæрты».

 

Хъуыддаг развæлгъау лыг уыдис Парсадан æмæ йæ къайæн;

Кодта лæджы фæндыл разы ус, бæрæг уыди, — зыдта йæ.

Мæн, сæхийау, разы ‘нхъæлдтой, уадз, йæ сонт зæрдæ, дам, райæд.

Бадтæн афтæмæй та семæ саст, уæнгтæдонæй, æррайæ.

 

Æхсин раппæлыд: «Бæгуыдæр, у Хорезмы шах нымады,

Мах хуыздæр лымæн «нæ хъæуы, кад дзы бафтдзæни нæ кадыл!»

Хæйрæг «нæ» зæгъын ысуæндæд, иугæр» бафæндыди мады!

Æмæ ме сæфты тæрхоны, разы ‘вдисæн лæгау, бадын.

 

Ацыд минæвар Хорезммæ, ханæй ме ‘мыджыры куры:

«Нæй нæ паддзахæн фыртбындар, — Парсаданы номæй дзуры, —

Ис ын иунæг чызг, дæ фыртæн кæд аккаг кæныс йæ хуры, —

Лæппу мидæгмой æрцæрæд номдзыд Индийы бындурыл».

 

Лæг æрыздæхтис Хорезмæй, бирæ хорз хуынтæ дзы ‘рхаста;

Ханæн фидиуæн йæ риумæ уыд зæрин хуры ныккастау.

Загъта: «Стыр Хуыцау нын фидæн, уый, нæ фæндиаг куы скарста:

Нæй хуыздæр чындзаг: фæкъул ис не ‘рдæм амовды тæраз та».

 

Ногæй Индийæ Хорезммæ уайы минæвар æхстуадæй,

Хъуамæ сиахсаджы ‘ркæной тагъддæр кадæй æмæ радæй.

Фæзæй баздæхтæн, ныххаудтæн уаты уæд æз та фæлладæй,

Маст мын, калмы ссырау, цавта ме ‘нкъард сонт зæрдæ йæ фатæй.

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ТÆРХОН

Æз мæхи марынмæ ‘рцыдтæн: мастæн туджы хъалон фидын,

Фæлæ уалынмæ мæ номыл йе ‘ххуырстæн Асмат æрвиты;

«Талмау астæунарæг чи у, тасгæ-уасгæ ‘мæ гуырвидыц,

Уымæ тагъд фæзын фæдисы, чызг дæм удаистæй сиды».

 

Чызджы галуаны раз кæрты уайтагъд февзæрдтæн уæлбæхæй.

Кæртæй бахызтæн, Асмат мыл фембæлд разтыргъы фыдæхæй.

Зæххыл дидинджытæ ‘рттивынц чызджы сау цæссыджы ‘ртæхæй,

Æмæ бафæрсын нæ уæндын: цæй, цы зæгъдзæни дзæбæхæй.

 

Афтæ ‘нкъардæй йæ куы федтон, асаст ме уæнгтæн сæ хъару,

Чызджы мидбылты фæхудтæй зæрдæ, раздæрау, нæ барухс.

Дзургæ не скодта, кæддæрау, йе ‘взаг цины фæдис нал у

Æмæ, саудалынг ингæнау, ацис адæргæй мæ тар уд.

 

Цыма йе ‘рхæндæг æнгасæй бустыл, уайдзæфтыл ысхæцыд,

Бахызт галуанмæ мæ разæй, хъавгæ гауызыл ысхæцыд.

Уæртæ разынди мæ рухс мæй, уд уысммæ кæуыл нæ хъæцыд,

Зæрдæ ‘хцон дыз-дыз ныккодта, фæлæ уый йæ хуыз куыд фæцыд?

 

Хурæй не ‘рбакадд алдзæн рухс удыл, — раздæрау, ныфсдæттæг:

Чызджы калд уæнтыл уæгъдæппæрст уыд мæ сыгъзæрин сæрбæттæн;

Бадти тæрхæгыл, кæуындзаст уыд йæ алфамблай æппæт дæр,

Рустыл ахуыссыд æрвæрттывд; цæссыг цæсгомыл ысцæдтæ.

 

Цыма къæдзæхы дыдагъы стай тыфылкалгæ хуыссыди.

Каст йæ цæстытæй фæлурс мæй, хур сæ цадæггай хуыссыди.

Дæрддзæф къулсæрæй æрбадтæн, уый мæ бафиппайдта, — ссыгъди

Æмæ ‘лхынцъæрфыгæй растад, зынд — йæ маст йæ хъуырмæ ссыди.

 

Дзуры: «Диссаг у, мæ цуры ныр цы цæсгомæй æрбадтæ —

Сомы басæттæг, уæйгæнæг, хин, мæнгарддæрты мæнгарддæр!

Фæлæ Стыр Хуыцау мæн тыххæй дæу нæ бафхæрдзæни къаддæр!»

«Æз дæ фæсидтмæ фæзындтæн, — загътон, — ницы зонын дарддæр.

 

3æгъ, цы ракодтон, уæд та ма, гъе, цы рæдийын дæ разы

Æви не ‘мбæлы, фыдми у ме ‘нкъард сусæггаг дзыназын?!»

Чызг былысчъилæй æрбакаст: «Раст, æнæрæдыд, æназым!

Уастæн, басудза, цы бон дын загътон ме ‘дылыйæ: «Разы!»

 

Уæдæ ды нæ зоныс — куры мæн Хорезмы шахы хъал фырт?!

Ды фæрныджы бадт нæ кодтай, уæдæ, тæрхонæн йæ тарфы?!

Нæ, мæнгардæй мæ фæливыс: уым дæ тæрхон уыд, дæ барвæнд!

Фæлæ ма фæтагъд кæ, багъæц, ис фæстаг тæрхон уæларвы!

 

Æви нал дарыс дæ зæрдыл, судзгæ сау цæссыг куыд калдтай,

Алы хосгæнджыты хостыл адæргæй дæ уд куыд хъардтай?!

Уый кæд фидары дзырд уыдис, уæд цы ма хуыйны мæнгард та?!

Чи кæй афæлива — фенæм, æмæ уый кæмæн цы ратта!

 

Ноджы уый зæгъын: нæ бæсты хицау чифæндыдæр ма уа,

Макуы ма багъгъæл, мæ разæй Инди искæй дæлбар бауа,

Ома де ‘нувыды охыл дæу дæ ног хицау рæвдауа!

Зонын, де ‘рхъуыды мæнгард у, — талынг, де ‘нæуаг æгъдауау!

 

Дæу мæ цæстæрттивгæ дарддæр ничи Индийы нæ уындзæн,

Нæ, — уæд та дæ ‘рмæст ингæнваг хай нæ зæххытæй фæуыдзæн!

Арвæй худгæ стъалы раскъуын, уый дæр не ‘ртгивдзæн мæ хуызæн».

«Оххай-гъе! — зæгъгæ, фæкъæртти ногæй лæппуйы кæуындзæнг. —

 

Уыцы уайдзæфы ныхæстæм уæнгты саст хъару фæдывæр,

Чызгмæ бакастæн, мæ удæн атад, айсæфтис йæ дывæнд,

Диссаг, удмидæг куыд ма дæн, — иппæрд амонды хæрзнывæй?!

Бастъæл, ба, хъысмæт, мæ туг мын кæд цы ныуазыс æхсныфæй.

 

Федтон, тæрхæгыл фæлдæхтæй чызгæн уыд хъуыран йæ цуры.

Чиныг ризгæ къухæй систон, арвæй ард бахæргæ дзурын:

«Æз мæ рæстаг зæрдæ дарын рухс тыфылтæкалæг хурыл,

Уый рæстæвзарæн ныхасмæ иу уысм байхъуса мæм — курын.

 

Мæнг куы радзурон, мæйдарау, хатон арвы рухс мæ сæрмæ

Æмæ саугуырмæй фæлæсон цæрдтæй ингæны къæсæрмæ!

Зон æй, не схастон мæнгард ми, сомы басæттын мæ сæрмæ».

«Уæдæ дзур», — зæгъгæ, йæ сæр мæм чызг куы батилид гæзæмæ.

 

Ног ын карз сомы ныккодтон: «Рухс хур, кæд нæ дæн æназым,

Уæд дзыхъмард фæуон æрвдзæфæй, фестон сау фæнык дæ разы!

Дæу куыд баивин, кæмæн ис демæ ‘рывæрæн тæразыл?!

Зоныс, хъамайы рæхуыстæн зæрдæ цас бирæ фæразы!

 

Райсом раджы дын мæм паддзах уæвгæ тæрхонмæ фæдзырдта,

Фæлæ се ‘ууыддтытæй федтон, — алыг уый агъоммæ хъуыддаг.

Нал уыд «нæ» зæгъæн, æмырæй бадтæн, — уавæр æй æркуырдта.

Загътон: «бабыхс уал» — мæхицæн, зæрдæ сусæг маст ныхъуырдта.

 

Цæй, кæд не ‘мбары йæхæдæг, уæд куыд загътаин дæ фыдæн:

«Инди ‘нæхицау нæма у!» — Уæгъды райстаин йæ фыдæх.

Уымæй байрох ис æнæмæнг, — æз кæй бывдар дæн, кæй фырт дæн!

Æз кæй нæ ратдзынæн сомбон Инди искæмæн æвыдæй!

 

Кодтон сусæгæй тæрхæттæ. «Ницы. рауайдзæн мæ загъдæй.

Бабыхс, ба, мæнæйуый, науæд хъуыддаг бабын уыдзæн тагъдæй».

Хатт-иу лидзынвæнд ыскодтон хъæдмæ, хъæды сырдтæм, цъахтæм.

Фæлæ дæу, зæгъын, куыд уадзон? Нæй, нæ мæ хаста мæ къах дæр.

 

Уд ыснарæг ис, æрдуйау, акъул, атасыд мæ мæсыг…» —

Дзырд фæдæн, цыма ныххур и, уарди нал калы йæ цæссыг.

Урс налхъуыт-налмас фæрдгуытыл рухс, алдзæн уылæн æнхъæвзы

Æмæ худæндзастæй дзуры: «Цыма де ‘рхъуыды фæбæззыд.

 

Ныр мæн нал уырны, — гæдыдзырд де ‘взаг самона дæ комы,

Зилай гадзрахатæй, сайдæй, арвæй ракæнай мæнг сомы.

Уæдæ сиу кæнæм нæ хъысмæт, Инди рарттива нæ номыл,

Уæм дзы барджынæй паддзæхтæ; уæвгæ, чи нын у цы хъомыл!»

 

Чызг æрфæлмæн и, фæхудт мæм, ног æнгом-æмуд æристæм.

Цыма хур уыди мæ разы, гъе та уалдзыгон æвзист мæй.

«Мемæ ‘рбад», — рæвдаугæ загъта, кодтон цин дæр æмæ дис дæр.

Уайтагъд зæрдæйæн фæсырдта йе ‘нкъард сагъæстæ, йæ ристæ.

 

Загъта: «Не ‘мбæлы тæлтæг ми, бабыхс зондджынæй, ныхъхъæц уал.

Хъуамæ ‘мбаргæ лæг йæхиуыл тыхст, сæрбахъуыды фæхæца.

Ныр мæ мойаджы фæсурис, фæлæ паддзах дæм куы хæца,

Тох куы бацайдагъ уа уе ‘хсæн, Инди сау туджы куы мæца!

 

Нæ, уæд уыцы хъал куы ‘рцæуа, й’ амонд не ‘намовды ссара,

Мах фæхицæн уæм æнусмæ, туг нæ къонайыл ныууара,

Æмæ барджынæй нæ зæххыл уый йæ хъуынджын дзæмбы дара!

Нæ, уый не ‘рцæудзæни никуы, — персаг Индийæн æлдар уа!»

 

«Уæууа! — фесхъиудтон, — куыд уыдзæн, уый дæ мой ысуа, дæ хицау?

Уæвгæ, ууыл мын куы сбарид уыцы хъал гуырды йæ Хуыцау!

Уадз, æрцæуæд уал, фæстæмæ кæд фæсмонгæнгæ нæ лидза,

Кæд нæ фæкæна мæрдырох ускуырд нæ, фæлæ йæхи цард!»

 

Загъта: «Йе скарз мæ нæ фæнды, — ахæм тохы бон ныккæна,

Æмæ се ‘фсадæй хæдзарыл мачи, мачиуал æмбæла.

Амар сиахсаджы ‘рмæстдæр æмæ къаддæр туг ныккæла;

Бакæн а царды рæстмæ ми, — дидин рафтаудзæн хуыскъ бæлас.

 

Афтæ, ‘ме нæрцæф бæгъатыр, ацу, уый дын у мæ лæгъстæ:

Бакæн аивæй дæ хъуыддаг, амар сиахсаджы ‘рмæстдæр.

Фосау æфсады цæгъдыныл ма схæц, ма сæм сис дæ гæрзтæ,

Нæй рæстаджы туг ныккалдæй ницы намысæн фыдхæсдæр!

 

Уый куы амарай, — мæ фыдæн зæгъ цæхгæр ныхас уæндонæй:

«Инди Персæн уой сæ цагъар, уый нæ бауадздзынæн, зон æй;

Макуы ма багъгъæл, мæ уæзæг раттон искæмæн æнцонæй,

Ды ныхмæлæууынвæнд ма скæн! Сæфыс, — бацархай фæндонæй».

 

Фæлæ ма батындз, йæ кой дæр ма скæн, развæлгъау, нæ уарзтæн,

Къаддæр азым дæм куы ‘рхæссой, уæд фæкæсдзынæ сæм раст дæр.

Кæс, лæгъстæмæ дын куыд фæуа уæд дæ цытджын паддзах тарстæй,

Мах куыд рафидауæм иумæ, раст фæрæты хъæдау, барстæй».

 

Ацы диссаджы уынаффæ райстон хъуыддаджы хæрзагæн.

Зæгъын, фенæм уæдæ гъеныр, кард куы раздахон ызнагæй!

Æмæ сыстадтæн, мæ хур мыл тад, узæлыди хæрзуагæй.

Чызгыл атыхсынвæнд кодтон, фæлæ ‘фсæрмæй сæфт дæн рагæй.

 

Хуры уацарæй фæстагмæ хи куы ратонин куыддæрты,

Цыд Асмат мæ фæстæ, калын судзгæ сау цæссыгтæ кæрты.

Цыма цæссыгты ‘хсæн ризы чызджы мидбылхудт æрвæрдын.

Уый дæр ахуыссыди, ног та масты денджызы лæгæрдын.

ХОРЕЗМЫ ШАХЫ ФЫРТ ÆРЦЫД ИНДИМÆ ÆМÆ ФÆМАРД ТАРИЕЛЫ КЪУХÆЙ

Цины уацхæссæг æрбатахт, чызджы мойаг, дам, æрхæстæг.

Уый цæмæй зыдта, йæ удыл тагъд цы бон кæвдзæн, цы рæстæг!

Паддзах бахъæлдзæг и, бабуц, худгæ ракастис йæ цæстæй

Æмæ басидтис мæнмæ дæр, мемæ ‘рбад, зæгъгæ, мæ кæстæр.

 

Загъта: «Абоны бон махæн йемæ ‘хсызгон цин æрхаста;

Хъуамæ галуаны чындзæхсæв æмæ куывд æмæ гуыппхъазт уа.

Арвит хæзнатæм, лæвар дзы бирæ байуарæм æваст та;

Йе ‘гвдау зондджынæн — йæ рæдау, макуы сонт мæрддзæсты ма стау».

 

Загътон — чи цы хæзна ‘рхæсса — æз мæ иузæрдыг дæлдæртæн.

Мæнæ уазæг дæр æрхæццæ, йемæ — йе ‘муæздан æлдæрттæ.

Галуан кадимæ сæ размæ иумæ рацыдысты кæртмæ.

Нал и се ‘фсадæн æрлæууæн, хурмæ ферттивынц сæ кæрдтæ.

 

«Фæзы — цатыртæ! — куы ‘рдомид паддзах буц уазæджы кадæн, —

Уый уал баулæфæд цъусдуг, фенæнт сиахсаджы адæм,

Къордгай рацæуæнт æм уырдæм, — бардзырд ратт дæ бирæ ‘фсадæн,

Рацу галуанмæ дæхæдæг, иумæ иу чысыл æрбадæм».

 

Фæзы цатыртæ сырх-сырхид дардыл айтыгътон атласæй.

Уырдæм уазджытæ цыдысты къордгай, сиахсаг — сæ разæй.

Кад, лæггад кæнынмæ фæзмæ уайтагъд цагъарты ‘фсад азæй,

Систой уалынмæ цæуынтæ ме ‘фсад балгай æмæ цасæй!

 

Æз æрбацыдтæн нæхимæ тыхст, фæллад æмæ фæлмастæй,

Зæгъын, ахуыссон, кæдæппын фыны фервæзин мæ мастæй.

Фæлæ уæд Асматæй — чиныг, райстон, тагъд-тагъд æм æркастæн:

«Рæвдз фæзын, дæ хур дæм сиды, — талмау, тасгæ-уасгæ й’ астæу».

 

Бæхæй нал рахызтæн, уайтагъд чызджы галуанмæ фæуадтæн.

Кæртмæ бахызтæн, мæ размæ ниугæ рауадис Асмат дæр.

«Уæууа! — афарстон æй тарстæй, — уый цы хабар у, цы ‘нкъард дæ?»

Загъта ‘рхæндæгæй: «Мæ бон ын нал у де сраст кæнын дарддæр».

 

Чызгмæ бацыдыстæм, федтам: бады ‘лхынцъæрфыгæй базыл,

Цыма балæууыд æрттивгæ рухс хур сау мигъты дæлбазыр.

«Цæй, цæмæ ма кæсыс? — дзуры, — ам цы слæууыдтæ мæ разы?!

Æви сайдтай æмæ сайыс, — нал дæ й’ амарыныл разы?!»

 

Мæстæй рахсыстæн, ыссыгътæн. «Ехх, мæ зынджы хайыл! — загъток,

Тохмæ свды мæм сылгоймаг, — уый бынтон мæхи куы ‘руагътон!»

Цыма стæхынæввонг хæстмæ — уари, — ‘ндон базыртæ сцагътон,

Фатау ратахтæн мæ саргъмæ, уаты чызджыты фæуагътон.

 

Загътон ме ‘фсадæй сæдæйæн: «Тагъд гæрзифтонгæй — мæ фæстаз!»

Хъавгæ фæсуынгты цыдыстæм, бахызтам нæхи фыдцæстæй.

Уазæг цатыры куыд хуыссыд, — нæй йын радзурæн ныхæстæй! —

Туг дзы не суагътон, хуысгæ йыл афтæ баталынг и бæстæ.

 

Фескъуыд цирхъы цæфæй цатыр, къæхтæм февнæлдтон — хъæбатыр,

Лæджы цæджындзыл йæ сæрæй — къупп, мæлæтдзаг гуыпп — æгъатыр!

Систой хъахъхъæнджытæ цъах-цъах… Саргъмæ — згъæрхæдон бæгъатыр!

Бæх фæцагайдтон, зæппадзау, аззад гомхæлиуæй цатыр.

 

Се ‘фсад раскъуыдис, рафæдис, уый, — куы райдыдтой хи ‘мбарын.

Æз мæ сурджыты сыскъуыдтон, æмæ смвдæг дæн фидары.

«Ам мæм ме ‘ргъæусæр фидары, — загътон, — бархъомыс чи дары.

Ныр æдас ран дæн, дарддæр мæ кардмæ нал хъæуы риу дарын,

 

Æмæ рарвыстон æххуысмæ, сидын ме ‘фсадмæ фæйнæрдæм:

«Тагъд мæм фидармæ фæзынут, — дарын уе ‘хсарыл мæ зæрдæ!»

Æфсад райдыдтой цæуынтæ, байдзаг тар æхсæв сæ хъæртæй,

Иугæр бахъуыди, — мæ сæрыл хастой разыйæ сæ сæртæ.

 

Райсом фестадтæн, мæ гæрзтæ рæвдз куыд райдыдтон сæумилтыл,

Афтæ ‘ртæ уæзданы ‘рбацыд, — паддзах минæвар æрвиты,

Зæгъгæ: «Схастон дæ хъæбулау, ныр мæхи хæрын, æлгвитын:

Ды нæ хæрзты хыгъдмæ махæн сау марг ауагътай нæ цинтыл,

 

Лæг цæмæн мардтай, цы зæгъæм ныр йæ тугисæг фыд — шахæн?

! Кæд чызг агуырдтай, уæд раздæр ды цæуылнæ дзырдтай махæн?

Уый цы бакодтай, цы фыдми, ау, цы ‘взæр дын фæдæн ахæм,

Æмæ сахурай йæ зачъе тугæй де схæссæг паддзахæн?!»

 

Дзуапп æм арвыстон: «Æз дур дæн, фидар сау айнæджы схъис дæн,

Науæд æфсæрмæй дæ разы хъуамæ басудзин, мæ хистæр!

Фæлæ, стыр паддзах, рæстуарзаг, байхъус: бамбар мын мæ рис дæр,

Мæн дæ чызджы уарзт нæ судзы, мæн æндæр мæт ис, дæхистæн!

 

Зоныс, Индийы паддзахæн рухс, бæллиццаг у йæ бадæн;

Зоныс, паддзæхты бындартæй иунæг цардæгас æз ма дæн;

Систы иннæтæ быныскъуыд, ды сæ зæххы хицау бадæ

Æмæ къæлæтджын дæ фæстæ ныр мæнмæ кæй хауы радæй.

 

Нæ, дæ хорзæхæй, ныббар мын, дзырд æргом, æнæкъæм уарзын:

Ис дын иунæг чызг, Хорезмæй мой æркæн дæ чызгæн — разы.

Фæлæ уа сæ дæлбар а зæхх, — нæ, нæ зæгъдзынæн: «Хæлар сын!»

Исчи Индийы паддзах уа, — дарон кард æз та мæ фарсыл?!

 

Ратт фæрнæй дæ чызджы моймæ, тобæ, чи фæнды йæ курæд!

Фæлæ Инди у мæ уæзæг æмæ исчи ма йыл дзурæд,

Исчи сфæлварæд дæ фæстæ мæн дæ къæлæтджынæй сурæд,

Æмæ раппæлæд фæстæдæр, кæд хæрзбон нæ зæгъа хурæн!»

ТАРИЕЛ БАЗЫДТА НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ФЕСÆФТЫ ХАБАР

Лæгты ку ‘арвыстон фæстæмæ, уæд мæ зонд куыддæр ысдзæгъæл,

Чызгæй ницы хъуыст, мæ риуы маст ысцырын ис, ысцæхæр.

Кастæн быдырмæ бæрзондæй, бадæн сагъæссаг, фыдæгъгъæл:

Уым цы ныв федтон æвирхъау, — у лæджы ‘взагæй зын зæгъæн, —

 

Уайынц фистæгæй дыууæйæ, февзæрдтæн сæ разы уадид,

Уайтагъд базыдтон Асматы, уымæн йемæ йе ‘ххуырст уади.

Онгмард, рустæтынд — мæ разы, чызг уæлхъæдæй цыма тади

Æмæ йе ‘рхæндæг æнгасæй зæрдæ хæлдис æмæ ‘руади.

 

Æз фæсонтау дæн, фæсæццæ, уæнгты уазал ихдон ацыд:

«Асмат! — адæргæй ма сдзырдтон, — уый, мыййаг, фыдбылыз мацы!..»

Исдуг дзуапп раттын мæ фарстæн чызджы кæуындзæг нæ уадзы.

Фæлæ стæй куыддæрты: «Махæн арвыл рухс хуры цæст бацъынд…»

 

«Зæгъ, уæддæр цы ‘рцыд, цы кодтам», — ног хынцфарст кæнын Асматы,

Уый уынгæг хъуырæй нынниудта, дзурын нал арæхсы — хатын.

Систы уадултæ мæрдонгъуыз, хур сæ банымæг — дзæнхъатын.

Цæссыг — тугæмхæццæ судзгæ ризы цæстыхауы фатыл.

 

Ног та сфæрæзта тыххæйты: «Хорз, зæгъын дын æй, æрмæст мæ,

Ды куыд байрайай мæ дзырдтæй, афтæ барæвдау сæ фæстæ.

Амар, ма мæ ныууадз, курын, айс дæ зæрдæмæ мæ лæгъстæ

Æмæ фервæзон æнусмæ судзгæ сагъæсы зынг уæхстæй».

 

Æмæ радзырдта: «Куыддæр дæ райхъуыст — уазæджы ныммардтай,

Афтæ де ‘рцахсыны бардзырд паддзах фæсдзæуинтæн радта,

Хъæрæй нал æнцад, йæ дзыхæй судзгæ ‘хсидæвтæ дæр каддта.

Дæу куынæ ссардтой уæхимæ, уæд бынат йæхицæн н’ ардта.

 

Сонт фæхъæр ласта: «Ныр зонын й’ аххос ацы ‘лгъаг фыдгæндæн:

Уарзтой чызгимæ кæрæдзи, хъуыддаг бакодтой æмвæндæй,

Уый йæ галуанмæ цыдаид, — нæй хъæстæ калмыл æууæндæн;

Уый мæ ‘рцауыгъта мæ хурхæй æмæ уыд мæ чызг йæ бæндæн,

 

Фæлæ ард хæрын Хуыцауæй, мæн цы хо байсæфта хинтæй,

Чызджы чи ‘фтыдта сæ фæдыл зæдтæн нæ, фæлæ фыд-зинтæн,

Хæлдуд, чъизитуг къахбайтæн фадат чи лæвæрдта цинтæн,

Уый ыссардзæнис мæ къухæй ацы ‘фхæрды хыгъд йæ ингæн!»

 

Уыд йæ дзырды хицау паддзах, иугæр кард ысласта — марæн,

Уæд нæ басастаид сомы, усæн нал уыди ныббарæн.

Адæм бамбæрстой, кæй нал ис Парсаданы мастæн арæн;

Хъуыддаг бацагъта йæ хъусы чидæр хин-кæлæн Даварæн.

 

Уыцы ‘лгъыст чвдæр ын загъта: «Хъахъхъæ, де ‘фсымæр дæ мардзæн,

Сомы ракодта Хуыцауæй æмæ й’ ардбахæрд нæ халдзæн».

Уæд Давар: «Хуыцау — æвдисæн, уый мыл туг рæстудæй уардзæн,

Фæлæ чи сарæзта, — зонын, й’ амонд ме ‘намонды хардзæй».

 

Бадти тæрхæгыл мæ хицау, раст куыд æй ныууагътай, афтæ,

Уыд дæ сæрбæттæн йæ уæлæ, бацыд уыцы ‘лгъаг ус, бавдæлд —

Чызгæн алывыд фæкалдта, уый, дам, бакодтай цы саувæнд?

Къахбай, иугæр, дам, мæ сафыс, уæд мæ хин дæ фæдыл бафтæд!

 

Уарзтай ме ‘вастæй, æлгъаг сыл, ды дæ тугдзых амирбары.

Уæдæ шахы фырты тугмæ мæн дæ сæнтдзæф фыд куы мары,

Уæд цы гæнæг дæн дæ разы, гъе, дæ хæзгулæй цы дарын?

Амæл йе ‘нæфенгæ искуы! — зæдтæм ацы лæгъстæ хъарын».

 

Ус фæлæбурдта, бындзыггай чызджы сау дзыкку куы ‘риста, —

Уыцы сатæг-сау хъуымбылтæ зæхмæ каддысты куыристау.

Чызг æм зулмæ дæр нæ фæкаст, диссаг, цас урæдта рис та!

Цæсгом афæлдæхт копрадзгъуыз æмæ нал æрттывта ‘взистау.

 

Ус йæ нæмынæй куы бафсæст, уæд йæ ‘наккаг ми фæуагъта,

Фæлæ каджитæ дыууæйæ уым куы февзæриккой уайтагъд.

Ус сын — «Акæнут æй тагъддæр» — не сæфт худгæ-хурæй загъта.

Уыдон чырыны нывзыддтой чызджы схойгæ-нæмгæ тагъд-тагъд.

 

Рудзынг денджызы ‘рдæм фегом, хур дзы феддæмæ, фæтары.

«Гъеныр маринаг æцæгдæн, — кард Давар йæ риумæ дары, —

Фæлæ паддзахæн йæ къухмæ никуы не ‘рхаудзæн мæ марын!»

Кардæй зæрдæсæр ныццавта, ‘рфæлдæхт тугæрхæмы малы.

 

Дис куыд нæ кæныс, нæ мæлын, ардæм удисгæ куыд тахтæн?

Цæй, хæрзæггурæггаг амар ахæм уацхæссæджы тагъддæр.

Цæй-ма, фервæзон мæ зынтæй, кæд мæ хæрзгæнæг паддзах дæ».

Æмæ тугвæдыл ызгъордта чызджы хъарм цæссыджы ‘ртах дæр.

 

«Дæу цæмæн марон, — ын загътон, — ды цы рæдийыс, цы сайыс,

Хæсджын мах ыстæм дæ разы, ды нæ дудгæфыдтæй тайыс.

Хъуамæ й’ агурæг фæцæуон, зилон — хуры уа, къæвдайы».

Зæрдæ — дур, цыма дзы ‘ппæт дæр сау маст цъула, къæртг нæ кайы.

 

Исдуг аззадтæн, æрвдзæфау, уыцы дудгæ фыды рисæй…

Загътон: «Хъæц, мæнæйуый, науæд ноджы басудздзæн дæхи сæр;

Ацу, бацагур дæ хуры, сагъæс ницы хос у низæн.

Саг, æвзаргæ гуырдты ракæ демæ дард балцы фæдисæн».

 

Уайтагъд фездæхтæн нæхимæ, саргъыл февзæрдтæн æдгæрзтæ.

Саггуырд астыссæдз хæстоны бæхтæ фесхуыстой мæ фæстæ.

Фвдар аззади фæстейæ, бирæ н’ амыдта нæ рæстæг,

Уайæм тыгъд быдыры, уадау, дæлæ денджыз дæр фæхæстæг.

 

Науы сбадтыстæм, мæ фæндаг алы наудзæуæнтæм дарын,

Дардыл денджызы тыгъдады зилын, алы нау ысгарын,

Фæлæ, марадз зæгъ, йæ фæд дæр никуы хурзæринæн н’ арын.

Æмæ ме сафæг Хуыцауæн уæд мæ тæригъæдтæ хъарын.

 

Рацыд аз, ныддаргъ мыл афтæ, цыма ссæдз мæйы уыд азы,

Фæлæ фыны дæр йæ фенæг чызгæн денджызы нæ разынд.

Иугай аскъуыдысты ме ‘фсад, иу сæ нал баззад мæ разы,

Афтæ бафæндыд Хуыцауы æмæ ‘ппæт зынтæн фæразын.

 

Дон-дон ленк кæнын ныууагътон, сурмæ рахызтæн мæ науæй.

Зæрдæ знæт сырдау ысхъæддаг, ацух йе ‘рдхæрæн æгъдауæй.

Зæххæй арв’ астæу мæ уды ничи нал уыди рæвдауæг.

Фæлæ карз хъысмæт æдых у, лæг рæвдыд куы уа Хуыцауæй!

 

Иу, Асмат ма баззад мемæ, стæй дыууæ та ма цагъартæ,

Уыдон бахызтой мæ зæрдæ масты судзаджы цъæх артæй.

Драхмæ мисхал у, нæ хъуыстон чызгæй уый æмуæз хабар дæр

Æмæ ‘рхæндæгæй дзыназын уыд йæ иунæг хос мæ цардæн.

ТАРИЕЛЫ ФЕМБÆЛД НУРАДИН-ПРИДОНИМÆ

Дарддæр доныбыл мæ фæндаг дардтон иу æхсæв, нæма сбон,

Афтæ къæдзæхты дæлвæччи разынд сахары бæласдон,

Сонтау адæмæй мæ зæрдæ дард æрхæндæгæй фæластон

Æмæ нал бацыдтæн фаддæр, бæхы бæласыл æрбастон.

 

Æз æрхуыссыдтæн, сæ дзыхмæ систой цагъартæ сæ кæрдзын.

Уайтагъд райхъал дæн, уынæргъын, арф, къæхты бынæй ныккæрзын;

Чызгæй мур хабар кæй нæ хъуыст, уый æвирхъау уыд, æгæр зын.

Уайы ‘хсæрдзæнтæй мæ цæссыг æмæ быдыртæм æнхъæвзы.

 

Хъæр фæцыд, фæкастæн — уæртæ донбыл сагбарæг сæрыстыр,

Барæг фатдзæф уыд, хъæцыди тохы ‘хсарджынæй йæ рыстыл.

Къухы — саст фæринк, йæ уæлæ туджы къадатæ цыдысты;

Дардæй йе знæгтимæ схæцыд загъд, æртхъирæн æмæ ‘лгъыстыл.

 

Бадти сатæг-сау æфсургъыл, ныр мæн у, уыныс æй уæртæ;

Карз, тызмæг тымыгъау тахти, калдта цæстытæй цæхæртæ.

Загътон ме ‘ххуырстытæй иуæн: «Ауай, барæгмæ фæхъæр кæ,

Базон, чи йæ суры, чемæ систа тох домбай зынгзæрдæ».

 

Нæй, нæ байхъуыста, нæ фæкаст уый мæ цагъармæ фæрсмæ дæр,

Бæхыл абадтæн, йæ размæ рæвдз куы бауаин мæхæдæг.

«Чи дæ, — дзурын æм, — фæлæуу-ма, хъыг цæмæн кæныс, æрхæндæг?»

Уый фæкаст, мæнæй куыд байрад, — нæй йын радзурæн, зæгъæн дæр.

 

«Мæнæ талм бæлас дзæнæтгаг, табу Стыр Хуыцауæн! — загъта,

Уæдæ хъус, мæ хур, хъысмæт мын марг мæ зæрдæмæ ныттагъта: —

Цыма сдомбæйттæ сты сæгътæ, мах тæппуд фыдгултæ, цъахтау,

Тохы рахастой сæ разæй: минтæ — знæгтæ, цалдæр — мах та».

 

«Рахиз де ‘фсургъæй, баулæф, — хъавгæ ‘ррæвдыдтон барæджы, —

Тасы, сагъæсы не ‘ппары кард æндонввдар саглæджы».

Лæппу сразы ис, баистæм мах æфсымæртау уа рæхджы.

Æз нæма федтон йе ‘нгасæн уагджын, зонынджын, арæхстджын.

 

Ме ‘ххуырст хосгæнæг йæ цæфтæ уайтагъд лæппуйæн æрбаста:

Хъæдгом басгæрста, ыстæй дзы хъавгæ фатæрттигъ ысласта,

«Чи дæ? — ‘рфарстон æй, — фыдмаст дæм ахæм чи саузæрдæ хаста?»

Лæппу фездæхтис, ныккаст мæм æмæ бацайдагъ ныхас та.

 

Дзуры: «Ме ‘фсымæр, нæ зонын, чи дæ ды, кæнæ кæцон дæ,

Иу, æрмæст, уынын — уыдаис раздæр сау диссаг дæ кондæй.

Уæд цы бахус кодта уагæр уарди мидкъуыбыры сонтæй?

Нал у уаз цырагъ цырынтæ, — уæд цы рынтæ ‘мæ цы сонтæй?

 

Уæртæ къæдзæхты дæлвæдджи Мулгъазанзар у мæ сахар.

Нурадин-Придон мæ хонынц, а зæхх — ме ‘рдхæрæн паддзахад.

Ацы доныбыл — мæ уæзæг, нæу мын дардыл тыгъд, парахат,

Фæлæ сойдзыхъ у, дзæнæт у, — фен, дæхи зондæй йæ рахат.

 

Раджы, раджы ма йæ фырттыл зæхх куы байуæрста мæ дада,

Уæртæ денджызты нæ хаймæ махæн иу сакъадах радта.

Зыд — мæ фыды ‘фсымæр, удхор, уый йæхи зæххыл нымадта;

Бавдæлд, абон та ма мæнæ мæн йæ хъал фырттимæ мардта.

 

Балц æрымысыдтæн райсом æмæ цуан кæнын цæргæстæй;

Уари — ‘рмахуыртæн цæмæн хъуыд бирæ ракæнын сæ гæстæй!

Æмæ ме ‘фсады дæр сурыл ам куы ныууадзин æдгæрзтæ,

Мемæ уаригæс лæппутæй фовдзы ку’ акæнин æрмæстдæр.

 

Æмæ бахызтæн æдæрсгæ уайтагъд сакъадахмæ науыл,

Загътон: «Бауæндæнт, ысхæцæнт мемæ загъд кæныныл, дауыл!»

Уыдон уытæппæтæй кæрдтæ сусæгæй мæ ныхмæ дауынц.

Æз хъæртæ кæнын мæхицæн дарддæр цуанонты æгъдауыл.

 

Уым куы ницæмæ сæ ‘рдардтон, уæд куы рахсвдиккой мæстæй —

Æмæ сусæгæй мæ разы се ‘фсад бабадынц æдгæрзтæ;

Фыд йæ фыртимæ йæхæдæг дардта йе ‘хсаргард æлвæстæй

Æмæ, удхæссæгау, касти ме ‘рдæм, йе ‘нæфсис мæрддзæстæй.

 

Æз сæ уынæрмæ фæкастæн, федтон, ферттывтой сæ кæрдтæ.

Науы смидæг дæн, нæ лæууын тохмæ тугхъæлæс мæнгæрдтæм.

Лакъон, сау уылæнау, растад се ‘фсад, тохвæдисы, уæртæ,

Иутæ не ‘рбаййафынц науы, ногæй рабырсынц æндæртæ.

 

Науæй акастæн, сæ фæндаг, ме ‘рдæм дунейы ‘фсад дардтой;

Разæй чи уæндыд, æргомæй — фат чъылдымырдыгæй каддтой.

Кодтон алырдæм цъыччытæ, зæрдæ ме ‘хсаргардыл дардтон;

Уый дæр асастис æмбисыл, сафтид фаттæй дæр мæ фатдон.

 

Наумæ ‘рбафсæрсгой уæндонæй, — «саргъмæ — цырд, мæнæйуый!» — загътон,

Доны смидæг дæн уæлбæхæй, се ‘рттæ дисгæнгæ ныццагътой,

Æз фæирвæзын — куы федтой, уæд мæ цагъарты ныццагътой,

Састы баззадысты фæдис æмæ се ‘ртхъирæн ныууагътой.

 

Ныр, Ыстыр Хуыцау æвдисæн, æз нæ рæдийын йæ разы;

Ме знаг не ‘ппæлдзæн йæхицæй, — тугмæ туг райсын фæразын!

Фенæм, бавзарæм, — сæ сылты кæд нæ бахъæуа дзыназын,

. Кæд нæ фæбадой сæ мæрдæй цъахтæ, халæттæ минасы!»

 

Уыцы саглæппу мæ удæн афтæ ф’ адджын, æмæ загътон:

Багъæц, ба, мæ хур, — уæззаугай: фурды никуы ‘ййафы тагъд дон,

Сæмуд, сæмдзæдис уæм, гъе уад д зæгъ: «Мæ фыдгулты ныццагътон!»

Иумæ де знæгты ныссæттын уайтагъд бауыдзæнис мах бон!»

 

«Чи дæн?» — ма мæ бафæрс, — загътон Мулгъазанзары паддзахæн.

Алцы базондзынæ, багъæц, фадат амондзæни махæн».

Дзуры: «Фехъуса — кæд уыдзæн — лæг æхсызгон хабар ахæм!

Айс мæ цæрæнбон дæхицæн царды фидары гæнахæн».

 

Уыд къаннæггомау йæ сахар, фæлæ мæнæ цыма стъалы.

Йе ‘фсад ракалдысты ниугæ, уынгты къухбакæнæн нал уыд,

Чи сæ февналы йæ рустæм, чи сæ судзгæ цæссыг калы,

Чи сæ паддзахæн йæ гæрзтæм хъавгæ пъа кæнынмæ ‘вналы.

 

Кад, лæггад кæнынæй, цинæй уæд цы фæрæзтой мæнæн та!

Загътой: «Демæ нæм æрхастай уалдзæг — худгæбыл, æнæнтау!»

Федтон рухс сахар, цы федтон — райдзаст, зæдбадæн дзæнæтау,

Дарæс адæмыл — дарибыд, — ирд, æрвæрдынау, тæмæнтау.

ТАРИЕЛ ÆХХУЫС КÆНЫ ПРВДОНÆН

Лæппу радзæбæх, фæхæстхъом æмæ йе ‘фсургъыл та уайы.

Наутæ, чематæ цæттæ сты, зилы, йе ‘фсады нымайы.

Цин, ныфсдæтгæг у йæ бакаст, уд йæ уæнгты кондæй райы.

Байхъус, радзурон — куыд хæцыд æмæ базонай домбайы,

 

Мæнæ ‘рбабырсынц фыдгултæ, уайынц танхъатæ мæ цæстыл.

Ме ‘рдæм аст чемайы фенкъуыст, семæ бацыдтæн фыдхæсты;

Уыцы иу цъелфæн цæхгæрмæ, фатау, батахтæн сæ рæзты,

Иу дзы сфæлдæхти мæ цæфæй, ниуынц, раст, цыма, сылтæ сты.

 

Рæвдз фæлæбурдтон йæ чъилмæ уайтагъд чематæй æндæрæн,

Цъилау денджызы ныззылди, бабын, дæлуылæн ныддæрæн.

Лидзынц иннæтæ фæстæмæ, иу сæ нал уыдис йæ сæрæн.

Систы, чи мæ уыдта, уыдон, уæд мæ койгæнæг хуыздæрæн.

 

Дон-дон бахызт æмæ сурыл уайы знаг нæ ныхмæ тарæй,

Ныр лæгæй-лæгмæ кæрдтæй хæст домы ‘ндæр хъару хъайтарæй.

Æмæ байради мæ зæрдæ ме ‘муд хотыхдар æмгарæй:

Талм уыд кондæй, хур — фидыцæй, карз, ызнæт домбай — æхсарæй,

 

Разæй йе схъæлсæр фыртимæ тахт йæ фыды ‘фсымæр бæхыл,

Уый сæ цонгдзæгъдтæй æриста, уайтагъд сæмбæлдысты зæххыл.

Ныр йæ уацар у йæ фыдгул æмæ хъæлдзæгæй ыздæхы.

Цинæй байрадысты йе ‘фсад, се знаг къæхты бын уынæргъы.

 

Йе ‘фсад хъуджы лыгъд фæкодтой, мах сæ карды комæй айстам;

Иу сæ не ‘рлæууыд нæ ныхмæ æмæ знаджы сахар байстам,

Æмæ хæзнадæтты дуæрттæ дуртæй батыдтам, ныссастам,

Лал, налхъуыт-налмас, зæринæй мах уæззау æргъæмттæ бастам.

 

Æмæ сæвæрдта йæ мыхуыр Придон сахары хæзнатыл,

Æмæ уацайрæгты ‘ркодта, нæу зын бамбарæн — цы кадыл.

Уымæн йе знæгты йæ тугмæ бантыст бафхæрын æгъатыр.

Мæн дзæнæты талм ысхуыдтой, — хурты хурвидыц бæгъатыр.

 

Мулгъазанзары бæрæгбон кодтой худгæбылæй адæм, —

Уыд ныхкъуырд фыдгулы фендæй цин уæлдай æхсызгон, адæн.

Алы ‘ппæлæн ныхас кодтой Нурадин æмæ мæ кадæн:

Уый сымах фæрцы, дам, асаст се ‘хсар утæппæт æфсадæн.

 

Нурадины ‘фсад ысхуыдтой мæн паддзæхты паддзах кадджын,

«Мах — дæ цагъартæ», — мын загътой æмæ уыд сæ цин мыдаджджын,

Фæлæ ‘нкъард цæстытæй кастæн, — уарди нал уыдис йæ гаччы;

Мæн цы рис æвдæрзта, уымæй уыд уæлахизы цин хъаджджын.

ПРИДОН ДЗУРЫ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ХАБАР

Нурадины та дын иу бон мемæ цуан кæнын æрфæндыд;

Иу ран доны был ысхæцыд цæст уæлвонг рагъы бæрзæндыл.

Придон райдыдта йæ ныхас, раст зæлдаг тынау, нывæнды:

«Федтон ацы рагъæй диссаг иухатт денджызы гуылфæнты».

 

«Уæд цы диссаг у?» — фæрсын æй, уый мын: «Хъус, мæ хур, — фæзæгъы, —

Ардæм иуахæмы цуаны хъазгæ ‘рбафтыдтæн мæ бæхыл, —

Доны — хъаз, уæлдæфы — уари рагæй ме ‘фсургъау нæ тæхы, —

Цъиусурагурæг куы слæууин уæлæ рагърындзы къæдзæхыл.

 

Тигъæй алырдæм фæлгæсын цырддзаст, къухаууонæй дардыл;

Федтон, сау ыстъæлф ыстæхы далæ денджызы тыгъдады:

Уый тахт чи федта, йæ фæстæ мур дис нал кæндзæнис уадыл:

Исдуг нал уыдтæн, цæвиттон, донмæ джихæй кæсгæ м’ адыл.

 

Нæ сырды хуызæн у, — загътон, — нæ хъæддаг маргъ у, — рæубазыр!

Далæ уалынмæ бæрæгæй чема — гауызджын — æрбазынд.

Æмæ чемайыл чырыны чидæр хуры чызджы ласы,

Чызджы рухстауæг цæсгомыл мæй ыстъалытимæ хъазы.

 

Чема ‘рбахæццæ, дыууæ дзы рахызт сатæг-сау цагъартæ.

Æмæ ставд быдæй йæ дзыкку чызгæн акалдта цæхæртæ;

«Уый, мæ цæсты раз ыссыгъдис, — загътон, — арвы тæмæн уæртæ»,

Чызг зæрин хурау йæ тынтæ ‘рвыста дунемæ фæйнæрдæм.

 

Уæнгтæ ‘хцон дыз-дыз ныккодтой, гъе мыл аталынг и бæстæ! —

Уыцы ‘рвон уардимæ, зæдау, æммыст, кæс, зæгъын æрмæстдæр!

Загътон: «Баййафон сæ хъуамæ, уæгъды ма сафон мæ рæстæг»;

Дарын ме ‘фсургъыл мæ зæрдæ, — фестæнт цагъартæ цæргæстæ!

 

Бæх фæцагайдтон, æмхуызон хъамыл базмæлыд, нынкъуысти,

Уадид ме ‘фсургъы къæхты хъæр былмæ цагъартæм ныхъхъуысти,

Æмæ стæхынæввонг чема, маргъау, уылæнтыл куы сыстид;

Атахт рухскалгæ зæрин хур, зæрдæ басыгъди, фæрысти».

 

Хъуыстон паддзахы ныхæстæм æз цъæхартуадзгæ кæронмæ.

Саргъæй расхъиудтон, ныххаудтæн зæххыл, удисгæ, дæлгоммæ,

Рустыл тугæмхæццæ уади цæссыг, — нал касти мæ коммæ;

«Уыцы талм бæлас — мæ мæтаг, — загътон, — амæлæты бонмæ!»

 

Джихæй баззади мæ фысым, мардау, афæлурс и уадид;

Арт ыл бафтыдтон мæ мæтæй, бур, мыдадз цырагъау, тади;

Цæссыг фемæхсти, йæ рустыл ирд цæппузыртæй æруади;

Ныфс, зæрдæтæ мын æвæрдта, рыст, мæ тæригъæдæй ‘руади.

 

Оххай-гъе, зæгъгæ, дам, ме ‘взаг уый фыдбылызæн цы скарста!

Загътон: «Раст куы дæ, дæхи мын уæд цæмæн æфхæрыс карз та?

Уыцы мæйæнгæс чызгимæ мах нæ кæрæдзи куыд уарзтам,

Уый дын радзурдзынæн, иугæр амонд мæн дæуыл ысбаста.

 

Æмæ ракодтон мæ хабар æз мæ хæларæн æнкъардæй.

Загъта: «Уый фæлтау куы фенис Нурадин-Придоны мардæй!

Ды мæ бæрц-уæзæгмæ ‘рцыдтæ — Индостаны паддзах — дардæй,

Хъуамæ къæлæтджыны бадис, раис кадимæ дæ цардæй!

 

Фæлæ Стыр Хуыцау кæй бара талмыл, — фидыцы бæласыл,

Тагъд йæ зæрдæйæ дæр уымæн масты судзгæ фат ысласы.

Уый нын ракæны йæ хорзæх æмæ дудгæ зыны, тасы,

Не ‘нцой балæугæ, нæ уадзы мах фæрæдийын, фæтасын.

 

Мах цæссыгдзастæй фæстæмæ Мулгъазанзармæ цыдыстæм,

Уым мæ хæрзгæнæгæн загътон: «Ды мæныл мæтæй фæрыстæ.

Иу, ды мын зоныс мæ сагъæс, ды — мæ иунæг ныфс, зæххыстæн!

Хион-хицонау æнусмæ ды мæ зæрдæмæ ныххызтæ.

 

Уæдæ иу хорзы мын бацу æмæ макуы ‘ркæ фæсмон дæр:

Тагъд мын де ‘ххуысы сæр бакæн де ‘хсар, де ‘рхъуыды, дæ зондæй!

Зæгъ, — куыд фервæзон, цы хуызы ацы дудгæ фыдтæй, сонтæй? —

Уый куы не ссарон, — йæ мæтæй судзгæ бастæлдзынæн сонтæй!»

 

Нурадин зæгъы: «Хуыцауæй æз хуыздæр амонд цы курон, —

Номдзыд Индийæ мæм ‘рыфтыд хурты хурон лæг — цыкурон!

Уый цæй бæрц кад у мæ бæстæн, ууыл бирæ та цы дзурон!

Æз — æнусбонмæ дæ цагъар, — сомы ницы давы цурон.

 

Мулгъазанзарыл сæ фæндаг дарынц алы бæсты наутæ,

Алы диссаджы хъуыддæгтæ, алы сусæг-æргом цаутæ;

Фенæм, бакæсæм, — фыдудæн, судзгæ сагъæсæн æвгъау дæ:

Хос, хæрзамонд дын дæ удæн ам куы сныв кæнид Хуыцау дæр!

 

Наутыл, чематыл фæйнæрдæм адæм арвитæм фæдисы:

Уыцы рухс мæй ма кæд искуы искæй бафтыдтаид дисы.

Хъуыддаг базонæм лæмбынæг, — хъæц æхсарджынæй дæ рисыл:

Ивы, боныгъæдау, уавæр цины, сагъæсы цæдисы».

 

Нурадин-Придон æрсидтис чема, наутæрджытæм уайтагъд:

«Фесæфт иу рæсугъд чызг, хъуамæ денджызтыл æрзилат, — загъта,

Уый — нæ уазæгæн — йæ мæтаг, цин ын басгуыхут сымах та.

Ам уæ ма фенон — æнæсгæрст искуы иу къуым дæр ныууагътат!

 

Алы наулæууæны хъуамæ уат уæлдай къæрцхъус уæ балцы:

Уый куыд уыдзæн æмæ чызгæй мачи ма фехъуса мацы».

Уæгъды барухс и мæ зæрдæ, ныфс æгæр раджы мæ бацыд;

Уыцы рухс цин мын мæ риуы ныр æфсармы хъама садзы.

 

Мæн ысбадын кодта Придон рухс паддзахбадæн бынаты,

Загъта: «Не ‘мбæрстон, нæ зыдтон, ныр кæй фæрæдыдтæн — хатын:

Номдзыд Индийы паддзах дæ, бадгæ, — ма дæм хъæуæд хатын,

Уа дæ лæггадгæнæг, — уый та чи нæ банымайдзæн кадыл?!»

 

Цæй, цы бирæ дзурон, мæнæ здæхынц не ‘рвыст лæгтæ дардæй —

Алчи ‘рхæндæгæй, фæлладæй, тыхст, афтидармæй, æнкъардæй.

Никуы ничи, дам, и фенæг чызджы удæгасæй, мардæй.

Тынгдæр фемæхсти мæ цæссыг, — уары уадултыл йæ уардæй.

 

«Нурадин цæра, — Придонæн загътон, — не скæнæг æвдисæн, —

Ныр, куыд æй зæгъон, кæрон дæр нæй мæ хъизæмар, мæ рисæн,

Дæу куынæуал фенон, — зонын, уæд мæ рухс бон дæр æризæр,

Афтæ де знагæн йæ зæрдæ судзгæ-дудгæйæ фæризæд!

 

Фæлæ, нал мæ уырны, иугæр — ам ма разына мæ уарзон, —

Бар мын ратт æмæ та дарддæр ме ‘лгъыст цардвæндаг ивазон».

Фемæхст фысымæн йæ цæссыг, цæсгом афæлдæхт мылазон.

Загъта: «Ме ‘фсымæр, æнæ дæу ныр куыд цин кæнон, куыд хъазон?»

 

Хабар адæммæ куы фехъуыст, — уынгты хъарм цæссыг ысмалтау;

Алчи цæстытæй æнæвгъау ирд цæппузыртæ ныккалдта.

Чи мын пъатæ кодта, чи сæ тыхст мæ уæрджытыл, — лæуу уал, дам,

«Мах — дæ сæрылхаст, æнæ дæу циу нæ удæгас, нæ цард та?!»

 

«У мæхицæн дæр бæгуы зын, абон а бæстæй фæцæуын,

Фæлæ, — загътон сын, — æнæ уый мæн паддзахбадæн нæ хъæуы.

Искуы уацары дзыназа, — мæн цы хъуыддаг ис уæлæуыл?!

Макæ, ма дзурут, æдых у ам уæ фæндиаг, уæ кæуын».

 

Нурадин-Придон ыскодта уæд йæ сау æфсургъ мæ разæй:

Ахæм ницы мæм и д’ аккаг хорз, æвæджиауæй, уазæй;

Зонын, ацы ‘фсургъ дын мулкæй у бæллиццагдæр, мæ уазæг,

Уый дæ, уадтымыгъы ‘хситтау, рог ыскъæфдзæнис æдасæй.

 

Придон рацыди мæ фæстæ, бæстæ баталынг нæ куыдæй.

«Цæй, хæрзбон»,-зæгъгæ, мыл атыхст, хайджын — ме стыр хъыг, мæ фыдæй!

Ног та ‘рхæндæгæй ныккуыдтой адæм уый фенгæ, бæгуыдæр:

Ниугæ баззад, цыма мæнæ фырт фæхицæн ис йæ фыдæй.

 

Дарддæр ацыдтæн, хæтын та, зилын дунейы кæрæтты;

Къуым нæ ныууагътон æнæсгæрст никуы сурыл æмæ дæтты,

Фæлæ, марадз зæгъ, нæ фæци чызгæн фембæлæг йæ фæдтыл!

Æмæ схъæддаг дæн, фыдмаст мын мисхал удæнцой нæ дæтты.

 

Загътон: «Дарддæр ма мæ фæндаг уæгъды денджызтыл цы дарон?

Мæнæ сырдты ‘хсæн мæхицæн хъæды удæнцой ыссарон».

Æз Асматитæн: «Фæфыстат удæй бирæ дæр ма хъалон,

Æмæ не ‘мбæлы, сымах ма хъæды хъизæмарæй марон.

 

Ныр фæфардæг ут, ыскæнут исты ‘ндæр сæрфат уæ цардæн,

Кæд мæ судзаджы цæссыгтæй хайджын нал уаиккат дарддæр».

«Ма зæгъ, — дзурынц мын, — нæ уыдзæн уæд нæ уды сагъæс къаддæр,

Бар нын ратт æмæ кæндзыстæм демæ цин дæр æмæ ‘нкъард дæр!

 

Макуы ма ‘рцæуæд, тызмæг ныл афтæ рахæта нæ Хуыцау,

Æмæ мауал уынæм немæ дæу дæ саулохыл, нæ хицау.

Ды — нæ хурзæрин, æнæ дæу махæн ницы у нæхи цард!

Хатт дæм худгæ дæр фæкæндзæн амонд, — цасфæнды дæ лидза».

 

«Афтæ баззадысты мемæ, тынг мæм бахъардта сæ лæгъстæ.

Гъе стæй адæмæй, — куырм уыгау, — иппæрд иунæгæй æмбæхстæн…

Æмæ, се ‘мдзæринау, семæ цардтæн саг-сæгуыттæн, сæгътæн,

Дард, æдзæрæджы мæ сагъæс кодтон атагъатæн, хæхтæн.

 

Ацы стыр лæгæт сæхицæн ам домбай уæйгуытæ скъахтой.

Хæст нын бацайдагъ, бæргæ сæ кардæй карз тохы фæцагътон,

Фæлæ уыдон дæр сæ быныл мæн æнæ цагъар ныууагътой

Æмæ ме ‘намондæн ноджы марг мæ зæрдæмæ ныттагътой.

 

Гъе уæдæй фæстæмæ мæнæ цæрдтæй мæрдты ‘хсæн лæзæрым;

Куы кæм уадзыгæй ныххауын, куы кæм фæкæуын мæ сæрыл.

Мæстæй рафтыдис Асмат дæр, мемæ лæгæты цы цæры?!

Æз фæхæстæг дæн сыджытмæ, ризын ингæны къæсæрыл.

 

Уыд ыстайы ‘нгæс мæ рæсугъд, уымæн бауарзтон ыстайы,

Уымæн ме стайдзарм уæлæфтау мæн, кæлæнтæ фынау, сайы.

Уый мын бахуыйы мæ хогонд æмæ чызджы мæтæй тайы.

Мæн мæхи марын куыд фæнды! Фæлæ цардæгасæй зайын.

 

Ахæм ничи ис, нывыл ын йе ‘гъдау радзура ныхæстæй,

Æмæ уыцы хур æрттивгæ атахт, атары мæ цæстæй.

Бадæн уый тыххæй æмдзæрин хъæды сырдтимæ йæ фæстæ

Æмæ ме скæнæг Хуыцауæй курын тагъд мæлæт æрмæстдæр».

 

Тариелы рустыл фемæхст цæссыг, — тугæмхæццæ уайы;

Цыма лал фæрдгуытæ тулы рухсдзыд урс-урсид дзæнхъайыл.

Автандил кæуы, йæхи та уый дæр уардидоны найы.

Чызг лæгъстæ кæны, йæ куыдæй исчи, марадз зæгъ, æнцайы.

 

Дзуры йе ‘рдхордæн фæстагмæ Тариел, мæгуыр, æнкъардæй:

«Дæу ысбуц кодтон, мæ зæрдæ уый хыгъд фесхъаудтон цыргъ кардæй:

Зоныс, алцы дын бæрæг у ныр мæ хъысмæтæй, мæ цардæй.

Аздæх, цæй, мæ бон, дæ хурмæ, — фаг дæм фенхъæлмæ каст дардæй».

 

Автандил зæгъы: «Зын мын у, мæн дæуæй мæ къах нæ хæссы;

Зонын, ахицæн дæн иугæр, — ниугæ калдзынæн мæ цæссыг.

Хъус-ма ‘ргом ныхас, ныббар мын, — афтæ сар кæнын нæ бæззы, —

Ды кæуыл мæт кæныс, уымæде ‘нкъард сагъæсæй цы ‘ххæссы?!

 

Зæгъгæ, хосгæнæг фæрынчын, — уымæй хосгæнæгдæр ма уæд, —

Уайтагъд басиддзæн æндæрмæ уый — йæ низыхатт фæлгъауæг.

Уымæн радзурдзæн йæ уавæр, сон æй бадомдзæни науæд:

Исчи искæйы низ — сурæг, исчи искæйы рис — хъауæг.

 

Уæдæ, хъус-ма мæм, нæ кæнын хус, былалгъ ныхас рæузоцдæй, —

Байхъус мин хатты, мæ дзырдыл хъоды ма бакæн æнцонтæй:

Зон, нæ бауыдзынæ ницы ды дæ зæрдæзнæт, дæ сонтæй.

Мæн цæуын хъæуы мæ хурмæ, бирæ нал баззад мæ бонтæй.

 

Уарзты фидары нысанæн фенон уый æмæ зæгъон ын:

Ацал-ауал азы хъæды дæу цы судзгæ сагъæс домы.

Иу, æрмæст уал дæ мæхæдæг зæдты ‘вдисæнæй цы домын, —

Не ‘муд, не ‘нувыд цæдис нын хъуамæ балхынцъ кæна сомы.

 

Ратт мын фидар дзырд, — уыдзынæ ам дæ рох къæдзæх-лæгæты,

Æз æрцæудзынæн фæстæмæ, — демæ ‘рмæт кæнон дæ мæтыл,

Зæгъгæ, бахъуыди дæу тыххæй, — райгæ сæмбæлон мæлæтыл;

Арвы бафæндæд, нæ къухы бафта хурзæрин — тæмæнтын!»

 

Тариел фæзæгъы: «Диссаг, хи æцæгæлоныл мары!

Афтæ уардийыл йæ сонт уд никуы булæмæргъ нæ хъары.

Дæу куы ферох кæнон искуы, — ноджы бахауон фыдсары.

Æммыст, тагъд та дæ куы фенин ам — мæ талмбæлас хæлары!

 

Де ‘рвон талмгуыр мыл кæд искуы аууон — удæнæхцон — тауа,

Ма ‘гъгъæл, — маргъау ма мæ зæрдæ хæхтæм сатæгагур хауа!

Уас, дæ фæливæг æнусмæ хайджын хуры рухсæй ма уа!

Рацу, ра, мæ хур, мæ цин та худгæ дидинæг æфтауа!»

 

Ууыл балхынцъ и сæ сомы æмæ мигъаууæтты, хуртау,

Ногæй бацыдысты, рустыл фегъуыз урс дзæнхъа, фæбур та.

Уый фæхицæны зын сагъæс удмæ, знæт сырдау, лæбурдта

Æмæ сбон кодтой хæларæй иумæ иу мады хъæбултау.

 

Райсом бондзирдзурыл фестад Автандил йæ хуыссæнуатæй.

Загъта йе ‘рдхордæн: «Хæрзбон уал!» Иу сæ нал æфсæсти пъатæй,

Тариелы зæрдæ й’ ацыд цыма фелхыскъ кодта фатæй.

Хъæзы ф’ аууон æмæ ‘хсыдта Автандилы дæр фыдкатай.

 

Хъæзмæ чи рауад йæ фæдыл? — Уый, Асмат, мæгуыр, — дзыназы,

Куы йæ зонгуытыл æрхауы ниугæ лæппуйæн йæ разы,

Зæгъгæ, тагъд, дам, æм æрыздæх, чызг йæ хъуыры цъар ивазы.

Лæппу: «Хорз, мæ хо, дæхицæн ма кæн додойæ уæлдай зын.

 

Бабыхс иу чысыл, тындздзынæн æз æвæстиатæй ардæм,

Ацу, хъахъхъæн æмæ лæппу цоппай мауал кæна дарддæр.

Мæй, дыууæ мæймæ зындзынæн, кæнæ, зонут-иу æй, мард дæн,

Фæлæ ма зæгъут, — сымахыл искуы рацæуон мæнгардæй».

АВТАНДИЛ ÆРЫЗДÆХТ АРАВИМÆ

Рацыд лæгæтæй, йæ рустыл цæссыг тугæмхæццæ уайы

Æмæ фæндагыл йæ фæстæ хъулон арвыронау зайы;

Бæстæ сызнæт ис, ысхъомпал, тугвæд хъæддаг сырдты сайы.

Уайы бæх, тæхы, тымыгъау, æмæ фæндаджы дæргъ тайы.

 

Мæнæ ‘рбахæццæ ис, йе ‘фсад дард цы ран ныууагъта, уырдæм;

Федтой, базыдтой йæ, систой цинæй лæппуйыл тыгуыртæ;

Шермадинмæ дæр хæрзгæнæг батахт иу цæсты ныкъуылдмæ,

æгъгæ, не спаспет фæзындис æмæ мауал бад ныхкъуырдæй.

 

Рауад, йе ‘фцæджы ныттыхсти, цины хъарм цæссыгтæ калы,

Мæнæ лæппуйы цæссыгтæй быдыр аныгъуылди малы.

Дзуры: «Фыны ис дæ цагъар, æви федта ма дæ хъалы?

Автандил цæра, дæуæн уый никуы фенынæнхъæл нал уыд!»

 

Йе ‘муд, йе ‘нувыд цагъарыл Автандил тыхсы, узæлы:

«А, сæрæгас дæ! — Хуыцауæн табу уый тыххæй æмбæлы».

Чи куыд барджын у, куыд уæздан, афтæ спаспетыл æмбæлы;

Райынц хистæрæй-кæстæрæй æмæ цины уынæр зæлы.

 

Лæппу рухс галуанмæ бараст йе ‘фсад, йе ‘мсæртæн сæ разæй,

Æмæ ‘рбамбырд ысты уырдæм сахар уайтагъддæр æгасæй.

Цин, адджын пъатæ фæстагмæ спаспет раивта минасæй.

Уым цы куывд ысцырын, уымæн нæй ыснывгæнæн ныхасæй.

 

Хъусы спаспеты ныхасмæ Шермадин — æмыр, æнæсым.

Уыцы хуры, дам, ыссардтон, фæлæ бавзæрстон цынæ зын!

Тариелы коймæ цæссыг ризы йе ‘рхæндæг хъæлæсы:

«Нæу мын мур уæлдай, — æнæ уый бадон галуаны, гъе, къæсы!»

 

Шермадин дæр ын лыстæггай уæд сæ хабæрттæ фæдзырдта:

«Æз ныссусæг кодтон д’ ацыд, хъуыддаг иу лæг дæр нæ зыдта»,

Спаспет æхсæвы йæ фæллад уым адджын фынæй фæсырдта;

Фестад райсомæй, фæраст и, — хæхтыл хур йæ был куы скъуырдта.

 

Фынгыл не ‘рбадти, цæугæ уал, исдуг йе стонгыл фæхъæцдзæн.

Шермадин, кæмдæр, йæ разæй цины уацхæссæг фæхæццæ.

Лæппу ‘ртæ бонцауæн атахт, — уыд дæс бонцауы цы дæрддзæг;

У йæ цинты цин домбайæн хурты хурзæрин тынуæццæ.

 

Шермадин Ростан-паддзахæн Автандилы номæй загъта,

Зæгъгæ, де спаспет ныхкъуырд у, йе ‘фсад де ‘вастæй ныууагъта;

Фæлæ сайраг уыд, — йæ уд ын уыцы барæджы мæт къахта.

Ныр зæрдæнцойæ дæ бæстæм ног æрбавæрдта йæ къах та.

 

Ростеван паддзах фæхудти, цинæй барухс ис йæ зæрдæ.

Шермадин дæр та йæ разы ног фæуæндон и, фæцæрдæг:

«Спаспет сæфт барæджы ссардта, тагъд фæзындзæнис йæхæдæг».

Ростеван зæгъы: «Уæ паддзах гъеныр нал уыдзæн æрхæндæг!»

 

Бацыд, барухс кодта лæппу Тинатинæн дæр йæ зæрдæ:

«Раздæхт не спаспет, æрхаста цины, диссаджы хабæрттæ».

Чызгæн акалдта йæ цæсгом, ирд сæуæхсидау, цæхæртæ.

Шермадинæн дын æнæвгъау бирæ ракодта лæвæрттæ.

 

Хъæлдзæг абадтис йæ бæхыл Ростеван — сæрхъал, сæрыстыр,

Автандилы размæ раЦык — кад у спаспетæн бæгуы стыр.

Раст, фыдау æмæ хъæбулау, уы.м кæрæдзийыл тыхстысты.

Семæ — галуаны уæздæттæ-цинæй, расгуытау, уыдысты.

 

Ростеван-паддзах куыд баввахс, афтæ ‘гъдауджын лæппу ‘рфистæг.

Арфæ ракодта, фыдау ыл атыхст райгондæй йæ хистæр.

Галуан барухс и сæ цинæй, калынц рухс тæмæн йæ систæ,

Алчи байрадис, æмбойны атар, атадысты ристæ.

 

Спаспет — домбæйтты домбайдæр кодта хурты хурæн арфæ;

Лал, хъырмыз былты фæхудтæй айсæфт сагъæсæн йæ тар фæд.

Чызг алдзæн рухсæй æрттывта, уæд цæй сæраппонд, цæй алфæн?

Уый зæххон цардæн нæ райгуырд, райгуырд рухстауæй уæларвæн.

 

Куывд нæртон ысцæттæ, галуан бадынц изæрмæ минасы;

Ростеваны зæрдæ райы — Автандилы уындæй расыг.

Мит — сæ иуы сæрыл, иннæ ирд сæууон æртæхы хъазы,

Уарынц, драхмæтау, сыгъзæрин, налдæр ауæрдынц алмазыл.

 

Минас балхынцъ ис, йæ хæдзар алчи дзагармæй æрфарста.

Паддзах йе ‘мсæртимæ дарддæр бады, бацайдагъ ныхас та:

Лæппу радзырдта — йæ балцы зын цы бавзæрста, кæм бастад,

Уыцы барæджы цæссыгвæд уый цы уæзгуытæм фæхаста:

 

«Дис уæм ма кæсæд, — йæ коймæ бафта ‘нкъард сагъæс мæ удыл:

Хур зæгъон æмæ уæларвы хур дæр уый хуызæн нæ худы.

Ууыл чи нæ кæна ‘рратæ?! Уымæ кæс æрмæст, — тæхуды!

Фæлæ уардийæн йæ уды сындз нынныхст æмæ йын дуды».

 

Лæг куы фæцуда, куы ‘ртыхса маст фыдбылызау йæ сæрыл,

Уарди сбур уыдзæн сафранау, фестдзæн фидыц хъæз æхсæлы.

Автандилы рустыл цæссыг Тариелы коймæ згъæлы,

Дзуры хистæртæн лыстæггай æмæ йе ‘нкъард хъæлæс зæлы:

 

«Лæгæт бацахста лæгдыхæй, бацард уæйгуыты хæдзары,

Уым йæ хуры ‘ххуырст чызг йемæ тухи барвæндæй æвзары,

Федтон лæппуйыл ыстайдзарм, уый сырх даритæ нæ дары,

Цардæй иппæрд ран ын сагъæс арт йæ сонт зæрдæйы ‘ндзары».

 

Дзырд, нымад куы фæци спаспет йе ‘ппæт тухитæ, йæ зынтæ, —

Хъæды лæгæты куыд байрад хурты рухс хуры фæзындæй, —

Алчи раппæлыдис уымæн йе ‘хсар, йе ‘гъуыстаг хæрзуындæй:

«Диссаг басгуыхтæ, — йын загътой, — дардыл дзæгъæлы нæ зылдтæ».

 

Цыма хингонд уыд, — æдзынæг Тинатины рæсугъд хъуыста;

Бадти хъæлдзæгæй йæ цуры, фынгæй изæрмæ нæ сыстад.

Рацу, фен, дам-иу мæ, — чызг æм фæсбадт йе ‘ххуырстæн æрвыста,

Риу æхцон ыссыгъд, — цыма уа цин æхсызгондæр, æгъуыстаг!

 

Абадт хуры фарсмæ зæрдæ, лæппу худгæбылæй уайы.

Лал фæлурсгъуыз у, — фæзынди балц домбæйтты ‘мдзу домбайыл.

Фæлæ бакæс æм, — йæ конды царды ‘нусон фидыц райы.

Зæрдæ — зæрдæйыл æнувыд — сусæг уарзты зынгæй тайы.

 

Тинатины рæсугъд бады, хурау къæлæтджыны хъазы,

Цыма Евфратæй æнхъæвзы уаз дон дзæнæты бæласыл.

Цæсгом — рухсцырен, дзæнхъайау, дзыкку — сатæгсау сынтбазыр;

Зондджын грекъаг дæр аккаг аргъ уымæн не скæнид ныхасы.

 

Чызг ын ацамыдта, — ‘рбадти лæппу бандоныл йæ цуры;

Цыма рухс амонд æркодта Хурты хуры фарсмæ хуры.

Райгæ, хъæлдзæг у сæ ныхас, иу сæ иннæйы мæт суры.

«Хорз у — де ‘нкъард балц наæ фæци уæгъды!» — чызг æм худгæ дзуры.

 

Автандил зæгъы: «Фæхæст уæд лæг йæ бæллицтыл æрмæстдæр,

Æмæ нал æмбæлы, мыса ивгъуыд тухиты фыдрæстæг.

Æз дзæм-дзæмы былыл федтон рухс аза-бæлас мæ цæстæй;

Уарди ‘рттывта, фæлæ бампылд, — масты сау маргæй фæхъæстæ.

 

Талм — йæ конд, йæ бакаст — уарди, тухи, хъизæмар æвзары.

Рухс, цыкурайы фæрдыгау, фесæфт йе ‘рвон зæд, фæтары,

Ие ‘нкъард ууыл у, мæнау æй, уарзт йæ уацары кæй дары».

Æмæ радзырдта, куыд фембæлд уыцы хурдзæсгом хъайтарыл.

 

Тухи цас федта, куыд нал уыд йе ‘нкъард сагъæсæн кæрон дæр;

«Фæлæ Стыр Хуыцауæн табу — фесты хъизæмары бонтæ.

Уыцы саглæппу фæлыгъди сырдтæм адæмæй бынтондæр

Æмæ, хъодыгондау, зилы дард æдзæрæг бæсты сонтæй.

 

Уæвгæ, ма мæ фæрс йæ уындæй, — нæу йæ ныв кæнын мæ хъару;

Уый цы лæг нæ федта ‘рттивгæ, уымæн дун-дуне мæйдар у.

Исы цæсты тигътæ, хурау, æви судзгæ фæрдыг лал у?!

Уарди сбур-бурид, сафранау æмæ рухс цырагъау нал у».

 

Алцы радзырдта, — цы федта, гъе, цы дам æрцыд йæ хъустыл:

«Бацард тар лæгæты стайау, — хур кæдæм нæ дары рухс тын,

Йемæ — иунæг чызг, цæссыг ын уый ыссур кæны йæ рустыл.

Оххай, гъе, хъысмæт, цæмæн у лæг дæ хъазæнхъул æнусты!»

 

Чызг йæ зæрдæйы фæндиаг цины ‘хцон хабармæ хъуыста,

Æмæ рухскалгæ йæ рустыл мæйæн ирд сæуæхсид сыстад,

Æмæ бафарста: «Домбайæн уæд куыд кæнгæ у æххуыс та?

Зæгъ, — йæ зæрдæйы хъæдгомæн хос цы уыдзæнис æгъуыстаг?»

 

Автандил ын загъта: «Зоныс, — нæй зæрдæдарæн мæнгардыл;

Уыцы саг лæппу йæ зæрдæ дары ме ‘ххуысыл, мæ кардыл…

Ард ын бахордтон зынг хурæй, — цæй, цы ма йæ дзурон дардыл.

Тагъд нæ ныздæхтæн, — нымайдзæн мæн цæрдудæгасæй мардыл.

 

Бахъуыд, уæд хæлар хæларæн хъуамæ ‘ргъæу мæсыг уа, фидар;

Зæрдæ зæрдæйыл — æнувыд, се ‘хсæн уарзты фæндаг хидау;

Уарзон уарзоны рис зона, — рох дзы макуы уа йæхи ‘гъдау,

Цæй цы бакæнон, мæ удыл бадынц сау сагъæстæ мигътау?!»

 

Хур йæ мидбылты фæхудти: «Зæрдæ ‘хсызгон цин æнкъары:

Иуæй сæфт барæджы ссардтай æмæ сæмбæлдтæ хæдзарыл,

Иннæ уый æмæ дæ зæрдæ буд нæ судзгæ уарзтæн дары

Æмæ уыцы буд мæ риумæ, раст æвдадзы хосау, хъары.

 

Амонд, боныгъæдау, ивы, нæй зæрдæдарæн хъысмæтыл; —

Куы зæрин хурæй нырттивы, куы тæрккъæвдатæй ныннæты.

Акса, мæнæ мын куыд ивы ме ‘нкъард амонды цыллæ тын!

Цин йæхи ‘гъдауæй куы ‘рцæуа, уд ма уæд æфтдзæн цы мæтыл?!

 

Ды дзырдвидар дæ, зæрдæууæнк, хорз у, бахъахъхъæ дæ сомы;

Де ‘рдхорд де ‘нхъæлцау дзыназы — ма ‘гъгъæл исчи дæ уромы —

Хос ын бацагур йæ низæн, аздæх — ардбахæрд дæ домы.

Фæлæ де ‘рцыдмæ куыд лæууон æз æнæ хурæй зындоны?»

 

«Авд ысфыд кодтон мæхицæн, мæнæ бафтыд ма сыл ыстæм;

Ихдон чи хъарм кодта фуйæ, уый ми бакодтон, зæххыстæн.

Уарзт зæххон пъатæм кæд æрхауд? — у уæларвмæ баст рæхыстæй!

Ам уон, — сайраг дæн, фæцæуон — зæрдæ демæ и рæхуыстæй!

 

Ныр цæуон æмæ куыд цæуон? — Автандил кæны утæхсæн, —

Фатæн милмæ ‘вæрд — мæ зæрдæ, нæу зынцæфгæнæн, зынæхсæн.

Цард ысцыбыр ис æртывæр, тагъд мын ралæудзæн фыдæхсæв;

Лидзын тухитæй, фыдмастæй, фæлæ никуы ис æмбæхсæн!

 

Уæвгæ ‘мбарын дæ, дæ дзырдтæ, зон, мæ сагъæсы сæр систы;

Сындзы чи ратона уарди, уый хæцын хъæуы йæ ристыл;

Фæлæ басгуых ма мæ балцæн хурты хурзæрин æвзисттын:

Тинатин цæра, чысыл мын ратт зæрдылдарынæн исты». —

 

Афтæ, уд æмæ дзæцц чи уыд, саг, хæларзæрдæ, хæрзæгъдау, —

Чызгмæ ‘хцон æвзагæй хатыд æмæ, хистæрау, фæдзæхста.

Уый йын лал цонгдарæн радта, лæппу фырцинæй ныргъæвстау,

Цæй, Хуыцау зæгъæд, — сæ бæллиц тагъд йæ нысаныл фæхæст уа!

 

Лал, налхъуыт-налмас мызулæй, хурау, цæсты тигътæ исынц;

Талм, аза-бæлас дæр афтæ — иумæ ‘рвон фидыц æвдисынц,

Бафсæд уыдонмæ кæсынæй циндзаст амондджын цæдисы.

Уарзон уарзонæй фæхицæн, — бафтдзæн судзгæ рис йæ рисыл.

 

Хорз фæрæвдыдтой кæрæдзи, фæлæ уарзты монц цы сæтты!

Рацыд чызджы уатæй лæппу, мысдзæн ацы уысм йæ сæнтты.

Хурæй судзгæ цæссыг фемæхст, — бафтыд тугæмхæццæ дæттыл:

«Бафсæд, ба, хъысмæт, мæ тугæй, — мур мын удæнцой нæ дæттыс!»

 

Цыд æрхæндæгæй сæхимæ спаспет риухойгæ йæ мæстæй:

Уарзт æгъатыр у, фæцæуы уарзон иудадзыг сыгдзæстæй.

Хур куыд аныгуылы мигъы, афтæ саудалынджы — бæстæ.

Нал и спаспетæн рæсугъд бон, ис ын тар æхсæв æрмæстдæр.

 

Цæссыг уадултыл ивылы æмæ туджы ‘ртæхтæ ласы.

Дзуры: «Хурзæрин мæ сæрмæ арвыл нал тæхы зынгбазыр;

Диссаг, сау, фæлмæн цæстыхау, — тасы ‘ндон зæрдæ дæ разы!

Амонд, йе ‘нæфенгæ, демæ циныл макуы мæ кæ разы!

 

Раздæр, талм бæласау, худтæн, калдтон рухс тæмæн, цырагъау,

Ныр — адзалы къухæй фатдзæф — систон дунейы хъыг, уаргъау;

Бахауд къæппæджы мæ зæрдæ, — хурмæ нал тæхдзæни маргъау

Æмæ бамбæрстон, — æппæт дæр царды тутт кæй у, мæнг аргъау!»

 

Афтæ сар кæны, уынæргъы, ниуы, ‘рхæндæгæй дзыназы;

Цыма талм бæлас гуырвидыц уады знæт уылæнты тасы;

Хурæй ахицæн и, дуды, сагъæс лæппуйы уд ласы.

Уастæн, бастъæла, — фæстагмæ халон алы лæгыл уасы!

 

Автандил сæхимæ баздæхт, цæссыг уадултыл нæ сысы

Æмæ, рухс зæдау, зæрдæскъæф уарзон сау рæсугъды мысы.

Уарди халасы ныффæлурс, хурæй ахицæн хæрз чысыл

Æмæ, диссаг у, — йæ рустыл ризгæ царды тын фæхуыссы!

 

«Зæрдæ ‘лгъыст æмæ кæрæф у, зыд, æнус æфсис нæ зоны;

Мастæн нал бабыхсы, цинмæ рæвдз йæ бæттæнтæ фæтоны;

Куырм, æдылы зæрдæ, хивæнд — кад, паддзахы бартæ домы;

Тас, мæлæт зæгъай, зындзинад, — никуы ницы йæ уромы!» —

 

Афтæ, зæрдæйæн куыд æмбæлд, ахæм карз тæрхон куы скарста,

Уæд йæ ризгæ былтæм лæппу чызджы цонгдарæн ысхаста,

У йæ лал фæрдгуыты ферттывд чызджы рухс дæндæгты хъазтау,

Æмæ судзгæ цæссыг фемæхст, цæссыг хивæнд у, — кæй фарста?!

 

Райсом раджы йæм сæумилтыл паддзах минæвар æрвиты.

Автандил фæраст, йæ риуы маст, цæджджинагау, æхсиды.

Адæм гуылф кæнынц йæ размæ, — се ‘гъдау сын æгъдауæй фиды.

Уæртæ паддзах дæр — пæрзифтонг, гуымсæг цуанвæдисмæ сиды.

 

Бæхыл абадти, сæуæхсид хицау рахæссы йæ уартыл;

Уасынц сыкъатæ цъæхснагæй, гуымсæг бацыдис йæ барты;

Хур сæ уаритæй нытталынг, не ‘ххæст цæст сæ бæр егартыл;

Уайтагъд адардта сырх хъулон быдыр сырдты тугæй дардыл.

 

Фæсцуан раздæхтысты хъæлдзæг, фæлæ стонг æмæ фæлладæй;

Галуан хъал уæздæттæй байдзаг, бæстæ — хотыхдар æфсадæй.

Куывд-минас ысцырын, фынгтæ тасынц паддзахы бæркадæй,

Æмæ сызмæлыди дуне чанги, чагъанаты цагъдæй.

 

Спаспет хицауы цур бады, дзурынц, — бакæс сæм, тæхуды!

Уарди-лал былты зыхъхъырæй рухс дзæнхъа дæндаг фæхуды.

Бадынц уæздæттæ сæ дæле, дарддæр æфсад æмæ удыл

Тариелы коймæ сагъæс ног æртыхст, æмæ та дуды.

 

Лæппу раздæхти сæхимæ, æмæ цæссыджы куыд мæцы!

Маст ын арауы йæ зæрдæ, уый, йæ уарзоныл нæ хъæцы.

Уаты ‘рхуыссы, фæлæ сысты, цæстъгл цъынд, хуыссæг нæ хæцы,

Искуы сонт зæрдæ йæ коммæ бакаст, — чи зæгъдзæни, кæцы?!

 

Дзуры хуыссæны: «Мæ уд мын ай цы дудгæфыд æхсыны?!

Цæст дæ талм гуырæй фæхицæн æмæ бахаудтæн фыд-зыны.

Сайраг, додойаг йæ сыгъд сæр, — дæу цы сонт уарзон нæ уыны!

Хъалы нал бæллын дæ уындмæ, — æммыст фенин ма дæ фыны!»

 

Афтæ ‘рхæндæгæй фæкуыдта Автандил йæ уаты цасдæр,

Загъта стæй, бецау, йæхицæн: «Бабыхс, ба, мæ зæрдæ, ма стъæл:

Нæй нæ сагъæсæн хуыздæр хос, — бабын, бартхутæг уæд уастæн!

Бабыхс, удæн адджын цинау, у Хуыцауы ратгæ маст дæр.

 

Зæрдæ, сау ингæнмæ ма тындз, уæд нæ бафтдзынæ дзæнæтыл;

Цардыл амæлын хуыздæр у, — лæг куы фæтых уа мæлæтыл.

Фæлæ ма равдис, куыд дудыс уарзты судзаггаг кæлæнты;

Уæвгæ уарзоныл кæд æмбæлд, — дзура искæмæн йæ мæтыл?!»

АВТАНДИЛ ХАТЫ ВИЗИРМÆ, ЦÆМÆЙ ЙЫН БАЛЦЫ АЦÆУЫНЫ БАР РАКУРА РОСТЕВАНÆЙ

Бон куыддæр æрбацъæх, афтæ райста саг лæппу йæ гæрзтæ.

«Цæссыг, ма мыл рацу комдзог, — дзуры, — ма ратæдз мæ цæстæй!»

Сиды йе ‘рхæндæг зæрдæмæ: «Бабыхс, фенцай уал дæ хъæрзтæй!»

Араст визиры хæдзармæ, мæйау барухс кодта бæстæ.

 

Визир рауади йæ размæ: «Хур мыл йе ‘взист тынтæ тауы,

Рагæй, рагæй мæ мæ зæрдæ ахæм рухс цинæй рæвдауы!»

Рог ын акуывта йæ сæрæй, хорз ыл бацин кодта ‘гъдауыл;

Кадджын уазæгыл йæ фысым хъæлдзæг сæмбæла, — фидауы.

 

Лæппу ‘рфистæг ис йæ бæхæй, фысым — циндзаст æмæ разы —

Хатаеттаг зæлдаг тауы тыргъы спаспетæн йæ разы.

Бахызт хæдзармæ зæрин хур — дунерухскæнæг, зынгбазыр.

Загътой бинонтæ: «Нæ къуымты цыма уардийы тæф азылд».

 

Хурау къæлæтджыны сбадти уазæг кадæй æмæ радæй.

Райынц бинонтæ йæ уындæй, кодтой цинæй йыл æрратæ.

«Охх», «охх» хъуысы, цыма риудзæф фесты спаспеты цур фатæй;

Къухæй ацамыдта визир, — уайтагъд ахызтысты уатæй.

 

Æмæ иунæгæй куы баззад уазæг фысымимæ уаты, —

Дзуры: «Галуаны нæ рæзы ницы де ‘нæзонгæ — хатын:

Паддзах бакæсдзæн дæ коммæ, ды дзырддзæугæ дæ, нымады;

Басгуых хосгæнæг мæ удæн, — маст ыл, тар æврагъау, бады.

 

Уыцы барæгыл сагъæсæй зæрдæ басыгъди, бавзалы;

Уый цы нал уынын, — батадтæн æмæ бахаудтæн сау сары.

Уый мæ сæрвæлтау амæлид; ныр цы тухитæ бавзары!

Ие ‘муд, йе ‘рдхордæн адæмæй лæг рæдау лæджы равзары.

 

Тариелы уарзт… — кæсагау, сонт хауд бакодтон йæ хызы,

Æмæ ме ‘вастæй мæ цæссыг тагъд-тагъд уадултыл æрхъуызы.

Уый Ыстыр Хуыцау цырагъдар хур ысфæлдыста йæ хуызы.

Гъе стæй хо загътон Асматæй æмæ уый фæдзæхст дæр мысын.

 

Радтон дзырд æмæ ныууагътон дард мæ царæфтыд хæлары:

«Тагъд фæзындзынæн фæстæмæ, — де знаг бахауæд фыдсары!

Иумæ ссардзыстæм дæ хуры æмæ нал хитдзынæ тары».

Ме ‘мгъуыд — фæуд, мæ уд мын сагъæс артмæ, физонæгау, дары.

 

Визир, ма мын зæгъ: «Йаз сæрты де стыр ардбахæрдæн ахиз».

Зæгъ, куыд уыдзæнис — æз ам уон, уый та — уым, — мæ цонг, мæ рахиз?

Кувын, о, Хуыцау, мæ уд мын ахæм гадзрахатæй бахиз;

Лæг — мæнгард æмæ фæлитой — царды никуы уыд уæлахиз!

 

Радзур хицауæн мæ номæй, ног цы фæнд кæныс, цы хъавын;

Уыцы барæджы мæт, зæгъ, мæ, паддзах, афтæ тынг æндавы, —

Нæй мын бауромæн, намæ ам уон, — ахстæй мæ цы хъавы?!

Сарæхс, науæд мын мæ удæн сагъæс сау мæрддзæгтæ уафы.

 

Визир, бахат æм: «Дæ номæй адæм ард хæрой æнусты!

Иу Ыстыр Хуыцау — æвдисæн, уайдзæн тугдзæссыг мæ рустыл,

Фæлæ ме ‘рдхорды фæдисхъæр хъуысы, нал сысы мæ хъусты,

Зæрдæ басыгъдис йæ мæтæй, риумæ нал ныккæсы рухс тын.

 

Паддзах, нæй мын æм æдзæугæ, у мæ ныллæууын æвзæрдæр;

Ам куыд цæрдзынæн, цы ‘гъдауæй: йемæ баззади мæ зæрдæ?!

Кад дæуæн уыдзæн — куы ‘ркæнон мæрдтæй саг барæджы цæрдтæм.

Нæ, — уæд зæрдæимæ иумæ искуы бабын уæд мæ сæр дæр!

 

Паддзах, ма фæрисс, мæ балц мын мадæр банымай фыдгæндыл;

У Хуыцауы бар æппæт дæр, зилы царды цалх йæ фæндыл.

Уый мын, чи зоны, фæстæмæ тагъд æрыздæхын нывæнды,

Кæд нæ ‘рыздæхон, — фæтыхсæд де знаг, де ‘лгъитæг йæ сæнтты!»

 

Дзуры хурдзæсгом фæстагмæ: «Цæй, дæхæдæг зоныс дарддæр:

Аду, паддзахмæ мын бахат, бар мын ацæуынæн раттæд.

Равдис де ‘взаггæл, нæ уыдзæн уый дæуæн лæджыгъæд канддæр;

Айс хæрзгæнæггаг сыгъзæрин иу сæдæ мины гæртам дæр».

 

«Нæ, дæ гæртам уадз дæхицæн, — визир бахудти нымддзæстæй, —

У дæ бацамынд æгæрдæр: æз дæ фæдзæхсты ныхæстæ

Не стыр, не ‘нæрцæф паддзахæн дзургæ ракæнон æрмæстдæр, —

Мулк, фæллой лæвар ныккалдзæн, фаг мын ратдзæни, куыннæ стæй!

 

Уый мын фехъусæд мæ дзыхæй, — уым мæ ‘рбамардзæн, йæхистæн!

Уадз дæ сыгъзæрин дæхицæн, мæн æхца нæ хъæуы хистæн.

Цард-цæрæнбонæй кæм фенди мулк зынаргъдæр æмæ хистæр!

Нæ, нæ зæгъдзынæн, фæнды дæ фон æнусбонтæм æрмист дæр!

 

Алцы зондæй у, фæндонæй цардыл, цæй, мæ къух куыд исон?!

Маст ыскæндзæнис мыл ахæм, æмæ баззайдзæн æмбисонд;

Зæгъгæ: «Дзурын æй куыд уæндыс? Уый куы фæцыди дæхи зонд!»

Нæ, фæлтау мæлæт — æнцондæр; у хуыздæр — мæхи дзы хизон.

 

Гъе, зæгъæм, ысразы паддзах æмæ сæххæсти дæ сарвæнд,

Уæд куыд уыдзæн? — Ома не ‘фсад ам æнæ хицауæй рафтæнт,

Æмæ тохы бон уæлахиз не знæгтæн сæ къухы бафтæд? —

Цъиутæ цъиусуртæ куыд не суой, уый дæр никуы ‘рцæудзæн афтæ.

 

Лæппу схъæрзыдта: «Мæ риу мын, визир, ма ныррæхой кардæй;

Ау, зæххон уарзт дæ нæ сыгъта никуы йе ‘гъуыстаг цъæх артæй?

Кæнæ ‘мгаримæ нæ уыдтæ никуы фидар æмбаст ардæй?

Кæд уыдтæ, — зæгъ-ма, — мæнгардæй æз куыд байрайдзынæн цардæй?!

 

Хур фæцудыдта, фæкалди, бахауд дудгæбоны, сары;

Тагъд ын баххуыс хъæуы, уый нын калид рухс тæмæнтæ тары.

Уæвгæ, чи зоны, мæхийау — æз цы маст, цы цин æвзарын!

Нæй дзæгъæл ныхасмæ хъусæн, — исчи де ‘гъдауæн цы ‘мбары!

 

Кæнæ паддзахы цы ‘ндавы, кæнæ йе ‘фсады цы домы?! —

Æз цæссыгкалгæ мæ бонтæ тонын иунæгæй зындоны.

Зонут, нæй мын æм æдзæугæ — саг лæг никуы саста сомы.

Уый та… — чи зæгъдзæн ныхæстæй, уый цы дудгæ маст æвзоны?!

 

Визир, уагæры дæ зæрдæ у куыд æгъатыр, куыд уазал?!

Дур — мæ бынаты, цъæх æндон, уый дæр батаид мыдадзау.

Цæй, йæ цæстытæй цæссыггай лæг Геоны фурд куыд тадза?!

Ме ‘ххуыс бахъæудзæн дæу дæр та, искуы ‘рсурдзæн дæ фыдадзал!

 

Уый мæ н’ ауадздзæн? — Мæхæдæг æз фæцæудзынæн æвастæй;

Уадз, мæ хæлары сæрвæлтау бафтон рухс дзæнæтыл растæй!

Дæу нæ бафхæрдзæнис паддзах, баууæнд, — дзæгъæлы фæтарстæ,

Ацу, ракæн ын мæ хабар, бабыхс бахъуаджы фыдмастæн!»

 

Визир фенкъард и: «Мæ удыл сагъæс абадт, цыма пъæззы;

Цæй, куыд ныддур уон, куыд быхсон ныр дæ мæт æмæ дæ цæссыг!

Не знаг не ‘взаг у: дзырдарæхст хатт фыдбылыз дæр æрхæссы;

Хорз, æрхатдзынæн æм, сæфын, фæлæ ‘мгар сафын нæ бæззы», —

 

Загъта визир æмæ сыстад, хатæг галуанмæ фæраст и,

Паддзах йе ‘рттивгæ фæлысты бадти, худгæ хурау, касти.

Визир фергъуыйау, фæсæццæ, йе ‘хсар фыртæсæй фæсасти,

Уыцы иу ран æй, цæвиттон, исдуг истæмæй ныббасти.

 

Афтæ ‘рхæндæгæй, æнкъардæй Ростеван куы федта лæджы, —

«Визир, — дзуры йæм, — цы ‘рцыди, дæ куыддæр, цыма, уынгæджы?»

Уый тæрсгæ-ризгæ: «Мæ дзырддаг хъуамæ радзурон куырмæджы,

Уæвгæ, бахаудзынæн — зонын — æз дæ азары къæппæджы.

 

Маст мæ бадомдта, фыдуаг мын сагъæс ме ‘нкъард удæй хъазы;

Тасæй минæвар хызт вæййы, фæлæ бахаудтæн фыдтасы:

Ног йæхи курæг у спаспет, æз — йæ минæвар дæ разы;

Лæппу схауæггаг, йæ зæрдæ уыцы барæгмæ дзыназы».

 

Автандилы хабар визир дарддæр ранымадта ризгæ:

«Никуы никæйы-ма федтон афтæ искæуыл фæрисгæ.

Уый куыд сар кæны, йæ цæстæй судзгæ сау цæстысыг мизгæ!

Уадз, мæн басудзæд дæ фыдæх, хи дæ нал кæндзынæн хизгæ!»

 

Цыма паддзахæн йæ зæрдæ визир авæрдта цъæх артыл,

Уыйау акалдта цæха;ртæ, уфестад тасæфтау, æгъатыр;

Сонт фæхъæр ластак«Куыд уæндыс, æви бахыгътай мæн мардыл?!

У фыдлæджы ‘гъдау — фыдхабар тагъддæр адам кæна дардыл!

 

Цыма ‘хсызгон хабар хастай, уыйау удисгæ мæм тахтæ,

Зæгъгæ, паддзахæн йæ зæрдæ мæтæй арæдува тагъддæр.

Зондцух, уый зæгъынмæ ардæм ныр куыд æрбавæрдтай къах дæр?!

Ды цæй визир дæ? — фыдохы уацхæсс сау халон дæ, цъах дæ!

 

Де ‘лгъаг, ницæйаг дзæнгæда, маргау, хицауы куы мара,

Уæд кæй не ‘мбæлы сыбыртт дæр, уый та чи ма хъуамæ ‘мбара?!

Фест къуырма, Ростан, фыдмарг дæм хъустæй цанæфæлтау хъара!

Ныр дæ тæригъæд куыд хæссон, визир, сау туг дыл ныууара!

 

Автандилы ‘рвыст нæ уаис, уæд æрбадзурис æдасæй!

Уæд хæрзæггурæггаг фенис, абон ц’ ахæссис мæ разæй!

Фесæф, сонт фыдлæг, дæ сау туг зæххыл цалынмæ нæ разæй! —

Цы — дæ хъуыддаг, цы — дæ ныхас, цы дæ лæгдзинад æгасæй!»

 

Систа, бандон ыл ныздыхта, бандон базгъæлæнтæ къулыл.

Зæгъгæ, сæмбæлдис ыл, — дарддæр никуы сæмбæлдаид хурыл:

«Талмгуыр ацæуынмæ хъавы, уый куыд бауæндыдтæ дзурын!»

Визир сар кæны, йæ рустыл цæссыгтæ кæрæдзи сурынц.

 

Афтæ минæвар йæ сæрты ратахт галуаны къæсæрæн,

Æмæ ницы зыдта, згъордта ‘рмæстдæр, рувасау, хуыздæрæн.

Цин дæр æвзагыл и, маст дæр, йе ‘взаг — йе сафæг æвзæрæн,

Лæг йæ фыдгулæй йæхæдæг у фылдæр фыдхъом йæ сæрæн.

 

«Уый цы бакуыстон? — Хуыцаумæ ног йæ тæригъæдтæ хъары, —

Уый куыд фембылддæн, куырмæджы, ныр куыд хитдзынæн фыдтары?!

Афтæ хицауæн йæ фыдæх лæг йæ сæрхъæнæй ыссары

Æмæ развæлгъау зындонмæ уæд йæ мæгуыр уд æппары».

 

Визир лæппумæ баздæхти тыхст, æрхæндæгæй, таруындæй,

Загъта спаспетæн: «Сырæзтæн, акса, схъæзныг дæн; дарын дæ

Бирæ стыр хæрзтæ, бирæ ‘хца, — се ‘ппæт рамбылдтон д’ амындæй!

Уæ мæгуыр мæ бон! — де ‘мбæлæг, — мæнæ ме ‘ррайæ бабын дæн!»

 

Æмæ минæвар дæлгоммæ уæд йæ мызды кой æркæны;

Диссаг, уый ма йæ цы ‘ндавы, хатт йæ цæстысыг куы ‘ркæлы!

Дзуры: «Не спаспет йæ дзырдæн у нæртон хицау — æгъгъæлын:

Зон, гæртамы тых — йæхи дзы лæг зындоны дæр æлхæны.

 

Мæн куыд бафхæрдта нæ паддзах, — нæй йын радзурæн ныхæстæй, —

Сонт мæ не схуыдта, фыд-зæрдæ, уæдæ маргæвзаг, дзырдхъæстæ!

Æз лæгæн бæззинаг нал дæн, арв мыл баталынг и, бæстæ.

Иу — куыд баззадтæн сæрæгас, — ууыл дис кæнын æрмæстдæр.

 

Уæвгæ, развæлгъау, æмбæрстон, — афтæ рауадаид хъуыддаг;

Фæлæ не ‘рдардтон æрдумæ тас, — мæ зæрдæ мæм цы дзырдта.

Нæй Хуыцауы раз æрлæууæн, — иугæр амæлын æркуырдта:

Æмæ бархийæ фыдхъъысмæт мæн дæ сæрвæлтау æркъуырдта».

 

Автандил зæгъы: «Мак балцæн иунæг ахъуызын — йæ мадзал:

Ма уæд булæмæргъ, — æмпылын искуы уардийы куы уадза! —

Хъуамæ ирд æртах ыссара искуы удыхос — æвдадзау.

Дойны уардийæн хæларæй уый йæ хус былтыл æртадза!

 

Нæй мын удæнцой, зæрин хур мæн æнæ ме ‘рдхорд нæ тавы:

Уыцы саггуырд мын мæ зæрдæ хъæдмæ, сырдты ‘хсæнмæ давы,

Хицау ма ‘гъгъæлæд — ныртæккæ мæн йæ тохты мæт æндавы.

Чемæ нæй лæгæн йæ зæрдæ, уый лæгæй цымæ цы хъавы?!

 

Хъуамæ хицаумæ мæхæдæг иу хатт ноджыдæр ныххатон,

Æмæ, чи зоны, куы фена — мæтæй а лæппу куыд бадон,

Уæд ысразы мын уа, кæннод нæй æнæхъуызгæ, цы бадон?

Æз куы амæлон, ды дæр-иу, уæд, мæ дунейы хай, атон!»

 

Ууыл балхынцъ и сæ ныхас. Фынг ысцæттæ ис йæ рады;

Фысым райуæрста лæвæрттæ, фысым буц уазæгмæ хаты;

Йемæ чи уыдис — дзæбæх сæ федта алкæйы йæ кадыл.

Сыстад, ахæрзбон и лæппу, цыма хур аныгуылд уаты.

 

Уыцы хурдзæсгом, талмрæхснæг систа мин сæдæ йе ‘хцайæ,

Хорз атлас тынтæ ‘ртæ сæдæ, зæрдæ ‘лгъинæй йæм не ‘хсайы.

Лал фæрдгуытæн дæр равзæрста уый сæ хуыздæртæн се ‘хсайы

Æмæ визирæн арвыста хуын, — бæгуы мулк ын не схай и!

 

Æмæ визирмæ хуынимæ арфæ йе ‘ххуырстæн æрвиты:

«Ды цы зын федтай мæн тыххæй, уый дын никæй бон у фидын,

Фæлæ цалынмæ цæрон дын, туг нæ ныууара мæ цинтыл,

Уарзт дын бафиддзынæн уарзтæй, — уый дын ардбахæрдау сидын».

 

Цæй, куыд ын хынцон йæ хæрзтæ, кæд кæрон дæр сын нæ зыны, —

Уый цы сау диссæгтæ уадзы ном, лæгдзинадæй йæ быныл!

Æммыст, алкæмæн йæ нысан уаид уый хорз ми фæзмыны! —

Хион хицонмæ фæбæллы лæг йæ дудгæбон, йæ зыны.

АВТАНДИЛЫ НЫХАС ШЕРМАДИНИМÆ

Хуры халдих дын фæсидтис Шермадинмæ æмæ дзуры:

«Йе ‘мгъуыд ралæууыд мæ ныфсæн, уый мæ судзгæ сагъæс суры,

Ныр — дæхæдæг æмæ де ‘хсар, зоныс — де ‘ххуысæй цы курын».

Диссаг, цас уыди нæртон тых фидар се ‘муды бындуры!

 

Автандил зæгъы: «Нæ уадзы Ростеван йæ кой дæр балцæн;

Уый цæмæй зоны, йæ цагъар судзгæ сау цæссыг куыд калдзæн!

Зæгъгæ, басастон мæ сомы, мæн фæсмоны сагъæс мардзæн!

Арв мæнгард лæджы хæрам ми никуы никæмæн ныббардзæн.

 

Уæвгæ, къух сисын мæ балцыл нæй мæ хъуыдыйы кæроны,

Фæлæ бастъæла мæ зæрдæ — уый цы удхæссæг уромы!

Уый фæхауд, дзыназы, тагъддæр Тариелы фенын домы.

Иу — æнæхуыцау, фæлывд лæг царды басæтдзæн йæ сомы.

 

Ис æртæ ‘гъдауы, — нæ сайы уыдонæй хæлар хæлары:

Иу уал уый, æмæ йæхи йæм, уарзтæй арты судзгæ, ‘ппары,

Иннæ — ратты йын рæдауæй — царды йе ‘хсарæй цы ссары;

Аннæ — йе ‘рдхорды сæрвæлтау лæг йæ уд сыджытмæ хъары.

 

Дардыл нал дзурын, ахæм уысм бирæ чи ‘вдæлон дзурдзæнис:

Тагъддæр ацæуын, ахъуызын домы зæрдæйы судзгæ рис.

Фæлæ хъус æмæ це ‘ххуысæй кæд дæ хистæры сбуц кæнис;

Ам куы нал дый уон, — ма фæтыхс, уæвгæ уавæр дæ ‘рсурдзæнис.

 

Цух-иу ма ныууадз, фыццаджы, ды нæ паддзæхты лæггадæй,

Ратт сын хорз æгъдау мæ бæсты, райгæ раппæлой дæ кадæй,

Уæзæг бахъахъхъæ, уыдзынæ фидар хотыхджын æфсадæй.

Адæм, арæнтæ — дæ бæрны, дар дæ фæринк кард ыссадæй.

 

Бахиз не знæгтæй нæ бæстæ, бабæзз райгуырæнæн уартæн;

Хъахъхъæн: иузæрдыджы сбуц кæн, фæлæ ма ныббар мæнгардæн!

Фен, — дæ хæрзтæ дын куыд фидон, искуы ‘рбаздæхдзынæн ардæм.

Зоныс, хицауæн лæггады ис йæ фидыцы хос цардæн».

 

Шермадин, бецау, ныккуыдта: «Мах ам истытæ кæндзыстæм;

Тох куы бахъæуа — хæцдзыстæм, ис сæрфатгæнæн нæ куыстæн,

Фæлæ де ‘нæуынгæ, рухс хур, мах цы зæрдæйыл уыдзыстæм?!

Демæ ацæуин — дæ цагъар, — иумæ де ‘рдхордмæ тындздзыстæм.

 

Балц дæм иунæгæй, уæд та ма удхар, тухийаг нæ зыны?

Гъе, хъазайраг та кæд нæ уыд йемæ хицауæн йæ зыны?!

Ам куыд баззайон дæу мысгæ ныр мæ хъал æмæ мæ фыны?»

«Ма ку, — дзуры йæм, — дæ уд дын уæгъды сау сагъæс æхсыны»;

 

Шермадин цæра, дæ уарзт дын хатын де ‘рхæндæг ныхæсты,

Фæлæ не ‘рцæудзæн дæ фæндон, — ам кæй ныууадзон мæ бæсты?

Чи мын хъахъхъæндзæн мæ уæзæг? Уæвгæ, зоныс æй — æрмæст ды!

Уæдæ мауал зæгъ, — нæ уыдзæн, цæссыг ма ‘рттивæд дæ цæсты!

 

Гъе стæй уарзтæй сыгъд миджнурыл балц дæр иунæгæй æмбæлы;

Цæссыг — тугæмхæццæ уымæй искуы хицæн ран фæкæлы?

Цоппай йе ‘гъдау у миджнурæн, — хъæды сырдтимæ æмбæлын,

Рагæй, тынг рагæй æрæгмæ царды уыцы фæтк нæ хæлы.

 

Мыс мæ дард бæстæм хæларæй, цыма демæ дæн, дæ разы.

Уым мæ ‘ххуысгæнæг нæ хъæуы, — уа фæнды мæ цард тæразыл;

Саг лæг тухиты нæ тасы, мастæн дурæмыр фæразы.

Фестад ме ‘нæуынон, — хъулау, тас кæй зæрдæйæ фæхъазы!

 

Уый, — æз ахæм дæн — ныммæлин кафгæ ме ‘рдхорды сæрвæлтау;

Царды се сбурмæ нæ бæллын азтæн джитърийы зæрæдтау;

Балцы ацæуыны бар мын радта хурты хур æнæнтау;

Зоныс, баззади мæ зæрдæ Тариелимæ мæнæн та.

 

Мæнæ паддзахмæ мæ ныстуан, айс æй, бахæсс æй мæ фæстæ.

Айс мæ бæрн æмæ мæ бæсты бакæн кадимæ мæ хæстæ.

Зæгъгæ, нал æрцыдтæн, — ма райс кард дæхимæ дæр дæ мæстæй;

Ниу, фæку мыл-иу æрмæстдæр, кал-иу сау цæссыг дæ цæстæй.

АВТАНДИЛЫ НЫСТУАН РОСТЕВАН-ПАДДЗАХМÆ

Тар, æрхæндæгæй, æнкъардæй лæппу ныстуаны ныффыста:

«Паддзах, ахъуызыдтæн, мæнæ, рыг мæ балцвæндагыл сыстад.

Нæй мын ам лæууæн, цæвиттон, дæн æнæ ме ‘рдхорд зынгхуыстау,

Арфæ ракæ мын, æниу дæм, уæвгæ, де спаспет нæ хъуыста.

 

Зонын, дзурдзынæ фæстагмæ, — раст кæй бакодта дæ кæстæр;

Йе ‘рдхорд, йе ‘мгарыл йæ зæрдæ зондцух сивдзæнис æрмæстдæр.

Паддзах, бауæндон, — зæгъон дын зондджын Платоны ныхæстæ:

Сайд ми, гадзрахатæн уæнгтæй удмæ бахъары сæ хъæстæ».

 

Кæд фыдамонды ратæдзæн ис мæнгард мийы, сайыны,

Уæд куыд фæсайо,й ме ‘рдхорды, — зæрдæ стыхст æмæ ‘хсайы ныр!

Зондджын амындты зонынæй уæд цы хæрзиуæг зайы мын?! —

Ис нæ цинты цин зондимæ царды баиуæй райыны.

 

Дины зондджынтæ цы фыссынц уарзтæй чиныджы, — кæд кастæ?

Уый куыд фестауынц, — кæд зоныс, уæд цæуылнæ зæгъай: «Раст дæ?!»

«Уарзт нæ сбæрзонд кæны», — сиды уазмыр аргъуаны хъуытаз дæр;

Уæвгæ чи зондзæн — æнахуыр — уый цытджын паддзахæй раздæр?

 

Мæн цы сфæлдыста, цы радта тых, нæртон хъару мæ уæнгтæн,

Арвæй зæххы ‘хсæн цы кæны царды сусæджы фæндæгтæ,

Чи у дун-дунейы ‘гъдæуттæн фидар се ‘вæрæг, сæ дæттæг,

Уый сæдæтæй иу ыскæндзæн æмæ иуæй та — сæдæтæ.

 

Уый цы нæ фæнда — Хуыцауы — никуы не ‘рцæудзæни царды.

Уарди, малусæг æмпылынц, — хур куынæ тауа йæ хъарм тын;

Цæст æхцон фидыц куы суыны, цин уæд бацæуы йæ барты;

Уæд æнæ ме ‘рдхорд — æнæ хур æз кæдмæ судзон цъæх арты?!

 

Цæй, Хуыцауы хатыр бакæн, кæд дæ дзæбæх зæрдæ дуды,

Ахстау ам мæхи æнкъардтон, зæгъын, аирвæз — тæхуды!

Ныр æвдадзы хос ыссардтон, зæрдæ байгас æмæ худы;

Уадз, кæмфæнды уон, æрмæстдæр-иу мæ бар цæуæд мæ удыл!

 

Мастæй ницы ис, мæн тыххæй уæгъды ма фæкал дæ цæссыг;

Саг лæг масты раз æртаса, уый йæ сæрмæ дæр нæ хæссы.

Нæй æнæрцæугæ, — Хуыцауæй, гъе хъысмæтæй нæм цы кæсы;

Уыдон барвæндмæ зæххон лæг тых тъымы-тъыма нæ хæссы.

 

Цæй, Хуыцауы фæндæй махыл мацы ма ‘рцæуæд æвзæрдæр,

Æз куыд æрбаздæхон ардæм æмæ ‘нцой куыд уа уæ зæрдæ!

Уат мын удвидар, адзал мын макуы ма байса уæ сæртæ.

Баххуыс ме ‘рдхордæн — мæ бæллиц, исмæ бабæллæнт æндæртæ.

 

Уæд мæ мард фенай, мæ паддзах, ды мæнæй куы схæцай хъастыл!

Уæд мæ мард фенай, куы схæцай ды хъынцъым кæныныл, мастыл!

Цæй, куы басæттон мæ сомы, чи мæ банымайдзæн растыл?!

Ме ‘рдхорд не ‘нусон дунейы худдзæн ме ‘гады ныфссастыл.

 

Никуы ничи ма бабын ис йе ‘рдхорд, йе ‘мгары уарзынæй;

Дæлдзæх — сайæгой, — чи хизы хи йæ хæлары карз зынæй!

Нæ, мæ ныфсæнхъæл барæгыл æз мæ уды бон хъардзынæн;

Тагъд æм хурхæтæн тар хъæдмæ ме стыр балцвæндаг дардзынæн.

 

Лæг æлгъаджы тарст куы кæна тохы тухийæ, фыдудæй,

Сонтау адæргæй куы риза, уæд цы ма кæндзæни худæй? —

Ус — тыннывæндаг — æгаддæр нæу нæлгоймаджы тæппудæй.

Номæй, намысæй зынаргъдæр нæй хæзна ссарæн цæрдудæй.

 

Нæй ныууромæн н’ адзалæн! — хæхтæ, быдыртæ сраст кæны;

Уый тыхджын-æдых адæмæй алкæй иу джиппы раскъæры;

Искуы ингæны сиу кæны саби, сонтимæ асдæры;

У æгады цард худинаг, ном та — кадимæ бастъæлын!

 

Паддзах, бауæндон дæм уый дæр: мачи ма зæгъæд — нæ тæрсы;

Зонын, й’ адзалмæ æнхъæлмæ иу æнæрхъуыды нæ кæсы;

Бон, æхсæв, иугæнæг — уый нæм йе ‘гъдау барджынæй æрхæссы.

Мæн мæ дард балцы куы ‘рсура, — самай фарнимæ дæ мæсыг.

 

Кæд фыдадзадæйГбастъæлон — алцы, алкæйы марæгæй, —

Дард æнæхайæ баззайон: хион-хицæтты хъарæгæй,

Сынт, мæрддзыгойæ, уæлтæрхæг мард хæрзæгъдауыл дарæгæй,

Уæд фæхай мын кæн, хорз паддзах, ды дæ цæссыджы сатæгæй.

 

Ис мæм дунейы хæзнатæ, чи дзы цасфæндыдæр хъауа, —

Ратт дзы мæгуыртæн рæдауæй, рухсмæ цагъайрæгты рауадз;

Хурау сидзæртыл мæ исбон, уадз, йæ зæрин тынтæ тауа,

Адæм се спаспеты мысой, рох сæ ингæны дæр ма уа.

 

Дæу цы нæ хъæуа мæ мулкæй, уымæй сидзæртыл дæр бафтæд,

Уымæй саразын кæ хидтæ, уадз, мæ хæзнадæттæ рафтæнт;

Ма сыл бацауæрд, — мæ фæстæ се ‘ппæт баззайæнт хæрзхафтæй!

Уый дæм уымæн фыссын, — иунæг у дæ бон бакæнын афтæ.

 

Нал ис абонæй фæстæмæ ам мæ кой æмæ мæ хъæр дæр,

Алцы раст фыссын, уыдзæни сомбон ме ‘вдисæн дæ зæрдæ;

Хæйрæг-иблисы фæлывдæй у лæджы фæлывд æвзæрдæр.

Цæй, ныббар мын-иу хæларæй, — азым ничи хæссы мæрдтæм.

 

Шермадины дын фæдзæхсын — ме ‘муд, ме ‘нувыд цагъары,

Рыст, æрхæндæг у ныртæккæ, масты дудгæ фыд æвзары.

Уый-иу барæвдау мæ бæсты, — ноджы ма бахауа сары,

Æмæ ма кæна лæсæнтæ цæссыг паддзахы хæдзары.

 

Ууыл ахицæн мæ ныстуан æмæ балхынцъ и мæ фыстæг;

Лидзын, ме ‘рдхордмæ бæлгæйæ, уд æрдунарæг ыслыстæг;

Лидзын æз, фæлæ уæ удыл сагъæс ма ‘ртыхсæд æнтъыснæг.

Уе знаг бабын уæд, уыдзынæн ныр уæ тухитæй сæрхызт лæг».

 

Шермадины къухы спаспет уыцы ‘нкъард чиныг ныссагъта:

«Ростеванмæ-иу æй хъавгæ ратт мæ фæстæ, мæ хур, — загъта, —

Ныр кæуыл дардзæн йæ зæрдæ де ‘мбæрц не ‘рхæндæг паддзах та!»

Атыхст цагъарыл, йæ ныхас аскъуыд, — цæссыг æй нæ уагъта.

АВТАНДИЛ КУВЫ ХУЫЦАУМÆ

Кувы: «Уæ Хуыцау, ды дарыс сур зæхх, денджызтыл дæ бартæ,

Куы дæ цинæй ыстæм хайджын, куы — дæ фыдæхы цъæх артæй,

Ды — нæ бæллицты цырагъдар, сусæг — не ‘нусæй, нæ цардæй,

Ратт мын раст фæндаг нысанмæ, фидар бахиз мæ дæ уартæй.

 

Уæ, бæсты сæры тых, ракæс, айс мæ лæгъстæйы ныхæстæ,

Уарзтæй зæрдæты фæдарыс ды кæрæдзийыл ныхæстæй,

Æз мæ рухс хурæй фæхаудтæн, — атар, ацух и мæ цæстæй,

Ды нæ уарзты цæхæр уымæн дар йæ чысыл риуы нуæрстæй.

 

Уæ, бæсты сæры хæлар тых, уæ, мæ бæллицтæ нывæндæг,

Рухс, уæлахизы кæрон мын ратт мæ фæндагæн, мæ фæндтæн;

Хиз мæ уадтымыгъæй фурды, тары, — хæйрæджы фыдгæндæй!

Æмæ ингæнмæ хæсдзынæн æз дæ номарæн нывæндтæ!»

 

Бæхыл абадт æмæ хъавгæ ахызт кулдуарыл, фæраст та.

Шермадины зæрдæ баззад талынг, рох зæппадзау, хастау, —

Ниудта, тугхæццæ йæ цæссыг бæстæ, донивылдау, ласта;

Уарзон хицауæй фæхицæн цин цагъайрагæн кæд хаста!

РОСТЕВАН БАЗЫДТА АВТАНДИЛЫ АХЪУЫЗЫНЫ ХАБАР

Ацыд, афардæг и лæппу, ныр йæ койы сæр — æндæртæ;

Паддзах бон фæбадт тызмæгæй, никæй не ‘ркуырдта йæ зæрдæ.

Растад дыккаг бон дæр тарæй, калы фырмæстæй цæхæртæ.

Басидт визирмæ, фæзынд æм, ризынц дурæмыр æфсæртæ.

 

Паддзах бакасти, куы федта: у мæрдонвæлурс, тæсмардау,

Уæд фæфæлмæн ис: «Ызнон мæм ницы не хъуысти, нæ хъардта.

Дзырд цæуыл цыди, — нæ зонын, зонын иу — ыссыгътæн артау.

Уæд, цы мын загътай, цы ‘рцыди, гъе, цæй тыххæй кодтай сар та?

 

Кæнæ лæппуйы цы хъуыди, кæнæ мæн хылмæ куыд равдæлд?

Мæнг нæ фæзæгъынц: «Тæрк ныхас у нæ фыдбылызтæн авдæн».

Зон — кæд цы зæгъын æмбæлы, баздæх гъеныр æмæ бавдæл, —

Ногæй радзур мын: цы домдтай, раст, куыд æй радзырдтай, афтæ».

 

Ризгæ сфæлхатт кодта визир ногæй йе зноны ныхæстæ.

Хи ныууромгæ цыбыр дзуапп паддзах ралæмæрста мæстæй:

«Фестон дзуттаг куыдз, — дæ зонд ма кæд дæхимæ ис æххæстæй!

Банцай, ба, зæгъын, мæ бон дæ нал у, мауал кал дæ хъæстæ!»

 

Рацыд, бацагуырдта визир, фæлæ никуы ссардта хуры.

Чидæр цагъартæй дзыназгæ: «Спаспет ахъуызыди» — дзуры.

«Æз нæ бауæнддзынæн, — визир батыхст, — уый зæгъын йæ цуры,

Фаг мыл аныдзæвд, ныр та йæм исчи бацæуæд уæ, — курын».

 

Визир галуанмæ куынæ здæхт, паддзах рарвыста æндæры;

Хабар базонгæ йæ зæрдæ уый дæр мидæмæ нæ тæры;

Тъизы паддзахæн йæ зæрдæ, — маст, дызæрдыг æм æфсæры;

«Ацыд, ахъуызыд» — фæстагмæ хъуыды ферттывта йæ сæры.

 

Æмæ къæлæтджыны исдуг бандзыг, дурдзавдау, æнкъардæй.

«Ехх! — ныуулæфыд фæстагмæ, — уыцы хинæйдзаг мæнгардæн!..»

Загъта цагъартæн: «Ныртæккæ визирмæ фæсидут ардæм!»

Мæнæ паддзахы раз визир цыма ‘рбалæууыди мардæй.

 

Нал и туджы цъыртт цæсгомы, уадул уардигъуыз нал дары;

Паддзах бафарста: «Хурзæрин кæд ихсыд мæйау н’ атары?»

Визир бауæндыд: «Ахъуызыд, ног нæ бахъуыди сау дарын.

Махмæ нал худы хурты хур, бон, æмбисбон ныл баталынг!»

 

Ростеван, мæгуыр, ныккуыдта, ниуы — чи ма йæ уромы?!

Хойы сæр æмæ бындзыггай урс цыллæ зачъетæ тоны:

«Уæ, мæ буцхъомыл, мæ уд мын уый куыд ныппæрстай зындоны?

Ныр мæ цæстытæн дæ фæстæ рухс цы хур кæндзæн, мæ боныл?

 

Сæр дæ уæхсчытыл куы хæссай, — иунæг макуы зæгъ дæхицæй;

Иунæг — де схæссæг, — дæ уындæй мæнæ чи мæгуыр фæхицæн!

Уæвгæ, иунæгæн цы уаид, — зæрдæ, зæрдæ дæ фæсидзæр!

Уæууа, танталы фыд-зынты ныр мæ зæронд сæр куыд джиудзæн?

 

Уæуу, мæгуыр йæ бон, ды чемæ цуаны нал хæтдзынæ хæхты,

Пуртихъазджыты ‘хсæн фæзы дæу цы цæст агурдзæн уæгъды,

Де ‘хцон уаз хъæлæс цы хъусты ныр æвзист хъуытаз нæ цæгъды!

Циу мæ паддзахад æнæ дæу? — Мæнæ нал лæууын мæ къæхтыл!

 

Ома стонг дын куы уа искуы, — уый мæ не ‘ндавдзæн, нæ мардзæн:

Хохы сырдты ‘хсæн уай, фæзы, — дæу дæ фаты бырынкъ дардзæн,

Рухс дæ фæндагмæ дæр, зонын, арв алдзæн цырæгътæ дардзæн.

Иу — мæ ингæныл æрмæстдæр хъарм — дæ цæстысыг нæ уардзæн».

 

Хабар айхъуыстис, æмбойны сыкъа тохвæдис ныууасыд,

Адæм къордгæйттæй ызгъордтой, галуан уæздæттæй куы нал зынд;

Чи йæ зачъетæ рæдувы, чи, йæ сæрхойгæ, дзыназы,

«Мæнæ саударæн бон, — дзурынц, — хур ныл батар и — зынгбазыр».

 

Паддзах уæздæтты куы федта, уæд хæкъуырцкуыдæй ныккуыдта,

Зæгъгæ: «Раксæсут-ма мæнæ, хур ныл боныгон куы ныттар!

Ау, цы йын ракодтам? Махæй уый йæ цæстысындз куыд уыдта?

Ныр куы ралæууа уæззау хæст, — уыйау чи зоны йæ хъуыддаг?!»

 

Бирæ сар-додой фæкодтой, Ростеван фæстагмæ загъта:

«Цымæ чемæ ис йæ балцы, гъе, кæмæн фæдзæхсы мах та?»

Шермадин, мæгуыр, нымдгæнгæ размæ ралæууыди тагъд-тагъд,

Автандилы ныстуан радта æмæ йе ‘нкъард сæр æруагъта.

 

Дзуры: «Уыцы фыст ыссардтон æз мæ хицауæн йæ уаты;

Ниудтой цагъайрæгтæ, — ног, дам, ацыд не спаспет — бæгъатыр.

Алчи хъазайрæгтæй ам ис; балцы иунæгæй и, — хатын;

Циу мæ удæгас, мæн амар, паддзах, ма мын бакæ хатыр!»

 

Ныстуан бакæсгæ ныккалдтой ногæй сау цæссыг — уыраугæ,

Паддзах маройы бон расидт: «Маст ныл не ‘ркæндзæн уæззаудæр!

Автандилы балцæн кувæнт не ‘ппæт идæдзтæ, нæ цаудтæ,

Кæд нæ бæлццонмæ хæларæй искуы ракæсид Хуыцау дæр».

АВТАВДИЛЫ ДЫККАГ БАЛЦ

Мæй зæрин хурæй фæиппæрд, уæд цыренцалх у, фидауы,

Хурмæ бахæстæг, — ныффæлурс, арвыл рухс тынтæ нæ тауы.

Фæлæ уардийæн æнæ хур уайтагъд йе ‘мпылд сæр æрхауы,

Афтæ уарзонæй фæиппæрд уды судзгæ рис ысхъауы.

 

Ныр Автандилы хъуыддæгтæ дарддæр райдайон нымайын;

Уый, мæстæлгъæдæй дзыназгæ, дæлæ тыгъд быдыры уайы;

Тинатины цæсгом мысгæ, хурыл лæппуйы цæст зайы,

Æмæ уарзоныл хъынцъымæй уыцы судзгæ зынджы тайы.

 

Бамыр, бандзыг вæййы исдуг, дудгæ сагъæсы тыфылы.

Цыма лæппуйы цæстытæй Тигр гуылф-гуылфгæнгæ ивылы.

Хатт фæфæнд кæны фæстæмæ, цыма фæсмон æм ныхилы;

Бæх кæм лæгæрды, — нæ хаты, афтæ хъуыдыты ныгъуылы.

 

«Уæ, мæ удлæууæн, æнæ дæу ныр куыд бафæразон? — дзуры,

Зæрдæ хивæндæй фæстæмæ домы, раздæхын мæ куры;

Донласт ме ‘рхæндæг цæстытæ ниугæ агурынц сæ хуры;

Уарзтæй чи лидза, — фæстагмæ уый йæ карз азар æрсуры!

 

Æз дæ фенынмæ мæ зæрдæ, цæй, цы ‘хсызгон циныл дарон?

Райсон марæн кард мæ къухмæ — марон хи æмæ куыд марон?!

Уæуу, мæ мæтæй дæ мæ фæстæ судзгæ сагъæсы куы ‘ппарон!

Нæ, цæссыгкалгæ, хуыздæр у — масты дудгæ фыд æвзарон!

 

Хурты хурзæрин, цырагъау, судзыс дун-дунейы тары;

Рæстæг барджынæй æнусты, уый, дæ сыгъзæрин фат бары;

Æрдзы уд-æмуд æмбаст тых ис дæ хъомысы, дæ бары;

Йе ‘мбал бакæн мæ, — кæд искуы исчи уарзтамонд ыссары.

 

Ахуыр зондджынты нымадæй нæй тыхджын бардуаг зынг хурау;

Сис мын ме уæнгты рæхысбаст, — лæг хуыздæр ма дæ цы кура! —

Мæнæ лалагур фæцыдтæн æмæ фесæфтон цыкура,

А маст чи бабыхсдзæн? — зæрдæ хъуамæ ‘фсæйнагæй уа, дур уа!»

 

Афтæ, ‘рхæндæгæй дзыназгæ, бур мыдадз цырагъау, тади

Æмæ байрæджыйы тасæй, уадау, тыгъд быдыры уади.

Тар-иу ралæууыдис æхсæв, — худгæ стъалытæй-иу ради;

Каст сæм, уарзоны ныхæстæ семæ райдыдта-иу уадид.

 

«Мæй, Хуыцауы хатыр бакæ, — хъуысти лæппуйæн йæ лæгъстæ, —

Дарыс барджынæй де къухы уарзты сусæджы тæрæзтæ;

Мæй, дæ халдих у мæ уарзон, ратт мын фидары фæрæзтæ, —

Уыцы де ‘нгæсы ма фенон искуы рухскалгæ мæ цæстæй!»

 

Бон йæ мæт уыдис, йæ сагъæс; цин ын талынг æхсæв хаста;

Искуы фурды был-иу рахызт, бæх-иу бæласыл æрбаста,

Æмæ тугхæццæ йæ цæссыг уылæн дард денджызмæ ласта.

Ног-иу абадтис йæ бæхыл, тахт-иу, цалынмæ нæ бастад.

 

Уади тыгъд быдырты, хæхты иунæгæй, йæ цæссыг калдта;

Хатт-иу сæгъ — хъæддаг — æртылдта, йе стонг физонæгæй мардта,

Æмæ стъалызæрдæ размæ ниугæ йе ‘нкъард фæндаг дардта:

«Уæ, мæ малусæг, мæ уарди, циу æнæ сымах мæ цард та?»

 

Се ппæт чи фыссы — цы ‘взæрста мастæй, сагъæсæй æнкъард риу?

Кæнæ райсомæй изæрмæ уый цы мысыди, куыд царди?

Туг йæ уадултыл æрттывта, — цыма митхъæпæныл уарди.

Уæртæ разынди фæстагмæ хъæды лæгæты сæр къардиу.

 

Хъæзæй бахызтис, Асмат æм ратахт, фырцинæй фæкуыддæр,

Æмæ уыцы уысм ысиу ис чызджы цинимæ йæ куыд дæр.

Лæппу ‘ргæпп ласта, ныттыхст ыл, цыма хойы ‘фцæджы ‘фсымæр.

Лæг кæмæ бæлла, — йæ фендæй зæрдæ байрайы бæгуыдæр!

 

Лæппу бадзуры: «Нæ зыны хицау лæгæты къæсæрыл!»

Чызг æрхæндæгæй ныккуыдта: «Туг ныууарыди мæ сæрыл!»

Ниуы: «Д’ ацыдæй фæстæмæ лæппу лæгæты нæ цæры,

Ацыд, нал хъуысы йæ кой дæр, æз ам иунæгæй лæзæрын».

 

Цыма спаспетæн йæ зæрдæ исчи барæхуыста кардæй;

«Уый та куыд, мæ хо? — Асматмæ дзуры тарæрфыг, æнкъардæй, —

Æз нæ басастон мæ сомы, мæнæ ‘рыздæхтæн æм дардæй,

Уый мæм не ‘рлæууыд, фæсайдта мæн æгъатырæй, мæнгардæй!

 

Æз мæ фæрныг цард æнæ уый кæд æрдумæ дæр нæ дардтон,

Уæд куыд тагъд ферох дæн уымæй? Ау, мæ уд ма та цы хъардтон!

Уый фæлывд разынд, æз, уыйау, дзырд æнæхъуаджы нæ радтон!

Уæвгæ, дис дæр ыл цы кæнын: ног та ме ‘намонд ыссардтон!»

 

«Уымæй раст зæгъыс, — йæ ныхас лæппуйæн Асмат уромы, —

Фæлæ, байхъус-ма, — гæдыдзырд ме ‘взаг не скæрддзæн мæ комы:

Лæг йæ зæрдæйæ, йæ удæй, хъуамæ ‘ххæст кæна йæ сомы;

Уымæн мур зæрдæ куы нал ис, уæд æгъдау ма дзы цы домыс?

 

Зонд, æнкъарæн æмæ зæрдæ кусынц, архайынц æмбастæй:

Зæрдæ хистæр у, фæфæзмынц уый куырмæй æмæ цъынддзастæй;

Лæг — æнæзæрдæ — дзыназдзæн цардмæ хъодыгонд, ныфссастæй.

Ды нæма зоныс, цы федта уый зæрдæхалæн фыдмастæй.

 

Ам куы баззадаис йемæ, раст уæд уыдаид дæ уайдзæф; —

Уый фыдæвзарæн мæ дзырдтæй ныр дæ цæстытыл куыд уайдзæн!

Фестдзæн сау фæнык мæ комы ме ‘взаг, бампылдзæн, ныууайдзæн,

Фæлæ уый зынтæй цы федта, — се ‘ппæт никæддæр нымайдзæн.

 

Уый цы фыдтæ федта, уыдон, зæгъгæ, дуры хуылфы бакæн, —

Дур фæхаудзæни фæрчытæ, де знаг — йе ‘гъдауæн, йæ уагæн!

Судзгæ сау цæссыг фæкалдта Тигры фурдуылæны фаг дæр.

Дардæй зонынджын, дæсны у исчи искæйы хъуыддагæн.

 

Иугæр «ацæуон» куы загъта, саргъ, йæ гæрзтæ йæм куы ‘рхастон,

Зæгъын, де ‘рдхорд дæм куы ‘рцæуа, уæд цы ми бакæна? — фарстон.

Искуы ‘ввахс ран, дам, мæ ссардзæн, цæй, мæ дзырд ма, дам, кæд састон?

Рох мæ нæу, зæгъгæ, мæ хæлар — ам лæудзынæн ын ныббастон.

 

Загъта: «’Нхъæлмæ йæм кæсдзынæн, хицаудæн, мæ хо, мæ дзырдæн.

Уадз, мæ цæстытæн ныллæууæнт ам мæ цæссыгты цыхцыртæ!

Мард уон — бавæрæд мæ, ам мæ хурмæ ма ныууадзæд сырдтæн,

Кæд сæрæгас уон, уæд та мын исты баххуыс кæнæд цырддæр».

 

Хур мын уыцы бонæй ардæм худгæ нал ыссыгъди хохыл.

Цæссыг атыдта йæ бæттæн, мастæн нал хæцын йæ рохыл.

Ниуын, иудадзыг мæ зæрдæ бафтыд «аххыл» æмæ «оххыл».

Басыгъд ме ‘намонд сæр мæнæ, — баззад удхæссæгæй рохы!

 

Ис, дам, иу дурыл Китайы фыст æмбисонды ныхæстæ:

«Чи нæ агуры хæлæрттæ, — у йæ уды знаг æрмæстдæр».

Уарди иунæгæй ныффæлурс ам, хъæды халонау, мæстæй.

Уый куы ‘рцагурис, — æнус дын рох нæ фæкæнид дæ хæрзтæ».

 

Автандил æм дзуры: «Раст дæ, уæгъды ‘фхæрдтон æй, — куы сæттын,

Фæлæ, зоныс æй, йæ мæт мын рагæй удæнцой нæ дæтты.

Мæнæ донагур, цæф сагау, зилын, агурын æй хъæдты,

Зилын тыгъд быдырты, хæхты, фæлæ не ‘мбæлын йæ фæдтыл.

 

Калы лалфæрдыг мæ фæдыл хъарм налхъуыт-налмас æртæхтæ,

Уый цæссыгдзастæй ныууагътон, — ардæм дард балцы куы здæхтæн,

Сагъæс, уды низ ныууагътон буц, Хуыцауы ‘мсæр паддзæхтæн;

Балцы рахъуызгæ мæхимæ райстон се ‘ппæты фыдæх дæр.

 

Номдзыд ме схæссæг, мæ хицау, — хайджын амондæй, æгъдауæй,

Царвау батади мæ сæрыл, буц рæвдыдта мæ рæдауæй,

Сайды баззади — зæрдæхæлд ныр мæ рацыды фыдцауæй.

Ууыл чи рацыд мæнгардæй, уый цы ‘нхъæл ма уа Хуыцауæй?!

 

Уый, мæ хæлары тыххæй дæн ахæм танталы фыдзыны;

Уымæ удаистæй уадтæн æз мæ хъал æмæ мæ фыны.

Мæнæ ‘рцыдтæн æм, æрмæст æй ам æнхъæлцау цæст нæ уыны

Æмæ сагъæс мын æгъатыр ног мæ фæллад уд æхсыны.

 

Цæй, фæдæн, мæ хо, мæ ныхас, — рæстæг нал амоны дарддæр;

Ивгъуыд тухитыл фæсмонæй ристæ никуы кодтой къаддæр.

Цон, ыссарин æй кæд искуы, науæд ницы у мæ цард дæр,

Науæд амондæн ысхуыстæй у йæ рæвдыд дæр, йæ рард дæр».

 

Аздæхт, афардæг ис ууыл, тар, æрхæндæгæй фæцæуы,

Ахызт донæй æмæ хъæзæй, араст дидиндзаст цъæх нæууыл.

Цыма басыд æмæ ‘ргъæвстæй уарди дымгæйы ныккæуы:

«Уастæн, бастъæлай, мæ хъысмæт, кæд дæ фыдбылыз нæ фæуы!»

 

Дзуры: «Уæ Хуыцау, цæмæй дæн уый бæрц азымджын дæ разы?

Иппæрд — уарзæттæй мæ сыгъд сæр, иу — куырой ма йыл нæ разыдд,

Зæрдæ йе ‘мбисыл фæдих ис æмæ цалы мæт фæразы!

Аскъуый, ме ‘гъуыз цард, æмбойны, — уай цæйнæфæлтау тæразыл!

 

Ихдзагъд уарди мын мæ зæрдæ, фатау, атыдта йæ сындзæй:

Ме ‘рдхорд басаста йæ сомы, ныр цы ныфс мæ уа — фæзындзæн?!

Уый куы нæ ссарон — æнус мæ маст зæрдæхалæн æхсындзæн.

Мæн æндæр хæлар нæ хъæуы, йе ‘нгæс ничи дæр нæ уыдзæн.

 

Диссаг, лæг хæд-зонд, æмбаргæ, хатт куыд дзæгъæлы дзыназы!

Мастæй ницы ис — куы зоны, уæд цæмæн æвзары уа зын?

Бакæн уый бæсты дæ хъуыддаг — цин æртæха дæм зынгбазыр.

Цон, хуыздæр уыдзæн — ыссарон хур, рæхснаг хъæзау, кæм тасы».

 

Ацыд, агуры, йæ рустыл цæссыг хъарм къæвдатæй уары.

Хъуысы боныгон йæ сидын, хъуысы ‘хсæвыгон мæйдары.

Лæппу ‘ртæ боны куы зилид, — хъæдтæ, кæмттæ, хæхтæ сгары;

Никуы ничи зыны, ниугæ дарддæр йе ‘нкъард фæндаг дары.

 

Дзуры: «Уæ, Хуыцау, цы дардтон ахæм а зæххыл уæззау хæс;

Тон æрхæндæгæй дæ бонтæ, царды рухс амондмæ ма ‘ххæсс?!

Цæй, зынудисæн æгъгъæд у, ныр фæстаджы тæрхон рахæсс:

Даргъ мын мауал кæн мæ бонтæ, — цинæй раива мæ сагъæс!»

АВТАНДИЛ ССАРДТА ТАРИЕЛЫ

Уайы додойгæнгæ лæппу, иу ран иу къуылдыммæ схизы,

Акаст къухаууонæй, далæ дагъы хуры тын кæм ризы,

Уым Уыны, цыма уæгъдидон сау бæх хъамылгæрон хизы:

«Уый у» — ферттывта йæ сæры, дагъæй исдуг цæст нæ исы.

 

Зæрдæ ‘хцон сæххæтт нылласта, зæрдæ фервæзтис йæ мæтæй,

Йе ‘нкъард атары, йæ цинтæ уадид баисты сæдæтæ.

Уарди йе ‘рвон хуызы бацыд, калы рухс дзæнхъавг тæмæнтæ.

Лæппу хъамылы ныммидæг, — цыма уадтымыгъ ызнæтæй.

 

Хаудæй йе ‘рдхорды куы федта, уæд йæ мидбынаты бандзыг:

Лæппу — тугамæхст, йæ уындæй удмæ сагъæсы марг тадзы;

Цæсгом, риу — рæмыгъд, тындтытæ, мард у, — чи дзы зæгъдзæн уадзыг!

Кæд йæ уæлион цард аскъуыд æмæ банымæг йæ сау зынг.

 

Ис йæ иу фарсмæ нæл домбай; — гуырæй сæр фæхицæн кардæй.

Уæртæ йе ‘ннæ фарсмæ нæууыл адæргъ карз ыстай дзыхъмардæй.

Уары лæппуйы цæстытæй судзгæ сау цæссыг тæркуардæй.

Тарф ын арауы йæ зæрдæ маст зындойнаджы цъæх артæй.

 

Бамыр, байгомыг бынтондæр æмæ нал кæсы йæ цæстæй,

Цæрдтæй ахицæн ис, ацух, — мæрдтæм феввахс и, фæхæстæг.

Уæгъды дзуры йæм йæ номæй, — уымæ нал хъуысы ныхæстæ!

Рæвдз æрфистæг ис, æввахс æм цудгæ бауадис æргъæвстæй.

 

Автандил сæрфы йæ дысæй хъавгæ йе ‘рдхорды цæссыгтæ;

Зæгъгæ, ракæс-ма мæм, — ног ын хъæр кæны йæ хъусы тынгдæр:

«Фен-ма, мæнæ дæм фæзындтæн, — хавджын де ‘рхæндæг, дæ хъыггæй».

Уый йæ не ‘мбары, нæ банкъуыст сау цæст, тарæлхынцъ æрфыг дæр.

 

Алцы раст загътон — куыд уыди: хин, фæлывд митæй сæрхызт дæн.

Ног ын асæрфта йæ цæссыг, лæппу фенгæсау, фæхуыздæр

Æмæ йе ‘рдхордыл ныттыхстис æмæ скалдтой та сæ хуыз дæр.

Лæг — Хуыцауы сконд нæ райгуырд се ‘нгæс никуыма, зæххыстæн!

 

Тариел зæгъы: «Хуыцауæн табу, ме ‘муд та æрцыдтæн! —

Мæн ам удмидæг кæй федтай, уымæй хицау дæн мæ дзырдтæн.

Уадз мæ ныр, адзал æрхæстæг, ниуон, — кæд фæзынид цырддæр,

Фæлæ ку’ амæлон, уæд-иу мæ бавæр, ма мæ ныууадз сырдтæн».

 

Автандил æм дзуры: «Уый та де ‘взаг, уаих уай, цы скарста?

Цымæ чи уыдзæнис ахæм — никуы никæйы нæ уарзта?

Фæлæ зондджын лæг йæ фæндаг царды тухитæй кæд барста?

Хи кæд чи мардта, йæ митæй зины чи фыдамонд фарста?

 

Ды кæд зондджын дæ, уæд бабыхс, — алы зондджын дæр куы зоны:

Тасын сагъæсæн лæгау-лæг никуы бархийæ нæ комы.

Маст йæ зæрдæйы тыхджын лæг фидар, дурæмыр уромы.

Ие ‘нкъард, йе ‘рхæндæгæй, ниугæ, сонт ныххаудзæни зындоны.

 

Ды хæд-зонд уæвгæ нæ зоныс — ам дæ бакæнын куыд хъæуы;

Бадæ сырдты ‘мдзæрин ниуыс æмæ уымæй дын цы цæуы?

Ныр дæ сæфт хурæн цы ‘ххуыс уой де ‘нкъард хъарджытæ, дæ кæуын?

Макæ, ма, мæ хур, зындонмæ ма тындз бархийæ уæлæуыл.

 

Æви искуыдæр ма царды уарзт уæззау уаргъæн нæ хæссынц?

Фæлæ уый тыххæй æнхъæлмæ райгæ с’ адзалмæ нæ кæсынц!

Ды дæхи куыд марыс? — Адæм се ‘нкъард се ‘хсарæй æмбæхсынц:

Ау, кæд чи ‘ртыдта, зæгъ-ма мын, уарди — худгæбыл — æнæ сындз?!

 

Фарстой уардийы, цæвиттон: «Уый цы фенддаджы рæсугъд дæ?

Фæлæ де ‘ртонын куыд зын у? — туджы самæхсынц нæ къухтæ».

«Царды стæм — зынаргъдæр, — загъта, былтæ банкъуыстысты пухтæ, —

Хорз куы саслам уа, куы сарæх, — фау ыл баддзæнис æдзухдæр».

 

Уарди — зайæгхал, æнæуд ахæм зонынджын куы разынд,

Ды куыд нæ хатыс — дæ цин дæ домы тухитæн фæразын?

Зины ‘мдзæхтон лæгæн размæ никуы царды цалх нæ разылд.

Додой, саргæнгæ хъысмæтмæ ды цæмæн хæссыс фыдазым?!

 

Байхъус, ба, хæлар, мæ дзырдмæ, — цом, цæуæм, ысбад дæ бæхыл;

Ма хъус зæрдæмæ, — куынæ уай ды дæ зæрдæйы дзæбæхыл.

Уæдæ сис дæ къух дæ фæндыл æмæ де ‘рдхорды фыдæхыл:

Цом, хуыздæр уыдзæнис афтæ, хин, фæлывдæй дын нæ зæгъын».

 

Тариел зæгъы: «Цы дзурон: ме ‘взаг нал ададзы комы,

Хъус дæ ныхæстæ нæ хъусы, хивæнд зæрдæ сæ нæ комы.

Диссаг, уа ‘нцон дæм куыд фæкаст ацы дудгæфыд уромын!

Нæ, фæхæццæ дæн адзалмæ, цин мæ нал хъæуы, нæ домын!

 

Иунæг, иу хæрзиуæг курын æз Ыстыр Хуыцауæй ниугæ:

Ам фæхицæн ыстæм, уым нæ, зæгъын, уыцы бæсты сиу кæн;

Ратт нын даргъ-уæрæх тæхæнтæ уым зæрдæзæгъгæ нæ цинтæн!

Уæд, мæ хæлæрттæ, уæ бæрны фод сымахæн та мæ ингæн.

 

Уый кæд æрцыдис, чи зæгъдзæн — уарзон уарзонмæ ма тындза!

Мах дæр тагъд хъуамæ баиу уæм, — цин йæ рог базыр айтындза:

Калæм фырцинæй хъарм цæссыг, зарой зæрдæтæ уадындзау;

Хъус дæ зæрдæмæ, арт ыл-иу макæй амындæй макуы ‘ндзар!

 

Зон, мæрдон низ мæм фæзындис, ис мæ рухс цин та мæ низы;

Кæс, ныххуыссынæввонг мæнæ ме ‘нкъард царды цырагъ ризы.

Ацу, сурын дæ мæ цурæй, уый дæ ма баппарæд дисы:

Ам мæ уд æмæ мæ рыст буар иумæ нал ысты цæдисы.

 

Ды цы домыс, ды цы дзурыс, уый мæм нал хъуысы, нæ хъары;

Нал дазн а бæстаг, — фæстаг уысм цард, мæлæт ыскæнæг бары.

Цардыл къухсисгæ, йæ фæндаг уд æнусон арвмæ дары,

Мæрмæ — ме ‘фхæрд буар, — мæнæйуый удхос удæнцой кæм ары.

 

Зондджын хоныс мæ? Цæй зæндджын?! Уый та чи зæгъдзæни сонтæй?

Адæм раст тæрхон фæдомынц удæнæнизæй, хæд-зондæй.

Уарди — хуры тынтæй иппæрд — сæфы низтæй æмæ сонтæй.

Аду, ма бацу мæ хъыджы, — ком нæ ратдзынæн æнцонтæй».

 

Автандил фæлмæн йæ ныхас ног, хæрдгæбыдау, нывæнды:

«Амæл, — де ‘нкъард уд нæ бафтдзæн уымæй амонды гуылфæнтыл!

Фæлæ ма разын дæхи знаг æмæ ма ныллæуу фыдгæндыл!»

Нæй, нæ фæтасыд, нæ фæчъил, лæппу не сразы йæ фæндыл.

 

«Хорз, — зæгъы, — дæ бар дæхи у, табу, дарддæр дæм нæ хатын,

Айбæрц дзæгъæлы кæй дзырдтон, курын уый тыххæй дæр хатыр.

Кæд мæлæтмæ бæллыс, — амæл, фæлæ ма разын æгъатыр, —

Иунæг, иу хъуыддаг мын бакæн, — дзуры ‘нкъард зæрдæ бæгъатыр. —

 

Дард сæ хъулайы кæм дарынц уарди сатæг-сау æрцытæ, —

Зоныс, уырдыгæй, йæ цурæй æз — дæ фæдисон — æрцыдтæн.

Уым мæ паддзахы ныууагътон, аргъ ын не скодтон йæ цытæн,

Ам дæу нæ хъæуын! Мæ боныл! Уæгъды цас зынтыл хъæцыдтæн!

 

Иугæр сурыс мæ, уæд ма мæм байхъус, — ма фæуон зæрдæхæлд:

Æммыст, иу хатт ма, кæддæрау, дæу куы федтаин уæлбæхæй!

Æз фæцыдаин фæстæмæ уæд æвæсмонæй, дзæбæхæй,

Дæу ныууагътаин æнæхай ам мæ уайдзæфы фыдæхæй!

 

Раст-ма, де ‘фсургъыл дæ фенон», — лæппу хъуыры цъар ивазы,

Уæнгты туг ысхъаздзæн саргъыл, зоны, — нал уыдзæн ын уа зын;

Хъæз куы базмæла, — фæцуддзæн æмæ бакомдзæн æртасын.

Тариел ысразы, фенгæс, цин ыл асæрфта йæ базыр;

 

Загъта: «Бафæлварон, фенон, ме ‘фсургъ мæм хæстæг æрбалас».

Уый йæ схизын кодта саргъмæ, лæппу быдыры ‘рдæм араст.

Туг та тугдадзинты схъазыд, астæу базмæлыди — талас

Æмæ мæрдтæй цæрдтæм раздæхт, сагъæс атад, цыма, халас.

 

Автандил — уæздан, дзырдарæхст аив йе ‘рдхорды ирхæфста;

Йе ‘вдадз лал былты фæзыхъхъыр удыл цины арт æндзæрста;

Уый цур зокъохъус зæрæдтæ ног уыдаиккой цæргæстау.

Æмæ бахъæлдзæг и лæппу, зæрдæ — ихуазал — æртæфстау.

 

Масты хосгæнæг фæхатыд — дзырд йæ нысаныл æмбæлы

Æмæ худгæ уарди фестад, — цины байрайын æмбæлы.

Æмæ сонт зæрдæйыл, зондыл дзырд — уырзæй æвзæрст — узæлы;

Æмæ, ‘взистхъæлæс хъуытазау, хъусты удæнæхцон зæлы.

 

Дзырд дзырд расайдта, Автандил Тариелы хинæй къахы:

«Дис дæм ма фæкæсæд, ме ‘рдхорд, — ныхас иннæрдæм ыздахын:

Ды кæй дудгæ мæтæй тайыс æмæ нал лæууыс дæ къахыл,

Уымæн цас уарзыс йæ лæвар — уыцы цонгдарæн æнахуыр?»

 

Тариел зæгъы: «Цы дзаума лæг зынаргъдæрыл нымайа?!

Ацы цонгдарæн куынæ уа, — цæстыл ме стъалы куыд уайа?

Уæлдæф, дон æмæ мын а зæхх не сты удæнадджын айау;

Фарст — æнæхъола йæ мастæй зæрдæ бакъуыры хъылмайау».

 

Автандил æм баздæхт: «Рагæй уый дæ цæстæнгасы хатын;

Ныр, зæгъгæ дæр ма йæ кодтай, уæдæ не ‘мбæлы дын хатыр:

Уыцы цонгдарæнæй раздæр хъуамæ равзарис Асматы;

Афтæ бакæнид лæгау-лæг, — зонын, — ме ‘рдхорды бынаты.

 

Уазал цонгдарæн зæрингуырд джиппы рауагъта зæринæй,

Уд дзы нæй, нæ хъары мисхал уымæ де ‘нкъардæй, дæ цинæй.

Демæ — уый, Асмат дæ ферох! Зæды чи баивы зинæй?!

Баззад уымæй дæр дæ хогонд демæ уыцы хур-æхсинæй.

 

Уе ‘хсæн уарзт хуынгæнæг чи уыд, хо цы сыгъдамондæй загътай,

Иуæй иннæмæ уæ хъавгæ чиныг чи хаста-иу тагъд-тагъд,

Йе ‘дзæм фесæфтæй дæ уарзон маст кæй зæрдæмæ ныттагъта,

Уый ныр, уаих уай, дзæгъæлæй хъæды сырдты ‘хсæн ныууагътай».

 

Тариел фæчъил и: «Раст дæ, — нæй тæригъæддагдæр уымæй, —

Ныр мæнмæ чи кæсы ниугæ, хуры чи фæмысы ‘рхуымæй.

Ног та фервæзтæн дæ фæрцы иугæр ингæны цъысымæй,

Цом-ма, фенæм æй, — мæ зæрдæ, цыма суæгъд мæрдон хъынцъымæй».

 

Лæппу сразы ис, фæцæуæг, йе ‘рдхорд райгæ у йæ равгæй;

Цæй, куыд сæ сныв кæнон афтæ — удыл, зæрдæйыл æндавгæ? —

Былтæ — уардийы къуыбыртæ, рухсдзыд дæндæгтæ — дзæнхъавгæй,

Калмы расайдзæн йæ хуынкъæй лæг адджын ныхасæй хъавгæ.

 

Автандил ын загъта: «Зон æй, æз мæ уд дæ циныл хъарын.

Фæлæ не ‘мбæлы дæуæн дæр афтæ де ‘нкъард зæрдæ марын;

Ахуыр, зондджын куы дæ, — уый дæ, цæй, цæмæн нæ фæнды ‘мбарын:

Искуы ‘мбæхст хæзнамæ ма ‘внал, — уæд цы пайда у йæ дарын?

 

Мастæй ма ‘нхъæлмæ кæс хорзмæ, — уæгъды, дзæгъæлы дæ ‘хсындзæн!

Нæй æнæбонымгъуыд сæфæн, уый нæ уыд æмæ нæ уыдзæн!

Уарди ‘ртæ боны фæцух и хурæй, — ма багъгъæл нымпылдзæн.

Амонд — фезмæлды, уæлахиз, кæд Хуыцау дæтта, — фæзындзæн.

 

Лæппу йе ‘рдхордæй фæбузныг: «У дæ хæрзамынд æвдадзау;

Хорз у, зонынджын йæ дзырдтæй удхос зæрдæмæ куы тадза!

Фæлæ ме стыр маст куыд быхсон? Уымæн чи зоны цы мадзал?!

Макæ, ма мæ ‘фхæр, — дæхи дын суры уарзæтты фыдадзал.

 

Арт йæ лымæн у мыдадзæн, артау уый тыххæй фæсудзы;

Доны не ссудздзæн, — æнусмæ у йæ уылæнимæ зулдзых;

Иу низ, иу рисæй кæмдæрид зæрдæ иугъуызон рæмудзы,

Ды — мæ низæй сад — нæ хатыс ме ‘гъдау, — де ‘взаг дæ нымудзы!»

ТАРИЕЛ ДЗУРЫ, КУЫД АМАРДТА ДОМБАЙ ÆМÆ СТАЙЫ

Ныр, цы мыл æрцыдис, уый, дын, хъус-ма, радзурон æххæстæй,

Æмæ стæй, мæ хæлар, ракæн уыцы уайдзæфы ныхæстæ!

Бирæ ‘нхъæлмæ кæсын бахъуыд мæн мæ лæгæты дæ фæстæ,

Æмæ сфæлмæцыдтæн, загътон: «Быдыр фенон ма мæ цæстæй».

 

Уæлæ дагъы сæрмæ рагъæй фæзмæ къухаууонæй кастæн:

Уым ыстай æмæ домбайæн дисы бахаудтæн сæ хъазтæй.

Кодтой уарзæтты цин, уый мын уæд бæргæ кайдта мæ мастæй,

Фæлæ схыл ысты фæстагмæ, систой богътæ кæнын тарстæй.

 

Тох сын бацайдагъ, мæлæтдзаг, иу сæ иннæмæн нæ барста;

Иу сæ иннæйы мæстджынæй уым ызнаджы цæстæй барста.

Сыл ыстай фæчъил фæстагмæ, нæл уæлдай кæд нæ уыд карз та!

Суры знæт домбай ыстайы, уый ма чи зæгъдзæни, — уарзта?!

 

Æз ысмæсты дæн домбаймæ: «Уый цы ми кæныс дæ сонтæй?

Ау, дæ уарзоны куыд сурыс? Дæлдзæх — де ‘гъдау дæр, дæ зонд дæр!

Кард фæцъортт ластон, мæ бæх дын дагъмæ фесхуыстон бæрзондæй:

«Цъыкк» — домбайы сæр фæдыууæ, сырд фæхицæн ис йæ бонтæй.

 

Фæринк феппæрстон, æрцахстон уыцы иу гæппæн ыстайы:

Уыд мæ хуры ‘нгæс, — тыхстæн ыл, фæлæ не сразы мæ пъайыл;

Ныхтæ хæцъæфты ныссагъта, цæнгтыл туглæсæнтæ уайы;

Уый дæр амардтон мæ сонтæй, — уарзæд дæлсыджыт домбайы!

 

Уæвгæ, исдуг æй рæвдыдтон, — уый ныллæууыди фыдæхыл,

Æз нæ бабыхстон, ыстайы уым тыхдзæф ныккодтон зæххыл.

Æмæ ‘рлæууыди мæ зæрдыл уæд мæ хуримæ нæ фæхыл.

Дис цæуылнæ кæныс — ног та де ‘рдхорд бабадтис йæ бæхыл?!

 

Уый дын, гъе, ‘фсымæр, мæ хабар, дис мын кæн мæ цард, мæ митыл:

Уадзыг нæ, дзыхъмард куыд нæ дæн, зæгъын, — ме ‘намонд æлгъитын;

Цæрдтæй мæрдты ‘хсæн куырмæджы, сонтæй, удхаргæнгæ, хитын».

Рустыл тугдзæссыг æркалди, — цыма лал фæрдгуытæ митыл.

 

Тариелæн йемæ йе ‘рдхорд ног фæхъынцъым кодта цасдæр.

«Фаг у, — загъта йын фæстагмæ, — бабыхс, ма тай æмæ ма стъæл;

Дар дæ рыст зæрдæ Хуыцауыл, — у Хуыцауы тæрхон растдæр;

Уый уæ фæхицæн куы фæндид, — иу уæ не скодтаид раздæр.

 

Уарзт — æнус-æнус нæ мæтаг — у фыдтухитæн, фыдбонтæн.

Домы уарзты цин сæрнывонд, — къухы никуы бафты ‘нцонтæй.

Уарзт — нæ фæлварæг — сæ сæттæг не стыр цинтæн æмæ сонтæн —

Зонд куырыхон лæгæй байсы, стæй йæ бацамоны сонтæн».

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛ БАЗДÆХТЫСТЫ ЛÆГÆТМÆ

Афтæ бахæццæ сты дзургæ мæнæ лæгæтмæ сæ бæхтыл,

Чызг æрбазгъордта сæ размæ, цинæй нал лæууы йæ къæхтыл.

Атыхст саггуырдтыл, æрттивы хур æвзист цæссыджы ‘ртæхты,

Уарзты хъарм уылæн æнхъæвзы айнæг сау хъуына къæдзæхтыл.

 

Чызг кæны Хуыцауæн табу: «Нæй дæ хъарутæн зæгъæн дæр,

Дарыс хурдзырагъ нæ удтæм рухс дæ сыгъзæрин тæхæнтæй.

Ныр цы дæ стауон, — дæумæ сты алкæй амонды дæгъæлтæ!

Цин, æхсызгон та мын радтай, зæрдæ нал кæны дзæгъæлтæ».

 

Тариел зæгъы: «Цæй амонд? Мæнæ ‘рбакæс-ма, куыд дудын!

Царды цин нæ хæссы бирæ, мастмæ расайы нæ худын; —

Уый зæровд фæтк у, хъысмæт æй раджы сфæлвæрдта мæ удыл.

Цин — дæ хай, мæ хо! Мæхæдæг мард дæн, цинæн ма цы ‘мбудын.

 

Диссаг дойны лæг хæд-зондæй дон куы нæ фæкалы зæхмæ, —

Уæд мæ цæстытæ цы систой, кæс сæ цæссыгты сæх-сæхмæ! —

Комсур афтæмæй мæ зæрдæ, — сиды хус уарди æртæхмæ!

Уæуу, мæ рухс фæрдыг, нæ цинтæ, уый, куыд расайдтой бæллæхмæ?..»

 

Автандилæн дæр йæ уарзон — рухс хур ауадис йæ цæстыл;

Арф ныуулæфыд: «Мæрдон цъынд ам мæ цæстытæ куыннæ сты? —

У сын боны рухс æвгъауаг, — дæу кæм нæ уынынц, цы бæсты!

Ныр цы хъизæмар æвзарын, уый дын чи зæгъдзæн мæ бæсты?!

 

Хур йæ царды хос, йæ цин у, — уый ма уарди дæр æмбары! —

Хур куы нал ыскæсид рагъæй — мах цы бакæниккам тары?!

Фест æхсон къæдзæх, мæ зæрдæ, маст æгъатыр у, нæ бары,

Фæлæ хъæц æмæ дæ хурыл ногæй сæмбæлай сæудары».

 

Уысм фæсабыр ысты, байрад чызг сæ зæрдæнцой æнгасæй .

Æмæ ‘ртæхдзастæй, сæркъулæй бахызт мидæмæ сæ разæй.

Зæххыл ку’ айтындзид ыстайдзарм, — аххæст къонайыл æгасæй.

Бадынц адджынæн, ирхæфсынц хи цыхсызгондæр ныхасæй.

 

Артыл физонæг фæбур и, калы сойдзæссыг æвзистау;

Фынг — æнæкæрдзын, ысцæттæ; тар, æнкъард æхсæвæр — хистау.

Тариелмæ хатынц: «Ахæр», уый хæрын кæм уадзы рис та!

Фæлæ драхмæйы бæрц комдзаг хатырæй йæ дзыхмæ систа.

 

Хорз у зонынджын уынаффæ, — зæрдæ ‘хсызгонæй рæвдауы;

Хъус æм, уæд лæгæн йæ хъуыды рухс, рæствæндагыл æфтауы,

Уд йæ дудынæй .фæлæууы, исдуг йе ‘нкъард равг фæхауы.

Уæд йæ сагъæсæн та йе ‘мбис лæг йæ зæгъынæй фæхъауы.

 

Иумæ сбон кодтой хæларæй уыцы сахъ дыууæ домбайы.

Иу сæ иннæмæн фæдзырдта, судзгæ сагъæсæй куыд тайы. —

Хæхтыл хур ыскаст, йæхи та дуне ‘взист денджызы найы.

Мысынц с’ ардбахæрд, лæгау-лæг никуы йе ‘рдхорды нæ сайы.

 

Тариел зæгъы: «Нæ хъæуы дардыл фидары ныхæстæ; —

Ме ‘рдхорд, бафæндæд Хуыцауы, — искуы бафидон дæ хæрзтæ!

Сомы сомы у, цы дзурæм, исты расгуытæ куынæ стæм!

Рох нæ уыдзынæ мæ никуы, дард куы фæцæуай дæ бæстæм.

 

Ныр цы дæ курын — цы зынджы судзын æз æхсæвæй-бонæй,

Уый æрцъыкк-æхсонæй не ссыгъд æмæ н’ ахуысдзæн æнцонæй,

Фæлæ ма сфæнд кæн, дæхи дын науæд басудздзæни, зон æй,

Аздæх ардыгæй фæстæмæ, цæр дæ хуримæ фæндонæй.

 

У Хуыцауæн дæр ыстыр зын — хос ыскæна мын мæ низæн,

Хæхты, хъæдты мын мæ цоппай адæм уымæн хæссынц дисæн.

Сонт мæ ничи хуыдта раздæр, — фод Асматы зæрдæ ‘вдисæн,

Ныр ныххивæнд и, ныццæхгæр зæрдæ — нал мын кæны уисæн».

 

Автандил зæгъы: «Мæнг ныхас ис дæ уæлæнгай æфсоны,

Уæвгæ, зонынджын, куырыхон дæу кæддæриддæр ысхонын; —

Ау, Хуыцау дæр ма дæ низæн кæд ысхос кæнын нæ зоны,

Уæд куыд ысфæлдыста цард та арвыл, сурыл æмæ доны?!

 

Цымæ уе сфæлдисын мастæн уæд цæмæн бахъуыд Хуыцауы? —

Уый æдзæм тары фæкодта дæу цæстысыгæй уырауын!

Нæ, цæссыг æмæ фыдбылыз уарзтыл рагæйдæр фидауынц;

Кæд ды не ссарай дæ хуры, уæд мæн ме ‘взагæй æрцауындз!

 

Цымæ саг лæг та кæд фендис æмæ масты раз æртаса?

Маст цæй не ‘мсæр у, цы нæ ис йемæ дзуринаг, ныхасаг?!

У Хуыцау нæ ныфс, хъысмæт нæ, хъулау, бирæ дæр куы хъаза!

Байхъус, бахатыр кæн, — хъуамæ лæг хæрæгау хивæнд ма суа.

 

Хъус, мæ уынаффæ мын бамбар, кæд æцæг дæ зонд нæ чиуы.

Ардæм рацæуыны бар мын радта — хуры халдих чи уыд;

Загътон: «Ме ‘рдхордыл хъынцъымæй басыгъди мæ зæрдæ риуы.

Цон, ысхос ын кæнон исты, ам цы пайда у мæ джиуын?»

 

«Бузныг, — загъта мын, — лæгау-лæг афтæ бакæндзæн æрмæстдæр;

Фидыс уарзты раз, мæ разы, уымæн баххуысæй дæ хæстæ».

Уæдæ, бамбар æй, фæзындтæн ам мæ уарзоны фæдзæхстæй;

Цæй, мæхи ма йын тæппудæй ныр куыд равдисон йæ цæстæн?

 

Алыг уыцы ныхас, уый мæм дарддæр ахсджиаг нæ зыны,

Фæлæ бахъуыды кæн — сонт лæг никуы басгуыхы фыд-зыны;

Уарди дидинæг куыд кала — рухс, зæрин хуры нæ уыны!

Уæдæ, ме ‘фсымæр, мæ бар ма уадз, — дæу цы сагъæс æхсыны.

 

Багъæц ме ‘рцыдмæ кæмфæнды — хъæды, лæгæты уа, хæхты,

Цины рухс тыны ныгъуылай æви хъарм цæссыджы ‘ртæхты, —

У нырау хæрзуынд, куыд барой дæу сæуæхсиды цырæгътыл

Фæлæ бафæраз, дæ цардыл хъоды макуы бакæн уæгъды!

 

Айс дæ зæрдæмæ мæ лæгъстæ: ма стыхс афæдзмæ фыдбонæй;

Уæд æрхæсдзынæн дæм ардæм уац дæ удлæууæн бæлонæй.

Майы кæс æмæ куы кала уарди дидинæг нæртонæй,

Уый, куыдзы срæйдау, уыдзæнис ме ‘рцыд хъусынгæнæг, — зон æй.

 

Кæд нæ фæзынон æмгъуыдмæ, уый нысан уыдзæни — мард дæн,

Æмæ мауал кæс æнхъæлмæ ды дæ дард бæлццонмæ дарддæр,

Кал дæ цæстысыг, — уыдзысты, зон, дæ хæлæрттæ — лæг къаддæр.

Уæд дæ бар уыдзæн дæ цин дæр æмæ де ‘нæныфс æнкъард дæр.

 

А хъыгаг хабар кæй дзурын, уый дæ, развæлгъау, æвзоны;

Дис дæм ма фæкæсæд хауын: бæхæй — сурыл, науæй — доны.

Ау, цæуылнæ зæгъон уый та? — фос нæ дæн, ыстур, æгомыг!

Арв мын, зæххы сæрмæ зилгæ, карз цы ныв кæны — нæ зонын».

 

Тариел ын загъта: «Хатын, къух нæ сисдзынæ дæ сæнттыл;

Демæ бирæ дæр фæдзурон, — нæй дын басæттæн æнцæнтты,

Нæй гæнæн: хæлар нæ хъусы, — хъус æм ды, ныллæуу йæ фæндыл;

Искуы раргом уыдзæн сусæг царды денджызы гуылфæнты.

 

Ацу, ма мыл æууæнд, искæд кæд æрæмбарис мæ зынтæ.

Ам уон, искуы уон — цы давы? Зонын ме ‘мбалы хъæрзын дæр.

Уарди дидинæг куы ‘фтауа — исты уацæнхъæл кæсын дæм,

Фæлæ, уæуу, мæлæт куы ‘рцæуа раздæр ме ‘рдхорды фæзындæй!»

 

Афтæ бадзырдтой, лæгау-лæг дзырд нæ ратдзæни мæнгардæй.

Бæхтæ фесхуыстой, сæ уынæр райхъуыст тыгъд быдыры дардæй.

Уым фæйнæ сырды куы ‘ртылдтой, уæд æрбаздæхтысты ‘нкъардæй;

Сом фæхицæны маст зæрдæ, цыма, бацагайдта кардæй.

 

Уæ, мæ чиныгкæсæг, зонын, ныр дæ цæссыг дæр ызгъæлдзæн;

Зæрдæ зæрдæйæ фæхицæн, — цæссыт фестдзæнис æхсæрдзæн;

Лæг хъæдыхалон куынæ у, уæд æнæхæлар куыд цæрдзæн?! —

Уый зæххон лæгтæй æнцон та чи сонт, чи рæузонд æнхъæлдзæн?

 

Хур йæ райсомæй куы скасти, чызгæн: «Рахæрзбон у», — загътой

Æмæ се ‘ртæ дæр сæркъулæй зæхмæ хъарм цæссыгтæ тагътой,

Раст, тырысатау, сырх-сырхид рустæ судзгæ пиллон уагътой,

Дыууæ знæт домбайы чызджы хъæды иунæгæй ныууагътой.

 

Тариел кæны фæндараст дардмæ йе ‘нувыд æмбалы,

Йемæ рацыди, сæ фæстæ чызг йæ цæссыгтæ нызгъалы:

«Арвы стъалытæ, зынг хур уæ уый куы фестын кодта ‘взалы!

Ныр уæ дудгæ бон куыд быхсон ацы сау цæссыджы малы?!»

 

Бон куы фæцæуиккой иумæ, се ‘хсæв фурды былмæ ‘рхастой.

Уым æрæнцадысты фæзы, бæхты бæлæстыл æрбастой.

Уым фæхъынцъым кодтой иумæ, уавæр алырдæм фæбарстой.

Уым фæхицæны зын сагъæс ног сæ сонт зæрдæтæм айстой.

 

Автандил зæгъы: «Ныссур и ныр йæ донгуырæн дæ цæстæн.

Де ‘рдхорд Придонæй æмбойны уæгъды рацыдтæ дæ мæстæй;

Ме скаст уымæ у, фæндаг мын тагъддæр бацамон йæ бæстæм:

Мулгъазанзары уыдзæнис исты базонæн æрмæстдæр».

 

Тариелæн, дын, фæлæууыд уæд йæ цæссыгты тæдзынæг;

Къухæй амоны йын: «Мæнæ афтæ комкоммæ цæудзынæ,

Хурыскæсæнырдæм был-был Мулгъазанзармæ ныфтдзынæ;

Фен æй, радзур ын — куыд цæры ам йæ сыгъдамонд æфсымæр».

 

Æмæ сæгъ — хъæддаг — æртылдтой. Сойдзæссыг æртагъди уæхстæй.

Донбыл бахордтой æхсæвæр. Бамыр, басабыр и бæстæ.

Уым сын хъахъхъæнынц сæ тарф фын пака, базыртыгъд бæлæстæ.

Куы рæдау вæййыс, нæ хъысмæт, куы бынтон чъынды, мæрддзæст дæ…

 

Райсом фестадысты раджы, — хур цæхæркалгæ куы растад, —

Байхъус уыдонмæ, — сæ мæтæй зæрдæ баззадаид хастау;

Уади къадатæй сæ цæссыг, — фурдмæ судзгæ сагъæс ласта.

Риу-æмриу тыхстæй сæ исдуг къах кæрæдзийæ нæ хаста.

 

Фæлæ стæй фæсаджил фæндаг, — маст фæстæмæ-размæ ‘нхъæвзы:

Иу сæ фурды былтыл араст, иннæ — лæгæты ‘рдæм хъæзы.

Бирæ, бирæ рæстæг дардæй хъуысы се ‘рдиаг, сæ хъæрзын

Æмæ саудалынг æврæгътæй хур йæ рухс цæсгом æмбæрзы.

АВТАНДИЛЫ БАЛЦ ПРИДОНМÆ

Цард, цы ‘гъдау дæм ис, цы уавæр, — уый нæ цоппайыл цы ‘фтауыс?!

Тарф дыл чи бафтауы йе ‘ууæнк, уый æнус мæнау уырауыс!

Лæг кæм райгуыры, кæм рæзы, сау мæрддзаг та йыл кæм тауыс?!

Фæлæ де нæуынон чи уа, уый Хуыцау уæддæр рæвдауы.

 

Автандил кæуы, дзыназы, арвмæ додойы хъæр хъуысы:

«Уæууа, ме ‘рхæндæг цæстыты никуы тугдзæссыг нæ сысы;

Йемæ фембæлд мын куыд зын уыд, — ноджы ‘нкъарддæрæй йæ мысын;

Лæг лæджы халдих нæ уыдзæн, — никуы бацæудзæн йæ хуызы».

 

Сырдтæ тугдзæссыг ысдæрынц, хъуысы хъомпалæй сæ хъырнын.

Уарзтæй пиллонуадзгæ бæлццон маст — зæрдæхалæн — ныхъуыры.

Тинатины фæлгонц худгæ сысты, цæстыты раз гуыры;

Судзы дæндæгты цырен хал рухс, сырх уардийы зыхъхъыры.

 

Уарди йе ‘ртæхсыф æруагъта, цыма их-къæвдайы басыд;

Лал, зæрæхсидау, ныффæлурс æмæ талм — гуырвидыц тасыд,

Тары ‘ндонвидар фæрæзта мастæн — лæппуйы бон цас уыд!

Тарыл нал дис кодта: хур ын арвыл рагæй дазр нæ хъазыд.

 

Лæппу хурзæринмæ дзуры: «Рухскал, дун-дунейы уарди,

Ды Тинатины хуызæн дæ, уый та де ‘нгæс у, дæ халдих,

Арвмæ уый тыххæй фæкæсын, фæлæ уе ‘гæр, зæгъ, фæкалди, —

Зæрдæ не схъарм ис уæ тынтæй æмæ уазалы ныссалди!

 

Арвыл иу хуры фæцухæй зæххыл карз зымæг куы схъызы, —

Æз дыууæ хурæй фæцух дæн, — цæй, куыд æй быхсон, цы хуызы?!

Фæлæ дурвидар у зæрдæ, — сагъæс, ма йæ дар дæ хызы:

Кард — хъæдгомы знаг, — æруад ыл, уæд йæ тугдзæссыг æрхъуызы».

 

Арвмæ байтыгъта йæ цæнгтæ, хурты хурзæринмæ дзуры:

«Хур, — бæстысæрытых — тайы талынг, тар хъуыддаг дæ цуры,

Цаудæй, бонджынæй рæвдауыс алкæй, иунæг цин дæ курын:

Бон мын ма раив æхсæвæй, — ногæй фембæлон мæ хурыл!

 

Уæ, Зуал, — æрхуым, æрхæндæг, арвы тарсагъæс ыстъалы, :

Ратт мæрдон æнкъард мæ удæн, дар мæ саудалынджы малы,

Маст хæрæджы уаргъ хæсдзынæн, зæрдæ фестын кæн æвзалы,

Зæгъ æрмæст мæ хурæн: мæнæ тугдзæссыг йæ уарзон калы».

 

Уæ, Муштар, дæ къухы дарыс уаз рæстдзинады тæрæзтæ, —

Ратт дыууæ зæрдæйæн амонд — иумæ рацæрой сæ рæстæн.

Галиу ма рахæт, æркæс мæм, — нæй рæстæвзарæн фæрæзтæ:

Мæнæ уарзтæй сыгъд мæ зæрдæ ноджы ног мастæй фæхъæстæ!

 

Марих, рацу мæм, æгъатыр цæв мæ зæрдæсæр дæ фатæй;

Уадз æз самæхсон мæ туджы, уый мæм хъыг нæ кæсдзæн, — хат æй,

Фæлæ радзур мын мæ хурæн, — цард куыд нал мын у сæрфатæй;

Зоныс, судзгæ йæм кæй тындзы зæрдæ цинцыбæл — бæлцуатæй.

 

Аспироз, цъæх арты судзын, уарзты худгæ стъалы, ракæс:

Лалбыл, уардибыл зæххон зæд — рухс, фæрныгдæндаг — мæ сагъæс.

Уынд, æрвон фидыц куы уарыс, уарзты удхос дæр ма рахæсс, —

Ног мæ слæууын кæн мæ къахыл, аппар ме уæнгтæй уæззау хæс.

 

Отарид — бæлццон ыстъалы, — ме ‘нгæс, ме ‘муавæрæн зилыс, —

Дæу зынг хур судзы, — уæларвон, хур — зæххон та — Автандилы;

Райс мæ гуыр, мæ цæссыг, арвыл фысс — зæххыл, куырмау, куыд хилын,

Гуыр — æрдунарæг — фыссæн сис, тул æй тугдзæссыджы милы.

 

Мæй, хæлар цæстæй мæм ракæс, мæй, æз дæр, дæуау, ивайын!

Хуры цур мæ хуыз ыскалын, хурæй ацæуын — æртайын.

Атындз, радзур мын мæ хурæн, — ам мæ цæстысыг куыд уайы,

Рох мæ ма фæкæнæд, зонæд, — уый дæн, уый амондæй райын.

 

Ныр ыстъалытæ — ме ‘вдисæн — авдæй ме ‘гъдауæн судздзысты:

Хур, Зуал, Муштар, Марих мын дард мæ сагъæстæ сурдзысты;

Аспироз, рухс Мæй, Отарид, арвыл уарзонмæ тулдзысты, —

Мæн куыд басыгъта уарзты зынг, уый йын се ‘ппæт дæр дзурдзысты».

 

Æмæ стæй йæхицæн загъта: «Фаг дын — хи марын, дзыназын:

Сагъæс ницы давы, — зин дын, хъулау, де ‘нкъард удæй хъазы.

У мæ уарзонæн йæ дзыкку, — зонын, — сау сынты тыгъд базыр,

Фæлæ маст быхсын у хъуыддаг, — цинæн чидæрид фæразы!

 

Цæй, кæд ма цæрын, уæд райгæ, додой нал æмбæлы, — дзуры, —

Науæд ахуысдзæн мæ саузынг, худгæ нал фендзынæн хуры».

Æмæ лæппуйы нымд зарæг афтæ зæрдæйы хъыг суры, —

Хъуысы булæмæргъы зарын раст, уыджы уастау, йæ цуры.

 

Уыцы ‘хцон зарæгмæ згъорынц сырдтæ, хъомпалгæнгæ, хъæдтæй,

Базад дойнаг дуртыл хъустæ æмæ растадысты дæттæй.

Зары, хъусынтыл æм фесты, ризынц зарæджы кæлæнтæй,

Йемæ ‘взист цæссыгтæ калынц æмæ й’ алфамблай ысцæдтæ.

АВТАВДИЛ ÆРЦЫД ПРИДОНМÆ

Уый æвдай боны фæцыдис афтæ, заргæ-кæугæ, ‘нкъардæй.

Далæ ‘рбазындис фæстагмæ иу нау донуылæнты дардæй;

Былмæ ‘рбацыдис, æрхызт дзы бирæ денджыздзау цагъартæ.

«Чи стут? — дзуры сæм, — уæ бæстыл хицау чи дары йæ бартæ?»

 

Автандилы уындæй уыдон исдуг нал истой сæ цæст дæр;

«Бæлццон, — бадзырдтой йæм, — д’ аккаг не ‘взаг н’ амоны ныхæстæ;

Нурадин-Придон — нæ хицау, Мулгъазанзар та — нæ бæстæ,

Ам — нæ зæххы кæрон, н’ арæн, дарддæр — Турчы зæхх дæ фæстæ.

 

Кадджын, арæхстджын — нæ хицау, саггуырд никуы фенис ахæм;

У йæ бæхылхъазт æмбисонд номдзыд хурдзæсгом паддзахæн;

Йе ‘хсар — сау диссаг: фыдгул дзы никуы ракæндзæн хылкъахæн.

Уыцы хъомысджын сæрхъызой у нæ цардрухсгæнæг махæн».

 

«Бузныг, ме ‘фсымæртæ, — спаспет бабуц се ‘гъдауæй, сæ уагæй, —

Æз — уæ хорз паддзахы уазæг, зилын, агурын æй рагæй».

Æмæ денджыздзауты ‘рфарста Мулгъазанзармæ фæндагæй,

Æмæ бацамыдтой уыдон уазæгæн адджын æвзагæй:

 

«Мæнæ, гъе, фæндаг, ныллæуу ыл, Мулгъазанзар уадард нал у.

Уым нæ сæр, нæ паддзах бады, тохты — дардыл хъуыст йæ хъару.

Уырдæм бафтдзынæ дæс бонмæ, фæлæ зæрдæ дæ куыд барухс?!

«Талм у, — дис кæнæм нæхимид, — æви худгæ фæрдыг — лал у?»

 

«Диссаг, — дзуры сæм, — мæ уындмæ, чи у, чи уæ кæны суртæ?

Уарди тымыгъы куы басыд, уæд цæй лал ма у, мæ хуртæ!

Уый кæддæр æрттывтон лалау, — нал ис уыцы уындæй мур дæр,

Адæм радысты мæ уындæй, ныр ныффæлурс дæн, ныббур дæн».

 

Æмæ фæндагыл фæраст и лæппу, рухс тын уафгæ, бонау,

Талм — уæнгты кондæй, гуырвидыц, зæрдæ — дурвидар, æндонау.

Уайы саргæнгæ, — йæ удæн басгуыхт, зындонау,

Æмæ ‘взист цæссыг лæдæрсы бур нарцис дидиныл, донау.

 

Чи ‘мбæлд саг лæппуйыл, уый-иу баци бархийæ йæ цагъар.

Уый-иу басыгъди йæ цинæй худгæ, бурдзыкку цырагъау, —

Уымæй ахицæны бон-иу дудгæ тар сагъæсы бахауд, —

Дарддæр амыдта, куыд ивæзт фæндаг доны был æндахау.

 

Лæппу цъус фæцыди, бирæ — Мулгъазанзармæ фæхæстæг;

Иу ран быдыры сæ сæрыл исынц дунейы ‘фсад бæстæ —

Сырдтыл рацыдысты цуаны, хъуысынц уадындзы хъæлæстæ;

Дæлæ — цагъд сырдты рæдзæгъдтæ, цыма дзагæфсир уыгæстæ.

 

Рамбæлд иу лæгыл, фæрсы йæ, зæгъгæ, уыцы ‘фсад та чи сты?

Уый йын радзырдта: «Сæ фæдис кæд нæ дæ бафтыдта дистыл?

Придон цуан кæны — нæ паддзах, хæст куынæ бацайдагъ исты.

Акса, уæлæ-ма сæм хъæзы, — сырдтæ хъулайы сты, цъисты».

 

Бæлццон бахъæлдзæг, æгъдауыл араст, æфсæддонтæм бацыд,

Хур, цæхæркалгæ, нырттывта, ног йæ цæлхыдзаг æрхъазыд;

Зæгъгæ, зæрдæйæ фæиппæрд, — зæрдæ уадидæгæн басыд,

Хъæз — йæ фидыцы рæхснæггуыр, талас, удæнæхцон тасыд.

 

Тæккæ уыцы уысм сæ сæрты ратахт, уадтымыгъау, уари.

Автандил, дын, æм уæлбæхæй уадид фатæрдын куы сдарид.

Арвæй расхъиудта тыхджын маргъ, кæрдæг адардта сырх дари.

Лæппу бауад æмæ мæнæ маргъыл рухс дуне ныттар и.

 

Уый Придоны ‘фсад куы федтой, цыма фатæрттигъ фæцъула, —

Мæргъты, сырдты ма сæ чи ‘хсы! — уайтагъд фехæлди сæ хъула

Æмæ саглæгыл тыгуыртæ систой дистæгæнгæ, хурау,

Уæвгæ, чи бафæрса хуры: «Чи дæ?» — чи къæйных ысдзура!

 

Дард цыппор лæгимæ Придон уæд бæрзонд къуыппыл лæууыдис, —

Уыдон — йе ‘мсæртæ, рæстдзæвин — се ‘нгæс йе ‘фсады нæ уыдис.

Хъула райхæлди — куы федта, хъомпал хор-хор ыл куы ссыдис, —

Иуæй бамæстджын и паддзах, кодта иннæмæй мæрдты дис.

 

Загъта цагъарæн: «Ныууай-ма, сырдтæ хъулайы куынæ сты, —

Уый кæдæм ызгъорынц æфсад, саугуырм ма бафта сæ цæстыл!»

Цагъар бахæццæ ис, æфсад хурмæ гуылф кæнынц йæ рæзты,

Аджих мидбынат, æрмистæй баззад паддзахы фæдзæхстыл.

 

Автандил фæхатыд — цагъар у бæрæггæнæг Придонæй,

«Ацу, — загъта йын, — фæстæмæ, радзур хицауæн мæ номæй,

Раджы, раджы, зæгъ, фæхаудтæн æз мæ зæхх æмæ мæ донæй;

Тариелæй, зæгъ, æрвыст дæн бæсты иннæ дард кæронæй».

 

Цагъар ацыд æмæ загъта Нурадин-Придонæн джихæй;

«Зæхмæ рухстынуафгæ ‘рхызти хур уæларв дуне, уæлмигъæй;

Уый нæ равзардзæн цыфæнды зондджын хурзæрины сихæй.

Тариелæй дæм æрвыст у уый — дæ зæрдæйы кæрдихæй».

 

Тариелы коймæ Придон, уаргъау, феппæрста йæ сагъæс,

Æмæ хъарм цæссыгтæй уадид цинæн бафыста уæззау хæс;

Уарыд уардийыл æвзист сыг, сыстад цæсты хауты уахъæз;

Зæрдæ, фидиуæг дæм — хурæй, фæлæ ма стыррыкк у, — багъæц!

 

Æмæ, судзгæ фатау, йе ‘фсургъ къуыппæй фесхуыста дæлæмæ,

Бакаст саг лæппумæ, загъта: «Хур у, хурзæрин æнæмæнг,

Хур у, хурзæрин фæхатыд уый мæ цагъар дæр æнæ мæн».

Фембæлд уазæгыл хæларæй, цинæн ралæууыд йæ тæмæн!

 

Афтæ бауарзтой кæрæдзи, цазй, фæхицæн сæ кæ, — бавзар!

Цыма сабийæ сын иумæ басгуыхт авдæн Мулгъазанзар.

Нал зынд хурзæрин сæ цуры, — уыд фæлурстын æмæ уазал.

Никуы фендзæни цæстæй дæр ахæм рухс фæрдгуытæ базар.

 

Чи у Придоны ‘нгæс саггуырд! Адæм Боброны куыд уарзынц!

Фæлæ спаспеты цур уый дæр, цыма, баталынг и, нал зынд;

Арвыл хуры фарсмæ худгæ никуы стъалытæ нæ хъазынц,

Æмæ ‘хсæвдзырæгътæ тары бонмæ рухсы таг ивазынц.

 

Нурадины бардзырд айхъуыст — бæхтыл абадтысты цырддæр,

Æмæ — галуанмæ сæ фæндаг, — никæй нал æвдæлы сырдтæм.

Адæм уазæгмæ кæсынтыл фесты, кодтой йыл тыгуыртæ,

Дисы ‘фтыдысты йæ уындæй: «Уый цы рæсугъд дæ, цы гуырд дæ?!»

 

Автандил Придонæн: «Уæвгæ, ис æппæтæн дæр йæ рæстæг:

Агъæц, радзурон дын — чи дæн, гъе, кæцæй цæуын дæ бæстæм;

Тариелы кой куы кæнын, уæд кæм æй федтон мæ цæстæй;

Уый мæ ‘рдхорд хоны, — бæззын ын æз цагъайрагæн æрмæстдæр.

 

Æз аравиаг уæздан дæн, Ростеван паддзахы хъомыл

Æмæ «спаспет» дæр ма бафтыд «Автандил», зæгъгæ, — мæ номыл.

Кадджын — туг æмæ мыггагæй, — тыхст, мæгуыр цард мæ нæ домы.

Хъал, тыхджын уыдтæн, — зæххыл мын ничи ницы уыди хъомыл.

 

Æмæ иуахæмы цуаны паддзах донбылгæрон хатти,

Кодтам милмæ ‘хсынæй ерыс. Тариел уым иу ран бадти.

«Ардæм ракæнут æй!» — бардзырд Ростеван-паддзах куы раттид.

Уый нæ мæт кæм уыд! Нæ фæчъил æмæ рамæсты стæм уадид.

 

Паддзах æфсадмæ: «Хæцут ыл! Тагъддæр!» — йе ‘рттæ сыл ысцагъта.

Уыдон лæппумæ лæбурын систой алырдыгæй, цъахтау.

Уый æвæндонæй фæзылдис æмæ фæдисы фæцагъта.

Мæй нæ фæчъил и — цыренцалх, мах «нæ сын бакуымдта!» — загътам.

 

Паддзах акалдта цæхæртæ, — йе ‘фхæрд барæгæн кæм бары!

Абадт йе ‘фсургъыл, йæ фæндаг уый дæр фæдисимæ дары.

Федта паддзахы, — фæуагъта лæппу цагъайрæгты марын,

Ехсæй февзыста йæ бæхмæ æмæ иблисау фæтары.

 

Никуы нал разынд йæ фæд дæр, мах æй банымадтам зиныл.

Ростеван-паддзах нырхæндæг, — марг ын ауагъта йæ циныл.

Æз ысцыбæл дæн, мæ къух дын систон ме ‘гъдауыл, мæ диныл

Æмæ рахъуызыдтæн, хъæдты уыцы «зины» фæдыл зилын.

 

Хæхты, быдырты мæ фæндаг æз æртæ даргъ азы дардтон;

Хатаетæгты фæрцы йæ хъæды ‘ппынфæстаг ыссардтон.

Уарди сбур-бурид — куы федтон, уæд мæ цæссыгтæ фæкалдтон

Æмæ, хи ‘фсымæрау, уымæн фидар баххуысы ныфс раттон.

 

Байста уæйгуытæн сæ лæгæт кардæй, басаста сæ тохы.

Ныр Асматимæ дзыназынц уым, хъæдыхалæттау, рохы.

Судзгæ сагъæсмæ фæкъæртт ис, мастæн нал хæцы йæ рохыл.

Уæууа, чи фæхицæн уымæй, уый куыннæ бафта фыдохыл!

 

Чызджы лæгæты сырдвыдæй дары, саргæнгæ, цы дары!

Сырд йæ лæппынæн домбай дæр афтæ хъамылы ныммары.

Чызгæн хæлц æрхæссы, стæй та хъæдмæ ног йæ фæндаг дары.

Иппæрд адæмæй йæ цæссыг хæхты, быдырты лæмары.

 

Æз æцæгæлон нæ уыдтæн йемæ уæйгуыты лæгæты, —

Уым мын, хионау, фæдзырдта уый йæ сыгъд уарзты хъысмæтыл.

Йе ‘ппæт тухитыл, йæ ристыл, йе ‘нкъард сагъæсыл, йæ мæтыл,

Уарзон хурдзæсгомы фесæфт уый куыд æфтауы мæлæтыл.

 

Цыма мигъæфсургъыл рухс мæй — уый дæ саулохагыл бады,

Зилы, мæйæ хъауджы уый дæр никуы мур фæллад нæ хаты.

Никæй йе ‘мгæрон нæ уадзы, нал ис адæмы нымады.

Уæууа, мысинаг кæмæн у ахæм саг лæппу — хъæбатыр!

 

Уæууа, уый мæтæй мæ удыл сагъæс бафтыдис æнахуыр;

Кæс, йæ сæфт хуры фæдагур дуне сгарын æмæ къахын.

Фурдты, сур зæххыл фæзылдтæн æмæ нал лæууын мæ къахыл.

Иу хатт аздæхтæн фæстæмæ, федтон ме ‘рхæндæг паддзахы.

 

Бар дзы радомдтон, не сразы, ноджы ме схæссæг рамæсты,

Æз куы рахъуызин; ме ‘фсад та мастмæ бахаудтой ахæсты.

Афтæ паддзахы бафтыдтон ног хъынцъым æмæ сагъæстыл.

Бадæн ме ‘рдхордæн хосагур æз дæлфадихсыд а бæстыл.

 

Уымæй базыдтон уæ хабар, уый дæ хи ‘фсымæрыл бары.

Мæнæ, уый фæрцы дæ ссардтон, — дæу тæмæссаджы хъайтары.

Фæлæ, радзур-ма, куыд бафта къухы хурзæрин ыссарын, —

Цин йæ фенд кæмæн уыд, маст та — йе ‘дзæм, йе ‘вирхъау фæтары?!»

 

Æмæ фысым дæр æркуыдта, бацыд сагъæсимæ тохы.

Диссаг — се ‘рдиаг: фидауы уарди саударæн фыдохы.

Иумæ сар кæнынц, цы дзурон — у сæ цæссыгкалд цæй охыл!

Рухс, цæппузырау, æнхъизы цæссыг цæстыхауты къохы.

 

Ниугæ паддзахы куы федтой, — æфсад рахатыдтой хъуыддаг;

Чи йæ рустæ тыдта, чи та рустыл танхъахыз ыскъуыдта.

«Хурæй авд азы фæцух дæн! — Нурадин хъæрæй ныккуыдта. —

У, мæнгард дуне фæлитой, уый ма чи схондзæн æвыд та?!

 

Цæй, куыд дæ стауон, цы зонын? — ме ‘ппæлд рауайдзæни тауыс:

Арвыл хурзæрин нæ худы — уый ныл рухс тынтæ ды тауыс.

Цард-цæрæнбон æмæ цин дæ, амонд адæмыл æфтауыс,

Фæлæ де ‘нкъардæй нæ риуты масты рох цæхæр ысхъауыс.

 

Цард мын сæнад и дæ фæстæ. Дæу кæм æндавы мæ мæт та,

Фæлæ ме ‘нкъард уд æнæ дæу баци халæттæн хæлæттаг.

Æз æнæ дæу — мард, дæуæн та цард æнæ мæн дæр — дзæнæтау.

Дуне сафтид ис мæ цæсты, нал дзы дæн лæгау цæрæццаг!»

 

Нурадин куыдта, йæ риуæй Тариелы фæлгонц нал хызт.

Фæлæ бамыр и фæстагмæ, додой банымæг и, балхынцъ.

Саргъыл цæсты тигътæ иста уазæг — урсцæсгом сæударгъуыз.

Сатæг милцæдтыл æрæнцад, царау, цæсты хауты даргъ хыз.

 

Мулгъазанзары сыл сæмбæлд галуан — сау диссаг йæ кондæй,

Уым, сæ бæсты, цард нывæндынц барджын паддзахы фæдонтæ.

Адæм, цагъартæ — хæрзвæлыст, хурдзаст, — хотыхдар хæстонтæ

Сонт, цымыдисæй фæлгæсынц: феной уазæджы бæстондæр.

 

Галуан аныгъуылди цины, — барухс фысымты уæлравгæй.

Уаты уæздæттæ дæс-дæсы къордгай рарæгъ ысты хъавгæ,

Се ‘хсæн уазæг æмæ Придон, — хурау, хъарм тынтæй æндавгæ;

Бон цырен тæмæнтæ калы худгæ лал æмæ дзæнхъавгæй.

 

Бадт, æгъуыстаг куывд ысцæттæ, фынгыл сæн лæсæнтæ систа.

Уазæг фысымтæй хæларæй дзаггарз, хорз лымæнау, иста.

Ног, зынаргъ мигæнæн сарæх æмæ фынг æрттывта ‘взистау.

Автандил сыгъта, зынг хурау, уым ма чи не ‘нкъардта рис та?!

 

Галуан уыцы бон изæрмæ не сцух цин æмæ минасæй.

Хур та скаст, йæхи ныхсадта, калы рухс тæмæнтæ уазæг.

Мин-мин драхмæйы аргъ раттой дарæс лæппуйæн атласæй,

Рон — алæмæттаг, зæгъæн дæр нæй йæ зынаргъæн ныхасæй.

 

Баззад цалдæр боны спаспет ноджы фысымы хæдзары;

Баззад, о, фæлæ йæ зæрдæ тагъддæр ацæуыныл хъары.

Зилы паддзахимæ иумæ, хъæдты саг, сæгуыттæ мары,

Уым йæ рæстдзæвин, йæ рæвдзæй дисы фатæхсджыты ‘ппары.

 

Иу бон бакой кодта: «Придон,-у мын ахицæнау цардæй, —

Дæу цы бон нал уынон, хъуамæ ниуон уыцы бон æнкъардæй,

Фæлæ нал мын ис æдзæугæ, зæрдæ схурхмæ ис цъæх артæй;

Сиды, сиды мæм мæ хъуыддаг, тагъддæр ратындз, зæгъгæ, дардæй.

 

Зонын, мысдзæн дæ мæ зæрдæ, цæссыг нал кæндзæни сур дæр,

Фæлæ судзы мæ йæ мæтæй, зоныс, агуринаг хур дæр;

Никуы, бадынæй йæ фæндаг лæг нæ цыбыр кæны мур дæр.

Цом-ма, равдис мын — кæм рахызт уыцы хуры халдих фурдæй».

 

Нурадин зæгъы: «Фæндараст, нæй дын бауромæн, зонын;

Мах дæ не ‘ндавæм, дæ балцы дæу æндæр сагъæс æвзоны.

Ацу, Стыр Хуыцау — дæ раздзог, де знаг бахауæд фыдбоны.

Фæлæ, уæуу, мæ уд — дæу мысгæ, царвау, чи тайдзæн зындоны!

 

Ацу, хорз, мæ хур, фæндараст, уай хæрзвæндæгтыл, æрмæст дæ

Æз æнæ ‘ххуырстытæ балцы, — ма зæгъ, — ауадзон мæ бæстæй.

Иу бæх, иу хæргæфсыл сæвæр хæлц, дæ дзаумæттæ, дæ гæрзтæ,

Науæд бастайдзынæ искуы, уайдзæн тугдзæссыг дæ цæстæй».

 

Æмæ йе ‘нувыд цагъартæй паддзах равзæрста цыппары;

Ратта уазæгæн хæларæй залдзæг, зæгъ, цæнгдыстæ, сарыхъ;

Сырх — æхсай литры — сыгъзæрин, барст у, нал æй хъæуы барын;

Бæх — æфсургъ — æдсаргъ, æдидон, — рог куыд ыскъæфа хъайтары.

 

Фысым сæвæрдта уæззау уаргъ хорз уæрагвидар хæргæфсыл

Æмæ уазæгимæ рабалц, маст ын йе ‘нкъард уд æвдæрзы;

У фæхицæны зын сахат, цæссыг уадултыл лæдæрсы:

«Хур нæ ку’ адард уа зымæгон, зæрдæ — ихуазал, нæ тæфсы!»

 

Айхъуыст, араст, дам, ис уазæг, сахар къордтæ-къордтæ кодтой,

Дыргъ, дари уæйгæнæг адæм базарæй йæ размæ згъордтой

Æмæ се ‘ппæтæн, æрвнæрдау, хъуысти се ‘рдиаг, сæ додой:

«Хур фæныгуылы!» сæ тыхстæй уым сæ къухы фыдтæ хордтой.

 

Донбыл Придоны раз иухатт хур кæм ферттывта хæрзчысыл,

Мæнæ бахæццæ сты уырдæм иумæ уазæг æмæ фысым.

Масты судзгæ цæдтæй фегуырд æмæ тугдзæссыг нæ сысы,

Фескъуыд ниуд æмæ фæстагмæ Нурадины хъæлæс хъуысы:

 

«Ардæм негыртимæ иумæ рахызт хур, æрттивгæ, донæй;

Лалбыл, урсдæндаг — æрхæндæг касти бæлæгъæй — зындонæй.

Бæх фæцагайдтон сæ размæ, кард фæцъортт ластон уæндонæй,

Бæлæгъ иу пæррæст фæкодта, атахт, ахибар æнцонæй».

 

Донбыл саггуырдтæ нылхъывтой ног кæрæдзийы сæ риутæм.

Судзынц зæрдæтæ, кæрон та нал ис се ‘рдиаг, сæ ниудæн.

Уазæг афардæг, йæ уагыл нал у дыууæ ‘рдхордæй иу дæр,

Ацыд талмвидыц, хæрдзæн та фысым иунæгæй нæ хъиутæ.

АВТАНДИЛ АЦЫД НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ АГУРÆГ ÆМÆ ФЕМБÆЛД КАРУАНТЫЛ

Цыма дзаг мæй у, фæтæхы лæппу рухскалгæ йæ бæхыл.

Уарзон ауайы йæ цæстыл, — цинæй нал фæхæцы зæххыл.

Куы зæгъы: «Мæ хур, кæм мын дæ? — у мæ хъысмæт лæуд фыдæхыл! —

Ис мæ рысты хос дæ къухы, нæ, уæддæр дæумæ нæ тæхын.

 

Уæдæ иудадзыг уыраугæ маст цæмæн судзы хъайтары?

Зæрдæ, дуруæвгæ, йæ сæнттæ сусæг сагъæсыл цы хъары? —

Уарзты нæ, фæлæ, цæвиттон, арæх карды цæф æнкъары.

Уый, дæу тыххæй мæ фыдамонд судзгæ хъизæмарæй мары».

 

Уайы доныбылыл лæппу, йемæ — ‘рмæст цыппар цагъары.

Тариелы рисæн удхос у йæ уд, йæ дзæцц ыссарын.

Уары уадултыл йæ цæссыг, бон у, ‘хсæв — нæдæр æвзары.

Цард, хъæмпыхалау, хъæллæгъау, уый æрдумæ дæр нæ дары.

 

Уайы денджызгæрон лæппу, чызгæй бафæрсы — кæй уыны;

Нæй сæдæ боны йæ фенæг ничи хъалы, кæнæ фыны.

Рагъæй акаст æмæ дæлæ дæлвæз теуатæй нæ зыны;

Семæ чырæгæстæ — ‘рхæндæг, — бахаудтой цыдæр фыд-зыны.

 

Лæппу каруантæм ныххæццæ, цыма теуарæгъау бастад:

Размæ нал цæуынц, цыдæр сæ донбыл, хингондау, ныббаста.

Бæлццон бадзырдта уæлбæхæй: «Хорз адæм, уæ фæндаг раст уа!

Кæд аипп нæ уыдзæн, — чи стут?» — хъавгæ, ‘гъдауджынæй сæ ‘рфарста.

 

Уыд Усам сæ сæр, сæ хистæр: бакæс, уæд нæ уыд зын зонæн, —

Арфæ ракодта хæларæй, радта ‘гъдау дæрддаг бæлццонæн:

«Хур, æрфистæг у дæ саргъæй, де знаг — не ‘гъдауæн, нæ бонæн!

Фен-ма, чи зоны, уæд та нын исты схос кæнис нæ сонæн».

 

Лæппу ‘рхызт йæ саргъæй, уыдон загътой: «Мах цæуæм Багъдадæй.

У пысылмон дин нæ дин та, — сæн нæ басгардзыстæм адæй.

Уайæм денджызты паддзахмæ базар бакæнынмæ кадæн;

У йæ сахармæ нæ фæндаг, уæргътæ — семыдзаг бæркадæй.

 

Фæлæ мæнæ донбыл федтам, иу лæг уадзыгæй хуыссыди,

Мах ын баххуыс кодтам, иугæр йе ‘муд дардбæстаг куы ‘рцыди,

Уæд фæрсæм, зæгъгæ, кæцон дæ, гъе, цы бæллæх дыл æрцыди?

«Донмæ ма бахизут, — сæфут, — лæг æрчъицгæйæ фæцырд и. —

 

Хастам теуатыл нæ исбон Денджызты бæстæм Мысырæй.

Доны бахызтыстæм, наутæн кодта уæз нæ мулк, нæ чырæ.

Уым нæ абырджытæ ‘рцахстой æмæ райгæ у дæ гуырæй!

Æз куыд фервæзтæн, — нæ зонын, чырæ бабын ис æмгуырæй».

 

Гъе, ‘мæ хурдзæсгом, домбай гуырд, мах дæр уыцы тас æвзарæм,

Размæ нал уæндæм, — ыздæхæм, уæд нæ фæллой доны калæм;

Тохы бацæуæм, — нæ зæрдæ не ‘нтыст, не ‘хсарыл нæ дарæм

Æмæ ‘рхæндæгæй, ныфссастæй уавæр алы хуызы барæм».

 

Автандил зæгъы: «Кæд уыди тас мæлæты хос, цы ризут? —

Царды ‘рцæуинаг — æрцæудзæн, — у фыдбылыз æви низ у!

Уадзут абырджыты ме ‘вджид, наумæ рацæут, ысхизут,

Иуварс алæуут-иу тохы, — хи мæ цирхъы цæфæй хизут».

 

Цинæй байдзаг и сæ зæрдæ æмæ каруангæстæ райынц:

«Ис хъайтары ныфс йæхицæй, махау, фыртæсæй нæ тайы.

Уый нæ бахиздзæн фыдгулæй, зæрдæ дзæгъæлы цы ‘хсайы».

Науы сбадтысты уæндонæй æмæ денджызы фæуайынц.

 

Бон аккаг ыскодта балцæн, — афтæ бафæндыд Хуыцауы.

Автандилы ныфс æмбойны дисыл чырæгæсты ‘фтауы.

Разынд абырджыты нау дæр, даргъ йæ тырыса фæйлауы,

Цыргъ уæззау цæджындз дзыргъайау, — разæй наупырхгæнæн науыл.

 

Райхъуыст абырджытæн се ‘мбу, уасы сидæнхъæз ызнæтæй.

Уыцы бирæйæ сæ фенгæ ризынц, каруангæстæ мæтæй.

Лæппу сын зæгъы: «Фæбыхсут, сонтау, ма тæрсут æппæтæй,

Нæй мæнæй уыдонæй иуæн абон фервæзæн мæлæтæй.

 

Дуне мæм бырсæнт, уæддæр мын нæй æнæбонæмгъуыд марæн.

Кæд мæ бонæмгъуыд æрцыди, уæд уæддæр æрхæстæг арæн.

Уæд мæ бахизын мæлæтæй нæу йæ бон гæнах, æмгарæн.

Уый цы лæг хата — уæндон у, нæй бынат йæ риуы сарæн.

 

Нæу базаргæнæг хæцынæн, зонын, дардмæ лидзут кардæй;

Науы дуарæхгæдæй бадут, фат уыл ма сæмбæла дардæй.

Фенут иунæгæй домбайæн йе ‘рдæхт цирхъæй æмæ уартæй,

Фенут, тугамæхст фыдгултæ тагъд куыд ахицæн уой цардæй.

 

Лæппу фердæхтис, ыстайау, залдзæг акодта йæ уæлæ,

Кард, болат ыстарц — йæ къухы, ракаст науы фындзæй, уæлæ

Æмæ йе знæгтыл йæ уындæй, цыма, бафтыдта фыдкæлæн,

Уыйау, систа сæ цæгъдынтæ. Саггуырд, ма дын уа ныммæлæн!

 

Райхъуыст абырджыты богъ-богъ, денджыз сызнæти сæ хъæртæй

Æмæ рауагыой бæрзондæй цæджындз лæппуйы ‘рдæм, уæртæ;

Уый нæ фæчъил и, нæ фæтарст, калынц цæстытæ цæхæртæ,

Йе старц цæджындзмæ фæдардта, — бамур, базгъæлæн, ныцъцъæлтæ.

 

Цæджындз асасти, æвыдæй Автандилиты нау баззад,

Ризынц абырджытæ тасæй, лидзынц, базыртæ сыл базад,

Лæппу баирвæзт сæ наумæ, тохæн ралæууыд йæ хъазуат.

Кард — мæлæтхæссæг домбайæн йе ‘ртты, арвæрттывдау, хъазыд.

 

Кодта ‘хсарджынæй сæгъты цагъд лæппу абырджыты ‘фсæдты,

Мары, уылæнтæм сæ калы, знæгтæн уысм æнцой нæ дæтты.

Хатт кæрæдзийыл ныххуырсы иумæ фарастгæйтты, стгæйтты.

Цæфтæ мæрдты бын æмбæхсынц науы талынгкъуым кæрæтты.

 

Ныр куы фæуæлахиз лæппу, тох куы нал уыди йæ карзыл, —

Мах, дам, — де уазæг! — сæ сæртæ цæфтæ ‘ркъул кодтой йæ разы.

Уый сын н’ аскъуыдта сæ удтæ: федтой, бавзæрстой дзæвгар зын,

Дины минæвар куы зæгъы: «Лæг лæджы тæсмæ фæуарзы».

 

Ма ‘ппæл, лæг, фæнды лæгдыхæй атон, афæлдахай бæстæ.

Тых Хуыцау дæтты, дæ хъару уый цур — иу мисхал æрмæстдæр.

Арты стъæлфæнæй цъæх фæнык фестынц арвæмбæрц бæлæстæ.

Мах — Хуыцау кæны уæлахиз; кард, æхсар — афтид ныхæстæ.

 

Разынд бирæ хæзна знæгтæм, лæппу хæзнатæй нæ хъауы.

Уайтагъд каруангæстæм басидт, наумæ бамкъул кодта науы.

Тарст, мæрдонвæлурс цæсгæмттыл цин йæ зæрин тынтæ тауы.

Æмæ цонгмæцъис хъайтары хъæлдзæгæй Усам ыстауы.

 

Мин мæлгъæвзагæн дæр уый кад нæу сæ бон зæгъын ныхасæй, —

Уый куыд фидыдта, куыд айста тохы йе знæгты йæ разæй.

«Табу, Стыр Хуыцау, дæхицæн, ныр нæ балц уыдзæн æдасæй, —

Загътой каруангæстæ — хур ныл ракаст, рухс уылæнтæй разæй».

 

Чи йæ къухтæн, чи йæ къæхтæн кодтой ризгæ былтæй пъатæ.

Дисæн хастой йын йæ фидыц: хурдзаст, дæндæгтæ — дзæнхъатæ.

Лæг куырыхон дæр, йæ фенгæ, сонтау, кодтаид æрратæ.

«Ды куынæ уыдаис, — дзурынц, — махæн нал уыди сæрфатæй».

 

Лæппу сын зæгъы: «Хуыцауæй бузныг ут, кæй не стут сары;

Уый — нæ сæрхъызой, йæ бар ныл иунæг уый уæларвæй дары, —

Цард — мæлæтæвæрæг зæххыл алцы сусæг-æргом бары

Æмæ уый фæрцы йæ зæрдæ зондджын фидæныл фæдары.

 

Ацы рухс бон ма сымах дæр феттат уый руаджы уæ цæстæй;

Æз — йæ къæхты рыг Хуыцауæн, æз — йæ цагъайраг æрмæстдæр.

Абон уый радта уæлахиз а фыдгултимæ мæ хæстæн;

Ныр, хуынау, сæ кад — мæ къухы, се ‘ппæт исбоныл фæхæст дæн».

 

Лæг уæлахизæй фæскъæвда райдзаст, хур бонау, фидауы;

Басгуыхт йе ‘мгæртты ‘хсæн тохы, — рухсдæр амонд æй рæвдауы;

Адæм — йе ‘хсарæй сæрыстыр — кад куы кæной йын æгъдауыл,

Уæд йæ цæф дæр ын нæ риссы, цин йæ зæрдæйæ нæ хауы,

 

Нау куы басгариккой уайтагъд, цæй, цыма, дам, кæсæм соммæ!

Федтой дунейы хæзнатæ, бафтыд ис сæ ис, сæ бонмæ.

Науæй каруангæстæ райгæ хæзна рафснайдтой сæ онмæ.

Науыл бандзæрстой, йæ сыгъдон калд зынг æгхсидæвтæй донмæ.

 

Дзуры каруангæсты номæй лæппумæ Усам — сæ хистæр:

«Уый, дæ фæрцы стæм сæрибар, ничи, нал нæ дары джиз дæр.

Ныр дæ бар цæуы нæ науыл, ныр дæу у нæ мулк, нæ ис дæр;

Зæгъ, — цыфæнды нын дзы ратгай, мах хъæцдзыстæм ыл, дæхистæн!»

 

Автандил Усаммæ: «Уый уæ уæллаг бахызта, мæ фæндæй,

Дард уæларв дунейæ федта уый уæ цæссыгты пырхæнтæ

Æмæ рахæцыд уæ сæрыл, æмæ нал ыстут æрхæндæг,

Науæд мулкæй дæр цы хъавын, иу — мæ бæх æмæ мæхæдæг!

 

Мæн куы хъуыдаид фæллæйттæ, æз хæлæф куы кæнин исыл,

Уæд мæ дунейы хæзнатыл барвæндæй мæ къух куыд исын!

Æз уæ лæвæрттæй цы хъавын? Абон кæд мæ хъару ‘вдисын, —

Мулкыл нæ, хæлæрттæ, скъæфы мæн æндæр сагъæс фæдисы.

 

Абон абырджыты науыл ам цы бирæ фæллой разынд, —

Айсут, уый дæр ма уæ мулкыл ноджы бафтаут, — нæ хъазын.

Ис æрмæст, мæнæн, уый зонут, сусæг, аив хæс мæ разы:

Курын, бамбæхсут мæ уе ‘хсæн, уый уын кæд нæ уаид уа зын.

 

Мæн уæ кадджын хистæр хонут, аргъуц ма кæнут мæ карæй,

Цыма хицау уын дæн, уыйау, дзурут, сидут мæм æлдарæй,

Æз ыскæндзынæн уæ дарæс, базар райдайдзынæн барæй,

Фæлæ бавæрут мæ, курын, уым æууæнкджынæй, хæларæй».

 

Хъуыстой каруангæстæ хъæлдзæг, цинæн радысты йæ тарфæй,

Рæвдз ын акуывтой сæ сæрæй æмæ ракодтой йын арфæ:

«Уый дæхи дзыхæй куы загътай ды нæ фæндиаг, нæ барвæнд,

Хурæн балæггад — нæ бæллиц, — немæ уæд æмæ нæ тавæд!»

 

Æмæ загътой, зæгъгæ, дарддæр ныр нæ сабыр фæндаг дарæм,

Араст нау, æнцад уыд денджыз, нал сæ знаг уыди хъыгдарæг.

Рухс налхъуыт-налмас фæрдгуытæ хастой уазæгмæ лæварæн, —

Уыд йæ дæндæгты цырен хал се ‘нгæс хурдзæсгом хъайтарæн.

АВТАВДИЛ НЫЦЦЫД ГУЛАНШАРОМÆ

Ахызтис Автандил донæй, цыма талм гуырввдыц тасы.

Федтой, — бæлæсты цъæх цады айтыгъд рухе сахар сæ разы.

Худынц, арвыронау, уынгтæ, дымгæ дидинджытæй хъазы.

Ахæм фенддаджы уæзæгæн нæй ыснывгæнæн ныхасæй.

 

Былгæрон сæ нау ныббастой, æмæ стæй Автандил уадид

Аивта йæ дзаума, ‘лдарау, иу ран дыргъдоны куы ‘рбадид,

Мулк æм рахаста, цæвиттон, уым базар кæнынæй ради, —

Чи у, адæмы цæстытæн уый æмбæхст, æбæрæг зади.

 

Дыргъдонæн йæ гæс фæзынди, Автандилæй цæст нæ исы,

Хъазыд цæсгомыл æрвæрттывд, — каст æм, бафтыдта йæ дисы.

Автандил фæсидти лæгмæ, къухæй амоны, æвдисы:

«Чи у а бæстæн йæ хицау, сахар чи хынцы йæ исыл.

 

Раст мын зæгъ æппæт лæмбынæг, — а бæсты цы у зынаргъдæр,

Аргъ цæмæн нæ ис, ыстæй уæм уæй цы ауыдзæни тагъддæр?»

Лæг æм бауæндыди: «Табу, уый нæм хурзæрин куы ‘ртахтæ,

Уæд куыд уыдзæни — рæстдзинад хурæн ма радзурæм мах дæр!

 

У дæс бонцауы нæ бæстæ — номдзыд денджызты паддзахад,

Гуланшаро та йæ фидыц, — а нæ бæллиццаджы сахар.

Уайынц алырæттæй ардæм, — нау нæм не ‘рбацыд фыццаг хатт.

У Сурхау-мæликк нæ паддзах, — амондджын, фæллой-парахат.

 

Лæг зæронд æрбафтыд ардæм, — аздæхдзæн сæхимæ ‘взонгæй,

Цæл, минас, къæрццæмдзæгъд хъазты алчи бацæуы уæнгрогæй.

Ам зымæг нæ зоны, дидин хъулон рафидауы ногæй,

Раид не знаг дæр нæм афтæ, — цыма не ‘рдхорд у, нæ зонгæ…

 

Нæй базар кæнынæн никуы ахæм хорз бынат ыссарæн.

Уæй кæнынц, æлхæнынц алцы, ис цыхуыздæр дзаума ‘взарæн.

Лæг — гæвзыкк — мæймæ хъæзныг цард ары йе ‘гуыдзæг хæдзарæн,

Афæдз баззадис, — йæ исæн, уæллæй, нал уыдзæн ысбарæн.

 

Иу — Усен, зæгъгæ, — нæ хицау, базаргæнджытæн сæ хистæр,

Æз — йæ дыргъдонгæс, æрмæстдæр ам йæ бар цæуы, йæхистæн.

Ис æм ахæм æгъдау, уый дæм, уæвгæ, ма фæкæсæд дис дæр:

Хъуамæ равдиса йæхæдæг уазæг фысымæн йæ ис дæр.

 

Ардæм чи ‘рбафты, — Усенмæ бацæуы хуынимæ раздар,

Уый йын басгары йæ фæллой, фены, равзары дзы цасдæр, —

Уыдон — паддзахæн æлхæны, аргъыл чи кæны ныхас дæр!

Дарддæр базар кæн, — уыдзæнис уый нæ фæткмæ гæсгæ растдæр.

 

Де ‘нгæс кадджынæн æгъдауыл ном, цыт ыскæнын æмбæлы,

Хорз дæ ‘рбæстон кæнид хицау, — зоны уазæгыл æмбæлын.

Фæлæ нæй Усен сæхимæ, хистæр дард фæцыд, æгъгъæлын,

Науæд уаид ын æхсызгон хуры саг фыртыл узæлын.

 

Ус — Фатман-хатун, — рæвдауаг, уый дыл фембæлдзæн йæ бæсты,

Хъæлдзæг, цингæнаг — нæ кæны, сонтау, искæй раз къæмдзæстыг.

Цырддæр цон, зæгъон ын де ‘рцыд, уæгъды дарын дæ ныхæстыл,

Искæй рарвитдзæн, — уыдзæн дын тагъд хæлар фысым нæ бæсты».

 

Автандил ын загъта: «Марадз, уæдæ рахабар кæн усæн».

Уайы лæг, йæ хид лæдæрсы — бæстæ судзы, цыма, сусæн.

Мæнæ ‘рбахæццæ, Фатманæн дзуры цинæй райгæ — хъус æм:

«Ахæм гуырд фæзынд нæ бæстæм, — хур дæр никуы фенд йæ рухсæн.

 

Исджын у, хъæзныг, æрласта сахармæ йæ каруан науыл.

Талмау — тасгæгуыр, фæйнæрдæм рухс, къуыридзыд мæйау, тауы.

Дары даритæ, сырх дарæс, хорз алдымбыдтæй фидауы.

Æргътæй бафарста, базар, дам, ам куыд фæкæнынц, цы ‘гъдауыл?»

 

Ус ныццин кодта, йæ размæ дæс йæ цагъартæй нырвыста,

Каруан бафснайдтой æгъдауыл, хæдзар сызмæлыди, сыстад.

Мæнæ лæппу дæр фæзынди — уарди, рухс фæрдыг æгъуыстаг,

Фидар, цонгмæцъис домбайау, уæд ыстайы ‘нгæс — йæ хуыз та.

 

Айхъуыст сахарыл дæр хабар, адæм райдыдтой тыгуыртæ,

Джихтæй гудзиццытæ систой: «Æммыст, ауын æй чысыл дæр».

Хуры халдихыл æрратæ кодтой сусæг-æргом сылтæ;

Уый цы ус фены, — йæ лæгыл зулмæ акъуыры йæ былтæ.

 

Æфсин рацыдис йæ размæ, рахызт рухс хатæны дуарæй,

Бахудт уазæгмæ йæ мидбыл; арфæ ракодта хæларæй.

Уæртæ ‘рбадтысты, сæ ныхас хъуысы хицауы хæдзарæй.

Хатын, æфсинæн йæ зæрдæ райы дардбæстаг хъайтарæй.

 

Уыд Фатман-хатун хæрзвидыц, калдта асуæвгæ цæхæртæ.

Онгджын, саулагъз уыд, æрттывтой усы уадултæ сæ нæрдæй.

Уарзта сæн, минас, цæл кæнын, зарын агуырдта йæ зæрдæ.

Исты дарæсцух куынæ уыд, — дардта дариты хуыздæртæ.

 

Кодта уыцы ‘хсæв рæдауæй цæл Фатман-хатун хъайтарæн,

Радта уазæг дæр ын бирæ хорз, зынаргъ дзаума лæварæн.

Усæн уыд сæ бадт æхсызгон, нал уыдис йæ цинæн арæн.

Фæсцæл рафардæг сæхимæ саггуырд фысымты хæдзарæй.

 

Спаспет дыккаг райсом усмæ бацыд, хæзна йын æвдисы,

Уый дзы галуанæн æвзары, фиды ‘хца æмæ сæ исы.

Дзуры каруангæсæн лæппу: «Ныр уæ бар цæуы уæ исыл,

Марадз, аразут уæ хъуыддаг, чи дæн, ма зæгъут æниу сын».

 

Лæппу уыдон дарæс дары, чи у, — чи ‘мбæлы йæ хиныл!

Райгæ хъæлдзæгæй æмбæлы алхатт уарзтцыбæл æфсиныл.

Уый æхцон кæм нæу Фатманæн, цин ын бафтауы йæ циныл,

Уый йæ бæллиц у, — цæрддзу ма афтæ кодта Вис Раминыл.

ФАТМАН БАУАРЗТА АВТАНДИЛЫ

Кæд дæ бон цæуы, уæд де ‘ууæнк макуы ма бафтау дæ усыл:

Ус фæливаг у, дæ уарзт дын уайтагъд бахынцдзæни цъусыл,

Райгæ, худгæбылæй сисдзæн уардисæр æндæрмæ ‘нкъусын.

Фæлæ ма йын зæгъ дæ сусæг, никуы дæр хъæуы йæм хъусын.

 

Арф йæ зæрдæйы ныххаудис Автандил Фатманæн уадид.

Басыгъд, баруадис йæхимид, уарзты пиллон арты тади.

Уарзт, хуыснæггагау, æмбæхста, фæлæ ницы дзы нæ уади,

«Цæй, куыд бакæнон? — йæ рустыл усæн судзгæ цæссыг калди. —

 

Дзурон ын, — уæд та фæхъыг и, туг мæ сыгъд сæрыл куы ‘руара!

Мацы ма зæгъон, — йæ сагъæс зæрдæ сусæджы куыд дара?

Цæй, цы уа, уый уæд, — хъысмæт мæ мауал хъизæмарæй мара!

Лæг куынæ зæгъа йæ ристæ, — хос ын хосгæнæг куыд ара?!»

ФАТМАН ÆРВИТЫ УАРЗТЫ ЧИНЫГ АВТАНДИЛМÆ

Автандилы номыл чиныг ус цæссыгкалгæ ныффыста, —

Йе ‘нкъард уарзт æмæ йæ сагъæс сусæг уарзоны раз сыстад.

Уыцы чиныджы ныхæстæм лæг зæрдæнцойæ нæ хъуыста,

Чиныг — бафснаинаг, чиныг — уарзтæй артуадзæг, æгъуыстаг:

 

«Уый нæм хур æртахт дæ хуызы, хур йæ сыгъзæрин фæлысты.

Уый нæ зæрдæтæ дæ зынгæй сау, цъыбыртты сыгъд кæныс ды,

Уый нæ удты нын нæ уадзыс ды сæ хъизæмар, сæ рыстыл.

Уый дæуæй ысты, зæххон хур, арвы стъалытæ сæрыстыр.

 

Бæстæ уарзты зынгæй басыгъд, — уый дæуыл кæнынц æрратæ.

Хъуамæ булæмæргъ ыстауид дæу, сырх уардийау, йæ зардæй.

Дидин ницы у дæ цуры, — сæр æруадздзæнис æнкъардæй,

Бадæн сау фæнык, — æххуыс мын! Науæд ацух дæн мæ цардæй!

 

У Хуыцау æвдисæн, уæвгæ, судзын æфсæрмæй дæ разы,

Фæлæ удæнцой мын нал ис æмæ нал уромын а зын.

Сау дæ цæстыхау æрцытæн, уый æгæр дæр ма фæразын,

Сæфын, рацу-ма, мæ удæн ды нæртон хосгæнæг разын.

 

Мæнæ, цалынмæ фæстæмæ дзуапп мæ чиныгæн нæ райсон,

Мæнæ, цалынмæ нæ зонон, уым цы мын ныв кæны уарзон.

Зон æй, — удмидæг уæдмæ дæн, кæд уæдмæ дæр ма фæразон.

Ехх, кæд уыдзæни, тæхуды, цард, адзалы тæрхон базон!»

 

Ус Автандилмæ арвыста фыст — йæ уарзты фыдкæлæнтæ.

Уый дæрддаг, искæй чиныгау, лæппу ракаст æнæмæтæй.

Загъта: «Не ‘мбары — хурты хур мæн куыд судзы йæ тæмæнтæй.

Ныр куыд æй ивон, чи цæуы барæй зындонмæ дзæнæтæй!

 

Халон уардийæ цы кæны, йемæ дзæгъæлы цы слымæн!

Уый дæр, — булæмæргъ тъæллангæй кæд нæма ныззарыд уымæн?

Алы чъизи ми цыбыр у, фæлæ — фаг æнкъард, æрхуымæн.

Уый цы бахъæцыд йæ цæсгом ме ‘лгъаг, ме ‘нæуаг фысымæн?!»

 

Ахæм карз тæрхæттæ кодта Автандил йæхимид усыл.

Фæлæ стæй зæгъы: «Нæу рохаг, ам цы ми кæнын, цы кусын,

Æз кæй агурын, кæй тыххæй цæссыг нал сысы мæ русыл,

Уый куыдфæнды дæр ыссарон, — хивæнд зæрдæмæ цы хъусын!

 

Ус бæлццонуарзаг у, фенаг, алы уазджытыл æмбæлы;

Ардæм чи нæ кæны ‘фтгæ та, чи дæрдбæстаг æм нæ бæллы?

Йемæ слымæн уон, — Фатман мын алцы радзурдзæн — æгъгъæлын

Æмæ уæд йæ хорз мæнæн дæр хорзæй бафидын æмбæлы.

 

Ус цы лæджы уарза, уый раз айтындзы йæ уд, дзæнæтау;

Мурмæ худинаг нæ дары, зæрдæ уарзтæй сыгъд-æнæнтау;

Дзуры уарзонæн æппæтдæр, — уæд йæ цин зæгъай, йæ мæтаг;

Фенон, бавзарон — цы зæгъид а Фатман-хатун мæнæн та.

 

Иу — цы бафæнда Хуыцауы, уый æрцæудзæнис æххæстæй,

Мæн цы нæ фæнды, цы фæнды — уыдон дзæгъæлы ныхæстæ.

Дуне талынг у, куыд фена лæг рæсугъд амонд йæ цæстæй;

Дурынæн цы уа йæ мидæг, уый дзы ракæлдзæн æрмæстдæр.

 

Лæппу ‘рбадт, ныффыста: «Чиныг бакастæн, æгæр мæ стауыс.

Ды фæраздæр дæ, мæ бæсты арт мæ зæрдæйы ды схъауыс.

У нæ дыууæйы фæндон дæр, уадз, фæлтау кæнæнт ныл тауыс,

Æз — дæ коммæгæс, дæ уарзон, иугæр де ‘ууæнк мыл æфтауыс».

 

Уый куыд æхсызгон уыд усæн, нæй йын радзурæн æнцонæй;

Абадт, афыста йæм: «Тагъддæр рацу, фервæзон зындонæй.

Бакæс баталынгмæ ‘нхъæлмæ, исчи фендзæни дæ бонæй,

Бон куыд ахуысса, — фæзын мæм, ахсæв иунæгæй дæн, зон æй».

 

Бон куыддæр æризæр, афтæ араст, æфсинмæ фæцæуы,

Усы минæвар ыл фембæлд, аздæх, ахсæв, дам, нæ хъæуы,

Мæстæй акалдта цæхæртæ: «Уый цы хабар у, цы цæуы?!»

Æмæ нал фæчъил, нæ фæтарст, исты сонт тæппуд куынæ уыд.

 

Уазæг æфсинмæ фæзынди, мæнæ, талм бæласау, тасы,

Ус — Фатман-хатун — æнкъардæй бады тæрхæгыл йæ разы.

Нæу йæ бацыдæй зæрдæрай — хаты сылгоймаджы ‘нгасы,

Фæлæ не ‘вдисы — кæй зоны, бахауд усы зæрдæ тасы.

 

Иумæ ‘рбадтысты, сæ былтыл удæнадджын пъатæ тайы.

Уатмæ иу саглæг æрбахызт, цæст йæ фидыц уæнгтæй райы.

Йемæ — хотыхдар — йæ цагъар, уаты ауыдта домбайы

Æмæ фестъæлфыд, — йæ разы хох у уый, йæ цæст нæ сайы.

 

Ус ныффæлурс ис, йæ цæсгом тас, æвирхъау тас æвдисы.

Уатмæ ‘рбацæуæг мæстыйæ цæст сæ дыууæйæ нæ исы,

Усмæ бадзырдта: «Тыхс уал ыл, уадз уал райсоммæ дæ ризын,

Кæс, фæсмонгæнгæ куыд хъуыса райсом уæзгуытыл дæ тъизын!

 

Къахбай, сæвдылдтай мæ цъыфы де ‘лгъаг гадзрахат, дæ уагæй,

Фæлæ уыйхыгъд дыл цы ‘рцæуа, уымæй ма зылын кæ макæй;

Кæд дæ хъæбултæн сæ фыдтæ райсом не ‘хсынай дæндагæй,

Уæд мæ зачъетыл нытту кæ, тон мæ фидиссаг, æлгъагæй!»

 

Загъта зачъедаугæ карзæй æмæ феддæдуар и уадид.

Ус фæлæбурдта йæ рустæм, мæтæй тадис æмæ ‘руади,

Судзгæ фемæхстис йæ цæссыг æмæ хъарм къадатæй уади,

Ниудта: «Дуртæй мæ ныммарут, ныр мæнæй цæй ус, цæй мад и!

 

Барæй байсæфтон мæ лæджы æмæ ме ‘нахъом хъæбулты.

Барæй акалдтон мæ исбон, систон къух æппæт мæ муртыл.

Уæууа, нал уындзынæн никуы ныр мæ хиуæтты, мæ хурты.

Ихдон ауагътон мæхæдæг ме стыр къонайы бындуртыл».

 

Лæппу сдыгъуырццæг, — йæ цинмæ нал ис æфсинæн ыздахæн.

«Цæй-ма, — дзуры йæм фæстагмæ, — зæгъ, цы фыд дыл æрцыд ахæм?

Уазæг чи уыди, цы баззад уæрццаг уагæры сымахæн?

Кæнæ йе ‘ртхъирæн цæуыл уыд, кæнæ йе ‘нæуаг хылкъахæн?»

 

Ус — «Куыд нæ дзыназон? — загъта, — ис æндæр та мын цы сæнæн?!

Фæлæ ма мæ фæрс мæ мастæй, нæй йын радзурæн æвдæрæн.

Цин мæ нал æндавы, зонын, фесты мæрдты хай мæ зæнæг;

Уый дæ судзгæ уарзт мæ къухы фестад химарæн карк мæнæ.

 

Царды чи фæлива, йе ‘взаг химæ чидæрид нæ дара,

Сусæг чи нæ ‘мбæхса, ууыл хъуамæ туг мæнау ныууара.

Цæй, æххуысæнхъæл йæ зæрдæ лæг цы удгоймагмæ хъара, —

Хи туг чи ныккала, уымæн хос та хосгæнæг куыд ара?!

 

Цæй, цы ма зæгъон, дæумæ ныр æз дыууæ хъуыддаджы хатын:

Кæнæ уыцы лæджы амар ахсæв сусæгæй йæ уаты;

Мæн æд бинонтæ ныууадзид уæд мæлæты тас — æгъатыр,

Æмæ радзурин дын алцы уæд, мæ хæрзгæнæг бæгъатыр.

 

Кæнæ кæд дæ бон нæ бауа, ахæм бакæнай уæззау хæс,

Уæд æмæхсæвæджы тагъддæр хæрджытыл дæ фæллой ахæсс;

Зæгъгæ, галуаны мæ хабар загъта, — лæппуйы ‘взаг баххæст,

Уæд, мæ хæлц — мæ зæнæг, бафтдзæн ме ‘фсонæй дæуыл дæр сагъæс».

 

Автавдил — уæндон, æхсарджын, цæнгтæ — ‘ндонвидар мæцъистау, —

Сыстад сылгоймаджы цурæй æмæ старц йæ къухмæ систа,

Загъта: «Цæй, кæмæ нæ хъары тыхст, æнæбон уды рис та!

Ахæм адæмæй цы лæг уа, уый фæлтау фæуæд-иу хистаг!

 

Фен фæндагамонæг искæй, — мемæ рацæуæд æрмæстдæр,

Де знаг, де ‘фхæрæг кæм цæры, уый мын равдисæд мæ цæстæн.

Уыцы хъал гуырдæй мын ма тæрс, ныр йæ сæфты уысм æрхæстæг,

Фæлæ рарвит лæг ныртæккæ, уæгъды мауал сафæм рæстæг».

 

Усы бардзырдæй йæ цагъар уайтагъд алæууыд йæ цуры.

Æфсин лæппумæ фæстейæ ризгæ, тарст хъæлæсæй дзуры:

«Уæдæ кæд æцæг мæ сафæг райсом нал фембæлдзæн хурыл,

Ис мæ къухдарæн йæ къухыл, уый мыл сæмбæлын кæ — курын».

 

Ахызт сахары кæронæй лæппу, — ‘лвæст кардау гуырвидыц,

Донбыл иу хæдзар, йæ къултæ сырх, кæрдæггъуызæй æрттивынц.

Балкъон — балкъоныл, кæрæдзи дарддæр уæладзгуытæ ивынц,

Мæнæ, раст, цыма, сæхимæ рухс, зæрдæскъæф рухс ыссивынц.

 

Цагъар бакодта йæ фæдыл уырдæм хурдзæсгом хъайтары.

«Ам ис, — дзуры йын, — йæ хæдзар, хъуысы сусу-бусу тары, —

Кæнæ уæлæ уым хуысдзæнис, — йе ‘нгуылдз иу балкъонмæ дары, —

Кæд нæма хуыссы, бынæй уæд баддзæн а фæрныг хæдзары».

 

Тæккæ бацæуæны дуаргæс цагъартæй дыууæ хуыссыди.

Уый сæм бахъуызыди хъавгæ, — семæ ‘ргом хæцæн кæм уыди!

Хъуыртыл рæвдз фæхæст и, сæрыл сæры гуыпп уæззау фæцыди;

Магъз фæпырх, йæ туджы уадид алчи цагъартæй мæцыди.

 

Усы знаг хуыссыд мæстджынæй æмæ йе ‘намонд нæ хатыд,

Афтæ тугамæхст æрттимæ лæппу балæууыд йæ уаты;

Фысым сыстынмæ нæ сарæхст, басгуыхт мастисæг бæгъатыр,

Систа, уайтагъд ын ныссагъта кард йæ зæрдæсæр æгъатыр.

 

Хур — уындæй, домбай — хъаруйæ, арвы судзгæ цæф — фыдгулæн,

Йемæ къухдарæн æд æнгуылдз айста йе ‘рхæндæг хæзгулæн.

Марды рудзынгæй нывзылдта, — уым æй бафснайдзæнис уылæн,

Уый йæ нал ратдзæнис — денджыз — никуы сау сыджытæн, сурæн.

 

Иу хъæр, иу хъыпп-сыпп нæ райхъуыст, афтæ сæ ныццагъта уадид,

Цыма никуы æмæ ницы, — уарди худгæбылæй ради.

Диссаг, уыйбæрц ын куыд бантыст, — тыргъы, уаты туг ысцад и.

Рацыд, рафардæг йæ фæд-фæд, ныр Фатман-хатунмæ уади.

 

Усмæ бацыди домбай гуырд, хурау, рухсцырен, тæмæнæй,

«Нал и де ‘фхæрæг, — ын загъта, — ныр — ирвæзт дæ лæг, дæ зæнæг.

Бафæрс цагъары, уый зоны, — дæн дæ фыдгулы ныгæнæг.

Айс, — æд къухдарæн дын йе ‘нгуыддз, фен мæ тугамæхст кард мæнæ.

 

Цæй-ма, ныр, дæ тыхст цæуыл уыд, зæгъ, цæмæн бахаудтæ тасы?

Гъе, цæмæн дæм кодта ‘ртхъирæн, ахæм дæм цы ‘рхаудис азым?»

«Æз дæ къæхты рыг дæн, — ниугæ ус ныддæлгом ис йæ разы; —

Ныр мæ уд æрцыд, ирвæзт дæн, нал мæ бахъæудзæн дзыназын.

 

Ныр Усенимæ æд зæнæг сыстадтæн мæрдтæй дæ фæрцы;

Хур, дæ хæрзтæ дын куыд фидон, цæсгом дзурын дæр нæ хъæцы.

Ме знаг, ме сафæг дæ къухæй иугæр сау туджы фæмæцыд,

Уæд, зæгъдзынæн дын æй, — не ‘хсæн де ‘рцыдмæ цы ‘рцыд, цы нæ ‘рцыд,

ФАТМАН ДЗУРЫ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ХАБÆРТТÆ

А нæ сахары ‘гъдауæн ис райгæ ногбоныл фембæлын:

Нæй базаргæнæн, искуыдæм балцы ацæуын не ‘мбæлы.

Алчи — райст-бавæрд дарæсы хоны йе ‘рдхорды, йе ‘мбалы;

Паддзах ахæм фынг самайы, æмæ дуне дзы феппæлы.

 

Хæсджын — базаргæнæг — хъуамæ паддзахæн йæ хуын ныххæсса.

Уый дæр æй рæдау фæхынцын уыцы бон нымайы хæсау;

Хъуысдзæн цины хъæр дæс бонмæ, удæвдз уадындзы хъæлæсау;

Фæзы — портийæ хъазт, дугътæ — лæг цы диссæгтæм нæ кæса!

 

Мах хуындзæуттæн-иу сæ разæй иу Усен нæ цыди канд дæр,

Æз сæ устыты сæргъ алхатт галуанмæ цытимæ уадтæн.

Не ‘ппæт — бонджынæй, мæгуырæй — æхсинæн лæвæрттæ раттæм,

Стæй уæд нал вæййы кæрон дæр уым нæ хъазт æмæ нæ бадтæн.

 

Гъемæ, иуахæмы райгæ не ‘хсинæн хуынтæ ныххастам.

Æхсин парахат, рæдау уыд, цинтыл чи кæны ныхас та!

Фæскуывд раздæхтыстæм, ног нæ зæрдæ цины фынгмæ ласта,

Цæл, минас кæнæм нæхимæ, хъазт дзы уым самадтам хъазтау!

 

Хур ныццæйтылди, ныгуылæн, цыма фестади цырагъдон.

Ме ‘мгар устытæн «минасмæ цомут бæласдонмæ» — загътон.

Хъазгæ райхæлдыстæм фынгæй, алы уадындзтæ ныццагътой,

Хъуысти зарджытæ, къæрццæмдзæгъд, — цины базыртæ мыл сагътой.

 

Уым, нæ бæласдоны махæн ис рæсугъд, бæрзонд хæдзæрттæ,

Тæккæ донгæрон фæлгæсынц дардыл рудзгуытæ фæйнæрдæм.

Ног æрæвæрдтон цæлы фынг уым мæ цинцыбæл æмгæрттæн,

Æмæ царды рухсæй ради — хъæлдзæг, амондджын — мæ зæрдæ.

 

Хорз мæ уазджыты фæхыгътон, ничи аирвæзт сæ сурты.

Фæлæ ‘рынкъард дæн фæстагмæ, федтой — фысымы цин цуды:

Фынгæй сыстадысты, семæ уатæй аивылд сæ худын.

Иунæг баззадтæн, æрбадти сагъæс, сау сæгау, мæ удыл.

 

Рудзынг бакодтон, мæ разы дардыл денджызы цъæх айтыгъд.

Сатæг уддзæфы узæлдæй рог ысулæфыдтæн уайтагъд.

Доны ирд æрвгъуыз тыгъдады цæст чысыл ыстъæлфыл андæгъд, —

Кæд сырд у, зæгъын, нæ, маргъ у — кодта былгæронмæ уый тахт.

 

Мæнæ ‘рбахæстæг, фæджих дæн, уыцы стъæлф бæлæгъ куы разынд.

Сау дыууæ цагъары рахызт донмæ уырдыгæй мæ разы,

Рæвдз йæ фæйнæфарс ныххæцынц, бæлæгъ былгæронмæ разылд.

«Чи сты? — дис кæнын, — мæ зæрдæ ис дызæрдыджы тæразыл.

 

Уыцы сау цагъартæ хъавгæ бæлæгъ бæласдоны ‘рбастой,

Гъестæй ахъахъхъæдтой тарстæй, алфамблай сæ цæст æрхастой,

«Исчи кæд, мыййаг, нæ кæсы?» — цыма къутæрты дæр фарстой.

Зыд, цыбæлæй сæм нымдзаст дæн, зæгъын, уагæры цы ‘рластой.

 

Райстой иу чырын бæлæгъæй, æмæ райхæлди хинты таг:

Чырын байгом и, скасти дзы чызг, цырен фдардыг, — титыккау.

Сау — йæ сæрбæттæн, къаба йыл цъæх, кæрдæггъуыз цъæх, фидыдта.

Диссаг, уый хуызæн дунейыл, хурау, рухс тынтæ чи тыдта!

 

Ме ‘рдæм чызг фæкаст, æрбакалд рухс тын къæдзæхыл æнæнтау, —

Зæххæй арвы ‘хсæн, цæвиттон, сыгъд цырен цырагъ — тæмæнтау.

Кæс цæстæй-цæстмæ зынг хурмæ, — уый мæ бон куыд уыд мæнæн та!

Рудзынг ахгæдтон, йæ тынтæй зæрдæ бабаста кæлæнтау.

 

Æз мæ цагъартæй цыппарæн чызгмæ бацамыдтон дардæй,

Зæгъын: «Акæсут-ма дæлæ, хур кæй къухы ис æнкъардæй,

Уайгæ, балхæнут æй тагъддæр уыцы сау æлгъаг цагъартæй,

Раттут, — цасфæнды уæ ‘рдомой, фæлæ ракæнут æй ардæм.

 

Кæд нæ разы кæной барæй, уæд — тыхæй, цæвут сæ кардæй

Æмæ ма ныууадзут ахсты уыцы худгæ мæйы ‘нкъардæй!»

Уым куы балæууиккой хъавгæ уайтагъд ме ‘нувыд цагъартæ.

Саутæ не сразы сты, федтон — калдтой фырмæстæй цæхæртæ.

 

Рудзынг байтыгътон, ныдздзырдтон, зæгъын, маргæут сæ тагъддæр,

Æмæ сау цагъартæ уадид доны смидæг ысты цагъдæй.

Федтон уый — кæрон æрцыди хъаугъа, ратон-батон, загъдæн,

Чызджы ракæнынц, — йæ размæ райгæ доныбылмæ ‘ртахтæн.

 

Ныр куыд дын зæгъон, цы дзырдтæй сыста уый фидыц дæ разы?!

Хур зæгъин, фæлæ, йæхистæн, арвыл ахæм хур нæ хъазы!

Уый хуыз, уый фæлгонц ысныв кæн, æммыст, ахæм дæсны разын!

Мæнæ баззадтæн уыраугæ æз йæ рухс тынты дæлбазыр!»

 

Æфсин февнæлдта йæ рустæм, уазæг дæр ныккуыдта уадид,

Уайтагъд уымæн дæр йæ удыл, мигъау, судзгæ маст куы ‘рбадид,

Æмæ урс-урсид цæсгæмттыл цæссыг хъарм къадатæй уади,

Цыма хуры тæвдæй рæгътыл мит, фæздæг калгæ, æртади.

 

Уазæг æфсинмæ фæстагмæ — «Дарддæр ма, цы ‘рцыди?» — хаты.

Ус зæгъы: «Ныттыхстæн чызгыл, цинæй нал ауæрстон пъатыл.

Фæлæ ме ‘нувыд хъæбыстæй уый ысфæлмæцыди, — хатын,

Æмæ ‘рбадын кодтон чызджы уæд мæ къæлæтджыныл уаты.

 

«Дзур-ма, — ‘рфарстон æй, — кæй хур дæ, арвæй Авдхойы хуыздæры

Негыртæ кæдæм ыскъæфтой, кæд йæ зонын мын æмбæлы?»

Чызг ныхъхъус, мæгуыр, зындис ыл, — судзгæ сау мастæй дæнгæл уыд.

Бадтæн, кастæн æм, мæ зæрдæ сыгъд йæ цæссыгты гæр-гæрыл.

 

Ног æй бафарстон, базыдта, ныр æнæдзургæ нал уыди;

Чызг ныдздзынæзта, диссаг та урс йæ цæссыгты мал уыди:

Лал, нарциссæнгæс уадултыл цыма ‘взист къæвда уарыди.

Зæрдæ фехæлди, — йе ‘рдиаг, уæвгæ, дурмæ дæр хъарыди.

 

«Мад зæгъон æмæ зынаргъдæр дæ, — зæгъы, — мæнæн мæ мадæй,

Фæлæ ма мæ фæрс мæ цардæй, — мæнæ ‘рвитын æй æнадæй.

Аргъау у мæ хъысмæт, хитын дунетыл зæрдæвæлладæй.

Бафарстай, уæд дын зæгъдзынæн, — арв куыд риуыгъы йæ фатæй!»

 

Уæд мæхинымæры загътон: «Нæй æхсæв ыскæсæн хурæн,

Чи хæд-зонд нæ зоны, — тарæн нæй æнафоны фæсурæн?!

Бон куыд ралæудзæни раздæр, мах дзы цасфæнды дæр курæм?!

А зæххон хурæн дæр афтæ у нырма бæлвырд зын дзурæн.

 

Хурау рухсдзæсгом рæсугъдæн цыма зæд бацыд йæ хуызы.

Фæлæ, федтаид æй исчи, — уый йæ тухитæн цы ‘ххуыс уыд! —

Хъавгæ стыхтон æй зæлдæгты, бамбæхст судзгæ цырагъ хызы.

Басыд ихдзæссыджы уарди, уад йæ цæстыхауты схъызыд.

 

Талмау тасгæ-уасгæ чызджы ардæм ракодтон æмбæхстæй,

Хицæн хатæны йæ дардтон, — хызт хæрамæмхиц фыддзæстæй,

Ничи ницы зыдта, кой дæр никуы не скодтон, æрмæст æй

Ме ‘ххуырст негыры ‘вджид — «зил æм», — зæгъын, — бакодтон фæдзæхстæй.

 

Уый цы хъизæмар æвзæрста, цæй, куыд дын зæгъон йæ хъыгтæ:

Бон, æхсæв, бецау, нæ зыдта, калдта иудадзых цæссыгтæ.

Хатт-иу фенцади мæ цуры, стæй-иу бадзынæзта тынгдæр.

Уæуу, мæ уды бон, æнæ уый æз цъæх æртхутæг, фæнык дæн!

 

Чызгæн хатæны йæ разы бадти тугдзæссыджы малтæ,

Даргъ цæстыхаутæ — сæ мидæг, сатæгсау æрцытау, калдæй.

Цæсты милцæдтæй гæр-гæрæй калди рухс тыччы дзæнхъатæ;

Лалбыл базыхъхъыр, æрттывтой ирд налхъуыт фæрдыджы халтæ,

 

Фадат мын нæ уыд, йæ цæссыг уазæг иудадзыг лæмæрста,

Цæй, кæд æй фарстаин: «Чи дæ, гъе, цы у дæ рис, дæ мæстаг?»

Талас талмы сих æдзухдæр ниудта, ‘рхæндæгæй дзынæзта,

Диссаг — йе ‘рдиагмæ хъусын зæрдæ — дурвидар, фæрæзта!

 

Нæ хъæццул йæ уæлæ ‘мбæрзта, нæ гобан йæ быны дардта;

Иунæг къаба ‘мæ сæрбæттæн, — уыдоны æнцойæ ц’ ардта?

Цонг — йæ нывæрзæн, — æхсæв-иу чызджы базы бæсты ‘рцардта.

Цъус-иу ацахуыста ‘фсонæн, нæй, мæ лæгъстæ йæм нæ хъардта!

 

Диссаг — иннахæм, йæ къаба, гъе, йæ сæрбæттæн дæр афтæ;

Федтон дунейы хæзнатæ, нæй мæ хорз дзаумæттæн рафтæн,

Фæлæ никуы федтон ахæм, ницы бамбæрстон сæ уафтæн:

Уа зæлдагвæлмæн ызгъæрбыд, уый цы дæсны къухты бафтдзæн?!

 

Афтæ сау рæсугъд æмбæхстæй ам фæцард дзыназгæ цасдæр.

Ницы схъæр кодтон Усенæн, лæгыл не ‘ууæндыдтæн раздæр, —

Чызджы паддзахмæ мæнгардæй, уæуу, куы банымудза, — тарстæн,

Æмæ-иу æрмæст мæхæдæг уыцы хурзæринмæ кастæн.

 

Загътон: «Цæй, æмбæхст мæ мойæ хъуыддаг цас хъуамæ фæдарон!

Кæнæ баххуысы фæрæз та чызгæн иунæгæй куыд арон?

Лæг дæр рахатдзæн — фæливын æмæ уæд куынæ у барон.

Нæй хуыздæр амал мæ раны, — хабар чердæмфæнды барон!

 

Цæй, цы уа, уый уæд — Усеныл ме ‘ууæнк бафтауон, зæгъон ын;

Ныфс, дзырд мын куы раттид фидар, уæд æмбæлы йын йæ зонын.

Хъавгæ ‘рныхас кæнон йемæ, карзæй ракæнæд мын сомы,

Ард куы бахæра, уæд йе ‘взаг кæд ныууромид йæ комы».

 

Худгæ бацыдтæн, мæ мойæн абадтæн æввахс йæ цуры:

«Усен, иу хабар дын хъуамæ ракæнон, æрмæст дæ курын:

Арф æй баныгæн дæ риуы, — никуы, не ‘мбæлы йæ дзурын!»

«Дурдзавд фон, — уыдис йæ сомы, — мауал фембæлон зынг хурыл!

 

Кæд, цы зæгъай, уый мæлæтмæ искуы радзурон кæстæрæн

Кæнæ хистæрæн, фыдгулæн кæнæ хицæтты хуыздæрæн!»

Æмæ загътон уæд Усенæн: «Цом-ма, хурзæрин æрдхæрæн

Фен, куыд цæхæр калы уартæ, уæвгæ нæу, бецау, йæ сæрæн».

 

Сыстад, бахызтыстæм иумæ чызджы хатæнмæ, хæстæг æй,

Хурау рухскалгæ куы федта, райхъуыст дисы хъæртæ лæгæй:

«Ай нæм зæд куы ‘ртахт, — нæу Адам æмæ Еуайы зæнæгæй,

Нæ, Хуыцауыстæн, нæ уыдзæн конд зæххон туг æмæ стæгæй!»

 

«У зæххон æви уæларвон, уый æз дæр бæлвырд нæ хатын,

Никуы ницы мын фæдзуры, ниуы дуарæхгæдæй уаты.

Зæгъын, уазæгмæ нæ гъеныр иумæ бахъæудзæни хатын:

Чи у — ма зæгъа нын, ахæм, цæй, куыд разындзæн æгъатыр!»

 

Мах цæмæй зыдтам, цы хъуыди чызгæн баххуысæн, цы мадзал!

Æмæ загътам ын: «Нæ удтæн у дæ бахудын æвдадзау;

Дзур, — цы хос дын и, фæлурс мæй? Гъе, цы дæ ‘фхæры фыдадзал?!

Уый дæ рæсугъд хуыз куы фæцыд æмæ лал куы сбур мыдадзау!»

 

Цыма хъусгæ дæр нæ кодта чызг нæ зæрдиаг ныхæстæ:

Был нæ базыхъхъыр, нæ ракалд рухс тын уардиты ныхæстæй.

Сау хæлбурцъ æрфыг нæ райхæлд, хур нæ ракаст нæм йæ цæстæй,

Хурыл зайлаг калм æртыхстис, æмæ нал рухс кодта бæстæ.

 

Хат æм цасфæнды, йæ хабар чызг нæ дзуры ‘мæ нæ загъта;

Бады карз ыстай, мæстæлгъæд, — сæр æлхынцъæрфыг æруагъта.

«Чи дæ, хурты хур, цы кæныс?» — ноджы бадзырдтам æм мах та.

Уый: «Ныууадзут мæ!» — нынниудта, æмæ мах дæр æй ныууагътам.

 

Уаты ‘рбадтыстæм йæ фарсмæ, уайы уадултыл нæ цæссыг

Æмæ кодтам ма фæсмон дæр ныр нæ раздæры ныхæстыл.

Чызджы ‘ррæвдыдтам, нымадтам уый, — цы йæ дзурон, — нæ хæсыл.

Дыргъ æрæвæрдтам ын, уый дзы дзыхмæ мисхал дæр нæ хæссы,

 

Лæг зæгъы: «Усай, йæ уынд мын сагъæс, мæт мæ удæй суры, —

Нæу зæххоны хал, æмбæлы уымæн пъатæ кæнын хурыл.

Сайраг — чи никуы йæ фена, чи нæ ‘рбалæууа йæ цуры!

Тагъд мын амæлæд, — фылдæр дзы уарзон æз, цы, хи хъæбулы!»

 

Ниугæ рацыдыстæм, чызг нæ, цыма, бабаста фыдхинæй:

Уымæй дæрддзæфы тыхстыстæм, мардыстæм йæ цуры цинæй,

Фæскуыст, фæсбазар-иу чызгмæ згъордтам цингæнгæ, цытимæ;

Уый нын раст цыма нæ удтæ дардта къæппæджы йæхимæ.

 

Рæстæг цыд, Усен мын иу хатт загъта, нал, дам, федтон рагæй

Æз нæ паддзахы, мыййаг, кæд райгонд нал, дам, у мæ уагæй,

Ног ын балхæнин йæ зæрдæ хуын, лæвар, адджын æвзагæй.

«Ацу, — загътон ын, — дæ бар у, ц’ и дæ фæндоны фæуццагæй!»

 

Айста дзаг тæбæгъ, йæ мидæг рухс зынаргъ фæрдгуытæ хъазы,

Ног æй бафæдзæхстон: «Зонын, уым даз бахъæудзæни нуазын,

Фæлæ мацы срæди чызгæй хъæлдзæг расгуыты ныхасы».

«Уæд кæрддзæф фæуæд мæ зæрдæ!» — ард та бахордта мæ разы.

 

Бацыд галуанмæ, уым куывды дардыл уадындзты хъæр зæлы;

Цагъд фæсабыр ис, Усеныл хицау хъæлдзæгæй æмбæлы:

Айстой хуын, æрбад ын, загътой, бады, паддзах ыл узæлы.

Тутт базаргæнæгæн байхъус ныр йæ дзæнгæдамæ цæлы!

 

Нуазы паддзахимæ иумæ уазæг кадæй æмæ радæй,

Ивынц сидтытæ кæрæдзи æмæ нал ын у сæрфатæй;

Лæг ысрасыг и, йæ сомы фынгыл басаста мæнгардæй. —

«Халон уардийæ цы хъавы, гъе цъæх хæрæг та — сыкъатæй?!»

 

Æмæ не ‘дылы Усенæн паддзах уым йæ хуын ыстауы:

«Ахæм хорз хæзна кæм арыс, Усен, дис, дам, мыл æфтауы:

Лал, налхъуыт-налмас йæ рухсæй æмæ йе стырæй фидауы.

Уый æгæр кæныс, — дæ мулкæй махмæ уа бирæ нæ хауы».

 

Лæг ын акуывта йæ сæрæй: «Бузныг де стыр хорз æгъдауæй,

Не скаст, не ‘хсаргард, нæ дарæг, бæстыл хуры тынтæ тауæг!

Ме ‘ннæ исбон дæр дæу куы сты, — бирæ цасфæнды дæр ма уæнт!

Гуырдзæй ницы ‘рхастон мемæ, уый — ды сæ радтай рæдауæй!

 

Нæу ыскойаккаг мæ лæвар, паддзах, ма мæ ‘ппæл, дæхистæн!

Ис мæм хорз къайаг дæ фыртæн, уый цур ницы сты мæ истæ.

Агъæц, фен уал æй, кæндзынæ ууыл цин дæр æмæ дис дæр,

Æмæ ‘цæг бузныг уыдзынæ уæд Усенæй дæр, мæ хистæр!»

 

Цæй, цы пайда у, кæнон ма дардыл таурæгътæ, ныхæстæ: —

Чызг куыд бафтыди нæ къухы, — алцы ралæхурдта ‘ххæстæй.

Паддзах байради, ныр, дам, дын, Усен, чи фиддзæн дæ хæрзтæ!

Бардзырд радта, зæгъгæ, тагъддæр чызджы равдисут мæ цæстæн.

 

Æз æнæмæтæй куы бадин ам, нæ сыгъдыйаг хæдзары.

Тыргъы къахы хъæр фæцыди. Чи уой? Акастæн, — цы ‘мбарын.

Мæнæ паддзахы бæрнон лæг, йемæ — ‘хсай хæстон цагъары,

«Ай цæмæ цæуа?..» — фæджих дæн, зæрдæ сусæг тас æвзары.

 

Лæг мын акуывта йæ сæрæй: «Бардзырд хицæуттæй ис ахæм:

Хъуамæ бакæнай нæ бæрны хурты хуры ‘нгæсы махæн;

Уый Усен лæвар æрвиты стыр, Хуыцауы ‘мсæр паддзахæн».

Цыма ‘рвдзæф фæдæн, мæ хæдзар уадид баци, цыма, сау хæлд.

 

Хъустыл не ‘ууæндын, фæрсын æй: «Уый цæй хурты хур мæ домыс?»

Загъта: «Паддзахæн лæвайраг ахæм чызг Усен ам хоны».

Хатын — бабын и мæ хъуыддаг, дзурын: «Байсæфтæн, мæ боныл!»

Ризынц ме уæнгтæ, мæ зæрдæ мæстæй адæнгæл, фæтоны.

 

Чызгмæ бацыдтæн, йæ уаты бадти сау цæссыджы малы.

«Бастъæлд, — дзурын æм, — ныххуыссыд арвыл ме ‘намонд ыстъалы,

Мæнæ ‘рбайсæфтæн æмбойны, хины дудгæфыд æвзарын:

Паддзах базыдта дæ хабар, сиды дæм, — мæ цард мын халы».

 

«Ма кæн маст, мæ хо, — мын загъта, — ма тыхс, паддзах мæм кæй фæсвдт,

Уый мæ хъысмæты фыдми у, — уæдæ ‘ндæр та йыл цы хæс и?!

Диссаг, ме ‘намонд кæд уыди, диссаг — амонд мæм куы ‘ркæсид!

Мастыл ахуыр дæн, æнæ фыд зæрдæ циндзырагъ бæргæ суид!»

 

Чызг налхъуыт-налмас цæссыгтæ калы уадулы хъæпæнтыл,

Фæлæ басаста йæ зæрдæ, бамыр, — нал ацыд йæ фæндыл.

Зоны стай — фыд уысм, нæ хъæуы судзгæ сагъæстæ нывæндын.

Хыз куы ракурид, бæстон дзы цæсгом бамбæхста — тæмæнтын.

 

Лал, налхъуыт-налмас рахастон чызгæн ме ‘вджид фæрдыгдонæй,

Уыд сахары аргъ алы дур, алы рухс фæрдыг уыдонæй,

Зæгъын, бамбæхс сæ де тары, цард куы тонай дывыдонæй,

Уæд ысбæззой дын, чи зоны, искуыд фервæзай зындонæй.

 

«Ахæсс, бахъæудзысты», — ниугæ æз мæ зæд уазæгæн загътон

Æмæ цагъартæн сæ къухы судзгæ рухс хуры ныссагътон.

Паддзах рацыди йæ размæ, цинзæл уадындзтæ ныццагътой,

Чызг — æмыр, æрхæндæг, зæхмæ цæстытæ сæхи æруагътой.

 

Гъæтт, ныххæррæтт кодтой адæм, бæстæ змæлд ыссис æгасæй;

Чызгыл къордтæгæнгæ хастой иутæ иннæты сæ разæй.

Паддзах фестъæлфыд йæ фенгæ: чызг — рæхснæгдæр талм бæласæй!

«Уый нæм хур куы ‘ртахти, — загъта, — хурмæ чи цы ‘рхæсдзæн лазæй!»

 

Кодтой куырм йæ рухсæй адæм, — афтæ цæсты тигътæ иста.

Паддзах йе ‘рмггæ цæгъдгæ дзуры: «Цæй, куыд ыл нæ кæнон дис та,

Нæй зæххон адæмæй йе ‘нгæс — у уæларвоны хуызистау.

Искуы исчи йæ кæд уарзы, уæд — куыд уромы йæ рис та!»

 

Чызджы ‘рбадын кодта паддзах, хъавгæ схæцыди фæрсыныл:

«Чи дæ? Радзур-ма, кæмæй дæ? Гъе куыд бахаудтæ дæ зыны?»

Бамыр уый, йæ хурдзæсгомыл мисхал цины ‘ртау нæ зыны.

Бады къулсæрæй, йæ уд ын сусæг сау сагъæс æхсыны.

 

Фысым-паддзахы ныхæстæй чызгмæ ницыдæр нæ хъардта:

Уый йæ бæллицты йæ фæндаг дард, æндæр кæдæмдæр дардта.

Уарди ‘вдадз былты зыхъхъырæй дæндаг рухс цырен нæ дардта:

Ау, цы, дам, ыл æрцыд — ноджы дисæй ‘гас адæмы мардта.

 

Паддзах катай кодта: «Хабар ныр куыд райхалæм, цы хуызы?

Диссаг у, йæ зæрдæ йе ‘муд, ау, куыннæ ‘рцæуы хæрзчысыл?

Кæнæ искæй уарзтæй басыгъд æмæ дард уарзоны мысы;

Мах æй не ‘ндавæм, йæ риуы маст — зæрдæхалæн — нæ сысы.

 

Гъе пахуымпар у, фæлгæсы зондæй дардуынгæ бæрзæндты.

Хъæлдзæг цин дæр æм нæ хъары, дудгæ мастæн дæр нæ сæтты,

Амонд аргъауыл нымайы, никуы ком фыдæн нæ дæтты:

Рог, бæлонбазыр — йæ зæрдæ дард кæмдæр тæхы йæ сæнтты.

 

Цæй, Хуыцау зæгъæд, мæ фырт уал хæстæй ‘гас хæдзар цы ссара!

Уадз, уæлахизæй йæ фæндаг ацы хурзæринмæ дара!

Уымæн радзурдзæн æппæтдæр, — иу сæ иннæйы куы ‘мбара.

Мæйы хуры скастмæ уадзут, — йе ‘хсæв саудалынджы дара!»

 

Ис нæ хицауæн домбай фырт, дардыл йе стыр ном ныннæрыд,

Алчи ‘гъдауджыныл нымайы уыцы фидыцы кæстæры.

Уæд хæцынмæ уыди лæппу дард, тыхæвзарæн ыстæры.

Уымæн усагæн æвæрдта фыд ыстъалыты хуыздæры..

 

Чызджы сфæлыстой дариты, — тынгдæр цæсты тигътæ исы.

Уыйбæрц рухс фæрдгуытæ фенгæ чи нæ бахаудаид дисы?!

Худ ыл лалæхгæд ныккодтой, худыл хуры а’ырх тын ризы.

Асæст, мигъæнкъард цæсгом та ног йæ уардигъуыз æвдисы.

 

Уат ысфæлыста нæ паддзах, — уый та чи кæд зыдта ‘лгъинæй!

Уаты сæвæрдтой къæлæтджын — сырх ныгуылæйнаг зæринæй,

Уым йæхи къухæй нæ хицау чызджы сбадын кодта цинæй

Æмæ хурæнгæс — нæ уазæг — ракаст уырдыгæй æхсинæй.

 

Фараст хъахъхъæнæгæн паддзах чызджы бафæдзæхста уаты,

Ацыд, райдыдта та минас, — тынгдæр бахъæлдзæг уа бадты;

Рад, Усенæн дзы нæ ферох бирæ хорз лæвæрттæ раттын.

Сыкъа ‘хцонхъæлæс ныууасы, хъуысы гуымсæджы хъæр дардыл.

 

Минас бацыдис йæ тынджы, нал уыд сидтытæн кæрон дæр.

Чызг йæ сыгъд амонд æлгъиты: «Уый кæны та мыл цы бонтæ?!

Ай кæцæй кæдæм æрхаудтæн рыст, зæрдæрхæндæгæн, сонтæй?

Ныр цы схос кæнон мæ сæрæн, цард куынæуал мын у ‘нцонтæй?

 

Цæй, ысфæлварон, уæд та ма, — уарди уазалы цы ризы!

Фенон, чи зоны, фыдгулæй абон мæн Хуыцау дæр хизы!

Ау, æмбаргæ лæг йæхимæ царды марæн кард кæд исы?

Зондджын — уыцы лæг, йæ тыхсты зондмæ чи ‘рсиды фæдисы!»

 

Чызг йæ хъахъхъæнджытæм басидт, йе ‘взаг сададзыдта комы:

«Ам, мæ къæсæрыл, зæгъут-ма, ныр сымах цы тых уромы,

Æз йæ чындз ысуон, — нæ уыдзæн, паддзах дзæгъæлы цы домы!

Уæгъды самадта къæрццæмдзæгъд абон галуаны мæ номыл.

 

Нæй мæнæй æхсин сымахæн, иу нæ уыдзæни нæ фæндаг! —

Нæ уæ саггуырдæн æндавы мæн йæ хъæбатыр, йæ уæндаг,

Нæ уæ паддзахæн йæ фæндтæ, — уадз, куыдфæнды сæ нывæнда!

Мæн æндæр фæнды, мæ фæнд мын, цæй, цæмæн кæнут дывæндаг?

 

Систон кард, мæхи ныртæккæ ам, уæ цæстыты раз марын,

Паддзах уе ‘ннæты ныццæгъддзæн уадид уый тыххæй, — æмбарын,

Айсут уый бæсты хæзнатæ, мæнæ ме тары сæ дарын,

Мæн ысуæгъд кæнут, сымах та маст нæ бахъæудзæн æвзарын».

 

Рухс налхъуыт-налмас фæрдгуытæ уазæг йе тарæй ыскалдта,

Сæрæй лалæхгæд худ систа, уый дæр хъахъхъæнджытæм дардта:

Айсут атæппæт хæзнатæ, зæгъгæ, — стыр Хуыцау уæ ‘рцардта,

Уый уын, чи зоны, мæн тыххæй ноджы бирæ хæрзтæ ратта!

 

Цыма сайæгой дæлимон бацыд хæзнатæн сæ хуызы, —

Ферох хъахъхъæнджытæй бардзырд, зинæн бахаудтой йæ хызы.

Загътой, ауадзæм, дам, чызджы, аргъуц нал кодтой хæрзчысыл,

Ацы бур хæйрæг — зæринæн, кæс, цы сау диссæгтæ ‘нтысы!

 

Уас, мæгуыр йæ бон, бур зæрин, — ды кæй уд дарай уацары! —

Зыд, хъыррыстгæнгæ дæндæгтæй, йе ‘гъуыз царды дуг рацæры.

Исæй не ‘фсæды, кæрæф ыл арт, дывыдон арт бандзары;

Мастæн — иузæрдыг, цинæй — хызт бафты, саргæнгæ, й’ адзалыл.

 

Йемæ сразы сты, сæ зыдæй бардзырд басастой мæнгардæй,

Рæвдз ын аивтой йæ дарæс. Галуан цæл ивазынц дарддæр.

Хъавгæ федде кодтой афтæ чызджы хъахъхъæнæг цагъартæ.

Рухс мæй сау калмы хъæлæсæй фервæзт, калы та цæхæртæ.

 

Айстой цагъартæ сæ сæртæ, — чызгмæ чи ма каст йæ зыны!

Чидæр хатæны дуар хойы, тыргъмæ рауадтæн, — цы уынын:

Мæнæ ме ‘нкъард уазæг, — чызджы уайтагъд разыдтон, тыхсын ыл,

Зæгъын, — мидæмæ! Нæ комы, — уый фæвд-бахарæй хъуызын уыд.

 

«Балхæдтон мæхи, — мын загъта, — раттæд дын Хуыцау фылдæр ис!

Уый — дæ рæвдауæг, хæрзамонд демæ уæд æдзух — æмдзæдис!

Нæй мын ам лæууæн, дæхимæ тухи, хæс тæссаг æгъгъæд ис! —

Ратт мын бæх, — цæуон, рæхджы мæ, хатын — расурдзысты фæдис».

 

Уайтагъд ауадтæн, ифтыгъдæй февзæрд бæхты хуыздæр кæрты;

Чызджы схизын кодтон, райы, фервæзт, — нал кæны дызæрдыг.

Уый тæхгæ домбайыл бабадт худгæ хурзæрин дзæгæртын.

Ехх, цы хуым байтыдтон, уый мын задæй нал бантыст æркæрдын!

 

Бон фæкъул, фæхъæр и хъуыддаг, дуне слæууыдысты къахыл,

Хъула сахарыл æртыхсти, систой джигул кæнын, къахын,

Зилынц, диссаг нæу — фыццаг дын цæст куы ‘рывæриккой махыл.

«Фенут, — загътон сын, — куыд уыдзæн, сайон æз нæ хорз паддзахы?!»

 

Федтой, фесгæрстой нæм, — уæгъды, гъе, цы сæ бон уыд ыссарын!

Фæдис аздæхтысты ‘нкъардæй, паддзах бафтыди фыдсарыл.

Акса, уый тыххæй нæ галуан саутæ абон дæр ма дары.

Хур ныл аныгуылд æмбисбон æмæ баззадыстæм тары.

 

Ам фæгæдзæ кæн, тæхæд уал мæй цæхæркалгæ йæ бæхыл,

Байхъус, радзурон, — цæуыл уыд Чачнагиримæ нæ фæхыл:

Уый мæ цæу уыдис, нымадта мæн йæ хæзгулыл, йæ сæгъыл.

Лæг йæ рæузондæй æгад у, ус — йæ къахбайæ, — фæзæгъынц.

 

У мæ мой мæллæг, æвидыц, уымæ чи кæсы — бецау дæн.

Чачнагир — рæсугъд, дзырддзæугæ, уый дзы ничи зыдта цаудæй.

Уарзтам мах кæрæдзи. Нал и, фæлæ не скæндзынæн саутæ,

Æммыст, уый тугæй ныххуыпп кæн, — кæд ныббарид мын Хуыцау дæр!

 

Ус рæузонд кæм нæу, мæ хабар уæгъды срæтыгътон йæ цуры, —

Зæгъын, сусæгæй мæ бæхыл уый æз арвыстон зынг хуры.

Ныр нымудзын уыд йæ зæрды, ныр нымадта мæн фыдгулыл,

Æмæ Стыр Хуыцауæн табу, нал ын бантысдзæни дзурын.

 

Зæгъгæ, истæуыл фæмæсты, уый — йæ тæссагдæр æртхъирæн.

Дæу куы ‘рбахуыдтон, æгъгъæл уæд ам нæ уыдтæн Чачнагирæн.

Уый фæзынд, ды дæр — йæ уæлвæд, тас кæм нæ бавзæрстон бирæ!

«Аздæх», — уымæн дæм æрвыстон, ам уыд уыцы ‘лгъаг зыд бирæгъ.

 

Ды кæм аздæхтæ, — ‘рбацыдтæ, демæ ‘рбахастай рухс тынтæ.

Иумæ ссардтат мæ — раст, цыма, нал уыд дунейыл устытæ!

Уымæн бавзæрстон дудгæ маст, уымæн абадтæн рустындæй;

Уый æцæг фæндыд, — бабын уон: зынд йæ саузæрдæ бустыл дæр.

 

Зæгъгæ, уыцы лæг нæ фесæфт, бацыд паддзахмæ, — бæлвырд ын

Хъуыддаг загътаид йæ мæстæй, — зынд йæ бакастыл, йæ дзырдтыл;

Мæн ныргæвстаид, мæ мардыл паддзах бафтыдтаид сырдты,

Ноджы бахсыдтаин хъуамæ раздæр, бирæгъау, мæ фыртты.

 

Цæй, цы мæ бон у, Хуыцау дын арфæ ракæнæд мæ бæсты, —

Мæнæ нал тыхсын дæ фæрцы уыцы сау калмæн йæ цæсты!

Ныр зæрдæзæгъгæ фæхæст дæн рухсдæр амондæн йæ хæрзтыл,

Тасæй, раздæрау, нæ ризы уд фыдадзалы тæрæзтыл.

 

Автандил ын: «Ма тыхс, — дзуры, — нæй дзы чиныджы хæрззагъдæн:

Хион, хицон уæвгæ знаг, дам, у фыдызцагæй тæссагдæр.

Йе ‘ууæнк ахæмыл куырмæджы никуы бафтаудзæни саг лæг.

Чачнагирæй ма тæрс, — уымæй нал ис хифн дæр, ызнаг дæр.

 

Фæлæ чызг цы баци, — дзур-ма, загъгай, ардыгæй, дам, араст.

Ацыд, о, фæлæ кæдæм цыд, кæнæ кæд фæци фæндараст?»

Ус ныуулæфыд бынозæй, абадт цæстыхаутыл халас:

«Хурæн ахуыссыд йæ рухс тын, — аскъуыд тасгæ-уасгæ талас!»

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ УАЦАРЫ АКОДТОЙ КАДЖИТÆ

Уæ мæнгард хъысмæт, æлгъыст уай, кæд куыд афæливыс зинау!

Чи дын рафæлгъаудзæн де ‘гъдау, де ‘хгæд сусæджы рæстдзинад?!

Ныр дæ тар аууон кæм тыхсы уыцы хурдзæсгомыл хинау?

Алцы байсафыс, фæстагмæ никуы нал ныууадзыс цинаг.

 

«Атахт хур, — Фатман та дзуры, — атъæпп у, мæ зæрдæ, ратон,

Хурæй чи фæиппæрд, уый ма царды ‘хсызгон цин куыд хатон!

Судзын уый ацыды бонæй, уд дывыдон арты бадон.

Уайы, нал сысы мæ цæссыг, — фестад тугæмхæццæ суадон.

 

Нал уыд хæдзармæ мæ зæрдæ, мæстæй ницыуал мæ ‘ндæвта.

Хъалы, фыны мæ мæ бæллиц дард ныгуылгæ хурмæ скъæфта.

Уæд хъыпп-сыпп ма мæм кæм уæндыд тасæй а Усены сæфт та!

Уæнгæл фестад мын йæ фенд дæр раст хъæстæ калмы ныдзæвдау.

 

Хур куыд ныццæйныгуылд иубон, сырх куыд афæлдæхт ныгуылæн,

Афтæ донбыл зилын, иу ран бадынц бæлццæттæ тыгуырæй.

Чызджы мысыдтæн, лæбурдта риумæ сагъæсы фынкуылæн.

Дзурын: «Макуы ‘ууæнд мæнгардыл, науæд райгæ у дæ гуырæй!»

 

Уæд цыппар бæлццоны ноджы бафтыд фæндаггонты балыл;

Иу сæ — ‘ххуырст цагъар, мæгуыр конд, цæсгом сау тæмæнтæ калы.

Хæрд, ныуæзт æрхастой семæ уыцы ног цыппар æмбалы,

Бадынц се ‘хсæвæрыл, фынгмæ алчи ‘хсызгонæй æвналы.

 

Хъус сæм аивæй куы дарин, — тары се ‘хцон ныхас зæлы:

«Мах фыццаг хатт уынæм иумæ ам нæ кæрæдзи нæ цæлы;

Чи цы лæг нæ у, — нæ зонæм, арæх лæг лæгыл æмбæлы:

Иу нæ иннæмæн йæ хабар ныр куы ракæнид, æмбæлы».

 

Алчи радзырдта, цы зыдта уым фæндаггоны æгъдауыл.

Загъта цагъар дæр: «Нæ хъысмæт баст у не скæнæг Хуыцауыл,

Еуу мын байтыдтат, æз та уын лал, налхъуыт-налмастæ тауын:

Æз цы зæгъинаг дæн, уый цур алкæй хабар дæр уæ фауын.

 

Номдзыд Каджеты паддзахæн йе ‘ххуырст, йе ‘нувыд цагъар дæн.

Уый нын аныгуылди, нал и, бахъуыд йе стыр ис йæ мардæн.

Сидзæр каджиты ныууагъта паддзах уæзгуытыл æнкъардæй,

Ныр йæ сидзæргæс хо райста къухмæ стыр хицауы бартæ.

 

Дулардухт, зæгъгæ, — хъæбатыр, ус уæвгæ, къæдзæхау фидар,

Тых цы лæг бахæсдзæн уымæ! — йе знаг ма ‘гъгъæлут — æвыд уа!

Уый Росан æмæ Родийæн у сæ фыды хо, сæ фыдау.

Бады хицауæй Каджеты, барджынæй кæны лæджы ‘гъдау.

 

Дард фæсденджызæй æрыхъуыст — Дулардухты хо фæхъуыди,

Усæн, марадз зæгъ, йæ зæгъын исчи визиртæй уæндыди!

Хур кæй баталынг ис, уый кой уымæн никæйы фæндыди.

Иу — Рошак, цагъар — нæ хистæр, уымæ сусæг фæнд æрцыди.

 

Загъта: «Еу-додоймæ хъусон? — нæ, мæ зæрдæ мæ нæ тæры.

Сыстон, ацæуон фæлтау уал дæлæ тыгъд быдырмæ стæры.

Стæй кæс — уырдыгæй мæнæйуый фос, тæлæттаг фос ыстæры!

Ус куы ‘рсабыр уа, æгъдау ын раттон-уыйфæстæ — цы ‘мбæлы.

 

Мах — йæ дæлбартæ, фæсидт нæм æмæ не ‘хсæнæй ысуыгъта,

Æмæ ракодта сæдæйы — тынгдæр чи зыдта хæсты ‘гъдау.

Бон, æхсæв æнцой нæ зыдтам, каруантæм бырстам, ыстыгътам.

Райгæ здæхтыстæм хъæзныгæй, — фиу, зæрдæзæгъгæ, куы стыхтам,

 

Дардтам быдырыл нæ фæндаг иухатт саудалынг мæйдары.

Иу ран рухс ыссыгъд æнæнтау, — атагъа сырх-сырхид дары.

Загътам: «Хуры тын уæларвæй зæхмæ тары хуылфы хъары,

Æви цавæр у, цы диссаг?!» — хъуыддаг райдыдтам æвзарын.

 

Чи йæ Боброн хуыдта, чи йæ стыдта дзаг мæйы хуызæнæй.

Цæй, хæстæгмæ, дам, æй фенæм, — рухсмæ ‘рбаввахс ыстæм мæнæ.

Рæвдз æртыхстыстæм ыл, сырæзт хъула — фидардæр æфсæнæй.

Уалынмæ хъæлæс — зæрдæскъæф — райхъуыст судзгæ тынты ‘хсæнæй.

 

«Чи стут, барджытæ? — фæрсы нæ, — гъе, мæ фæндагыл цы лæуут?

Гуланшаройæ Каджетмæ уайын минæвар, — фæстæут!»

Ноджы баввахс ыстæм, диссаг, — мæй, ыстъалытæй куынæ у!

Федтам барæджы нæ цæстæй, хур нæ разындис æнæ уд.

 

Тары цæсгомыл æрвæрттывд ирд тæмæнтæ калгæ хъазы

Æмæ, ‘мбисбонау, æрттивы дардыл атагъа йæ разы.

Был фæзыхъхъыр вæййы, бары дзырд — ыстæм, цыма тæразыл,

Рухс тын дæндæгты цыренæй уæлбыл сытындзы йæ базыр.

 

Дарддæр — рафæрс-бафæрс… Систам хъуыддаг алы ‘гъдауæй барын;

Барæг минæвар нæ уыдис, — цæй, цы нын æй хъуыд æмбарын!

Чызг куы разындис, Рошак ма уæд кæм уагъта уый йæ барыл! —

Бардзырд радта ‘мæ йæ уайтагъд немæ ракодтам уацары.

 

«Чи у? — бафарстам æй ноджы, — гъе цы дунемæ нæм рахауд?

Кæнæ иунæгæй цы хиты тары рухсгæнгæ, цырагъау?»

Уый нæм не сдзырдта, йæ рустыл уади хъарм цæссыджы саха.

Бецау, сау калм æй ныхъуыры, — мæйæн ралæууыд зын сахат.

 

Ницы, — сусæгæй, æргомæй уацар нал загъта йæ цардæй:

Чи у, быдыры цы зилы, гъе йыл чи рацыд мæнгардæй?

Цыма байгомыг и, бамыр, — касти тарæрфыг, æнкъардæй,

Касти, зæрдæтæ уыраудта, калмау, цæстыты цъæх артæй.

 

Уæд Рошак зæгъы: «Ныууадзут чызджы, чи зоны, цы ‘ндавы, —

Нæй йын ам зæгъæн, ыстæй йæ — дзура, уымæ дæр нæ хъавы.

Не стыр ус-паддзахы махæн рагæй амонды хур тавы,

Æмæ мæнæ та йын ногæй сусæг цины тынтæ уафы.

 

А зынаргъ хуын дæр та уымæн у лæвар Ыстыр Хуыцауæй,

Уæдæ тагъд æм æй ныккæнæм, хорз нæ фендзæни рæдауæй.

Нæй йын бамбæхсæн, мæ хуртæ, иуæй аргъуц хъæуы ‘гъдауæй,

Карз у, иннæмæй, куы зонут — нæу нын хицауимæ дауæй».

 

«Раст у хистæры уынаффæ», — мах æмхъæлæсæй ыскарстам

Æмæ талынджы нæхимæ дарддæр не стыр фæндаг барстам.

Чызджы, рухс тын уафгæ хастам, чызджы ницæмæйуал фарстам,

Чызг куыдта, цыма йæ сагъæс судзгæ сау цæссыгæй саста.

 

«Хистæр, ауадз мæ рæстæгмæ, — ракуырдтон мæхи Рошакæй;

Иу хъуыддаджы фæдыл ардæм фездæхтæн æмбисвæндагæй, —

Ис мын ам хæзна, хъæмæ йæ хъуыд фæхæццæ кæнын рагæй.

Кæд дæу дæр, зæгъын, æййафин, фйдар дæн нырма уæрагæй».

 

Хъуыстой бæлццæттæ, зынди сыл, — хабар уыдонмæ дæр хъардта,

Фæлæ цагъарæн йæ радзырд мæн æнæгъгъæлæджы ‘рцардта;

Уый мын фескъуыдта мæ сагъæс, ныфс, хъару мæ уæнгтæн радта,

Æмæ драхмæйы бæрц рухс тын цин мæ зæрдæмæ ныддардта.

 

Уайтагъд цагъармæ фæсидтæн: «Ам-ма ‘рбад, мæ хур, зæгъ-ма мын:

Уый æцæг федтай дæхæдæг æви баууæндыдтæ дамыл?»

Цагъар алцыдæр фæд-фæдыл ногæй ранымадта сабыр;

Уымæн удмидæг дæн, уымæн, а мæ дзурæндзых нæ бамыр.

 

Хин, кæлæнгæнæг дæснытæ ис мæнмæ дыууæ цагъары;

Никуы ничи сæ нæ уыны, никуы ничи сæ хъыгдары.

«Уайгæ, базонут, — сын загътон, — хуры Каджеты сахары,

Каджи ус-паддзах уацары ахстæй кæм æмæ куыд дары».

 

Æмæ ‘ртæ боны куыд рацыд, афтæ ‘рхæццæ сты фæстæмæ:

«Дулардухт цæуы мæрддзыгой дард фæсденджызы бæстæмæ.

Бады фидары, дзыназы ахст чызг, — сагъæсæй хъæстæ мæй;

Мой ыскæнынмæ йын хъавынц Росан — паддзахы кæстæрæй.

 

Ус чындзæхсæв нæма уадзы: «Мардæн цины ‘гъдау чи хъары?

Рыст, æрхæндæг дæн, риуы, дам, акса, — уалдзыгон мит уары!

Мæнæ ‘рбаздæхон, чындзаг уал калæд рухс тæмæн хибары».

Ацыд ус-паддзах, ахст чызгмæ зилы иу цагъар фидары.

 

Хин, кæлæнгæнæг æм чи уыд, — мемæ рацæут, — сын загъта:

Фæндаг даргъ фæндаг у — зоны, бирæ — йе знæгтæ та цъахтау.

Тæккæ ‘хсарджындæр хæстонты фидар хъахъхъæнæг ныууагъта.

Дзурынц, ацыд, дам, æрæджы, — цæй, кæм раздæхдзæни тагъд та!

 

Уыцы каджеты фидар, дам, никуы ничима басаста;

Раст йæ бæстастæу сахарæн айнæг даргъ-уæрæх ахаста,

Ис æм уый бынты бацæуæн. Чызг — æрвонвидыц ахæст та

Уым æндонмæсыг фидары уат бæрзонддæр ран бацахста.

 

Тæккæ кулдуарыл гæрзифтонг ис дæс мин æвзыгъд хъайтары.

Бахиз мидæмæ, — уæд уым та ис æртæ сындзгæхгæд дуары

Æмæ ‘ртыгай минтæ уым дæр алы бацæуæны дарынц.

Цæй, цы ныфс дæ уа, мæ зæрдæ, бастъæл, бахаудтæ фыдсары!»

 

Автандилы ‘нкъард цæсгомыл систа цинуылæн ивылын,

Фæлæ ницы дзуры усæн, хъазы мидбылхудт йæ былыл.

Табу загъта Стыр Хуыцауæн æмæ рухс сæнтты ныгъуылы:

Ныр Фатманы фæрцы хуры кæд нæ бауадзид ныгуылын.

 

Усмæ бадзуры: «Мæ уарзон, ныр куыд дын ракæнон арфæ?

Ды мæ зæрдæйы ныууагътай уыцы ‘хцон хабарæй арф фæд.

Фæлæ Каджитæ кæд, удтау, зæхмæ ‘ртахтысты уæларвæй,

Кæд æдфыд не сты, уæд ма сын ис лæджы хуыз та цæй алфæн?

 

Сагъæс бафтыди мæ удыл, уыцы хуры мæт мæ ‘ндавы,

Фæлæ каджи уд, — æнæбуар, зæгъ, — сылгоймагæй цы хъавы?»

Загъта ус: «Дæлимон — каджи, — уый сæ ном у, ном цы давы?!

Махау адæм ысты, немæ иу хур каджиты дæр тавы..

 

Каджи ном, зæгъгæ, дæлимон, уыц сæ уымæн хонынц афтæ,

Зонынц цавæрдæр кæлæнтæ, нæй сæ хины митæн рафтæн,

Нæй сæ басæттыны хосæн никуы никæй къухы бафтæн,

Семæ чи бацæуа тохы, — нæй æнтыст йæ цæф, йæ хъавдæн.

 

Диссаг, каджитæн цы ‘нтысы: саугуырм акæнынц фыдгулы;

Тымыгъ сыстын кæнынц, се знаг уæд хъызт денджызы цы ‘мбулы!

Нау фæдæддон кæнынц уайтагъд, уайынц доны, цыма сурыл,

Тар ныррухс кæнынц æмбойны, мигътæ ‘рбатухынц зынг хурыл.

 

Туг, ыстæгæй конд адæмы уымæн рахуыдтой Каджитæ,

Зин, дæлимон сæ дзæгъæлы макуы ма ‘гъгъæлæд мачи дæр».

Лæппу бузныгæй баззади: «Ныр мæ удæн куыд адджын дæ!

Мæн дæ ныхæстæ батавтой, — зæрдæ кодта сæм саджилтæ».

 

Автандил Хуыцаумæ кувы, цины хъарм цæссыг ызгъалгæ:

«Бузныг, ме скæнæг, ирвæзт дæн ныр мæ хъысмæты фыдмаргæй!

Мах дæ не ‘взарæм, нæ хъусæм, — афтæ барæвдауыс алкæй.

Искуы де ‘ххуысæй фæцух уон, — ахæм дудгæ бон мыл ма ‘ркæн!»

 

Уыцы хурзæрины цинæй уазæг хъарм цæссыгтæ калы.

Ус ысдызæрдыг, зыдæй йæм сагъæс, сау калмау, æвналы.

Автандил фæхатыд хъуыддаг æмæ уарзты ‘гъдау нæ халы.

Уæд Фатман-хатун йæ хъуыры тухы судзгæ фæрдыг лалы.

 

Автандилимæ йæ уаты ус æгас æхсæв фæхъазыд; .

Бар-æнæбары йæм уый дæр пъа, хъæбыс кæнынмæ тасыд.

Тинатины хуыз-иу ризгæ тары сыстадис йæ разы,

Хъæдты сырдтимæ йæ зæрдæ хатти бæлæсты дæлбазыр.

 

Лæппу баризы сусæгæй, цæссыг мил цады скул æмæ

Нæу — йæ цæстыхау — сатæгсау: мигъ ыслымæн и хуримæ.

«Чи кæй уарди у? — бафæрсы, — мæнæ сагъæсы сбур æмæ

Не ‘рбадт уардийыл, — фаджысыл бады, халонау, булæмæргъ.

 

Дур ысудæсид йæ мидæг, ахæм сау цæссыг дзы згъæлы;

Бабын уардидон, фæдæлдон, — цæссыг уардитæм цы ‘ххæлы?!

Цауд ус саг лæппуйæ райы, — царды фидыцы ‘гъдау хæлы:

Халон уардийыл куы ‘рбады, — булæмæргъ йæхи æгъгъæлы.

 

Бон æрбацъæх и, тынуафгæ, хур йæхи найынмæ уайы.

Ус ын рахаста сæртухæн, къаба, — уд сæ мидæг зайы, —

Урс сыгъдæг хæдон, уæд зети, — уæлдæф уардидоны тайы;

«Айс, ыскæн, — æфсæрмы ма кæн», — æфсинæн йæ зæрдæ райы.

 

Загъта саг лæппу йæхимид: «Хъуамæ раргом кæнон хъуыддаг!»

Дарæс раивта, йæхи ма ныр базаргæнæг кæм хуыдта.

Ног дари дзаумæттæ скодта, — аив, — сонт зæрдæ куыд куырдта.

Кæс, домбай йæ хуыз ыскалдта, худгæ, рухс хурау, нырттывта.

 

Æфсин азылдис йæ къуымты, уайтагъд фынг — нæртон — ысцæттæ,

Автандил фæзынд æрттивгæ, йе ‘нгас цинæфсæст, ныфсдæттæг,

Ус ыл ног дарæс куы федта, уæд бынтон ныррухс йæ зæрдæ;

Райгæ, мидбылхудгæ дзуры: «Уарзон, афтæмæй хуыздæр дæ!»

 

Сæрæй къæхтæм ыл рæвдаугæ зыд, цыбæл цæстытæ хаста,

Спаспет сабыр лудт йæ мидбыл, ома, дзæгъæлы мæ ма стау.

Ома, не ‘мбарыс, нæ хатыс — мæидæумæ цы тых ныббаста.

Фæлæ, раздæрау, хъæцыдис, йе ‘гъдот йе ‘нæбары саста.

 

Хорз фæминас кодтой. Лæппу сыстад, хъæлдзæгæй, фæфардæг;

Уаты ‘рхуыссыдис, æрфынæй уайтатъд нозтджынæй, уæнгмардæй;

Райхъал изæры, нæ рабадт уаты, раздæрау, æнкъардæй.

Усмæ барвыста, фæсидт æм, зæгъгæ, рацу-ма, дам, ардæм.

 

Ус куы балæууид къæсæрыл, дардæй «оххытæ» райдыдта:

Талмау тасгæгуыр, зæрдæ, дам, уарзтæй риувæйнæг ратыдта.

Баз ын гауызыл авæрдтой, — уæд цæмæн æм хъуыд хатын та!

Цæсты сау хауты халагъуд аууон уардитыл айтыдта.

 

«Фатман, ма фестъæлф, кæлмдзæфау, — лæппу хъавгæ загъта усæн, —

Æз мæ хабæрттæ куы кæнон, уæд дæуæн уыдзæн зынхъусæн,

Гуланшаройы мæ хъуыддаг кодтон абоны онг сусæг.

У мæ цин æмæ мæ сагъæс сауцæст, сауцæстыхау рухс зæд.

 

Нæ, базаргæнæг мæ ма ‘гъгъæл, мулк нæ фæбарын тæразыл; —

Ростеван — ыстыр паддзахæн бады йе спаспет дæ разы,

Бирæ ‘фсад, хæзна, хæцæнгарз ис мæ барвæнды дæлбазыр

Æмæ знаджы раз фыдтохы ме ‘гъдау н’ амоны фæтасын.

 

Хъус мæм, радзурон дын алцы, — дæу мæ хæларыл нымайын.

Ис мæ паддзахæн рæсугъд чызг — хурты хурзæрин, — нæ сайын,

Баззадис мæ уд йæ мидæг, уарзтæй судзын æмæ тайын.

Балцы рацыдтæн йæ фæндæй æмæ паддзахы цин кайын.

 

Ды цы чызджы кæйттæ кодтай, уый æрцагурын мæ домы

Æмæ дунетыл фæзылдтæн, — кæд нæ басæттин мæ сомы,

Чызджы судзгæ уарзт — домбайæн нæу йæ бон йæ рис уромын,

Ахауд, нал æй уырны — ссара хос йæ зæрдæйы хъæдгомæн».

 

Автандил æппæтдæр усæн дзуры ныр æргом йæ разы:

«Стайыцармдарæг бæгъатыр зилы тар хъæды, дзыназы.

Ныр дæ къухы ис йæ хъысмæт, ахæм хосгæнæг ын разын, —

Ма уа цæстыхау уæгъдæппæрст, — цыма сау халоны базыр.

 

Фатман, баххуыс кæ, фæкæс мæм, — цас зынудисæн ма ‘взарой?!

Хъуамæ стъалытæ нæ фæрцы иумæ удæнцой ыссарой:

Адæм хорзракæнд куыд мысой æмæ кадыл нæ куыд дарой,

Феной уарзæттæ та динтæ, — дуртæ ма хала сæ марой.

 

Рæвдз дæ хингæнæг цагъартæй иуы фидармæ ныздахæм,

Чызгæн радзурæд, — цы зонæм, у нæ фæнд, нæ нысан цахæм,

Уый нын кæд зæгъид нæ сусæг уыцы каджи ус-паддзахæн

Æмæ каджитыл уæлахиз бафтид кæд нæ къухы махæн».

 

«Табу ме скæнæг Хуыцауæн! — райхъуыст цины хъæр Фатманæй, —

Уый цы ‘хсызгон бон æркодта, зæрдæ риуы ссыгъд тæмæнæй!»

Ус фæсидт, фæзынди цагъар — сау, сынты базырау, мæнæ.

«Уайгæ, — загъта йын, — Каджеты февзæр хин æмæ кæлæнæй!

 

Гъеныр равдис, гъе, дæ кæлæн æмæ, д’ арæхстыл æууæндон.

Ацу, бахиз мæ цъæх артæй, — цины рухс тынтæ нывæндон:

Зæгъ йæ низы хос зынг хурæн æмæ ма бауа фыдгæндон».

Дзуры сау цагъар ныфсджынæй: «Сом æххæст уыдзæн дæ фæндон».

ФАТМАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНМÆ

Уæд Фатман ныффыста чиныг: «Дуне тавæг хур, æвзисттын,

Ныр дæу чи нал уыны, уымæн рис куыд нæ бафта йæ ристыл?!

Уый куыд æхцон уыд дæ хъæлæс, цыма булæмæргъ дæ исты!

Лал дзæнхъавгимæ дæ хуызы иу æрттивгæ фæрдыг систы.

 

Уæгъды бамбæхстай дæ хъуыддаг ды дæ хæрзгæнæг æхсинæй;

Алцы рафæлгъуыдтон мæнæ, афтæ ма ‘гъгъæл, ома хинæй.

Ныр дæ хабæрттæ лыстæггай фысс дæ уарзонæн йæхимæ;

Уый сырх уардийау æрттива, ды, цъæх малусæгау, цинæй.

 

Мæнæ д’ агурæг æрцыдис Тариелы ‘рдхорд — бæгъатыр,

Автандил, зæгъгæ, арабаг, номдзыд саг лæппу, хъæбатыр,

Ростеван паддзахы спаспет, тохы йе знæгтæм — æгъатыр.

Афысс лæппумæ дæ уавæр, хур, зæрдиагæй дæм хатын.

 

Ацы хингæнæг цагъар нын кæд æрбахæссид бæрæг дзырд;

Каджи ус-паддзах æрыздæхт, æви дард балцæй нæма ‘рцыд?

Йе ‘фсад цас ысты, кæм лæууынц? Хъуамæ базона дæ фæрцы, —

Чи сты балхонтæ, ыстæй сæ хæс та бачынди кæмæн цы?

 

Уымы хабæрттæй цы зоныс, уыдон нæм ныффысс, ыстæй дæр

Рарвит уарзонмæ нысанæн исты, — барухс уа йæ зæрдæ.

Сагъæс мауал кæн, фыдхъысмæт ныр кæрон ыскодта ‘фхæрдæн.

Тагъд уæ кæрæдзи цы ссарат, уый уын фестæд, хур, мæ сæр дæр!»

 

Радта ус йæ фыстæг лæгмæ: «Уайгæ, — азæлыд йæ хъæлæс, —

Тагъд æй сæмбæлын кæ чызгыл, мардзæ, ныр дæ хин — дæ фæрæз!»

Цагъар баппæрста йæ уæлæ хины, диссаджы цъæх пæлæз;

Систа хи бæрзонд, цы йæ хъуыд?! — уыцы иу маргъы фæпæррæст!

 

Цыма ‘лвæст æрдынæй феуæгъд, — фатау уæлдæфы фæтæхы;

Бон куыддæр æризæр, афтæ абадт фидары къæдзæхыл.

Бахызт аивæй, лæууæнт уал æфсад къæсæрыл рæгъ-рæгъы!

Хурæн радзырдта, Фатман ын цин — æхсызгойнаг — цы зæгъы.

 

Бахызт мæсыгмæ уый афтæ, цыма ‘хгæд нæ уыд æппындæр;

Бахызт сатæгсау лæг, сæрæй даргъ æрзæбул ысты хъуынтæ.

Рухс хур фестъæлфыди, барызт, тасы бахауди йæ уындæй.

Уарди фырадæргæй абур, аззад малусæг æмпылдæй.

 

Дзуры негыр цагъар чызгæн: «Уый цы фæтарстæ, цы срызтæ?

Гуланшаройæ Фатманæй цины уацхæссæг æрвыст дæн,

Айс, кæй нæ фæливын, уый дын мæнæ радзурдзæн йæ фыстæг.

Уарди, рухс хур дыл ыскæсдзæн, сагъæс атайдзæн — æнтъыснæг».

 

«Цины уацхæссæг Фатманæй?!» — ахæст не ‘ууæнды йæ хъустыл

Банкъуыст цæстыхау, фæзыхъхъыр чызджы уардигъуыз хæмпус был,

Ризгæ цагъарæн йæ къухæй райста чиныг, цыма рухс тын.

Чиныг ракæсы, ивылы цин цæстысыгæй йæ рустыл.

 

«Чи у м’ агурæг? — æрфарста ахæст уацхæссæг цагъары, —

Ау, мæ сагъæс ма дунейыл искуы искæмæ дæр хъары?!»

Уын йын радзырдта: «Зæгъдзынæн æз, — цы фехъуыстон, цы ‘мбарын:

Ды куы рацыдтæ, уæдæй нын арвыл хур цырагъ нæ дары.

 

Маст йæ зæрдæйы Фатманæн ахызт иннæрдæм цыргъ кардау;

Уый цы дудгæ бонтæ федта, уый цы сау цæссыг фæкалдта!

Хорз уыдис, уæддæр мæ фæрцы уайтагъд д’ ахæстон ыссардта!

Иу Ыстыр Хуыцау — йæ зонæг, уый дæуыл йæхи куыд мардта.

 

Ныр фæзынд домбай бæгъатыр, калы, рухс хурау, тæмæнтæ.

Уый Фатман-хатунæн загъта, — ды фыдуавæры цæмæн дæ.

Лæппу д’ агурæг æрцыди, карз ныффæдзæхстой мæнæн дæр,

Тагъд, дам, сæмбæлын кæн чызгыл фыстæг хин æмæ кæлæнтæй».

 

Ахæст цагъарæн: «Æууæндын ныр дæ ныхæстыл, дæ растыл:

Никуы фыны дæр нæ дзырдтон æз дæ хицауæн мæ уарзтыл.

Уый бæлвырд ныгуылд нæма у хур — мæ удылхæцæг, уаз тын.

Æз фыссын, фæлæ Фатманæн зæгъ, — цы зыны дæн, цы масты».

НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ДЗУАПП ФАТМАНÆН

«Уæ, Фатман, — фыссы, — дæ рæвдыд æз мæхи мадæй нæ зонын!

Ныр куы йæ фенис, — мæ уд мын маст цы уавæрæн æвзоны!

Нæй нымæц, кæрон мæ ристæн: иу рын, иу фыд мæ нæ домы.

Ныр дæ фыстæгæй мæ зæрдæ мæнæ барухс и зындоны.

 

Уæд дыууæ кæлæнгæнæгæй байстай мæн, Фатман, сæ къухæй, —

Каджи-хингæнджытæ се ‘ппæт ныр кæнынц мæнæн хъуырдухæн:

Иу дæн, афтæмæй мæ се ‘гас, — минтæ — хъахъхъæнынц æдзухæй,

Уый дæ ма бауырнæд, макуы, — искуы фескъуыйа мæ тухæн!

 

Цæй, цы ма дагм фыссон, ис мын амы хабæрттæн цы зæгъæн:

Каджи ус-паддзах нæма ‘рцыд, нæй йын афтæ тагъд ыздæхæн,

Фæлæ фидарæн ныууагъта бирæ минты ‘вджид йæ дæгъæл;

Мæн куыд агуры? — фæуыдзæн уыцы саг лæппу фыдæгъгъæл!

 

Нæй мын ардыгæй ирвæзæн, — уæгъды ма сафæд йæ рæстæг.

Уæгъды мауал кæнæд тухи, арты ма судзæд мæ мæстæй!

Фæлæ фембæлдис мæ хурыл, уæ, тæхудиаг, æрмæст æй

Дардæй, дардæй дæр ма искуы иу хатт чи федта йæ цæстæй!

 

О, нæ дын загътон мæ хабар, — хатын ныр, Фатман, мæ зылын,

Фæлæ дзурынæн зын уыдис, — зæрдæ сыгъд цы фыд, цы зыны!

Тариелмæ мын ныххатут, уый мæт мын мæ уд æхсыны:

Уæгъды ма схæцæд мæн тыххæй ацы ‘лгъыст бæстæм бырсыныл!

 

Фаг фыдхъизæмар æвзарын, — тухи, царæфтыдцух нал дæн,

Зон: дыууæ марды кæндзынæн, — искуы уый куы фенон мардæй.

Нæй мæ сыгъд сæрæн хуыздæр хос, дзырд нæ фæливын мæнгардæй.

Мацы сфæнд кæнæд, фæлтау мæ фенæд дурты бын æдзардæй!

 

Ды фыссыс, зæгъгæ, нысан æм исты ку’ арвыстаин, — мæнæ

Фыстæджы гæппæл æвæрын уарзоны лæвар кæрдæнæй.

Сау, мæ хъысмæтау, хуызæй у, — судзы зæрдæ та кæлæнæй:

У мын йе ‘мыдзаг йæ лæвар уарзты судзаджы тæмæнæй».

НЕСТАН-ДАРЕДЖАН ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ЙÆ УАРЗОНМÆ

Уæд хæкъуырцгæнгæ, дзыназгæ чызг йæ уарзонмæ ныффыста.

Цæссыг кадд, æниу кæд ма уыд уарзтæн сау цæссыг æххуыс та!

Лæг фæуыдаид зæрдæхæлд, — зæгъгæ, уый додоймæ хъуыста,

Уарди базыхъхъыр, æрттывта урс дзæнхъа фæрдыг — æгъуыстаг:

 

«Ацы судзаджы чиныг дæм æз фыссын, мæ хур, ахæсты;

Сис — мæ тасгæ гуыр, тулын æй ризгæ ме ‘рхæндæг сагъæсты,

Ам нæ зæрдæтæ сиу кодтон, — дзурæнт чиныджы мах бæсты.

Бастъæл, ба, мæ уд, ма бацу уæгъды таримæ карз хæсты!

 

Уый дын, гъе, мæ бон, нæ хъысмæт: туг ныл уары æмæ уары;

Хур алдзæн тæмæнтæ калæд, джиуын саудалынджы, тары!

Цард æлгъыст æмæ мæнгард у, — алы зондджын дæр æмбары.

Уас, мæгуыр мæ бон,-дæ мæтæй ай цы дудгæ фыд æвзарын?!

 

Ай цы сныв кодтой нæ удтæн карз хъысмæт æмæ фыдрæстæг:

Иу нæ иннæйы хæстæгмæ райгæ нал федта йæ цæстæй!

Ныр ды кæмæн нал дæ, — зæрдæ тъæпп куыд нæ фæхауы мæстæй!

Мæнæ райхæлди мæ сусæг, раргом ме ‘рхæндæг ныхæстæй.

 

Хурты хурзæрин, дæхистæн, загътон — удæгас мын нал дæ;

Асаст, бадон и мæ хъару, уæнгтæ баззадысты калдæй.

Ныр Ыстыр Хуыцауæн табу, — цинæй худгæбыл, ысхъал дæн!

Ныр йæ дард кæрон æрцыдис мæнæ ме ‘нтъыснæг æнкъардæн.

 

Цæр, дæ сæрвæлтау амæлон, уадз, фыдхъысмæт мæ бадома,

Уадз, мæ сыгъд зæрдæ ноджыдæр дудгæ сагъæсты бадон уа!

Уарзон, мыс мæ-иу дард бæсты, — риу мæстæлгъæдæй ку’ атона.

Уыцы тар бонтæм абуздзæн уарзт мæ зæрдæйы суадонау.

 

Цæй, цы ма фыссон, уадултыл уайы цæстысыг сахатæй, —

Нæй мæ хабæрттæн радзурæн, нæй мæ диссæгтæн рахатæн;

Мæн Фатман-хатун ратыдта сау кæлæнгæнæг цагъартæй,

Цард йæ сау кæнон бакодта, — ногæй уацары бахаудтæн.

 

Бафтыд фыд мæ фыдтыл, цард мын у зынудисæн æрмæстдæр, —

Цыма карз хъысмæт мæ удæн фаг нæ фæдардта йæ хъæстæ!

Хины каджитæ мæ ‘рцахстой, нал ис алидзæн сæ бæстæй.

Уый, мæ удлæууæн, фыдхъысмæт, зинау, сагъуыди нæ фæстæ.

 

Цæст нæ сæххæсдзæн йæ сæрмæ, бадын иу ахæм гæнахы;

Ис æм иу фæндаг æнахуыр, — къæдзæх зæххы бын фæкъахыр;

Бирæ ‘фсад æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнæг лæууынц сæ къахыл,

Нæй сын басæттæн, фыдгулы семæ бахъæуæд хылкъахын!

 

Ма кæс каджитæм æндæртау, уæгъды ма ‘рбабырс уæлбæхæй;

Зонын, мардæй дæ куы фенон, — рыст æнæуый дæр, зæрдæхæлд, —

Цыма зных æрцъыкк-æхсонæй — арт ысуадздзынæн æмдзæхæр.

Нæй фæрæз, дæ къух мыл ауигъ, басгуых фидардæр къæдзæхæй!

 

Уæ, мæ удлæууæн, макуы уæд, ма, дæ фæсонæрхæджы дæр, —

Дæу дæ талмвидыц баива, искæй равзара каджитæй.

Нæ, дæуæй дарддæр никæй дæн, ма мæм бабæллæд мачи дæр;

Былæй атæхин, зæрдæсæр кардæй акæнин саджилтæ.

 

Ард хæрын, — дæ мæй æндæрæн никуы рухс цырагъ нæ дардзæн,

Арвæй хуры фырт куы ‘рхиза, риумæ уый уарзт дæр нæ хъардзæн.

Былæй асхъиудзæн дæ уарзон, — раздæр хи, мæ бон, ныммардзæн.

Кув мын уæд, мæ уд уæларвмæ кæд бæрзонд ыстæхид, мардзæ!

 

Кув мын, кув, æмæ схицæн уон а мæнг дунейы сагъæстæй, —

Артæй, дон æмæ сау зæххæй, зилгæ уæлдæфы ахæстæй.

Арвмæ сфардæг уон, банкъарон, — арв мын бахицон, бахæстæг.

Бон уа, тар æхсæв, — хатон æй, хуры рухс тынтæм баххæстæн.

 

Хур æнæ дæ гуырдз нæ уыдзæн, ды йæ иу хай дæ, йæ хъæстæ,

Йемæ дун-дунейы зилыс йе ‘мбуар, йе сконды ныхæстæй.

Фенин рухс хуры дæ фæлгонц, райгæ ракæсин мæ цæстæй;

Цард мын марг дары, мæлæт мын раттид удæнцой йæ фæстæ.

 

Иугæр ис мæ уд дæ бæрны, — цæй, цы ма тæрсон мæлæтæй!

Фæлæ сбастай мын мæ зæрдæ уарзты судзаджы кæлæнтæй, —

Нæй ысуæгъдгæнæн æнусмæ уымæн сагъæсы къæлæтæй!

Æз, цыфæнды уæд, — хъæцдзынæн, ды уæддæр ма тай мæ мæтæй.

 

Атындз Индимæ, мæ фыдæн туг йæ зæронд сæрыл уары:

Бирæ — йе знæгтæ, зæрдæ та никæй баххуысыл нæ дары.

Ратт ын удæнцой, куы зоныс — уый йæ чызджы мæт дæр мары.

Уым-иу тохы бон æрымыс, — ам цы дудгæ фыд æвзарын.

 

Цæй, æгæр дæр ма фæкодтон æз мæ судзаджы хъæстытæ;

Дзурай — нæ, уæддæр æмбары зæрдæ зæрдæйы рæстытæ.

Маст мæ бадомдзæни, къахдзæн сынт мæ уарзæгой цæстытæ:

Уый — дæ дзæбæх удæн радтон цард-цæрæнбоны мæстытæ.

 

Айс, нысанæн дæм æрвитын, хур, мæ кæрдæнæй гæппæл дæр,

Уайтагъд фестъæлфдзынæ, зонын, — уый дæ лæвар у — мæ кæрдæн.

Атад де стыр цин, ныфсæнцой дар мæ нысаныл дæ зæрдæ.

Зилгæ авд арвы фыдазар махæн басыгъта нæ сæртæ».

 

Ахæст йе ‘рдаг кæрдæн систа, сау чысыл гæппæл дзы хъауы, —

Йе ‘нкъард чиныгмæ йæ хъавгæ, — цыма цины хос, — æфтауы.

Даргъ, ыставд дзыкку фæпырх и, чызг бæгъæмсарæй фидауы,

Сау сынты базыр рæдауæй уаты буды хæрздæф тауы,

 

Систа чызджы чиныг цагъар, ног фæпæррæст кодта уадид,

Уыцы иу цæсты ныкъуылдмæ Гуланшаройы куы ‘рбадид.

Автандилы ма цы хъуыди, — хъуыддаг ныр рæстырдæм уади!

«Табу Стыр Хуыцауæн!» — загъта, уарди худгæбылæй ради,

 

Лæппу ракодта хæларæй усæн бузныджы ныхæстæ:

«Уый куы сæххæст и мæ бæллиц, уæд куыд бафидон дæ хæрзтæ?

Хæс дæ дардзынæн æнусмæ, ныр цæуон, фæци мæ рæстæг;

Тагъд æз каджитæм æркæнон, — чи сын сыскъуына сæ хъæстæ!»

 

Ус зæгъы: «Домбай, мæ риуы уый дывыдон арт æндзары:

Хур куынæуал уа мæ цуры, — зæрдæ бастъæлдзæни тары,

Фæлæ уайгæ уал, бæгуы дын нæй гæдзæгæнæн, — æмбарын;

Фердæх, цалынмæ нæма ис Дулардухт йæхи хæдзары».

 

Автандил ныр та йæхимæ басидт Придоны цагъартæм,

Загъта: «Тнымæг ис йæ пиллон риуы сагъæсты цъæх артæн:

Ме ‘рцыд дзæгъæлы нæ фæцис дард арабты бæстæй ардæм;

Ныр фыдгултимæ уыдзæнис тагъд мæлæты зиу мæ кардæн!

 

Уайгæ, ракæнут Придонæн рæвдздæр ацы ‘хцон ныхæстæ,

Æз тындзгæ кæнын кæдæмдæр, мæн кæм амоны мæ рæстæг!

Карз хæстон фæдис ныннæрæд, дардыл сызмæлæд уæ бæстæ.

Айсут ацы мулк, æндæр уын ам цæмæй фидон уæ хæрзтæ!

 

Рох нæ уыдзæнис уæ лæггад, бирæ, бирæ хорз уæ зонын;

Уе ‘гъдау дардзынæн мæ зæрдыл, — мæнæ фембæлон Придоныл,

Федтат, абырджытæй байстон ацы цъус фæллой дæр доны,

Дарддæр ницы ис мæ къухы, — исчи кæд æлгъин мæ хоны?

 

Нæй хуыздæр гæнæн, цы раттон, — дард дæн ам мæхи хæдзарæй».

Нау сын — йемыдзаг хæзнайæ — уый ысхай кодта хæларæй.

«Уайгæ, байрайут сын загъта — ныр уæ хорз Мулгъазанзарæй,

Ме ‘рдхорд Придонмæ уын мæнæ чиныг йе ‘нувыд æмгарæй».

АВТАНДИЛ ÆРВИТЫ ЧИНЫГ ПРИДОНМÆ

Спаспет чиныджы ныффыста: «Уæ, Придон, паддзах хъæбатыр,

Сахъ домбайы ‘мдых зæрдæйæ, хурты хурзæрин дзæнхъатын,

Барджын, амондджын, æхсарджын, тохы знæгты ‘хсæн æгъатыр,

Дардæй дын салам æз радтон, æз — дæ иу кæстæр бæгъатыр!

 

Мастæй, тухийæ цы федтон, зæрдæ катайæ цы сарыд,

Уыйхыгъд сæххæст и мæ бæллиц æмæ ‘хсызгон цин æвзарын;

Хъæды лæгæты домбайæн марг кæй дудгæ сагъæс дары,

Мæнæ бантыст мын фæстагмæ уыцы хурæнгæсы ссарын.

 

Ахст у каджитæм, Каджетæн нæй ныппырхгæнæн — æгъгъæлынц,

Уырдæм бабырсын уæлбæхæй у мæнæн уæддæр гæнгæлы.

Ногдзыд уардийыл тæрккъæвда ‘взист цыхцыр.джытæй кæм кæлы,

Нæй уым хицау, фæлæ йе ‘фсад бон-æхсæв фынæй нæ кæнынц.

 

Цинæй барухс и мæ зæрдæ, мастæй, раздæрау, нæ тонын:

Ды ‘мæ де ‘фсымæр кæм ыстут, уым зынæй цы уа, — нæ зонын!

Исты сфæнд кæнат, æххæст уын уæд куыд не суыдзæн, цы ‘фсоны?

Лæг кæм фæлæудзæн уæ ныхмæ, арт куы суадздзыстут æхсоныл!

 

Нæй мын фездæхæн дæ бæстæм, курын — азым-иу мæм ма ‘рхæсс.

Уайын не ‘рдхордмæ фæдисы: Мæйы суæгъд кæнын — мæ сагъæс.

Тагъд дæм бацæудзыстæм иумæ, гъеуæд худгæбылæй ракæс;

Уымæн баххуыс кæнын, зоныс, у нæ иумæйаг уæззау хæс.

 

Нæй мын бафидæн æнусмæ а дæ цагъарты лæггадæн,

Цин, æххуыс, узæлд цагъарæй ахæм никуы федтон адæн:

Де ‘рмдзæф се ‘гъдауыл бæрæг у, цæй, цы сæ стауын, æрра дæн —

Чи кæмæй цæуы, уый — йе ‘нгæс, — дзурынц зондыкъуыбар адæм».

 

Радта чиныг, — къухæй къухмæ ахызт цагъарты фæлгуыры, —

Цыма малусджыты чъина кæнæ уардиты дзыгуыр уыд.

Дзуры: «Райгæ уæд уæ паддзах, маст нæ нал хъæуы ныхъуырын».

Рухс налхъуыт-налмас фæрдгуытæ судзынц лал былты зыхъхъыры.

 

Автандил ысбадти науы, бахызт денджызы гуылфæнты;

Мæй — йæ цæлхыдзаг — æрттивгæ рараст, рухс тынтæ нывæнды.

Усы ‘рхæндæгæй ныууагъта, уæвгæ, уый дæр æй нæ фæндыд.

Адæм тугдзæссыгтæ калдтой, ниугæ кастысты йæ фæдыл.

 

Кодтой еу-додой, æрдиаг цагъартæ, Фатман, Усен дæр:

«Хур, цы ми бакодтай, мæнæ бон куы баталынг, куы фендæр.

Арвыл хурзæрин нæ хæты, — уый дæ тар аууон у, де ‘ндæрг.

Цæй, куыд нæ барвыстай мæрдтæм, уый хæлар хъайтарыл не ‘мбæдд».

АВТАНДИЛ АЦЫД ГУЛАНШАРОЙÆ ÆМÆ ФЕМБÆЛД ТАРИЕЛЫЛ

Автандил фæхæццæ былмæ, рахызт наулæууæны науæй.

Уайы быдыры, йæ былтыл хъазы рухс цины фæйлауæн.

Ныр йæ мидбыл кæд фæхудид йе ‘рдхорд, — табу Стыр Хуыцауæн!

Уый сын амонды хæрзиуæг радта парахат, рæдауæй.

 

Дардтой быдыртæ цъæх-цъæхид, кæрдæг анхъæвзта сæ сæрты,

Уарди райхæлдис, æрлæууыд йе ‘мгъуыд саггуырдæн йæ зæрдыл,

Хур ыстъалыгуырдз Мыдзбыры арвæн йе ‘рфæнты лæгæрды,

Худгæ лæппуйы раз сысты мин-мин дидинтæй æрвæрдын.

 

Арв фæздæгкалгæ ныннæрыд, мигъ æвзист фæрдгуытæ луары;

Автандил цæуы, йæ сæнттæ уарди дидинæгæн хъары:

«Тинатины ‘нгæс, дæу фенгæ цæстæй цины цæссыг хъары,

Демæ уарзонау фæдзурын, — зæрдæ удæнцой æнкъары».

 

Чызджы мысыдис, цæссыгтæ рустыл уадысты сахатæй.

Сыгъд, фыдвæндагыл нал уыдис бæхы фатдзу-тахт — ахадæн;

Бамбæхст къахвæндаг къутæрты, нал зынд, нал ын уыд рахатæн.

Спаспет стайтæ ‘мæ домбæйтты цагъта хъæзы парахатæй.

 

Лæгæт разындис, фæхъæлдзæг, загъта: «Зонгæ къæдзæх уæртæ,

Уым ис, уым калы йæ цæссыг, — æз кæй тыххæй дæн рыстзæрдæ.

Тагъддæр, ракæнон ын хабар, цæрдтæм раздæхдзæни мæрдтæй.

Уæвгæ, лæгæты куынæ уа, уæд — уынгæджыйаг мæ сæр дæр.

 

Иу уысм не ‘рбады бынаты, хъæды знæт сырдтимæ джиуы;

Уый, æвæццæгæн, ныр дæр та искуы ‘нкъард зæрдæйæ ниуы.

Цон-ма, хъамылы йæ фенон, уым дзыназдзæни йæхиуыл».

Лæппу хъамылмæ фæзылдта, бæх йæ фæндагæй нæ чиуы.

 

Уайы бæх æмæ йæ барæг саргъыл хъалзæрдæйæ зары,

«Тариел!» — зæгъгæ, йæ хъæрæй æрдзы ‘нцой æгуыппæг халы.

Уайы, уалынджы, цæвиттон, хур ныццæхæр калдта тары:

Уæртæ цæст æваст ысхæцыд хъæзы кардæлвæст хъайтарыл.

 

Тариел домбай æрмардта, туг лæдæрст нырма йæ кардæй,

Хъæзы фистæгæй лæууыдис тар, æрхæндæгæй, æнкъардæй.

Автандилы хъæр йæ хъустыл ауадис æмбойны дардæй,

Аджих, ауыдта йæ, ратахт, — цыма ‘рттивгæ стъæлфæн артæй.

 

Фæринк феппæрста йæ къухæй, бауад, хъæр кæцæй хъуыст, уырдæм,

Саргъæй рагæпп ласта спаспет рухс, тæхгæ стъалыйæ цырддæр.

Æмæ ‘хсызгонæй нылхъывтой уым сæ кæрæдзи сæ хъуыртæм,

Хъуыст сæкæры тад ныхæстæ уарди-дидинты зыхъхъыртæй.

 

Мастæй дудгæдæр дзырдаив Тариел фæлмæн нывæнды:

Сау цæстыхауты бæзджын къох сахуырст тугзæйы гуылфæнты,

Уайы цæссыджы тыгъдызæй æмæ талм бæласы ссæнды:

«Цæй, æгайтдæр ма дæ федтон, ныр быхсдзынæн мæт цыфæнды!»

 

Тариел кæуы хæкъуырццæй, Автандил æм худы, райы.

Был фæзыхъхъыр ис, æрвæрттывд хъазы рухсцырен дзæнхъайыл;

Дзуры: «Базыдтон æппæтдæр, хъуыддаг мах фæндиаг уайы,

Уарди райхæлдзæнис ногæй, ныр йæ сагъæс цинмæ сайы».

 

Тариел зæгъы: «Дæ фендæй уыйбæрц барухс и мæ зæрдæ,

Æмæ байрайынæн, цинæн у мæнæн, ме ‘рдхорд, æгæр дæр.

Ды кæй фæдыл зылдтæ, уымæн никуы нæй йæ кой, йæ хъæр дæр,

Нæй æнæ хуыцау хæрзамонд, уый бар бакодтам нæ сæртæ».

 

Нæй, нæ уырнынц Тариелы йе ‘рдхорд саггуырды ныхæстæ.

Автандил йæхимид загъта: «Хъуыддаг радзурон æххæстæй».

Нысан сæвдыста, цæвиттон, дардыл барухс кодта бæстæ,

Тариел, бецау, фæсонтау, гæппæл ауынгæ йæ цæстæй.

 

Рæвдз æм февнæлдта, чиныг дæр тагъд-тагъд айхæддта, фесгъæлфыд.

Барызт, афæлурс, ахаудта, дарддæр уардибыл не стæлфыд,

Русты нал аззад уды ‘ртау, ацъæх саухауджын цæсггъыфыл;

Саламан æмæ Каины уыйбæрц не ‘ндæвта се стыр фыд.

 

Автандил куы федта, йе ‘рдхорд зæххыл ахауди йæ разы,

Рæвдз æм февнæлдта, æххуыс дæр, уæвгæ, лæппуйы бон цас уыд!

Тариел цыма ныртхутæг, цыма бавзалы и, басыгъд,

Йе ‘гъуыз уадултыл, мæрдонау, царды иунæг нысан нал зынд.

 

Автандил æрбадт, дзыназы, цæссыг цæстыхаутыл уайы, —

Цыма спæр-пæр кæны сау сынт тагъд-тагъд ирд æвзист къæвдайы.

Афаст лал-фæрдыг, йæ хуылфы андæгъд цæст цырен дзæнхъайыл,

Фемæхст къадатæ, сæ сырх фæд рустыл, уарди-донау, уайы.

 

Мæстæй цонджы фыдтæ ‘хсыны, туг йæ уадултыл ивылы:

«Уый цы бакуыстон, ныстъæлон, цыма зондцух дæн, æдылы!

Сонт калд чи бакæндзæн афтæ дон чъырын арты тыфылы.

Цин æгæрон уыд æвирхъау, зæрдæ цинæй дæр ныгуылы.

 

Уæууа, ме ‘нæууылд дзырдтæй йæ мæнæ удхæссæг фæхаста!

Уый æгæр цин уыд, йæ хъуыр ын уайтагъд ахгæдта фыдмастау,

Лæг — æдылы та тæрæзтыл цымæ хъуыддæгтæ кæд барста!

Дугъ, дам, нæй гæппæй, — фæзæгъынц, макуы сонты митæ ма стау».

 

Тариел нæ чъицы, хаудæй баззад талм бæласы тала.

Автандил фæдисæй ауад, дон ыл армыдзаг æркала,

Рæвдз домбайы туг куы ‘рдавид, — фалдæр алæсæн, ысмалау,

Тугæй арвы цъæх — фæтæн риу — афæлдæхт сырх-сырхид лалау.

 

Сахъ домбайы туг домбайыл сæмбæлд, фестъæлфыди сонтау,

Фенкъуыст цæстыхауты сау рæнхъ, сагсур индиаг хæстонтау,

Ракаст цæстытæй, фæцис æй ногæй рабадыны бон та.

Хуры фатæй цæф фæлурс мæй мигътæй гудзиццытæ кодта.

 

Уарди басыйы зымæгон, — уазал уадтымыгъы, хъызты;

Къаддæр не ‘мпылы сæрдыгон, — судзгæ хус рæстæг куы сысты.

Зара булæмæргъ, нæ зара — хъалсæр нал вæййы сæрыстыр:

Ис знаг — уазал дæр, æнтæф дæр, — уæвгæ, иугъуызон кæм ысты?!

 

Афтæ зæрдæ дæр, зæгъ-ма йын, уæд фæчъил уыдзæн, куыннæ стæй!

Царды иугъуызон фæриссы судзгæ цин æмæ фырмæстæй.

Нæй кæрон, мæгуыр, йæ хъыгтæн, дуды иудадзыг йæ рæстæй;

Иу — йæхи уды знаг дардзæн йе ‘ууæнк дунейыл æрмæстдæр.

 

Тариел та чиныг систа, цæст йæ рæнхъытæй нæ исы!

Систа, сонтау æй нымайы, дуды ‘хсызгон цинæй, риссы.

Рухс тын цæссыджы ныххуылыдз, бон, нымæг цырагъау, ризы.

Автандил уæззаугай сыстад, сиды йе ‘рдхордмæ фæдисы;

 

Дзуры: «Не ‘мбæлы хæд-зондыл афтæ цины бон дзыназын;

Цæй, цы ма нæ ис кæуинаг? Байрай чиныгæй — дæ разы.

Раст, дæ сæфт хурмæ фæцæуæм, — рис æгæрдæр ма фæразы!

Тагъддæр, зонын æй, фæрдыгау, калм зæрин хурæй кæм хъазы.

 

Уæвгæ, цин уал ныл æмбæлы, раздæр байрайæм æгъдауыл; —

Хъæлдзæг сыстдзыстæм, Каджетмæ тагъддæр атындздзыстæм науыл:

Уым нæ бахъæудзæн нæ кæрдтæ сау фыдгулы стджытыл дауын —

Сисой каджитæ тæсмæрдтæ, — хæст лæджы ‘хсарæй фидауы!»

 

Тариел æрцыдис йе ‘муд, нал уыд, раздæрау, йæ мæтыл,

Сатæгсау цæстыты ссыгъдис урс æрвæрттывды тæмæн тын;

Цыма лал фæрдыгыл рамбæлд хур йæ сыгъзæрин хæтæнты.

Диссаг, — ахæмæн рæдауæй арв хæрзиуджытæ нæ дæтты!

 

Автандилæн бузныг загъта: «Нæй, нæ дæ уæндын æппæлын:

Дæу пахуымпары цыргъ зондæй, ме ‘рдхорд, сыстауын æмбæлы;

Хохаг суадонау дæ хорз ми дойны дидиныл æмбæлы,

Уый ды ныццауæзтай къада, — кæд мæ цæстысыг нæ кæлы.

 

Уыйбæрц бирæ хорз дæ зонын, — кæс, кæнын, мæ бон, къæмдзæстыг,

Нæй сын бафидæн, Хуыцау дын арфæ ракæнæд мæ бæсты!»

Бæхтыл рацæуынц, кæрæдзи дарынц мастсафæн ныхæстыл…

Цинæй хъодыгонд Асматæн хъæлдзæг уацхæссæг куыннæ сты!

 

Бадти лæгæты къæсæрыл иунæгæй Асмат æнкъардæй,

Акаст, барджыты куы суыдта, уайтагъд базыдта сæ дардæй,

Фæлæ булæмæргъы, диссаг, ныр цæмæн фæзмынц сæ зардæй?

Атахт адæргæй сæ размæ, цин дæр нал бакодта, сар дæр.

 

Заргæ ‘рбаздæхгæ нæ федта, никуы, лæгæтмæ хъайтары.

Ныр цы сау диссаг æрцыдис, афтæ хъæлдзæгæй куыд зары?!

Чызг фæсонт, цыма фæрасыг æмæ ницыуал æмбары;

Ау, цы йæм рауад, — йæхимид хъуыддаг сусæгæй æвзары.

 

Чызджы доныбыл куы суыдтой, худгæ хъæр кæнынц: «Хуыцауæй

Фестæм амондджын, — йæ хæрзтæ радта не ‘ппæтæн рæдауæй!

Асмат, мæйы ‘нгæсы ссардтам, цин нын нал у, нал, æвгъауæн,

Маст нæ нал судздзæн, нæ тæдздзæн цæссыг ныр нæ цæстыхауæй.

 

Саргъæй рагæпп ласта спаспет, хойау атыхстис Асматыл,

Чызг дæр й’ астæуыл æрбатыхст, тасы талмвидыц бæгъатыр.

Фемæхст уадултыл сæ цæссыг, фесты цин кæныныл, пъатыл.

Чызг æй бафарста фæстагмæ: «Дзур, цы хабар у, нæ хатын».

 

Уæд фæлурс мæйы фыст чиныг Автандил Асматмæ ‘вдисы:

Дард ран ахæсты, дам, фен-ма, цонгхус талм бæлас куыд ризы!

«Уæвгæ, мах мæтæй нæ дары уым æрдумæ дæр йæхи зын:

Хур нæм дард бæстæй фæхудти, уый нæ тар аууонæй хизы».

 

Уайтагъд зонгæ ‘рмдзæф базыдта, фæлæ нал ын уыд цингæнæн:

Чызг ныффæлурс ис адæргæй, — сыстад, — загътаис, ингæнæй.

Сæрæй къæхтæм-иу барызти, мæнæ раст цыма хингæнæг.

Дзуры спаспетмæ: «Сайынц мæ кæнæ цæстытæ, зин кæнæ!»

 

«Ма тæрс, — дзуры йæм Автандил, — амонд бахудтис уарзæттæм,

Сагъæс рухс цинæй раивтам, маст — зæрдæхалæн — уаз сæнттæй.

Хур нæм рахæстæг, — тардæр тар уый нæ развæдæй ассæнддзæн,

Фыд, хæрамимæ карз тохы нæй хæлар мийæн басæттæн!»

 

Тариелы хъæлдзæг худтæй ризынц лæгæты къæдзæхтæ.

Цинæй тыхст, бецау, Асматыл, кодта талм бæлас дыдæгътæ.

Сау сынты базырæй сабыр тагъдис уардийыл æртæхтæ.

Арв нын ракæны хæрзиуæг, арв ныццауазы фыдæх дæр.

 

Табу Стыр Хуыцауæн загътой, цин, дам, бахай кодтай махæн,

Кæд дæ фæрцы нæ фыдхъысмæт, зæгъгæ, нал кæнид хылкъахæн!»

Къæсмæ бахызтысты, уым сын фынг Асмат куы ‘рдавид ахæм,

Цыма уым æнхъæл нæ уыдис номдзыд Индийы паддзахæн.

 

Фысым — уазæгмæ: «Ныр-ма мæм хъус, мæ хорз хæлар, мæ хæстæг,

Ацы цины бон мæнмæ дæр ис æхсызгойнаг ныхæстæ.

Ам гуымир уæйгуытæн иухатт æз куы сыскъуыдтон сæ хъæстæ,

Гъеуæд диссаджы хæзнатæ баззад лæгæты сæ фæстæ.

 

Зон, цæстæй дæр сæ нæ федтон, — мæн уæд ницæмæн хъуыдысты.

Цæй-ма, басгарæм сæ, ме ‘рдхорд, фенæм — цас ысты, куыд ысты!»

«Фенæм!» — бахъæлдзæг и спаспет, чызг дæр саггуырдтимæ сысты;

Тагъд цыппор дуары сæ разы пырх, гуыдырцъæлтæ уыдысты.

 

Федтой дунейы хæзнатæ, — хорз зæрдæзæгъгæ цы хъуыдис;

Лал — фæрдыгамад, дæсны конд уым рæдзагъд-рæдзагъд лæууыдис;

Ирд, сæрыстæвдæн алмастæ ‘фтыдтой лæппутыл мæрдтыдис;

Бур сыгъзæрины кæритæн бæрц, нымайæн дæр нæ уыдис.

 

Даргъ, уæрæх цыппор ныккæндæй цух нæ уыд хæзнатæй иу дæр.

Иу ран разындис æфтауцдон, фат, фæринк, — æппæт йæ мидæг;

Уаты, къухбакæнæн нал уыд, гæрзтæ — комыссад, — кæритæ,

Се ‘хсæн дуарæхгæд чырыныл уæйгуытæй ныффыста чвдæр:

 

«Ам ис диссаджы хæцæнгарз — танхъа, згъæр хæдон, налмас кард,

Уыдон ничи дардта, знæгты кардæй ничима нæ карста.

Немæ каджитæ куы схæцой, сис сæ, гъеуæд-иу сæ басгар.

Марыс паддзæхты, — мыййаг сæ раздæр а чырынæй ма скал!»

 

Чырын бакодтой, йæ мидæг разынд хицæнтæй æвæрдæй,

Раст æртæ лæджы цы хъуыдис, уый хæстон фæлысты згъæртæ:

Зæлдзæг, кард, сæрзæнт, уæрагуарт — фенддаг, хъазыди сæм зæрдæ.

Лал, алмасæхгæд хуымпъырты калдтой се ‘ппæт дæр цæхæртæ.

 

Уæд фæйнæ фæлысты гæрзтæй саггуырдтæ сæ уæлæ ‘рбарстой;

Тохмонц, саратком фæринктæ нарæг астæутыл æрбастой.

Уыцы ‘рдаг кæрдтæй æфсæйнаг, раст фæлмæн бæмбæгау, карстой.

Ныр хæцæнгарзæй сæ къухы бафтыд домбæйттæн — цы уарзтой.

 

«Уый уал — хорзы нысан!-загътой, — размæ, цæй, уæдæ, ныфсхастæй!

Уый Ыстыр Хуыцау æркасти махмæ циндæттæджы кастæй!»

Æмæ се ‘фцджыты сæ гæрзтæ уым куы бафтауиккой раздæр,

Нурадины хай фæлыст та семæ рахастой гæрзбастæй.

 

Систой хæзнатæй сыгъзæрин, лал, налхъуыт-налмас фæрдгуытæ.

Æмæ хæзнадæтты дуæрттыл ногæй сæвæрдтой гуыдыртæ.

Автандил зæгъы: «Мæ фæринк калы тохмонцæй тыфылтæ,

Фæлæ баулæфæм, райсом бонæй атындздзыстæм цырддæр».

ТАРИЕЛ ÆМÆ АВТАНДИЛ АЦЫДЫСТЫ ПРИДОНМÆ

Бон фæцъæх, фæцæуынц, фæсарц чызджы сæр фæзыны саргъæй;

Мулгъазанзармæ хæстæг ын иу бæх балхæдтой зынаргъæй.

Автандил ыскъæры разæй уыцы иу комкоммæ цалхæй:

Зоны цæуæнтæ, нæ тæрсы лæппу фæндагæн йæ даргъæй.

 

Иу ран Придоны рæгъæуттыл быдыры йæ цæст куы схæцид, —

Хъалхаст, иууылдæр хæрзмыггаг, иунæг цауд бæх дзы нæ фæци.

Тариел зæгъы: «Придонæй цæсгом ахъазын куы хъæцид,

Уæд йæ рæгъæуттæ фæцæйтæр, — кæс, куыд лæбурид, куыд хæцид…

 

Гъæтт, къæрных лæг, дам, лæгдыхæй уый мæ рæгъæуттæ куыд исы! —

Паддзах быдыры пырхкалгæ тохмæ рацæуид фæдисы;

Фенид йе ‘рдхæрдты, фæтыхсид, æмæ бахауид фырдисы.

Цины бахудын æмбæлы, — зæрдæ йе ‘цæг хуыз æвдисы».

 

Мардзæ! Фысымы рæгъæуттæм уайтагъд бабырстой уæндонæй.

Цырд фæдисы ‘ртытæ скодтой бæхгæстæ æрцъыкк-æсхонæй! —

Дзурынц барджытæм: «Уæ къухы ницы бафтдзæнис æнцонæй! —

Уый ызнаг кæнут уæхицæн тохы арт паддзах Придонæй!»

 

Фæлæ бæхгæсты сæ разæй уыдон фатæрдынæй айстой,

Айстой, удаист цагъартæ уыцы иу додой нылластой:

«Сæфæм, мæнæ нæ фæцагътой, рæгъау абырджытæ байстой!»

Адæм сызнæт ысты, хабар уайтагъд паддзахмæ ныххастой.

 

Придон кардæлвæстæй рацыд уадид йе ‘фсургъыл фæдисы,

Йемæ йе ‘фсад дæр, æрсдонау, уайынц, зæхх сæ быны ризы.

Баввахс хуртæм, фæлæ уыдон, марадз зæгъ, сæхи æвдисынц, —

Арфдæр танхъатæ ныссагътой, — барæй цæсгомы хуыз хизынц.

 

«Гъеныр, гъе, фæзынд нæхион», — Тариел йæхимид дзуры!

Танхъа худгæ систа сæрæй æмæ балæууыд йæ цуры:

«Ау, куыд мæсты дæ, фæлæуу-ма, уый нæ кæд, фысым, нæ сурыс?

Афтæ ‘лгъин æгъгъæл дын чи уыд? — кардæй уазджытæм лæбурыс!»

 

Придон рæвдз æрфистæг, кувы уазджытæн ныллæг йæ сæрæй.

Уыдон рахызтысты, сарæх пъатæ — адджындæр сæкæрæй.

Нурадин Хуыцаумæ кувы: «Уый цы цин федтон цы ‘гъгъæлæй!»

Адæм уазджытыл тыхстысты, бæстæ сызмæлыд сæ хъæрæй.

 

Фысым — уазджытæн: «Кæм ыстут? Рагæй уе ‘рцыдмæ куы кастæн,

Æз хæстифтонг дæн, цæттæ дæн, нæй къуылымпыйыл ныхас дæр!»

Зынд, цыма дыууæ зынг хуры скодтой худгæ мæйы с’ астæу, —

Иумæ рафидыдтой тынгдæр, бæхтыл рацыдысты хъазгæ.

 

Мæнæ ‘рбахæццæ сты, галуан калы рухс тæмæн æгасæй,

Нурадины фарсмæ рабадт Автандил — арабаг разæй,

Хорз даривæлыст тæрхæгыл — Тариел — цытджындæр уазæг.

Радтой йе ‘рдхæрдтæ Придонæн танхъа, згъæр, фæринк — алмасæй.

 

Загътой фысымæн: «Æрмæст дын адон рахастам лæварæн;

Немæ ницы райстам, уæвгæ, нæй нæ хæзнатæн ысбарæн!»

Придон акуывта йæ сæрæй ног йæ хорз дыууæ хæларæн:

«Бузныг, бирæ мын — уæ хуынтæ! Нæй хæзна хуыздæр ыссарæн!»

 

Фаг куы фæбадтысты фынгыл, уæд фæсахсæвæр хæрзнадæй

Уæтты ‘ркъул кодтой сæ сæртæ, хуыссæг с’ абырста фæлладæй,

Райсом, бонæй та сæ фысым федта кадæй æмæ радæй;

Бур зæрин тæбæгъ æрхаста фынгмæ, — йе’ мыдзаг хæзнатæй.

 

Нурадин зæгъы: «Мæ ныхас нæу нывыл, мæхæдæг хатын:

Сыстæм, ацæуæм, æниу уæм цауд, æлгъин фысымау хатын,

Фæлæ не ‘мбæлы къуылымпы, уæд нæ уыдзæни нын хатыр;

Тагъддæр, цалынмæ нæма сты каджи-хицæуттæ бынаты.

 

. Бирæ ‘фсады сæр нæ хъæуы, цъус фæлтау, фæлæ — дзæбæхтæ;

Фаг — æртæсæдæ хæстоны, разæй фесхойæм нæ бæхтæ;

Фенæм, — не знæгтæ куыд цæгъдой тохы се ‘гуыдзæг гæндзæхтæ!

Талмгуыр удыгага хуры стонæм Каджеты къæдзæхтæй.

 

Иу хатт ма уыдтæн Каджеты, гæнах фидар у, зынсæттæн,

Иугуыр айнæг у йæ бындур, нæй йæм балæууæн æнцæнттæй;

Хъавгæ бахъуызын æмбæлы, нæй нын комкоммæ бырсæнтæ;

Уæд кæм сын уыдзæн æмбæхсæн — бирæ ку’ акæнæм æфсæдтæ?»

 

Йемæ сразы сты, сæ фысым хъуыддаг тынг аив æмбары.

Чызджы Придонтæм ныууагътой се ‘рцыдмæ — Мулгъазанзары.

Размæ фесхуыстой сæ бæхтæ, семæ — ‘ртæсæдæ хъайтары.

Лæг — зын бавзарæг — фæстагмæ царды рухс амонд ыссары.

 

Дардтой денджызыл сæ фæндаг, дарддæр сур зæххыл цыдысты,

Уæд нырма æхсæвæй, бонæй балц, фæндагыл лæуд уыдысты.

Нурадин зæгъы фæстагмæ: «Знæгтæ ныр æввахс уыдзысты;

Нал ис бон цæуæн, нæ къорд нын хины каджитæ уындзысты».

 

Придон раст уыди, нæ фæкаст уый фæнд никæмæ дывæндаг;

Бон æмбæхст уыдысты, ‘хсæв та дардтой сахармæ сæ фæндаг.

Уæртæ гæнах дæр, йæ бынтæ — иугуыр айнæджы фæтæн таг.

Минтæ — хъахъхъæнæг æфсæдтæ, цæй, лæджы фырт æм куыд уæнда!

 

Тæккæ бацæуæны дуарыл ис дæс мин æвзыгъд хæстоны.

Федтой домбæйттæ, — цырен мæй ахстæй йе ‘гъуыз цард кæм тоны.

Загътой: «Цæй, уæдæ, куыд кæнæм, дзурæд, чи, зæгъ, нæ цы зоны;

Миныл — тых сæдæ, куы дарой зæрдæ зондджындæр тæрхоныл».

НУРАДИН-ПРИДОНЫ УЫНАФФÆ

Нурадин зæгъы: «Уынут æй, у уæ зæрдæ мын æвдисæн, —

Зæгъгæ, атæппæт хæстонтæм мах фæлæбурдтам фæдисæй,

Уæд, цы раппæлон, — нæ тыхтæй, нæй, нæ фæкæндзысты уисæн;

Мин-мин азы дæр лæгдыхæй, — нæй нын ацы гæнах сисæн.

 

Сонтæй бæндæнтыл ызгъорын мæн фæцахуыр кодтой афтæ,

Уайын уæлдæфы сæ уæлæ, ома ризгæ-тæрсгæ, хъавгæ?! —

Нæ, сæрибарæй, уæндонæй, цыма тыгъд быдыры кафгæ.

Кодтой ме ‘мцахъхъæнтæ табу ме ‘нтыст, м’ арæхстæн, мæ равгæн.

 

Гъе, ‘мæ мæсыгæн йæ сæрмæ фехсæм даргъ бæндæн цæгбастæй,

Искуы иу сиукыл фæхæцыд, цæй, цы нæ хъæудзæн уæд ма стæй!

Цыма цъæх нæууыл ызгъорын, афтæ стæхин ыл ныфсхастæй

Æмæ байраид уæ зæрдæ а сарат фæринчы хъазтæй.

 

Фестин уартимæ йæ цъуппыл хурхор каджиты гæнахæн,

Уыцы иу гæппæн йæ хуылфы стæлфин уадтымыгъæй тагъддæр;

Се ‘фсад райгæ уæнт сæ гуырæй, — холы басгуыхдзысты цъахтæн,

Хъæр кæм сарæх уа, уæ ных-иу уырдæм саразут сымах дæр».

АВТАНДИЛЫ УЫНАФФÆ

Автандил ын уæд куы зæгъы: «Придон, тæппудтæй нæ зыныс,

Зонын, цонгмæцъис домбай дæ, знагæн тохы бон — фыдбылыз,

Хорз — дæ хъуыды дæр зын хæсты, диссаг — ахæм фæнд æрымыс,

Фæлæ хъахъхъæнджытæй дæлæ нал ис азмæлæн — нæ уыныс?

 

Тары де згъæрты зæллангмæ уайтагъд фестъæлфдзысты уыдон,

Бæндæн акъуырдзысты кардæй, — баци де ‘лгъитæг дывыдон!

Тар дын басгуыхдзæн, ингæнау, ацы каджиты дыдындон.

О, дæ уынаффæ ныфсхаст у, фæлæ нæу рæстмæ хъуыдыгонд.

 

Ам уæ, уый фæлтау, рæстæгмæ искуы бахъæудзæн æмбæхсын,

Адон арæныл бæлццоны никуы «чи дæ?»-йæ нæ фæрсынц:

Æз бæлццонарæзтæй исты, ома, базармæ фæхæссын,

Мемæ бахæсдзынæн залдзæг, танхъа, уарт, фæринк хæргæфсыл.

 

Иумæ не ‘ртæйæн тæссаг у, нæй нын бацæуæн æмбырдæй.

Æз, базаргæнæг бæлццонау, разæй бахъуыздзынæн уырдæм.

Уым мын кардимæ уыдзæнис, зонын, алцыдæр фæцырдæй;

Кæд Хуыцау зæгъид, — сæ тугæй къæйтыл рауадзин цыхцыртæ!

 

Фидар мидæгæй — мæ бæрны, уым мæ кард — фысым йæ гæстæн;

Рæвдз фæйнæрдыгæй ныццæвут, — цыма тохвæдис цæргæстæ.

Ме ‘вджид — гуыдыртæ ныссæттын, фидар саст уаид, бæргæ, стæй.

Цæй, хуыздæр фæнд ма кæмæ ис, хъусын уый зондджын ныхæстæм».

ТАРИЕЛЫ УЫНАФФÆ

Тариел сын загъта: «Хатын, уе ‘нгæс нæй зæххыл хъайтартæ.

А уæ уынаффæтау, фидар тохы ‘вдисдзыстут æхсар дæр.

Хæстмæ хъазынмæ нæ цæут, зонын — сарæхсдзыстут кардæй;

Хи нæ бахиздзыстут никуы карз хъазуат тохы цъæх артæй.

 

Хорз, хæцут, фæлæ зæгъут-ма, уæд мæныл та дзы цы хæс уа,

Уым мæ удлæууæн уæ тохмæ, хурау, мæсыгæй куы кæса?

Ау, куыд ысхæсдзæн йæ сæрмæ уе ‘рдхорд — фæскъæдзæх æмбæхса?

Æви багъгъæлдтат, тæппуд дæн, цауд, æнæнамыс, æнæхсар?

 

Нæ, фæлтау зæгъон мæ хъуыды, ис мæнмæ, цыма, хуыздæр фæнд:

«Цæй, фæйнæ сæдæ лæгимæ бæхтæ фесхойæм æхсæвæй;

Цъус нæ ‘гъгъæлдзысты фыдгултæ, мах фæлæбурæм хæлæфæй

Æмæ ‘ртæрдыгæй æмбойны гæнах батонæм æмдзæфæй.

 

Дыуар рахгæныны фадат хъуамæ ма раттæм фыдгултæн.

Зæгъгæ, баирвæзт нæ иу дæр, — туг сæ сыгъд гæнахы скултæ;

Ам нæ иннæты кæрддзæфтæй каджитæ кæндзысты суртæ.

Афтæ фидарæй фæстагмæ дурыл нал баззайдзæн дур дæр».

 

Тариелмæ дзуры Придон: «Ма кæ, ма мæ фæсай хинæй:

Фенис, чи бабырсид раздæр, — уаид ме ‘фсургъ ма мæхимæ!

Уый куы зыдтаин, — фидауин ам мæ базырджын бæхимæ,

Ды нæ федтаис мæ лæвар, — фау мæ бирæ дæр æлгъинæй».

 

Нурадины ныхас — хъазæн, маргъау, айтыгъта йæ базыр

Æмæ хъусæй-хъусмæ уайтагъд, цины уацхæссæгау, азылд.

Тагъд-тагъд рæвдз кæнынц сæ гæрзтæ æмæ худгæбылæй хъазынц

Æмæ сагсурты хæстон бал уæртæ згъæрвæлыстæй разынд.

 

Ноджы хиирхæфсæн, худæн, цины хъазæн ныхас сарæх.

«Тариелы фæндон раст у, — загътой, — бабырсæм æхсарæй».

Уайтагъд се ‘фсады фæкодтой уым æртæ хицæны барæй,

Ныр фæйнæ сæдæйæн — раздзог алчи уыцы ‘ртæ хъайтарæй.

 

Уыцы сагсуртæ цæхæркал хуртæ басгуыхтысты тары;

Арвыл Авдхойы — цырагъдар, зæххыл — сахъ æртæ хъайтары.

Тариел йæ сау æфсургъыл — рухс, æлвæст фæринк мæйдары.

Циндзаст, цардæгас — сæ бакаст тасы сау фыдгулы ‘ппары.

 

Æз мæ хъайтарты фынккалгæ хохаг къада доныл барын;

Мигътæ — знæт хъомпал, тыгъдызæй — хæхтыл ралæсæн и уарын,

Къада — сонт, йæхи, цæф сырдау, былæй сæрсæфæнмæ ‘ппары;

Фурды нал фæзыны, фурд ын йе знæт мурмæ дæр нæ дары.

 

Автандил æмæ Придоны нæй лæгдыхæй тохы ивæн,

Фæлæ диссагдæр — куыд дасы Тариелы фæринк — хивæнд!

Уа цыфæнды рухс ыстъалы, — нæй йын хуры цур æрттивæн.

Цæй, цы сыл дзурæм, — хъайтартæн хæсты бакæсæм сæхимæ.

 

Уым æртæ дуарæй, цæвиттон, равзæрстой фæйнæ фæндонæй

Æмæ тохвæдис ыскодтой сахъ фæйнæ сæдæ хæстонæй.

Тары ‘гас æхсæв цыдысты æмæ фидармæ ‘ввахс бонæй

Мæнæ ‘рцæттæ кодтой уæрттæ карз, хъазуат тохмæ уæндонæй.

 

Уыд, хуымæтæджы бæлццæттау, сагсуртæн сæ бакаст дардæй,

Мур дызæрдыг сыл нæ кодта ничи хъахъхъæнæг цагъартæй,

Тас сæ ницы уыдис, каст сæм алчи ‘нæмæтæй, уæнгмардæй.

Фæлæ фесхуыстой æмбойны размæ тохвæдис хъайтартæ.

 

Уæлдæф ехсы цъыккæй афаст, калынц цæфхæдтæ цæхæртæ,

Сахар сызмæлыд, сæ хъыррыст хъуысы ‘фсæн дуæртты дæгъæлтæн.

Тох æртæрдыгæй ысцырын æмæ бæстæ байдзаг хъæртæй,

Уадындз, сыкъатæ фæдисæй сидынц каджитæм фæйнæрдæм.

 

Раскъуыд каджитыл Хуыцауæн уæд йæ цæхæры тыгъдызæй,

Кронос, хурзæринау, нал каст худгæ стъалыты рæхысæй.

Хъардта гæнахæн йæ фыдæх арв æлхынцъæрфыг, хъуынтъызæй.

Быдыр мæрдты бынæй нал зынд, баззад тугхъулон мæрдгъуызæй.

 

Тариелы сидт, йæ хъæрæй кодтой каджитæ тæсмæрдтæ.

Залдзæг нал баззад, йæ цæфæй кодтой сау ызгъæлæн уæрттæ.

Тохы батыдтой лæгдыхæй хины ‘фсæн фидары дуæрттæ,

Рæвдз фæмидæг ысты, дасынц сурæй сагсуртæн сæ кæрдтæ.

 

Автандил æмæ Придоны карз тох иу хæцæнмæ ‘рхаста,

Хурхор каджиты ныссæрфтой, мæрдты туджы лæсæн ласта.

Уыд сæ зæрдæтæн сæ фембæлд тары хурзæрины скастау.

Иу сæ иннæйы фæдисæй: «Тариел цы фæци?» — фарста.

 

Никуы ничи йыл нæ фембæлд æмæ бахаудысты тасы;

«Фенæм æртыккаг дуар», — загътой, уым цы ныв сыстад сæ разы! —

Кæс, — куыдмидæмæ рæгъ-рæгъы цъæл, дæрæн кæрдты цæнд разынд,

Мард дæс мин каджийы уонггай къæйтыл туджы къада ласы.

 

Кодтой алы ран мæрдвынæй фидархъахъхъæнæг цагъартæ;

Чи — лыстæг къуыхтæ, кæмæн та — лыг йæ сæр, йæ цæнгтæ кардæй,

Саст, рæдывд дуæрттæ сæ уæлæ — уæрттæ къæсæргæрон калдæй.

«Тариелы ‘рмдзæф у», — загътой, фæд-фæд атындзыдтой дарддæр.

 

Рæвдз ысхызтысты уæлæмæ сагсур тохы арт хæлæрттæ,

Федтой: калмы дзыхæй рухс мæй хурмæ раирвæзтис уæртæ.

Тариел йæ танхъа систа, иумæ ‘ркъул ысты сæ сæртæ,

Риутæм балхъывтой кæрæдзи, баиу зæрдæимæ зæрдæ.

 

Пъатæ, цинтæ ‘мæ хъæбыстæ… рустыл цæссыггæ тылдысты.

Рухс Зуал цыма Муштарыл фембæлд, уый хуызæн зындысты,

Хур сыд уардимæ куы ‘ркæсы, — дидин худгæбылæй сысты.

Не ‘фхæрд уарзæттæм рæдауæй бахудт рухс амонд — сæрыстыр.

 

Цинæй уарзæттæ нылвасынц ног сæ кæрæдзи сæ хъуыртæм,

Ног кæрæдзийыл ныдзæвынц былтæ — уардийы къуыбыртæ.

Автандил æмæ Придон сæм райгæ бацыдысты уырдæм,

Хурæн акуывтой сæ сæрæй, тынгдæр рарттывтой æмбырдæй.

 

Хур сыл худгæбылæй сæмбæлд, хъæлдзæг, амондджынæй, хъалæй;

Хур йæ ирвæзынгæнджытæн атыхст се ‘фцджыты хæларæй.

Æмæ бузныгæй æппæлыд се ‘гъдау, се ‘гъуыстаг æхсарæй;

Хъуыста ‘хцон ныхæстæ чызг дæр уым дыууæ домбай хъайтарæй.

 

Арфæ се ‘рдхордæн дæр кодтой, зæгъгæ, ‘гайтма, нын, дзæбæх дæ!

Зæгъгæ, ‘гайтма, дам, ыскодтам удхор каджиты рæдзæгъдтæ! —

Бафтыд хорз гæрзтæ нæ къухы, науæд сын нæ уыд фæцæгъдæн.

Тохы басгуыхæг домбæйттæ скодтой се знæгтæй сæ сæгътæ.

 

Оххай, банцадысты хæсты се ‘фсад иу сæдæ æхсайыл!

Хъыг кæм нæ уыд уый Придонæн, фæлæ иннæмæй та — райы.

Чи ‘мбæхст се знæгтæй, — цæгъдынц сæ, ногæй туглæсæнтæ уайы.

Федтой, басгæрстой: лæджы цæст не ‘ххæст каджиты хæзнайыл.

 

Рæвдз æртæ мин уаргъы сбастой фæллой теуатыл, хæргæфстыл;

Лал, налхъуыт-налмас — зынаргъ дур уыйбæрц чи бары тæрæзтыл!

Ныр сыгъзæринæн, æвзистæн кад дæр нал уыди сæ цæсты.

Хур зæрин цатыры сбадтис, æмæ дард балцмæ цæттæ сты.

 

Фидар хъахъхъæнæг ныууагътой уым æхсай æвзыгъд цагъары.

Хуры рачындз кодтой, — бар æм ничи дунейыл нæ дары.

Номдзыд Денджызты бæстæмæ чырæ йе стыр фæндаг дары;

Ныр хæрзæгъдауæй сæ нысан у Фатманы зæрдæ ссарын.

ТАРИЕЛ БАЦЫД ДЕНДЖЫЗТЫ ПАДДЗАХМÆ

Гуланшаромæ ныххæццæ Тариелы ‘рвыст лæг разæй:

«Паддзах, кадæй дæм фæцæуын, ризынц ме знæгтæ мæ тасæй,

Байстон каджитæй мæ хуры, зæххыл се ‘наккаг туг азæй.

Ныр дæумæ, фыртау, фæцæуын, ракæс хорз фысымы ‘нгасæй.

 

Нал ис хицауад Каджеты, баци мæн сæ зæхх, сæ бæстæ.

Ацы рухс амонд уæ фæрцы федтон, хорз паддзах, мæ цæстæй;

Хур Фатманы ‘ххуысæй фервæзт, уый хæлар æмæ йæ рæстæй:

Афтæ барæвдыдта чызджы, — нæй йын радзурæн ныхæстæй.

 

Рацу, хорз паддзах, нæ размæ, мах цæуын хъæудзæни дарддæр.

Айс лæвар Каджет хæларæй, каджитæй ыскæн цагъартæ.

Бацахс фидæрттæ, сæ зæххыл дар æнусбонмæ дæ бартæ.

Рацу, бафтау нæ фæндагыл, баззай мах фæстæ хъæрмартæй.

 

Зæгъ Фатманы лæг Усенæн,-демæ рарвита йæ къайы,

Чызг йæ хæрзгæнæджы уарзтæй мæнæ, рухс цырагъау, тайы;

Ныр Фатман дæр æм бæлдзæнис, — хурау зæхх йæ уындæй райы;

Уæвгæ, хур цы у йæ цуры, — барын назы чъиу дзæнхъайыл!»

 

Тариелы чиныг ракаст æмæ бахауд паддзах дисы.

Загъта: «Стыр Хуыцауæн табу, — уаз, рæдау, æгъдау æвдисы,

Уый хæрзиуæджы хъуыддагыл къух æнус-æнус нæ исы!»

Уайтагъд абадтис йæ бæхыл, уайы раст, цыма, фæдисы,

 

Йемæ дунейы хæзнатæ хорз чындзæхсæвваг фæхæссы,

Алы рухс фæрдыг, — лæвайраг цины раттынæн цы бæззы.

Рæвдз фæцыдысты дæс боны, фæндаг сыл ныддаргъ, ивæзы;

Уайынц, — феной тагъд домбайы æмæ хурзæринæнгæсы.

 

Мæнæ ‘рбахæццæ сты ‘мбойны сахъ домбай æртæ хъайтары,

Бæхтæй рахызтысты, — цинтæ… — чи ма сын кæрон кæм ары?!

Тариелы стауынц, уый сын йе ‘гъдау — бузныг, зæгъгæ, — хъары.

Чызг — дзæнхъа фæрдыг, — цæвиттон, судзы рухс цырен ысгъалы.

 

Уый Фатман куы федта, — байрад æмæ ‘рцыд кæрон йæ рыстæн,

Къахæй-къухмæ йын фæкодта мадау пъатæ ‘мæ хъæбыстæ,

Дзуры: «Стыр Хуыцау, ысбон мыл мæнæ ‘мбисæхсæв, дæуыстæн;

Уый зæххыл хæлар ми сарæх, марг, хæрам дæ фæрцы сыстæм».

 

Чызг тыхсти Фатманыл ризгæ: «Табу не скæнæгæн, — дзуры, —

Уый мæ фæлмаст удæй талынг дардмæ йе ‘рдаг тынтæй суры.

Барухс ме ‘нкъард уд, Хуыцауæй æз хуыздæр амонд нæ курын:

Хъызты, тымыгъы сыд уарди, ногæй сæмбæлдтæн зынг хурыл.

 

Денджызты паддзах ыскодта уым нæртон чындзæхсæв кадыл.

Райы, Каджет ын кæй радтой, æмæ ‘нæхъæн къуыри бадынц.

Паддзах байуæрста зынаргъ дур, нал уыд бур зæрин нымады;

Адæм перпертыл лæгæрдынц, — æхца къæхты бын нæ хатынц.

 

Кæс, — атлас, зæлдаг, даритæ алыран — рæдзæгъдтæй иумæ.

Мæнæ номдзыд Тариелæн паддзах рахаста цытимæ:

Худ — фæрдыгæхгæд, æрттивгæ, диссаг, — исы цæст йæхимæ,

Сырх, нывæфтыд ын къæлæтджын радта ноджыдæр зæринæй.

 

Нестан-Дареджанæн дарæс фысым рахаста хæларæй,

Дарæс — сау диссаг, — æмæхгæд уыд налхъуыт-налмас, сырх лалæй.

Иумæ ‘рбадтысты, ивылы рухс цырен дæндæгты халæй;

Цæй, цæстæвæрæн куыннæ уой! — хуртæ разы сты сæ халæй.

 

Райстой дунейы лæвæрттæ Автандил, зынгзæрдæ Придон:

Хъал фæйнæ бæхы — хæрзмыггаг, тагъддзу, стæй — æд саргъ, æд идон.

Хорз фæйнæ къабайы; бакæс, — алчи лæппутæй хæрзифтонг,

Алчи паддзахæн фæзæгъы: «Бузныг, де ‘гъдау дын куыд фидон!»

 

Тариелы ныхас хъуысти, — исты н’ арæхсти зæгъынтæм:

«Бузныг, хорз паддзах, мæ зæрдæ барухс де ‘гъдауæй, дæ уындæй,

Дарыс не ‘ппæты дæр кадыл, райæм иннахæм дæ хуынтæй.

Хорз у, федтам дæ хæстæгмæ, нæй нын ныр цæуæн æрхуымтæй».

 

Паддзах лæппумæ: «Домбай гуырд, цæй, лæг дын æгъдау куыд ратга? —

Зæрдæ циндзаст у дæ цуры, де знаг царддæттæгмæ дард уа!

Уæд цæмæн зæгъыс? — цы ‘рхастон æз сымах аккаг лæвар та!

Дæу куы нал уынон, — уыдзынæн ам æнусы бонмæ мардау».

 

Тариел Фатманмæ дзуры: «Хатун, хойыл дæ нымайын;

Нæй дæ бирæ хæрзтæн фидæн, абон мах дæ фæрцы райæм;

Айс, цыдæриддæр Каджетæй немæ рахастам хæзнайæ, —

Айс сæ иууылдæр, хæларæй, фонт дын, мады ‘хсырау, тайæн».

 

Ус ныллæг йæ сæрæй кувы: «Бафтыд цинты цин мæ удыл;

Арвмæ сырæзтæн дæ фендæй, райгæ, сонт сабийау, худын.

Ныр куы нал дæ уынон, зонын, — ног мæ бахъæудзæни дудын.

Уазууаг — чи нал уа дæ цуры! Де ‘ххуырст чи уыдзæн — тæхуды!»

 

Худгæ уарди был фæзыхъхъыр, судзынц дæндæгтæ — дзæнхъатæ, —

Дзурынц уарзæттæ: «Нæхи уæм, паддзах, афтæ дзæбæх хатæм,

Никуы не схъыг уаид зæрдæ, зæгъгæ, ноджыдæр ма бадæм,

Фæлæ бафтау нæ фæндагыл, цæй, зæрдиагæй дæм хатæм.

 

Хорз нæ, хи фыдау, рæвдауыс, бузныг де ‘гъуыстаг æгъдауæй,

Фæлæ иу хæрзиуæг ноджы ракæн, — сифтонг нæ кæ науæй».

«Нау та циу, — зæгъы сын паддзах, — раттин уын мæ уд рæдауæй!

Иугæр тагъд кæнут, — фæндараст! Ут мын арфæгонд Хуыцауæй!»

 

Ацыд, денджызы былгæрон хорз нау сифтонг кодта фысым;

Тариел цæуы, йæ фæдыл ниуынц, судзгæ хæкъуырцц хъуысы;

Хойынц фысымтæ сæ сæртæ, цæссыг уадултыл нæ сысы, —

Кæс, Фатманы раз ысцад и, дардыл, денджызау, æнкъуысы.

 

Нау фæхæццæ ис кæронмæ, сур зæхх лæппутæм æрбазынд,

Ноджы с’ ардбахæрд ысфидар, се ‘хсæн хъæлдзæг ныхас цас уыд!

Гъе, куыд сыл фидыдта, диссаг, иумæ зарын æмæ хъазын. —

Тахт пæрпæргæнгæ сæ былтыл циндзаст мидбылхудт рæубазыр.

 

Разæй арвыстой Асматмæ, Мулгъазанзары уæздæттæм

Цины фидиуæг, цæмæй, дам, тагъддæр фехъусой æппæтдæр.

Зæгъгæ: «’Рттивгæ уæм фæцæуы рухс хур — дунейæн ныфсдæттæг.

Мæнæ стæфсын кодта мах дæр уый — хъызт зымæджы тыхсæттæг.

 

Хур йæ рухс цатыры сбадтис, дарддæр донбыл сурыл уайынц,

Маст сæ зæрдæйæ фæхаудта, хъæлдзæг, сонт сабитау, райынц.

Галуан разынди, фысымыл ныр йæхи Придон нымайы.

Дардæй цины зарæг хъуысы, зæрдæ йе ‘хцон зæлты тайы.

 

Адæм гуылф кæнынц сæ размæ, сахар сызмæлыд ызнæтæй.

Рæвдз ныттыхст Асмат Нестаныл, фервæзт, о Хуыцау, йæ мæтæй!

Чызджы хурзæринæй, марадз, ныр фæхицæн кæн фæрæтæй!

Цас Асмат фæрыстис, уыйхыгъд у ныр амондджын æппæтæй.

 

Нестан-Дареджан дæр чызгæн кодта пъатæ ‘мæ хъæбыстæ;

Дзуры: «Бастъæлон, мæн тыххæй масты бахаудтæ, фæрыстæ!

Ныр Хуыцауы фæрцы иумæ райгæ, раздæрау, цæрдзыстæм,

Фæлæ бафидын дæ лæггад нæу мæ бон, Асмат, зæххыстæн!»

 

Загъта цагъар чызг: «Æгайтма нæу мæ буц уарди къуыбырсыд,

Бантыст карз тохы хъайтартæн удхор каджиты ныббырсын;

Иугæр федтон дæ, — нæ кæсы ныр мæлæт дæр мæм ыстыр зын».

Хорз у, — хицау æмæ йе ‘ххуырст тынг кæрæдзийыл куы тыхсынц.

 

Кувынц уæздæттæ сæ сæрæй: «Ам уæ хъæлдзæгæй кæй уынæм,

Бузныг уый тыххæй Хуыцауæй — цин нæ зæрдæтимæ слымæн;

Иу Хуыцау йæхæдæг зоны хос, цы низ рауадзы, уымæн:

Ныр кæрон æрцыд йæ фæрцы дудгæ сагъæсæн, æрхуымæн.

 

Пъатæ сын кæнынц сæ къухтæн, Тариел фæзæгъы ‘нкъардæй:

«Оххай, уе ‘фсымæртæй бирæ ацух мах тыххæй йæ цардæй,

Дары Стыр Хуыцау сæ удтыл ныр дзæнæтбæсты йæ бартæ;

У сæдæ цардæй зынаргъдæр, — кад кæй ыссардтой сæ кардæй.

 

Риссы, риссы сыл мæ зæрдæ, рухсаг уæнт, сæ мæт мæ мары,

Фæлæ се стыр ном цæрдзæни, — ничи рох кæны хъайтары».

Æмæ сахъ домбай æркуыдта, — къæвда митæмхæццæ уары,

Мæнæ уардийыл ысхъызыд æмæ басыдис январы.

 

Уый кæугæ куы федтой адæм, — систой еу-додой йæ разы;

Мысынц, саргæнгæ нымайынц — бон сæ баталынг и цасыл.

Аскъуыд се ‘рдиаг фæстагмæ: «Хур дæ фæлгонцы куы хъазы,

Уæд дæумæ чи кæсы, ууыл, цæй, кæм æмбæлы дзыназын!

 

Чи у уый аккаг, — кæуай йыл?! Хиз дæхи нæ маст, нæ рынæй!

Тохы рамæлын дæу тыххæй у бæллиццагдæр цæрынæй».

Нурадин дæр æм ныххатыд: «Паддзах, мауал кæс æрхуымæй,

Байрай масты бæсты, мæнæ, цин — Хуыцау цы радта, уымæй!»

 

Автандил мæсæллæй загъта: йе ‘гъдау, йе сныхас — мæткайæн.

Райхъуыст фысымты уынаффæ: «Цæй, фыдох æгъгъæд у, райæм;

Иугæр хурзæрины ссарын бантыст тохвæдис домбайæн,

Уæд куыд уыдзæни, — нæхи ма судзгæ сау цæссыджы найæм?!»

 

Хъæлдзæг ралæууыд бæрæгбон райдзаст, рухс Мулгъазанзары:

Гуымсæг арв йæ сæрыл исы, уадындз, ризгæхъæлæс, зары;

Хъуысы ‘рвнæрд æви къæрццæмдзæгъд уым, — лæг æй тыхæй æвзары.

Базар раафтид, — тыхстысты адæм паддзахы хæдзарыл.

 

Уайынц, чи ма кæны базар, сæнкъуыст, сызмæлыди бæстæ.

Фæтк, æгъдауæвæрæг балтæ галуан хъахъхъæнынц æдгæрзтæ,

Фæлæ нал фæразыц ницы: адæм мин-минтæ — сæ фæстæ, —

Гъæтт, сæ быцъынæг ыскъуынынц — феной уазджыты сæ цæстæй.

 

Райгæ кад кæны рæдауæй галуан уазджытæн æгъдауыл;

Бирæ — цагъартæ, — бæгуы сыл бур зæрин рæттæ фидауы.

Уыдон къæхты бын фырбуцæн хорз, зынаргъ даритæ тауынц,

Калынц уазджытыл сыгъзæрин, — уымæй се ‘фсады рæвдауынц.

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ ПРИДОНЫ ГАЛУАНЫ

Урс ысфæлыстой сырх хъулон чызгæн, лæппуйæн сæ бадæн,

Бур, сырх фæрдгуытæ — йæ уæлæ буц, цытджын уазджыты кадæн.

Автандилы бандон бур-сау, нæу йæ нывæфтыд зынхатæн.

Худгæ ‘рбадтысты, сæ цæст сыл уым куы ‘рæвæриккой адæм.

 

Кадджын уазджыты ирхæфсынц номдзыд зарæджы дæснытæ.

Хорз ысцæттæ ис чындзæхсæв æмæ сарæх ысты хуынтæ;

Нурадин — рæдау, æвгъау æм ницы нал кæсы йæ бынтæй.

Чындзы мидбылфæхудт тагъд-тагъд, хурау, айтындзы йæ тынтæ.

 

Нурадин — фæрныг — æрхаста фынгмæ дунейы лæвæрттæ:

Хъазы айчы стæвдæн фараст рухс налхъуыт фæрдыджы уæртæ;

Иу та ‘ндæр фæрдыг, йæ мидæг, цыма, хур калы цæхæртæ.

Ис нывгæнæгæн йæ рухсмæ зæд ыснывгæнæн æхсæв дæр:

 

Чызгæн, лæппуйæн ма радта хорз фæйнæ фæрдгуыты халы;

Аив — фæрдгуытæ, дæсны конд, судзы рухс цырæгыæ лалы.

Рох кæм фæкодтаид фысым йе ‘ннæ тохвæдис хæлары:

Автандилмæ дæр рæдауæй Придон йедзаг тæбæгъ дары.

 

Тæбæгъ цъупп уыди налхъуытæй æмæ ставд, æрттивгæ лалæй,

Автандилы зæрдæ бабуц йе ‘рдхорд Придоны лæварæй.

Хорз дари тыхтæттæ ‘рхастой фынгмæ, равæрдтой сæ халæй.

Тариел рæдау фысымæн загъта стыр бузныг хæларæй.

 

Бадынц, чындзæхсæв ныддаргъ ис, бонтæй ацъыкк ластой аст та.

Нурадин-Придон йæ фынгтæм хуынтæ хуынты фæдыл хаста.

Чанги, чагъанаты ‘хцон цагъд зæрдæ ‘хсæвæй-бонæй баста.

Хур йæхи ‘нгæс хуры ссардта — раст фæрæты хъæдæй барстау.

 

Тариел Придонæн загъта уым йæ зæрдиаг ныхæстæ:

«Кад мын не скодтаид ахæм никуы ме ‘фсымæр, мæ хæстæг.

Автандил æмæ дæуæн мын нал ис бафидæн уæ хæстæн:

Æз мæлæтдзагæй уæ фæрцы ног мæ удхосыл фæхæст дæн.

 

Автандил йæхи мæ сæрыл хаста, зоныс æй, нывондæн.

Хорзы бацæуын ын исты бауид, чи зоны, мæ бон дæр.

Бацу, бафæрс æй, цы домы, уый мын радзурæд æргомдæр.

Фенон, базонон, — æххуыс ын æз йæ хъуыддаджы цы хъом дæн.

 

Маст, зæгъ, цас федтай мæн тыххæй, туг, зæгъ, цас ныккалдтай хæсты,

Уый, зæгъ, кæд Хуыцау дæ удæн цинæй бафидид мæ бæсты;

Фæлæ саурæсугъд, зæгъ, дардмæ уайа цалынмæ дæ цæстыл,

Иу, зæгъ, цалынмæ нæ бауат, — æз нæ бафтдзынæн мæ бæстыл.

 

Зæгъ — цы мæ бон дын у баххуыс ныр дæ хъуыддаджы пайдайæн.

Цом, Аравимæ, зæгъ, иумæ рæвдз нæ саулохтыл ныууайæм,

Кард кæм нæ кæрда, цыргъ æвзаг уым нæ хотыхыл нымайын.

Усджын цалынмæ нæ бауай, — мой нæ уыдзынæн мæ къайæн».

 

Тариелы номæй фарста Нурадин йæ хорз хæлары.

Автандил фæхудт йæ мидбыл, цæсгом рухс тæмæнтæ калы;

Дзуры: «’Ххуысæй та цы кæнын, мæн кæй дудгæ сагъæс мары,

Уый мын, искæй хурау, исты каджи уацары нæ дары!

 

Уый Хуыцауы фæндæй кадджын рухс паддзахбадæны бады,

Барджын, хъал æмæ сæрибар, чызг дзырддзæугæ у, нымады,

Хинтæй, каджиты кæлæнтæй уый хызт у ‘мæ сæ нæ хаты.

Цæй, цы ‘ххуыс кæнынмæ хъавы уæд мæ хæрзгæнæг бæгъатыр?

 

Ис æххуысгæнæг, — мæ хъуыддаг æз ныффæдзæхстон Хуыцауæн;

Уый куы бафæнда, — хъысмæт мæм мидбыл бахуддзæн рæдауæй,

Цин мæ зæрдæмæ ныххиздзæн, цæсгом барухс уыдзæн, науæд

Ницы рауайдзæн мæ митæй, лæг кæдæмфæнды фæхауæд.

 

Уæдæ кадджын Тариелæн зæгъ, дæ хорзæхæй, мæ дзырдтæ:

«Паддзах, уанцон нæу, — куыд уыдзæн, курай ды мæнæй хатыртæ!

Рагæй де ‘ххуырст дæн, дæ цагъар, — рагæй, гуырд дæр ма нæ уыдтæн,

Дæу куынæ фенон паддзахæй, — хин мæ баййафæд — цыфыддæр.

 

Ис мæ хуруарзоны фенын, паддзах, — загътой мын — дæ зæрды;

Уый — дæ уæзданæй: фæлгæсыс дард зæрдæдзæстæй, бæрзæндты.

Ма кæн уарзты кой: мæнæн уым ме ‘взаг — уад, мæ кард нæ кæрды.

У Хуыцауы ‘вджид мæ хъуыддаг, нæу мæ бон тыхæй лæгæрдын.

 

Иу фæнд, иу бæллиц мæ зæрды ис нырма, мæ хур, æрмæстдæр:

Дæу паддзахбадæны бадгæ фенон Индийы мæ цæстæй;

Бада де стъалы дæ фарсмæ, дардыл барухс кæнат бæстæ

Æмæ уе знæгтæ дзыназой уым уæ къæхты бын ыссæстæй.

 

Зæгъгæ, сæххæст и мæ бæллиц, уый — мæ зæрдæйы уæццæ фæнд,

Уæд Аравимæ — мæ хурмæ мæн мæ саулохаг ыскъæфæд.

Кæд мæ уарзон мæм фæхуда, — нæй мын аныгуылæн, сæфæн,

Науæд йе ‘нхъæлцау быхсдзынæн карз фыдхъысмæты фыддзæфæн».

 

Автандилы дзуапп, йæ фæндон уайтагъд сæмбæлд амирбарыл;

Загъта: «Нал ын ис ныууадзæн ныр йæхи фæндыл, йæ барыл;

Мæн куыд бафтыдта йæхæдæг уый мæ рухс амонд, мæ халыл,

Афтæ спаспет дæр йæ зæрдæ дарæд йе ‘нувыд хæларыл.

 

Придон, иу хатт ма йæм ноджы бацу, радзур ын мæ бæсты:

«Ростеваны, зæгъ, нæ федтон, — нæй мын бафтæн уæд мæ бæстыл:

Зоныс, паддзахы цагъартæй цъус нæ ныццагътон æрмхæсты, —

Хатыр ракурон, йæ разы дæн уæдæй нырмæ къæмдзæстыг.

 

Ивгæ нæу мæ фæнд, мæ ныхас, — уæгъды ма схæцæд быцæуыл;

Райсом раджы-ма фæкæсæд! — рæвдз Аравимæ фæцæуын!

Ростеван-паддзахæн бирæ мæн лæгъстæ кæнын нæ хъæуы,

Хъусдзæн разыйæ, куы дзурон: «Тинатины дын куырдæуы».

 

Загъта Придон Автандилæн: «Не ‘рдхорд исы къух мæ цæлыл;

Ма кæ, мауал æм хат уæгъды, уый уæддæр йæ фæнд ыскъæры».

Лæппу сдыгъуырццæг, ыстыхсти, зæрдæ фырæфсæрмæй хæлы;

Афтæ хицауы раз аргъуц хорз хъазайрагыл æмбæлы.

 

Бацыд, зонгуытыл æрхауди, уæрджытæн ысхæцыд пъатыл,

Æмæ хъуырыцъар ивазгæ ног йæ хæлармæ ныххатыд:

«Ростеваны раз мæ рæдыд нæу мæнæн нырма дæр хатыр,

Ног фыдракæндыл мæ ма ‘фтау, ма, мæ хæрзгæнæг бæгъатыр.

 

Раст нæ фæкæсдзæн Хуыцаумæ, байсон паддзахæн йæ бартæй.

Нæ, нæ рацæудзынæн никуы æз мæ хицауыл мæнгардæй.

Уый куыд уыдзæни, — мæ уындмæ тайгæ чи дзыназы дардæй,

Уыцы уарзæгой паддзахмæ сыстон, балæбурон кардæй!

 

Уæд мæ рухс хуримæ знæгтæ мах кæрæдзийæн уыдзыстæм:

Маст æй бадомдзæн, мæ ном ын, уæууа, баззайдзæн æлгъыстæн!

Нал мæм ракæсдзæн йæ цæстæй, дардмæ лидздзæни сæрхызтæй,

Никуы, никуы мæм йæ зæрдæ нал æрыздæхдзæн, зæххыстæн!»

 

Тариел фæхудт йæ мидбыл, хурау барухс кодта бæстæг

«Сыст-ма, — спаспетыл ысхæцыд, — нæй, нæ мæм хъары дæ лæгъстæ;

Цин цы баййæфтон — дæ фæрцы; мин — дæ лæггæдтæ, дæ хæрзтæ.

Ныр зын утæхсæн куы кæнай, — мæн цæмæн хъæуынц мæ гæрзтæ?!

 

Æз сæрхызт хæлар нæ уарзын, нæй æмгар, æрдхордæй лидзæн.

Кад лымæнты ‘хсæн нæ кæнын никуы хицæнонмæ ‘мхицæн,

Лæг мæнæй йæ маст куы ‘мбæхса, гъе куы уой йæ фæндтæ хицæн, —

Ме ‘муд никæдбон нæ уыдзæн, уый — йæхицæн, æз — мæхицæн.

 

Зонын — чызг дæ уарзтæй тайы, уæдæ бирæ йыл цы дзурæм, —

Де ‘рдхорд дардбæстаджы фенын хъыг нæ уыдзæни дæ хурæн.

Намæ чи дын зæгъы махæй: «Ростеванмæ, цом, лæбурæм?!»

Мах нæ бæллицты Хуыцауæй — уый нын фенын кæ — куы курæм!

 

Лæгмæ бахатдзынæн, уым мæ кæд лæгъстæ нæ хъæуид бирæ,

Паддзах, ратт, зæгъын, дæ чызджы мæнæ ме ‘рдхорд Автандилæн.

Райгæ баиу уат æнусмæ, маст уын ма кæна сæрзилæн,

Тайгæ ма кæнат, йæ тæмæн фенат цардамонды цинæн.

 

Тариел цæхгæр йæ фæндон иугæр ачъепп ласта кардæй, —

Уæгъды дзурыны сæр нал хъуыд: Автандил ысразы ‘нкъардæй.

Йемæ ракодта хæстон бал Придон йе ‘взаргæ цагъартæй,

Æмæ рараст ысты мæнæ иумæ хурæнгæс хъайтартæ.

ÆРТÆ ХЪАЙТАРЫ БАЛЦ ЛÆГÆТМÆ ÆМÆ УЫРДЫГÆЙ АРАВИМÆ

Царды сусæг фæтк пахуымпар Дивнос раргом кодта раджы:

Нæу æмхиц Хуыцау фыдмимæ, — тауы хорз æгъдау сæйраджы;

Хорз æнус цæры, фыдми та — уысм Ыстыр Хуыцауы ‘руаджы;

Хорз хуыздæрмæ ивгæ рæзын ис нæ дунейæн йæ уаджы.

 

Мулгъазанзарæй гæрзифтонг уайы ‘ртæ сагсур домбайы,

Семæ — хурдзæсгом чызг, фен æй, уæд дæ уд йæ мидæг зайы,

Сау сынты базыр æрфгуытæй зæрдæ рухс дзæнæтмæ сайы,

Лал цырен фæрдыг æрттивы, цæст йæ фидыц уындæй райы.

 

Рухс, тæмæнкалгæ цырагъау, чызджы уатцатыры ластой.

Кодтой цуан æмæ сырдвыдæй се стонг дард фæндагыл састой.

Алкæй алы ран сæхимæ хин, кæлæн фидыцæй бастой;

Адæм цингæнгæ сæ размæ хорз, зынаргъ лæвæрттæ хастой.

 

Бакæс уыдонмæ, — цæвиттон, арвыл хур ыстылд зынгбазыр, —

Талынг дун-дунейы тарфы худгæ рухс мæйты ‘хсæн хъазы.

Бирæ, дард цæуын сæ бахъуыд, айтыгъд уалынмæ сæ разы

Хус, æдзæрæг быдыр, фалдæр — тар къæдзæхлæгæт æрбазынд.

 

Тариел зæгъы: «Мæ хæдзар ам ис ныр æмæ фысым дæн,

Уарзтæй сонтуæвгæ æвзæрстон ам фыдтухитæ, фыд-зынтæ.

Хус сырдвыдæй уæ кæд сисид ахсæв ам Асмат хынцынтæ,

Гъестæй иннахæм хæларæй айсут фысымæн йæ хуынтæ».

 

Се ‘хсæв тар лæгæтмæ ‘рхастой, уым æрхызтысты сæ бæхтæй:

Адджын саджы фыд — æхсæвæр, лæг цы бахæрдзæн дзæбæхдæр!

Кодтой хъæлдзæг ныхас, цинæй сыгъд сæ цæстыты цырæгътæ.

«Табу, не сфæддисæг! — дзурынц, — махмæ, чи зæгъдзæн, фыдæх дæ!»

 

Тариелы ‘фснайд хæзнатыл зилынц лæгæты къуыми-къуым;

Уыйбæрц фидыцы зынаргъ дур иумæ ничи федта никуы;

Лæгæт, бакæс æм, уæд, диссаг: уыд æвзаргæ хæзна иугуыр.

«Нæй нын», — ничи сæ нæ зæгъдзæн, — федтой атæппæт мулк иугæр.

 

Тариел йæ бæр хæзнатæй исы, парахатæй уары,

Уары, никæйуал æвзары уый: цагъары, спасалары.

Байдзаг Придоны ‘фсад, — иу сæ цух зынаргъ фæллæйттæй нал уыд.

Хæзна, раздæрау, — кæритæ, цыма, ничи сæм æвналы.

 

Загъта Придонæн: «Дæ хæс мын у зын бафидæн, — æмбарын,

Фæлæ а царды хæрзгæнæг хорз кæддæриддæр ыссары.

Ам цы хæзна баззад абон, мæнæ уæйгуыты хæдзары,

Ахæсс, бахынц сæ дæхицæн ды дæ хæлары лæварыл».

 

Нурадин ын бузныг загъта: «Паддзах, ма мæ хынц æррайыл:

Зонын — цонгмæцъис фыдгулты ды хъæмпы халыл нымайыс.

Дæу цæй ме ‘ххуыс хъуыд, цы дзурыс, — тых цы знаг кæны домбайыл!

Мæнæ цалынмæ дæу уынын, — зæрдæ ‘хсызгон цинæй райы!»

 

Уайтагъд теуатæм йæ лæгты Придон арвыста фæстæмæ, —

Атæппæт хæзна ныххæссой Мулгъазанзары бæстæмæ.

Дарддæр та цæуынц, æххæссы ныр Аравимæ цæст æмæ

Автандил ныффæлурс, мæйау, — хуры тагъд уындзæн хæстæгмæ.

 

Бирæ бонты фæстæ мæнæ уайынц арæныл сæ бæхтæ;

Цадæг сарæх ысты хъæутæ, фидæрттæ, хæстон гæнæхтæ.

Тар æрвгъуыз, кæрдæггъуыз дарынц адæм, — нал исынц сæ цъæхтæ, —

Автандилы мæтæй калынц судзгæ сау цæссыджы ‘ртæхтæ.

 

Тариел Ростан-паддзахмæ тагъд йæ уацхæссæг æрвиты:

«Ратт, ыстыр паддзах, дæ хорзæх, цин, æхсызгон цин дæм сиды;

Æз дæн индиаг, мæ уæнгты уаз паддзахы туг æхсиды,

Мемæ ‘рыздæхти уæ уарди, диссаг, — раздæрау, йæ фидыц.

 

Иухатт ды мæнмæ фæхъыг дæ, ам куы федтай мæ дæ зæххыл;

Мæн æрцахсынвæнд ыскодтай, тахтæ фæдисы дæ бæхыл.

Æз дæ цагъартæм фæзылдтæн, бацыдтæн дæ карз фыдæхы, —

Ехсæй бирæ ‘фсад ныццагътон уæд, мæхæдæг æй куы зæгъын.

 

Ныр хатыркурæг раздæхтæн æз мæ фæндæгтæн се ‘мбисæй;

Ацу, уазæгæн ма ныббар, — азым ахæм кæм фенди, цæй!

Хуын, зынаргъ хуын дæм не ‘рхастон, Првдон, йе ‘фсæдтæ — ме ‘вдисæн,

Мæнæ ‘рмæст, паддзах, — де спаспет, — ис мын ахæм хуын равдисæн».

 

Ростеван-паддзахмæ тагъддзу уацхæссæг цы бон ныххæццæ,

Цинæй уыцы бон цы федта, уый цы зонд, цы ‘взаг ыскæрддзæн!

Тинатины рустыл хъазыд рухс тын арвæрттывдæмхæццæ, —

Цæсты сау хауты дæлаууон лал куыд уаз уыди, куыд уæццæ!

 

Гуымсæгтæ нæрынц, йæ сæрыл исы цины уынæр бæстæ.

Æфсад сызмæлыд, æртардтой бæхты сæрвæттæй сæ гæстæ.

Рæвдз сыл авæрынц сæ сæргътæ, сагсур, цонгмæцъис цæргæстæ

Æмæ фæзуаты рæгъ-рæгъы уайтагъд алæууынц æд гæрзтæ.

 

Бабадт паддзах дæр йæ бæхыл, фенкъуыст барджыты зæй, мардзæ!

Æмæ сагсуртæн сæ размæ мæнæ рацыдысты бардзæй.

Дзурынц: «Уæ, Хуыцау, мыггагмæ дуне де ‘гъдауæй фидаудзæн;

Фыд, хæрам — цыбыр, æнусон — цин, хæрзæбон æмæ уалдзæг!»

 

Цæст кæйонг æвзары, уыйонг Ростеван æд бал куы ‘рбахызт, —

Автандил нынкъард, нырхæндæг, цин йæ зæрдæйы фæкъахыр,

Дзуры йе ‘рдхорд Тариелмæ: «Акса, уæлдæф у рыгахуйрст,

Уыцы барджытæн сæ фендæй риуы арт ыссыгъд æнахуыр.

 

Уый мæ хицау у, дæ размæ рацыд йе ‘фсадимæ, дæлæ,

Æз къæмдзæстыг дæн, ныхкъуырд дæн, нæй мын паддзахыл æмбæлæн.

Уастæн, сар фæуон, куы сбадтис уый мæнгарды ном мæ уæлæ,

Фæлæ равдисут уæ цыргъ зонд æмæ уе ‘взагæн йæ кæлæн.

 

Тариел зæгъы: «Куы кæнай аргъуц хицауæй, — æмбулыс.

Ам фæлæуу, ме ‘рдхорд, мæ бæрны бакæн паддзахимæ дзурын: —

Хи дæм равдисын нæ уæнды, стыр хатыр дæ, зæгъын, куры.

Кæд Хуыцау зæгъа, — рæхджы мын райгæ сæмбæлдзынæ хурыл».

 

Автандил — домбай — йæхицæн айтыгъта къаннæг уым цатыр.

Судзы зæрдæтæ йæ уындæй Нестан-Дареджан — æгъатыр.

Уддзæф ахъазы, рæубазыр, чызджы сау цæстытыхаутыл,

Размæ фесхуыстой сæ бæхтæ Тариел, Придон бæгъатыр.

 

Уайынц быдыры, Ростан сæ ныр бæрæг-бæлвырд æвзары.

Паддзах базыдта гуырвидыц, сагсур, номдзыд амирбары,

Бæхæй рахызтис, æрфистæг, — кадыл сахъ домбайы дары,

Сæмбæлд уый дæр ыл хæларæй, уарзон хи фыдыл æй бары.

 

Бæхæй рахызти, сæркъулæй лæгæн пъа кæнынмæ бацыд:

Ростеван-паддзах ыл атыхст, былтыл был, цыма, мыд тадзы.

Дзуры саггуырдæн: «Дæ уынд, мыл, маргъау, рог базыртæ садзы,

Хур, ды кæм не ‘рттивай, æхсæв уым йæ сау базыр æруадзы».

 

Тариелы уынд æппары Ростеван-паддзахы дисы:

Уæнгтæ — саджы синтыл амад, цæст сæ фидыцæй нæ исы.

Арфæ ракодта Придон дæр, йе ‘гъдау хицауæн æвдисы.

Бандзыг, йе спаспеты размæ паддзах нал уайы фæдисы.

 

Тариелы фендæй буц уыд, фæлæ каст æнкъардæнгасæй.

Уазæг — фысымæн: «Мæ зæрдæ ныр дæ дæлбар ис æгасæй,

Фæлæ сау диссаг у, — стауыс мæн дæ зæрдæбын ныхасæй!

Ма кæ, ма раппæл æндæрæй макуы де спаспеты разæй.

 

Дис дæм ма фæкæсæд, немæ спаспет ам кæй нæй нырма дæр.

Паддзах, кæд аипп нæ уыдзæн, — мæнæ цъæх нæууыл æрбадæм,

Æмæ базонай лæмбынæг, — уый цæуылнæ фæзынд ардæм,

Æмæ, чи зоны, дæхимæ раттай бахатыны бар дæр».

 

Бадынц æфсады ‘хсæн нæууыл иумæ паддзæхтæ æдæрсгæ,

Тариел — цырагъдзæст, хъæлдзæг, былтыл мидбылхудт лæдæрсгæ,

Адæм радысты, нæ федтой йе ‘нгас никуыма сæ цæстæй.

Лæппу райдыдта, — йæ ныхас цыргъ, куырыхон уыд, зæрдæскъæф:

 

«Паддзах, ратт уæдæ дæ хорзæх, æмæ ма феххæл, дæуыстæн, —

Нæй æндæр амал, дæ размæ æз лæгъстæгæнæг æрвыст дæн.

Уый дæм зоныгуылæй хаты — худгæ стъалытæн сæ хуыздæр, —

Æз кæй фæрцы дæн сæрибар масты, талынджы рæхыстæй.

 

Паддзах, уый дын у мæ лæгъстæ, — циу æндæр уæдæ нæ бон дæр, —

Автандил йæ сæр мæ сæрыл хаста карз тохты нывондæн.

Тыхст, мæнау, фæлæ фæрæзта дард ран йе стыр зын, йæ сонтæн.

Цæй, цы йæ ‘ууилын, — дзæгъæддзырд дардыл — ницы ‘ххуыс у зондæн.

 

Автандил дæ чызджы уарзы, чызг дæр йе ‘нæбары тайы.

Арæх лæппуйæн йæ цæссыг рустыл сусæг-æргом уайы:

Паддзах, зоныгуылæй курын, — маст дæ кæстæрты цин кайы,

Ратт мын ме ‘рдхордæн дæ чызджы, — бафтау амондыл домбайы.

 

Уый дын, гъе, фысым, мæ лæгъстæ, даргъ цы пайда сты ныхæстæ!»

Сыстад, къухмæрзæн йæ дзыппæй систа, хъуырыл æй æрбаста

Æмæ, зонгуытыл æрхаугæ, ахæм карз лæгъстæ нылласта,

Уымæ чи хъуыста ‘мæ чи каст, уый йæ сау диссагæн хаста.

 

Паддзах сæргъуыйау, фæстæмæ дæрддзæф алæууыд, йæ разы

Сæрæй акувгæ фæстæдæр ризгæ зæххы онг æртасыд,

Дзуры: «’Рдæбон дæ куы федтон, уæд мæ зæрдæйы цин цас уыд! —

Ныр дæ зонгуытыл куы ‘рхаудтæ, уæд бынтон кадавар разынд.

 

Дæу цы бафæнда, цы ‘рдомай æмæ чи ‘рлæудзæн дæ разы!

Фод дæ бæрны чызг, фæнды йæ акæн маргæ дæр, — нæ хъазын. —

Бардзырд раттаис, уæддæр мæ ничи загътаид, — дзыназы.

Автандилæй ма хуыздæр та арвыл хур кæд уа — зынгбазыр?!

 

Мæн хуыздæр сиахс нæ хъæуы, уæвгæ, никуы дæр ыссарин.

А мæ чызгæн дæр йæ бадæн у зæрин æмæ сырх дари:

Чызджы спаддзах кодтон, — уарди райхæлд, бон мæныл ныттар и,

Ныр æгайтма мын йæ фарсмæ ахæм уарзтыл хæст æмбал и!

 

Зæгъгæ, ме сиахс дæ фæндæй баци цагъартæн сæ цауддæр,

Нæй, нæ загыаин мæ чызгæн: «Ма кæн, ма йæм ацу — ‘вгъау дæ!»

Автандилы та куы уарзын, уæд куыд ыл æвæрон фаутæ?

Уазæг, разы дæн дæ фæндыл, уæлæ ме ‘вдисæн Хуыцау дæр.

 

Фысым-паддзахы ныхæстæм лæппу, цинæй тайгæ, хъуыста;

Ног та зоныгуылæй табу загъта лæгæн æмæ сыстад.

Сæрæй акуывта Ростан дæр, йе ‘нгас хъæлдзæг цин æвдыста,

Иу сæ иннæйы рæвдыдта, се ‘гъдау, се сныхас — æгъуыстаг.

 

Придон абадтис йæ бæхыл, цины уацхæссæг фæуайы;

Хабар фехъуыста, — мæнæй-ма, Автандилы зæрдæ райы!

Мæнæ ‘рбахæццæ сты иумæ, лæппу сусæг цинæй тайы,

Фæлæ паддзахы раз баргъæвст, бафтыди æндзыг домбайыл.

 

Бацыд къулсæрæй йæ размæ, хи, уæнгтæбастау, æнкъардта,

Цæсгом къухмæрзæны ‘мбæхста æмæ сау цæстытæ схъаудта;

Фæсмигъ бацыди зæрин хур, аууон уардийыл æрхаудта,

Фæлæ, раздæрау, фидыдта æмæ ничи йæ нæ фаудта.

 

Хицау пъа кæнынмæ хъавыд, нал цыд кæуындзæг йæ хъуыры.

Лæппу паддзахы уæрджытыл атыхст, зæххыл рухс ивылы.

Ростеван æм дзуры: «Сыст-ма, маст дæм дзæгъæлы ныхилы,

Ахæм равдыстай лæгдзинад, — ам дæ нал хъæуы ныгъуылын!»

 

Сыстад йе спаспет, ныттыхст ыл æмæ пъатæй йæ фæхæры:

«Лæппу, бахаудтæн дæ цинæй арты судзæггаг цæхæры.

Ма ‘руадз сау цæсты хау зæхмæ, сусæг сагъæс дæ цы ‘фхæры?

Тагъд дæ батавдзæн йæ хъармæй хур хæрзамонды къæсæрыл».

 

Ростеван тыхсы домбайыл, цинæй йе ‘фхæрд зæрдæ тоны,

Зилынц паддзахы цæстытæ сахъ хъайтары уындæй доны.

Нæу йæ кæстæрыл йæ узæлд уарзон хицауæн æфсоны:

Фæсхъыг, хурбонау фæскъæвда, цинæй лæг æфсис нæ зоны.

 

Автандил Ростанмæ дзуры: «Хицау, бакæн, дам, мын хатыр,

Фæлæ фенын хъæуы тагъддæр, — рухс цы хурæй у мæ цатыр.

Цомут, бацæуæм æм райгæ, тагъддæр, ракæнæм æй кадыл, —

Де стыр галуаны рæдауæй тауа ‘рттивгæ тынтæ дардыл».

 

Бæхтыл абадтысты уайтагъд, чызгæн диссаджы ‘гъдау радтой,

Чызджы рухс тынтæй сæ рустæ, хурау, ирд тæмæнтæ калдтой;

Сæххæст сагсуртæн сæ бæллиц, амонд агуырдтой, — ыссардтой;

Нæ, сæ фæринктæ сæ фæрстыл уыдон дзæгъæлы нæ дардтой.

 

Паддзах рахызтис йæ бæхæй, чызгæн ракæнон, дам, арфæ;

Рустæ цæсты тигътæ исынц, — цыма хур æрттивы арвæй,

Чызг тæмæнтæкалгæ рацыд размæ рухс цатыры арфæй.

Паддзах, зæдуынæгау, бандзыг, раст фынæй, цыма, уыд тарфæй.

 

Нестан-Дареджанмæ дзуры: «Хур, кæй бон дæ бауа стауын,

Кæд дæу фенгæйæ дæ цинæй мæнæ фыдбылызы хауын:

Арвы ‘рттивджытæ — цыренцалх де ‘нгæс рухс тынтæ нæ тауынц.

Уый куыд фидауыс! Дæ цуры уарди, малусæджы фауын».

 

Чызджы уадултыл æрвæрттывд калдта уаз тæмæн æвзистау;

Адæм фесты йæм кæсынтыл, — хурыл чи нæ кæны дис та!

Сирвæзт зæрдæйыл æхцон арт æмæ чи ма хатыд рис та!

Æфсад кодтой куырм йæ рухсæй, афтæ цæсты тигътæ иста.

 

Бæхтыл абадтысты паддзах æмæ ‘ртæ домбай хъайтары, —

Арвæй Авдхойæ тæмæнкал худгæ рахæссынц ыстъалы.

Уæвгæ, стъалыты цы зондæй хурты хурзæриныл барын!

Уайтагъд уазджытимæ иумæ паддзах сæмбæлди хæдзарыл.

 

Тинатин йæ рухсæй мæнæ судзы зæрдæтæ, уырауы;

Чызгыл — кады худ сыгъзæрин æмæ, ‘рвон зæдау, фидауы.

Хур йæ уазджытæм фæхудти, уаз алдзæн тынтæ сыл тауы. —

Тариел йæ размæ бацыд, — арфæ ракæны æгъдауыл.

 

Чызгæн Нестанимæ иумæ акуывтой ныллæг сæ сæрæй;

Чызгæн апъа кодтой, хъуысы ныхас — адджындæр сæкæрæй.

Галуан рухс тæмæнтæ калдта худгæ стъалыты цæхæрæй,

Байдзаг лал уадулты рухсæй, цæсты сау хауты пæр-пæрæй.

 

«Мæнæ къæлæтджыны сбадут», — Тинатин хæларæй хаты.

«Нæ, дæ хорзæхæй, — дæхæдæг», — дзуры индиаг бæгъатыр, —

Уым дæуæн бадын æмбæлы тынгдæр абоны бон — хатын:

Хурты хуры цур дзы сбадæд Автандил — домбай, хъæбатыр».

 

Чызджы сбадын кодтой, хурау, калдта рухс, — Хуыцау æвдисæн.

Автандил æрбадт йæ цуры, ныр кæрон æрцыд йæ рисæн.

Иумæ афтæ ‘рттывтой, афтæ, — уыд сæ уынд хæссинаг дисæн;

А рæсугъд къайыл ысбарæн нæй Раминæн æмæ Висæн.

 

Автандил куы ‘рбадт йæ цуры, — чызг ыстыхст, йæхи фæмары,

Цæсгом афæлурс и, зæрдæ бахауд дудгæ мæты, сары.

Фыд ын: «Ма ‘фсæрмы кæ, — загъта, — алы зондджын лæг æмбары:

Уарзтæн сæфæн нæй, фæстагмæ уарзæг уарзон уды ссары.

 

Цæй, цæрут, мæ чызг, уæ уарзтæн ныр æнус ныххуыссæн ма уæд,

Маст мын мауал фенут макуы, райдзаст амонд уæ рæвдауæд;

Уарзты ‘рвон тых уæ цы тава, уый фæндон фæуæд Хуыцауæн,

Дард зæры боны уæ разæй Ростеваны уд ысхауæд».

 

Загъта хицау æмæ уайтагъд радта паддзахады бардзырд:

«Автандил — паддзах, цæудзæн ныр уый бар ме ‘фсæддонты бардзыл.

Йе ‘вджид — хицауы къæлæтджын, æз фæзæронд дæн, фæкардзыд.

Ут йæ коммæгæс, йæ бæрны ис æппæт — цæуыл мæ бар цыд».

 

Æфсад, уæздæттæ сын кувынц: «У нæ хъысмæт баст сымахыл:

Мах — уæ къæхты рыг, — уæ фæрцы райгæ слæууыдыстæм къахыл;

Радтат коммæгæстæн амонд, кодтат хивæндты æрмахуыр.

Мах — зæрдæхъæлдзæг уæ къухы, у фыдгулты цин та къахыр».

 

Тариел дæр сын йæ рады радта фидары ныфсытæ,

Тинатинæн загъта: «Фесты ныр уæ тухитæ, уæ зынтæ.

Де ‘мкъай ме ‘фсымæр у, ме ‘рдхорд, уæд ды та мæ хо, мæ чындз дæ,

Никуы н’ атæхын кæндзæн уын уе знаг мах тасæй уæ бындз дæр».

АВТАНДИЛ ÆМÆ ТИНАТИНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ

Автандил ысхицау, галуан ног паддзахы цинæй — расыг,

Тариел йæ фарсмæ бадтис, уый куыд уæздан уыд, куыд уаз уыд.

Иумæ — чызджытæ дæр: зæхмæ, цыма, арвы цъæх æртасыд

Æмæ йе ‘рфæны цæхæркал рухс цыппар зынг хуры хъазыд.

 

Сытынг цæл: хæрд, нозт æрхастой фынгтæм утæппæт æфсадæн,

Цагътой фос, фыстæ, цæвиттон, нал уыд адæмæн æфсадæн.

Фынгтæм рахаста йæ хуынтæ фысым буц уазджыты кадæн.

Хуры рухс тынтæй æрттывта Ростеван-паддзахы бадæн.

 

Фынпыл нуазæнгæрзтæ — рухс лал, фынгтыл — ирд дзæнхъавг тæбæгътæ.

Бакæс — фидыцы фынггæрзтæ, иу сæ иннæмæй дзæбæхдæр.

Ахæм никуы фенд чындзæхсæв: хæлц — æвидигæ, рæдзæгъдтæ.

Бадтæ уым, зæгъгæ, — сыгъдаид уæд дæ зæрдæйы цырæгътæ.

 

Хъуыст къæрццæмдзæгъды хъæр арвмæ, зарæг араугæ нæрыди.

Дзиндз, налхъуыт-налмас, зæринæн уым нымайæн дæр нæ уыди.

Сæн сæдæ суадонæй фегуырд, фынгтыл абузгæ ивылди.

Минас адаргъ, æмæ хæхтыл хур, зæлдаг тын уафгæ, стылди.

 

Цауд, къуылых лæг дæр нæ баззад цух рæвдыд æмæ лæварæй;

Лал, налхъуыт-налмас æнæвгъау уæрста стыр паддзах хæларæй.

Сæгад бур зæрин, сырх атлас саслам, — чи сæ хаста барæй!

Бады фынгыл, цыма Инди ферох сагсур амирбарæй.

 

Тариелмæ дзуры паддзах: «Ахæм никуы уыд æнусты:

Хъазы Нестанæн сæуæхсид ирд тæмæнкалгæ йæ русты;

Ды — паддзæхты паддзах, уый та хурты хурзæрин у, рухстын.

Хъуамæ, хъусцæджытау, дарин æз уæ къахвæдтæ мæ хъустыл.

 

Уе ‘мсæр не стæм, махæн бадын уемæ не ‘мбæлы, нæ фæччы». —

Тариел æмæ Нестанæн хицæн рахаста къæлæтджын, —

Иумæ сбадын кодта, стæй та Тинатин æмæ йæ лæджы.

Æмæ сбуц кодта лæвæрттæй раздæр Индийы фæтæджы.

 

Фынгтæ ‘ртасыдысты, паддзах уазджыты хынцы рæдауæй,

Радгай сыл зылдис, æфтыдта дис лæгыл йæ хорз æгъдауæй.

Алчи байрадис, нæ уыдис бадтмæ ницы ‘рхæссæн фауæй.

Автандилмæ хæстæг — Придон — хицау, арфæгонд Хуыцауæй.

 

Паддзах кодта кад домбайæн, йе ‘мкъай — индиаг рæсугъдæн;

Чындз, сиахсæй сыл узæлыд, кодтæ цинтæ сыл æдзухдæр.

Хуын, лæвар хæссын та уыйбæрц уæд куыд фæрæзтой йæ къухтæ:

Номы скинтрæ зæгъай, порфир, лалыхгæд паддзахы худтæ.

 

Бирæ радта сын фæрдгуытæ, — кодта рухс сæ уындæй зæрдæ,

Мин зынаргъ дуры — ромайнаг — калдтой, с’ амондау, цæхæртæ.

Раст бæлоны айчы стæвдæн мин зынаргъ дуры та ‘ндæртæ;

Мин æвзаргæдæр — араббаг уадсур хъал бæхы — хуыздæртæ.

 

Фысым Придонæн зынаргъ дур фараст дзаг тæбæгъы ‘рхаста;

Фараст ын æд саргъ, æд идон уадсур хъал бæхы ныббаста.

Аив арфæйы ныхæстæ Тариелы ‘взаг ыскарста.

Дзуры расыгæй æрвонгау, — нозт ын йе стыр зонд нæ саста.

 

Мæй фæцæл кодтой Ростанмæ, цæй, цы дардыл æй ивазын:

Кодтой цин, гуыпкафт, къæрццæмдзæгъд æмæ цас сæ бон уыд нуазын!

Лал фæхастой Тариелмæ, уыд фæрдыгрæдзагъд йæ разы, —

Фынг ныррухс, цыма сæ мидæг хур цæхæртæкалгæ хъазы.

 

Тариел, цыма у уарди, мит ыл рауарыди, ризы;

Автандилмæ Ростеваны ‘рвиты, къух, зæгъ, дыл нæ исын:

«У мын зын дæуæй фæхицæн, фæлæ циу, паддзах, мæхи зын, —

Кæд мæ фыдгултæ мæ зæххыл зыд, æнæфсис фосау, хизынц!

 

Тох фæцырдæй у, фердæхтæй: ме знаг ницыма ‘мбуддзæни,

Зæгъгæ, басастæн — зонын æй, — уæд дæ зæрдæ дæр дуддзæни.

Цон, хуыздæр мын у, исты фыд… — ме знаг ме сæфтыл худдзæни.

Тагъд цы фенон дæ хъæлдзæгæй, уый зæгъæд, мæ бон, хурзæрин!»

 

Фысым загъта Тариелæн: «Цæй, цы, зæгъ, кæныс къæмдзæстыг?

Дæу цы кæнын хъæуы, уый, зæгъ, ничи бакæндзæн дæ бæсты,

Автандилимæ дæ фæдыл акæн ме ‘фсад æмæ хæсты

Басæтт сау фыдгулты, стæй уæд дар дæ бархъомыс дæ бæстыл».

 

Автандил фæстæмæ ‘рбаздæхт, загъта паддзахы ныхæстæ.

Тариел æм дзуры: «Хъахъхъæн ам дæ уардийы фыддзæстæй:

Мæй куыд фæхицæн уа хурæй, уыйау баззайдзæн дæ фæстæ.

Автандил фæхъыг ис: «Уæууа, уæдæ рафæлдæхтис бæстæ!

 

Нæ, дæу уый фæнды, цæмæй мæ стæй уæд фæндырты фæцæгъдай, —

Зæгъгæ, баивта мæ усыл ме ‘рдхорд, — разындис æнæгъдау.

Ахæм худинаг мæ быны, ау, куыд уромдзæнис зæхх та!

Ардыл къух сисын мæлæт у! — гормон, де ‘взаг æй куыд загъта!»

 

Тариел фæхудт, дзæнхъартæх уарди барухс кодта бæстæ:

«Хорз, æрхæндæгæй æнæ дæу æз æрвыстаин мæ рæстæг.

Цом, æхцон мын у, цæстмæхъус ма ‘гъгъæл де ‘рдхорды ныхæстæ.

Автандил уæд бардзырд радта: «Ме ‘фсад, уе ‘ппæт дæр — мæ фæстæ!»

 

Дардыл тохвæдис ныннæрыд, калдта арв, цыма, цæхæртæ;

Рæвдз æстай мин лæджы ‘рбамбырд, — ифтонг алцыппæтæй, уæртæ,

Кæс: лæгæй, бæхæй, сæ уæлæ ис хорезмаг хорз ызгъæртæ.

Уыд фæхицæны зын сахат, фенкъард фысымæн йæ зæрдæ.

 

Хо куыд хицæн кæна хойæ, уыйау чызджытæ тыхстысты;

Ниудтой, бахаудтой сæ удтæ судзгæ сагъæсы фыдхъызты

Æмæ риу-æмриу, хъуыри-хъуыр ног кæрæдзийыл тыхстысты.

Адæм кодтой сар сæ куыдмæ, — дардæй кастысты, рыстысты.

 

Райсом Бонвæрнон Мæимæ худдзæн, ирд тæмæн калдзæни.

Мæй куы ныгуыла, — уымæн дæр цадæг йе ‘рвон рухс тайдзæни.

Се ‘гъдау афтæ у, — бонæй сæ Хур ныгуылæнæн хъардзæни.

Хох, бæрзонд хохыл чи слæууа, — арвыл иумæ сæ ссардзæни.

 

Мæйы, Бонвæрноны иумæ Хур цырагъдарын нæ уадзы;

Ацы стъалытæн дæр афтæ се ‘хсæн не сфæлдисæг бацыд.

Пухбыл уардиты къуыбыртыл хъарм къуыбар цæссыгтæ тадзынц, —

Судзынц адæм дæр сæ мæтæй, бадынц, раст, цыма, мæрдадзы.

 

«Ехх, — зæгъы Нестан, — куынæ дæ федтаин фæлтау мæ цæстæй,

Уæд ныр не стъæлин, нæ таин хурæй ахицæныл мæстæй.

Мæ хо, чиныг мæм-иу афысс, хабар хъусын кæн æххæстæй,

Æз куыд басыгътæн дæ уарзтæй, афтæ тай ды дæр мæ фæстæ».

 

Тинатин ын загъта: «Уæ, хур, зæхх дæ фидыцæй куы тавыс,

Уæд цы мæ фæдзæхсыс, цæй-ма, зæгъгæ, чиныг-иу мæм афысс!

Бастъæл, ба, мæ уд, йæ фæстæ, цард-цæрæнбонтæй цы хъавыс,

Кæд дæ ивгъуыд цин дæхицæй судзгæ сау цæссыгтæй давыс!»

 

Ног адджын пъатæ, хъæбыстæ… Æмæ хур фæхицæн хурæй.

Нестан араст ис, уæддæр ма Тинатин лæууыдис дурæй.

Цыд йæ хогонд дæр дзыназгæ, сау цæссыгкалгæ, сæркъулæй.

Нæй уырзæй æвзæрст дзырдтæй дæр се стыр сагъæсæн фæдзурæн.

 

Ростеван-паддзах дæр афтæ, цыма сонт саби у, — ниуы;

Лæг хæкъуырцц кæны, уынæргъы, тагъд-тагъд уæхсчытæ ысхъиуынц;

Тæвд — йæ цæстысыг, — æхсиды маст, цæджджинагау, йæ риуы.

Тариел нынкъард, цæвиттон, — уарди митхъæпæныл джиуы.

 

Фысым бацыдис, кæны йын ногæй пъа, йæхи нывæндтæ:

«Уазæг, ды уыдтæ нæ удæн цин — æвидигæ ныббæттæг,

Ныр цæуыс, мæ ивгъуыд цинау, баци минæвæр мæ мæт дæр;

Цард-цæрæнбон мын ды раттай, тагъд мын ратдзынæ мæлæт дæр».

 

Тариел хæрзбон куы загъта, уæд куы бабадид йæ бæхыл;

Æфсад сар кæнынц, фæбынæй быдыр сау цæссыджы ‘ртæхы;

«Хур дæм тохы бон, — зæгъынц ын, — рухс тырысайæн æртæхы».

Дзуры уый: «Мæнау нæ уыдис мæтæй Сала дæр зæрдæхæлд!»

 

Чырæ фенкъуысти, фæцæуынц мæнæ саг лæппутæ стæры —

Тариел, Придон, Автандил — адæмы æртæ хуыздæры.

Семæ стай мин лæджы ноджы, хорз араббæгтыл фæтæрынц.

Иу сæ иннæуыл — æнувыд, ард кæрæдзийæ фæхæрынц.

 

Афтæ ‘ртæ мæйы цыдысты, кард сæ никуы бахъуыд сисын:

Ничи се знæгтæй сæ ныхмæ хотых не суæндыд æвдисын.

Иу, æрмæст-иу сæ хæрдафон бахъуыд се ‘фсургътæй æрхизын,

Сæн — сæ нозт, уæдæ минасы, цæй, цæмæн хъуыдаид мисын!

 

ТАРИЕЛ ÆМÆ НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ ЧЫНДЗÆХСÆВ

Тариел æмæ йæ къайæн амонд цинты цин æрхаста:

Лæппу схицау ис, йæ къухмæ авд паддзахбадæны райста.

Райста, зæрдыл ма кæм лæууыд ныр сæ раздæры фыдмаст та;

Маст цы лæг нæ фена царды, — цинæн никуы скæндзæн раст аргъ.

 

Иумæ сбадтысты, нæ калдта хур дæр уыдонау цæхæртæ.

Гуымсæг нал æнцади, зæрдæ тадис уадындзы зынг зæлтæм.

Радтой саггуырдæн йæ къухмæ бартæ, хæзнаты дæгъæлтæ;

«Мæнæ, гъе, зæгъгæ, нæ паддзах», райгæ хъуыстысты сæ хъæртæ.

 

Автандил æмæ Придон дæр хицæн къæлæтджынтыл — уæртæ,

Бадынц кадылдард паддзæхтæ, райы фысымтæй сæ зæрдæ.

Уаз, хуыцауысконд хъайтартæ — номдзыд дыууæ дæр — æмсæртæ,

Ног мæлгъæвзагæй фæдзырдтой уым сæ дард балцы хабæрттæ.

 

Цæл, минас нæртон ысцырын, дардыл рабадтысты хъалтæ,

Сырæзт диссаджы чындзæхсæв, фынгтыл хæлц — рæдзагъдæй, калдæй,

Хастой хорз хуынтæ, лæвæрттæ уым зынаргъ уазджытæм цалтæ!

Хастой, не ‘вгъау кодтой, уæрстой цауд, мæгуыр адæмæн лал дæр.

 

Автандил æмæ Придоны Инди се ‘ппæт кадыл дардтой:

Уый, уæ фæрцы, дам, кæрæдзи не ‘рдаг хурзæринтæ ссардтой.

Кодтой табутæ, сæ удтæ бацин, балæггадыл хъардтой,

Уыд сæ уд, сæ дзæцц æрмæстдæр-уазджытæн æгъдау куыд радтой.

 

Тариел Асматмæ дзуры: «Ды куыд фæрыстæ мæ мæстæй,

Афтæ, ‘вæццæгæн, нæ фæрыст никуы хицауыл йæ кæстæр.

Ныр йæ иу æвдæм хай мæнæ айс мæ паддзахад, мæ бæстæн,

Немæ адджынæй, æмудæй уым æнус æрвит дæ рæстæг.

 

Мой ыссар дæхи фæндиаг, дар дæ зæххытыл дæ бартæ.

Уым ныл макуы сив дæ зæрдæ, уым ныр ус-паддзах, æддар дæ».

Чызг йæ разы ‘рхауд: «Мæ удæн радтай ды ныфс дæр, æхсар дæр,

Уон дæ сау цагъар, æгæр мын у уый рухс амондæн, цардæн?»

 

Бадынц саггуырдтæ минасы уым сæ зæрдæйы барвæндыл,

Хастой уазджытæн алы хуын, — цинтыл чи лæууыд, арфæтыл:

Амæй ай хуыздæр — дугъон бæх, амæй ай хуыздæр — лал фæрдыг!

Фæлæ ‘ппынфæстаг Автандил фенкъард, бадын æй нал фæндыд.

 

Тариел фæхатыд, йе ‘рдхорд уадзы пиллон арт фыруарзтæй.

Дзуры: «Уый мæ кæд дæхимид диссæгтæ нæ фæдæ хъастæй;

Уæууа, де ‘нкъард хуыз мын мæнæ ивы м’ авд сагъæсы астæй,

Аздæх, хорз, — хъысмæт рæвдауæд ног мæн цины бæсты мастæй».

 

Нурадин дæр уæд: «Фæцæуон, хицау нæй мæ зæхх, мæ донæн.

Ныр ыснæмдзынæн фæндæгтæ, — ардæм нал ысты зын зонæн.

Сæр куы бахъæуа, — фæсид мæм, ратт мын хæс — кæстæр фæдонæн;

Сагæн суадонмæ цæуынау, уый æхцон уыдзæн Придонæн».

 

«Аздæх, — уымæн дæр ысразы, — иугæр тынг дæ зæрдæ ‘хсайы:

Рох мæ ма фæкæн, зын-иу мæм, саглæг ардбахæрд нæ сайы».

Автандилмæ баздæхт фысым: «Цæй, бæргæ мæ уд дæ зайы,

Фæлæ, сахъ домбай, дæ уарзтæй уым дæр мæй, цырагъау, тайы».

 

Ростеванмæ йын æрвиты дарæс — зæрдæ хорз цы куры.

Алы диссаджы зынаргъ дур, — цыма хуры цæст и дуры.

«Ахæсс, адон ын мæ номæй ратт зæрдылдарынæн», — дзуры.

Автандил зæгъы: «Куыд уыдзæн, æмæ мауал уон дæ цуры?»

 

Нестан арвыста йæ хойæн ахæм къаба ‘мæ кæлмæрзæн,

Тинатин æмæ йæхæдæг — с’ аккаг уыдонæн æрмæстдæр;

Ноджы иу фæрдыг — æгъуыстаг, уый цы лæг хæсса — йæ цæстæн

Дардыл рухс-рухсид уыдзæнис, бонау, тар æхсæв дæр бæстæ.

 

Абадт йе ‘фсургъыл Автандил, хион ахицæн хионæй.

Дыууæ сагсуры ‘руадысты судзгæ сагъæсы пиллонæй.

Фегуырд Индимæ сау цæссыг — быдыр разынди чъиллонæй.

Автандил дзуры: «Мары мæ м’ адзал мин рынæй, мин сонæй».

 

Автандил æмæ Придон ма иумæ рауадысты цасдæр;

Тагъд фæхицæн ысты ниугæ, бацыд саджил фæндаг с’ астæу.

Се ‘гъдау бакодтой уæзданæй, — нæй сæ хъаруйыл ныхас дæр…

Автандил фæзынд, Арави райынц, — фервæзтысты мастæй.

 

Бæсты рухс фидыц æрыздæхт, цин æхсæрдзæнтæй ивылы;

Йе ‘рдаг хуры фенгæ, лæппу февзæрд амонды тыфылы;

Райгæ ‘рбадт йæ цуры, судзы уазтын мидбылхудт йæ былыл.

Арв нысан кæны паддзахæй Ростеваны уый йæ быныл.

 

Уыцы ‘ртæ паддзахы стæй дæр афтæ тынг кæрæдзи уарзтой, —

Иу сæ цин уыд, иу — сæ сагъæс, иумæ се ‘ппæт цард ысбастой;

Иумæ сау фыдгул ызнæгты сарат карды комæй карстой;

Дардыл айтыгътой сæ бартæ, бирæ ног зæххытæ байстой.

 

Митау алкæуыл æмхуызон алы ран сæ рæвдыд уарыд.

Алчи — сидзæрæй, идæдзæй федта рухс, — мæгуыргур нал уыд.

Сау, хæрамзæрдæ фыдгæнæг уыд сæ фыдæхæй зынгарыд.

Ныр сæ бæстæты мыггагмæ бирæгъ сæгъимæ хæлар уыд.

КÆРОНБÆТТÆН

Хабар конд фæдæн, æппæтдæр ныр фыны ‘гъдауыл фæтары.

Се ‘ппæт аивгъуыдтой, рæстæг карз у, никæмæн нæ бары.

Цард уысм у, йæ зæрдæ уæгъды лæг æнæмæлæтыл дары.

Руставели, зæгъгæ, — месхаг, — ме ‘хсар ацы фысты ‘взарын.

 

Арын гуырдзыйы Хуыцауы — хур-Дауыты ном мæ фысты;

Хурыскæсæнæй кæй сидтмæ хурныгуылæны онг сыстынц,

Марг сæ цины чи у знæгтæн, хос — йæ хæлæрттæн сæ рысты.

Ацы кадæгыл, багуыдæр, ныр æнус быцæу кæндзысты.

 

Цæй, йæ диссаджы хъуыддæгтæ ам куыд нымайон Дауытæн!

Дард æцæгæлон паддзæхтæм æз мæ бæллицты фæцыдтæн,

Се ‘гъдау, се ‘хсар сын ыстауын, зарæг самадтон сæ цытæн

Æмæ, даргъ кадæг нывæндгæ, бадтæн, удвидар хъæцыдтæн.

 

А мæнг дунейыл йæ зæрдæ лæг хæрз дзæгъæлы фæдары:

Цард цæстыныкъуылд у ‘рмæстдæр, цæст фæтъæбæртт кæн, — фæтары!

Алчи — й’ амæттаг хъысмæтæн; чи нæ ц’ агуры, цы ссары?

У тæхудиаг йæ царды, — й’ адзал чи ницæмæ дары.

 

Зарыди Хонели Мосе Даредзаны фырт Амраныл,

Абдул-Мессийыл Шавтели скодта зарджытæ йæ раны,

Йе ‘нтыст Тмогвели Саргисæн — Диларгеты ном ыссарын,

Тариелыл æз — Руствели — туг, цæстысыг калгæ зарын.

ФИППАИНÆГТÆ

Абдул-Месси — кæс Шавтели.

Адам æмæ Ева — библимæ гæсгæ, адæм кæмæй рацыдысты, уыцы фыццаг нæлгоймаг æмæ сылгоймаг.

Адæм нал исынц сæ цъæхтæ… (1490 строфа) — контекст куыд амоны, афтæмæй фыдохы бон ацы бæстæйы сауты бæсты дардтой цъæхтæ.

Азабæлас — таурæгътæм гæсгæ мардæгасгæнæг, низтæсурæг бæлас, зайы дзæнæты.

Алфæн — охыл, сæраппонд, тыххæй.

Амирбар — æфсæддон флоты хистæр.

Амирспасалар — административон хицау æмæ æфсæдты хистæр.

Аспироз — Венерæ, Бонвæрнон (Боброн), астрологи йæ нымадта фидыц æмæ уарзты планетæйыл.

«Ацы хорз таурæгъ — хуры къæртт — персæй рафтыди гуырдзымæ» (9 строфа) — кадæджы ацы рæнхъыл руставелолæгтæ быцæу кæнынц абоны онг. Сæ фылдæры хъуыдымæ гæсгæ поэт афтæ зæгъы барæй, йæ уæндон хъуыдыты фæдсафынæн: нырмæ бæрæг нæу персмæ æнгæс таурæгъ.

Æвдадз — аргъæуттæм гæсгæ æнахуыр удæгасгæнæг хос.

Æвзаггæл — куырыхон, дзырдарæхст лæг.

Æргъæу — рæсугъд, зынаргъ дуры мыггаг.

Барбит — хъисын фæндыры æнгæс инструмент.

Буд — тропикон бæласы хæрздæф чъиу, судзынц æй дингæнджытæ аргъуанты.

Визир — паддзахы галуаны стыр хицау.

Вельзевул — дины чиныгмæ гæсгæ хæйрæджыты хистæр.

Вис — хурыскæсæйнаг роман «Вис æмæ Рамин»-ы хъайтар.

Габаон — диссаджы рæсугъд бынат Палестинæйы, йæ кой ис Библийы.

Галуан — иуæй — паддзахбадæн хæдзар, иннæмæй та — паддзахы бинонтæ æмæ барджын хицæуттæ иумæ.

Геон — цæугæдон Аму-Дарья.

Даредзаны фырт Амран — кæс Хонели Мосе.

Дари — зынаргъ зæлдаг хъуымацы мыггаг.

Дауыт — Дауыт Сослан, иры паддзахы фырт, Тамар-паддзахы лæг (XII æнусы). Автор ын йæ хорзы кой кæны кадæджы райдианы дæлгоммæ (3 строфайы) æмæ кæронæй та — æргом.

Дивнос — кæнæ псевдо-Дионис Ареопагаг, Ш. Нуцубидземæ гæсгæ у чырыстон дины философийы иууыл стырдæр минæвæртгæй сæ иу — гуырдзиаг моладзан Петр Ибериаг. Руставели амоны, зæгъгæ, уый раргом кодта царды сусæгдзинад — дун-дунейы ис æрмæстдæр иунæг райдиан — хæлар райдиан, æмæ, зæгъгæ, уый та у Хуыцау…

Диларгет — кæс Тмогвели.

Драхмæ — æхцайы æмæ уæзы иттæг къаннæг иуæг.

Дзæнхъа — урс зынаргъ æрттиваг дуры мыггаг.

Дзæнхъавг — рухсдзыд зынаргъ авг (хрусталь).

Дзинкъуыр — хæйрæг.

Евфрат — фурд Чысыл Азийы.

Ева — кæс Адам.

Залдзæг — цæгбыд æфсæн хæдон (хæстон уалæдарæс).

Зин — дæлимон.

Зуал — Сатурн (Кронос), астрологийы нымад у фыдбылызхæссæг планетæйыл, уыйадыл æй хонынц тар, саудалынг, кæд æцæгæй урс тæмæнтæ калы, уæддæр.

Къаба — зæронд Гуырдзыстоны нæлгоймаджы дарæс, цухъхъайы ‘нгæс.

Каджитæ — кадæгмæ гæсгæ хин, кæлæнгæнæг адæмы мыггаг.

Каджет — каджиты бæстæ.

Каин — (æви Каис?) Низамийы кадæг «Лейли æмæ Меджнун»-ы хъайтар.

Лал — зынаргъ, хуызджын дуры мыггаг.

Марих — планетæ Марс, астрологийы — хæсты бардуаг.

Миджнур — уарзон (араббаг æвзагыл).

Муштар — Юпитер, нымадтой йæ амонддæттæг планетæйыл, рæстдзинады бардуагыл.

Налхъуыт-налмас — иттæг зынаргъ дуры мыггаг.

Нарди — хурыскæсæйнаг хъазæнгарз.

Отарид — Меркурий, хурмæ иууыл æввахсдæр планетæ, нымадтой йæ зонд æмæ арæхсты, амондфыссæджы бардуагыл.

Перпера — хурыскæсæйнаг сыгъзæрин æхца.

Платон — рагон бердзенаг философ, идеализмы антикон системæ скæнæг.

Порфир — паддзæхты зынаргъ сырх дарæс.

Равг — зæрдæйыуаг.

Рамин — кадæг «Вис æмæ Рамин»-ы хъайтар (кæс Вис).

Ростом — Фирдоусийы кадæг «Рустем æмæ Зориб»-ы сæйраг хъайтар.

Руствели — Руставелийы зæронд гуырдзиаг фелхъывдгонд формæ.

Сала — Низамийы кадæг «Лейли æмæ Меджнун»-ы архайæг.

Саламан — роман «Саламан æмæ Абсал»-ы хъайтар.

Сарыхъхъ — хæстон æфсæн худ.

Сафран — бур дидинæг.

Скиптрæ — паддзахы лæдзæг.

Спаспет — æфсады хистæр.

Стъалыбардз Мыдзбыр (1316 строфа) — ацы стъалыбардзы хур вæййы 22 июны, афтæмæй ам архайд цæуы уыцафон — сæрды райдианы.

Тамар — Гуырдзыстоны ус-паддзах (XII æнус). Кадæгæй куыд зыны, афтæмæй уый фыст у Тамар æмæ йæ сæры хицау Дауыт Сосланы ном арынæн. Уыдон сты прототиптæ иуæрдыгæй Тариел æмæ Нестан-Дареджанæн, иннæрдыгæй та — Автандил æмæ Тинатинæн.

Тауби — уæлдæрлæууæг, уæздæтты минæвар.

Хауыс — дам-дум, хахуыр.

Тигр — Евфраты фурды фæрсагдон.

Тмогвели Саргис — XII æнусы гуырдзиаг поэт, кадæг «Диларгет»-ы.

Удæвдз — аргъæутты удæнæхцон хæдцæгъдгæ уадындз.

Фидиуæн — уац, фидиуæг цы хабар хъусын кæны, уый латун — æхсин.

Хонели Мосе — XII æнусы гуырдзиаг фыссæг, хонынц æй «Даредзанты Амран»-ы героикон романы автор.

Чанги, чагъана — хъисын фæндыры ‘нгæс инструменттæ.

Шавтели — XII æнусы гуырдзиаг поэт, кадæг «Абдул-месси»-йы автор.

Эзрос — XII æнусы райдианы поэт, йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд.

«Дивнос» («Дионос») рацыд араббаг æвзагыл.