Базырджын хзъудытæ Джусойты Нафийыпоэтикон æмбырдгонд «Изæры рухсы»-ы
Зындгонд ирон фыссæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, филологон зонæдты доктор, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы дыууæ хатты лауреат Джусойты Гришæйы фырт Нафи райгуырдис 1925 азы 27 февралы Дзауы районы Хæрдысæры хъæуы. Йæ фыд Гришæ æмæ йæ мад Сопи уыдысты хуымæтæджы зæхкусджытæ, 1933 азæй – колхозонтæ. 1941 азы каст фæцис Кировы- хъæуы астæуккаг скъола сыгъзæрин майданимæ. Уыцы аз йе ‘мзæххон æвзонг цæхæрцæст фæсивæдимæ барвæндæй араст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты быдырмæ. Райгуырæн зæхмæ æрыздæхт 1945 азы декабры мæйы æмæ кусын райдыдта Компартийы Хуссар Ирыстоны Обкомы инструкторæй. Уый фæстæ куыста Хуссар Ирыстоны главлиты газеты цензорæй, стæй та – республикон газет «Заря Востока»-йы сæрмагонд уацхæссæгæй Хуссар Ирыстоны.
1949 азы фæсаууонмæ каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститут æмæ фæззæджы бацыд ССР Цæдисы Академийы Уырыссаг литературæйы институты аспирантурæмæ Ленинграды. Аспирантурæ каст фæци, бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйыл: «Тема Кавказа в русской литературе и в творчестве К. Хетагурова», æмæ 1953 азы декабры æрыздæхт фæстæмæ. Райдыдта кусын Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты литературæ æмæ фольклоры хайады. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыры рацыдысты журнал «Фидиуæджы» 1945 азы 4-æм номыры. 1949 азы мыхуыры рацыд йе ‘мдзæвгæты фыццаг чиныг. Нафийы куыстыты нымæц у 1260-æй фылдæр. Афтæ амоны 2017 азы Дзæуджыхъæуы уагъд «Библиографион амонæн». Йæ фыццаг стырдæр сфæлдыстадон æнтыстытæй иу сси поэтикон æмбырдгонд «Изæры рухс». Рацыд Цхинвалы 1987 азы.
Фыссæджы зæрдæйы арф хъæдгæмттæ ныууагъта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, фашистты тугцъир æбуалгъ митæ, кæцытæ ирдæй зынынц йе сфæлдыстады. Царды зилдухæнтæ, хорздзинæдтæ, хъæндзинæдтæ æнæрахатгæ нæ фæцис куырыхон фыссæг æмæ уæрæхæй авнæлдта фыссæн сисы хъазуатон тохмæ.
Нафийы поэтикон рæнхъытæ се ‘мыдзаг сты арф зондамонæн базырджын хъуыдытæй. Базырджын хъуыдыты руаджы фыссæг æвдисы йæ уарзондзинад йæ райгуырæн зæхх Ирыстонмæ, амоны æрыгæттæн, цæмæй уой сæрыстыр, æууæнкджын æмæ сæ сæрмæ худинаг макуы ‘руадзой, уарзой сæ фыдызæхх, сæ чысыл Ирыстон.
Ирыстон – Фыдыбæстæ
«Кæн уайдзæф, нæ Фыдызæхх, кæн, –
Уынгæджы бон чи вæййы барон?..», 15 ф.
«Ды куы зонис, гъеныр мæн куыд фæнды
Искуыцæй Ирыстонмæ ныккæсын.
Атæхын, ысбадын искуы цæндыл,
Уарийау нæ быдыртыл фæлгæсын», 29 ф.
«Æтт, ма фæзил ныр фаг нæ хæхтыл!
Æтт, ма фен хъал Терчы ивылд дон!
Дæу ма ныттух сæухуры ‘ндæхты,
Нæ мад, нæ ныййарæг Ирыстон!», 31 ф.
«Сабийау сисин нæ Иры мæ къухтыл!
Сагуд Ирыстоны абон фæнды мæн
Зæрдæйы тæгты стухын!», 33 ф.
«О, уæд та, буц æхсæв, фест-ма ыстъалыджын,
Фенон Ирыстоны, нал хъæцы цин зæрдæ!», 40 ф.
«Куы ‘рвитай рухс бонтæ кæйдæр зæххыл фынау,
Куы фæуай къорд азты æддæ,
Уæддæр, кæм райгуырдтæ, кæм фæцыдтæ фыййау,
Нæй уымæн рохгæнæн мæрдтæм!», 45 ф.
«Мæн та фæнды – мæ сонт зæрдæ мыггагмæ
Ирыстоны куы баззаид мæ фæстæ», 88 ф.
«Цы уарзондæр Фыдыбæстæйы Фидæн
Нæ уд, нæ зонд, нæ хъаруйыл дæр баст у!», 103 ф.
«Куыд амæлон æнæ дæу, Иры бæстæ,
Кæнæ куыд цæрон, урс хæхтæ, уæ фæстæ?», 108 ф.
«Дæ фыдызæхх ды афтæ хъуамæ дарай,
Тыхсты бон ын дæ цонгвыдтæ куыд дарай!», 115 ф.
«Зын у лæгæн йæ хæдзарæй фæхицæн», 148 ф.
«У нæ хæхтæн нывонд мæ уд дæр, –
Уым ныр дидинæг калы цым…
Иры алы дур, алы къутæр
У æрдхордау мæнæн фысым», 172 ф.
«Æхсæвы ‘ртæхау дидинæджы къусчы,
Фыдыбæстæ, мæ зæрдæйы æвæрд дæ!», 173 ф.
«Фыдыбæстæ! Уый зæрдæйы ды ‘вæрд дæ,
Налхъуыты къæрттау – уарткæсаджы хъузджы,
Мæ зарæг циу? Ды уарзты зæл æрмæст,
Æгъуыстаг зарæг – уый ды дæ, мæ бæстæ!», 175 ф.
«Гъе, уæддæр удрæбын сагъæс æвзæры,
Иры зæхх сабийау мысын.
Нæ вæййы раст ныхасы къæм, –
Фыдызæхх алкæмæн дæр иу у!», 205 ф.
«Тул, авдæн, Иры зæххыл, тул!
Мæ уд нывонд дæ фарн, дæ уазæн!
Мæ хисты ‘ргæвст галæн йæ хъул
Дæ хаст лæппутæн фестæд хъазæн!», 239 ф.
«Ир, Ирыстон! Мæ хур, мæ мæй дæ!
Æз мæ нымд царды буц дæуæй дæн,
Æз дæ дыууæ цæстæй кæсын», 262 ф.
«Зонын уый дæр, æмгæрттæ, Иры
Уарзут уе ‘ппæт дæр мæнæй фылдæр.
Æз – сæппой бæх, нæ зонын сирын,
Фæлæ уаргъ хæссын зонын æз дæр», 263 ф.
«Фыццаг хæдон мын бахуыдта мæ мад
Мæрддзаг хæдон мын бахуыйдзæн Ирыстон!», 279 ф.
«Ам дзæнæты бæстæ у! Фæлæ дзы мæнæн
Нæй фæцæрæн æнæ Ир. Ис хæсгæ мард фæуæн», 293 ф.
«Ирыхъæу уа, хъæдгæрон, –
Удлæууæн мæнæн!», 387 ф.
«Нæ Ир, æз – хоры ‘взар дæ зæххыл,
Ды та – мæ боны хур, мæ мæй», 397 ф.
Фыссæг уыдта цæугæ дуджы æнæраст митæ, æбæллиццаг фæстиуджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм царды хъæндзинæдтимæ разы нæ уыд. Хорз æмбæрста йе ‘мдугон ирон интеллигенцийы минæвæрттимæ, гæдыдзинад æмæ хин митæ нацийы хæрзæбонæн кæй не сты. Рæстдзинадыл хæст кæй уыд æмæ йын стыр аргъ кæй кодта, уый зыны йæ поэтикон сфæлдыстады. Куыд арæхст, куыд йæ къухы æфтыд, афтæ рæсугъд æмæ æлвæст хъуыдыйæдтæй тох кодта уæды уæззау дуджы царды тулгæ цалхимæ.
Рæстдзинад – цард
«Нæй фыдмийæн барæн!
А бæсты куыдзы мард дæр ныгæнынц.
Мæ азым нæу… Куы уаин æз бæргæ
Батрадз тыхæй, æгъуыстаг, зондæй Семау!
Нæ дæ? Лæппу, нымдæй у уæд цæргæ,
Уæд дугъæттæн хæрæгау ма уай семæ!», 77 ф.
«Хъæбатыртæ сæхиуыл арт æфтыдтой,
Цагъары цардæй у мæлæт хуыздæр!», 107 ф.
«Ирон лæджы æууæрста дуг æфсирау,
Йæ хъæдгом-иу ын байсæрста цъæххосæй», 108 ф.
«Хæлар лæгмæ – æргом æмæ æнæсайд,
Фыдгулмæ та цъæх арт уадзы фыдæхæй», 112 ф.
«Баззай Сæрибарыл тохы састы,
Уымæй зындæр цы ис!», 122 ф.
«Нæ Иры фæсивæд, дыууындыууæаздзыд
Куы уай, уæд мæлын зын у, –
Ахъуыды ма кæн: хæхтæй нæма сзынд,
Афтæмæй аныгъуылд Хур!», 124 ф.
«Оххай, куыд зын у, уарзон æмгæрттæ,
Уалдзыгон бон мæлын!», 125 ф.
«Байс хъазуатæй сæрибары дуг,
Науæд равзар кадджын мæлæт!», 128 ф.
«Æтт, лæппутæ, цымæ цы ис,
Сæрибары цардæй хуыздæр!», 128 ф.
«Афтæ – дзыллæ дæр. Иу куы уой,
Уæд сæ ныхмæ нæ ары тых
Иу уæйыг дæр! Ызнаг – сæргой,
У нæмыгæй рæстдзæф йæ ных», 131 ф.
«Йæ цæсты бын ысумæл вæййы ‘васт, –
Зæронды иунæг, æтт, уæдæ куыд зын дæ!», 138 ф.
«Уæ ном, уæ зæхх-иу хъахъхъæнын фæразут, –
Æрмæст, мæ хуртæ, хъахъхъæнут уæхи дæр!», 143 ф.
«Быныл æвзæр зайы!», 152 ф.
«Тыхы бон кард дæ къухы дар æлвæстæй!», 170 ф.
«Мæнг дзырд бæхджын у. Басхой йæ æфсонæн,
Æмæ хъæуи-хъæу Иры зæххыл сира!», 195 ф.
«Карз у дуне: лæджы ныммарынц,
Стæй йыл аргъуаны судзынц буд!», 201 ф.
«Адæм, адæм! Цæмæн кæнæм афтæ?
Искуы хицауы ранмæ куы бафтæм,
Уæд Рæстдзинад фæивæм æрвадæй,
Æмæ, хион кæмæн нæй, уый рафты
Фæсдуар æгадæй…», 217 ф.
«Нæртон фидæн? Нæма у абон фидæн, –
Нæй баивæн «Цы уыдзæн»-æй «Цы ис»-æн!», 220 ф.
«Цыбыр бæндæн дзырдæй нæ кæны даргъ», 229 ф.
«Зын зарын нæу! Æцæг зын у, æфсымæр,
Æд дзуринæгтæ цавд дурау лæууын!», 232 ф.
«Мæлын зын у? Æнцондæр у цæрынæй! –
Дæ уд – дæлзæхх, уæлæуыл та – дæ ном», 233 ф.
«Зын у фæцæуын тугхъулонæй мæрдтæм,
У худинагæй амæлын хуыздæр?», 233 ф.
«Сæ мæлæтæй сæ цард зындæр у лæгтæн,
Цæссыгæй, тугæй бафидынц сæ рад:
Æрыссынц дзы куы дзуллаг, куы фæрæктæ
Куыройы фыдтау кад æмæ æгад», 233 ф.
«Мæлын зын у, фæлæ цæрын зындæр у, –
Дæ митæй дæм фыдæвзарæн кæсы;
Æргом фæлывд цы худинаг хæссы,
Рæстдзинад сайын уымæй дæр фыддæр у», 233 ф.
«Æгъуыссæгæй æнæ мæт нæй», 239 ф.
«Кæд цардæн исты нысан ис,
Уæд уый – нæ сабиты хæрзвидæн!», 239 ф.
«Уый ма цæй цард у,
Иуы сæфт иннæмæн
Сау маст куынал уа?!», 241 ф.
«Кæд уыд дунейыл раст ныхасæн аргъ!», 249 ф.
«У лæджы цард та иу бон æрмæстдæр,
Фæлæ уыцы бон у дугыл тых!», 251 ф.
«Æз мæ хæрæджы куыстæй – исджын,
У мæ лæджы зонд та – мæ тых!», 251 ф.
«Фæкæн мæ, Уастырджи, æвæлмон,
Мæ куыст мын арфæйаг фæкæн!
Кæд ыл фæстагæттæ æввæрсой,
Уæд циу йæ зын, йæ хъыг лæгæн!», 254 ф.
«Зын у лæгæй фæцæрын? Раст у!
Фæлæ кæд уыди уый æнцон?», 255 ф.
«А зæххæн уæддæр ысты фидыц
Раст лæджы фæлмон уд æмæ зонд!», 256 ф.
«Бæллын – Рæстдзинадæн уæфсытæн
Кæд балцы сфаг уаид мæ уд!», 295 ф.
«Зæронды рад!.. Æппæтæй дæр æргъæвст у.
Æмæ, Хуыцау, дæ бæрзондæй мыл рахъыз,
Уæхстыл мæ бакæн, басудз мæ!.. Æрмæст мын
Æнæнтыстæй мæ кусинæгтæ бахиз!», 297 ф.
«Хид – дзæнæтмæ фæндагау раст;
Сыстад уды рæбынæй Намыс!
Æмæ мауал кæн æндæртæй хъаст,
Стæй дæхиуыл хæрзиуджытæ ма мыс!», 299 ф.
«Зарæджы уа, æмбырды, –
Хъуамæ ныхас раст уа!», 302 ф.
«Æтт, Цæрæнбон!.. Нымад дæ, уый зонын. Æрмæст
Мæн мæ бонгуыст æндавы æмæ дын æй дзурын:
Ахæм хорз мын куы бауарзид, гормон, дæ цæст,
Мæн мæ куыстæн æфстау бон куыннæ хъæуа курын», 346 ф.
«Нæ вæййы рухсæн сау талынг йæ ингæн,
Хæларæй цæрынц – кард æмæ кæрддзæм!», 350 ф.
«Дæ фадрæбынмæ сарæзтай дæ каст,
Уæд губакк æмæ хохæй хъауджы нæй…
Лæппын маргъау дæ хъуыды – зæхмæ баст,
Уæд дын нæй Арв, – æнустæм дæ бынæй…», 353 ф.
«Нæ дуг фæци ахæм
Æви нæхæдæг æвзæр ыстæм, –
Фыртагъды низ бафтыд
Нæ хъуыды, нæ зæрдæ, нæ митыл!», 357 ф.
«Зæхх барон у, – хæрам уа
Æви фыдчъизи лæг,
Уæддæр ын, – иугæр амард, –
Нæ кæны мæр хæлæг», 364 ф.
«Куы риза Арв дæ сæрмæ,
Куы хъæрза Зæхх сындæг,
Уæд дунейы æфсæрмæй
Фæкæны уд сыгъдæг!», 365 ф.
«А зæххыл Рæстдзинадæй
Ис æрмæст фæцæрæн!», 368 ф.
«Йæ сæрыл алчи уа – бæрзонд хæцы, –
Мæрдтæм дæр цу мæстджынæй, фæлæ худгæ», 391 ф.
«Цард фурдау у! Цæуы, тындзы æнустæм,
Йæ астæуыл тæбынæй рæттæ – мах», 393 ф.
«Фæрæдыдтæ – фыдбылызæй
Тæппудау дардмæ лидз!», 415 ф.
«Æдылыйы фæндаггаг раздæр
Æрцæуы а дунейыл хæрд», 423 ф.
«Цард тынау нывæзт у,
Цинау дзы фыд ис», 427 ф.
«Хорз у царды цин æвзарын,
Хорз у а зæххыл цæрын!», 430 ф.
Цард æмæ адæймаг æмдзу кæнынц. Цард аразы адæймаджы æмæ адæймаг аразы цард.
Фыссæг æнæ рахатгæ нæ фæцис, адæймаджы цард адæймагæн йæхицæй аразгæ кæй у. Дуджы размæцыд æмæ ивддзинæдтæ адæймаджы хъысмæтыл уадиссаг не ‘ндавынц, адæймаджы царды фылдæр хай адæймагæн йæхицæй кæнгæ у. Адæймаг цы сфæнд кæны, цавæр фæндаг равзары, фылдæрхатт уыцы фæндагыл фæлæгæрды зæры бонтæм. Базырджын хъуыдыты руаджы æвдыст цæуы, царды гуыргъахъ фæндагыл æнæфæцудгæ уайын куыд æмбæлы, стæй уæд рогдæр кæй у, уый. Царды стыр нысаниуæг ис адæймагæн. Хъуамæ уарзай æмæ кад кæнай дæ алыварс уæвæг адæмæн, де ‘мкусджытæн, æмбалæн, æмгарæн. Адæмы хорзæх райсын, уый æнцон хъуыддаг никуы уыд, уый райсын сыгъдæг удварн, намыс æмæ стыр хъаруйыл дзурæг у.
Лæг – адæймаг
«Тæхуды, ныр цæрæнбонтæм ныхасæй
Куы фæцæуин нæ адæмæн фыййауæй», 70 ф.
«Лæг æмгарты афтæ хъуамæ уарза,
Арвæйхаст куыссийæ сæ куыд хынца!..», 78 ф.
«Хуыцау дæр нæм йæ цæхæрæй æвзыста.
Бадт топпы фæздæг сау кæмтты тымбылæй.
Дуг царды таг лæджы тугæй æлвыста,
Ыстыхта дзы нæ сау хæхтæ къуыбылой», 106 ф.
«Лæг дæ, уæд ма кæ дзыллæтæн æххуысы
Дæ уды тых, дæ удаив æвгъау!», 114 ф.
«Куыд зын у лæгæн йæ хæдзар ныууадзын,
Фæлæ æндæр хос нæй!», 121 ф.
«Цæй, мæлæтмæ кæй хæссы йæ къах,
Фæлæ хъуыддаг лæгдзинады ис!», 134 ф.
«Лæджы хæстмæ нæ фервитынц кæугæйæ!», 144 ф.
«Уæддæр нæ мæрдты ма фæкæнæм рох
Нæ фыдæвзарæн бадарæм нæ зæрдыл», 154 ф.
«Не ‘ппæт иу ыстæм туг æмæ стæгæй,
У кæрæдзи фенд махæн æнцон», 168 ф.
«Æтт, ирон лæг, дæ зæрдыл дар –
Амæй размæ цæуын дæ бар у,
Нæй фæстæмæ цæуынæн бар!», 194 ф.
«Мард лæг мисхал дæр ницы фæдомы,
Мардæн ницы ахъаз у цырт…», 201 ф.
«Æхсæрдзæн дæр байсыст.
Æрцæуы лæгæн йæ адзал», 206 ф.
«Лæгæн дæр бирæ цæрæнбон нæй, –
Йæ бон æрвырттывдау цыбыр у:
Кæнæ лæджы зарæг хъæрæй,
Кæнæ æнусон цард æмырæй», 207 ф.
«Уый диссаг у: лæгдзинад домы дуг!», 209 ф.
«Сарæхс, бафæраз хъуырдухæн, –
Кæд лæг дæ, уæд кæсаг – дæу!», 211 ф.
«Ном лæггæнæг нæу…», 224 ф.
«Зæххон адæм! Сымах цæрут фæрнæй.
Дæлдонæй адæм не здæхынц фæстæмæ.
Цæссыгæн ис ныхъуырæн, фурдæн – нæй», 226 ф.
«Цы лæг дæ ды? Мæлдзыг дæр дæ фæсайдзæн,
Лæгау нæ зоныс ды дæ сæрæн аргъ?», 229 ф.
«Куы ‘руадзон искуы бон тыхы раз
Мæ сæр, уæд ма фæхуыйнон лæг!», 255 ф.
«Хъуамæ алы ирон дæр нæ зæххыл
Фæд ныууадза,
Лæджы аккаг фæд!», 263 ф.
«Уæздан у лæг: хæрзиуæг дзы куы сæфы,
Æруадзы уæд йæ бæрзонд сæр ныллæг.
Хъæцы лæгау йæхи уды фыдцæфыл,
Æрмæст цæрæд йæ уды хицон – лæг!
Хъæддаг у лæг; хæрзиуæг дзы куы сæфы,
Уæд ыл нæ тыхсы, – зыд æмæ хæлæг, –
Цы сæфы, уый нæ рахаты йæ цæфыл;
Цы йæм бафты, фæвæййы ууыл лæг!», 282 ф.
«Диссаг, лæг кæм нæу зыгъуыммæ:
Цины – сабыр, хъал – зыны.
Куы кæсы æрмæст йæ хуыммæ,
Куы æппæт дуне уыны!», 333 ф.
«Лæг,
æфсымæр,
æмбæхст у, хин у!», 362 ф.
«Кæд лæг дæ, – лæгдзинадæй
Кад ыскæн дæ сæрæн!», 368 ф.
«Адæмы, Зæххы рыстыл
Ды дæ хъару бафтау!», 368 ф.
«Лæг дæ, цæнгтæ дыл разади, уæд кусын
Кæд уыди зын! Уæд дурыл фæцæр!», 384 ф.
«Рæстаг зонд сидтыстæм фæрнæй;
Зæххыл лæгæн лæг у æфсымæр!», 399 ф.
«Лæг уæддæр цæй æгъатыр, цæй гæмæл у!», 401 ф.
«Лæгдзинадæй кæд самайдзæн йæ Фидæн
Уæлæрвтæм лæг!», 411 ф.
«Æгады бæсты – саг лæджы æвæсмард,
Кæнæ мæлæт!», 411 ф.
«Адæймаг зылын уа, раст уа, –
Уарзы а зæххыл уæвын», 429 ф.
Иууыл рæсугъддæр, сыгъдæгдæр уарзондзинады æнкъарæнæй йе ‘взонджы бонты фæхайджын стыр ахуыргонд, уæздан æмæ æгъдау- джын цæхæрцæст ирон лæджы фырт. Стыр ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, уарзондзинад у царды сæйрагдæр æнцойгæнæн. Адæймаджы сисы хæхты бæрзæндмæ кæнæ та йæ аппары сæрсæфæн былæй. Уарзондзинад – сыгъдæг зæрдæйы æнкъарæн, хъæуы йын аргъ кæнын, æмæ хъахъхъæнинаг у цæсты гагуыйау. Хинæйзылд, æнæмæт зæрдæйы ахаст, тыхми нæ уарзы, стæй йæ баргæ дæр нæ кæны. Фыссæджы сфæлдыстады æвдыст сты уарзондзинады æнкъарæны тæлмæнтæ.
Уарзондзинад
«Дзурыс мын: фыдамонд – уый мæ хал у, –
Æз кæй уарзын, уый нæ уарзы мæн…
Æз нымайын: хуры тыны халау
Зæрдæйы фæндонæн нæй уынæн!», 65 ф.
«Цæй, цы кæнон, ныр мæхи цы марон,
Уарза мæ, нæ мæ уарза, – йæ бар у!», 66 ф.
«Ды мæ дзырд, мыййаг, лæгъстæмæ ма ‘мбар.
Кæд дæ ныхас барвæндонæй сайыс,
Уæд дæ фæндаг раст!.. Мæтæй мæ амар.
Зæхх – уæлгоммæ, иу дæ хуызæн нал ис», 69 ф.
«Гъе æмæ цы нæ схъæр кæна æвзаг,
Уый та дын мæ цæстытæ зæгъдзысты», 181 ф.
«Цы ма!.. Цы дæм дзурон фæлмæн, –
Хъæдгомæн нæй дзырдæй æлвасæн…
Ыстæй ды афтæ зоныс мæн:
Сæрыхил – æз, ды та – сæрвасæн», 283 ф.
«Уарзыс, уæд дæ уарзонæй
Иу уысм ма кæн хицæн!
Афтæ кæд нæ базонай,
Уæд – фыддæр дæхицæн!», 323 ф.
«Уарзтай мæ, нæ мæ уарзтай,
Уый ма ныр цы давы?
Мæн фынтæй нынныуæрстай,
Дæу æндæр хур тавы!», 410 ф.
Фыссæджы сфæлдыстады стыр бынат æрцахстой патриотизммæ разæнгардгæнæн базырджын хъуыдытæ. Æрмæгыл цæст ахæсгæйæ, ис зæгъæн, поэт стыр аргъ кæй кæны адæймагæн, рæстдзинадæн, уарзондзинадæн, цардæн (хуымæтæджы цардæн нæ, фæлæ, ирон æфсарм æмæ æгъдау кæм ис, ахæм цардæн). Фыссæг у цыргъзонд, дзырдарæхст æмæ уæззау зондыхицау. Царды тулгæ цалхы фыдты бæстон чи бахсыстис, ахæм куырыхон ирон лæг.
Афтæ ирдæй зыны, йæхицæй фылдæр йæ Ирыстоны чи уарзта, йæ цард йе ‘мбæстаг адæмæн чи снывонд кодта, уыцы зындгонд ахуыргонд, адæмон хъайтар Джусойты Нафийы æргом удварны миддуне.
ДЖИОТЫ Раисæ,
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты
кафедрæйы лаборанткæ