Гренадæ
Балладæ
Уæ Хуыцау, рахызти та æмæ та…
Уанцон нæу, уанцон! Цал къабайы йын ис, зæгъут-ма йæ нымадæй, йæ хæйрæджытæ, уæ хорзæхæй?! Стæй сæ, цымæ, бон цал ивды акæны ног фæлыстгай…
О, хæдæгай, хуыйæг куы у, дæсны хуыйæг, æмæ сæ алы хуызты скæрды ногæй-ногмæ æмæ та сæ цалдæр фæлысты иу изæр æхсæвы ‘рцыдмæ бахуыйы йæ фыдæлтыккон къахæйзилгæ удвидар «Зингер»-æй.
Уæдæ йын уал кæркæ-мæркæ æргъуынтæ-лентытæ дæр йæ чындздзон чырыны æфснайдæй лæудзысты, æндæр сæ уæдæ ‘лхæнгæ кæндзæн алкæд – мой куы скодтаид, æмæ йыл йæ цæрæн хæдзары сыхæгты чысыл чызджытæ куы ‘мбырдтæ кодтаиккой, уæд сын сæ хæрзбыд дзыккутыл, ног чындзæн куыддæриддæр æмбæлы, афтæ бастаид сырх-сырхид бантытæ. Ныр та…
Ныр та сæ йæ рæсугъд зæнгтыл æмхæццæтæй, æддæг-уæлæты бабæтты.
Мæнæ Хуыцауы диссæгтæ: никуы йын сæм фæкомкоммæ йæ къæхты хъулон-мулон фæлыстмæ – йæ галиу къахыл сфæзмыдта нæхи паддзахадон тырысайы фæлгонц, рахизыл та – Уæрæсейы Федерацийы.
Æмæ йæ ацу æмæ бадом, сæрæй рынчыны… Фыр ахуырæй, чингуытæ зыдæй кæсынæй, дам, фæиртæст йæ тыхджын зонд йæ бæрæг бынатæй…
Рахызт та, уæ Хуыцау, рудзынгыл уæладзыгджын агъуысты фатертæм æфтуаны сæр æмбæрзæг шифертæм – дыууæ санчъехы ракæн æмæ… Æмæ фæндзæм уæладзыгæй… кæрты асфальты хъæбæрыл… Риу фæхуыдуг, уд ауазал.
Ахъæр æм кодта, йæ гуыр рудзынгæй адаргæйæ:
– Гъæй, Гренадæ, ма фæбыр!..
Фæкаст æм – уыцы райгонд хъæлдзæгæй йын зæгъы йæ зæрдæздæхæн фæсусбын хъæлæсæй:
– Дæ райсомтæ мын алы бон дæр æгас хорз уæнт, Художник!
– Дæхи райсомтæ та, ацы дуне чи сфæлдыста, уый уазæг!
Гренадæ барæй къæбæлдзыггонд ныхæстæ уарзы, æмæ йын йæ дзуапп уымæн ныздыхта алдымбыдау. – О, фæлæ дын цал æмæ цал хатты загътон, æз художник нæ дæн, нывгæнæг, зæгъгæ! Æз дæн хуымæтæг…
– Æмæ уæдæ уыдонау зачъетæ æд рихитæ цæмæн дарыс?! Стæй дыл фидаугæ дæр кæнынц Репин, Шишкин, Петров-Водкин, Коровин, Тропинин æмæ ма – сæ мыггаг ма сæ «ин»-ыл кæмæн фæцис, уыдонау. О: Говорухин!
– Уый кинорежиссер у…
– Æмæ йын мæн аххос нæу, æз ын нæ миноват дæн, уартæ мæ мамæ Варычкæйы загъдау, – уæрæх гом рудзынджы мидæмæ йæ рахиз къухы стыр æнгуылдзæй йе уæхсчы сæрты ацамыдта.
– Хорз. Художник ном дæр фидиссаг нæу. Фæлæ мын хæдон та мæхи æлхæд хъуымацæй номæвæрæггаг кæд скæрддзынæ мæ фисынтыл барстæй æмæ йæ кæд бахуыйдзынæ?
– Никæд! Никæд дын æй скæрддзынæн болат хæсгардæй, нæ дын æй барæтаудзынæн æмæ бахуыйдзынæн æд ирон æгънæджытæ æмæ сæхтæджытæ… Мæлæты саджы нывтæ æмæ дын фисынтæ куы нæй! Стæй ды мæн мур дæр нæ уарзыс. Мур! Кæд мыл дыууадæс æмæ дыууиссæдз азы сæххæст дысонизæр æмæ ма кæд æнæвнæлд чызг дæн, уæддæр. Æмæ дын æй мæ зыбыты тæригъæдæй уалæ нæ сæрмæ махмæ æдзынæг кæсæг æмæ лæмбынæг хъусæг Уæллаг нæ ныббардзæн – нæу дын æй ныббаринаг. Дæуæн дæр æмæ Уымæн дæр, Уымæн, о, о, о! Мæхи дыууæ хъусæй йæ фехъуыстон, – Гренадæ йæ цыбыр æлвыд мыдхуыз сæрыхъуынтыл иуварс фасæгау ахæцыд æмæ йæм йæ хъустæ радыгай равдыста. – Мæнæ адонæй, ацы дыууæ хъусæй. А у меня абсолютный слух.
– Цавæр Уымæн, цавæр? Ном ын нæй?
– Ис: Политик! Æмæ мæ Уый дæр дæуау мисхал дæр нæ уарзы. Стæй мæ мæ инвалиды пенси зынгæ фæфылдæрæй дæр расай-басай кæны – цалдæр сомы та мын афтауы æмæ – ас-салам-малейкум! Базары æмæ дуканиты уæйгæнджытæн уый сæ хъустыл æххæст дæр нæма ‘рцæуы, афтæ æргътæ Китайы сисы сæрмæ слиуырынц, науæд заманхъуйлаг гопджын кауы, кæнæ та уырысы забор-изгородь-тын-плетень-пряслойы сæрмæ. У целого государства управы на них нет! Самого Его бы…
– Уыцы Его та стыр дамгъæйæ кæй хоныс?
– Кæй, кæй! Иосиф Виссарионовичы, Бесойы сахъ фырты, æндæр уæдæ кæй! Ацы Политик дæр мын дзы хъазæгау хæсты бацыд с недобитыми последышами Остапа – Бендеровцами… Афтæмæй æцæджы мардæй марынц…
– Уый, Гренадæ, Степан хуынди, Бандера йæ мыггаг…
– Дæлдæр ныххауæд, кæм ис, уым æмæ мыггагыскъуыд фæуæд, æндæр мын уæдæ цы зæйц раскъæрдта, цы – устраивают точь-в-точь фашистские факельные шествия по прекрасному проспекту Каштанов Киева – матери российских городов. По Крещатику то есть. Уæд уыцы æлгъыстаджы æмæ мæнгард НАТО, стæй Байден – мертвым найден фæуа, – уыдæттæ нæ уынынц, нæ, саугуырм бауой! Ай дæр: нырма, дам сæм мæ хъæдын цæстытæй кæсын, æмæ дзы куы фондз амарын кæны, куы – чысыл фылдæр. Уæд ын нæй ирон лæгау лæг Сталины бафæзмæн, фашисттæ куыд цæгъдинаг сты Сталинграды, уымæй: сæдæгай минтæй! Стæй, Паулюс сæ сæргъы, афтæмæй та иуцалдæр сæдæ мины уацары райс æрдæгсæлдтытæй, гъе! Мæгуыр уираг лæхъуын Зеленский хæрзаг æцæг ныцъцъæх уаид, посинел бы…
– Паулюсы дæр та хъуыды кæныс?!
– Стæй ма Манолис Глезосы, Анжела Дэвисы йæ прическæ «африканское солнце»-имæ, иннæ ахæм Чомбе æмæ Патрис Лумумбæйы, йæ номыл университет-иу мах МГУ-имæ футболæй хъазыдис; стæй ма Чейы, Геварæйы ома, иннæ ахæм мать Терезæйы, Манделайы… Это юность комсомольская моя, – æмæ Гренадæ иу стыр санчъех сæрсæфæны былгæроны ‘рдæм ракодта.
– Хауыс, Хуыцау дын ма уа!
– Æмæ мын кæд уыд, кæд?! Кæд мын ома уыд дæ Хуыцау?! Æндæр йæ тæккæ цæф æмæ афоныл чындзы нæ фæцыдаин ирон чындзы цæхæркалгæ разгæмттæ-разкъæртты, æмæ мын абон усгур лæппутæ… Хæстхъом лæппутæ авдæй æмæ чындздзон иу цъæхдзаст чызг нæ уаид, Художник. Æмæ ды дæр Хуыцауæй зыбыты рох дæ, æндæр мæ уæдæ цæмæ гæсгæ нæ уарзыс – ахæм зырнæйзылд хæрз-аив къæхтæ мын мæнæ алыхуызон æргъуынты буц тыхт, мæнæ мын чызджы нарæг астæу, мæнæ мын, уæ цæстыты фиутæ кæмæ тайынц, уæ туджы фыцæн, æррагæнæн хос синты æвæрд, иннæ ахæм-ухæм, æвнæлд дæр кæмæ нæ уыди, æндзæвд дæр кæуыл нæ уыди нæлыстæджы къухтæй, уыцы дыууæ адджын несийы. Уæ иу дæр мæ нæ уарзы, æмæ уæдæ æз ардыгæй гæпп кæнын – уæд мыл ацы адзалы коронæйы ковид вирус дæр нал бахæцдзæн æмæ дзы улæфтхъуагæй стыр тухитимæ нæ амæлдзынæн. Мæ сæйгæ мад Варычкæйы уæд йæ тæппуд лæппу акæнид йæ сволочь цъаммар усмæ – мæнæй йын къаддæр нæ фæдардта Изæтæн æхсыр, мæнæй йын къаддæр хæрзты нæ бацыд – æз ын сæ фидын дывæрæй, уый та у подкаблучник дрянь-лæг! – загъта мæстджынæй æмæ дыккаг сæвджын санчъех ракодта былæйхауæнмæ.
– Не надо, Гренадæ!
– Ага, Светловы мын æрымысыдтæ – уый æмдзæвгæмæ гæсгæ мыл, зондзынæ йæ, сæвæрдæуыд мæ ном дæр… – Æнæфау зондмидæг адæймагау фæсагъæсхуыз, ахсджиаг ын цы у, уддудæн зынаргъ, хъуыды рæсуггæнæн, ахæм цыдæр зæгъинаг цыма у. – Йæй, дудгæ фæбадай амæндтæгæнæг æмæ сæ уарæг, кæд мæ мидæг цæмæн басур мæ уарзты æнхъизгæ суадон!.. Кæд йæ билцъыл цæмæн бахус – фыдæлгъыст ыл æрцæуæгау, – мæ чызгон уарзты ракæнон æвзар. Афтæмæй та æз цы уарзтæй уарзтаин мæ туг-ме стæг цоты лæгау лæг фыды!.. Уый ды куы уыдаис, Художник, уæддæр, уæд. Суыдаис æцæг нывгæнæг мæ уарзты фæрцы.
Сæ дыууæйы цæрæн егъау бæстыхайæн йæ иу æрдæг адæргъмæ Нигеры номыл уынджы, иннæ та æмдзæхгæр фæзылд хæхты ‘рдæм тындзæг Бульвары уынджы, æмæ Гренадæимæ сæ фатертæ уыдысты кæрæдзи ныхмæ къуымгонды, фæйнæ хицæн бахизæн-бацæуæны сын æцæг. Кæрæдзимæ сын æрмæст æнцонæй дзурæн, ныхæстæгæнæнтæ нæ, фæлæ ма истытæ баппарæн дæр уыд, зæгъæм, дыргътæ…
– Тынг дзырдарæхст поэт уыд Михаил Светлов – дзуттаг-уирагæн дын уæдæ къуымых æмæ хус, æлхынцъытæ ‘взаг уа! Мæн фæндид, дзуттаг-уираг куы уаин, еврей-жид, уый. Цы худæг у: никто, дам, не видел еврея в ливрее, конопатого-патлатого с лопатой, а вот на войне у них было Героев даже больше нас, ирæттæй. О, æмæ, дам, Марк Аврелий не еврей ли? Йед, стæ-ма, Светлов мæ фæцæйрох кодта, куыд дзыхджын-бæхджын уыдис, уымæн, цæвиттоны хъуыддагæн, дæнцæг æрхæссын. Чидæр æм дзуры хæдзарон здухгæ телефонæй æмæ ныссуйтæ, куы йæ Мишæ хоны, куы Михаил, æмæ йын уæд уый дæр афтæ:
– Да не мучайтесь вы так! Зовите меня просто по-свойски: Михаил Аркадьевич.
Иннæ хатт та йæм æндæр чидæр – йæ хорз зонгæ уыдаид – æмбисæхсæв бадзырдта æмæ дзы хатыртæ куры æмæ куры, схъуырмæ йæ кодта – мæнæ раст йедау, йед… Ныртæккæ, ныртæккæ йын æрхъуыды кæндзынæн йæ ном дæр ма суанг фыды ном æмæ мыггагимæ, кæйдæртау по блату нæ райстон скъолайы сызгъæрин майдан – круглая отличница уыдтæн фæндзæмтæй суанг иуæндæсæмтæм! Нæ йæ зоныс, Художник, куыдз, цымæ, фæстæрдæм цæуын зоны?
– Мæгъа… Никуы йæ фæхъуыды кодтон. Цæудзæн æви нæ цæудзæн… Кæд мын рак нæу…
– А-гъа, уый тыххæй дæр дын радзурдзынæн, фæлæ ай æппындæр куы ницы ‘мбарыс! Рак размæ лæсын, бырын нæ зоны, размæ, – æрмæстдæр фæстæмæ, æмæ иронау йæ ном у мыдзбыр, фæстæмæдзу хæфс, низы джауыр рак та хуыйны къуыдила. О, æмæ кæд куыдз сыдз-мыдзы цæуын зоны, уæд мæм æрбацæуæд æмæ йын æз йæ къæдзилы бын мæ сызгъæрин майдан бацæвон, æндæр мын цы сойтæ смæрзын кодта?!. Цæй фæндагæхсæдæг мын басгуыхт…
А-гъа, æмæ дзы æмбисæхсæв дзурæг Светловæй хатыртæ кæйау куырдта, уый ном дæр æрцыд мæ сæрмæ, ме ‘взаджы кæрон абадти – сæ дыууæйæн дæр говорящий фамилитæ радта фыссæг: нычъчъыгъгъытгæнæг, йæ сæт акалæг Иван Дмитрич Червяков, йæ сæты ‘ртæхтæ кæй лæгуын сæр æмæ нард фæскъæбутыл бакалдысты, уый та – статский генерал Брызжалов. Радзырд та хуыйны æмæ йæ ныффыста, – Гренадæ йæ даргъæнгуылдзджын арм йæ цæстыты сæр аууондарæнау авæрдта æмæ йæм сгарæг-фæлварæгау ныккаст. – Цы у, куыд у йæ сæргонд радзырдæн, Художник, æмæ йæ чи ‘рхъуыды кодта, чи у йæ автор – æмбыд настæ бафтъæр…
– Уæ Хуыцау дын ма уа, Гренадæйы рæсугъд! Цытæ мæ домыс? Æз хуымæтæг лозунгтæ фыссæг йеддæмæ ницы дæн…
– Ма сай, Художник, художник дæ, нывтæ кæнæг айдагъ графитæй. Фæлæ Чеховы нæ зоныс?
– Куыд æй нæ зонын: мæ мадыфсымæр нæу?..
– Æмæ уый ныффыста «Смерть чиновника», уый – мæнæ чи æрæхснырста, уый мæлæты тыххæй. Светлов та æхсæвдзу уазæгæн… А, цæугæ йæм не ‘рбакодта, уыцы хæдзарон телефонæй йæм куы дзырдта уый дæр. Æмæ йын афтæ Михаил Аркадьевич уыцы ‘хсæвдзурæн: «Дружище, не убивайся так! Дружба понятие круглосуточное!»
– Бирæ цыдæр æй уарзыс ды Светловы…
– Дæу цас уарзын, уымæй зына-нæзына фылдæр. Фылдæр та уымæн, æмæ йæ куы базыдта, ракæй рынчын кæй у, уый, уæд куыд загъта худгæйæ, ды афтæ… Ды исты куы зæгъис йæ уавæры, уæддæр æй хъазгæ-худгæйæ нæ зæгъис. Æви? Æви дæ æз бындурон хорз нæ базыдтон?
– Мæн уыцы бынатæй Хуыцау бахизæд! Чердæм ма дзы ис худæн?!
– Ис! Æмæ уæд Михаил адзырдта йæ иу æрдхордмæ, зæгъгæ, дам мæм рак ис, бæгæны рахæсс! Уый дзы лæг у, уый! Дæуæн нæй нæ фысджытæй хорз зонгæ? Хъæдур сæ хус дзидзаимæ чи уарзы, ахæм. Æз ын ахæм сюжеттæ балæвар кæнин æмæ! Пушкин сæ Гоголæн куыд нæ бахæлæг кодта, раст тæккæ афтæ…
– Хъæдур та чи нæ уарзы, уæлдайдæр фæздæгмæ хус фæрсчыты дзидзаимæ!
– Æмæ ма дæ хæлар фыссæгæн фæндырæй дæр мæ уарзон «Ханты цагъд» акæнин. Гæздæнты Булатау кæцæй, фæлæ уæддæр…
– Тынг хорз цæгъдыс – æз дæм уæлхур зæрдæйæ фæхъусын. Бынтон ныйирон вæййын.
– Æмæ исты, мæ хорз зæрдæ æмæ зондыл куы уон, уæд ма йын заргæ та нæ акæнин Гæстæнæн… Хæрзвых хъæдур хус дзидзаимæ куы хæра, уæд.
– Цавæр Гæстæнæн?
– Уартæ Хъарман-Сындзыхъæуæй куы у, мæнæ йæхимæ йæ къух чи систа, химарæг, уыцы чызджы тыххæй куы ныффыста сæвджын-бæзджын чиныг… Йеды-иу рахонæд Гæстæн, зилгæйаджы – уый цыма хорз ныффыста иу зæронд ус Гæццойоны тыххæй, – æз дæр уыйау бирæ дзураг сдæн мæ адзалы къæсæрыл. Куыд хорз фæцарæхст уыцы Гæццойон, куыд: цæрæццаг ма, дам, чи у, цæрынхъус, уый мæнæй къаддæр дзурæд…
А, Художник, æз дын, Джек чи уыди, уартæ нæхи Лæууæндонæй, уый ныхæстæ ‘рхæсдзынæн в вольном переводе с англицкого… Бæрзонд къæдзæхы былæй сæрбынмæ денджызы малмæ чи нывзилы йæхи, уыцы джауыр тæхгæ-тæхыны нымад секундтæм цытæ æмæ кæуылты ахъуыды кæны царды тыххæй, уыдæттæ, дам, былгæрон йæхи тæвд змисы чи банорста, уыдон сæ цардцæрæнбонты дæр никуы бавзардзысты-банкъардзысты. Йæ хъайтар Мартин Иден та йæхи куыд амардта… Цыд денджызы къуырфæй къуырфмæдæр, арфæй-арфдæр æмæ дзы ныххуыдуг… Цынæ мадзæлттæ равзарынц, цынæ, сæхицæн алы хуызты мадзæлттæ фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл, цынæ!
Æмæ дын цыдæр мæстæймарæн, фидисгæнæджы худтæй ныххудт Гренадæ:
– Ау, Клеопатрæимæ дæр та нæ уыдтæ зонгæ? И, Художник, ау?
– Куыннæ! Иумæ Нилы былгæрæтты уæрыччытæ æмæ сæныччытæ хызтам! Кæфхъуындарты рагъыл бадгæйæ тезгъо нæ кодтам!
– Маладес, хъочагъ, Художник. Лæгыл уымæй хуыздæр ницы фидауы: цыфæнды тыхст-уырыд-утæхсæн сахат дæр худ! Фæлæ йыл иу заманты-афонтæ-уавæрты ахæм æлгъыстаджы мæгуыры бонтæ акæны йæ тæккæ цардæнхъæлæй лæгыл, дунейы цард тæхудиаг хорз хонгæйæ, сылгоймаджы та зæды къалиу æнхъæлгæйæ, æмæ йæ ныфсхаст уд уадидæгæн ампылы, йæ зонд æнæбонæй уысммæ атар вæййы. Афтæ та йыл уæд æрцæуы суанг хорз лæгыл дæр, æмæ уарзыны аккаг чи нæу, уындæй та Дзылаты рæсугъд, ахæм æмбæхст уынд æмæ кондджын бакасты норст налаты куы ныууарзы æнæфæлгæт, æнæ арæнтæ-уромæнтæ-сахсæнтæ уарзтæй, ноджы ма ахæм удхор сылыстæг кæйдæр – диссæгтæ æмæ царциатæ! – адджын, зынаргъ, удыгага бинойнаг ус куы вæййы, уæд! Æмæ йыл иуахæмы уыцы Дзылаты ус-паддзах Тамар, хурвæлыст – гуырдзиагау та пиримсидзе – æнæнхъæлæджы кæфойы дзагæй йæ цъаммар уаджы цæхæртæ куы бакалы, уæд, йæхи цæсты мур дæр, мисхал дæр, нуль дæр кæй ницы ахады, уый æвдисæндарæн ничиуал æмæ ницыуал æркæсы йæхимæ нæлыстæг гуырд, куыйты хæринагæн дæр æмæ зæххæй сисынæн дæр нал фæбæззы.
– Фæлæуу-ма, фæлæуу! Æмæ йæ ды та, дæхæдæг сылыстæг гуырд, кæцæй-цæмæй зоныс, уæд лæджы, лæппуйы мидæг цы зилгæдымгæ сысты, цы сылæг мигъ дзы ныббады йæ уды дыууæдоныастæу – раст æм зынгцæхæр хуры цæст дæр куы нал фæзыны, уæд цæмæй зоныс, и, уыцы мидуавæр, боныхъæд? Кæцæй-цæмæй йæ зоныс? Дæ хуыскъ суадонæй…
– Æллæх, æллæх! Нæлгоймаджы бамбарынæн та, вскрытие покажет, зæгъгæ, ахæм зонд чердыгæй хъæуы сылгоймаджы?! Как два пальца это самое… обмочить! Ха-ха и хи-хи… Æфсæрмытæ дæр ма мæ уæнджы ис! Нæлгоймаджы йе скæнæг сугсæттæн фæрæтæй самадта раст Буратинæйау, сылгоймаджы та йе сфæлдисæг сахатгæнæджы пинцетæй фембырд кодта…
О, фæлæ та Зæронд Бæтæхъойыхъæуы Дзæгъæл коммæ афтыдтæн. Райста мæ уырдыгон иу хорз лæг йæ ресторанмæ къустæ-тæбæгътæ ‘хсæгæй, фидгæ дæр мын-иу нывыл кодтой, иннæ амалхъомтæ-фертонтæ та-иу алы чепуха ‘фсæнттæ ‘рымысыдысты: базыдтой-иу æй рафæрс-бафæрсæй, мæ зонд æмæ мæ психикæйæ бынтон æххæст кæй нал дæн, уый. Æрыгондæрæй та сæ-иу мæхæдæг фæлыгътæн арвы талынгтæм ахæм богъдабитæй: мæ уæнгтæвæрды, формæтæ-нывкæрстытыл-иу сусæг-æргомæй се ‘лгъаг, лæджы цæстыфтау цæстытæ ‘рхастой, се ‘рдон мондæгтæ-иу уадидæгæн скуыстой, æмæ дæм-иу æркæстытæ-ныккæстытæ кодтаиккой æцæгдæр «раздевающими глазами»!
Æмæ цал æвзонг чызджы – куыстагурты – фехæлдтой ахæм работодатели, производители сексрабынь для саун, этих, как их… цал эскорт хæрзад осетинка девочкæйы фæзынд сæ фæрцы! Ма сын батайæд сæ тæригъæд, æрбацæуæнт та рæстады ‘нхъæлæй æнауæрдон большевиктæ æмæ сæ æгъатырæй дымгæмæ ныддарæнт!.. Тобæ, тобæ! Фæлæ сын уæддæр нæуæг сæрхъиппы нэпмантæн æз æндæр æлгъыст нæ зонын.
Иу ахæм æхсæнадон-политикон хатдзæг дын, Художник, зыбыты лæвар лæвар кæнын: иугæр кæсаг йæ сæрæй кæм æмбийы, уым адæмы сæфт та цæуын уæд райдайы, æмæ сæ чызг-фæсивæд æгъдау æмæ ‘фсарм куыдзы фæстагмæ дæр куы нал фæдарынц с младых ногтей. Иузаман нæ сæйрагдæр – уæрæседзаутæн! – газет «СевОсетия» куыд фыста… Иу горæтгонд хъæуы скъолайы дын дохтыртæ раиртæстой: 12–15-аздзыд чызджытæй цалдæр къорды уæдмæ æрмæст хæлд нæ уыдысты, æрмæст чызджы кад-цытæй хæлд, фæлæ ма ‘хсинты низæй дæр сæйгæ рынчын, мæнæ суанг фындзтæхор сифилисæй дæр. Ирон – схъæл! – хæдзайраг лæппын чызджытæ!
О, фæлæ кæд райдыдта, кæд йæ цæсгом хæрын ирон сылыстæджы хай – ницы йын зоныс, уæд та хъусгæ дæр никуы ницы фæкодтай? Нæ? Æмæ уæд нæ тарстæ, дæ хъустæ хæрæджы хъустау сдынджыртæ уыдзысты, зæгъгæ, уымæй? Мæнæ та цы тыхджын философи у нæ фыдæлтæн: хæрæг, дам, сыкъатæ агурæг фæцæуæг, æмæ, дам-ма йæ хъустæ дæр ахаудысты!
Мæхæдæг æм æй нæ бакастæн Вахушти Багратионимæ, фæлæ, дам, уый кæддæр афтæ фыста: ирон чызгыл, цалынмæ моймæдзыд нæу, уæдмæ ма андзæвай! Аба-бау! Тугфиддон фæуыдзынæ, фæлæ, дам, ирмæ худинаг уыд, кæмæндæр йæ усæн хæзгул куынæ уыдаид, уæд. Значытты хъуыддагæн, дам, уæд никæй хъæуы, ничи йыл æрвæссы йæ цоты фыдæй уæлдай.
Уый фæстæ та дын Александр Пушкин дæр – уымæн йæ «Арзрум» мæхи дыууæ цæстæй кастæн, – æмæ, дам, «Осетинцы самое бедное племя из народов, обитающих на Кавказе; женщины их прекрасны и, как слышно, очень благосклонны к путешественникам». Æз та йын афтæ фидис кæнын йæхицæн уырысы «наше все»-йæн: «Негоже великому поэту, Сашенька, пользоваться слухами, характеризируя ими женщин целого народа!» Стæй нæ æппæтæй мæгуырдæр цавæр статистикæмæ гæсгæ рахуыдта, кæд æмæ кæм федта иннæ хохаг адæмты?!
Уыдон – гъа, фыдгой кæнæнт, æрмæст нæхи Секъа та, нæхи ирон æмæ уæздæтты-уæздандæр Секъа! Фæлæ уымæн та хъыг у, зæрдæхалæн-цардæнадгæнæн хъыг, ахæм бæллæхы уавæр – аххосаг та цы у, цы ис йæ бындуры, цавæр культурæйы тæваг нæм æрбагуылф кодта, æви нæхæдæг стæм афтæ размæцыд уартæ скифтæй нырмæ?! А-гъа, ай та дын Секъайы цæссыгтæ – кæнæ сæ ссæдзæм æнусы тæккæ райдианты æркалдтаид судзгæ-дудгæйæ, кæнæ та нудæсæмы кæрон. Ох-хына, Художник, цы стæм, цы, æмæ чи стæм, чи, нæ дауджытæ æмæ дзуæртты ‘мвынг бадæг фыдæлтæн?! Стыр поэт Бестауы хатдзæг уа æвронггæнæг растыл банымаинаг: «Нæртон фыдæлты фидиссаг бындартæ»?
Хуыцау нын, Художникгонд, зонд уымæн радих кодта уæлдайджынтæй, суанг ма пылы хайæ дæр фылдæр, сыкъатæ та – нæ, цæмæй нæ архайд зонды хъуыдыйы архайд уа, Хуыцауæн хæлар. Фæлæ йын уæддæр Сфæлдисæгæн хъулон-мулон рауадыстæм, æцæг не ‘ппæтæн сæ мидхъулæттæ уынгмæ нæ зынынц, нæ кæркæ-мæркæтæ. Æмæ, æвæццæгæн, уыйадыл иу лæг иннæ æнæзонгæ лæгæй бар-æнæбары дæр бынтон æдас нæу, йæ мидæг схъиуы, мæнæ-иу æз мæхæдæг, Гренадæйы рæсугъд, куыд тарстæн куыст агургæйæ, афтæ. Ома та мæм ног работодатель нывыл адæймаджы цæстæй кæсдзæн æви къардойнаг богъайы…
Ныртæккæ, Художник, цыдæр ахæм кромола хъуыдытæ зæгъын суæнддзынæн, æмæ мыл рагон ирон патриотау дзырд уады бæхыл ма бахæсс… Йед… Алкæй лауыз дæр йæ мардæн – хæлар, алчи дæр йæ худы бын лæджы ном хæссы, æргом иу чидæр æргом æвзæр куы уа – нæдæр адæммæ равдисынмæ нæ бæззы, нæдæр суанг фаджыстæм аппæрынмæ, æмæ ма афтæмæй ирон куы уа йæ туг-йе стæгæй, уæд…
Нæ! Ахæм историимæ, ахæм кадджын-намысджын цыт-номимæ куыд хъуамæ ма уай æвгъау æвзæрæн, и?!
Хуры цæст мæм нал фæзыны иу æвзæр ирон гуырды азарæй дæр!
Æмæ уæдæ уый куыд у, уый, æмæ, дам, ирон дæн, афтæмæй та дыл фаджыс дæр æлгъ кæнæд! Ничи дæ. Ницы дæ. И уши у тебя холодные. Æмæ, дам, не бери близко к сердцу, айдагъ дæхи гуылы бын æндзар!
Хъыг дын ма уæд, мæ буцæй даринаг сыхаг, но избавь меня от своих комментариев…
Дæдæй, дæдæй, йæ тугцæссыг ын мур дæр ницæмæ ‘рдардтам Секъайæн, уый ма иу æлгъыстаджы фыдох, фæлæ нын йæ ингæн дæр куы фесæфт æвæдæй – куыд нæ ныл фæхуда нæ Хуыцауы уарзæгой зæрдæ дæр, куыннæ! О, уыцы ‘мдзæвгæ стыр у, зæрдылдаргæйæ йæ нæ хъуыды кæнын сæрæй бынмæ æмæ дын дзы прозæйау бакæсон иннæ рæнхъытæ, – Гренадæ фæзылд сæ рудзынджы ‘рдæм, суад уырдæм. А-гъа, аивта йæ фыдвæнд, зæгъгæ, баради Художник. Æмæ сын нырма ныр фæкомкоммæ сæ рудзынгмæ – урс пластикæйæ, йæ тарморæ ахуырст цæстгай схауд, нычъчъизихуыз, йæ рудзынгæмбæрзæнтæ дæр кæдыккон уыдаиккой – сапон æмæ дон циу, уый никуы базыдтой…
Гренадæ рудзынгæй мидæмæ нæ бахызт, йæхи æрдæгæй уæлæмæ баивæзта – йæ дæсны амад зæнгты аивтæ уæлдæрæй разындысты лæджы зæрдæ хъыдзыгæнæн-мондаггæнæн арæзтæй, – райста фæлурс кæрдæгцъæх тетрад, фæстæмæ, уæладзджыты æмхасæны тæккæ былгæронмæ раздæхт дыууæ дæргъæлвæс санчъехæй, рафæлдах-бафæлдах акодта тетрады сыфтæ.
– Æ-гъи, мæнæ ис æмдзæвгæ – йæ сæргонд «Ныры дуджы чызджытæ». Акæс ма, сæ сæрмæ цытæ хæссынц, уымæ. Хæдзарон хорз чызджытæ та урс дадалиджын свæййынц сæ райгуырæн уæзæгыл…
Мæнæн дæр – о, зæрдæхалæн, цардæнадгæнæн сты уыцы хабæрттæ. Æз чи дæн, уый уартæ немыцаг уираг поэт Генрих Гейне, æнхъæлдæн, цыма раджы раиртæста, бæлвырдæй сбæрæг кодта: все трещины мира проходят сквозь… через сердце поэта. Æмæ æз дæр, кæд æмдзæвгæтæ фыссынæй поэт нæ дæн, уæддæр мын ахæм æдылы къоппа удысконд ис, æмæ æппæт дæр, уæлдайдæр мæ Иры, мæ Дыгуры, мæ Къуыдары хъæнтæ-дудгæтæ зæрдæйы арфы-æрфæнтæм фæистон æмæ сæ бастад-тæн! Баст та дæн, бæндибæстытæ баст уыдæттæй! Уарзт – сайæгой, фыдгой, маст – уырнинаг æцæг.
Стæ-ма, иу цыдæр ма дæ, Художник, фæбæлвырд кæнон: уарзон æмдзæвгæ дын нæй, мæнæ мæнæн куыд стыр уарзон æргъомбастæй сты, дæуæн та уæд та ма иу ахæм стих дæр нæй?
– Ау, куыд мын нæй уый та?! Кæд дын, Гренадæ, æнæдуар, æнæрудзынг хъуылæджы нæ райгуырдтæн æмæ не схъомыл дæн! Стæй, уанцон иу нæу, уанцон иу: «Ирон фæндыр»-ы æмбис зæгъон æви сæ фылдæр уа… Арæхдæр-иу кæй æрымысыдтæн бахъуаджы сахат, сæрмагонд хуынды скъоладзаутимæ фембæлгæйæ, уый та:
Если ты гореть не будешь,
Если я гореть не буду,
Кому ж тогда
Рассеять тьму?..
– Ногæй-ногмæ та – ма-ла-дец! Кæс-ма, Пабло Нерудæйы æви Назым Хикметы дæр ма зоныс! А, æцæгдæр Назымы сты уыдон… Гъемæ, мæнæ куыд никæй æмбæлы фæстæзад, æцæгдæр хъуылæджы без окон и дверей райгуырæг æмæ срæзæг, куырм, къуытты, къуымых схонæн, мæнæ! Иукæддæр алчи дæр ферттивы как луч света в темном царстве мракобесия, ацы æнахъинон, æдзæлгъæд, æнæтæригъæд, фыддзæсгом, хæлæгæймард дунейы, æмæ та Хуыцау дæр, Библи куыд хъусын кæны, афтæмæй фæсмойнаг нал вæййы, хæйрæджджын æмæ фæлдурæджджын адæймаджы кæй рауагъта дунемæ, уый охыл. Фæлæ дын æз та мæнæ цы стих æмæ скъуыддзæгтæ бакæсдзынæн – чи у, уый дæр дын фæстæдæр схъæр кæндзынæн… Цæй, дæ сæр дзы хойыс, хъус, тынг хъус, иугæр нын, мæ удыгага сыхаг, ацы бон фыццаг ахæм бон æмæ стæй фæстаг ахæм бон дæр кæм балæварчындæуыд, уым:
Знаю, умру на заре! На которой из двух,
Вместе с которой из двух – не решить по заказу!
Ах, если бы можно, чтобы дважды мой факел потух!
Чтобы на вечерней заре и на утренней сразу!
Пляшущим шагом прошла по земле! – Неба дочь!
С полным передником роз! – Ни ростка ни наруша!
Знаю, умру на заре! – Ястребиную ночь
Бог не пошлет по мою лебединую душу!
Нежной рукой отведя нецелованный крест,
В щедрое небо рванусь с последним приветом.
Прорезь зари – и ответной улыбки прорез…
Я и в предсмертной икоте останусь поэтом!
Æз та, Художник, останусь беспорочной Гренадой, йæхиау, Мады Майрæмæн йæхиау, пусть она с моей грешной стороны не сочтет это святотатством!
О, зæрдæвæрд ма дæуæн цæмæй уыдтæн, уыцы рæнхъытæ – мæ цардвæндагмæ хауынц рæстдзæвд æхстæй:
Пересмотрите все мое добро,
Скажите – или я ослепла?
Где золото мое? Где серебро?
В моей руке – лишь горстка пепла!
Гренадæ йæ галиу къух фæуæлгоммæ кодта æмæ йæ армы дзыхъмæ ныффу кодта, цыма йæ ‘ртхутæгæй сыгъдæг кæны, уыйау.
– Цы мæгуыр у æмæ цы гæвзыкк у йæ уд, йæ миддуне уымæн, поэзи ис-нæй, дзырд аивадон Дзырд кæй у, уый йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæй, уыцы чидæр-цыдæрæн… Мæнæ æз Хуыцауæн дæр ма æнæнхъæлæджы куы бауарзтон дыууæ æмæ мыл дыууиссæдз азы куы атахт дæлбылмæ, уæд дыууадæс æмæ дыууиссæдз азы уаргъджыны! Мæнæй æрмæстдæр аст азы карджындæры. Бирæ мын уарзта мæскуыйаг коньяк «Киновский», Боллоты Таймуразы бæгæны «Кулер», водкæ альфа-спъиртæй конд, æмæ йын сæ уымæн, идиоткæ, æртæ авджы – æртæ нуазæны йæ гуырæн бонмæ йæ сыхаг чызг-сылгоймаг Лимæйæн сæмбæлын кодтон ахæм зæрдæйы сæрдæн цæрвджын ныхæстимæ:
Чтобы видел ты воочью
Женскую красу,
Я тебе сегодня ночью
Сердце принесу.
Æмæ дын мæм дыккаг бон уыцы бынтыбыны згæхæрд усгур Лимæимæ куы ‘рбарвитид, æгæр, дам, фæхъуынадзæф дæ зæрдæ, мæнæ ма, дам, «сорок пять – ягодка опять» куы суай æртæ азы фæстæ, уæд ма – гъа, чи зоны, æмæ ма, дам, дæ мыггаг билцъ суадзынхъом уа…
Гъеуæд æй æз дæр фыдсылы æлгъыстæй ралгъыстон, дæ мыггаджы тырыны ‘взар билцъæй бахус уæд дзæгæрæг хусæй, зæгъгæ… Уæддæр ын бузныг, уымæн æмæ мын уыцы уæрыкуарзаг зæронд бирæгъы руаджы фæхион сты ахæм ныхæстæ дæр – далæ цавæрдæр Елабугæйы йæхи чи ‘рцауыгъта, уыцы стыр чызг-поэты ныхæстæ; мæ уды дыдзы хур та сты уыдон дæр – мæнмæ гæсгæ, Хуыцауимæ у йæ ныхас уымæн, йæхимæ йæ къух сисæг поэтæн:
Когда же, Господин,
На жизнь мою сойдет
Спокойствие седин,
Спокойствие высот?!
Уæд та афтæ рæвдыдтон мæхи, зæгъгæ, æз дæр ме ‘нусон Ахæрæты фæндагыл тъымы-тъымамæ уарзгæ-уарзыны æдæрсгæ, арфæйагæй афæндараст уыдзынæн æмæ Хъаймæты бон Хуыцауы раз цæхæркалгæ, æнæхин æмæ къæйных цæстытимæ ‘рлæудзынæн, уыныс æй, мæнæ йæ ныр мæ фæрцы уыныс, Дун-дунетæсфæлдисæг, æмæ ‘ппæт сылгоймæгтæ сæ адзалы сахат дæс хатты кæй нæ амæлынц фыр тæссæй, уый?..
О, фæлæ ныр та, Художник, кæмæ мæлын хæлæгæй, æххæст дын уый дæр схъæр кæнон ацы æнæфсис дзæнгæдайы сахаты цæфыл. Цы мæрддаг стæм, уæддæр та цы фæсмойнаджы хос Дунейы Фарнæн, æндæр уæдæ бирæ фæлтæртæн сæ уарзон æстдæсæм скъолайы цыппаруæладзыгон фидар бæстыхай ахаф бульдозертæй æмæ дзы араз æмæ араз – долгострой дзы скæн – уæладзыгджын гараж! Ды та дзы уæд æмдзæрæн скæн уыйбæрц фатер, цæрæнтæхъуаг бинонтæн, науæд студенттæн, кæд цыдæр æбæрæг æгъдауæй нал хъæуы скъолайæн, уæд!
Фæлæ – æнæсæрфаты æлдарад… Йæ боны фыддæртæм æрцæуæг заманы дуг. Æнæсæрбос галты цоппай быдиры-быдир, хæдзари-хæдзар.
О, æрбафтыд та мæ зæрдыл: гал стыхст, сфæлмæцыд æфсондзы бын цардæй æмæ ‘мбисæхсæв фæлыгъд йæ хицауы кæртæй. Зилы хъæуæй хъæумæ, хæдзарæй хæдзармæ. Бафæллад, бастад. Уæд иу кæрты ауыдта уæрдон æд æфсондз – бацыд æмæ йæ фарсмæ схуыссыд… Æфсондзæн!
Амай æмæ амай, бетонæй, æфсæйнагæй, фых дурæй йæ схæццæ кæн æврæгътæм адæмы цæстыты æмæ алы хицауады фындзы бынмæ; æнæхъæн дыууадæс уæладзыджы сæртæй йæ ныккæсын кæн Теркмæ, сау фæныкæй фестинаг Къостайы хæхтæм афæлгæсæд, стæй ферхæц, цыдæр æрæфтæд дæ рохст зæрдыл, ракæс уæрæх кастæй дæ сойæхгæд гæртамхор цæстытæй æмæ, дам, йед у… Бындзарæй халинаг! Æрмæст ма дзы уыцы рæзинаг-цæринаг æнæхъом гуырдæн мæнæ мæнæн хæлæггаг ми бакæнын бантыст: уыцы бæрзондæй тæхгæ-тæхын ма йын цас цæуылдæрты уыдаид ахъуыды кæнæн!.. Фæлæ уæддæр цавæр мастæй ныддæнгæл уыдаид йæ хомбыл уд, æмæ йын ма ныббыхса, нывзила йæхи уыцы дзæгъæлы, рæдыдæй амад бæрзондæй?!
Уый та дын, уæ Хуыцау, де ‘лгъыст æмæ фæрнæйдзаг дзыллæты дуне! Дæ тæккæ фыцгæ тугæй, цардыл дæ тæккæ зыдыка æххормагæй куыддæртæй схæццæ у дыууадæс æдзæрæг уæладзыджы сæрмæ æмæ дзы дæхи – ирон дзыллæйы æмæ Хуыцауы ‘нхъæлцау хъæбул! – дæхи… Æмæ, дам, нæй нæхи карз фыд Сосо, æмæ уымæн нæй æнæсæрфат хъуыддæгты фæдыл дæр дзуапдæттæг…
Æндæр уæдæ кæм цæрæм, цы ‘хсæнады, æмæ дзы уый кæцон æнæхъола цæрдтытæй цæрæм, и, скифтæ, сæрмæттæ, алæнтæ æмæ… æмæ… Æмæ кæддæриддæр ир! Æд дыгур, æд хуссар, æд чысан, æд туал, æд быламыхъхъ ир. Котлован дзыхъхъ сфæйлау, дур фæлас, змис фæлас, хъæдæрмæг фæлас, чъырызмæст бетон, миксер кусæд, бульдозер, экскаватор, стæй машинæтæ дзаг гуыффæтимæ дыууæрдæм кæнæнт, сисамайæгæй-къуламайæгæй амайæнт, хъæдгуыстгæнджытæ зæгæл хойæнт, мастерæй, прорабæй, саукусæгæй, нæлгоймагæй, сылгоймагæй Вавилоны мæсыг арвы милтæм схæццæ кæнæнт æмæ йæм хурæмдых прожектортæ ныццаразæнт. Уый та, хъæуыхицау та бакуырм, ницы уыны. Стæй æрæджиау ракаст æмæ: фе-ха-лут æй!
Ногæй-ногмæ хъæрзын æмæ нæтын æнæсæрбос гал-æлдарады æвдисæндар – Сабиты хинайæн цады бынбауæг сæфтыл. О, зымæгæтты-иу уым къахдзоныгътыл ратæх-батæх, сæрдыгæтты та… Зæгъинаг ма дæн фæстæдæр ай тыххæй, о…
Æмæ, дам, цæр; æмæ, дам, хæр; æмæ, дам, гражданином быть обязан. Ау, айдагъ поэт у обязан уыцы хуызы?! И, Художник? Дæуæн ницы ахæм æнæсæрфат, фæлæ туджы аргъ хъуыддæгтæй сауæвзалы кæны дæ дуду, дæ ранимое сердце?
Уæуу, уый цавæр зæрдæ уыд Толстойæн дæр æмæ стæй йæ Аннæйæн дæр, æмæ цæмæй дæхи поезды бынмæ басхойай! Иугæр, дам мæ, Вронский у, Врунский у, кæм нæ уарзы, уæд ахæм цардæй цы аразын?.. Уый æмæ дын бæстырæсугъд Клеопатрæ! Йæ фыдæн, дам, номгæнæг, æви?..
Алы химарæн фæрæзтæ февзарын кодта йæ цагъайраг чызджытæн, зæгъгæ, цымæ дзы кæй фæстиуæг нæ уыдзæн уымæн йæ рæсугъд цæсгом ныффыдынд кæнын… Кобрæйы марг цыма равзæрста… Юли чи у, Юли, мæнæ сæрдыгон мæй июль кæй номыл схуындæуыд, уыцы Цезарь, уый та хъаматæй куы ныссыхырна кодтой сенатортæ, сæ сæргъы Брут, йæ лымæн, афтæмæй, уæд уыцы Юлийæн та йæ фæстаг мæт мæнæ цæуыл уыд: куыд аивдæр æрхауа-æрфæлдæха Сенаты асинтыл йæ пурпур тогæйы… Уый дын дзы лæг! Эрнест чи уыд, уацау «Старик и море» æрымысæг фыссæг, нæхи Хаджийы Испанийы Ксанти чи схуыдта, уыцы Хемингуэй, уый та ууыл нæ тыхст, æмæ йын фæсмард цы бакаст уыдзæн, æндæр уæдæ дыууæхстоны хæтæлтæ йæ комы нæ бацавтаид æмæ… æмæ…
Цы цъаммар хъуынджын зæрдæ уыд уымæн дæр та, уымæн! Уыйбæрц смæсты у дæхимæ, сæнад у дæхæдæг дæхицæн, фæзæрдæцъæх у адæмы дунейæ!.. Цыма мын уый дæр Камюйы æви Кафкайы мæт æвдæрзта, как, дам, жить среди людей, зæгъгæ, чи фарста. Ирон лæг куы уыдаид Хем, уæд зыдтаид фыдæлты фæдзæхст, цæрын цыфæнды уавæрты дæр фидинаг хæс кæй у, æнæмæнгæй фидинаг хæс Хуыцауы раз, мæнæ дзы иу мæлæт куыд дарæм, раст тæккæ афтæ. Оппа! Уый та мæнæ мæхицæн загъдæуа ныр – йæ тæккæ цæфыл: перед приведением приговора в исполнение…
Хæдæгон, нæ йæ раиртæстай ды дæр та, Къоста чи у, Хетæгкаты Леуаны иунæг фырт, Гуыбаты хæрæфырт, мæнæ адæмы мæстæй – кæрæдзи кæй нæ уарзынц, уый мæстджынæй – йæ мæлæты размæ Цоцко, Бæбу æмæ Баситы Михалы куы фæдзæхста, уæ кæрæдзи уарзгæйæ цæрут, ме ‘фсымæртæ, зæгъгæ. Сæххæст кæнын кæмæн нæй хæстæгдæр мин азы дæргъы, ахæм фæдзæхст… О, æмæ дæумæ дæр та нæ разындзæн, мæ уды хус билцъ гага, дзуапп уый – нæрæмон Къостайы – уыци-уыци æмæ базон-базонæн:
Амонд… æрра дæн, цæй амондмæ дзурын!
Ацы рæстæджы та амондджын чи у?
Нæ, æз Хуыцауæй æндæр цыдæр курын…
Базон-ма, циу?
– Ныр мын Къостайы та афтæ дæрдтыл амоныныл цы сбæндæн дæ? Кæд дын æцæгдæр æмыр æхгæд боцкъайы хуылфы нæ райгуырдтæн æмæ нæ базæронд дæн…
– Уый дæ афтæ чысылтæ амæстæй марон, ракъахон дæ, цымæ, зæгъын, лыстæнты артыл куыд тагъд рафыцис… Уæддæр, цы куры Къостайы лирикон герой Хуыцауæй, и, Художник? Нæ зоныс, нæ! Æз та йæ рагæй дæр зонын, фæлæ уыцы сусæг мемæ хæссын, уымæн æй хæссын, æмæ мын уæ иу дæр Къостайы иннæ фарстæн дæр никуы бауæндыдаид æмæ ма суанг абон дæр нæ бахæсдзæн йæ ныфс æргом дзуапп раттынмæ – мæнæ Къостайы ацы фарстæн, ирæтты ма уымæн йæ ирон удысконд, уый ирон лæгдзинæдтæм æнусты сæрты цæуын кæмæн бахъæудзæн, уыцы амондджынты-амондджындæр æмæ æнамæндты-æнамонддæр лæджы фарстæн, мæнæ амæн, мæнæ:
Ацы рæстæджы та амондджын чи у?
– Дæ сæр дæр æмæ мæ хылы-мылы сæр дæр цæмæйты æнæнцой кæныс! Цæр, цы цард дæм æрхаудта Хуыцауы фæндонæй, уымæй… – æвиппайды удаистæй фæкодта: – Гренадæ! Мауал фезмæл! Хауыс…
– Кæцæй хауын? Цы цард мæм æрхаудта Уæлладжы тæрхонæй, уымæй? Æмæ кæдæм хауын, уым дæр та, ау, ничи у амондджын ацы рæстæджы?
А, куы ахауон æбæрæг кæцæйдæр тьму-таракань кæдæмдæр, æмæ кæд мæныл дæр цæссыгызгъалæг разына, æгæуæг кæд нæ уон – цы нæ вæййы цæстмæми ирон адæмы ‘хсæн! – уæд-иу, мæ сынты уæлхъус афтæ куы бафæрсой, чи ма уæ зæгъдзæн, зæгъгæ, уæд-иу дæм уыцы ныфс разынæд ахæм ныхæстæн: «Гренадæ, æнæмаст сыхаг нын уыдтæ, къорд азы дæ сæйгæ ныййарæг мады раз хъæбулы хæс уæлдайджынтæй фæфыстай, æмæ, уæлæуыл удæнцойæ цы нæ бавзæрстай, уый дын Хуыцау æцæг дунейы удыбæстæйæ баххæст кæнæд. Барастыр дæм мæрдты ‘гъдауæй мацы тæригъæд раиртасæд, æмæ йæ рахизæрдыгæй дзæнæты цъæх нæууыл – дæ бадæн, Дзæм-дзæмы суадоны гуырæнæй дæ ком – æнхъæвзт, йæ донуайæнæй дæ арм – æхсад, нæ хъыг-рыст æмæ дзыппы фæлхас, нæ цæхджын цæстысыг æмæ къахфыдæбон дын – ахъазгæнæг, уды хæларæй дын фæлдыст уæнт дæ фæндаггæгтæ, тæхгæ маргъы пакъуыйау рог æмæ дын мады хъæбысау та адджын – нæ дурджын хæхбæсты зæхх, афтæмæй æнусон рухсы рухсаг у!» – Гренадæ ныххудт йæ кæлкæлгæнаг æвзист хъæлæсæй, куыдæй æвзист у – мæгъа, фæлæ уырыс куы фæзæгъынц «серебряный голосок», уæд ирæн не ‘мбæлы… – А-гъа, мады хæс дывæрæй фæфыстон, загътай… Зæгъдзынæ, о, афтæ. Кæд, дам, денджызы донæй дæр æмæ дæ армытъæпæны дзыхъхъы хъайла сурвых куы скæнай дæ ныййарæг-схæссæг мадæн, уæддæр ын йæ хæс нæ бафиддзынæ, уæддæр, уæд!..
Сæ рудзынджы мидæгæй мæллæг хъæлæсы тæнæг хъæр райхъуыст:
– Гренадæ! Цы та ‘рбадæ? Уæуу, гæппыдо, иу хатт агæпп лас æмæ мæ мауал мæстæй мар! Рауай-ма!
Фæстæрдæм дæр æм нæ акаст чызг, æрмæст, уæлдай кæмæн ницыуал у, ахæм удвæллады хъæлæсыуагæй загъта:
– Ай мæ уд у æмæ дзы … æмæ дзы… Систа та фæдис… Цымæ ма ацы дунейыл сæйгæ рынчынмæгæсæй мæгуырдæр исчи уа? Уæдæ йæ Пушкины Онегин йæ дядяйы уæгъды ‘лгъыста, когда же черт возьмет тебя, зæгъгæ. Æмæ стæнæг, баихсыд мæ уд – рухс дзы иннæрдæм хизы. Чысыл дзы фæиуварс дæн, нал мæ уыны Варычкæ йæ цæстæй, зæгъгæ, уæд та йæ хъаст Хуыцаумæ сыскъæфы. Нырмæ та фæдис уымæн нæ кодта, æмæ йæм хуыссæнмæ дзæбæх зындтæн.
Йед, æххормаг дын нæу, Охломон? Æллæх, фæрæдыдтæн, чысыл фæстæдæр дын æй зæгъдзынæн, афтæ дæ цæмæн схуыдтон, уый. О, нæу дын æххормаг, Художник? Ахæм хъæдур сфыхтон хус дзидзаимæ, æмæ де ‘нгуылдзтæ сдæргæ-сдæрыны дæ хъæлæсы аирвæздзысты. Хус дзидза цы зынаргъ у, уый та – килæ минæй дæр фылдæр кæны, уартæ йæ Стыр базары дуарджын павильоны бацæуæны рахизæрдыгæй дыууæ усæй уæй кæнынц, æцæг сæ иумæ даргъбырынкъджын зæхкъахæджы фыд у, иннæмæ – æнæмаст роды…
Æмæ нæ хæдзары, кæд пысылмæттæ не стæм, уæддæр нæ уæларт хæмхутджыны дзидза никуы уыд фыдæлтæй нырмæ – нæ йæ агуырдта зæрдæ, о… Хъæдур та дыууæ хатты рафыцинаг вæййы – фыццаг хатт æй, куы рафыца, акал, йæ дон ома, стæй йыл ногæй уазал дон ауадз æмæ та йæ рафыц æмæ йæ хорз фæфыц – уæд гуыбындымст хъуамæ мауал кæна, – æмæ та йыл худæг бахæцыд, ахæм хъæлдзæг худын, æмæ дæ ницы хуызы бауырныдтаид, уый, йæ зонд кæмæн фæхъыгдард, уыцы чызг-сылгоймаджы риуæй кæй ивылы ахæм удфæливæн худт.
– Нæ, бузныг, Гренадæ, – хæрдджын дæн. Фæлæ ды та крышæйыл мидæгдæр куы балæууис, мæнг агъуысты уырдыг сæрыл…
– Уагæр дæ цæмæй хорз федта Эсмеральдæ, де ‘ртыккаг ус, и?
– Уыдоны та мын кæд банымадтай? Мæ устыты…
– Ау, ам, нæ тæккæ ныхмæ цы ‘ртæ азы цæрут, уыдон мын фаг нæ уыдысты дæ къæбæргæнджыты банымайынæн, и? Мæ зонд мæнæн цавæр зонд сси, уый ныр у биноныгæй фæрсыгъд зонд, рæсуг зонд, царды змæст, йæ лакъон дон куы ‘рбадт мæ фыдæбойнаг сæры, уæд дзы рауад сыгъдæг зонд, фæрсыгъд рæсуг зонд. Æмæ мын скарста: цас уæ фылдæр уарзтон, мæ хотæ æмæ ‘фсымæртæ, мæ мадæлтæ-фыдæлтæ, уый тæккæ ‘мбæрц та мын утæхсæндæр, маройагдæр, удниздæр-удæууилæндæр уыдысты уæ галиу митæ æмæ хæрæмттæ – короче æмæ одним словом, ирон хъал æмæ сæрыстыр адæмæн сæрмæхæссинаг цыдæриддæр нæу, уыдæттæ! Раст-иу мæ уды стæг æхсыдтон фыр мæстджын, фыр удхайрагæй, мæ уды сидзæр ахастæй. Гъемæ мын уыйадыл цæссыгсайæн, зæрдæ уынгæггæнæн дæр нæу уыцы æнæ мадзал адзал дæр – холодный мрак могилы меня тоже давно манит безвестностью своей… Ох, ацы фыр зондджынæй зондхæлд, зондæфхæрд Къоста, ацы!..
Адæмы хорзæхæй æмæ, дам, Хуыцауы хорзæхæй уæлдай нæй, фæлæ, дам, куыдфæнды-цыфæндыйæ дæр адæмы фыдæх фыддæр у Хуыцауы фыдæхæй. Фæлæ ма æз цардæй æвæллайгæ æмæ æнæфсис кæд уаин, уый уæд, æмæ хæрзгæнæг хорз кæм федта, уырдæм мæ искуы куы ахуындæуыдаид, уыцы Терк-Турчы аргъæутты бæстæм. Æрмæст – ох-хай: «Мечты, мечты, где ваша сладость?..»
Адæм!
Æрцыд фыдæлты æви, сæрмагондæй, Санаты æгъуыстаг Семы ныхас, йæ пророчество, зæгъгæ, хуыдзарм, æрчъи æмæ сæрак дзабыр баиу уыдзысты, хуыдзармæй дзабыр, дам, сæрак местæй фæуæлдæр уыдзæн, фæуæлбикъондæр, къахæй æмæ сæрæй къуылыхтæ та, чырæ фæстæрдæм куы раздæхт, уæд фæразæй сты – ома, рожденный ползать стал управлять полетами, халон цæргæсæн арвы бæрзæндты тæхын амоны, фæлæ уæддæр мæ зæрдæ ахæм парахат уæрæхты зæрдæ нæу, æмæ дзы мæ уарзт бацæуа, мæ уарзт зæххон дунемæ, нæ хъæздыг мæгуыр Ирмæ уарзт, гъемæ йын мæлæтæй æмхасæн скæнинаг уымæн свæййын, уымæн, Художник!
Стæ-ма, мæ адджын сыхаг рудзынг, æххæст дын мæ зæрдæйы уды рæбинаг сусæгтыл дæр басæттон – хуыздæр хъусæг ма мæм уæдæ Ставд-Дуртæй Бицъоты хорз Грис ссæудзæн… – Гренадæ йæ сæр додойгæнæгау бауыгъта, дæргъвæтин ныуулæфыд, цъус афæстиат, стæй, зæрдиагдæрæй зын зæгъæн у, ахæм хъæлæсыуагæй дзуры:
– Йæх-х, Хуыцау, Нарты æцæг бардуаг Сатанайы загъдау, мæхи Хуыцау, æмæ… Æмæ ма мын уæлæмхасæн уыцы хорзæх дæр Дæ рæдау цæст куы бауарзид, цæмæй уым, æнæсгæрст Мæрдты Бæсты дыууæ-æртæ мæйы исты куы фæуон, йæ къуымты æмæ йын йæ фæтæнты æнæфсис зыд цæстæй куы аракæстытæ-афæлгæстытæ кæнон, уæд ма мын йæ дзæнæтæй дæр мæ зонгæ фыдæбойнаг дунемæ фездæхыны фадат-гæнæн куы уаид!
Раст къуырийы æмгъуыдмæ зæрдæ æмæ уддзæттæ уаин фæцу æмæ ма ‘рцуйы æгæрон фæндагыл абалцмæ. Æрмæст цыфæндыйæ дæр тæхудиаджы хурдзаг дунейæн зæгъин, хорзæй баззай, дæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт, зæгъгæ.
Фæлæ – ох-хай!..
Цыдæр ныфссаст, тæригъæддаг мæллæг худтæй бахудт, сабыргай базарыд:
Мæлæтæй нæ тæрсын,
фæлæ мын мæ фæстæ,
Зæгъут-ма, хæлæрттæ,
кæмæн уæ хæлдзысты
Фыр куыдæй йæ фæрстæ?
Никæмæн! Уый дын трагедиты трагедидæр: царды мидæг куы никæй ахсджиаг уай, уæд. Уыйау ма уыд поэт Чехойты Сæрæбийы уавæр, Гитлеримæ хæстмæ цæугæйæ ныффыссæгæн:
Ничи мын загъта «Фæндараст!»,
Никæмæн загътон «Хæрзбон!»
– Æви?.. – йæ къубал раивазæгау кодта, æдзынæг кæсы йæ ныхасæмбалмæ. – Æви мыл уæд та ма, æппынфæстагмæ, ды уæддæр æргæвддзынæ дæхи, и, лозунгты дæсны? Мацы срæди, нæ мæ хъæуы дæ дзуапп рæвдыды тыххæй дæр…
Цы бæстывæрд равзæрстой нæ зонды къуыбылой фыдæлтæ, цы: уый дын æмæ Арвы комыл иу фæндаг Фæскавказмæ, дыккаг фæндаг та – тыхамæлттæй дæр фæуæд райдианты – Ручъы æфцæгыл. Æмæ нæ хæхтæ та, нæ фыдæлты ирвæзынгæнæг хæхтæ! Куыд разынд ам цæрыны фадат дыдзæсгæмттæн, нымудзджытæн, æвзæрты цæгъдынмæ чи фæраздæр уæвинаг уыд, ахæм æвзæрты-æвзæрдæрæн, и? И, Секъа, и, цæмæн бадтис æмæ та куы бахъæуа, уæд та ирон адæмы ‘хсæн дзырд уады бæхыл цæмæн бабаддзæн?!
Мæ судзгæ цæхджын цæссыг та æркæлы мæ уды уынгæгæй, мæ риуы æмбойныйы цъæхарт ссыгъдæй, куыддæр та Михаил Юрьевичы – уыцы лæппуйæ зæронд лæджы! – ныхæстæм куыд фæкомкоммæ вæййы зæрдæ, афтæ:
Как сладкую песню Отчизны моей,
Люблю я Кавказ!
Уæдæмæ ма дын уый дæр у зонинаг, Художник, мæйдарзæрдæ лæг, мæнæ уый: бирæ цæрын уымæн нæ фæтчы, æмæ йæ уæд базондзынæ, дæ хуыздæр лымæн æнхъæл кæмæй уыдтæ, дæ уарзондæр æмгар кæй хуыдтай, уый дæ фыддæр фыдгул кæй у æцæджы хъуыддагæй та!
Ох-хына, нана, æмæ – тæхуды, уæлхур уæлæрвтæм цæрдудæй чи фæтæхы! Уæд æз дæр æцæгæй зæгъин:
Хорзæй баззай, Зæххон Дуне!
Стæй ма цы зарæг кæнин – уый та ирон сахъ æвзагæн йæ алæмæты арæхст æмæ йæ аивтæн ирд æвдисæндарæн:
Ой-гъой, Битарты хорз Хъайтыхъо –
Хуссары мырмыраг
æмæ цæгаты булæмæргъ!
Стæй мæнæ ацы дзырдбæстытæ цы ‘взаджы исбон сты, ууыл сымах, гормон ирæттæ, куыд былысчъилтæ кæнут, æцæгæйдæр, æцæгæй – Ирон рындзæй рахаугæтæ – æндæр уæдæ дæ ныййарæг мады æвдадзы хос æхсыр туаг куы хонай, уыйау! О, мæнæ ацы сызгъæриндонытылд дзырдбæстытæ: «Фыды хæрам æмæ мады уазалы схъомыл сты…», «Арвæн айдагъ иу фæдæг куы уаид, æмæ йæ ‘рмæст уый куы дæид!»
Мæнæ уыцы ирон гуырд та цы тæхудиаг зæрдæвæрæг уыд, цы! Æцæг, мæ цардæнадгæнæн хъыгагæн, афтæ мæнæй нæ дзырдта:
О, гъой, Æрджынарæджы, дам, Елхоты гæмæхтæ!
О, гъой, мæнæн мæ иунæджы зарæг
чи ныккæна,
Уымæн куы ратдзынæн, уымæн,
мæ хоты дзæбæхдæр!
Уæдæмæ цы куыдзæйгуырд дæсны, цы зонаг зæрдæйы хицау уыд, Андрей чи уыди æмæ ма Вознесенский дæр, уыцы поэт, уый йеддæмæ куыд сраст кодта лæгты удхор æмæ удæфсæст Мерилин Монройы, йæ къух йæхимæ кæй систа, уый тыххæй:
Я баба слабая. Я разве слажу?
Уж лучше – сразу!
Уый дæр бæззы: сразу, кæнæ та иронау, сразым, фæлæ æз дæр æппæтæй тæхудиагдæрыл нымайын Къостайы хæлæг – «Хорошо умереть в ее годы»… Ома, ‘взонг сабийæ, циу цард, циу мæлæт, уыдæттæ ‘мбарынхъом куы нæма уай, уæд. Æрмæст та уæддæр разы, Хуыцау, Дæ сойджын ракæндæй.
О, æмæ мын ды лозунгтæ фыссæджы рæсугъд дамгъæтæй мæ цыртыл афтæ ныффысдзынæ:
Ма дзы тæрсут мæлæтæй:
Саламтæ уæм дзæнæтæй,
Фæлæ, хорз ирон адæм,
Ма тагъд кæнут ардæм!
Мæнæйуый та фæрæвдз и:
Цæрут æмæ хæрут…
Кæрæдзи!
Ха-ха-ха!!!
Хъусыс, гуылмыз Художник, ха-ха-ха дзы æнæмæнгæй фыссинаг у: уадз æмæ æз, чи йæ кæса ацы эпитафи, уый цæстытыл хъæлдзæг худгæйæ уайон.
Ацы адзалæн мадзал амал Камал чи у, уый-иу хатгай антимарксистон рæнхъытæ фыссынмæ дæр бауæндыд, йæ уираг, йæ тыгуыл цъæх дуртæ уæлæнгæйтты бæмбæджы атухгæйæ, æндæр æй куыд нæ æрфæрстытæ кодтой мæнæ ацы антипартион стихы тыххæй: «Егъау дисы мæ бафтауы нæ царды уаг»? Стæй мæнæ адон та, адон: «Дызæрдыггаг у алцы дæр нæ зæххыл. // Цы ‘рттивы, уый æрттывды аккаг нæу». Ома, Камалмæ гæсгæ, сияющие вершины коммунизма дæр, сиять кæной, уый аккаг нæ уыдысты. Аирвæзт сын цæттæ знаг…
Ацы уырыс дæр дзы иу дзырдарæхст фæвæййынц æмæ: «Наше житье-бытье – встал утром и за нытье!» О, уый хæдхæцæг паддзахады рæстæджытæм хауы, æндæр ма йæ уæдæ исчи иу уæлахизæй иннæмæ цæуæг дуджы срæдыдаид – цардарæзт рæстдзинады цæрæнбынат никуыма уыд…
Цас чингуытæ бакастæн! Раст Зилгæйы хъæууон библиотекæйы фаг – уым куыста мæ мады мадыхойы чызг Фатимæ-Бакки, бирæ йæ уарзтон æмæ-иу æм æнæзивæгæй ныууадтæн, æцæг, хъæрццыгъа дæр цы афтид армы нæ бады, ахæм афтид къухæй никуы. О, æмæ йæ ницы хуызы, ницы амалæй æрхъуыды кæндзынæн, кæй чиныджы йæ бакастæн, уый – Гроссманы, Владимовы, Симоновы, Баклановы, Бондаревы, мæ уарзон Гранины, æви кæй… Ницы ахæм хабар уыд, ницавæр героический подвиг, фæлæ мæ цæмæндæр абоны онг уартæ кæдæй нырмæ нæ ферох, ныффидар мæ зæрдæйы къæй фæйнæгыл…
Цæвиттоны хъуыддагæн, хæсты арт йæ тæккæ гуыргуыргæнгæйæ у, йæ тæккæ зынг цæхæрæй. Дыууæ блиндажы фæрсæй-фæрстæм. Иу салдат дзы йæ изæр сыхæгты в три наката блиндажмæ бахаста. Æмæ сын цыдæртæ дзуры æмæ дзуры, алы таурæгътæ сын лæхуры, мысы цæссыгхæццæйæ хæсты размæйы цард, йе ‘ххормаг-бæгънæг, фæлæ уæддæр амондджын сабидуг. Схъуырмæ сæ кодта, судхайраг фæлмæцыд. Æмæ йæ йæхæдæг дæр æгæр хорз дæр ма ‘мбары æмæ сын афтæ:
– Уе сæфт мæ ма фенут, уæ уæнгæл – мæнæн, бауырнæд уæ, сымахæй куы ацæуон, уæд мын сахатæй фылдæр цæрæнбон нал ис. Цы ‘рцæудзæн æмæ куыд уыдзæн, уымæн та йæ бæлвырд нæ зонын…
Æмæ – ацыд сæхи ныккæндмæ. Æмæ йын дзы иннæтæй уæлдай улæфт нæ фаг кодта æмæ, риуыдзагæй сулæфтытæ кæнон, зæгъгæ, схызт уæлæмæ. Æмæ-иу кæд немыц æхсæвыгон уыйбæрц не ‘хстой, паддзæхтæ ‘хсæвыгæтты нæ хæцынц, зæгъгæ, уæд ныр та сæ сармадзантæ, цыма фенæхицау, февæгæс сты, уыйау сагъуыдысты. Æмæ дзы кæцыдæры нæмыджы схъис йæ мæлæты хæд размæ дзырдмондаг æфсæддоны къæмисæн ссардта…
Иннæ хабар та дын, Художник, ахудыны охыл ралæхурон. Кæм цыд оперæ «Кармен» – Ла Скалайы уыдаид, Метрополитен-оперæйы, фæлæ дын дзы æрыгон Кармены ролы хъазыд цавæрдæр дæрдджын æмæ гримы фæрцы дæр чи не схæрзуынд, ахæм сылгоймаг. Гъемæ йын театрдзаутæ хъæр кæнынц сценæмæ йæ уарзонмæ, фæстæдæр æй чи хъуамæ амара, уымæ: «Хосе, убей ее скорее!»
Гъы, ды мæ нæма дæ маринаг? Тæхудиаг æрбауа, иу хорз лæппулæджы къухæй мæрдтæм чи бацæуы! Фæлæ та кæм уа уый дæр, уый – цæрынæн бæллиццаг амонд куыд нæй, афтæ адзалы табуйаг амонд дæр кæм уа?..
Ох-хына, нана, мæнæ мын æцæгдæр дзырдæфсис куыд нал ис – адзал мын мæ къæбутмæ йæ ихуазал комытæфæй ма улæфæд, ма… Мæ зæрæстон сæрымагъз алы ралæмаринæгтæй байдзаг, сæ гуыв-гуыв æмæ дыв-дывæй, мыдыбындзытæ цыма сæ фæзгъæр мыд сур кæнынц, уыйау у йæ уавæр мæ сæргой сæрæн. Фæлæ та уæддæр здæхын Маринæмæ, Дидинæгаты чызгмæ, бæлвырддæрæй та йæ дыууæрæнхъонмæ – æцæг поэт хъуамæ Маринæйау уа кæлæнтæгæнæг, хуыздæр ыл уæдæ цы фидауы дзырды ахорæнтæй нывгæнæгыл, дæуау сау графитæй нæ, фæлæ. Цæмæн ын бацæгъды поэтæн йæ хъусы Хуыцау ахæм ныхæстæ – мæ зонд бынтондæр цæмæй фæцæуа, уый охыл? Мæнæ ахæм æнахуыр диссаджы рæнхъытæ:
Я сижу на дне ручья,
Я пою и я ничья.
Омæ æз дæр, æз, Гренадæйы рæсугъд, – мæйты мæйрухс æмæ хурты цæхæр æрттывд, – æз дæр, суанг ма æз дæр ничья дæн, æппындæр а дунейыл никæй æмæ ницæмæн хъæуæг – нæдæр армыдзаг уарзты цинæн, нæдæр арвыдзаг зæрдæ саугæнæн мастæн.
Уый Достоевскийы Соня Мармеладовайы трагедийы æмсæр бæллæх у, чи зоны, æмæ ма уæззаудæр – уымæн, кæдæм ацæуа, æнхъæлдæн, ахæм бынат нæ уыд, фæлæ йæ уæддæр уарзæг уыд, мæн та…
Æмæ уæд, – Гренада та йæ къухтæ арвмæ сивæзта, – уалæ уым кæмдæр и Хуыцау, мæн дæр фæсмойнагæй сфæлдисæг, мæн, Цæмæхъуыды, уæд циу мæ нысаниуæг, мæнузæгъæг кæмæн нæй, уыцы удгоймагæн? Нæй дзуапп: Хуыцау цы аразæг-кæнæг-амайæг у, уый – æдзæмæй, æппæты ‘вастæй, уымæйты йæ бадомæг нæй – нæ фæтчы нæ дунейы скондмæ гæсгæ. Уый никæмæн загъд у нæдæр æнæбазыр зæххонтæй, нæдæр базырджын æрвонтæй!
Афтæмæй та ма уæдæ цæй охыл, цы боны хорзæн дæн зæрдæдзагæй, риунæрстæй уарзынхъом – зæгъæм, допустим, например, возьмем, скажем мæнæ афтæ: æз чи дæн, æз, уый æгæр, куыд не ‘мбæлы айдагъдæр йæхи гуылы бын æндзарæг адæймаггондæн, удмидæг уырдыгхъæдæй мардæн, афтæ æнæкæрон, æнæбын, æнæарæнтæ уарзтæй уарзын… уарзтон нæхи ирон фыдæлтыккон цардыуаг – ацы мæнгард дунейы иунæг удлæууæн хорздзинад. Фæлæ рæстæг дæр йæхионтæ кæм уыд æнæ кæнгæ, æмæ-иу хатгай иуæй-иу фæзындты фæразмæцыддæр стæм. Зæгъæм, кæд, цы дуджы-заманты уыд уый, æмæ ирон хæдзарон чызг дæр къахдзоныгътыл йæхи ирхæфса цъенгæсалд ихыл?!
О, æз сын Сабиты цады сæфт мæрдты дæр нæ ныххатыр кæндзынæн – мæ рухсдзæфдæр, амонды æмдых мысинæгтæ уыимæ баст сты, Къостайы загъдау, всеми фибрами души. Æвзонг чызгæй мæ-иу мæ дзæбæх, мæ зынаргъ, мæ адджын фыд Æмзор, Азæмæты сæрыстырхос фырт Æмзор, сæрдыгæтты-иу мæ кæдæм бакодта – сабиты хъæлæбайæ горæтаг дуне цы цады цардæй фидыдта, зымæгæтты та-иу кайноччытыл фигуристты цъыгъгъуыттытæ кæм фæзмыдтон йæ дæвдæг ихыл – уæд-иу зымæг дæр цыма бæлвырд хъызтдæр хаста, миты хъызт-хъызт-иу къæхты бынæй Терчы фаллаг фарсæй хъуыст! О, о, æмæ уыцы Сабиты цадæн нæ гуыппырсарты цардæфсис цæстыты раз цытæ бачындæуыд, уымæ Хуыцау дæр – цы зонын бæстонæй, уый зæгъын! – уымæ, уыдæттæм уалæ Хуыцау дæр æнæ тугдзæссыгæй кæсын куынæ быхсы, уæд… уæд… Уæд ахæм фыдвæнд-фыдгæндты зæрдæтæ цы ‘лгъыстаджы ‘рмæгæй конд сты?!
Гуыппырсартæ, дам…
Адæмы лæгтæ, дам…
Нацийы хъæбултæ…
Сæ Дворянский клубмæ иу заманты Камалы дæр бафæндыд бахауын, фæлæ уымæн йæ дзыпп нæ амыдта кæмæндæр донуадзæн хæтæлтæ самал кæнын, иннæмæн – йæ хæдзары сæрæн шифер, аннæйæн – сæ кæрты сабитæн дзедзыройтæ-херытæ скæнын… Цыма уыдæттæ депутатмæ хауынц закъæттæ исыны бæсты!
Адæмæн иунæг зындгонд лæг уыдаид кæдæй-уæдæй се ‘хсæн, как черти из табакерки, скъаппы хæйрæджытау чи фæзыны æвзæрстыты кампанийы бонты, уыдонæн æмæ… æмæ, дам, халæттæ- цъиахтæ-сынтыты æмбырды урс бæлон кæцырдæм фидауы?!
Дæ дзыхыл, дам, хæц æмæ дзидза хæрай! Уый та дын, ныр глубинный народ, зæгъгæ, кæй схуындæуыд, уыдоны философи. Æмæ ма мын мæ цуры æрлæууын кæн, Художник, æдылы дзурæгмæ зондджын æмæ быхсон хъусæг, уæд та ма иу йæ дзыхыл-пъирийыл мидæггоз, дæндæгты фале хæцæджы æмæ афтæмæй дзидза æфтъæрæджы, уæлдайдæр уæрыччы фыдæй физонджытæ! Ис ахæмтæ, йæ дзыхыл чи хæцы, уыдоны астæу?
Йæх-х, йæх-х, æз – ничиты-ничидæр æмæ ницыты-ницыдæр, æмæ уæд та ма айуан, Стыр Петры быдзæу Балакирев куы уыдаин бæстæйы хъысмæтаразæг хицауы раз æмæ мын уыйау, Балакиревау, æдæрсгæ æмæ мидбылхудгæйæ гомгæрцц рæстдзинад дзурыны бар куы уыдаид, нард дзидзайы бæсты салд настæ хæргæйæ дæр, уæд… уæд… Уæд-иу ахæм дæрзæгæй цытæ хъуамæ бакъæрцц ластаин сæрзилæн уæлæуæзмæ сæфтæг хицауы хъуынджын хъусты, и, мæ уарзон сыхаг?
Фæлæ:
Улетели мои самолеты,
Промчались мои поезда!
О, уыдон цавæрдæр поэты рæнхъытæ сты, æз та сæм кæрцæн дарийæ æфтуан кæнæгау сæ бынмæ мæхионтæ сæнар батъæпгæнæгау бахастон:
И буду сама я в полете,
Нежная Гренады звезда…
О, Аллах! Ма ратт бæллæх: «Æз дæр ирон чызг дæн, ирон чызг!» Фæлæ уæддæр Феликсы Æрджынарæджы зарæгимæ иумæ мæнæ ай дæр мæ зæрдæ ‘лхъивæн у:
В закатном блеске пламенеет снова лето,
И только небо в голубых глазах поэта.
Как упоительны в России вечера!
Стæй мæнæ ацы ныхæстæ дæр мæ лæмæгъ уд физонæг нæ кæнынц, нæ – сæ сау маройæ дзагæй: «Не для тебя наступит весна…»
Адæймаджы курдиаты авналæнтыл, уый уæрæхтæ-æрфытыл, йæ гæнæнтæ-миниуджытыл Хуыцау дæр ма Йæхæдæг дисы бацæуы, цыма сæ – ахæмты! – Уый, сæ авдæнты, сæ мады гуыбынтæм, зæгъон, Йæхæдæг нæ абатæ кодта, уыйау. Нæй кæрон лæджы хорзæхтæн, нæй бын йæ цъаммар-налатæн дæр!
О, Нывгæнæг-Художник, бафæрсин дæ, а дунейы сконды æппæтæй зындæр цы у, почти невозможно найти-встретить, зæгъгæ, æрмæст æй куы зонын рагацау-развæлгъау дæр, алы баналон-сыдывд, ихсыд æрчъи ныхæстæй мын дзуапп раттынмæ кæй нæ мардзынæ дæхи дæр æмæ мæн дæр тухийæ, уый. Гъемæ та дын æй фæлтау дæ сæнттæм хъусыны бæсты мæхæдæг скæрдон æмæ дын æй фæсасынкæй-лыстæг сынкæй бахуыйон:
– Уый тыхстæгты тыхстагдæр, проблемæты проблемæдæр у: адæймагау адæймаджы ссарын!
Æнæ маргджын удысфæлдыст-удысконды хицау, Хуыцауы æвæсмон чи нæ кæны дун-дунетæм йæ рантысты тыххæй, без подлянок чи у, иу ахæмы, и? Йæ хæрзтæ, йæ фидыцтæ – хурæргом, йæ хъылмайы æвæрæнтæ та – авд гуыдырæй æхгæд. Бон-сихорафон, дам, фанаримæ цы хæтыс? Æмæ, дам, адæймагагур дæн…
Гъемæ, уæдæ, сæдæ азы æфцæджы сæрæй акæсынмæ ма бабæлл – куы ма йæ загътон, дæ цард дын сæрысуангæй сæнад уыдзæн, де ‘ууæнчы ‘мбал дыл гадзрахатæй, чъылдымтæм лæбурæгæй цы бон рацæуа, уыцы боны ‘лгъыстæй. Цард нæ, фæлæ – чъылыхдон.
Тугæй ирон æмæ ма йе ‘фсарм æмæ ‘гъдауæй дæр ирон чи у, ахæм стæмты-стæмдæрыл сæмбæлын, йемæ баввахс уæвын та – амæндты сæрæмбæрзæн амонд.
Мæнæ мæнæн, æз чи дæн… чи уыдтæн мæ дидинæг æфтауæн уалдзæджы-сæрды, иу ахæм æвæджиауы лæгæнтыст ме ‘мгæрæтты дæр никуы фæцæуæг, æмæ уый мæнæн мæ хъыгагæн рауадаид æви уый амондæн – æмæ гъа…
Цы хорз та сарæхстæн уæддæр, – мæхицæй Жванецкийау раппæлон, – фæсмойнаг цард чъылыхдон кæй схуыдтон, уымæй!
О, Художник, уый та дын Пушкинæй рамырхæггаг:
Еще одно последнее сказанье –
и летопись окончена моя…
– Художник кæй хонын, афтæмæй та иу нывгæнæг дæр чи нæу, дæумæ у, сæрмагондæй дæумæ, мæ сойæвдылд-тугамæст ныхас, æмæ мæм ныр дæ дыууæ сау хъусæй дæр… О, пардон-къардон, йед куы дæ, нæхи цъиусæртæй! Гъемæ мæм дæ дыууæ хъусы дæр æмцæдисонæй хъусæнт, цæмæй дзы мæ хъæлæс сæ иуы ма бауайа æмæ иннæмæй ма асыффытт ласа…
Йед у… Дæ зæрдæмæ мæ зæрдæйæ ницы цæуы цины уылæнтæгæнгæ, злопыхатель-цъыфкалæг дæн æрмæст? Нæ! Цæуы, цæуы! Далæ ракетчикты скъоладоны æдзæллаг бæстыхæйттæ куы ныффалгæрон кодтой æмæ дзы уайтагъд уæладзыгджын замманай бæстыхай куы ацарæзтой – æфсæддонты поликлиникæ, уæд уый мæнæн иу æхсызгон уыд, иу, æмæ… æмæ… Иууылдæр цы уыд уыцы дæрдтыл зылд ахуырдон, уый ног арæзтæдтæ фестад. Æмæ мæ цин раивылд. Уалæ, трамвай æмдзæгæр хæхты ‘рдæм кæм аздæхы Иссæйы номыл уынгæй, уым иу бæстыхай дæрæн кодтой æмæ та дзы, зæгъын, кæнæ фæлывд хосты афтек уыдзæн, кæнæ исты зыдыка дукани, уалынджы дын ыл уыцы бæлвырдтæ цалцæггондæй фыст: БИБЛИОТЕКА. Абон дæр ма йыл дис кæнын: цавæр хъæбатыр чиновник бауæндыд уымæн финанстæ радих кæнын, цымæ? Æдзух æрдиаг куы кæнынц, республикæйы финанстæ романстæ зарынц, зæгъгæ, уæд. Куыд сæ равдæлд би-бли-о-те-кæ-йæн?! Бирæ ис дисссæгтæ нæ абоны царды дæр, фæлæ дзы уымæн æмбал мæ сæр нæ ахсы.
Фæлæ…
Далæ уырдыгæй дæлæмæ, – уыцы амондджын чиныгдонæй дæлæмæ, – куы фæцæйцæуай Къостайы номхæссæг проспектыл æмæ уæлахиздзау танкмæ куы ныхæццæ уай, уæд ма уым галиу фисыны ‘рдæм бакæс-бафæлгæс иу дынджыр бæстыхаймæ æмæ дæ дзæбæх ирон… дæ ирон дзæбæх зæрдæйы тугтæ ма-иу уæдæ ма ныссæх-сæх кæнæнт йæ уындæй: йæ уæллаг уæладзыджы рудзгуытæй æддæмæ ныридæгæн бырсы бæрзыты æнæхъæн къох. Æмæ ныр цал азы цæуы æдзæллагæй æдзæллагмæдæр! Æмæ ГМТ-йы ‘мдзæрæн та?..
Æмæ ахъуыды кæнын мæхимидæг – хъæрæй дзурыны фаг æдылы нæма сдæн æмæ ма искуы суон, уый мæ нæ уырны. Æмæ, о, мæхимидæг фæзæгъын, Художник, уæдæ ма, зæгъын, уæдæ уыцы замманай бынæтты хæлддзæгтæ Грознайы уаиккой!
Æмæ Дзæуджыхъæуы буц бæстастæу Афицерты хæдзар та? Кæд мæ сæр бынтон нæ ныккæлмхæрд, уæд ФРГ-йы фыццаг къанцылер йед уыд, Конрад Аденауэр. Æмæ уый цы бакодта, уый фæзминаг у исты хуыздæрмæ тырнæг зондылхæст хъуыддаджы бæрнон лæгтæн: Конрад хæлддзаг егъау заводтæ уæй кодта иугай сомтыл! А, немыцаг маркæтыл, цæй сомтыл… Сараз æй, райгас æй кæн– куыстуат суæд дæ фæрцы адæмæн, цы пайда дæм дзы хауа, уымæй та æмбæлгæ налогтæ-хъалонтæ фид паддзахадæн!
Уæддæр та адæймагæн йæхи хъæрзæнтæ, йæхи зæрдæйы куырмæлхынцъытæ, йæхи… О, лæгыл уыцы æнæрайы бон дæр акæны, æмæ, йе ‘ртæ чъири уæлибæхы кæимæ скува æмæ сæ кæимæ скомдзаг кæна, уый йын куы нал вæййы, кæимæ фемвынг уа æмæ йæ зæрдæйы ‘лхынцъытæ кæимæ фæуæгъдибардæр кæна, уыцы ‘мбал. Кæуыл бацин кæна хæрхæмбæлды, мæнæ ма кæй уынын, сколько лет-сколько зим, зæгъгæ. Цы бадæ, цы фæдæ, æз, дам, айдагъ дæ коймæ дæр рæзгæ куы кæнын!..
Куыд рухсдзаг кодта мæ къаннæг сонт зæрдæ, Хуыцауæн дæр ма йæ хурыскаст чи уыд, уыцы сыгъдæг зæрдæ, октябренок кæй дæн, ууыл!
Æмæ пионер… ногдзау кæй сдæн, Павлик Морозовы байзæддаг, уыцы цинæвдылд бæрæгбон та? Цыдæр æнамонд, хионтыл дæр артæндзарæг дзырдыскъæф лæппуйы сæрбæрзонд бындар…
Æмæ стæй советон фæсивæды раззагдæр рæнхъыты правофланговый кæй уыдтæн – фæскомцæдисы уæнг, уый та цас бæрн æххуырста мæ хъæбатыр, æдæрс æвзонг уæнгтыл!
Стæй…
Æстдæс милуан коммунисты цæстыты раз бабытъайлаг мæ уарзон, мæ зæрдæлæууæн ныфс цыфæндыйæ дæр – Советон Социалистон Республикæты Цæдис. Æмæ – фæдис! Фæлæ нæ разынд фæдисонтæ се ‘хсæн уал æмæ уал милуанæн. Се ‘ппæт дæр куыд фадатджындæр амалджындæрæй æмæ æз фæраздæронæй иумæйаг къæбицмæ: хæлоф! Кæмæ дзы фæхсынтæ ‘рхаудтой, кæмæ æхсæмбæлттæ, кæмæ та – базон-ма йæ, кæмæ – ножки да рожки.
Кæд ма Советон Цæдис мæнæй тынгдæр Мурат уарзта, Гуыдиаты, уыцы зондыкъуыбылой, алы зонындзинæдты фæстауæрцуат. Æмæ йын нæ бабыхста йæ дæрæнæн, хæраймаг тыхты-мæтыхты уæлахизæн: йæ къух йæхимæ батасыд… Уый дзы патриоты уарзт уыд, уый! Æмæ йын æнæ ахæм удуæлдай уарзт йæ цардæн нысан нал баззад – æнæхъапп тутт æнгузыл æй банымадта.
Фæлæ дзы уæддæр та мæ уды сынчъытæн сæ дудагдæр, сæ судзагдæр уый у, уый, æмæ… æмæ…
Æмæ дыл искуыдæр ма хъуынтъыз бон хур уыйадыл скæсæд, æрмæстдæр уыйадыл, айдагъдæр уыйадыл, æмæ ирон-дыгурон табуйаг, куывддон бæстæ Ирыстоны чызг-мад йæ хъæбулмæ иронау кæй дзуры! Ирон иронау. Хорз фæцарæхст иу цыдæр фыссæг, цуанæтты дугъон куыдзы ном куы у йæ фæсномыг, и, Художник, нæ йæ зоныс?
– Зонын: Егар…
– О, о, æцæгдæр цуанон куыдз, борзая, гончая. О, æмæ уый загъта, зæгъгæ, дам, хомвых ирæттæ сæ мады æхсыр – сæ мадæлон æвзаг, ома, – туаг хуырх хонынц æмæ сæ сабиты уыцы дзидзийæ, ирон туг æмæ удæн æвдадзы хосæй æддæсонд кæнынц, æнæхъæстæ.
Поэт Гаджиты Геор та афтæ загъта, кæд, дам, уыцы коммунизмы мæ ирон æвзаг нал хъæуы, фæцис йæ дуг, уæд мæн та уыцы коммунизм нæ хъæуы. Æз ын йæ ныфсхаст ныхæстæ уыцырдæм ивын, æмæ махæй, ирон уæвгæйæ, мадæлон æвзаг кæй нæ хъæуы, мæн та ахæм хæдæвзæрд ирон дзыллæ нæ хъæуынц! Гъемæ, дам, уæдæ Хъобаны хид зæгæлæнгом, мæнæн та, дам, нана, уыцы фыдуавæры мæ мæлæн бон.
Ай та дын мæ сойвых æмдзæвгæ, Художник, дæхи номыл-иу æй рауадз – плагиат нæ уыдзæн, иугæр дын æй мæхæдæг кæм лæвар кæнын, уым. Кæд мын кæйдæр мæсыджы тигътæ-фисынтæ фæзмынæгау рауад, уæддæр:
Кæдæм фæцæуон, кæдæм фæлидзон
мæ ирон бæстæй –
Ам куы мæлын, ам куы хæлын
йæ хъыгты мæстæй.
Куынæ дзы зонын, куынæ дзы федтон, –
бынбауон уастæн, –
Иу дзæбæх ныхас, иу зæрдиаг арфæ
мæ сыгъдæг уарзтæн.
Художник нæ, фæлæ Писатель-Фыссæг куы уаис, уæд дæ, цы кæронбæттæны дзуринаг ма дæн мæ фæхтыхост зæрдæйы æрфытæ- къуырфытæй, уыдонæй дæ, йæ гаччы чи абадид, ахæм сæргонд мæ цардвæндагæн бадомин. Дзырдæн, например, зæгъæм, допустим, возьмем, короче, мæнæ ахæм: «Цæхджын сайд».
Йæх-хына, нæ цыбырдым дунейы хъулон-мулон цард… Хуыцау дæр цардау цардмæ рахонинаг кæй вæййы, уыдонмæ хъулон хонджытæ арвиты: иутæн – царв мыды къусимæ, иннæтæн – æнтыды сæртæ æмæ хуыскъæл…
И-йæх, куыд хæлæггаг фæцарæхст поэт – цавæрдæр Глеб Сахаров – дæр:
Как странно, что жизнь миновала,
А юность еще не прошла…
Бæргæ, Художник, æмæ дын æз дæр уæд та ма æппынфæстагмæ исты ахæм куы срæцугъин, нырмæйы онг загъд цы нæма ‘рцыдис. Дзургæ та йыл куыд нæ кодтаиккой, куыд нæ! Фæлæ, дам, дзурын æмæ зæгъынæн иу кад нæй…
Стæй ма цы фæтк ис алы дзурджыты æмæ исты зæгъджыты ‘хсæн, уый дæр дын дæ зæрдыл бадарын кæнон: алы ныхæстæ диссаг не сты, нымаинаг у, кæй дзыхæй рацыдысты, уыцы лæг: мах дæр цыдæртæ срæцугъæм æмæ – цы? Ницы. Хъæмпы хал дæр йæ бынатæй нæ фæхаудзæн, дæ фæндæй дæлгоммæ фæлдæхт кæхц ничи фæуæлгоммæ кæндзæн æгæр мæгуыр, фæлæ Уый исты куы зæгъа, Уый – стыр дамгъæйæ фысгæ чи у, Уый, – уæд йæ дзырды лозунг æмæ закъоны тых ис!
Кæд цыфæнды зын аныхъуырæн вæййы, зын быхсæн æмæ уромæн, уæддæр адæймагæн Хуыцауы лæвар хæрзтæй æппæтæй ахсджиагдæр æмæ йæ цард фæндоныл аразгæдæр сты рæстдзинад æмæ сæрибар. Сæрибар куынæ уай, уæд дæ рæстдзинад дæр нæ бандавдзæн, о.
Æмæ кæй быгъдуан у рæстæджы рæстдзинад та – чи у йæ хъахъхъæнæг, йæ дарæг æмæ иннæтæм, уæлдайдæр та рæзинæгтæ-суинæгтæм, хæссæг?..
Æппæты разæй æмæ фыццаг – фыссæгæй дæр, историкæй дæр, сауджын-молло-ксендзæй-пасторæй, ома суанг Ромы Папæйæ дæр ма раздæр æмæ фыццагдæр скъолайы ахуыргæнæг. А-хуыр-гæ-нæг! Нæ уыд фыццагон ирон адæммæ уымæй кадджындæр, нымаддæр, цытджындæр бæрны æвæрд адæймаг.
Ныр та ма мæнæ ацы ныхæстæм æрдар ды дæр дæ ирон лæджы хъус, – Гренадæ уæдæй нырмæ йæ къухы зæбулæй цы газеты ‘мбис дардта, уый йæм батылдта тырысайы лæппынау. Загъта, цыма, чи нæма уыд, ахæм уац ын хъусын кæны, уый:
– Ай у «Собеседник». Къæбæда, хæпхæпгæнаг газет. ВВП йæ нæма уадзы иннæтау æхгæнын. Уæд, дам, уартæ алы арæнты фалейæ фыдгулты знæт рæйд ссæудзæн, дæ ныхмæ дзыллон мыхуырты оргæнтæй иу фæртфæртгæнæджы дæр нал ныууагътай Уæрæсейы, зæгъгæ. О, алы дзæгъæлрæйджыты мæтæй нæ мæлы кæнæ та Тагоры фæдзæхст дардзæн йæ зæрдыл, зæгъгæ, если, дам, будешь кидать камни во всех лающих на тебя собак, то никогда не дойдешь до цели. Зондзæн сæ ВВП, зондзæн, уымæн æмæ Рабиндранаты æмбæстаг Махатмайы тыххæй та афтæ загъта:
– Ганди тоже умер, и больше не с кем поговорить по душам…
Хорз, фæуæд, æгъæд фæуæд разныхасæн – байхъус-ма ацы ныхасæмбал «Собеседникмæ»:
– Но то, в чем мы упрекаем с пеной у рта всех этих казенных пропагандистов, можно предъявить, к огромному сожалению, и десяткам миллионов наших сограждан, например, учительницам, участвующим в фальшивых голосованиях. Но жизнь – она не черно-белая. Большинство людей просто хотят делать свою работу и кормить свои семьи. И эти учительницы хотят учить детей, но их заставляют, – хъусыс, Художник? – Зас-тав-ля-ют! Вбрасывать бюллетени, подделывать подписи, фальсифицировать…Это проблема нашей страны, что миллионы людей не находят сил противостоять очевидному злу, а многие прямо в нем участвуют.
Æмæ, дам, цæр, дæ дзыхыл хæц æмæ – хæр…сладкие остатки с барского стола!
Æмæ та сæ царды хицаугæндтæй исты уыцы цæстфæлдахæн митæ дæр ВВП домы? Ницы хуызы мæ бауырндзæн!
Уæдæмæ сæ бынæттæн тæрсæг дымысдæрты хъæппæрис у уыцы бæллæхы уæвæр дæр, къозбау фæсдзæуинты.
Цæй, фаг фæуæд. Фæлæ ма дæуæн мæ роны иу дур ис, дойнаг цъæх дур, хъæбæр уираг дур, замманай тыгулдур – оружие пролетариата.
Ам – о, ныр æртæ азы цæрыс æнæ иу бон хъуаг æмæ, ау, иунæг хатт дæр нæ фæгуырысхо дæ, æз дæуæн уартæ кæддæр, дæуыл уæд мæнæ мæнау фæндзай дыууæ азы куы цыд, мæныл та дæс азы къаддæр, уæд… уæд… Уæвгæ та цæй æдылы дæн, цæй: мæ хуын дæм æрвитгæ куы бакодтон, семæ Маринæйы рæнхъытæ:
Чтобы видел ты воочью…
Нал ый сæ бауагъта дарддæр мысын, йæхæдæг сæ ахæццæ кодта:
Чтобы видел ты воочью
Женскую красу,
Я тебе сегодня ночью
Сердце принесу!
Уый ды уыдтæ, Гренадæ?! Ды уыдтæ уый?!
– О, о! Æмæ цæмæй ма атæхон рагæй дæр мын тæхудиаг-бæллиццаг тахтæй зæххон мондагон царды арæны сæрты, уымæн иунæг æвдадзы хос ис… Бог высоко, юность далеко, но счастье еще возможно, хоть розы давно уже не свежи, æмæ уый та цы уа, зæгъыс? Уый та: ды æруай бынмæ, рауай кæрт-кæрт уыцы ссæдз санчъехы æмæ, как любовник молодой, сызгъор мах уæладзыгмæ – нæ фатеры дуар гом у, æрбатæх мæм дзы æмæ мын, мæрдты дæр мемæ чи уыдзæн, ахæм адджын хъæбыс ныккæн – мæ фæрсчытæ æддæг-мидæг куыд ауайой!.. Цардæн номгæнæн хъæбыс. Цард адджынæн мысыны охыл! – загъта лæджы тугыл артæндзарæн хъæлæсæй æмæ фатертæм æмхасæн фондз уæладзыджы сæры шифер æмбæрзæнты тæккæ былгæрон слæууыд…
Йæ туфлиты талф-тулфæй йæ бæгъæмвад къæхтæ фæцавта, сæ бостæ дæр сын нал абаста, афтæмæй асинтыл цалдæргай къæпхæнты сæрты гæпгæнгæйæ ‘рхæццæ зæхмæ, батахт сын сæ бацæуæнмæ æмæ, ‘ртыккаг уæладзыгмæ лæфлæфгæнгæйæ куыд схæццæ, афтæ Гренадæты бакомкоммæ цæрæг ус Розали йæ размæ цикъæйау фæлурсæй æруайы, стæй дзыхълæуд фæци æмæ, гæзæнхъæдыл хæцгæйæ, удаистæй фæкодта:
– Гренадæ… атахт… агæпп, дам, ласта… крышæйæ… Йед мæм… Йæ мад Варычкæ мæм фæфæдис…
Художник дæр дзыхълæуд фæкодта – уый дын дзы зæрдæрæхуыст, удрæтъызт! Фæзæнгдзæф, цæуыныл куы суа, уæд бæндæнтæй дæр цы кæныс – йæ къæхтæ йæ быны адыдæгътæ уыдзысты, бынтондæр бадон. Æмæ æндзыгæй, æнæ сулæфгæйæ дæр мæнæ цас фæразы, æгуыппæгæй.
– Батрадз, – йæ иударон номæй йæм сдзырдта Розали. – Цæуæм æм, цом æм, цы бацис афонмæ. Æнамонд сылгой… чызг!
«Цы бацис, дам, афонмæ, – æрчъицыдта, райгас æмæ бахудызмæл фыр адæргæй. – Цы бауинаг ма уа, кæд мын ыл мæлдзыгау базыртæ нæ разад æмæ йæ уды фæдыл арвы цъæхмæ не сфардæг…»
Фæцæуынхъом сты йæ къæхтæ, æмæ уый дæр, асинты гæзæн- хъæдыл хæцгæ, – уæддæр ма æдас нæ уыд фæцудын, фæкæлын æмæ ахауынæй, – фæраст сыхаг усы фæстæ. Æмæ мæнæ кæрты асфальтæй астæрды хъæбæрыл, хурмæ æд уæлæдарæс йæхи тавæг-судзæгау, кæдæй-уæдæй йæ зæрдæйы дзæбæхæн, фыдвæлладæй йæ улæфт уадзæгау – кæс-ма йæм, кæс! – йæ къухтæ дæр ма йæ сæры бын фæцавта (куыдæй, куыдæй?..), афтæмæй амондджынты-амондджындæрау йæхи адæргъ кодта Гре… Гре… Æдзынæгæй æркæсын æм бафæрæзта, стæй базылд Розалимæ: уымæн йæ æууæлтæ хуымæтæг хъыггæнæг, удаист сылгоймаджы æууæлтæ уыдысты. Æмæ та уæд йе ‘ргом аздæхта Гре… Тæккæ ‘рдæбон дæр ма Хуыцауы уарзон æмæ стæй Хуыцауы ‘фхæрд чи уыд, уыцы Гре… Гренадæмæ!
Йемæ цыма ныхасы бацыд, уыйау æй уайдзæф ын кæнæгау фæрсы:
– Абонсарæй мын мæ лæмæгъ сæр чысыл куынæ фæразил-базил кодтай, уæд ма мын ныр та ма… ныр та ма… – фæлварæгау та йæ цæстытæ Розалийы ныссадзæгау кодта, цыма йæ уый дæр, йæхæдæг æй цы хуызæнæй уыны æнæстыф Гренадæйы, афтæмæй уыны, ахæмæй йæм зыны: Гренадæйæн йæ сæрмæ ‘ркъæлæт рухсдзæф ореол, æви йæ нимб схона, кæнæ та Хуры алыварсы цæг галло?..
О, рухсдзæфæй æрттивы, тыбар-тыбур кæны, ноджы хъæлдзæгæй, цинвæлыстæй, æмæ йæ мидæгæй та Гренадæ æрыгон рæсугъдæй йæ мидбылты зæрдæскъæф, зæххон дуне уарзонгæнæг худтæй худы, амонд дын мыггагмæ йæхи дæу куыд хона, æрмæстдæр дæу, ахæм амонд лæваргæнæджы сызгъæрин мидбылхудтæй, – цæджы астæуæй.
– Розали, куыдæй дæм зыны дæумæ та Гренадæ?
– Куыдæй, куыдæй! Уый та дын цавæр æнахуыр фарст у?! Дæумæ куыддæриддæр зыны, мæнмæ дæр – афтæ. Мæрдон мардæй.
Ницы, ницы, – æвæстиатæй фæкодта Батрадз, стæй цæмæндæр арвмæ систа йæ мылазон цæстытæ: сæ дæрдтыл æмæ уæрæхты зылд, сæ парахат горæтаг кæрты сæрмæ арв æмбойны атарæрфыг, бæзджын мигъы хъуынтъыз малы хуры цæст фæцъынд, æмæ дын – ног диссаджы царциатæ! – æмæ дын йæ хъустыл æбæрæг хæстæгæй уайынц йæ хорз зонгæ æмдзæвгæйы рæнхъытæ, æцæг ма сæ чидæр йæхи ныхæстимæ сæмхæццæ кодта, фæлæ, цымæ, фидауынц. Фæлæ дын иннæ зынбауырнæн æмбисонд та уый, æмæ дын арв иллюстрацитæгæнæгау, æмдзæвгæйæн цæстуынгæ ‘рмæг аразæгау, ныхас цæуылтыл цæуы, уыдонимæ цæдисонæй йæ хуыз фæливы. Хъуысы йæм æбæрæг хæстæгæй дæсны декламаторы бæзджын хъæлæс, æмæ та йын уый дæр у хорз зонгæ хъæлæс:
Дæрдтыл, мæнг гуыргуыргæнгæ, сау æрвгæрæтты
мæстæлгъдæй æрбахъуызы æрвнæрд,
Æмæ ‘рбахæссы хуссайраг фæсхохæй
астым уыгæрдæнты цъæх уддзæф.
Иу дынджыр, дондыппыр æртах
йæхи нывзилы фæдысгарæг Хуыцауы дæлфæдты арвæй,
Стæй йæ хæдфæстæ арвы бын æртоны
æмæ æмвæтæнæг синæгты цъæх цæджындз
уæлхурæй зæххы ‘хсæн ныллæууы…
Æмæ дын уæд уалынджы сæх къæвда фенцайы æваст
Æмæ дын уæд ралæууы зæххон дунейы фидауцæн йæ рад:
Фæскъæвда хур бон!… Уымæл ривæддон… Æфсæст фосы дзуг…
Бæзджын хъæлæсы мыртæ нырма зыр-зыр кодтой æгуыппæг уæлдæфы, афтæ ногнад, æнæ иу къæм арвæй йæхи уыциу æмраст рахаста сыгъзæринау æрттивгæ æрвдзæфы рæхыс æмæ комкоммæ сæмбæлд Гренадæйы фарсмæ, налхъуыт-налмас тæмæнтæ скалдта æмæ… æмæ…
Тæккæ ‘рдæбон дæр ма, тæккæ ацы сахатыл-уысмыл дæр ма мидбылхудгæйæ, фæлæ мæрдон дæргъæй тæрккъæвдайы сæхайæ бæстон æхсадæй сау-сауид асфальтыл кæм хуыссыд Гренадæ, уым – ничи æмæ ницы! Зыбыты афтид! Йæ сæрыхъуын базмæлыд Батрадзæн, йæ дыууæ уæны ‘хсæнты лыстæг мæлдзыджытæ цыма сдыууæрдæм – уæлæмæ-дæлæмæ тын нывæндæгау скатай сты. Исдуг сагъдæй, рохстæй алæууыд, стæй йæ фæрсаг тæппуд, тарст цæстытæ базылдта Розалимæ. Уый йæ тæнæг былтæ асдæрдта цалдæр хатты æмæ йæ дзуринæгтæ кæфойæ ракалæгау кодта:
– Æз алцыдæр федтон! Федтон мæнæ мæхи ацы дыууæ…мæнæ ацы дыууæ мæхи цæстæй, рахауой мын, уастæн, æндæр мæ уæдæ цы лæмæрста уыдæттæм афтæ зыдæй, дæ дынджыр, насджынтæ хæрæн дзых ныххæлиугæнгæйæ, кæсын! О, хи уанцон æлгъыст нæу, стæй дæхицæн фидистæ кæнын дæр, фæлæ дын æрвдзæфы судзгæ-араугæ рæхысæй цыдæр цæггонд, – раст сабитæн херытæ кæнынæн бæзгæ, фæстæдзæг ыл бабад æмæ афтæмæй дæхи дыууæрдæм уз, – о, æмæ дын Гренадæ чи у… чи уыд, уый йыл йæ дыууæ бæгънæг армы къухæй… къухтæй æрхæцыд, бабадт дзы бæстон бадтæй æмæ дын уалæ, йæ къхтæ æнæнтыст æвзонг чызгау тилгæ, атад, сæкæр æвæдæй цайы тæвд доны куыд атайа, раст тæккæ уыйау атад арвы бæзджын цъæхы. Кæд æз сæнттæ цæгъдæгау исты мысын, мæнгæй зæгъын исты… Мæнæ ацы… Мæхи… Мæхи ацы… дыууæ ацы мæхи цæстæй цы нæ федтон, ахæмæй исты цæстылуайæнтæ, фантæзитæ, уæд мæ сæр – дыууæ къухæй йыл æрхæцыд – уæд мæ сæр сугсæттæн, къодахтæ мургæнæн удармæн бахъæуæд, мæ къона Батрадз! Фæлæ дзы ‘ппæтæй тынгдæр та цæуыл дисы бацыдтæн, уый та ууыл, æмæ йын, зæгъын, уыцы сырхзынг цæг йæ къухтæ куыд нæ судзы?.. Æви мардæн зынг тых нал фæкæны?
Æндæр æууæлты йæхи атигъ кодтаид ацæргæ усы ныхæстыл, йæхæдæг дæр зæххон зонгæ уавæры нал уыд: йæ хъусты зæлылысты, кæддæрты цы таурæгъ бакаст – æви нæ бакаст? – уый диссаджы ‘мбисонд:
– Æмæ сындзыты пиллон артæй дæргъæй-дæргъмæ схъис æмдзæхгæр сивæзт уæлхур стъалыты арвмæ, æмæ йыл уæд Урс Барæг йæ саулох æфсургъыл бадæгау бабадт, æрхæцыд ын йæ домбай къухтæй йæ даргъхъис барцыл æмæ ма хæхтæм фæстæмæ-дæлæмæ иу æхсгæ каст фæкодта, Сæнайы цъуппы цъитийæ иу къæртт тæхгæ-тæхыны стыдта, баппæрста йæ йæ комарынджы æмæ стæй дыууæ ‘врагъы астæу сæгъы цæстау ирд æрвыджы æрдузы фæцыдæр.
Æххæст нæма ‘рбынатон йæ дисы уылæн, афтæ та кæмæддæрæгон хъæлæс – ныр чызджы, лæппуйы уд сойæ сæрдæг хъæлæс – раст цыма сæрдыгон хурсудзгæ бон пæлæхсар тута бæласы бын удхос сатæджы бады æмæ кæсы тæлмацгонд фæсарæйнаг чиныджы, йæ уæрджытыл æй æрæвæргæйæ (йæ бонæй уа уыцы чиныг, – бар-æнæбары ма йын ахъуыды кæнын бантыст):
– Æмæ тасгæ-уасгæ рог уадæй рауад кæртмæ Розитæ (о, мæнæ ай Розали, уым та – Розитæ!) айдагъ йæ мидæггаг цыллæ хæдоны – уæрджыты сæртæм ын æххæссыд æрмæст. Хур цæстыдзагæй ныдздзагъыр ис кæртмæ, æмæ, æнтæф бон дæр куы скæна, уымæй зæхмæ æртхъирæн кодта. Розитæ уыдæттæй тæрсынтæм, удаисттæ кæнынтæм нал уыд – зыдта йæ развæлгъау, цыдæр æнахуыр цау æм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый, æмæ сиргæ уадæй ставд урс синагæй конд гæрстæауындзæнмæ бауад, дыдагъгондæй йæ уæлæ ауыгъд крахмалгонд урс-урсид цикъæ гобанæмбæрзæн æриста, райхæлдта йæ, айтынг æй кодта, йæ тигътыл ын æрхæцыд, æрцагъта йæ æмæ йын цас гæнæн уыд, уырдæмты йыл айтынггонд къухтæй куыд ныххæцыд, афтæ тæркдымгæ æрбагуылф ласта, æмæ дын уалæ Розитæ урсбазыр стыр маргъау арфæй-арфдæр ныхсы цингæнды бахауæг арвы къуырф малы… æнæбын æй схоны, æви æнарæнтæ малы…
Æмæ дын уæд Батрадзы сæры дæр ног хъуыдыйы рухс ссыгъд, зæгъгæ, иу зонгæ бæзджын хъæлæс дæр æмæ иу æвзонг чызджы хъæлæс дæр нæ уад йæ хъустыл – æппæт дæр Гренадæйы хинтæ-кæлæнтæ уыдысты, – уый та, уый зыдта уыцы ‘мдзæвгæ дæр æмæ йæм йæхи ныхæстæ бафтуан кодта, иннæ ахæм таурæгъ дæр æмæ Розитæйы тыххæй дæр уый бакаст фæсарæйнаг кæйдæр уацмыс æмæ, телепати цы фæрæз схуындæуыд, уымæй спайда кодта!
– Батрадз, кæс-ма, кæс уалæ уырдæм, уалæ, – йæ дзагдзарм бæгънæг къухæй йын Розали Амад хохы сæр арвмæ амыдта. – Уыныс, уыныс, уалæ уыцы фæсуарыны арвæрдыны хъулон ахорæнтæ кæд æмæ сты Гренадæйы зæнгой æргъуынтæ! Тыхт куы нал уыдысты йæ къæхтыл… Алкæмæн дæр, дам нæ йæ уд стæхы уæлæрвтæм Хуыцауы быдыртæм, ай та, цы уыд, уымæй… уымæй æнæхъæнæй дæр…
Уыдта, алцыдæр куыд ома нæ уыдта, фæлæ цардвæллад, алцæмæй дæр йæ хъуырмæгонд лæджы цъæлтæ хъæлæсыуагæй – нæ йæм цæуы æппындæр исты зæгъын, æмæ æвæндонæй загъта:
– Нæ уынын…
– Æз та алцыдæр мæнæ дыууæ мæхи ацы… – нал ахæццæ кодта йæ ныхас дарддæр, йæ иудадзыгон хылы-мылы ныхæстæ снывыл кæнгæйæ, уый бæсты фæсагъæсджын. – Ныр ныгæнгæ та кæй бакæндзыстæм, ныгæнгæ?!
…Хуыцауы уæзæгыл ницы ‘рцыд уадиссагæй, æмæ хур арв иууылдæр йæхи бакодта, йæ æнæкъæм рухс алырдæм ивылыд, æнхъæвзта: дун-дунетæ та сæхи æппынæдзух хъæстаг адæймагæн цыфæнды фæллойагæй дæр цæрынмæ тæхудиаг кодтой.
Февраль – май, 2023 аз