* * *
– Хабос, кæм кусыс?
– Никуы.
– Уæдæ цы фæархайыс?
– Ницы.
– Замманай куыст!
– О, фæлæ конкуренци стыр у!
* * *
– Мæ чызг, цы кусыс, цы?
– Писмо фыссын.
– Æмæ гыццыл куы дæ, фыссын куы нæма зоныс.
– Æмæ цы? Нæ сыхæгты чызг дæр гыццыл у, кæсын нæ зоны.
* * *
– Ахæм диссаг ма уа – нæ ахуыргæнæг куыдз никуы федта!
– Цæмæн дæм афтæ кæсы?
– Куыдз сныв кодтон, æмæ мæ фæрсы, уый, дам, цы у!
* * *
Иу сывæллон иннæмæн дзуры:
– Нæ нанаты нанатæ телевизор, компьютер, дзыппыдаргæ телефон цы у, уый нæ зыдтой.
– Æмæ уæд куыд цардысты?
– Уый тыххæй амардысты!
* * *
– Дохтыр, изæры æмдзæвгæтæ куы фæфыссын, уæд мæм æнæхъæн æхсæв хуыссæг æмгæрон нал фæцæуы.
– Цы ныффыссыс, уый-иу кæс, æмæ дæ хъуыддаг – раст.
* * *
Лæг изæры куыстæй хæдзармæ æрбацыд. Йæ бинойнаг ын æппæлы:
– Нæ лæппу абон йæ фыццаг ныхас загъта! Æмæ цы уыд, уый зоныс? «Папæ»!
– Тынг хорз! Æмæ кæм уыдыстут?
– Сырддоны. Уым маймули федта.
* * *
– Хорз лæг, бæгæны дын рахæссон? – фæрсы официант.
– Нæ, машинæйыл дæн, уазал дон мын рахæсс.
Официант бæгæны æрбахаста æмæ загъта:
– Дæ бон у бæгæны бануазын, дæ машинæ дын чидæр адавта.
* * *
– Дæ хъæрмхуыпп куынæ бахæрай, уæд пъæлицæйагмæ фæдзурдзынæн.
– Мамæ, афтæ дæм кæсы, æмæ йæ уый бахæрдзæн?!
* * *
– Алан, абон скъолайы цы куыстат?
– Динамит цы у, уый иртæстам.
– Райсом та скъолайы цы уыдзæн?
– Цавæр скъолайы?!
* * *
– Æртæмæ цыппар куы бафтауай, уæд цас уыдзæн?
– Авд.
– Авдмæ цыппар та?
– Нæ зонын. Иуæндæсмæ нымайын нæ нæма ахуыр кодтой.
* * *
Лæппутæ уынджы бадынц. Сосе сæм бацыд æмæ сæ фæрсы:
– Физонæг хæрдзыстут?
– Уæдæ!
– Гъемæ, куы хæрат, уæд-иу мæнмæ дæр бадзурут.
* * *
– Дада, бахæр-ма ацы къафетт!
– Бузныг, мæ хур.
– Адджын у?
– Тынг.
– Диссаг, уæдæ йæ нæ къæбыла æмæ гæды цæуылнæ бахордтой?
* * *
– Михал, цæй æнкъард дæ?
– Райсом мæ уарзон чындзы цæуы.
– Уый дын гъе! Чи йæ куры?
– Мæнæ мæхæдæг…
* * *
– Симæ, чындзы цæуылнæ цæуыс?
– Мæ уарзон депутат у. Ныхасæй хъуыддагмæ рахизын йæ бон нæу.
* * *
Сæрмæт, рацу иумæ ахъазæм!
– Мæ фыд тынг тызмæг у æмæ мæ нæ ауадздзæн. Мæ уроктæ мын куы фæкæны, уæд æнæмæнг хъуамæ йæ разы уон.
* * *
Мæгуыр лæппу уарзта хъæздыг чызджы.
– Цы хъæздыг дæ, – загъта чызгæн.
– О, мæнмæ ис милуан доллæры.
– Чындзы мæм ацæудзынæ?
– Ницы хуызы.
– Афтæ дæр æй зыдтон.
– Уæдæ ма мæ цæмæ фарстай?
– Милуан доллæры кæй къухæй ацъыввытт ласынц, уый, зæгъын, йæхи куыд фенкъары…
* * *
– Папæ, гуымсæг-ма мын балхæн!
– Уый хъуаг ма стæм! Куысты æнæуи дæр хъæр-хъæлæбайæ бафæллайын.
– Балхæн мын! Æз-иу ыл цæгъддзынæн, æрмæстдæр фынæй куы кæнай, уæд.
* * *
Фыд йæ лæппумæ дзуры:
– Мæ хур, тагъд дын уыдзæн чысыл хо!
– Папæ, сайгæ цæмæн кæныс? Тутийæ мын зæрдæ куы бавæрдтай!
* * *
– Нæ лæппу та мын мæ чыссæйæ æхца систа! – мæстыйæ зæгъы лæг.
– Уый аххос æй цæмæн кæныс? Уæд та сæ æз систон? – фæрсы ус.
– Нæ, чыссæ бынтон афтид нæу.
* * *
– Савели, кæм уыдтæ, кæ?
– Дохтырмæ. Мæ дæндаг срыст.
– Æмæ дын нал риссы?
– Нæ зонын, дохтырмæ йæ ныууагътон.
* * *
Дохтыр рынчыны фæрсы:
– Чындзыцыд дæ?
– О, дыккаг хатт.
– Сывæллæттæ дын ис?
– Æхсæз. Дыууæ – фыццаг лæгæй, дыууæ – дыккагæй, иннæтæ æрмæстдæр мæхи сты.
* * *
Ус поликлиникæйæ æрбацыд:
– Дохтыр мын загъта, ацы аз мæ денджызы был баулæфын кæй хъæуы. Цы равзарон, Сочи æви Ялтæ?
– Равзар æндæр дохтыры!
* * *
Дыууæ горæтаджы фыццаг хатт хъæумæ æрцыдысты. Кæсынц, æмæ дыргъдоны æппæт бæлæстыл фæткъуытæ зайы, æрмæст сæ иуыл – нæ. Сæ рæзты цы сывæллон фæцæйцыд, уый фæрсынц:
– Мыййаг, ацы бæласыл фæткъуытæ цæуылнæ зайы, уый нæ зоныс?
– Зонын. Тулдз бæлас у, æмæ уымæн.
* * *
– Гæлæу, дæ мад æмæ фыдæй фылдæр кæй уарзыс?
– Мæ фыды.
– Цæмæн?
– Хæдзары никуы вæййы, æмæ уымæн.
* * *
– Мæ зынаргъ, ахæстоны бакомкоммæ цы Иванов цæры, уый зоныс?
– Зонын, æмæ цы?
– Ныр йæ хæдзары бакомкоммæ цæры.
* * *
– Мæ хъæбул, цæй, куыд уыд дæ фыццаг бон скъолайы?
– Тынг хорз. Æрмæст ахуыргæнæг цыдæр æнахуыр рауад: æппындæр ницы зоны, алцæмæй дæр мæн фарста.
* * *
Фыд сывæллоны фæрсы:
– Дæ фаззон ноггуырд хотæ дæ зæрдæмæ фæцыдысты?
– О. Фæлæ йæ не ‘мбарын, иууылдæр ам цæрдзысты æви дзы равзарæн ис?
* * *
Ахуыргæнæг фæрсы скъоладзауы:
– Руслан, сæдæ сомы дæм куы уа, æмæ ма де ‘фсымæрæй иу уыйбæрц куы ракурай, уæд дæм цас æхца уыдзæн?
– Сæдæ сомы.
– Нымайын нæ зоныс?
– Уый ды ме ‘фсымæры нæ зоныс. Зымæгон дзы миты къуыбар нæ рантысдзæн…
* * *
Поезд станцæйы цалдæр минуты йеддæмæ нæ лæууыд, æмæ бæлццон иу сывæллонмæ æхца авæрдта, дуканийæ мын рæвдз дыууæ чысыл адджын гуылы æрбадав, зæгъгæ. Лæппу фæзынд иу гуылимæ.
– Æмæ дыккаг та кæм ис?
– Ахордтон æй!
– Куыд æй ахордтай?
– Мæнæ афтæ! – æмæ та лæппу иннæ гуыл дæр фæдæле кодта.