Цæргæсты хохмæ фæндагыл. Темыраты Дауыт: 100 азы

Ирыстоны фысджытæй зæрдæйы фæндиаг балæггад кæнын лæджы кæй рухс номæн фæнды, уыдонæй иу у æгæрон курдиаты хицау, ирон литературæ æмæ театралон аивады сомбоныл йæ уд цырагъау кæмæн сыгъд, уыцы драматург, УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Дыгурон театры бындурæвæрæг æмæ аивадон разамонæг, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг, æхсæнадон куысты хъæппæрисджынæй кæй зыдтой, уый – адæмы уарзон хъæбул Темыраты Иласы фырт Дауыт. Ацы аз йæ райгуырдыл æххæст кæны 100 азы. Чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты баззад уæздан, зæрдæхæлар, кæстæртыл аудæг хистæрæй. Дауыт уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæлтæрæй, – зындзинадæн фæразын чи зыдта, цардæн аргъ кæнын æмæ йæ æгæрон уарзтæй уарзын, уый.

Ирыстоны театралон аивады историйы сыгъзæриндонытылд дамгъæтæй фыстæй баззад йæ ном. 1993 азы уыцы зын уавæрты, йæ уды хъаруты руаджы Ирыстоны байгом кодта Дыгурон театралон студи. 1996 азы 10 ноябры Хæххон аграрон университеты Культурæйы галуаны кадджын уавæры уыцы театралон къордæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы паддзахадон Дыгурон драмон театры ном.

Дауыт райгуырд Дигорайы 1924 азы 15 августы. Йæ фыд уыд граждайнаг хæсты архайæг, амард 1929 азы. Мад куыста колхозы. Скъолайы авд къласы каст фæуыны фæстæ Дауыт 1942 азы ахуырад райста Цæгат Ирыстоны театралон училищейы. Уыцы аз æм фæсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. 1946 азы сыздæхт Ирыстонмæ æмæ уæдæй фæстæмæ йе ‘ппæт хъарутæ дæр лæвæрдта аивадæн. 1954 азы онг бакуыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон Ирон драмон театры артистæй, ахъазыд дзы 60 ролæй фылдæр. Ацыд йе ‘нæниздзинады тыххæй. Хистæр фæлтæр ныр дæр сæ зæрдыл дарынц Дауыты Рæмонаты Хадзымæты, Къостайы, Незнамовы æмæ æндæрты. Фæлæ йæ Оводы ролы чи федта, уый йæ цæрæнбонтæм дæр нæ ферох кæндзæн.

 

Дауыт, Уататы Бибо æмæ Гаппуаты Тæтæрхъан

1954 азы кусын райдыдта радиойы дикторæй. Уæдмæ æрвыст æрцыд Мæскуыйы Е. Вахтанговы номыл академион театры цур Щукины номыл театралон училищейы студимæ. Уым ирон фæсивæды ахуыр кодта актеры дæсныйадыл. 1961 – 1962 азты уыд Уырыссаг театры директор. Уый фæстæ та – Культурæйы министрады аивæдты хайады сæргълæууæг. 1964 азы Дауыт ацыд Мæскуымæ Уæлдæр литературон курсытæм. Каст фæцис театралон аивад иртасыны факультет. 1966 азы йæ снысан кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон кафты ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæгæй. 1970 – 1976 азты уыд Фысджыты цæдисы бæрнон секретарь, Цæдисы правленийы сæрдар, уый фæстæ та, 1977 – 1985 азты, республикæйы культурæйы министры хæдивæг.

Бæлвырд у, Дауыты цардвæндаг кæрæй-кæронмæ баст кæй уыд ирон аивадимæ, ирон культурæйы алы къабазимæ дæр куыста лæмбынæг æмæ хъæппæрисджынæй. Йемæ æмдзу кодта йе сфæлдыстадон куыст дæр. Ирон театры сценæйы Дауыты пьесæтæй æвæрд æрцыдысты «Мухтар», «Мастисджытæ», «Ард», «Фæндыры хъарæг», «Мæлæтæй тыхджындæр» «Спартак», «Ванойы рындз», «Зауыр æмæ Зубатыр», «Чи у мæ туджджын?», «Туджы аргъæй», «Цæргæсты хох» æмæ æндæртæ. Ис æм бирæ иуактон пьесæтæ дæр. Стыр æнтыстдзинæдтæ равдыста ирон æвзагмæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты уацмыстæ тæлмацы. Дæсны уыд радзырдтæ фыссынмæ. Уыимæ прозæйæ фыст уацмыстæ æмæ поэзи Дауыты хуызæн аив чи бакастаид, ахæм дæсны зын ссарæн уыд. Радио кæнæ телеуынынады дзургæйæ, йæ рæсугъд хъæлæс, йæ аив ныхас кæй зæрдæмæ не ссардтаиккой фæндаг, ахæм стæм уыд. Уымæн ма абон æвдисæн сты, йæ аивад æмæ курдиатæн ын стыр аргъ чи кодта, уыдонæй фыстæджытæ. Хистæртæ, суанг ма дзы скъоладзаутæ дæр æргом кæнынц се ‘гæрон уарзондзинад Дауытмæ, зæгъынц ын бузныг, бæрзонд кæй хæссы ирон аивад æмæ лæджы кад. Искуы уыцы æрмæджытыл æнцой кæнгæйæ бакæндзысты стыр наукон куыст, раргом кæндзысты Дауытæн, ныронг мах дæр кæй нæ зонæм, ахæм хабæрттæ сæ иртасæнты руаджы.

СЕЧЪЫНАТЫ Элитæ:

– Дауыт Иласы фырт махæн, йæ фæстæ кæй ныууагъта Дыгурон театры, уыдонæн канд разамонæг нæ уыд, фæлæ уарзон хистæр. Фыды цæстæй нæм каст.

Абон æй бамбæрстам, цы стыр уаргъ райста йæхимæ, уый. Ирыстоны алы хъæутыл фæзылди, афтæмæй æрæмбырд кодта стыр къорд. Чи йæ кары уыд, æмæ йын фадат фæци йæ бæллиц сæххæст кæнынæн, чи бынтон æрыгон уыди, æмæ йæ йæ ныййарджытæ нæ уагътой, чи та, театр цы у, уый æппындæр нæ зыдта… Фæлæ алкæй дæр бауырныдта, стыр хъуыддаг кæй аразы йæ адæмæн!

Мах иу бинонтау баст уыдыстæм кæрæдзийыл. Канд актеры дæсныйадыл нæ нæ сахуыр кодта, фæлæ ма царды бирæ хъуыддæгтыл. Мæт кодта махыл, зыдта, чи кæм цæры, куыд цæры, суанг уый дæр. Никуы ферох кæндзынæн йе ‘нкъард цæстæнгас… Театр байгом кодта, фæлæ тынг мæт кодта йæ фидæныл.

Хъаруджын адæймаг уыд, махæн дæр – ныфс! Афтид къухтæй æрлæууыдыстæм театр аразынмæ æмæ йæ сарæзтам. Куыд цин кодтам, ног спектакль нæм-иу куы фæзынд! Кæннод нын-иу исты ног дзаума куы балхæдта.

Фыццаг фæндыр нын куы балхæдта, уæд махæй амондджындæр нæ уыд! Фæлæ нæ цин бирæ нæ ахаста… Нæ бынат иу ранæй иннæмæ куы ивтам, уæд нын æй чидæр адавта… Уыцы рæстæг рынчын уыд Дауыт Иласы фырт, æмæ йын цæмæй хъыг ма уа, уый тыххæй иумæ æрæмбырд кодтам æхца æмæ сусæгæй ног фæндыр балхæдтам!

Бирæ мысинæгтæ ныууагъта, æмæ нæ зæрдæты уыдзысты, цалынмæ цæрæм, уæдмæ! Арæх мысын уыцы сыгъзæрин азтæ, æмæ йын алкæд дæр фæзæгъын бузныг!

Дауыт æмæ Сечъынаты Элитæ

 * * *

Цард æппынæдзух йæхи кæнонтæ фæкæны. Райсом кæмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый Хуыцауæй уæлдай ничи зоны æмæ нæдæр базондзæн. Æнцон нæ уыд Дауыты хъысмæт. Йе ‘ккой уæззау уаргъ сæвæргæйæ, ныфсджынæй цыд размæ æмæ дзы хъыпп-сыпп дæр никуы ничи фехъуыста. Уымæн æмæ дардмæ уыдта, кæстæртæн фæндаг гæрста, рухсмæ сæ хуыдта. Тæхуды, куы фениккат йæ архивтæ, йæ фыстæджытæ, йæ къухфыстытæ, боныгтæ, блокноттæ, йæ бирæ фы- дæбæттæ, суанг ма, Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ, лекцитæ цы тетрæдты фыста, уыдон иууылдæр. Дыгурон театрæн бындур æвæргæйæ, цы æвзарæнты ацыд, уыдон ныффæрæзтой æрмæст гæххæтт æмæ йæ фидар уд. Адæмы уарзондзинад æвдисæг æнæнымæц фыстæджытæ канд Ирыстонæй нæ, фæлæ Советон Цæдисы алы къуымтæ æмæ ма суанг фæсарæнтæй дæр бæстон æфснайд сты журнал «Мах дуг»-ы редакцийы. Хæстæгдæр рæстæг сæ ратдзыстæм Литературон музеймæ. Уыцы фыстæджытæй нæ цалдæр рахæссын фæнды уæ размæ.

 

«Дорогой мой! Здравствуй!

Вчера вечером получили еще одно твое письмо, и хотя был до чертиков уставший, все как рукой сняло! Спасибо тебе, родной! Я тебе уже писал два письма, но почему они до сих пор не дошли? По подсчетам бабули, первые должны были дойти вчера, 6.09.1979 г. Ты пишешь, что скучаешь, а я тебе так завидую! Ты хоть можешь выкупаться, загорать и т.д. А я не успеваю даже покушать. Ну, ничего, скоро я тоже пойду в отпуск. Вчера с мамой ездили к Сосику в колхоз. Жив, здоров, чувствует себя хорошо, работает с удовольствием. Он сразу спросил: «Зарик пишет? А как он себя чувствует?» и был очень доволен, когда на все получил положительные ответы. Бабуля на десятом небе от того, что ты написал: «Целую и обнимаю всех, а особенно бабушку». Она даже во сне с тобой разговаривала. Передает тебе большие приветы. Да, не забудь передать наши приветы Эльбрусу и Вадику, а также остальным новым друзьям! Поздравляем тебя с избранием председателем Совета (а вот Совета чего, это мы не разобрали, так что уточни в следующем письме). Вот видишь, ты уже и с французами познакомился. Здорово! А я вот за всю свою жизнь встречался с ними только один раз, когда работал в Москве, но познакомиться не пришлось.

Читаешь ли ты литературу или не остается времени? Надо бы тебе вести дневничок. Когда-нибудь это будет бешеный документ! (Для тебя самого, конечно). Ну, давай, будь здоров и весел! Жму твою руку! Обнимаем тебя все! Ждем твоих писем! Целую! Твой папа.

7 сентября, 1979 г., Орджоникидзе».

«Байрайайтæ, нæ дзæбæх Тамара æма Дауыт!

Зои хæццæ Германий адтан æма уин æрæгæмæ дзуапп кæнун…

Дауыт! Е бабæй циуавæр инфаркт æй?! Ниууадзæ сæйунтæ. Æз æма дæ размæ берæ кустæгтæ ес.

Мæнæ ци энциклопедий кодтан, е гъæуама финст æрцæуа 3 – 4 анземæ. Дæу ихæс ба – театри косгути нæмттæ иссерун.

Дауыт! Сæйунтæй Тамари мабал тæрсун кæнæ, фал фæццагайай косунмæ.

Тагъд-тагъд бал гъæуй сæ хигъд. Алфавитон æгъдауæй сæ ранимайай. Æвæдзи, уруссæгтæй ка фесгухтæй Иристони, уонæбæл дæр рахъæртун гъæуй.

Ку дæ фæндæ уа, уæд ма еске дæр райсæ æнхосгæнæгæн.

Хигъдмæ æнгъæл кæсун еу 2 – 3 мæймæ. Уæдта контракт ниффинсдзинан æма сæбæл очерктæ кæндзæнæ…

Цæй, кусти дзубандитæбæл фæдтæн.

Дзæбæх æма нин æнæнез уотæ еугурæй дæр!

Нæ хъури уæ кæнæн, уæхе Зоя æма мæхуæдæг.

Исаев.
27.01.1992 г.»

 

Дауыты æрмæджыты ‘хсæн ис Тугъанты Махарбеджы фырт Энверы фыстæджытæ дæр. Бæрæг у, стыр ныфс дзы кæй уыд, кæй йын баххуыс кæндзæн йæ фыд Махарбеджы номæн аккаг аргъ скæныны мадзæлтты, цæмæй йæ нывтæ хъахъхъæд æрцæуой, стæй Дур-Дуры сæ хæдзары уавæр сбæлвырд уа.

«Дорогой Дауыт! Чтобы ты знал: кажется, за подписью Свердлова был Декрет о помещениях участников гражданской войны. На этой основе Горская республика не допустила имений Махарбека и Батырбека Тугановых. Постарались Марк Авсарагов и Казбек Борукаев. Но, так как 28.09.1919 года карательный отряд полковника Кара Мурзи Гутиева конфисковал все наше имущество, то просто нечем было жить в селе. Махарбек работал в Зем.отделе Дигории, и решили в домах, в Дур-Дуре организовать Сельхозтехникум, что и сделал Бердиев Дудар.

Это краткая история. Надо весь участок взять под госохрану. Вместо школы для отстающих в развитии надо сделать интернат по живописи и музыке. А то это просто позор для республики, в домах народного художника и первого марксиста на Северном Кавказе (Батырбека) сделать школу умственно отсталых.

Прошу тебя, поговори с Сергеем Койбаевым. Он человек развитый, мог бы быть директором нового интерната. А то он возможно боится нагоняя от Минтроса.

Сам я чуть ли не целый год болею, должен лечь на операцию в Орджоникидзе, в ЦКБ на Иристонской.

Хорошая книга получилась у Дзидзоева – «Развитие полит.мысли в Осетии». О Батырбеке тоже надо вспомнить. Возмущает меня отношение двух братьев к памяти своего отца. Крахоборы!

Желаю здоровья и успехов!
Твой Энвер.
5.03.1980 г.»

«Дорогой Дауыт!

Махарбека нельзя рассматривать, как только осетинское явление. Он официально считается учеником И.Е. Репина. Когда я был в пенатах, зашел разговор, обещали любую помощь в организации мемориала Махарбека. Готовы были выслать по вызову Сев.Осет.МК консультантов. А это надо будет сделать. Обещали помощь и экспонатами. Конечно, Репину надо будет уделить место в экспозиции. Махарбек был связан с Арменией, Грузией, Дагестаном, Туркменией. Посмотри его «Литературное наследие». Здесь огромное поле для показа дружбы в культуре народов. Без русской помощи здесь не обойтись. Тебе виднее, когда надо будет к ним обратиться. Связь с Репинскими пенатами нужна с самого начала. Их поддержка многое значит.

А связь Махарбека с заграницей? Влияние на его творчество немца Штука, испанца Сулоаги, особенно итальянца Сегантини. Он все писал крестьян, пастухов, батраков. Отсюда и любовь Махарбека к простому горскому народу.

Если все это изложить, интуристы рот разинут. Я уж не говорю о наших.

Хорошо бы на этой территории создать интернат для одаренных. Но для этого надо весь участок передать в МК. Ну, прости меня.

Уважающий тебя Энвер.
6.02.1988 г.»

УАНИОН