Фæтк æмæ æгъдау æвæрæг журнал

Иу райдзаст бон дын лæмбынæг кæсын, мæ мадыфыд йæ хæдтулгæимæ куыд арæхст- джынæй архайы, уымæ. Уалынмæ уынгæй райхъуыст нæ постхæссæджы ныхас: «Уырысхан, рафыстон дын журналтæ «Мах дуг», «Дарьял», дæ хæрæфырттæн – «Ногдзау», газеттæй – «Рæстдзинад» æмæ «Социалисти- ческая Осетия». Исты ма сæм бафтауын хъæуы, мыййаг?»

Гъе афтæ фыццаг хатт фехъуыстон нæ абоны юбиляр – литературон журнал «Мах дуг»-ы кой. Чи зыдта уыцы рæстæг, æмæ 33 азы фæстæ йæ редакцийы къæсæрæй кæй бакъахдзæф кæндзынæн! Мæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, куы бахызтæн, уæд. Ноджы ма мæм къулæй алы рæстæджыты сæйраг редакторты портреттæ æдзынæг ныккастысты. Зæгъын, чи дæн æз сæ цуры?! Фæлæ мын редакцийы коллектив ныфсытæ авæрдта, сразæнгард мæ кодта мæ хъуыдытæ дарддæр мæ мадæлон æвзагыл фыссынмæ…

Уæвгæ та ма зæгъдзынæн, журналы номы цы дзырд ис – «дуг», уымæй кæй пайда кæнынц истори, биологи, географи, этнологийы. Дзурæг у, адæм сæ равзæрдæй абоны онг цы эволюцийы фæндагыл рацыдысты, ууыл. Уымæ гæсгæ тынг цымыдисæг рауад ХХ æнус. Уый æрбалæууыд адæмы уæлхъус, сæ къухы кусæндзаумайæн уыд дзывыр, афтæмæй, уадзгæ та сæ ныккодта Интернетимæ.

Раззаг технологиты дуджы йæхи ахсджиаг бынат ис нæ уарзон литературон журналæн дæр! Раздæрау цæуы гæххæттыл, фæлæ «балымæн» Интернетимæ дæр, æмæ уый руаджы бирæ адæмы æргом здахы ирон æвзаджы хæзнатæм, дзыллæйæн бирæ хабæртты у фæтк æмæ æгъдау æвæрæг. «Мах дуг» ма нæ разæнгард кæны фæлтæрты æвзагмæ цæстуарзон ахаст дарынмæ, сиды нæм, йæ уавæрыл ын цæмæй бамæт кæнæм. Чи уыдзыстæм, цы уыдзыстæм æнæ æвзаг, æнæ литературæ, æнæ культурæ, æнæ Къоста?! Æнæуд, æнæныфс гоймæгтæ. Æмæ хъуамæ уымæ нæхи ма ‘руадзæм… Ацы ахсджиаг хъуыддагыл куысты тыххæй мæ фæнды стыр бузныг зæгъын «Мах дуг» æмæ «махдугонтæн»!

ГОДЖЫЦАТЫ Георги