Фыссæг æмæ рæстæг. Агънаты Гæстæн: «Нæ удтæ ссыгъдæг уыдзысты Рæстдзинады зынгæй»

Ирыстоны адæмон фыссæг Агънаты Гæстæн литературæмæ бацыд йæхи æрмдзæфимæ, хи хæдбындур хъуыдытæ æмæ идейæтимæ. Уый ноджы ирддæрæй æмæ бæлвырддæрæй разынд, йæ ног роман «Темыры кæстæр чызг», зæгъгæ, уым. Роман мыхуыры рацыд æрæджы.

Йæ ног уацмысы фæдыл Агънаты Гæстæнимæ дæлдæр ныхас кæны «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, фыссæг Черчесты  Хъасболат:

 

Куыд зонæм, афтæмæй, иугæр фыссæг йæ къухмæ фыссæн сис куы райсы, уæд ын, æвæццæгæн, царды исты ахсджиаг цау, фарста йæ зæрдæ фæцагайы æмæ йæ размæ хæсæн сæвæры, цæмæй уыцы цардæлхынцъ райхала æмæ йæ зæгъинæгтæ æргомæй, бæлвырдæй зæгъа йæ уацмысы. Гæстæн, дæу та цы сразæнгард кодта дæ ног роман «Темыры кæстæр чызг» ныффыссынмæ?

– Хъасболат, дæхæдæг фыссæг дæ æмæ йæ хорз зоныс: алы сфæлдыстадон кусæг дæр, уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыссæг дæр, йæ къухмæ фыссæн сис райсы уый тыххæй, цæмæй чиныгкæсæгæн исты хъуыды зæгъа. Уацмыс хъуыды куы нæ хæсса, уæд уый у рæстæг сафæн. Цас стырдæр, ахсджиагдæр, арфдæр, вазыгджындæр хъуыдытæ хæсса, уыйас егъаудæр у йæ ахадындзинад. Цæмæн у абон дæр Къоста нæ тырыса? Цæмæн у адæмон? Уымæн æмæ фыста, иу æмæ дыууæ адæймаджы цы æндæвта,  ууыл нæ, фæлæ, дзыллæты зæрдæтæ цæуыл рыстысты, цæуыл катай кодтой, уыцы фарстатыл, уыцы сагъæсыл. Ис æнусон  хъуыдытæ, æнусон фарстатæ æмæ дзыллæты катайтæ.

Нæ цард, не ‘хсæнад, нæ рæстæг у вазыгджын, суйтæ,         куырмæлхъынцъытæ. Сыгъдæг æмæ чъизи, раст æмæ зылын, хорз æмæ æвзæр, рæсугъд æмæ æвидауц… Æддæг-мидæг афтæ ауадысты, æмæ сæ, хъыгагæн, хатгай кæрæдзийæ нал фæиртасæм. Гъе та нæхи скæнæм афтæ, цыма сæ кæрæдзийæ нæ хицæн кæнæм. Мæн фæндыд нæ суйтæ рæстæг, не ‘хсæнад, нæ цард Темыры бинонты хъысмæты равдисын. Уадз, мæ роман «Темыры кæстæр чызг» уæд чысыл æвдисæндар нæ абоны цардæн. Алы уацмыс дæр айдæн у. Чи – стырдæр, чи – къаддæр. Кæд дзы чиныгкæсæг не ‘хсæнады цард фена, ноджы хуыздæр та – йæхи, ме ‘мхъуыдыгæнæг суа æмæ ныссагъæс кæна: чи стæм, кæдæм цæуæм, цавæр адæм стæм, цæй тыххæй цæрæм, кæм стæм æмæ нæм дарддæр цы æнхъæлмæ кæсы, – мин æмæ мин фарстайы, – уæд мæхи нымайдзынæн амондджыныл.

– Чи сты дæ романы хъайтартæ?

– Мæ романы архайджытæ сты не ‘мдугонтæ. Адæймаг цы рæстæг цæры, ууыл, йæ алыварс цы адæм ис, уыдоныл иуæй æнцондæр фыссæн у, иннæмæй та – зындæр. Æнцондæр уымæн, æмæ цыма рæстæджы дæр æмæ адæмы дæр зоныс. Уæвгæ адæймагæн кæронмæ базонæн нæй. Уый у дунейы æппæты стырдæр сусæгдзинад. Æмæ литературæ архайы, цæмæй уыцы сусæгдзинадмæ фæхæстæгдæр уæм.

Не ‘мдугоныл зындæр фыссæн та уымæн у, æмæ нæхæдæг дæр стæм рæстæджы, дуджы æртæхтæ. Æмæ дæхимæ уазал, æцæгæлон цæстæй æркæс, дæхи равзар, раиртас. Уый та бынтон æнцон нæу.

Уæдæ, чи сты мæ романы архайджытæ? Æрвылбон кæимæ æмбæлæм, кæй зонæм, нæ алыварс цы адæм цæры æмæ кусы, уыдон. Иу бинонтæ. Иу бинонты дыууæ фæлтæры. Хистæртæ æмæ кæстæртæ. Сæ ахастдзинæдтæ. Ахæм бинонтæ – бирæ, минтæ æмæ минтæ. Æви милуантæ?.. Иу æртæхы зыны æгæрон арв, иу бинонты та – æхсæнад. Цы æрцыд Темыры бинонтыл? Цæмæн ныссуйтæ сты? Фæнды мæ, цæмæй уыцы фарстатыл чиныгкæсæг мемæ ахъуыды кæна, мемæ хатдзæгтæ скæна.

– Сюжет, быцæу… Æнæ уыдонæй уæвæн нæй нæдæр уацмысæн, нæдæр цардæн. Цавæр тыхтæ фесты ныхæй-ныхмæ дæр романы, куыд баст сты царды æмæ сфæлдыстадон хъуыдыйæ райгуыргæ быцæутæ æмæ ныхмæлæуддзинæдтæ? Куыд уæлахиз кæнынц уыцы ныхмæлæуддзинæдтыл романы хъайтартæ?

– Стыр уырыссаг поэт Блок фыста:.. И вечный бой, покой нам только снится. «Æмæ æнусон тох,æнцойдзинад нæ фынты уынæм  æрмæстдæр». Ацы цалдæр дзырды, ацы цалдæр ныхасы æппынæдзух мæ зæрдыл лæууынц. Æвæццæгæн, ахæм адæймæгтæ хæрзчысыл сты æмæ йæхимидæг быцæу, тох, хатгай хъизæмайраг тох кæмæн нæ цæуы (кæд ахæмтæ ис – æмæ, æвæццæгæн, ис, уæд уыдон сты амондджын. Кæнæ та æнамонд. Нæ зонын). Æмæ адæймагæн йæхимидæг цы быцæу, цы хъизæмайраг тох фæцæуы, литературæйы уый равдисын у стыр хъуыддаг. Чи зоны, уый æддæмæ нæ фæзыны, нæ фæивылы, фæлæ уый вæййы æмбæхст вулканы хуызæн. Ууыл дзурæг у стыр фысджыты сфæлдыстад. Уыдонæй, зæгъæм иу – Федор Достоевский. Йæ алы уацмыс дæр адæймагæн – йæхимидæг мидбыцæу, мидтох, психологон хуызы ахуыргæнæн чиныг. Алы адæймаг дæр у стыр, æнæкæрон дуне. Фысс æмæ йыл фысс. Уæд ма царды, æхсæнады, адæмæй адæмты æхсæн, адæймагæй адæймаджы æхсæн та цы быцæутæ, цы æнæхатыр тох цæуы? О, æцæгдæр, нæ цард у иугæндзон тох.

Ныр та дзуапп дæ фарсты дыккаг хайæн. Мæ роман «Темыры кæстæр чызджы» быцæу цæуы раст, сыгъдæгуд æмæ, мæнмæ гæсгæ, чъизи, æлгъаг удты æхсæн. Уæвгæ уыдон ныртæккæ кæмæндæрты сты нæ рæстæджы геройтæ. Уæлдай стыр бæллæх уый у, æмæ уыцы быцæу цæуы иу бинонты æхсæн. Уыдон кæрæдзимæ кæрдтæ не сластой, кæрæдзимæ топпытæ нæ ныддардтой, фæлæ уыцы быцæу у карз æмæ æнæхатыр. Æмæ уыцы бинонты исчи мæйæ æрæппæрста Ирыстонмæ? Нæ бæстæм? Ахæм бинонтæ иу æмæ дыууæ сты? Æмæ уыцы бинонтæ не ‘хсæнады иу æртæх не сты? Не ‘хсæнадæй нæ райгуырдысты? Æхсæнад æмæ бинонтæ. Бинонтæ æмæ æхсæнад.

… Фæлæ уæддæр, раст, сыгъдæг уды хицау чи у, кæд хатгай нымæцмæ гæсгæ уыдон къаддæр разынынц, уæддæр цард уыдоныл лæууы, царды рухс уыдон хæссынц.

– Гæстæн, дæу ирон чиныгкæсæг зоны, аивадон мадзæлттæй арæхстджынæй чи пайда кæны, уыдоны фæрцы уацмысы мидис æмæ сæйраг нысан райхалынмæ тынг хорз чи арæхсы, ахæм фыссæгæй. Цавæр ног аивадон мадзæлттæй пайда кæныс дæ романы? Рæстæджы ивæнтæ, удыхъæды фæзилæнтæ, психологон æмæ социалон фарстатæ цавæр ног литературон мадзæлттæ æмæ гæнæнтæй лыг кæныс? Цы ис ногæй де сфæлдыстадон æрмадзы?

– Дыууынæм æнусы кæрон æмæ дыууын фыццæгæм æнусы райдайæны æнæхъæн дунейы æмæ нæ бæстæйы дæр æрцыдысты стыр ивддзинæдтæ. Цард, æхсæнад аивтой, уыимæ, фæлæ æрмæст уый нæ. Æрбагуылф нæм кодта æцæгæлон идеологи, йæ цагъар кæнæм, аивта царды ритм æмæ уый аивадыл, уыимæ литературæйыл дæр ма фæзына, уымæн гæнæн нæй. Цымæ ныртæккæ дыууæ-цыппар, кæнæ цалдæр томы чи у, ахæм романтæ фыссæн ис? Уадз, цыфæнды хорз уацмыстæ уæнт, уæддæр сæ исчи бакæсдзæн? Зын зæгъæн у. Рæстæг домы йæхи аивадон уацмыстæ, йæхи темæтæ æмæ сюжеттæ, йæхи ритмтæ, йæхи мелодитæ, рæстæг алцыдæр уадзы йæхи джиппы.

Фыссæгæн æппæты ахсджиагдæр у, йæ уацмыстæ йын кæсынц æви нæ, адæммæ хæццæ кæнынц, чи сæ бакæсы, уый исты хъуыдытæ, исты сагъæстыл бафтауынц, уый. Æви чиныг бакаст, иуварс æй æрæвæрдта æмæ фæци. Цыфæнды хорз, стыр ахсджиаг хъуыды дæр аивадон хуызы загъд куы не ‘рцæуа, уацмыс чиныгкæсæджы йæ фæстæ куы нæ хона, ноджы хуыздæр та – йæ уацайраджы хуызæн куы суа, уæд. Æмæ уый æнцон хъуыддаг нæу. Уый тыххæй ис бирæ аивадон литературон мадзæлттæ, фæрæзтæ, фæзилæнтæ, ахорæнтæ… Фыццаджыдæр та курдиат – уый у æппæты рахæцæн.

Æз мæхимæ гæсгæ фыстон нырыккон цардыл нырыккон роман. Рауад æви нæ, уымæн хатдзæггæнæг – чиныгкæсæг, адæм. Романы композицион арæзт райгуырд йæ хъуыдымæ гæсгæ. Пайда кæнын адæмон сфæлдыстадæй, Нарты кадджытæй, фынтæй, цардимæ баст фантастикæйæ æмæ æндæр аивадон мадзæлттæй. Æмæ уый, нырыккон цардыл нырыккон роман фыссын æмæ сæ сæмхæццæ кæнон, арвистон дзы саразон, уый тыххæй нæ. Уыдон дæр романимæ райгуырдысты иумæ, райгуырдысты æрдзон хуызы. Мæнмæ гæсгæ, уыцы литературон фæрæзты руаджы хъуыды разыны хуыздæр, ирддæрæй; уыдоны фæрцы романы архайджытæ чиныгкæсæджы зæрдæ агайынц тынгдæр, сты йæм хæстæгдæр, кæд мæхи нæ сайын, уæд.

Æмæ ма иу хъуыддаг: уацмыс фыссæгæн йæхицæн ногдзинад куы нæ уа, йæхицæн цымыдисаг куы нæ уа, йæхи йын хъуыдытæ æмæ сагъæстыл куы не ‘фтауа, уæд хъæуы? Уæд чиныгкæсæджы зæрдæ агайдзæн?..

Литературæ у аивады иу хуыз. Йæ гуырæн – царды, адæймаджы æцæгдзинад. Фæлæ царды цыфæнды диссаджы цау дæр, адæймаджы цыфæнды диссаджы хъысмæт дæр литературæ нæма у. Уый саразын хъæуы аивадон хуызы, бауадзын дзы хъæуы аивады æнахуыр кæлæнтæ, тых, уый  йын ныссадздзæн базыртæ, йæ уæлмонц, ивылддоны хуызæн æнкъарæнтæй чиныгкæсæджы зæрдæ йæхи бакæндзæн. Аивад дæр у адæймаджы хуызæн стыр сусæгдзинад.

– Дæ романы сæйраг архайæг, Жаннæ, исты бæлвырд хъайтармæ гæсгæ нывгонд у, прототип ын ис?

– Чидæр комкоммæ Жаннæйы хуызæн у, уый зæгъын мæ бон нæу. Гæнæн уыд, æмæ уый уыдаид Жаннæ нæ, фæлæ Заремæ, Агуындæ, Алан, Солтан… Жаннæ у романы сæйраг хъайтар. Уый цæстытæй уынæм йæ бинонты, йæ алыварс адæмы, æхсæнады. Уый зæрдæйæ æнкъарæм, йæ алыварс цы цæуы, уый, æхсæнады, дунейы. Нæ! Жаннæйæн комкоммæ прототип нæй, фæлæ ахæм рæстуд, сыгъдæгуд адæймæгтæ кæй ис, ууыл гуырысхо нæ кæнын. Зын сын у, тынг зын цæрын, фæлæ цард лæууы ахæмтыл æмæ, цас фылдæр уой, афтæ – хуыздæр. Уæд чъизи æмæ æлгъаг хъуыддæгтæн нæ удты æмæ нæ царды нал уыдзæн бынат. Уæд Сыгъдæгдзинад æмæ Рæстдзинад суыдзысты нæ хуыцæуттæ.

– Иннæ сæйраг хъайтары схонæн ис Жаннæйы фыдыус Маринæйы. «Хорз» фыдыусыл ма ныртæккæйы царды фембæлæн ис?

– Æвæццæгæн, сывæллонæн йæ мады ничи баивдзæн, мады ад ын ничи скæндзæн, мадæй цæуы æнахуыр хъарм. Жаннæйæн Маринæ у йæ фыдыус, фæлæ уый у йе схæссæг, йе схъомылгæнæг мад.

Мады ад базыдта уымæй. Маринæ æмæ ма Темырæн æрыгонæй сæ зæрдæтæ кæрæдзимæ хæстæг уыдысты. Хæстæг цæмæн? Чызг æй уарзта æвзонг зæрдæйы уæлмонц уарзтæй. Фæлæ цæмæндæр Темыр бинойнагæн равзæрста æндæр чызджы, Лизæйы. Рантыст сын цыппар сывæллоны. Мад йæ фæндзæм хъæбул – Жаннæйæн цард бæргæ радта, фæлæ йæхицæн йæ цард аскъуыд – аргæ-арын амард.

Иу бон Маринæ бахоста Темыры кулдуар: йæ сывæллæттæн æй мад нæ хъæуы?

Мах цæрæм ахæм æнахуыр рæстæг, æмæ нæ дунейыл ницыуал æндавы, куыд æнцондæр æмæ фылдæр æрбассивæм æхца, куыд фылдæр исбон бафта нæ къухы. Нæ алы акъахдзæфыл дæр раздæр мин æмæ мин хатты ахъуыды кæнæм: цы пайда нын æрхæсдзæн? Пайдайыл систæм. Æмæ ахæм рæстæг, чи зоны, хъуыдыгæнджытæ уа: Маринæ йæхи къахæй Темырмæ куыд бацыд? Фондз сывæллоны барæвдауынмæ йæ ныфс куыд бахаста? Уый у рог, æнæсæрфат ми. Фæлæ уым æппындæр диссагæй ницы ис. Маринæ у адæймаг, йæ адæймагдзинады æн-къарæнтæ азтимæ нæ фесæфтысты. Чи сразы уыдзæн фондз сывæллоны раз æрлæууыныл? Кæд Темырæн баххуыс кæнын хъæуы, уæд – ныр. Сæйрагдæр та, Темырмæ йæм цы уарзондзинад уыд, уый нæ амард, уый судзы, уый йын рухс кæны йæ цард, уый йын дæтты ныфс, хъару. Уымæ гæсгæ йын æрмæст Темыр нæу зынаргъ, фæлæ йæ цот дæр, Темыры хъæбултæ сты уый хъæбултæ дæр. Зæгъын мæ фæнды: æцæг, сыгъдæг уарзондзинад у æнусон, мæлæт ын нæй. Уарзондзинад нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы æхсæн. Уарзондзинад цотмæ. Цоты уарзондзинад ныййарджытæм. Уарзондзинад Фыдызæхмæ, Райгуырæн бæстæмæ.

Нæ! Адæмтæ иу джиппы уагъд не сты. Махæн цæмæндæр нæ хъуыдыйы ныффидар: фыдыус, уæд уый æнæмæнгæй хъуамæ уа фыдцъылыс, налат. Фæлæ æдзух афтæ нæ вæййы. Цард фидыдта æмæ фидауы Маринæйы хуызæттæй.

– Жаннæйы хо æмæ æфсымæртæй иуы æххæстæй æппæрццæг хъайтартæй цæмæн равдыстай? Сæ дуджы хъæбултæ сты, æмæ æхца кусынц, уый æвзæр у?

– Æз барæй искæйы æвзæрæй равдисон, мæн уый никæд фæндыд æмæ нæ фæнды. Абырæг искуы йæхи абырæг схуыдта? Фыдгæнæг фыдгæнæг кæй у, ууыл искæд басаст? Бафæрс-ма Темыры хистæр лæппу Вадимы æмæ йæ хистæр чызг Фатимæйы? Цымæ уыдонæй растдæр æмæ сыгъдæгдæр адæймæгтæ ис ацы зæххыл? Цыфæнды æвирхъау, æбуалгъ хъуыддагæн дæр афтæ равдисæн, афтæ саразæн ис, цыма уый хорз хъуыддаг у. Мæн мæ романы равдисын фæндыд нæ цард , не ‘хсæнад, нæ рæстæг. Уыдон ирон бинонтыл куыд фæзындысты, цы фæд сыл ныууагътой æмæ уадзынц? Темыры хистæр лæппу æмæ хистæр чызг Вадим æмæ Фатимæ сты нæ рæстæджы хъæбултæ, нæ рæстæджы хъæбул у йæ иннæ фырт Аслан дæр. О, æнæ æхца, æнæ исбон цæрæн нæй. Фæлæ сæм чи цы фæндæгтыл цæуы? Сæ  къухы цы хуызы æфтынц? Адæймаг æхцайы, мулчы, исбоны  цагъар куы суа, дунейыл æй æндæр куы ницыуал æндава, уæд уый куыд раст у? Суанг дæм дæ хæрз хион, дæ хæрз къабазы цин æмæ рыст дæр куы нæуал хъарой, уæд ма адæймаг цæй тыххæй цæры?

Зæгъыс, Вадим æмæ Фатимæйы равдыстай æппæрццæг хъайтартæй. Уæдæ мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ кæйдæрты зæрдæтæм фæцæудзысты. Дæхæдæг æй куы зæгъыс, æхца кусынц, æмæ уым æвзæрæй цы ис? О, ахæмтæ ныртæккæ сты нæ рæстæджы геройтæ. Фылдæр æхца æмæ исбон кæмæ ис, – уыдон æппæты кадджындæр, тагъд сын Хъæбатыры нæмттæ дæр, æвæццæгæн, дæттын райдайдзысты. Фæлæ уæд сыгъдæг æмæ рæстуд адæм та куыд цæрой? Цы фæуой? Цы сæм æнхъæлмæ кæсы? Зæгъæм, куыд цæра Темыры кæстæр чызг Жаннæ? Бинонтæ цы уавæры сты, бинонты æхсæн цы быцæутæ цæуы, æхсæнад цы чъизи, æбуалгъ хъуыддæгтæй æмбу кæны, уыдон йæ зæрдæйы тугдадзинтыл кæмæн цæуынц, уый куыд цæра? Цы фæуа? Цы фæуой Жаннæйы фыды, йæ мады хуызæн рæстуд æмæ сыгъдæг адæм?..

– Жаннæйы уарзондзинады ахæсты куы баппæрстаис, уæд нæ фервæзтаид адзалæй? Æви Æхсар æрмæст «фонæн» хаст æрцыд уацмысмæ?

– Мæ роман райдыдта Æхсаримæ фембæлдæй. Комкоммæ нæ сæмбæлдысты, фæлæ Жаннæйæн йæ цæстытыл уайы, цыма йæ цуры ис, æнкъары йæ, йæ уарзты, йæ армытъæпæнты  хъармæй йæ буар судзы. Уацмыс хуымæтæджы нæ райдыдта ацы нывæй. Уый æвдисы дыууæ æрыгон уды сыгъдæг, уæлмонц уарзондзинад. Жаннæйы зæрдæ ма ацы дунейы цы тихалæгыл хæцыд, уый уыд Æхсар, йæ уарзондзинад, æмæ йæ аскъуыдта. Зынæй, тынг зынæй. Ныр сæрибар у. Ныр йæ фæнд сæххæст кæндзæн. Æддаг бакастæй афтæ зыны: ныр 2009 азы 29 июлы, æртыццæджы, йæхицæн æвирхъау тæрхон рахаста. Æмæ йæ, чи зоны, сæххæст кæна райсом, иннæ бон. Сæххæст æй кæндзæн 31 августы, къуырисæры, 2009 азы йæ райгуырæн боны. Фæлæ Жаннæ уыцы фæндмæ цыд бирæ рæстæг. Йæ мидзæрдæйы. Йæ мидхъуыдыйы. Чи зоны, цалдæр мæйы. Чи зоны, афæдз, дыууæ азы. Цæмæй йæхицæн ахæм карз тæрхон рахæсса, уымæ у цæттæ. Йæ бон нал у. Цард, æхсæнад æмæ йæ рæстæг ахæм цъысымы баппæрстой æмæ… Бафæллад. Рухсы цъыртт æм никæцæй кæсы. О, фæлæ цард зынаргъ у, ноджы ма æрыгон куы уай, уæд… Цæрынæй чи кæд бафсæст? Уæд та йе ‘фсымæр Ахуырбегмæ Мæскуымæ ацæуид, сылгоймæгты моладзандонмæ йæхи аппарид? Æмæ адæймагæн йæхицæй искуыдæм алидзæн ис?..

– Жаннæйы фæлгонцæй равдыстай нæ дуджы хъæнтæ æвдисæг сфæлдыстадон кусæджы хъысмæт дæр. Рæстдзинад дзурын хъæуы, æви хъуамæ де ‘дасдзинадыл  хъуыды кæнай – уыцы фарстытæн сæйраг хъайтар дзуапп цæуылнæ ссардта?

– Мæ уацмысы цы архайджытæ ис, уыдоны хуызы мæ равдисын фæндыд, нæ дуджы хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ис, цы дзы раиртæстон, уыдон. Жаннæ – сæйраг архайæг. Уый алыварс зилынц, здыхсынц цаутæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ. Журналист. Сфæлдыстадон кусæг. Районы газеты уацхæссæг. Мæ сæйраг хъайтарæн ахæм дæсныйад цæмæн равзæрстон? Иу цасдæр уыцы куыст мæхæдæг дæр зонын. Фыццаджыдæр та уый тыххæй, æмæ йæ дæсныйадмæ гæсгæ адæммæ у хæстæгдæр, æхсæнады цытæ цæуы, уый зоны. Жаннæ, йæ алыварс цы риссаг фарстатæ ис, уыдонæй йæхи не ‘мбæхсы, йæхи сæ нæ иуварс кæны, йæ зæрдæйы иувæрсты нæ цæуынц. Йæ уавæртæ, йæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ архайы сæ аиуварс кæныныл. Йе ‘дасдзинадыл алчидæр хъуыды кæны, уыимæ мæ герой дæр, фæлæ адæмæн исты хорздзинад сараза уыцы хъуыды разыны тыхджындæр, æмæ та ныффыссы. Фæзоны йæ масты хай бауыдзæн, бафхæрдзысты йæ, цыдæр фыдбылыз ын ракæндзысты, уымæн æмæ нæ рæстæджы хицаудзинад æмæ, æхца кæмæ ис, уыдонæн сæ бон алцыдæр у, уыдон æндæр закъонтæм гæсгæ цæрынц. Æмæ йын рæстдзинад зæгъын, нæ царды цы аиппытæ æмæ чъизидзинæдтæ ис, уыдон хурмæ ракалын у ахсджиагдæр. Нæ! Мæ герой, кæд æрыгон у, уæддæр, чи тæрсы, уыдонæй нæу.

– Бинонты трагеди – наркоман хæдзары. Уый дын равдисын цæмæй бантыса, уый тыххæй исты сæрмагонд литературæ кастæ?

– Нæ царды, не ‘хсæнады риссаг фарстатæй иу у наркомани. Уый у дыууын фыццæгæм æнусы уæззау низ. Нæ бæстæйы сæ нымæц цас у, уыимæ нæ республикæйы дæр, уый бæлвырдæй ничи зоны, фæлæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уый бæлвырд у. Уыцы хъылмайы амæттаг чи бахауы, уыдон æрмæст сæхи цард нæ халынц, фæлæ бинонты цард дæр. Стыр зиан хæссынц æхсæнадæн. Сæ ныхмæ абон дæр, куыд æмбæлы, ахæм тох нæма цæуы. Ныхæстæй цæуы, æцæгдзинадæй та – нæ. Цæмæн, уый æндæр фарста.

Цæмæй наркоманы фæлгонц хуыздæр равдыстаин, уый тыххæй сæрмагонд литературæ дæр бакастæн, сæмбæлдтæн дохтыртимæ, Центрон телеуынынады равдыстытæй цалдæр федтон. Сæйрагдæр та, мæхæдæг дзы кæйдæртимæ сæмбæлдтæн. Мæ иу зонгæ лæппу уыцы хъылмайы азарæй йæхи ратыдта, æрлæууыд царды раст фæндагыл. Цалдæр хатты йын бæргæ дзырдтон, зæгъын, уыцы цъымарамæ куыд бахаудтæ, арфæй дзы арфдæр куыд ныхстæ, дæ алыварс уыцы æлгъыст адæмы цард, сæ ахастдзинæдтæ æмæ дзы ды дæхи  куыд ратыдтай, уый ма ныффысс. Раздæры наркоманы зæрдæйы цъæхахст. Æмæ дæ иу адæймаг куы бафæзма, уыцы цъымарайæ иу адæймаг куы раирвæза, уæддæр уый уаид стыр хорз хъуыддаг. Нæма ныффыста. Наркоманиимæ тох та у æппæт-адæмон, у нæ риссагдæр фарстатæй иу.

– Райгуырæн къона, фыдыуæзæг, уæд та – дæ фыды хæдзар уæйгæнæн нæй, уый не ‘мбæлд, уыцы хъуыды равдисын дын фаг æххæстæй бантыст? Ахуырбег ацы  «къуылымпы» аиуварс кæнынæн цы мадзал ссардта (балхæдта йæ йæ мадызæнæгæй), уымæй хъуамæ царды дæр пайда уа.

– Райгуырæн къона, фыдыуæзæг… Адæймаг кæм райгуырд, фыццаг къахдзæфтæ кæм акодта, хуры хъарм, зæлдаг тынтæ фыццаг хатт кæм амбæлдысты, уыцы хæдзар, уыцы сых, уыцы хъæу, уыцы бынат ын адджын у, уарзон, зынаргъ. Цардæн йæхи æууæлтæ ис æмæ нæ чи йæ райгуырæн хæдзарæй æнæбары ахауы, чи та – барæй. Йæ къонайы цæргæ чи баззайы, мæнмæ гæсгæ, уый у амондджын. Базæронд вæййæм, уæддæр нæ хъуыдыты здæхæм уырдæм, уынæм æй нæ фынты. Уæлдайдæр та, цалдæр  фæлтæры кæм райгуырд, цалдæр фæлтæры кæм цард, уыцы бынат уæлдай адджын у. Райгуырæн къона æнахуыр хъарм у, æнахуыр хъарм дзы цæуы, цыма мады хъæбыс у. Адæймаджы уадзы ныфс, ног тыхтæ йын дæтты. Райгуырæн хæдзар у кувæндон, æмæ уымæй зонгæ-зонын, амалуæвгæйæ дæхи æнæхай фæкæн, уый рæдыд у. Райгуырæн къона табуйаг у, бинонты иугæнæг, бинонты кæрæдзийыл бæттæг, цæмæй бинонтæ кæрæдзийы фылдæр уарзой, кæрæдзимæ хæстæгдæр уой, кæрæдзийæн адджындæр уой, уыцы тых дæттæг. Фæлæ ис ахæмтæ, æмæ сын табуйаг ницы  ис. Æмæ нæ рæстæджы, хъыгагæн, ахæмтæ бирæ ис. Уыдон нын сты не ‘хсæнады стыр «лæвар». Уды сыгъдæгдзинад æмæ уды хъæздыгдзинад ивд цæуынц æхца æмæ мулкыл. Нæ удтæ афтид кæнынц, афтид уды та ницы æндавы. Уыимæ сæфынц, хус кæнынц нæ уидæгтæ. Æмæ ахæм у Темыры  коммерсант фырт Вадим, иу операци дæр æнæ ‘хцайæ чи нæ кæны, уыцы чызг Фатимæ. Уæд йæ наркоман лæппу Аслан та чи у? Фæлæ нæ. Темыры фарн йæ амардимæ нæ фесæфдзæн, бахъахъхъæндзæн æй йæ фырт Ахуырбег. Хæдзар уæй кæнын уый тыххæй нæ бауагъта, йæ мадызæнæгæй йæ йæ фæстаг капеччытæй уый тыххæй балхæдта. Чи зоны, Ахуырбеджы хуызæн разыной йæ цот, чи зоны, Вадим æмæ Фатимæйы кæстæртæй дæр исчитæ разына ахæмтæ…

– Ацы темæйыл фыссынвæнд чи скæна, уый ма цавæр фарстатыл хъуамæ æрлæууа?

– Темæтæ – бирæ. Фарстатæ – бирæ. Фысс æмæ фысс. Цард у бирæкъабазджын, вазыгджын, суйтæ, куырмæлхынцъытæ – хал æмæ сæ хал. Литературæ дæр у, арв куыд æнæкæрон у, афтæ – алкæмæндæр дзы бынат ис. Уæлдайдæр та хорз уацмыстæн, курдиатджын фысджытæн.

– Дæ роман цы чиныджы рацыд, уырдæм ма æндæр «тар хъуыдытимæ» уацмыстæ дæр хаст æрцыдысты. Нæ фидæн дæр дæм тарæй зыны?

– Æз барæй никæд фыстон æмæ фыссын, æнкъард «тар          хъуыдытæ» кæм ис, ахæм уацмыстæ. Уый, æвæццæгæн, адæймагыл азтæ куыд цæуынц, афтæ æрвонгдæр, лæмбынæгдæр цæстæй кæсын райдайы йæ алыварс адæммæ, цардмæ, дунемæ. О, цард хорз у, тæккæ стырдæр лæвар Хуыцауæй. Фæлæ куыд цæрæм? Цы уавæрты? Цы ахастдзинæдтæ нын ис кæрæдзиимæ? Чи у не ‘хсæнады адæймаг? Хицауадæй, бæрнон кусджытæй рæсугъд къæбæлдзыг кæркæ-мæркæ ныхæстæ ивылынц: алцыдæр – адæмæн, адæмы хорздзинадæн, адæм ныры хуызæн хорз никæд цардысты, æппынфæстаг, адæймаг ссæрибар. Уæдæ, мæнмæ та афтæ кæсы: хуымæтæг адæймаг ныр  куыд æнæбар у, афтæ никæд уыд, цагъары бынатмæ йæ батардтой. Кæй хъæуы?.. Куыст нæй. Æмæ уый иу бæллæх, фæлæ иннæ та уый, æмæ нæ афтæ сахуыр кодтой, æмæ кусын, фæллой кæнын нал уарзæм. Адæймаг алцæуылдæр ахуыр кæны. Æдасæй рацæуын нæ бон у? Сайын, фæливын, давын, æхца исын ныр куыд стыхджын сты, афтæ никæд. Æмæ дзурынц æмæ дзурынц. Дарддæр та? Ницы. Уæдæмæ кæсаг сæрæй æмбийы. О, адæмы цалдæр проценты, паддзахады, адæмы исбон йæхи чи бакодта, йæ куыдзæн юбилейтæ чи кæны, уыдон хорз цæрынц, бухъцард кæнынц, фæлæ йæ мызд цалдæр мины кæмæн у, йæ пенсийы капеччытæ бон цалдæр хатты чи нымайы, уый та цы фæуа? Коммуналон хæрдзтæ хæрдмæ гæпп ласынц, цард зынаргъæй-зынаргъдæр кæны. Адæймаджы къубалыл бæндæн бабæтт æмæ йæ сабыргай æлвас… Ахæм уавæры не стæм? Не ‘хсæнад, мæнмæ гæсгæ, у цæстфæлдахджыты æхсæнад. Уыдон сæхи æнкъарынц, кæсæгтæ доны сæхи куыд æн-къарынц, афтæ. Кæм ис æцæг  рæстдзинад?.. Сæйрагдæр та –нæ удтæ сафтид сты. Цавæр æхсæнады цæрæм?.. Мæн фæндыд уыцы фарстатæн мæ романы дзуапп радтын. Фыссæг, стыр ахуыргонд, философ Зиновьев нæ нырыккон царды уавæртæ куы федта, цавæр æхсæнадмæ бахаудыстæм, уый куы раиртæста, уæд фыста, зæгъгæ, гъа, экономикæ искæд йæ гаччы сбаддзæн, фæлæ удтæ та? Удтæ афтæ тагъд нæ сыгъдæг кæнынц. Махæй бирæтæн нæ удтыл ныббадт рыг, гам, тагъд хъуынайы бын фæуыдзысты. Нæ удтæ ссыгъдæг кæнын у æппæты сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр фарста. Хорз уацмыс та у уд  сыгъдæггæнæг. Не ‘хсæнад у рынчын, чъизи, æмбыд æхсæнад. Æмæ уæд цы фæуа Жаннæ? Цы фæуой Темыр, Маринæ,  Ахуырбег… Мæн æнæдызæрдыгæй уырны: иу бон æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзæн Рæстдзинад, Закъонтæ алкæмæндæр уыдзысты закъонтæ. Адæймагæй зæд никæд рауайдзæн, фæлæ нæ адæмæн сæ фылдæр хай уыдзысты раст æмæ сыгъдæгуд адæм, удварнæй хайджын адæм.

– Гæстæн, ды дæ фæлтæрдджын æмæ зындгонд прозаик. Зоныс нæ литературæйы ивгъуыд дæр, йæ абон дæр. Дæумæ гæсгæ, цавæр у нырыккон ирон литературæйы уавæр – жанрон, стилистикон, тематикон æгъдауæй? Цы рох кæны нæ нырыккон фысджытæй, цæмæ хъæуы тынгдæр раздахын нæ литераторты æргом?

– Нæ литературæ, мæнмæ гæсгæ, хорз уавæры нæй. Иронау чи фыссы, уыдоны нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Чиныг рауадзын стыр зын хъуыддаг ссис. Чиныгкæсджыты нымæц тайы. Фыссæджы кад дæлдæрæй-дæлдæрмæ цæуы. Фыссæджы фæллойæн аргъ нал ис. Ирон аивадмæ, ирон литературæмæ, финансты хуызы пайда æрхæсдзæн æви нæ, уый цæстæй кæсæн нæй. Раздæр азты литературæ, уæддæр, цыдæр сасирæй луæрст цыд. Ныр уый нал ис. Æхца бафид æмæ цыфæнды чиныг дæр рауадздзынæ. Æмæ аивадмæ, литературæмæ дард чи у, ахæм уацмыстæ, ахæм чингуытæ кæрæдзийы фæстæ цæуынц. Нæ литературæ хорз уавæры кæй нæй, уымæн – бирæ аххосæгтæ. Нымай æмæ сæ нымай.

Аивадон уацмыс, фыццаджыдæр, у аивад, æмæ нæ хатгай  цыма уый ферох вæййы, афтæ мæм кæсы. Аивадон уацмысы та алцыдæр ахсджиаг у – фыццаг хъуыдыйадæй фæстаг хъуыдыйады онг. Йæ формæ, йæ композицион арæзт, йæ ритм – мелоди. Ис алыхуызон аивадон мадзæлттæ, фæрæзтæ, æмæ дзы куыд хуыздæр, куыд арæхстджындæрæй пайда æрцæуа, уымæ арæхсын хъæуы. Хъуамæ мах, фысджытæ, нæхæдæг не сфæлдыстадмæ уæм карз æмæ æнæхатыр.

– Литературæ æмæ цард. Ацы дыууæ бындурон хъуыдыйæн иумæйагæй цы ис – цардмæ критикон цæстæй кæсын, прагматизм, цард куыд у, афтæмæй йæ æвдисын – æви ацы хъуыдыты иудзинад?

– Цард æмæ литературæйæн кæрæдзийæ фæиртасæн нæй, уыдон кæрæдзиимæ фидар баст сты. Фыссæг цард, æхсæнад æмæ рæстæджы æцæгдзинад куы нæ æвдиса, адæмы размæ сæ куы нæ хæсса, уæд уый у афтид. Йæ уацмыстæ сты афтид, мæнг бындурыл амад. Фыссæг у адæймаг, иртасæг. Йæ удысконд, йæ зондахаст, йæ дунеæмбарынад, йæ психологийы, йæ зæрдæйы арфдæр къуымтæм ын куы нæ ныккæса, уæд йæ уацмыстæ уыдзысты иппæрд, хус, чиныгкæсæджы зæрдæ нæ агайдзысты. Литературæйы астæуыстæг у адæймаг, уый фæрцы дзурæм нæ хъуыдытæ. Æмæ нын нæ уацмысты архайджытыл чиныгкæсджытæ куы не ‘ууæндой, уæд дзæгъæлы сты нæ фыдæбæттæ. О, литературæйы суадон у цард, фæлæ уый ууыл нæ дзуры æмæ, куыд у, афтæмæй йæ æвдис. Цыфæнды диссаджы цау дæр аивдон литературæ нæма у, афтæ адæймаджы цыфæнды диссаджы хъысмæт дæр. Аивадон литературæйæн ис йæхи закъонтæ, йæхи æууæлтæ, йæхи æнахуыр сусæгдзинæдтæ.

Прагматизм. Уыцы уагыл фыст уацмыстæ бирæ ис, стæй сын цæрыны бар дæр ис. Æппынфæстаг, алы уацмыс дæр фыст цæуы исты хъуыды зæгъыны охыл. Фæлæ зæрдæ куы нæ агайа, уæд куыд? Аивад, фыццаджыдæр, зæрдæмæ æвналы, зæрдæйыл цæуы. Мæнмæ гæсгæ, литературæйы æнкъарæнтæ æмæ хъуыды уæрдоны дыууæ цалхы          хуызæн сты, фæрсæй-фæрстæм цæуынц, æмæ дзы иу фæсте куы аззайа, ноджы æвзæрдæр та –  иуæй дзы хъуаг куы æййафа, уæд уацмыс къахыр у.

Мæнмæ гæсгæ, цардмæ кæсын хъæуы æрвонг цæстæй. Цардæн йæ сау стъæлфæнтæ йеддæмæ мацы уын, уый раст нæу. Уæдæ чысыл хорздзинад æмæ ууыл къæбæлдзыг дзырдтæ фысс, уый дæр цас хорз у. Фыссæг уыны, иннæтæ цы нæ уынынц, уый; уыны арфдæр, уæрæхдæр.

– Цы уавæры ис абон ирон чиныг? Нæ мадæлон æвзагыл чиныгкæсджыты нымæц афтæ къаддæргæнгæ цæмæн цæуы?

– Ирон чиныджы уавæр хорз нæу. Мадæлон æвзагыл чиныгкæсджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Ирон чиныг фæскъуыммæ хауы, рохуаты бынатмæ цæуы. Цæмæн? Уый у стыр фарста, ис ын бирæ аххосæгтæ. Уый тыххæй фыстон мæ публицистон уац «Ирон чиныг – сæрсæфæны былыл»-ы. Рацыд журнал «Мах дуджы», газет «Рæстдзинад»-ы. Æмæ йæ фæлхат нал кæндзынæн. Фæлæ уæддæр æнæ зæгъгæ нæй: мæнмæ гæсгæ, ирон чиныг ис тынг тæссаг уавæры, лæууы сæрсæфæны былыл. Ирон чиныджы хъысмæт у нæ адæмы хъысмæт. Уый у æппæтадæмон, национ, æппынфæстаг, национ фарста æмæ йæм хъуамæ каст дæр цæуа уыцы хуызы.

– Куыд хъуыды кæныс, нæ ирон æвзаг æмæ нæ аивадон литературæмæ цавæр фидæн æнхъæлмæ кæсы?

– Цыма не ‘взагмæ дæр æмæ нæ аивадон литературæмæ дæр бæллиццаг фидæн не ‘нхъæлмæ кæсы, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры. Чи зоны, рæдийын. Æмæ, бæргæ, куы рæдиин. Дæ фарста у стыр лыггæнинаг хъуыддаг, йæхæдæг у сæрмагонд ныхасы аккаг. Не ‘взаджы æмæ нæ аивадон литературæ кæрæдзиимæ сты фидар баст.

– Гæстæн, æрæджы кусын райдыдтай Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы æмсæрдары хæдивæгæй. Уый у ахсджиаг æмæ бæрнон куыст.

– Алы куыст дæр ахсджиаг у, алы куыст дæр бæрнон у. Литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны цур балæууын, уыдонæн феххуыс кæнын, уыдонæн ныфс радтын. Уый махæн, хистæртæн, нæ алкæмæндæр у нæ хæс. Ирон чиныг æмæ ирон чиныгкæсæг – нæ вазыгджын æмæ нæ риссаг фарстатæй иу. Не ‘взаджы уавæр, йæ фидæн. Не ‘гъдæуттæ, нæ удварны хæзнатæ. Адæм цæмæй цæрынц, цæмæй риссынц, не ‘хсæнады цы фарстатæ ис, уыдон, æнæмæнг, хауынц фысджытæм дæр, Фысджыты цæдисмæ дæр.

Иуныхасæй – не ‘ппæтæн дæр куыст – бирæ.