Ирон уд æмæ фарны «Цæрæнуат»

Йæ рæстæджы хæрз æрыгонæй сисфæлварæн кодтон, æмæ ме ‘мдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ мыхуыргонд цыдысты Хуссар Ирыстоны литературон журнал «Фидиуæг»-ы. Фидæныл хъуыдытимæ ма мын публицистон уацты æмбырдгонд дæр рацыд, æмæ ууыл мæ «литературон басгæрстытæ» ахицæн сты – уыцы уæззау æмæ бæрнон куыстæн мын рæстæг нал фæцис.

Фæлæ «Мах дуг» уарзын, æдзух æй кæсын, æмæ, йæ редколлегийы уæнг кæй дæн, уый мын æхцондзинад дæр хæссы, цавæрдæр хæс дæр мыл æвæры. Зындгонд ирон фыссæг, мæ мадыфсымæр Букуылты Алыксийы хæдзары сывæллонæй «Фидиуæг» бирæ фæкастæн æмæ уый руаджы мæ мадæлон æвзаг, мæ адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ хорз зонын. Гъемæ мын уыцы хъуыддаджы «Мах дуг» дæр æххæстæй фæахъаз. Ирон уд, аив дзырд æмæ фарны «цæрæнуат» у журнал цæргæ-цæрæнбонты, æмæ йын уыцы хъару хъомысджындæр кæнæд!

Мадæлон æвзагыл цæуæг газеттæ æмæ журналтæ нæм Ирыстоны сты «Рæстдзинад», «Хурзæрин», «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг», æмæ Ирыстоны дзыллæйы хæс у сæ редакциты кусджыты фарсмæ лæууын, æххуыс сын кæнын, сæ фыдæбоны тыххæй сын «бузныг» дзурын. Æз та «Мах дуг»-æн, куыд йæ редколлегийы уæнг, пайдадæр уæвыныл архайдзынæн. Мæ зæрды ис ногæй бакусын мæ раздæры уацтæй иу «Если умный, то почему такой бедный»-ыл æмæ йæ иронау рауадзын. Йæ рæстæджы мын мæ уацтæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодтой Букуылты Алыкси æмæ Æлборты Хаджумар. Чи зоны, уыдонæй дæр исты журналкæсджыты ног фæлтæрæн фæахъаз уа…

КЪУСРАТЫ Анатоли,
УНА-йы Дзæуджыхъæуккаг наукон центры зонадон разамонæг,
«Мах дуг»-ы редакцион советы уæнг