Варлам Шаламов. Блокноттæй ист рæнхъытæ

Уæззау æмæ вазыгджын уыди стыр уырыссаг фыссæг Варлам Шаламовы (1907–1982) цардвæндаг. Ивгъуыд æнусы 20-æм, стæй 30-æм – 40-æм азты баййæфта æфхæрд советон системæйæ, 17 азы фæци сталинон ахæстæтты æмæ лагерьты, уыдонæй 5 азы – Колымайы. Уым адæм цы æвирхъау хъизæмæрттæ æвзæрстой, уыдæттæ равдыста йе ‘мдзæвгæты æмæ документалон-философон прозæйы. Йæ уацмыстæй йын джиппы уадзæм цалдæр. Ирон æвзагмæ сæ раивта Фатаонты Уариган.

БЛОКНОТТÆЙ ИСТ РÆНХЪЫТÆ

*Дæ ныхас у фæтæджы ныхасау. Фæтæг цыфæнды æдылы ныхас куы зæгъа, уæддæр йæ ныхмæ дзурын ничи бауæнддзæн.

*Александр Македойнагæн йæ цæстытæ уыдысты алыхуызæттæ: иу – æрвхуыз, иннæ – сау.

*Артур-паддзах йæ галуаны саразын кодта тымбыл фынг, æмæ уый уæлхъус чи бадти, уыдонæй хуыздæртæ ‘мæ æвзæрдæртæ нæ уыд. Иууылдæр – æмсæр-æмбар.

*Неру Индийы истори ныффыста ахæстоны. Чернышевский «Цы кæнгæ у?» ныффыста ахæстоны. Генрийæ фыссæг рауад ахæстоны. Достоевский йæ «Фыстытæ Мард хæдзары» сфæлдыста ахæстоны.
Æрмæст советон ахæстоны ницавæр аивадон, литературон куыстытæ фыст æрцыд.

*Кокеткæгонд Макаренко педагог нæу, фæлæ литератор. Йæ коммунартæн сæ 90 процентимæ сæмбæлдтæн Цæгаты – «фæлитой тугæн» фесафыны хъомыс нæй.

*Адæймагæн цæмæй физикон куыст сæнад уа, уымæн лагерæй стырдæр ахъаз ничи у. Хицæуттæ, сæ дæлбар адæмæй чи фæаххосджын вæййы, уыдонмæ хуымæтæджы нæ бартхъирæн кæнынц: «Æвзалыкъахæнмæ дæ арвитдзынæн!»

*Цæмæй дæхи амарай, уый тыххæй хъуамæ æрыгон уай. Хъуа¬мæ дæм хъару уа.

*Ардуанау хæбуздзыхъхъытæ лæг.

*Сольвейг. Ибсены диссаджы фæлгонц. Иунæг стыр поэт дæр Сольвейгы иувæрсты нæ ацыд.

*Евтушенко. Нырма уал – кæдæй нырмæ! – литературæ нæ аразы, фæлæ – æрмæст йæхи хъысмæт.

*А дунейыл фылдæр цы ис – æвзæртæ æви хæрзтæ? Æппæтæй фылдæр – тæппудтæ (99%). Алы тæппудæй та, фадат ын куы фæвæййы, уæд æнаккаг рауайы.

*Æвирхъау лæвар. Гагаринæн мæскуыйаг фысджытæ ракодтой æвирхъау лæвар – алчи дæр ын радта йæ чиныг автографимæ, ноджы ма йын загътой, дзырд, дам, нын ратт, се ‘ппæт дæр кæй бакæсдзынæ, уый тыххæй.

1960 азы 18 май.

Маргаритæ Н.: «Дæ портрет равдысты уыд. Алчи дæр фарста: Чи У? Чи у? Цыдæр зонгæ цæсгом у».
Æз: «Зæгъ сын, æз, зæгъ, рæстæджы цæсгом дæн, уымæ гæсгæ мæ алчи дæр зоны».

*Курдиат кусын домы. Моцартæй Моцарт уымæн рауад, æмæ Сальерийæ бирæ фылдæр куыста. Моцартæн куыст удыхосау уыди.

*Хæсты рæстæг тиран адæммæ фæхæстæгдæр вæййы.

*Поэт хъуамæ поэтæй стырдæр уа.

*Леонов – фыссæг, фæндон бахаста, дунейы адæмты царды райдайæн, дам, Сталины райгуырдæй нымайæм.

*Адæмы ахуыр кæнæн нæй. Адæмы ахуыр кæнын – уый æфхæрæн ми у.

*Поэзийы хæс у рæстæг фæтагъддæр кæнын нæ, фæлæ рæстæг бауромын.

*Хуыцауы раст адæм нæ хъæуы. Уыдон æнæ Хуыцауæй дæр фæцæрдзысты. Хуыцауы хъæуы, йæ тæригъæдтыл фæсмон чи ‘ркæна, ахæмтæ.

*Хорз мæлæттæ бирæ ис, фæлæ дзы мах рæстæгæн Эйзенштейны мæлæтæй хуыздæр нæй. (С. Эйзенштейн – кинорежиссер, амарди стъолы уæлхъус, уац фысгæ-фыссын. – Ред.).
Æппæтæй стырдæр тæригъæд у искæй хъуыддæгты хи тъыссын. Фысджытæ сæхи хъуамæ ма тъыссой искæй уды – ницы хуызы, никæд. Фыссæг йæхи тъыссы æрмæст йæхи уды – æндæр никæм.

*Лагеры: зонд хорз, дыууæ та – бирæ æвзæрдæр.

*Æвирхъау хъуыддаг – сау адæм.

*Мæнæ и, мæнæ уырыссаг прозæйæн, зондамонæг литературæйæн йе ‘намонд. Алы диттой дæр йæхицæй аразы, цæрын куыд хъæуы, уый амонæг.

*Маргъ ма у æмæ быдыргътæй ма тæрсай.

*Удтæ ныллæггæнæг, къуыдзæмгадгæнæг у цард.

*Дилетантизмы æнус.

*Æппæт революцитæ дæр дилетанттæ аразынц.

*Адæймаджы оптималон уавæр – иунæг уæвын.

*Хæстæн ма, чи зоны, юмор сфидауа, фæлæ лагерæн, Освенцимы пецтæн – нæ.

*Мæ уарзон бæлас – тæгæр. Есенины бæрз нæ, фæлæ тæгæр, адæймаджы армау фондзæнгуылдзджын тæгæр.

*Маяковский дун-дунейæн фыста, Асеев та – Мæскуыйæн.

*Горæт – гæдыйы хуызæн æфснайд.

*Фыццаджы-фыццаг уал бамбарын хъæуы иу хуымæтæг, фæлæ ахсджиаг хъуыддаг: фæлтæртыл ницавæр хæс ис æвæрд. Сывæллæттæ мадæлтæй ницы дарынц, мадæлтæ та – сывæллæттæй. Иу фæлтæрæн иннæмæй исты домын йæ бон нæу.
Хъуамæ паддзахадæй домай æххуыс, бинонты хъуыддæгтæ хъуамæ паддзахад кæна.

*Знаг – иунæг хъахъхъæнæг.

*Мæ цуры бадтис, йæхицæй буц æмæ сæрыстыр чи у, ахæм знаггадгæнæг цæрæгой – тынг тæссаг чи у, уыцы графоманты мыггагæй.

#журналмахдуг #ВАРЛАМШАЛАМОВ