Зæрдæбын арфæ нæ уарзон хистæрæн

Цард рæсугъд хорз адæймæгты руаджы у, уыдоныл царды бирæ хæстæ æвæрд ис. Курдиатджын адæймаджы уд та цырагъ у. Уый судзы йæ дугæн, фылдæр та фидæнæн. Ирон дзырдаивады йæ амонд чи уыны, йæ рæзтмæ йын стыр æвæрæн чи хæссы, Ирон æвзаг цæмæй дидин кала, ууыл зæрдиагæй чи архайы, уыдон фæрнджын æмæ арфæйаг сты. Уыдонæй иу у нæ буц хистæр, зындгонд поэт, прозаик, публицист, критик, драматург, тæлмацгæнæг, йæ адæмы иузæрдион патриот Ходы Камал дæр. Поэт цы джаджджын хуынтæ бахаста ирон литературæмæ: «Бонвæрнон», «Цæхх æмæ кæрдзын», «Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц», «Кар», «Мыртæ» æмæ бирæ æндæртæ, уыдон стыр лæвар сты фидæны фæлтæртæн, литературæйы рæзтæн. Абон нæ буц хистæр Ходы Камалæн у йæ юбилейон бæрæгбон æмæ йын зæрдæбын арфæ кæнæм. Камал, Хуыцау зæгъæд æмæ ма нын бирæ азтæ дæ курдиатæй нæ зæрдæ куыд рухс кæнай, де сфæлдыстады сæйраг апп Ирыстоны хæрзæбон куыд уа, дæ кæстæртæй та дæ зæрдæ куыд рухс кæна, ахæм амонд дын Стыр Хуыцау балæвар кæнæд. Фарн æмæ амонд дæ хæдзары, дунейы хæрзтæй хаджын у, Ирыстоны стырдæр зæд Лæгты Дзуар дын æххуысгæнæг уæд!

Журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ

Камалы фæлтæр бирæ уыдысты, фæлæ дзы цыппар лæппуйы Дюмайы цыппар мушкетерау бынтон æнгом хастой, мæнæ иронау куыд акæнынц – иу хæдон дæр сын уæгъд уыди. Уыдон уыдысты Хъодзаты Æхсар, Малиты Васо, Джыккайты Шамил æмæ Ходы Камал. Ацы лæппутæй, зиумæ куы ‘рбацыдысты, уæдæй фæстæмæ стыр ныфс æвæрдтой хистæр фæлтæры хуыздæр минæвæрттæ – Плиты Грис, Гафез, Дзугаты Георги, Цæрукъаты Алыксандр, Мамсыраты Дæбе, Дзадтиаты Тотырбег æмæ æнд. Гъе, æмæ цыппар дæр рацыдысты æцæг ныфсы лæгтæ нæ литературæйæн. Мæнæн цыппар дæр цыдæр адджын фесты. Хæрзæгъдау ирон лæппутæ, мæ кæстæртæ, курдиатджын поэттæ…

Нафи

Камал разагъды лæг у. Йæ бон у Ир æмæ æндæр адæмты ‘хсæн лæгау æрлæууын æмæ ныхас зæгъын. Зоны, кæм цы зæгъын хъæуы, уый дæр. Йæ бон у ирон фынгыл хистæр уæвын дæр æмæ «оммен» кæнын дæр, куы бахъæуа, уæд та зарын дæр. Уыдон æмткæй сты поэт æмæ лæджы æууæлтæ. Хуыздæр æмæ йын фылдæр бантысæд!

ДЖЫККАЙТЫ Шамил