(1869 – 1939)
Байаты Уасилы фырт Гаппо (Георгий) райгуырд 1870 азы Ольгинскæйы, зæхкусæг ирон æхсæнадæн лæджы хæдзары.
Ахуырмæ йын фæндаг сифтонг кодта йæ фыды ’фсымæр, Уæрæсейы æфсады инæлар-майор. 1894 азы Гаппо каст фæци Новороссийскы университеты юридикон факультет æмæ уæдæй 1921 азмæ царди æмæ куыста Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы. 1905 азы æвзæрст æрцыд Дзæуджыхъæуы Думæмæ æмæ куыста горæты сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй 1911 азмæ. Уыцы аз та æвзæрст æрцыд горæты сæргълæууæгæй (городской голова), мæнæ ныр мэр кæй хонынц кæнæ та администрацийы сæргълæууæг, уымæй. Ацы бынаты куыста суанг 1917 азмæ, стæй йæ куыст ныууагъта æмæ архайдта алыхуызон æхсæны хъуыддæгты.
1919 азы Деникины (паддзахы инæлары) урс æфсады балбирæгътæ Цæгат Кавказ куы бацахстой, уæд Гаппо Ирыстонæй ацыд Фæскавказмæ, Тифлисмæ æмæ уым куыста, Цæлыккаты Ахмæт цы дыууæ газеты уагъта («Вольный горец» – уырыссагау, «Ног цард» – иронау), уыдон редакцийы. Ирон газеты Гаппо уыд редакторы бæсты дæр, æрмæг дæр фылдæр йæхæдæг цæттæ кодта.
1921 азы Сырх Æфсад бацыд Гуырдзыстонмæ, Советон хицауад дзы æвæрд æрцыд, æмæ уæд Гаппо, кæд ын фæндиаг нæ уыд, уæддæр фæцыд эмиграцийы, ахауд фæсарæнтæм æмæ Германы куыста æмæ цард суанг йæ мæлæты бонмæ, 1939 азмæ. Ам дæр уæддæр йæ зæрдыл лæууыдысты йæ ныййарæг адæм æмæ йæ райгуырæн Ирыстон. Йæ бон цы уыд, уымæй архайдта ирон культурæйæн исты ахъаз фæуыныл.
Цавæр сты Гаппойы сæйраг лæггæдтæ ирон адæм æмæ ирон культурæйы раз революцийы агъоммæ, ома цалынмæ эмиграцийы нæ ацыд, уæдмæ?
Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ Гаппо, кæд паддзахы хæдхæцæгады системæйы куыста чиновникæй, уæддæр йæ зондахастмæ гæсгæ уыд буржуазон республикæйы фарсхæцæг. Мидхæсты рæстæджы хæдхæцæгад ногæй æрæвæрыны охыл чи тох кодта (паддзахы инæлæрттæ, монархисттæ,
дингæнджытæ æмæ æнд.), уыдоны ныхмæ ирон публицисттæй Гаппойæ карздæр уацтæ ничи ныффыста, Гаппойы политикон зондахастæн уыцы дуджы хорз æвдисæндар сты йæ уацтæ: «Осетия под опекой Добрармии», «Правитель Осетии» (дыууæ дæр контрреволюцион тыхтæ æмæ зонды ныхмæ фыст) æмæ «Ног царды зиу».
Иудзырдæй, Гаппо монархист нæ уыд, уый хæцыди буржуазон демократийы фарс. Чиновник уæвгæйæ та кæддæриддæр хæцыд адæмы фарс, мæгуыр зæхкусджыты фарс, закъон ын йæ къух цас арæзта (Гаппо юрист уыд æмæ закъæттæ иттæг зорз зыдта), уыйбæрц.
Ирон адæм æмæ ирон культурæйы раз йæ лæггæдтыл куы дзурæм, уæд ын фыццаг нымайын хъæуы дыууæ хъазуатон хъуыддаджы: фыццаг – ирон чызджыты скъола кæй нæ бауагъта æхгæнын, уый; дыккаг та – хохаг адæмы зæххытæ, фыдæлтæй сын чи баззад, уыдон паддзахы чиновниктæн байсын кæй нæ бауагъта, уый.
Къостайы биографийæ зонæм иу хабар: поэт не сразы, Гуырдзыстоны дингæнджыты хистæр (экзарх) Терчы зылды администрациимæ ирон чызджыты скъола кæй æхгæнын кодта, ууыл. Бамбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæр лæгты, æмæ иумæ ныффыстой хъаст иууыл уæлдæр хицæуттæм, скъола æхгæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Уæлдæр хицæуттæ сразы сты ацы фæндоныл, скъола æхгæд не ’рцыд, фæлæ Къостайы фæсырдтой Терчы зылдæй фондз азы ’мгъуыдмæ.
1899 азы, Къоста дыккаг хатт хаст куы уыди Херсоны губернимæ, уæд та ирон чызджыты скъолайы знæгтæ (Гуырдзыстоны дингæнджытæ) бафæлвæрдтой дыккаг хатт ацы скъолы сæхгæнын. Ныр Къоста хасты уыд æмæ скъолайы сæрыл сдзурын йæ бон нæ уыд. Ацы хъуыддаг йæхимæ райста Гаппо. Къостайы Терчы зылдæй фæсырдтой иу мысæггаг азымæй: скъолайы сæрыл дзурæн хъаст, дам, закъонмæ гæсгæ фыст нæ уыди!.. Ацы хабар Гаппо, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта. Юрист уæвгæйæ, Гаппо хъаст ныффыста адæмы номæй, стæй закъæттæ куыд домдтой, уыцы хуызы æмæ рамбылдта: ирон чызджыты скъола, приют кæй хуыдтой, уый баззад. Куыста суанг мидхæсты азтæм, 1917 азмæ. Уырдыгæй рацыди бирæ ахуыргонд сылгоймæгтæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ куыстой советон рæстæджы дæр.
XX æнусы райдиан паддзахы администраци Кавказы æрымысыд хохаг адæмты зæххытæ (уыдонимæ ирон адæмы зæххытæ дæр) хицауады бакæнын, уыдон паддзахы къазнайы фондмæ раттын, цæмæй сæ ауæй кодтаиккой сæ хицæуттæн фæстæмæ стыр аргъыл. Сарæзтой, «Абрамовы къамис» кæй хуыдтой, уый. Йæ сæргъы – Къостайы фыдызнаг Яков Абрамов, Къоста Яша Юродивый кæй схуыдта (йæ поэмæ «Кæмæн ис хъæлдзæг цард»), уый. Чиновникты нымад уыд хæрз хуымæтæг: зæхх у сæрмагонд хиисад, ахæм исы тыххæй та дæм хъуамæ уа гæххæтт-документ. Нæй дæм ахæм документ, уæд зæхх дæу нæу, паддзахады исбон у. Хохаг адæммæ цæй гæххæттытæ хъуамæ уыдаид? Уыдонмæ паддзахад нæ уыд, цалынмæ Уæрæсеимæ нæ баиу сты, уæдмæ. Ам зæхх (хуымтæ, уыгæрдæнтæ, хизæнуæттæ) уыди, фыццаг æй чи ’рцахста æмæ бакуыста, уый. Уыцы бар хуыйны – «право первого захвата». Чиновниктæ та адæмæй гæххæттытæ агуырдтой!.. Гаппо ацы тыхмийы ныхмæ дæр æрлæууыд æмæ та рамбылдта: «Абрамовы къамис» хæлд æрцыд, йæ тæрхæттæ та – ивд, зæххытæ баззадысты хохаг адæмæн: хуымæй, сæрвæтæй, уыгæрдæнæй, хъæдæй. Ацы хъуыддаг Гаппо бакодта 1908 азы. Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл ма ирон публицисттæй карзæй сдзырдта Цæголты Георги, фæлæ уый уыд Гаппойы тохы фæстæ. Георгийы уацтæ хицæн брошюрæйæ рацыдысты 1912 азы («Край беспросветной нужды»).
Гаппо ирон культурæйæн, фыццаджыдæр, нæ литературæйы рæзтæн цы сарæзта хорзæй, ууыл куы дзурæм, уæд зæгъын хъæуы ирон чиныгуадзæн «Ир»-ы тыххæй. Ацы рауагъдад саразыныл Гаппо кусын райдыдта 1894 азы, университет фæуыны фæстæ Дзæуджыхъæумæ куы ’рцыд, уæд. Бантыст ын ацы хъуыддаг бакæнын – ирон чиныгуадзæн саразын. Ацы рауагъдады рацыдысты ирон аив литературæйы фыццаг æмæ сæйраг уацмыстæ: «Æфхæрдты Хæсанæ» – 1897 азы æмæ «Ирон фæндыр» – 1899 азы. Чингуытæ ам уагъд цыдысты уый фæстæ дæр, суанг 1917 азмæ, фæлæ ирон аив литературæйæн бындур ацы дыууæ чиныджы басгуыхтысты æмæ дыууæ дæр рацыдысты Гаппойы армæй, уый хъæппæрисæй. Уымæн дзырдта Гаппо: «Ацы чингуытæ сты сæрæвæрæн нæ ирон чиныджы хъуыддагæн».
Гаппо йæхæдæг дæр рауагъта аст чысыл чиныджы. Сæ фылдæр арæзт уыдысты ирон фольклоры уацмыстæй. Уыдонæй сæйраг сты: «Гæлæбу», «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ», «Фарн». Рауагъта чысыл брошюрæтæ нозтдзуан æмæ тамако дымыны ныхмæ. Раст зæгъгæйæ, йæхæдæг аивадон уацмыстæ нæ фыста, ахæм сфæлдыстадон курдиат æм нæ уыди. Фæлæ ирон фольклор æмбырд кæныныл бирæ фæкуыста. Уый тыххæй дзы хъуамæ бузныг уæм абон дæр. Уымæй уæлдай ма фыста литературон-критикон уацтæ: Ирыстоны ма куы цард, уæд – Къоста æмæ Къубалты Алыксандры тыххæй, эмиграцийы куы уыд, уæд та – Æмбалты Цоцко æмæ Цæголты Георгийы тыххæй. Ныффыста ма иттæг хорз уац Пушкин æмæ Лермонтовы тыххæй 1899 азы, Пушкины райгуырдыл 100 азы куы сæххæст, уæд.
Гаппо-публицист фыццаджы-фыццаг уыди рухстауæг. Йæ фыццаг уацæй фæстæмæ, – уый та уыд 1894 азы, уац хуынд «Из жизни осетин. Калым», – Гаппо, иннæ ирон рухстауджытау, тох кодта ирæд, тугисын, хистытæ æмæ алыхуызон фыдæгъдæутты ныхмæ. Цы уацы кой ракодтон, уым фыста: «Ирæд халы адæмы хæрзæгъдау», «фæсивæды ардауы давыныл, цæмæй давæггаг фæллойæ балхæной сæхицæн æмкъайтæ», «сафы бинонты царды фæтк дæр æмæ æхсæны царды фæрныгдзинад дæр».
Раст у, Гаппомæ бирæ фаутæ хастой Гæдиаты Секъа, Цомахъ æмæ Брытъиаты Елбыздыхъо. Хистæры уайдзæфтæ йын кæны Къоста дæр, фæлæ йын мах аргъ кæнæм, хорзæй цы сарæзта, уый тыххæй. Аиппытæ амардысты йæ разæй.
ДЗÆБИДЫР ÆМÆ САГ
Бæрзонд сау айнæджы цъуппыл зæронд дзæбидыр лæууыди. Ныллæг кæмдæр йæ быны сау хъæды хызти уæздан саг. Саг дзæбидыры ауыдта æмæ йæм бæрзондмæ сдзырдта. Дзæбидыр – гæпп-гæпп, æмæ саджы уæлхъус фестади.
– Дæ бон хорз уа, хъæлзæнг саг!
– Хорз цæр, мæ хæххон æрвад!
– Хæрзаг, дзæбидыр, хæлæг кæныс мæ цардмæ! – загьта саг. – Акæс-ма, æз дæуау, мыййаг, их не стæрын, æз нуазын рæсуг суадæттæй. Дæуау хъæбæр къæдзæхыл нæ хуыссын – мæ быны фæлмæн сыфтæртæ… Ды хæрыс фыдад хæххон фæсал, æз та – адджын сойджын кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæр. Æз хъазын райдзаст цъæхнæуу быдырты, ды та уазал цъитийыл æмæ æдзæрæг къæдзæхтыл иунæгæй дæ мæгуыр бонтæ æрвитыс. Цæй цард у дæ цард, дзæбидыр?!
Дзуринаг ма уыдис саг, фæлæ кæцæйдæр топпы гæрæхтæ æмæ куыйты рæйын æрбайхъуысти. Сæрджын саг йæ сыкъатæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ тæрсгæ-ризгæ атыффытт ласта хъæды астæумæ. Йæ мæгуыр хæххон æрвадæн «хæрзбон» дæр нал загъта.
Зæронд дзæбидыр та йæ мæгуыр къæдзæхты сæрмæ ссыди æмæ йæхинымæр загъта: «Тæрсгæ-ризгæ бонджынæй æд мæт фæцæрыны бæсты мæнмæ мæ мæгуыр хæххон цард сæрибарæй хуыздæр кæсы».
МÆЛДЗЫГ ÆМÆ ЦЪЫРЦЪЫРАГ
Мæлдзыджы хуызæн ничи кусы. Уый тыххæй ацы таурæгъ дис макæмæ фæкæсæд.
Иу мæлдзыг кæддæр уалдзæджы йæхицæн гутон кодта – зымæгмæ йæ бинонтæн хор æрæмбырд кæнынмæ хъавыди. Цъырцъыраг та йæ фарсмæ зæрæстоны зарыди, фырцинæй чъыллиппытæ кодта. Цы баназдзынæн, цы бахæрдзынæн, уый мæт ма кæм кодта!
Хæтгæ-хæтгæ цъырцъыраг мæлдзыджы хуыммæ æрцыди æмæ йæ хор таугæ куы æрæййæфта, уæд схудти æмæ загъта:
– Гъе, мæгуыр мæлдзыг, дæхи фыркуыстæй цæмæн домыс: дуне – дыууæ боны, дуне тæбыныл ауыгъд у, фæлтау, æвзæр, заргæ-хъазгæ дæ мæгуыр бонтæ арвит мæ хуызæн. – Æмæ та цъырцъыраг заргæ-хъазгæ атахти цъæх нæумæ.
Æрæгвæззæг æрцыди. Уазал кæнын байдыдта. Зымæгмæ бирæ нал уыди. Нæ хæдзардзин мæлдзыг кæразы хортæ бафснайдта, йæ бынат ногæй сарæзта, хъæдæй суг æрласта æмæ-иу гуыргуыргæнгæ арты фарсмæ сбадти. Йæ фæндыр-иу райста æмæ-иу лыстæг хъæлæсæй ныззарыди:
Æз дæн мæгуыр мæлдзыг,
Сæрды дæргъы фæкуыстон.
Хуыцауæй бузныг, – дæн хъæздыг,
Зымæджы минас федтон.
Уæрæйдæ æмæ уæси-уæрæйдæ!
Мæлдзыджы мыггаг кæм нæ дæ!
Нæ магуса лымæн цъырцъыраг, уазал æрцæуы, уый хабар дæр нæ кодта, фæлæ йæ уды дзæбæхæн ныццæлхъ ласта:
Хъæр кæны мæ фæндыр,
Зары мæ уасæн.
Цъæх ма у мæ быдыр,
Дзаг у мæ нуазæн!
Нæ дуне – цыбыр,
Цъыр-цъыр, цъыр-цъыр!
Фæлæ мæнæ мит æруарыд. Йæ урс пæлæзæй къуыбыртæ æмæ цъæх быдыртæ бамбæрзта. Цъырцъырагæн йæ мæлæты бонтæ æрцыдысты. Амал куынал ардта, уæд æххормагæй хæррæгъты мидæг мæлдзыджы хæдзармæ ссыди æмæ йæм бахъæр кодта:
– Гъе, мæ хур, мæлдзыг, æддæмæ ракæс!
Мæлдзыг йæ кæрц йæ уæлæ баппæрста æмæ æддæмæ рауади.
– Æгас цуай, цъырцъыраг! Кæцæй дæ Хуыцау æрхаста? Цы хорз хабæрттæ нын хæссыс?
– Гъе, мæ удыгага, мæлдзыг, æххормагæй фæмæлын. Дæ хорзæхæй, ардыгæй уалдзæгмæ мæ схæсс…
– А сæрды, æнхъæлдæн, магусайæ бадтæ…
– Куы нæ, мæ хур, æз бадгæ нæ кодтон: æз зарыдтæн æмæ хъазыдтæн.
– Уæдæ хорз фæкуыстай, ныр та мæнæ митыл симгæ дæр акæ!..
УАЗÆГ
Уыдис зымæгон уазал талынг æхсæв. Уады дымгæ дуармæ æхситтытæ кодта. Зæронд къонайы гуыргуыргæнгæ сыгъд арт. Æз æнкъардæй иунæгæй бадтæн йæ разы. Кæрты куыдзы рæйын фæцыди. Æддæмæ акæсон куыд загътон, афтæ æвиппайды чидæр дуар бакодта, мидæмæ бацыди æмæ арты фарсмæ æрбадти йæхи тавынмæ. Арты рухс æнахуыр уазæгæн йæ цæсгомыл сæмбæлди. Мæ разы бадти рæсугъд æнкъард ирон чызг хæррæгъты мидæг æмæ мын загъта:
– Ирон лæг, æз дæн мæгуыр уазæг.
– Уазæг – Хуыцауы уазæг! Уæлдайдæр мæгуыр уазæг, – загътон ын æз.
Уыцы дзуапмæ мæм чызг скасти цæссыгдзаг цæстытæй æмæ
загъта:
– Æз дæн мæгуыр саби. Рагæй агурын æз мæ мады æмæ мæ фыды æмæ сæ никуы арын. Фыдбоны райгуырдтæн æмæ фыдæбæттимæ бирæ азты мæ царды бонтæ æрвитын. Фæкæсæг мæм нæй. Мæ дарæс мын ничи æмпъузы, мæхи мын ничи бафсады. Æххормагæй, хæррæгъты мидæг ныгъуылд уæрццау зилын æз Иры бæстыл æмæ мæм кæсгæ дæр ничи кæны. Мæ фыды æмæ мæ мады æз æгасæй искуы куы ссарин, æрмæст уыдон дзæбæх уындæй, уыдон рæсугъд хъæлæсæй иу бон мæхи куы бафсадин, уæд æз адæмæн ног царды æлутон фестин. Æз дæн ног царды фидиуæг, сызгъæрин хъæлæсæй фарн хæссæг. Æз æрхæсдзынæн, ирон лæг, мæ мæгуыр хæдзармæ дунейы рухс æмæ зонды хъæр!..
Мæ сызгъæрин хæтæлæй æз ныккæндзынæн нæ мæгуыр царды кæрæдзи уарзондзинады зарæг. Ма мæ тæрсут, барæвдаут мæ. Æз уæ туг, уе стæгæй куы дæн. Мæ мады, мæ фыды мын ссарын кæнут!.. – афтæ мæм дзырдта йæ сызгъæрин хъæлæсæй уыцы диссаг чызг. Стæй æвиппайды дуар бакодта æмæ миты тымыгъы фесæфтис.
– Чи дæ? Кæмæй дæ? Дæ ном мын куы нæ загътай! – ахъæр ма кодтон æз йæ фæдыл къæсæрæй.
– Мæ ном – ирон чиныг, мæ фыд – ирон зæрдæ, мæ мад – ирон æвзаг. Уыдон агурæг фæцæуын!
– Фæндараст, нæ зæды хай!..
ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА
Йæ цард æмæ йæ хъуыддæгтæ
Кæй кой кæнынц, уый нæ амарди.
Ирон æмбисонд
ЙÆ РАГУАЛДЗÆГ (1863 – 1871 азтæ)
1859 азы нæ диссаг райгуырæн Ирыстоны хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн, Хетæгкаты Леуанæн, райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном – Къоста. Дыууæ азы йыл куы цыди, уæд* йæ мад – уыди Гуыбатæй – амарди. Сæ хæстæг ус Хетæгкаты** Чендзе райста сидзæры хæссынмæ… Сызгъæрин зæрдæ уыди уыцы усæн… Ирон мады ад ын фенын кодта.
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр!.. –
зæгъы йæхæдæг Къоста («Чи дæ?»).
Леуан æрхаста дыккаг ус, уымæй йын райгуырди чызг Олга.
Фондзаздзыдæй Къостайы йæ хæдзармæ æрбакодтой; ирон хæдзары – «цу-ма, цу-ма» – куыстытыл æй сифтыгътой… Фылдæр уæлыгæс цыди.
Иттæг рæсугъд мысы уыцы бонты цард йæ диссаджы зарджытæ «Хъуыбады», «Чи дæ?», «Сидзæргæс», «Æнæ фыййау» æмæ æндæрты. Иу хъуыддаг у хъуыдыйаг – саби уæлыгæсæй сси раздзог хорз фыййау, йæ фарны хъæрæй мæгуыр ирон адæмы рухс фæндагмæ чи ракодта.
АХУЫРЫ АЗТÆ (1871 – 1883)
1870 азы Къостайы радтой Нары скъоламæ. Ахуыргæнæг ын уыди йæ мадыфсымæр Гуыбаты Иоане.
Леуан паддзахы куысты уыди, – Иры хохы милицæйы хицау, афицер, – фылдæр царди Дзæуджыхъæуы. 1872 азы Къостайы радта уымы реалон скъоламæ.
Уыцы азы Псызы, Кубаны фурды былыл, æрцæрын кодта хох ирæй стыр хъæуы Лабæ – Георгиевское-Осетинское. Йæхæдæг дæр уырдæм биноныгæй алыгъди, хорз бындуртæ сарæзта.
1873 азы Къостайы Стъараполы гимназмæ радта, уым хъæбæр хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хох адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты.
Нарон уæлыгæсæн йæ зæрдæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй, зондады уидæгтæ рæмудзын байдыдта бындзарæй…
Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æнтысы: зыдта тигъ митæ, фыдуаг ныхас, уайтагъд чысыл æмбæлттæн балхон сси алы хорз хъæлдзæгадмæ; æвдзныхасæй таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссын хорз райдыдта уырыссагау; æмбисонд нывдæсныйады сгуыхтад æвдыста… Сцъил æй кодтой ахуыргæнджытæ Петербурджы Нывдæсныйады Академимæ бацæуын. 1879 азы фæци каст гимназ. Стыр ном ирд суадонæй сыгъдæгдæр цæсгом нæ Ирæн уым скодта.
Бæллиццаг ын уыдысты йæ цæргæ-цæрæнбонты уыцы азтæ!
Зæронд Леуан æй æрвыста паддзахы куыстмæ, фæлæ Къоста коммæ нæ бакаст, араст и хæрз мæгуырæй Петербургмæ. Æртæ азы уым стыр уынгæджы фæтухи кодта. Æцæг федта хæстæг стыр тохы цард. Дæрдтыл афæлгæсыд йæ сæрызондæй. Æрдæгкастæй рацыди уыцы Академийæ 1883 азы.
ИРЫ. ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ (1884 – 1891 азтæ)
Лабæмæ йæ уарзон фыды хæдзармæ ссыди, æппæт дæр æм уым дæрддаг уыдысты – уазал зæрдæ йæм дардтой… Æнцойад не ссардта уым…
Куыд байраг дугъон фыццаг фæдисы раз йæ рохтæ тоны æмæ хæры, афтæ йæ æфсæн риуы йæ ирон зæрдæ агурын байдыдта йæ ныййарджыты зæронд Ирыстоны.
Фæхæссон ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Нæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм!..
(«Ракæс»)
Номдзыд рæстæджы ссыд нæ Ирмæ. Ир биноныгæй æрфидар кодтой сæхиуыл буц-хъæздыг быдыр, сарæзтой рæсугъд хъæутæ, куысты æмæ ахуырады фæндагыл æмгуыппæгæй рацæйцыдысты…
Куыд хистæртæ, афтæ лæппу-фæсивæд иттæг бауарзтой Къостайы… Уырысы ахуыргонд адæмы астæу уайтагъд хорз лымæнтæ скодта.
Къоста алы æхсæны хъуыддаджы тыхджын куыста. Мамæлайы комдзаг ардта нывтæ фыссынæй… Алкæй хæдзар уыди йæ хæдзар. Сæрды царди хъæуты, хæхбæсты. Уыцы заман кæуæгау фæфыста йæ номдзыд ирон зарджытæ, æнхъæл, мæгуыр, нæ уыди, искуы уыдон чиныггондæй фендзæн, уый, уымæн æмæ ирæй ирон чиныджы кой ничи кодта уыцы рæстæджы…
Йæ зарджытæ къухфыстæй адæммæ фæцыдысты, сæ куыст кæнын райдыдтой!..
Арвы нæрынау айхъуыст æгас Иры – Мæздæгæй Гудзаретмæ – уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг!..
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!..
(«Додой»)
Удæнцой ма фена, махæн нæ царды фæнд
Чи халы барæмвæндæй!..
Уæ мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд –
Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..
(«Салдат»)
Ардыдта фæсивæды ирон æвзагыл кусын, фыссын иронау, æмбырд кæнын зæронд дзырдтæ, рагон ныхæстæ, таурæгътæ, Нарты кадджытæ æмæ ирон зарджытæ… Йæ мæгуырхуыз кæракъуым уыди нæ фыццаг æцæг ирон скъола!..
Уыцы заманы й‘ амондæн ссардта иттæг рæдау фысымтæ, мад, фыды æххуыс æмæ рæвдыд æй чи фæкодта йæ царды бонты. Уыдон уыдысты хорз ирон зæрдæйы хицæуттæ: сауджын Цæлыккаты Алыксандр æмæ йæ чызджытæ – ахуыргæнджытæ, хъæдгæс Санаты Ибрагим, йæ ус Фузæ, уырысæй суды лæг Владислав Шредерс, йæ ус Варварæ Шредерс.
Æнæ Къоста иу стыр æмбырд, куывд, цины хъазт нæ аивгъуыдтой ирмæ дæр, уырысмæ дæр. Æрбаиу кодта дыууæ адæмы.
Номдзыд поэт Лермонтовы цырты куывды Гуымы-Хъæрмæдоны* 1889 азы 16 августы иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры. Рæбынæй бадæг æй скодтой, æгас Уæрæсейæ чи æрцыд, уыцы фыссæг адæм, зондады дæснытæ æмæ хицæуттæ. Цырты раз бакаст джихрæсугъд рухсаджы кадæг «Перед памятником Лермонтова» («Лермонтовы цырты раз»).
«Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта!» – дзырдтой уырыс.
ЧЫЗДЖЫТЫ СКЪОЛАЙЫ ХЪУЫДДАГ
1890 азы Калакæй чырыстон дины хицæуттæй дзырд æрцыд: æрæхгæнут Дзæуджыхъæуы Иры чызджыты скъола… Фæсхохмæ йæ хæссинаг уыдысты. Ацы хæрам хъуыддаджы Калачы хицæуттæн иттæг æххуыс кодта Терчы бæсты ног хицау инæлар Каханов. Гæды тæрхæттæ ирон хъæутæй сайдта, скъола, дам нæ нал хъæуы.
Стыр тохы бацыдысты Иры хуыздæр лæгтæ. Хицæутты раз дзурæг æмæ хъаст ныффыссæг уыди Къоста. Хъæбæр фыст хъаст Синодмæ балæвæрдтой. Хорз дзуапп ссыди: «Скъола йæ бынаты ирæн хъуамæ баззайа»… Иры цинæн кæрон нæ уыди.
Инæлар Каханов ахæм ныхкъуырд йæ сæрмæ не ‘рхаста. Хъаст чи балæвæрдта, уыдоны алы æгъдауæй бафхæрдта, Къостайы та Терчы бæстæй, куыд фыдуаг ардауæджы, бæстæ змæнтæджы рарвыста. Уыцы æбуалгъ тыхмийыл Къоста балæвæрдта хъаст Сенатмæ.
Къорд мæйтæ ацарди йæ фыды хæдзары Лабæйы, стæй Стъараполы æрцард, æнхъæлмæ касти Сенаты дзуапмæ.
1892 азы зæронд Леуан амарди. Хæрз сидзæрæй баззад Къоста…
СТЪАРАПОЛЫ (1892 – 1896 азтæ)
Бæлвырдæй ацы азтæ уыдысты стыр хъазуаты заман Къостайы царды… Йæ зæхх бастау радта: «Северный Кавказ» – газеты æмбис хай ралхæдта æмæ бирæ азты Кавказы хицæуттимæ адæмы сæрыл кард æмæ уартæй фæтох кодта; æгас Уæрæсейыл чи адам, ахæм фидисы зарджытæ, ныхкъуырæн ныхæстæ рауагъта.
Къостайы фæстæ нырмæ Иры къухы иу уырыссаг газет нæ уыди. Ахæм газет адæмæн сæ сæрылхæцæг æмæ сын фæндаг айгæрдæг уыдаид…
СЕНАТЫ ТÆРХОН
23 ноябры 1895 азы Сенат тæрхон рахаста: «Ирон лæджы, Хетæгкаты Къостайы, хъаст раст у, уæгъдибар фæндаг ын ис йæ бæстæм. Инæлар Каханов ацы нæфæтчиаг æфхæрдыл хъуамæ дзуапп ратта мах раз!..» Дыккаг дзуапп Къостайы хъастыл æрцыд Сенатæй 14 июны 1896 азы. Иттæг æфхæрд фæци уым Кавказы сæрдар йæхæдæг. Æнæ судæй дзæгъæл рарвыстæн Къоста кæрон скодта. Бирæ раст адæм æгас Кавказы сæ хæдзæрттæм ссыдысты.
Стыр намыс скодтой ацы Сенаты тæрхæттæ Къостайæн æмæ Ирæн æгас Уæрæсейы.
КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ
Бабуц нæ мæгуыр Иры фыдцардæй æфхæрд зæрдæ. Сæ сæр систой æгас дзыллæ. Ныфсхастдæр фесты сæ разæйцог лæгтæ.
Уыцы рæстæджы Куырттаты хохы цæхæрцæст, дзыхифтонг фæсивæд Къостайы номыл тохы зарæг рауагътой. Зарæгæн йæ райдиан уыди:
Кавказы хицæуттæ нырризыдысты…
Нары айнæджы бæрзæндтæй
Ратахт домбай базырджын цæргæс!
Уыцы цæргæс у, Иры лæппутæ, нæ хохы буц фырт Къоста!..
ГУЫМЫ-ХЪÆРМÆДОНЫ (1896 – 1899 азтæ)
Стъараполы газеты куыст ныууагъта æмæ Гуымы æрцарди. Тыхджын уыди удыхъæдæй, фæлæ йæ мæгуыр фыдцардæй буары низтæ домын байдыдтой. Йæ зæрдæ агурын байдыдта æнцойад… Искуы хæдзары къуым куы саразин нæ Ирмæ хæстæг, бинонтæ куы æрхæссин – уыцы мæты бацыди…
Дыккаг æрвыст
Каханов фæхудинаг, зынгау сыгъди. Æфсон агуырдта йæ фесафынæн æмæ ссардта. Мæнгардæн цы нæ æнтысы!
1893 азы Дзæуджыхъæуы чындзæхсæвы Хетæгкатæй иу лæппулæг – Къоста уыди йæ ном – фæхыл пъæлицæимæ… Гæды протокол та Леуаны фыртыл – Къостайыл – ныффыстой… Сусæгæй тыхджын фæкуыстой æмзондæй Каханов æмæ Калачы стыр хицæуттæ. Кавказы сæрдар тæрхоныл йæ къух сæвæрдта: Хетæгкаты Къоста фондз азмæ Уæрæсейы кæронмæ хъуамæ æрвыст æрцæуа куыд æгас Кавказы змæнтæг!
Алы ран уыцы рæстæджы Къостайæн уыди хорз лымæнтæ, йæ фарс хъæбæр ныххæцыдысты. Гуымæй æнæ ахстæй афойнадыл Цыппурсы 1898 азы раирвæзти, Петербурджы балæууыди. Паддзахы номыл хъаст балæвæрдта.
Стыр газеты та тох самадта Кавказы хицæуттимæ. Лæджы тох!.. Кахановы асырдтой йæ бынатæй…
Иттæг æххуыс ын фесты уыцы бонты йæ хæстæг дохтыр Хетæгкаты Елызбары фырт Андухъапар, Абациаты Мæхæмæт æмæ Есенаты Сона (Кн. Тарханова).
«ИРОН ФÆНДЫР»-Ы АХСТ
Петербурджы йыл сæмбæлди ног арвы гæрах: «Кавказы хицæуттæ дæ чиныг «Ирон фæндыр», 2000 чиныджы цæттæгондæй, æрцахстой, сæ фесафыныл хъæбæр зилынц!»
Тыххæй бафтыди 1897 – 1898 азты цензур-комитетæй дзырд райсын, амалтæй йæ ныммыхуыр кодтон. Знаг адæм Къостайы царды фæллой, дзыллæйы амонд фехалынмæ бахъавыдысты!.. Нæ хур фæцæйныгуылди!.. Стыр тохы бацыдыстæм!..
ХЕРСОНЫ ТУХИТÆ
Къостайæн æмгъуыдмæ цæрынæн саккаг кодтой Херсон-сахар – цалынмæ йæ рæстад рабæлвырд уа; уым фæцард иунæгæй 1899 азæй суанг 1900 азы мартъимæ.
Судзаггаг бонтæ, мæйтæ цыдысты æнахуыр бæсты æцæгæлон адæмы астæу. Йæхи æгæрон сагъæстæй домдта… Фыста йæ лымæнтæм: «Ай рæстад куынæ и нæ сайаг дунейы, – мæхи марынмæ æрцыдтæн… Ай, цæй тагъд æрхæррæгъ дæн!.. Куы ницы мын бантысти скæнын нæ мæгуыр Ирæн. Цæрдудæй мæ мæлæтмæ куы æртардтой!»
«ИРОН ФÆНДЫР»-ы РАЦЫД
Иубон стыр тыхсты сахаты та пиллон зынгау йæ цæстытæ ссыгъдысты!.. Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ…
Æмырæй æхгæд сау арвæй йæм хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакасти…
Йæ разы лæууыд цæхæртæ калгæйæ йæ кады тырыса – ирон чиныг: «Къоста. Ирон фæндыр». Йæ уды куысты æнæмæлæт нысайнаг. Ирон кувæндоны.
Фæихсыдысты ирæн сæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл задысты сæ хæхтæ уынгыл ниуæг сидзæрау!.. Хъуыст зæрдæхалæн сагъæс:
Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ,
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..*
Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта мыггагæй-мыггагмæ хъуыдыйаг фарны ныхæстæ йæ сызгъæрин чиныджы: «Ныууадзут, Ир, хæлды ныхæстæ: чырыстон – пысылмон, Тега – Куыртта, æлдар – кæвдæсард, чысайнаг – туайлаг, дыгурон – къуыдарон…»
1895 азы айхъуыст æгас Ирыл йæ диссаг зарæг:
Цæйут, æфсымæртау
Раттæм нæ къухтæ
Абон кæрæдзимæ,
Иры лæппутæ!..
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй,
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æнгомæй!..
(«Балцы зарæг»)
Райхъал кодта мæрдхуыстæй ацы чиныг æгас Иры, уымæн æмæ дзыллæйы зæрдæйы уидæгтæм бахъардтой йæ æгæрон сагъæсы, кæуыны æмæ хидзыллæйады мæты ныхæстæ!..
Ацы чиныгæй фидар бындур самадта Къоста ирон литературæйæн.
Стыр æхсары уарт радта ирон фыссæгæн…
Культурон дзыллæты астæумæ ирон адæмы бакодта.
НÆ ИУНÆДЖЫ КÆРОН
Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон…
Ногбон боны 1900 азы Къостайыл Кавказы сæрдарæй тел сæмбæлди: Кахановы хъаст мæнг разынд, сæрибар дæ!..
1900 азы мартъийы ма тыххæй-амæлттæй схаста йæ домд стæгдар Гуыммæ… Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта йæ рæсугъд цæстыты зынг… Æгомыг уыди сызгъæрин дзых… Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ныххус!..
Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты. Йæ зонд йæхи бар нал уыди. Йæхæдæг æй, мæгуыр, не ‘мбæрста…
Цыдæртыл ма бæргæ архайын райдыдта. Йæ зæхх Лабæйы æрбауæй кодта, Дзæуджыхъæуы Ирыхъæуы кæрт алхæдта, хæдзар уым самадта; тыргътæй зындысты нæ хæхтæ æмæ быдыртæ…
«Куы мæлон, уæд сæм ардыгæй салам æрвитдзынæн!..» – дзырдта-иу худгæйæ…
Низ йæ сусæг сау куыст кодта. Иубон лæг æгасæй æрхаудта. 1903 азы йæ йæ хо Олга аласта сæ хæдзармæ Лабæмæ…
Сынтæгæй нал рахызти… Рынчынфæрсæг адæмæн дзырдта æрмæст дыууæ ныхасы: «Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!..»
19 мартъийы 1906 азы Ирыл сæмбæлд цыбыр сау уацхъуыд: «Къоста амарди. Олга». Йæ мард ын сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ уым Иры аргъуаны фарсмæ баныгæдтой… Мардæн стыр æгъдау радтой алы дзыллæтæ… Кады дидинджытæй ингæн нал зынди…
Бирæтæ рæсугъд ныхæстæ загътой йæ цардыл æмæ йæ хъуыддæгтыл. Бакасти диссаг хъарæг уырыссагау поэт Цæголты Георги, иронау – Кадаты лæппу. Ерастийæ сæрвыста сау дудгæ маройы хъарæг поэт Гуырдзыбеты Бласка.
Ахæлиу сты адæмтæ…
Судзæггаг марды сæрмæ хостой сæ риу ирон мадæлтæ, бындзыггай тыдтой иры устытæ сæ сæры хил. Æдзарды сидзæр Иунæджы хъарæг кодтой…
Рухсаг, нæ Хурзæрин!..
Тбау Уациллаты, 1922 аз. Берлин