БАЙАТЫ Гаппо

(1869 – 1939)

Байаты Уасилы фырт Гаппо (Георгий) райгуырд 1870 азы Ольгинскæйы, зæхкусæг ирон æхсæнадæн лæджы хæдзары.

Ахуырмæ йын фæндаг сифтонг кодта йæ фыды ’фсымæр, Уæрæсейы æфсады инæлар-майор. 1894 азы Гаппо каст фæци Новороссийскы университеты юридикон факультет æмæ уæдæй 1921 азмæ царди æмæ куыста Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы. 1905 азы æвзæрст æрцыд Дзæуджыхъæуы Думæмæ æмæ куыста горæты сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй 1911 азмæ. Уыцы аз та æвзæрст æрцыд горæты сæргълæууæгæй (городской голова), мæнæ ныр мэр кæй хонынц кæнæ та администрацийы сæргълæууæг, уымæй. Ацы бынаты куыста суанг 1917 азмæ, стæй йæ куыст ныууагъта æмæ архайдта алыхуызон æхсæны хъуыддæгты.

1919 азы Деникины (паддзахы инæлары) урс æфсады балбирæгътæ Цæгат Кавказ куы бацахстой, уæд Гаппо Ирыстонæй ацыд Фæскавказмæ, Тифлисмæ æмæ уым куыста, Цæлыккаты Ахмæт цы дыууæ газеты уагъта («Вольный горец» – уырыссагау, «Ног цард» – иронау), уыдон редакцийы. Ирон газеты Гаппо уыд редакторы бæсты дæр, æрмæг дæр фылдæр йæхæдæг цæттæ кодта.

1921 азы Сырх Æфсад бацыд Гуырдзыстонмæ, Советон хицауад дзы æвæрд æрцыд, æмæ уæд Гаппо, кæд ын фæндиаг нæ уыд, уæддæр фæцыд эмиграцийы, ахауд фæсарæнтæм æмæ Германы куыста æмæ цард суанг йæ мæлæты бонмæ, 1939 азмæ. Ам дæр уæддæр йæ зæрдыл лæууыдысты йæ ныййарæг адæм æмæ йæ райгуырæн Ирыстон. Йæ бон цы уыд, уымæй архайдта ирон культурæйæн исты ахъаз фæуыныл.

Цавæр сты Гаппойы сæйраг лæггæдтæ ирон адæм æмæ ирон культурæйы раз революцийы агъоммæ, ома цалынмæ эмиграцийы нæ ацыд, уæдмæ?

Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ Гаппо, кæд паддзахы хæдхæцæгады системæйы куыста чиновникæй, уæддæр йæ зондахастмæ гæсгæ уыд буржуазон республикæйы фарсхæцæг. Мидхæсты рæстæджы хæдхæцæгад ногæй æрæвæрыны охыл чи тох кодта (паддзахы инæлæрттæ, монархисттæ,

дингæнджытæ æмæ æнд.), уыдоны ныхмæ ирон публицисттæй Гаппойæ карздæр уацтæ ничи ныффыста, Гаппойы политикон зондахастæн уыцы дуджы хорз æвдисæндар сты йæ уацтæ: «Осетия под опекой Добрармии», «Правитель Осетии» (дыууæ дæр контрреволюцион тыхтæ æмæ зонды ныхмæ фыст) æмæ «Ног царды зиу».

Иудзырдæй, Гаппо монархист нæ уыд, уый хæцыди буржуазон демократийы фарс. Чиновник уæвгæйæ та кæддæриддæр хæцыд адæмы фарс, мæгуыр зæхкусджыты фарс, закъон ын йæ къух цас арæзта (Гаппо юрист уыд æмæ закъæттæ иттæг зорз зыдта), уыйбæрц.

Ирон адæм æмæ ирон культурæйы раз йæ лæггæдтыл куы дзурæм, уæд ын фыццаг нымайын хъæуы дыууæ хъазуатон хъуыддаджы: фыццаг – ирон чызджыты скъола кæй нæ бауагъта æхгæнын, уый; дыккаг та – хохаг адæмы зæххытæ, фыдæлтæй сын чи баззад, уыдон паддзахы чиновниктæн байсын кæй нæ бауагъта, уый.

Къостайы биографийæ зонæм иу хабар: поэт не сразы, Гуырдзыстоны дингæнджыты хистæр (экзарх) Терчы зылды администрациимæ ирон чызджыты скъола кæй æхгæнын кодта, ууыл. Бамбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæр лæгты, æмæ иумæ ныффыстой хъаст иууыл уæлдæр хицæуттæм, скъола æхгæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Уæлдæр хицæуттæ сразы сты ацы фæндоныл, скъола æхгæд не ’рцыд, фæлæ Къостайы фæсырдтой Терчы зылдæй фондз азы ’мгъуыдмæ.

1899 азы, Къоста дыккаг хатт хаст куы уыди Херсоны губернимæ, уæд та ирон чызджыты скъолайы знæгтæ (Гуырдзыстоны дингæнджытæ) бафæлвæрдтой дыккаг хатт ацы скъолы сæхгæнын. Ныр Къоста хасты уыд æмæ скъолайы сæрыл сдзурын йæ бон нæ уыд. Ацы хъуыддаг йæхимæ райста Гаппо. Къостайы Терчы зылдæй фæсырдтой иу мысæггаг азымæй: скъолайы сæрыл дзурæн хъаст, дам, закъонмæ гæсгæ фыст нæ уыди!.. Ацы хабар Гаппо, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдта. Юрист уæвгæйæ, Гаппо хъаст ныффыста адæмы номæй, стæй закъæттæ куыд домдтой, уыцы хуызы æмæ рамбылдта: ирон чызджыты скъола, приют кæй хуыдтой, уый баззад. Куыста суанг мидхæсты азтæм, 1917 азмæ. Уырдыгæй рацыди бирæ ахуыргонд сылгоймæгтæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ куыстой советон рæстæджы дæр.

XX æнусы райдиан паддзахы администраци Кавказы æрымысыд хохаг адæмты зæххытæ (уыдонимæ ирон адæмы зæххытæ дæр) хицауады бакæнын, уыдон паддзахы къазнайы фондмæ раттын, цæмæй сæ ауæй кодтаиккой сæ хицæуттæн фæстæмæ стыр аргъыл. Сарæзтой, «Абрамовы къамис» кæй хуыдтой, уый. Йæ сæргъы – Къостайы фыдызнаг Яков Абрамов, Къоста Яша Юродивый кæй схуыдта (йæ поэмæ «Кæмæн ис хъæлдзæг цард»), уый. Чиновникты нымад уыд хæрз хуымæтæг: зæхх у сæрмагонд хиисад, ахæм исы тыххæй та дæм хъуамæ уа гæххæтт-документ. Нæй дæм ахæм документ, уæд зæхх дæу нæу, паддзахады исбон у. Хохаг адæммæ цæй гæххæттытæ хъуамæ уыдаид? Уыдонмæ паддзахад нæ уыд, цалынмæ Уæрæсеимæ нæ баиу сты, уæдмæ. Ам зæхх (хуымтæ, уыгæрдæнтæ, хизæнуæттæ) уыди, фыццаг æй чи ’рцахста æмæ бакуыста, уый. Уыцы бар хуыйны – «право первого захвата». Чиновниктæ та адæмæй гæххæттытæ агуырдтой!.. Гаппо ацы тыхмийы ныхмæ дæр æрлæууыд æмæ та рамбылдта: «Абрамовы къамис» хæлд æрцыд, йæ тæрхæттæ та – ивд, зæххытæ баззадысты хохаг адæмæн: хуымæй, сæрвæтæй, уыгæрдæнæй, хъæдæй. Ацы хъуыддаг Гаппо бакодта 1908 азы. Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл ма ирон публицисттæй карзæй сдзырдта Цæголты Георги, фæлæ уый уыд Гаппойы тохы фæстæ. Георгийы уацтæ хицæн брошюрæйæ рацыдысты 1912 азы («Край беспросветной нужды»).

Гаппо ирон культурæйæн, фыццаджыдæр, нæ литературæйы рæзтæн цы сарæзта хорзæй, ууыл куы дзурæм, уæд зæгъын хъæуы ирон чиныгуадзæн «Ир»-ы тыххæй. Ацы рауагъдад саразыныл Гаппо кусын райдыдта 1894 азы, университет фæуыны фæстæ Дзæуджыхъæумæ куы ’рцыд, уæд. Бантыст ын ацы хъуыддаг бакæнын – ирон чиныгуадзæн саразын. Ацы рауагъдады рацыдысты ирон аив литературæйы фыццаг æмæ сæйраг уацмыстæ: «Æфхæрдты Хæсанæ» – 1897 азы æмæ «Ирон фæндыр» – 1899 азы. Чингуытæ ам уагъд цыдысты уый фæстæ дæр, суанг 1917 азмæ, фæлæ ирон аив литературæйæн бындур ацы дыууæ чиныджы басгуыхтысты æмæ дыууæ дæр рацыдысты Гаппойы армæй, уый хъæппæрисæй. Уымæн дзырдта Гаппо: «Ацы чингуытæ сты сæрæвæрæн нæ ирон чиныджы хъуыддагæн».

Гаппо йæхæдæг дæр рауагъта аст чысыл чиныджы. Сæ фылдæр арæзт уыдысты ирон фольклоры уацмыстæй. Уыдонæй сæйраг сты: «Гæлæбу», «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ», «Фарн». Рауагъта чысыл брошюрæтæ нозтдзуан æмæ тамако дымыны ныхмæ. Раст зæгъгæйæ, йæхæдæг аивадон уацмыстæ нæ фыста, ахæм сфæлдыстадон курдиат æм нæ уыди. Фæлæ ирон фольклор æмбырд кæныныл бирæ фæкуыста. Уый тыххæй дзы хъуамæ бузныг уæм абон дæр. Уымæй уæлдай ма фыста литературон-критикон уацтæ: Ирыстоны ма куы цард, уæд – Къоста æмæ Къубалты Алыксандры тыххæй, эмиграцийы куы уыд, уæд та – Æмбалты Цоцко æмæ Цæголты Георгийы тыххæй. Ныффыста ма иттæг хорз уац Пушкин æмæ Лермонтовы тыххæй 1899 азы, Пушкины райгуырдыл 100 азы куы сæххæст, уæд.

Гаппо-публицист фыццаджы-фыццаг уыди рухстауæг. Йæ фыццаг уацæй фæстæмæ, – уый та уыд 1894 азы, уац хуынд «Из жизни осетин. Калым», – Гаппо, иннæ ирон рухстауджытау, тох кодта ирæд, тугисын, хистытæ æмæ алыхуызон фыдæгъдæутты ныхмæ. Цы уацы кой ракодтон, уым фыста: «Ирæд халы адæмы хæрзæгъдау», «фæсивæды ардауы давыныл, цæмæй давæггаг фæллойæ балхæной сæхицæн æмкъайтæ», «сафы бинонты царды фæтк дæр æмæ æхсæны царды фæрныгдзинад дæр».

Раст у, Гаппомæ бирæ фаутæ хастой Гæдиаты Секъа, Цомахъ æмæ Брытъиаты Елбыздыхъо. Хистæры уайдзæфтæ йын кæны Къоста дæр, фæлæ йын мах аргъ кæнæм, хорзæй цы сарæзта, уый тыххæй. Аиппытæ амардысты йæ разæй.

 

ДЗÆБИДЫР ÆМÆ САГ

Бæрзонд сау айнæджы цъуппыл зæронд дзæбидыр лæууыди. Ныллæг кæмдæр йæ быны сау хъæды хызти уæздан саг. Саг дзæбидыры ауыдта æмæ йæм бæрзондмæ сдзырдта. Дзæбидыр – гæпп-гæпп, æмæ саджы уæлхъус фестади.

– Дæ бон хорз уа, хъæлзæнг саг!

– Хорз цæр, мæ хæххон æрвад!

– Хæрзаг, дзæбидыр, хæлæг кæныс мæ цардмæ! – загьта саг. – Акæс-ма, æз дæуау, мыййаг, их не стæрын, æз нуазын рæсуг суадæттæй. Дæуау хъæбæр къæдзæхыл нæ хуыссын – мæ быны фæлмæн сыфтæртæ… Ды хæрыс фыдад хæххон фæсал, æз та – адджын сойджын кæрдæг æмæ бæлæсты сыфтæр. Æз хъазын райдзаст цъæхнæуу быдырты, ды та уазал цъитийыл æмæ æдзæрæг къæдзæхтыл иунæгæй дæ мæгуыр бонтæ æрвитыс. Цæй цард у дæ цард, дзæбидыр?!

Дзуринаг ма уыдис саг, фæлæ кæцæйдæр топпы гæрæхтæ æмæ куыйты рæйын æрбайхъуысти. Сæрджын саг йæ сыкъатæ йæ чъылдымыл авæрдта æмæ тæрсгæ-ризгæ атыффытт ласта хъæды астæумæ. Йæ мæгуыр хæххон æрвадæн «хæрзбон» дæр нал загъта.

Зæронд дзæбидыр та йæ мæгуыр къæдзæхты сæрмæ ссыди æмæ йæхинымæр загъта: «Тæрсгæ-ризгæ бонджынæй æд мæт фæцæрыны бæсты мæнмæ мæ мæгуыр хæххон цард сæрибарæй хуыздæр кæсы».

 

МÆЛДЗЫГ ÆМÆ ЦЪЫРЦЪЫРАГ

Мæлдзыджы хуызæн ничи кусы. Уый тыххæй ацы таурæгъ дис макæмæ фæкæсæд.

Иу мæлдзыг кæддæр уалдзæджы йæхицæн гутон кодта – зымæгмæ йæ бинонтæн хор æрæмбырд кæнынмæ хъавыди. Цъырцъыраг та йæ фарсмæ зæрæстоны зарыди, фырцинæй чъыллиппытæ кодта. Цы баназдзынæн, цы бахæрдзынæн, уый мæт ма кæм кодта!

Хæтгæ-хæтгæ цъырцъыраг мæлдзыджы хуыммæ æрцыди æмæ йæ хор таугæ куы æрæййæфта, уæд схудти æмæ загъта:

– Гъе, мæгуыр мæлдзыг, дæхи фыркуыстæй цæмæн домыс: дуне – дыууæ боны, дуне тæбыныл ауыгъд у, фæлтау, æвзæр, заргæ-хъазгæ дæ мæгуыр бонтæ арвит мæ хуызæн. – Æмæ та цъырцъыраг заргæ-хъазгæ атахти цъæх нæумæ.

Æрæгвæззæг æрцыди. Уазал кæнын байдыдта. Зымæгмæ бирæ нал уыди. Нæ хæдзардзин мæлдзыг кæразы хортæ бафснайдта, йæ бынат ногæй сарæзта, хъæдæй суг æрласта æмæ-иу гуыргуыргæнгæ арты фарсмæ сбадти. Йæ фæндыр-иу райста æмæ-иу лыстæг хъæлæсæй ныззарыди:

Æз дæн мæгуыр мæлдзыг,

Сæрды дæргъы фæкуыстон.

Хуыцауæй бузныг, – дæн хъæздыг,

Зымæджы минас федтон.

Уæрæйдæ æмæ уæси-уæрæйдæ!

Мæлдзыджы мыггаг кæм нæ дæ!

 

Нæ магуса лымæн цъырцъыраг, уазал æрцæуы, уый хабар дæр нæ кодта, фæлæ йæ уды дзæбæхæн ныццæлхъ ласта:

Хъæр кæны мæ фæндыр,

Зары мæ уасæн.

Цъæх ма у мæ быдыр,

Дзаг у мæ нуазæн!

Нæ дуне – цыбыр,

Цъыр-цъыр, цъыр-цъыр!

 

Фæлæ мæнæ мит æруарыд. Йæ урс пæлæзæй къуыбыртæ æмæ цъæх быдыртæ бамбæрзта. Цъырцъырагæн йæ мæлæты бонтæ æрцыдысты. Амал куынал ардта, уæд æххормагæй хæррæгъты мидæг мæлдзыджы хæдзармæ ссыди æмæ йæм бахъæр кодта:

– Гъе, мæ хур, мæлдзыг, æддæмæ ракæс!

Мæлдзыг йæ кæрц йæ уæлæ баппæрста æмæ æддæмæ рауади.

– Æгас цуай, цъырцъыраг! Кæцæй дæ Хуыцау æрхаста? Цы хорз хабæрттæ нын хæссыс?

– Гъе, мæ удыгага, мæлдзыг, æххормагæй фæмæлын. Дæ хорзæхæй, ардыгæй уалдзæгмæ мæ схæсс…

– А сæрды, æнхъæлдæн, магусайæ бадтæ…

– Куы нæ, мæ хур, æз бадгæ нæ кодтон: æз зарыдтæн æмæ хъазыдтæн.

– Уæдæ хорз фæкуыстай, ныр та мæнæ митыл симгæ дæр акæ!..

 

УАЗÆГ

Уыдис зымæгон уазал талынг æхсæв. Уады дымгæ дуармæ æхситтытæ кодта. Зæронд къонайы гуыргуыргæнгæ сыгъд арт. Æз æнкъардæй иунæгæй бадтæн йæ разы. Кæрты куыдзы рæйын фæцыди. Æддæмæ акæсон куыд загътон, афтæ æвиппайды чидæр дуар бакодта, мидæмæ бацыди æмæ арты фарсмæ æрбадти йæхи тавынмæ. Арты рухс æнахуыр уазæгæн йæ цæсгомыл сæмбæлди. Мæ разы бадти рæсугъд æнкъард ирон чызг хæррæгъты мидæг æмæ мын загъта:

– Ирон лæг, æз дæн мæгуыр уазæг.

– Уазæг – Хуыцауы уазæг! Уæлдайдæр мæгуыр уазæг, – загътон ын æз.

Уыцы дзуапмæ мæм чызг скасти цæссыгдзаг цæстытæй æмæ

загъта:

– Æз дæн мæгуыр саби. Рагæй агурын æз мæ мады æмæ мæ фыды æмæ сæ никуы арын. Фыдбоны райгуырдтæн æмæ фыдæбæттимæ бирæ азты мæ царды бонтæ æрвитын. Фæкæсæг мæм нæй. Мæ дарæс мын ничи æмпъузы, мæхи мын ничи бафсады. Æххормагæй, хæррæгъты мидæг ныгъуылд уæрццау зилын æз Иры бæстыл æмæ мæм кæсгæ дæр ничи кæны. Мæ фыды æмæ мæ мады æз æгасæй искуы куы ссарин, æрмæст уыдон дзæбæх уындæй, уыдон рæсугъд хъæлæсæй иу бон мæхи куы бафсадин, уæд æз адæмæн ног царды æлутон фестин. Æз дæн ног царды фидиуæг, сызгъæрин хъæлæсæй фарн хæссæг. Æз æрхæсдзынæн, ирон лæг, мæ мæгуыр хæдзармæ дунейы рухс æмæ зонды хъæр!..

Мæ сызгъæрин хæтæлæй æз ныккæндзынæн нæ мæгуыр царды кæрæдзи уарзондзинады зарæг. Ма мæ тæрсут, барæвдаут мæ. Æз уæ туг, уе стæгæй куы дæн. Мæ мады, мæ фыды мын ссарын кæнут!.. – афтæ мæм дзырдта йæ сызгъæрин хъæлæсæй уыцы диссаг чызг. Стæй æвиппайды дуар бакодта æмæ миты тымыгъы фесæфтис.

– Чи дæ? Кæмæй дæ? Дæ ном мын куы нæ загътай! – ахъæр ма кодтон æз йæ фæдыл къæсæрæй.

– Мæ ном – ирон чиныг, мæ фыд – ирон зæрдæ, мæ мад – ирон æвзаг. Уыдон агурæг фæцæуын!

– Фæндараст, нæ зæды хай!..