ЦÆЛЫККАТЫ Ахмæт

(1882 – 1928 )

Ахмæт райгуырд 1882 азы. Уыди Гæдиаты Цомахъы цахъхъæн æмæ, Цомахъау, уый дæр раджы бацыд сæрибары сæрыл тохгæнджыты рæнхъытæм. Владикавказы социал-демократон организаци дæр Ахмæты фæндæй æрцыди арæзт 1904 азы. Уæд Уæрæсейы социал-демократты ’хсæн карз тохтæ цыд партийы организацион принциптыл, революцион тохы тактикæ æмæ стратегийы тыххæй. Уыцы быцæуты фæдыл парти дыууæ дихы фæци, æмæ Цæлыккаты Ахмæт уыди, Ленины ныхмæ чи слæууыд, уыцы меныпевикты рæнхъыты. Уæды рæстæджы идеологон тохты ахсджиаг бынат ахста национ фарста сæрибаргæнæг змæлды. Ахмæт фыццаг тынг нæ дардта йæ хъус ацы фарстамæ, фæлæ, 1917 азы Уæрæсейы хæдхæцæгады ныхмæ арæзт буржуазон революци куы фæуæлахиз, уæд Ахмæт иттæг разæнгардæй рахæцыд рæстæгмæ хицауады фарс, æрмæст агуырдта, Уæрæсейы цы пысылмон адæмтæ уыд, уыдонæн автономон-федеративон бартæ Уæрæсейы паддзахады мидæг. Ацы идейæ стыр бынат ахста Ахмæты политикон идеалты ’хсæн. Цæмæй ацы идейæ царды уагъд æрцыдаид, уымæн бахъуыд пысылмон адæмты съезд саразын 1917 азы майы. Уыцы съезды сæйраг докладгæнæг уыд Ахмæт, йæ раныхасы ном хуынгæ дæр афтæ кодта: «Мусульмане России и Федерация».

Уыцы аз доклад хицæн чысыл чиныгæй мыхуыры рацыд Мæскуыйы. Иугæр Ахмæт æмæ йæ зондыл лæуд архайджытæ пысылмæттæн куырдтой хицауадæй автономон-федеративон бартæ, уæд сæ бахъуыд ахæм «теори» размæ кæнын: пысылмон адæмтæ сты иу хицæн наци.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нацийы теорийы ныхмæ арæзт хъуыды у, æмæ йæ фарс рахæцын тынг зын у, йæ адæмы национ хъуыддæгтыл чи сагъæс кæны, ахæм адæймагæн. Мæнæ куыд амоны Ахмæт, наци цы у, уый: «Дин у сæйраг национ миниуæг. Динимæ абаргæйæ, æвзаг у, фæрссаг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фæзынд». («Религия является основным национальным признаком. В сравнении с религией язык является моментом второстепенным».)

Дзырд дæр ыл нæй, Цæлыккаты Ахмæты политикон публицистикæ ахæм рæдыд хъуыдытæй конд нæу. Ис æм, паддзахы хæдхæцæгады национ политикæйы ныхмæ хъазуат тохы кæм бацæуы, ахæм уацтæ æмæ чингуытæ дæр. Ахæм у йæ зындгонд чиныг «Кавказ и Поволжье». Мыхуыры рацыд Мæскуыйы 1913 азы. Ныр дæр ма йæ адæймаг бакæсы иттæг цымыдисæй. Фæлæ уæддæр махæн Ахмæты литературон бынтæй зынаргъдæр сты йæ радзырдтæ. Раст у, ирон æвзагыл фыст кæй нæ уыдысты, уый сын ныллæгдæр кæны сæ историон-литературон нысаниуæг, фæлæ уæддæр нымаинаг сты нæ литературæйы историйы. Уæлдайдæр та, автор Кавказы царды ивгъуыд хъизæмартыл кæм дзуры уыцы радзырдтæ. Ахæм у комкоммæ «Туг тугæй æхсадæуы». Уый у, ирон рухстауджыты стырдæр ристæй чи хъæрзы, ахæм уацмыс, тугисыны ныхмæ фыст.

 

ТУГ ТУГÆЙ ÆХСАДÆУЫ

– Æрлæуут! – фæхъæр кодта зæронд абырæг Али. – Ам галиуырдæм азилæм æмæ уартæ уыцы æрдузгонды бахсæвиуат кæнæм.

Али, йæ ехсы хъæдæй хъæды кæрон æрдузмæ ацамонгæйæ йæ бæхы фæзылдта, æмæ мах дæр йæ фæдыл араст стæм. Æрдузы нæ бæхтæй æрхызтыстæм, сахсæнтæ сыл бафтыдтам, арт скодтам æмæ йæ алыварс нæхи кæрдæгыл æруагътам.

Фæззыгон æхсæв йæ барты бацыд. Нæ алыварс талынгæй-талынгдæр кодта. Чысыл раздæр ма нæм æндæргты хуызæн цы бæлæстæ зынд, уыдон тар йæ фæстæ бамбæхста, æмæ артæй дыууæ санчъехы æддæдæр адæймаджы цæст ницуал уыдта.

Ахæм тар æхсæвты-иу цыдысты абырджытæ сæ тæккæ тæссагдæр балцыты.

Иу сыбыртт никæцæйуал хъуыст. Æрмæстдæр дымгæйы зæрдæуынгæггæнæг ниуын æмæ сыфтæрты иугæндзон сыбар-сыбур адæймаджы æнкъард хъуыдытыл æфтыдтой. Хатгай-иу æрбайхъуыст бæхты хуыррытт дæр.

Иуцасдæр хъусæй лæууыдыстæм. Арты рухсмæ нæ цæсгæмттæ цыдæр æнахуыр уыдысты. Уæлдайдæр зæронд Алийы цæсгом. Йæ рахиз русы дæргъæй-дæргъмæ нос æй кодта тызмæгдæр, æгъатырдæр. Йæ дынджыр гуыбыр фындз уыди цæргæсы бырынчъы хуызæн. Йæ чысыл цæстытæ сæ къуырфыты арфæй зынгтау æрттывтой. Кæд ыл азтæ дзæвгар рацыд, уæддæр ма йæ хъару йæхимæ уыд, йæ цырддзаст æмæ йыл цæрдæгдзинад комдзог нæма рацыдысты. Æнæкæрон ныфсы хицау уæвгæйæ, йæ цардцæрæнбонтæ хæтæгхуагæй арвыста, тар хъæдты рахау-бахау фæкодта. Лæгдзинад равдисын кæм хъуыд, уым йæхи æппæрста тохы цæхæрмæ, фæлæ йын уыимæ уыди диссаджы фæлмæн зæрдæ.

Иннæты хуызæн Али дæр хъуыдыты ацыд. Бæргæ мæ фæндыди, йæ диссаджы царды хабæрттæй исты куы радзырдтаид, уый, фæлæ, марадз-зæгъай, кæд йæ дзыхæй дзырд хауд. Гæнæн нæ уыд æмæ æз дæр æнхъæлмæ кастæн. Уалынмæ зæронд лæг арф ныуулæфыд æмæ йæхицæн дзурæгау бакодта:

– Фæзæронд дæн. Цард кæуылты атахт, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Афтæ тагъд фæуын æнхъæл ын нæ уыдтæн. Уæвгæ, цы ’рымысон, уый ис…

Йæ кæддæры тыхтæ цыма йе уæнгты банкъардта, уый хуызæн базмæлыд, æмæ йæ иууылдæр куыд хъусæм, афтæ хъæрдæрæй загъта:

– Ехх, æвæдза, цы рæстæджытæ уыди! Цас æмæ цас фæхаттæн талынг хъæдтæ æмæ айнæг къæдзæхтыл, цардтæн лæгæтты, хуыссыдтæн уидæгтæ æмæ сыфтæртыл. Лæппуйæ мæ хъæуæй фæхауæггаг дæн. Фæтуджджын стæм. Дыууæ мыггаджы кæрæдзийы цæгъдын райдыдтой. Иуæй иумæ фæцыдыстæм. Баззадыстæм ма æрмæстдæр æртæйæ: мæ фыд, ме ’фсымæр æмæ æз… Æмæ махæн дæр нæ цыфыддæр бонтæ ралæууыдысты. Мæ фыд æмæ ме ’фсымæр бацарæфтыд сты. Мæ фыд мын мæлгæ-мæлын ныффæдзæхста:

– Нæ мыггаджы ма фæхудинаг кæн: нæ туг æнæистæй ма ныууадз, – æмæ йæ уд систа.

Афæдз рацыд, афтæ иу æхсæв нæ туджджыны кулдуар бахостон:

– Тасо, дæ хæдзармæ дæ рардæуыд, уазæгыл дуæрттæ куыд фидар сæхгæдтай?

Дуар байгом, æмæ дзы ауыдтон Тасойы, йæ къухы хæцæнгарз, афтæмæй, фæлæ æз фæраздæр дæн, æмæ иунæг гæрах йæ куыст бакодта: лæг æрхауд æмæ йæ гæндзæхтæ бацагъта. Æз мæ бæхыл абадтæн æмæ уыцы ’хсæв абырæг алыгътæн.

Мæ фыды ингæны уæлхъус ард бахордтон, æрвылаз дæр ын йæ ном кæй ардзынæн, уый тыххæй æмæ мæ дзырд абоны онг иу хатт дæр никуы фæсайдтон… Ныр æгъгъæд фæуæд. Базæронд дæн, мæлын афон у…

Али иудзæвгар ницыуал сдзырдта. Йæ сæр йæ риуыл æруагъта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Мах дæр хъусæй лæууыдыстæм. Нæ алыварс талынгæй æппындæр ницы зынди. Сабырдзинад хæлдта æрмæстдæр дымгæйы ниуын æмæ сыфтæрты сыбар-сыбур. Зæрдæйы гуырыди æнкъард сагъæстæ æмæ æрхæндæг хъуыдытæ. Зæронд Али та йæ сæрыл схæцыд æмæ, йæ алывæрстыл æнкъард цæстæнгас ахæсгæйæ, загъта:

– Фесты уыцы рæстæджытæ. Кæддæры æхсар æмæ ныфсæн сæ фæд дæр нал и. Кæмдæр æрдæгфæндагыл баззадысты. Суанг ма хъæд дæр фыццаджы хуызæн нал уынæр кæны. – Зæронд лæг йе ’ргом мæйдармæ аздæхта æмæ хъæды уынæрмæ бæстондæр æрыхъуыста. – Куы зæгъын, уыцы бонтæ аивгъуыдтой, кæмдæр фæтар сты.

Али зæххæй иу сыфтæр систа, йæ хъæд ын йе стыр æмæ амонæн æнгуылдзы æхсæн цалдæр зылды æркæнгæйæ загъта:

– Мæнæ ацы сыфтæрмæ кæсут, цы бæласы къалиуыл æрзад, уымæй куы фæхицæн, уæд къæхты бын балæууыд. Дымгæ йæ цас фæрахæсс-бахæсс кодта – Хуыцау йæ зонæг. Къæвдатæ йыл уарынц. Иу «мæн у» зæгъæг ын нæй. Æз дæр раст ахæм уавæры дæн.

Зæронд лæг ма сыфтæрмæ ноджыдæр иу хатт æркасти æмæ йæ арты баппæрста. Æнкъардхуызæй йæм каст, цалынмæ йыл арты ’взæгтæ нæ амбырд сты æмæ æртхутæг нæ фестад, уæдмæ…

– Уæддæр фæсмон ницæуыл кæнын. Æвзæр нæ ацардтæн, – зæронд лæджы цæсгомыл фæзынд фæлмæн мидбылхудт. – Мæ царды хъæстагæй ницы ис. Лæг хъуамæ афтæ цæра. Æвзæрæй мæ ничи ницы зæгъдзæн. Нæ мæ ферох кæндзысты. Мæ номыл къæм абадын ницæмæй бауагътон. Ныртæккæйы цæрдтытæ дæр цæрдтытæ сты?..

Али йæ дзурынæй фенцад. Арф ныуулæфыд. Бæрæг уыд, кæддæры хабæрттæ йыл кæй æруæз кодтой, уый. Иу сыбыртт та никæцæйуал хъуыст… Уалынмæ æнæнхъæлæджы къудзитæй цыдæр къæрццытæ фæцыди. Цыма адæймаджы къæхты бын хус къæцæлтæ састысты, уый хуызæн.

Али æваст йæ хъыримагмæ фæлæбурдта æмæ йæ къæхтыл алæууыд. Цыдæр сау æндæргтæ йæ цæсгомыл ахъазыд. Йе ’нцъылдтæ фæарфдæр сты. Йæ цæстытæ знæт æрттывд фæкодтой…

Топпы гæрах дзæнгæлтæгæнгæ ацыд æхсæвы тары. Зæронд Али уæлгоммæ афæлдæхт, йæ рахиз къухæй йæ зæрдæйыл фæхæцыд æмæ йæ хæр-хæр ссыд. Зыр-зыргæнаг хъæлæсæй ма йæ бон тыххæйты сдзурын баци:

– Фæцис мæ цард… Туг тугæй æхсадæуы… Йæ гæндзæхтæ батылдта, ныррызт, йæ къæхтæ адаргъ кодта æмæ йе змæлынæй банцад…

Дуне фыццагау уыди талынджы уацары. Тасуадзæг æхсæвы тар зæрдæйы къултæ æлхъывта. Æрмæст се змæлынæй не ’нцадысты сыфтæртæ. Фыццагау адæймаджы æфтыдтой сагъæссаг хъуыдытыл. Дымгæ ниудта æмæ ниудта. Саударæг усы хъарæгау зæрдæйыл æрхæндæг æфтыдта.

Дуне иууылдæр уыди саудалынджы ахæсты. Талынг аныхъуырдта ивгъуыд æмæ абон, йæ фæстæ бакодта сомбон дæр. Хуыдалынгæн райдайæнау нæ уыди кæрон. Искуы ма арвыл рухсы цъыртт фæзындзæн, уый никæйуал уырныдта. Тары аныгъуылдысты цин æмæ маст, хъыг æмæ бæллиц. Уыцы тар атыхсти зæронд Алийы мардыл дæр, æмæ йæ фæстæмæ байсын никæйуал бон бауыдзæн, уымæн æмæ ахæм сæрсæфæны чи аныгъуылы, уыдонæй раздæхæн никæмæнуал вæййы…

Дзасохты Музаферы тæлмац