ГÆДИАТЫ Секъа

(1856 – 1915)

Гæдиаты Куыцырийы фырт Секъа райгуырди 1855 кæнæ 1856 азы Хъуды комы Дæллаг Ганисыхъæуы. Секъа иунæг уыд Куыцырийæн, фæлæ йын уæддæр ахуырмæ бацæуыны фадат нæ фæцис. Иу амонд каст лæппумæ, æмæ Ганисы дзуары сауджын хæларзæрдæ адæймаг разынд. Уый сахуыр кодта зæрдæргъæвд Секъайы чиныджы кæсын гуырдзиагау. Афтæмæй йæ разы байгом чиныджы стыр дунемæ иу чысыл дуар.

Секъа гуырдзиагау кæсын æмæ фыссын кæй зыдта, уый йын стыр ахъаз фæцис йæ фыссæджы куысты дæр, йæ бинонты цардæн дæр. 18-аздзыд лæппуйæ фæлварæн радта диакъонæн æххуысгæнæджы куыстмæ æмæ сси, уырыссагау «причетчик» кæй хуыдтой, уый. Ацы куыст фæкодта Секъа цæрæнбонты. Цы кодтаид æндæр æнæзæхх хæххон лæг, уымæй дæр бирæ бинонты хицау – æхсæз лæппуйы æмæ йын иу чызг уыдис? Æцæг, йæ мызд, йæ улупа хæрз чысыл уыд, фæлæ йæ сабитæн сау дзулы фаг кодта, æмæ сæ уымæй хаста.

Нæ уарзта Секъа аргъуаны кусын. Цалдæр хатты афæлвæрдта йæ ныууадзын, фæлæ йын ницы рауад уыцы хъуыддагæй. 1882 азы алыгъд Цæгат Ирмæ, кæд, зæгъы, искуы зæххы гæппæл бафтид мæ къухы æмæ уымæй дарин мæ бинонты, фæлæ нæ сæххæст йæ бæллиц æмæ та йæ фæстæмæ аргъуаны дæлбазыр балæууын бахъуыд. Цæмæй йæ бинонтæ ма тыхстаиккой æнахуыйæн къæбæрæй, уый тыххæй ма-иу зæхх райста хадздзоны, мæгуыр хуымгæнæг адæм куыд кодтой, афтæ, æмæ уымæй æмбæрзта йæ бинонты бирæ хъуæгтæ.

Суанг 1910 азмæ фæкуыста Секъа аргъуаны Цæгат Иры хъæутæй бирæты, уæлдайдæр та хохы Санибайы. Уый фæстæ аргъуаны куыстæй рацыд æмæ иучысыл пенси исын райдыдта.

Ахæм уавæрты Секъайæн, дзырд дæр ыл нæй, тынг зын уыд фыссæджы куыст кæнын. Сывæллæттæй йын йæ къух чи фæрогдæр кодтаид, ахæм ничи разынд: чи ахуырыл лæуд, чи куыстыл, æмæ, куыд рæзтысты, афтæ, цæргæсы лæппынтау, тахтысты сæ фыды ахстонæй дард хæтæнтæм. Секъа йæ хæдзары кæстæрæн дæр æмæ хистæрæн дæр йæхæдæг уыд, аргъуаны та – æппæты кæстæр, цумайы лæппуйау. «Æнусы кæстæр» рахуыдта йæхи иу æмдзæвгæйы æмæ, æцæгдæр, афтæ уыд.

Уæддæр, цыфæнды æнæвдæлонæй дæр, йæ фыссын никуы ныууагъта. Йæ цухъхъайы фæсмыныл, бæрцагъудты сæрмæ мидæгæй хуыд уыдис дзыпп, уым та – фыссæн чиныг. Æдзух æй йемæ хаста æмæ дзы нысæнттæ кодта йæ хъуыдытæ, йæ сагъæстæ, цæмæй йæ ма ферох уыдаиккой, цалынмæ йын лæмбынæг ныффыссыны фадат фæуыдаид, уæдмæ.

Секъайæн йæ чызг Верæ йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй-иу нæ поэт, гутон даргæйæ дæр, бæхты чысыл фæуромын кодта æмæ-иу куыствæллад къухæй нысæнттæ кодта уыцы чиныджы цыдæртæ, стæй та-иу гутоны хæцæнтыл ныггуыбыр.

Ахæм зынвадаты дæр Секъа æххæст кодта йе ’мбæстагон хæс, йæ фыссæджы фæндиæгтæ.

Бирæ зындзинæдтæ бавзæрста йæ царды Секъа. Бафæрæзта сын, батыдта сæ, фæлæ йын 1908 азы 7 мартъийы йæ уарзондæр фырт Цомахъы куы ’рцахстой, уæд ын уый йæ зæрдæ амардта. Цомахъ æртæ азы ахæстоны фæбадти, стæй йæ цæргæ-цæрæнбонтæм ахастой Скæсæн Сыбырмæ, Ирыстонмæ йын æрцæуыны фадат куыд никуыуал фæуыдаид, афтæ.

Секъа бирæ фæцархайдта йæ лæппуйы ахæстоны къуымæй ратоныныл, фæлæ йын нæ бантыст. Суанг ма паддзахы номыл дæр ныффыста куырдиат, ныффыста паддзахы усмæ Цомахъы мад Битъырты Естъайы чызг Мария дæр, фæлæ ницы рауад уымæй дæр. Секъайы ма ныфс уыд, зæгъгæ, 1912 азы Романовты паддзахиуæгыл 300 азы кæй сæххæст, уый фæдыл паддзах кæд ныггæдзæ кæнид ахст адæмæн. Фæлæ нæ ныббарста паддзах, йæ ныхмæ чи хæцыд, уыцы революционертæн. Ахуыссыд йæ ныфсы цырагъ Секъайæн.

Секъа æмæ Цомахъ, фыд æмæ фырт, хæлар уыдысты, уарзон æфсымæртау. Секъа йæм фыстæджы дæр «мæ уарзон Мишæ!»-йæ дзырдта, литературæйы фæдыл йемæ æмгары ныхас кодта, кæд дзы 27 азы кæстæр уыд Цомахъ, уæддæр. Стыр уарзондзинадæй йын фыста йæ хæрзтæ Цомахъ дæр. Афтæ дзы æфсæрмы кодта, æмæ йæ цуры никуы сбадт, фыд-иу æм куы нæ бахатыд, уæд. Æдзух йæ фыды раз уырдыг лæууыд, æгъдауджын кæстæрæн куыд фидауы, афтæ.

Секъайæн зын уыд, Цомахъы кæй æрцахстой, уый, фæлæ дзы уæддæр буц уыдис – йæ фырт адæмы сæрыл паддзахы ныхмæ дзурын бауæндыд! Революционерты Секъа «ныры уæйгуытæ» хуыдта, æмæ сын кæд сæ митæн бæлвырдæй ницы зыдта, уæддæр сæ сæрыстыр уыд.

1918 азы Цомахъæн бар уыд Ирыстонмæ æрцæуынæн. Фæлæ нæ бантыст Секъайæн Цомахъыл фембæлын. 1915 азы 21 июлы Секъа æнæнхъæлæджы фæмард.

Секъа Хъуды комы тынг нымад лæг уыд куыд тæрхоны раст æмæ зондджын адæймаг. Искуы-иу исты уæззау хъуыддаг саразын куы бахъуыд, уæд Хъуды комæн сæ фæдисон Секъа уыдис. Ныццыдысты-иу æм Дзæуджыхъæумæ æмæ-иу æй æркодтой Хъудмæ тæрхоны лæгæн. Ныр дæр Секъа цыдис Хъуды коммæ йæ рагон хæлар уæлвæзаг зæронд лæг Дзестелы-фыртимæ. Цыдысты бæхуæрдоныл. Горæты кæрон бæх автомашинæйæ фæтарст æмæ иуварс ахаста бæлццæтты. Секъа рагæпп кодта æмæ рохтыл йæ тых-йæ бонæй фæстæмæ рахæцыд, ома, кæд бауромин тарст бæхы. Рохтæ аскъуыдысты æмæ уæззау лæг йæ сæр дуртæм æрхаста æмæ дзыхъмард фæци. Баныгæдтой йæ Дзæуджыхъæуы, Терчы галиуфарс цы уæлмæрд ис, уым.

Секъайæн йæ удæгасæй бантыст рауадзын æрмæст иу чиныг. 1905 азы мыхуыры рацыд литературæйы æмдзæвгæты ’мбырдгонд «Ирон фыййау». 1906 азы «Ирон газеты» мыхуыр æрцыдысты йæ аив публицистон уацтæ. 1907 азы фæзындысты йæ таурæгътæ: «Азау», «Айссæ» æмæ «Зæлда», фæстæдæр мыхуыры рацыд «Саударæг ус» дæр, фæлæ хицæн чиныг нал рацыд нæ фыссæгæн. Цæттæ та бакодта цалдæр æмбырдгонды: «Ганис», «Куырм фæндырдзæгъдæг», «Цæстысыг», «Фынтæ».

 

ДЫСА

Гуырдзыстон Уырысимæ баиу кæныны рæстæджы Ганисмæ æрцыд иу мæгуыр ус æмæ лæг – Дзанаспи æмæ Дыса. Хъæугæрон сын иу кæркдон-къуым хæдзар радтой, æмæ уым цардысты. Дыса – мигæнаг ус, Дзанаспи та – кадæггæнаг. Адæм сæ бирæ уарзтой.

Иу зымæг пинертæ Ганисы хъæумæ бацыдысты æмæ сæ хæдзарæн лæгæй бегарайы акодтой æфцæджы фæндаг кæнынмæ. Дзанасли дæр семæ.

Æхсæвы мит уарын байдыдта. Цæгатварсы тымыгъ миты хъæпæнтæ æрхытæм кодта. Зæйты гуыр-гуырæй хæхтæ арыдтой.

Æртыккаг бон хурыскастæй бæстæ урс цикъæйау сæрттызта. Мигъы скъуыддзæгтæ нарæг мæсчъыты урс цагъд бæмбæгау ныббадтысты. Хæххон хæдзæрттæ алы къуыбырæй гæзæмæ сау æндæргдардтой.

Дыса хæдзары дуармæ лæууыд æмæ йæ дыууæ сау цæсты æфцæджырдæм ныуурс сты. Дзанаспимæ æнхъæлмæ каст. Фыдуацхæссæг халон фаджысы рагъæй Дысайырдæм уасыд, хъæр кодта. Дыса бакатайтæ кодта æмæ афтæ зæгъы:

– Дæдæдæй, мæ хæдзар байхæлд, нæ лæгыл мацы ’рцæуæд?..

Уалынмæ фæдисхъæргæнæг æрхæццæ, Дзанаспийы, дам, зæй фæласта. Бæстæ хъарæг сси. Дысайы кæуынæй къæдзæх бадон уыдаид, цæстысыг фестадаид. Фæлæ къæдзæхтæ дæр нал зындысты миты хъæпæнтæй. Адæм фæдисы ацыдысты, æртæ боны йæ фæцагуырдтой, зæйтæ ракъах-бакъах фæкодтой, фæлæ Дзанаспийы не ссардтой, уалдзæгмæ зæйы бын баззад. Дыса алыбон дæр агурынмæ цыд, фæлæ йæ къухы ницы æфтыд, нæ йæ ардта.

Бон фæдаргъ. Зæхх йе ’ргом фæзылдта. Бæстæ сулæфыд. Хур хъармдæр тавын байдыдта. Зæйтæ тайын систой. Иубон Дзанаспииы мард зæйы бынæй скъахтой. Дысамæ фосæй ницы уыд, хæрзмæгуыр тæригъæддагæй цард. Дзанаспийы адæм баныгæдтой, æхсæны хист ын скодтой.

Дыса фист къуымбилы тынæй дæрзæг хæдон скодта æмæ йæ мойыл сау дарын райдыдта. Афæдзы бонмæ фыд, урсаг нæ бахордта. Йæ афæдзы бон хорз адæмты руаджы сауисæны хист скодта æмæ кæркдон-къуымы мæгуырæй цард. Дыса æрыгон нæ уыд, фæлæ уыцы рæстæджы адæммæ гæсгæ йæ цæсгом зæронд хуыз нæ лæвæрдта. Дысайы бирæ уыд курджытæ, фæлæ никæмæн куымдта, мой нал кодта.

Раст уыцы рæстæджы Косеты хицаумæ иу бæхтæрæг – Мырыкаты Маскъа цард. Чиныджы цыдæртæ базыдта, уырыссагау салтайбалтай сахуыр ис æмæ адæмы сæрты акаст. Бахъуаг сахат-иу Маскъайы агуырдтой хицаумæ минæвар. Æнæ Маскъа чи уæндыд хицаумæ исты гæртам бадæттын. Иудзырдæй, Маскъа сси хицауы рахиз цонг. Фæлæ йыл уæддæр уæлдай ном сæвæрдтой – «Лисиц» æмæ йæм-иу куы фæхъæр кодтой йæ номæй, уæд-иу сæ разы цъилау ныззылд.

Маскъа арæх цыд Ганисмæ. Дзуары бонты, бæрæгбонты æцæг рувасау гуыбындзуан рацу-бацу кодта æмæ-иу рæбынæй сбадт. Чысыл, цыбыр лæг, стыр гуыбыр фындз, арф цъæх цæстытæ, фæлдæхт хъуынджын æрфгуытæ, сау цыргъ уадултæ, хъуынджын рихитæ, – иудзырдæй, хæйрæджы цæстæнгас лæвæрдта.

Маскъайæн Дыса йæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ йæ ракурыны фæнд скодта. Арæхдæр цæуын байдыдта Ганисмæ, цæмæй Дысаимæ искуыдтæй балымæн уыдаид, фæлæ Дысайæ Маскъайæн иу ныхас дæр йæ къухы не ’фтыд, уый тыххæй æмæ Дыса раздæр бамбæрста Маскъайы фæнд, æмæ дзы йæхи хызта. Рагæй æнæус уыд Маскъа, хицæутты дæлбазыр фæлхæрттæ хæргæ ныззæронд, фæлæ ма зæрондырдæм ус курын цæмæн æрымысыд, хуыцау зыдта.

Иу сæрд хицæуттæй дзырд рацыд адæмы хыгъд ныффыссыны тыххæй. Маскъа æмæ диамбег Ганисмæ бацыдысты. Фæндагыл Маскъа диамбегæн афтæ зæгъы:

– Ганисы иу идæдз усы бауарзтон æмæ мын уый ракурынæн баххуыс кæн!

Диамбег бæрзæндты акаст æмæ афтæ зæгъы:

– Ныры закъонтæм гæсгæ ус курыны бартæ фæндонæй сты.

Кæд усы дæр фæнды, уæд æнцон хъуыддаг у.

– Усы, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæ фæнды, фæлæ йæ ды куы фæтæрсын кæнай, уæд уæлдай нæ зæгъдзæн.

– Хорз, фендзыстæм, – загъта диамбег.

Уалынмæ Ганисмæ бахæццæ сты æмæ сауджынмæ бафысым кодтой. Сауджын æмæ йæ ус сæ размæ рауадысты æмæ сæ хæдзармæ бакодтой. Диамбег – æнæус лæппулæг, йæ сау зачъетæ фæйнæрдæм айдзæг сты, хæрзиуджытæ йæ сæвджын риуыл тыбар-тыбур кодтой, – стъолы фарсмæ фæстæдзæг бадт æмæ цыдæр хъуына чингуытæ рафæлдах-бафæлдах кодта. Иннæрдыгæй сауджын – хъуынджын, уызыны хуызæн – уыджы бадт скодта, æнкъардгомау, боннымайæн фæрдгуытæ рауил-бауил кодта. Сауджыны ус хæдзары къуымты цъил фестад, хæринæгтæ цæттæ кодта; куы-иу сауджыны цур диамбеджы ныхмæ абадт, куы-иу фестад, цыдæр тæвд æфсæйнаг ын йæ зæрдæ сыгъта, йæ хуыз рафæлив-бафæлив кодта, диамбеджы цæстæнгасæй цыдæр мондæгтæ иста.

Маскъа – зæронд хæйрæджы хуызæн – сæ разы уырдыг лæууыд æмæ-иу диамбег кæмæ фæсидт, уымæ-иу фæдзырдта. Адæмы хыгъд фыссын райдыдтой.

Диамбег бандоныл фæстæдзæг абадт (хъуыддаг бамбарын кодта сауджынæн, стæй Маскъайæн) æмæ афтæ зæгъы:

– Дæ… уыцы идæдз усмæ-ма бадзур!

Маскъа ауад æмæ усы ракодта.

Дыса дуаргæрон къæмдзæстыггомау балæууыд æмæ йын диамбег афтæ зæгъы:

– Мæнæ-ма сауджынимæ аныхæстæ кæнут.

Сауджын сыстад, æмæ Дысаимæ æддаг тыргъмæ ацыдысты, æмæ йын сауджын афтæ зæгъы:

– Дыса, дæ амонд æрцыд. Ныронг цардæй ницы федтай. Ныр дæм хуыцау æркаст. Цыдæр зæд-дуаг дын æххуыс кæны. Маскъа дæ куры.

– Уалынмæ фæкæуа дæ уд ралгъитæг, цалынмæ æз мой не скæнон. Мæрдтæм куы фæхæстæг дæн. Цæй мой афон ма мын у?

– Макæ, Дыса, дæ зæрдæйы фæндыл ма цу! Царды денджыз дæм раздæхти, æмæ дзы дардмæ ма лидз. Ныры дуджы амонд æрмæст хицæутты къухы ис. Уыдон цы фæнда, уымæй дарддæр змæлæн нæй. Маскъа та сæ фырты хуызæн у, бирæ йæ уарзынц. Æхца дæр æм бирæ ис.

– Нæй, нæй, сауджын цæра, уый кой мын ма кæн! Йе ’хца дæр ын фæрнæй уæнт, хицæуттæ та мæ удмæ цы бар дарынц?

– Цы бар дарынц та цы хоныс? Хуыцау бахизæд, куы дæм фæхæрам уой, æмбойны дæ æрбайсафдзысты. Дæ хъæр, дæ цъист нал фæзындзæн.

– Мæ къонайыл, æмæ афтæ бирæгътæ сты, æмæ раст адæймаджы дæр сафынц?

– Бирæгътæ не сты, фæлæ адæм сæ къухты сты, цы сæ фæнда, уый сын кæнынц.

Дыса зæхмæ ныккаст æмæ афтæ зæгъы:

– Цыфæнды кæнæнт! Калм дæр æнæ растæй нæ хæцы. Æз мой нæ кæнын.

– Æз дын зæгъын мæ чызджы хуызæн, ма фæрæди! Уыййедтæмæ бар дæу.

– Табуафси, дæ чызджы хурæй бафсæд, фæлæ мой нæ кæнын.

Сауджын диамбегмæ бацыд æмæ йын Дысайы хабар загъта, мой куыд нæ кæны, куыд нæ комы, уыдæттæ. Дыса йæ хæдзармæ фæцæйцыд, фæлæ йæ диамбег раздахын кодта.

Дыса дуаргæрон лæууыд æмæ йæ кæлмæрзæны хаутæ схъаугæйæ цыдæр хъуыдытæ кодта.

Диамбег ын афтæ зæгъы:

– Билет дæм ис?

– Цæй билет?

– Цæрыны бары гæххæтт.

– Æмæ мæнæ сауджын нæ зоны, кæдæй нырмæ ам цæрын?

– Сауджыны хъуыддаг хицæн у, мæ хъуыддаг – хицæн. Æз ацы зылды хицау дæн æмæ хъуамæ, закъон цы амоны, уый æххæст кæнон. Билет кæмæ нæй, уыдон ахсгæ кæнын.

– Æмæ уæд а хъæуы иумæ дæр билет нæй, æмæ се ’ппæты дæр æрцахсдзынæ?

– Уый дæр дæ хъуыддаг нæу. Дæумæ билет нæй æмæ уал дæу æрцахсдзынæн… Акæнут æй ахæстонмæ! – загъта.

Æмæ Дысайы иу скъæты бакодтой æмæ йыл дуар сæхгæдтой. Æмæ, цалынмæ диамбег адæмы хыгъд фыста, æртæ боны ахæстоны уыд. Æртыккаг бон диамбег Дысамæ басидт æмæ йын афтæ зæгъы:

– Хъусыс, билет кæдмæ æрхæсдзынæ дæ фыды бæстæй?

– Билет кæцæй æрхæссон? Ерыстаутæ мæнæн билет ратдзысты, уыдонæй куы ралыгъдыстæм, уæд?

– Уый та хуыздæр, уæдæ абырæг дæ?

– Абырæг нæ дæн, фæлæ нæ мæ сæры хицауимæ не ’лдар уæй кодта, æмæ уымæй ралыгъдыстæм.

– Цы хъауджыдæр ис, де ’лдары фос дæ æмæ йæ коммæ куы нæ кæсай, уый ды дæ абырæг. Ныр дын æппындæр æнæ ’рцахсгæ нæй æмæ дæ хъуамæ Ерыстау-æлдармæ арвитон… Сбæттут ын йæ къухтæ! – диамбег загъта.

Æмæ Дысайæн йæ къухтæ синагæй абастой, иу гызыри йын йемæ бафтыдта æмæ Ерыстау-æлдармæ ныффыста: «Фервитын дын дæ лидзæггаг цагъартæй иу ус – Дысайы, æмæ йæ дардмæ ма фесаф, мах бахъæудзæн, мах дын æй балхæндзыстæм».

Æмæ Дысайы Ерыстау-æлдармæ бакодтой.

Адæмы хыгъд фыст фæци. Диамбег æмæ Маскъа ацыдысты. Иу бон диамбег Маскъайæн гæххæтт радта Ерыстау-æлдармæ æмæ Маскъа ацыд Дысайы æлхæнынмæ. Маскъа Ерыстау-æлдарæн фондз туманы æхца радта æмæ Дысайы балхæдта йæхицæн усæн.

Дыса æмæ Маскъа куыдз æмæ лæдзæджы цард кодтой. Иу иннæмæн нæ барста. Маскъа афтæ æнхъæлдта, æмæ Дысайæн йæхи тыххæй бауарзын кæндзæн. Алы бон æй надта, хоста. Дыса та йæ уарзгæ нæ кодта, æввахс, æмгæрон æм нæ цыд, хъарм улæфт ныхас йæ дзыхæй нæ хауд. Афтæмæй Косеты цардысты, Маскъа – бæхтæрæг, Дыса та – æлдарæн гæрстæхсæг. Кæрæдзи хъуынхъис хордтой.

Иу бон дины хицæуттæй дзырд рацыд – æнæ аргъуыд ус кæмæн ис, уыдон сæ устытимæ куыд саргъауой, афтæ. Чи нæ саргъауа, уымæн æй куыд арвитой, афтæ. Маскъа æмæ Дыса дæр æнæ аргъуыд уыдысты æмæ сыл аргъауын хъуыд. Сауджынтæ бæстæ сызмæлын кодтой, кæмæн йæ ус æрвитын кодтой, кæуыл аргъуыдтой. Дысайы дæр Ганисмæ баластой æмæ йæ диамбег ссыдтытæ кæнгæйæ аргъуанмæ бакодта. Маскъа сауджыны къухы аргъауæггаг фондз сомы ассыдта, æмæ йыл ацаргъуыдта.

– Цæугæут ныр! – загъта.

Æмæ ацыдысты.

Афонтæ цыдысты. Маскъайы уарзон хицæуттæ ивд æрцыдысты. Маскъайæн Косеты цæрæнбынат нал уыд, æмæ Ганисы, Дысайы кæркдон-къуым хæдзары æрцардысты. Фæлæ хъуыддаг афтæ уыд, æмæ Маскъа Косеты æлдæртты фынгыл цы уыдта, Дысайы хæдзары дæр уый агуырдта. Æмæ Дыса кæм ссардтаид, кæцæй æрхастаид ахæм цыбæл хæринæгтæ? Æмæ-иу æй уæд Маскъа надта, ратæр-батæр æй кодта. Дыса бирæ хæттыты динамонджыты судмæ бахъаст кодта, фæлæ дзуаппæн уыцы иу дзырд иста: «Хуыцау цы сиу кæна, уый лæг ма ахицæн кæнæд», зæгъгæ. Æмæ та-иу Дыса фæстæмæ кæугæ раздæхт. Маскъа дзуары бонтыл, хистытыл зылд. Иубон расыгæй æрцæйцыд æмæ къæдзæхæй рахаудта. Адæм афæдис кодтой, Маскъайы мард æрхастой æмæ йæ баныгæдтой, æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Дыса уыйфæстæ иукъорд азты æнæмаст, мæгуыр æмæ сæрибарæй ацард, стæй уый дæр амарди.

 

ХÆХТЫ МАСТ

Хæдтулгæ уæрдоны сцæйцыдтæн, уарзон, нæ бæстæм,

Хæдтулгæ уæрдонæй æз кастæн:

Зындысты мæм дардæй нæ рæгътæ, нæ хæхтæ,

Зындысты нæ цъититæ, урссæр къæдзæхтæ,

Ысурс ысты митæй, сæ мастæй.

Æнкъардæй сæ хъæбысты бакодтой хъæуты,

Цыдæртæ сын сусæгæй дзурынц:

«Фæкæсут уæ бæстæм, уæ къултæм, уæ къуымтæм»,

Æнкъардæй, сæркъулæй, кæугæйæ нæ лæгтæй

Зæрдиагæй бирæ фæкурынц…

Кæм хъусынц нæ лæгтæ, кæм ма уарзынц урссæр къæдзæхты,

Кæм ма ’мбарынц хæхтæн сæ хъыг дæр;

Æркæлы нæ цъититы цæссыг; нæ къултыл, нæ фæзтыл

Фæуайы хæл-хæлгæнгæ, кургæ нæ лæгтæй,

Фæдзуры сын хæхтæн сæ дзырдтæ.

Кæм хъусынц нæ лæгтæ; фæтæрсынц нæ хæхтæн сæ митæй,

Фæлидзынц кæдæмдæр сæ бæстæй;

Куыд цæрынц æнæ фыдыбæстæ, куыд кæсынц сæ хъыгмæ, сæ цинмæ,

Куыд кæсынц сæ хæхтæм, сæ фæзтæм, сæ Ирмæ.

Куы нæ сæ уынынц уæд сæ цæстæй.