ХЪАНЫХЪУАТЫ Инал

(1852 – 1899)

Хъаныхъуаты Инал райгуырдис 1852 азы Цæгат Ирыстоны Хъобангомы,  Хъаныхъуаты хъæуы. Йæ фыд – Дудар – уыдис уæздæттæй, æлдæрттæй. Уыйадыл йæ лæппуйæн фæцис скъолайы ахуыр кæныны фадат. Инал ахуыр кодта Стъараполы гимназы, фæстæдæр Къоста кæм ахуыр кодта, уым.

1860 азы Иналы фыд æд бинонтæ алыгъд Туркмæ, фæлæ уымы цард нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ фæстæмæ Ирыстонмæ раздæхт. Уæд та Иналæн фадат фæци дарддæр ахуыр кæнынæн. Æцæг у, йæ ахуыры бонтæ Инал арвыста мæгуырæй. Уымæн æмæ Туркмæ лидзыны рæстæджы сæ фæллой ныххæлæттаг, фæстæмæ куы ’рцыдысты (1862 азы райдианы), уæд сын цагъартæ нал уыд, сæхи кусын бахъуыд.

Инал йæхæдæг фыссы уый тыххæй: «Мæ фыд, æндæр амал ын кæй нал ис, йæ цагъартæ, раздæр ын йæ сау куыстытæ чи кодта, уыдон йæ къухы кæй нал сты, уый куы бамбæрста, уæд йæхæдæг æрæвнæлдта кусынмæ. Куыста æхсæвæй-бонæй, æвæллайгæ. Ферох æй ис, кæддæр æрмæст йæ цъæх дугъон æмæ йæ гæрзтæм кæй зылд, сау куыстмæ та былысчъилæй кæй каст. Йæ диссаджы куыстуарзон æмæ æвидийгæ хъаруйы руаджы нæ цард йæ къахыл лæууын райдыдта, фæлæ йæ уæлвæд уымæн Хуыцау йæ уд ахаста, æмæ уæд æппæт дæр æдзæллагмæ æрцыд».

Чысыл фæстæдæр Иналæн амард йæ мад дæр, æмæ йæ кæстæр æфсымæримæ цардысты сидзæрæй, æвæгæсæгæй. Чи зоны, Инал фæстæдæр дард Хурыскæсæнмæ кæй ахауд æмæ йæ фыдызæхмæ æрмæст йæ мæлæты размæ кæй æрцыд, уый дæр баст уыд ацы хабаримæ: кæмæ цыдаид йæ фыдыуæзæгмæ?..

Ссæдзаздзыдæй, 1872 азы августы, Инал каст фæци Стъараполы гимназ æмæ бацыд æфсæддон скъоламæ. 1877 азы райста афицеры цин, архайдта 1877 –1878 азты Турчы ныхмæ хæсты æмæ уый фæстæ службæйы фæдыл 1879 азы афтыд Сыбырмæ. Уым æфсады йæ службæ ныууагъта æмæ цард Владивосточы. Кодта рухстауæн куыст, уæлдай бирæ хъару бахардз кодта «газетон публицистикæйыл». Курдиатджын публицист Хъаныхъуаты Инал суанг йæ амæлæты бонмæ фыста æмæ газетты мыхуыр кодта очерктæ, уацтæ.

1897 азы январы 23-æм бон Инал рараст Владивостокæй Ирыстонмæ, йæ райгуырæн бæстæмæ. Цыдис денджызтыл – Сабыр океан, Бæстастæу денджыз, Сау денджыз – æмæ бирæ бæстæтæ федта. Фæнд кодта, йæ балцы цы федта, уыдæттæ газеты ныффыссын очеркты хуызы, фæлæ йын нæ бантыст. Инал тынг фæрынчын рæуджыты низæй æмæ 1899 азы амард, йæ фыд фæстагмæ кæм цард, уым – Бруты хъæуы.

Йæ иу æмдзæвгæйы Инал фыста:

Ирыстон! Куыд рагæй бæллыдтæн дæ хæхтæм,
Куыд бирæ фæцардтæн Сыбыры тыхстæй!…
Куыд-иу хæлæг кодтон рæубазыр æврæгътæм!…
Мæ уынгæг фынты дыл, хъæбулау, тыхстæн.

Æмæ, æцæгдæр, Инал чысыл сабийæ фæхицæн Ирыстонæй. Йæ Фыдыуæзæгыл зæрдæхцонæй ацæрыны фадат ын никуы фæци йæ мæлæты бонмæ. Сыбыр æмæ Дард Хурыскæсæны зæххыл арвыста йæ цард. Куыд мысыд йæ фыдызæхх, куыд адджын ын уыд райгуырæн бæстæ, уый тыххæй 1891 азы Сыбыры уæвгæйæ фыста: «Абон ацыдтæн быдырмæ, æмæ та мыл дывæр тыхджындæрæй ныззæй кодтой мæ рох мысинæгтæ. Цæргæстау мæ фелвæстой сæ базыртыл æмæ мæ ахастой дардмæ, мигъæмбæрзт хæхтæ æрвхуыз кæм дарынц, уырдæм. Уыцы хæхтæ куы нæ уаиккой, уæд мæ цардæн мур мидис æмæ нысан дæр нал уаид… Мæ бæллицтæ æдзух уыдонмæ тырнынц…»

Инал, йæ райгуырæн Ирыстонау, бирæ уарзта ноджы иу хъуыддаг – рæстдзинад. Фыссæджы ахсджиагдæр миниуæгыл Инал нымадта рæстдзинад уынын æмæ уарзын, стæй рæстдзинад адæмы раз зæгъын фæразын, мæлæт дæм куы кæса уыцы дзырдæй, уæддæр. Инал фыста уый тыххæй: «Хъуамæ дæ уарзон идеалтыл рыг абадын ма уадзай, афтæмæй цæуай раст фæндагыл æмæ дæм хъуамæ кæддæриддæр уа уыйбæрц намыс æмæ æхсæнадон лæгдзинад, цæмæй рæстдзинад сдзурын фæразай: ома хæрамы хæрам рахонын, хæрзуды хæрзуд, давæджы давæг, налат лæджы налат».

Иналæн йæхимæ ахæм лæгдзинад кæддæриддæр уыд, кæд йæ цæрæнбонтæ зын уавæрты арвыста, уæддæр.

Инал фыста нывæфтыд очерктæ, уацтæ, æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Фæлæ йæ литературон бынтæй æппæты ахсджиагдæр сты йæ очерктæ æмæ публицистон уацтæ. Инал йæ курдиатмæ гæсгæ фыццаджы-фыццаг уыдис публицист. Уымæн йæ уацмысты идейон-аивадон аппы кæддæриддæр вæййы арф публицистон хъуыды, æмæ уацмыс æнæхъæнæй вæййы уыцы хъуыды сбæлвырд кæнынмæ, уый ирддæрæй равдисынмæ арæзт.

Бирæ очерктæ ныффыста Инал, фæлæ уыдоны астæу бæрæгæй зыны йæ фыццаг очерк «Ирон хъæуы» («В осетинском ауле»).

Йæ иннæ уацмыстæ дæр фыст сты уырыссаг æвзагыл.

Инал иттæг хорз зыдта ирон æвзаг æмæ ирон фольклор, йæ адæмы психологи æмæ цардыуаг, ома, иронау аив уацмыстæ фæлдисынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдонæй æххæст уыд нæ фыссæг.

Уæдæ цæмæн фыста уырыссагау? Уымæн æмæ, иуæй, нæма уыд ирон æвзагыл фыссыны традици, уый саразын та иттæг зын уыд уæды æхсæнадон уавæрты; иннæмæй та, Инал публицист уыд йæ курдиаты æууæлтæм гæсгæ, публицистон уацмыс та æхсæнадон царды судзаг фарстатыл фыст вæййы кæддæриддæр, æмæ хъуамæ афоныл мыхуыр æрцæуа, науæд сæфы йæ нысаниуæг æхсæнадон царды æмæ хъуыдыйы.

Æмæ, уæдæ цы кодтаид Инал, кæдмæ æвæрдтаид йæ публицистон уацмыстæ? Нырма ирон периодикон мыхуыры фæзындмæ бирæ рæстæг куы хъуыд, уæд кæдмæ æнхъæлмæ кастаид? Нæ уыд фæстиатгæнæн, ирон царды бирæ ахсджиаг фарстатæ уыд, дзурын сыл хъуыд, æмæ Инал равзæрста йæхицæн трибунæйæн уырыссаг периодикон мыхуыр.

Ноджы ма уыд иу аххосаг: Ирыстоны хицæуттæ уыдысты уырыс, æмæ уыдонæн сæхи ’взагыл бамбарын кæнын хъуыд ирон адæмы хъуагдзинæдтæ, сæ цардыуаг, се ’гъдæуттæ, сæ психологи.

Ацы хъуыддаг зыдтой уырысы прогрессивон ахуыргæндтæ сæхæдæг дæр, фæлæ Кавказы администрацийæн бамбарын кæнын хъуыд, уыцы рæстдзинад бынæттон адæмты интеллигенци дæр кæй зоны æмæ кæй домы хицауадæй.

«Хохаджы фиппаинæгтæ», зæгъгæ, уым Инал фыста: «Цæмæй искæй адæмы ’хсæн сæргълæууæг суай, уый тыххæй фыццаджы-фыццаг бынæттон администраци хъуамæ бамбара, цы адæмы ’хсæн кусы, уый зæрдæхатт… Кавказы бынæттон хицæуттæ та фылдæр-фылдæрæй бынтондæр ницы зонынц адæмы ’гъдæуттæ æмæ адæмы зæрдæхаттæн. Афтæмæй диссаг нæу, уыдон адæмæн æнæбары кæй бакæнын кæнынц æцæг сагъæссаг хъуыддæгтæ – уæдæ цы кæной адæм дæр, кæд æмæ сæ хицæуттæ фыдæвзарæны баппарынц: дзурынц сæм хъæбæрдзыхæй, карз митæ кæнынц æмæ сын æрвылуысм æфхæрынц сæ хиуарзондзинад æмæ се ’гъдæуттæ».

Адæмы ’гъдæуттæ, адæмы цардыуаг, психологи (зæрдæхатт) равдисын, ахæм у аив очерк «Ирон хъæуы» идейон хæс дæр. Ацы очерк Инал ныффыста хæрз æрыгонæй, гимназы ма куы ахуыр кодта, уæд – 1870 азы. Мыхуыры куы рацыд (1875 азы), уæд йæ авторыл цыд бæрцæй 23 азы. Очерк у тынг курдиатджын уацмыс, абоны онг дæр æй цымыдисæй кæсæм.

 

ИРОН ХЪÆУЫ

(1870 аз. Бруты хъæу)

5 май. Дыууæ къуырийы размæ цы хъæумæ æрлыгъдыстæм, уырдæм куы фæцæйхæццæ кодтон, уæд мæ æрхæндæг йæ быны акодта. Уый уымæн, æмæ нæ хъæуæн йæ бакаст уыдис æнкъард, æнтъыснæг. Куы йæм кастæн, уæд мæ зæрдыл æвæджиау тынг æхсызгонæй æрбалæууыд нæ рагон хъæу, бирæ хъæлдзæг бонтæ кæм арвыстон, уый. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æхсæрдзуан-иу кæм кодтон, уыцы хæстæг хъæд, мæхи-иу кæм надтон, уыцы дон, кæсæгтæ-иу кæй бын ахстон бирæ хæттыты, уыцы куырæйттæ; мæ зæрдыл æрлæууыдысты, нæ къæсыл æмхæст дыргъдзæхæрадоны цы бал æмæ кæрдо бæлæстæ уыд, уыдон.

Нæ ног хъæуы уыдонæй мæ цæст æппындæр ницæуылуал хæцыди. Дзæуджыхъæуæй цæугæйæ фæндагыл иннæ хъæуты цы бæрæчет федтон, ахæмæй дæр дзы ницы разынд. Иннæ хъæутыл куы фæцæйцыдтæн, уæд дзы федтон егъау мустæ, мæнæуы цъынатæй сæ тæккæ дзагæй; дæттыл федтон бирæ хæрзарæзт куырæйттæ; федтон ма европаг арæзт хæдзæрттæ, сæ сæртæ дурæмбæрзт, стæй алы хæдзары раз дæр чысыл, сыгъдæг æфснайд цæхæрадæттæ. Иуныхасæй, бæрæг уыди, уымы цæрæг адæм, сæ фадат куыд амыдта, афтæ кæй архайдтой сæ цард фæхуыздæр, фæрæвдздæр кæныныл. Ам та мæ цæстыты размæ æрбалæууыдысты æрмæст тæригъæддаг къæстæ, хъæмпын хæдзары сæрты бынæй сæ иугай гыццыл рудзгуытæй тар каст кодтой; цас фæракæс-бакæс кодтон, фæлæ дзы уæддæр иу къаннæг бæласыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд.

Гъе, уæу-уæй! Иннæ хъæутау дзы иу мус дæр æд цъынатæ нæ уыди. Мидхъæу куы фæдæн, уæд та ме ’рхæндæг ноджы фæтыхджындæр, уымæн æмæ хæстæгдæрæй æркастæн, уынгæн йæ дыууæ фарсы цы къæстæ уыди, уыдонмæ. Уыцы къæстæ се ’ппæт дæр, ифстæгтæй æндæр, уыдысты кауын, æлыгæй кæнæ хъуджы фаджысæй сæрст. Куы сæм кастæн, уæд афтæ хъуыды кодтон, зæгъгæ, дзæбæх дымгæ куы æрбадыма, уæд сæ быдыры ныххæлиу кæндзæн, сæ мæгуыр хæдзары дзауматæ дæр семæ, афтæмæй. Цы уынгыл цыдтæн, уым иу змæлæг дæр нæ уыди, цыма хъæу цагъды фесты, уыйау. Æрмæст ма уынджы астæу иу-цалдæр куыдзы сæхи дæргъмæ ауагътой æмæ сæхи хурмæ тавтой. Фæлæ мæ куы федтой, уæд мæ размæ рагæппытæ кодтой, сæ иу мæ бæхы дымæгыл ныззæгæл ис æмæ дзы стыр бындзыг ратыдта. Дыууæ гыццыл лæппуйы, – чи зоны æмæ кæд чызджытæ уыдысты, уæддæр уый бæлвырд зæгъын мæ бон нæу, уымæн æмæ сæ дарæс бæрæг нæ уыди,— цъыфы цыдæр æркалдтой, зноны уарыны фæстæ чи баззад, уым. Цъыфæй се ’цæгæй хæхтæ аразыныл балæууыдысты, фæлæ сæм æз куы баввахс дæн, уæд лидзынмæ фесты, сæ арæзт хæхтæ дæр фæуагътой æмæ иу кæрты смидæг сты. Æвæццæгæн, мæ уырыссаг дарæсы уындæй фæтарстысты.

Кæрчытæ сæ цъиутимæ цыдæртæ къахтой, стæй ма иу ус æд гогон донмæ фæцæйцыди, – гъе, æрмæст уыдоныл сæмбæлдтæн, æмæ ног цæрæн бынатмæ куы æрхæццæ дæн, уæд. Фæстагмæ иу лæппуйы фæрцы нæ ног кæртмæ бахæццæ дæн. Нæ кæрт сыхаг кæртытæй ницæмæй хъауджыдæр уыди нæдæр йæ ас, нæдæр йæ кондæй; уыди дзы дыууæ агъуысты, сæ иуы – дыууæ хайы: иу – уат, иннæ та – тæвдгæнæн. Уаты, æгъдаумæ гæсгæ, кæддæриддæр вæййынц сылгоймæгтæ; уым, тæрхæгыл, кæрæдзийыл æвæрдæй лæууынц гобæттæ, уыдоныл та – хъæццултæ, сæ, уæлæ та – базтæ. Дуары комкоммæ цы ис, уый æмдæргъ алы уаты дæр вæййы сынтæг, сынтæджы фæстæ тæрхæгыл рæнхъæй лæууынц алыхуызон чырынтæ. Уыцы къулыл арæх ауыгъд вæййынц хæдзары хицауы хæцæнгæрзтæ, зæгъæм, æхсаргард, дамбаца. Уатыл æмхæст вæййы тæвдгæнæн, уый хъуамæ бинонты ирвæзын кæна зымæджы уазалæй; уымæ гæсгæ тæвдгæнæны арæх арæзт вæййы пец кæнæ стыр къона. Ирон адæм рагæй зонынц тæвдгæнæн, уый сын ног хъуыддаг нæу. Сæрд тæвдгæнæн вæййы хæдзары дзауматæ æвæрæндон, æмæ дзы уæд ничи фæцæры. Хуыздæр бынат мын нæ уыди, æмæ нæ тæвдгæнæны æрбиноныг дæн, мæ алыварс та уаты дзауматы бæсты уыдысты хæдзары алыхуызон мигæнæнтæ. Алы ирон цæрæнбынаты дæр хæдзарæн æнæ уæвæн нæй. Хæдзар иуæй цæлгæнæн у, аннæмæй та уæздæттæн сæ кусджыты цæрæн. «Сау адæмы» хæдзæрттæй куы зæгъæм, уæд уыдонæн та хæдзар у æппæт бинонты цæрæн, æгас бон дæр кæм вæййынц, ахæм. Нæ хæдзарыл æмхæст уыди нæ кауын кæркдон, ис дзы иу-ссæдз карчы, сæ хъуыдаттæй мæ зæрдæ фæцъæх. Кæркдоны фæстæ – уæрдондон. Уазæгдон нæм нæ разынди, афтæмæй та уазæгдон хъуамæ алы хæдзары дæр уа. Уыдоны алыварс ныллæг кау быд. Иннæтæм уый дæр нæй. Нæ тæккæ бакомкоммæ цæры Хъази, æмæ йæ бирæ бинонтимæ цæры æрмæст иу гыццыл кауын хæдзаргонды. Нæй йæм нæдæр хъомдон, нæдæр, иннæтау, – кæркдон, æмæ йæ иунæг къæс уынджы астæу æнæ кауæй лæууы.

6 май. Æрхæндæг… Æнæбауромгæ æрхæндæг. Фыццаг къуыри æмæ æрдæг куыддæртæй аивгъуыдтой, фæлæ ныр ме ’рхæндæгæн мæ бон ницыуал у… Ничи мæм цæуы, мæхæдæг дæр никæйуал бæрæг кæнын: нæ хæстæджыты æмæ нæ зонгæты се ’ппæты дæр федтон иу-цалдæр хатты. Ме ’рцыды фыццаг бонты ма мæм уæддæр арæхдæр цыдысты. Æрбацыдысты-иу нæм нæ хæстæг сылгоймæгтæ иу-цалдæрæй мæн фенынмæ, сæ хъæбысы-иу мæ ныккодтой æртæ хатты æмæ-иу дзырдтой:

– Уæ мæ хур!.. Мæ рухс бон! Куыд адынджыр дæ! Куыд сырæзыдтæ!..

Стæй сæ фæндыди, цæмæй инæлар кæнæ афицер суыдаин. Махмæ, уæлдайдæр та сылгоймæгтæ, афтæ хъуыды кæнынц, уырыссаг скъолайы чи кæсы, уыдонæн æнæ афицер уæвæн нæй, зæгъгæ.

– Æмæ афицер куы суай, уæд мын цавæр лæвар бакæндзынæ? – зæгъгæ, æнæ бафæрсгæ дæ нæ фæуыдзæн дæ хæстæг сылгоймаг. – Дæ номыл кæй дарон, ахæм басмахътæ мын слас, кæнæ цыллæ кæлмæрзæн, мæнæ мæ гыццыл Бибойæн та цырыхъхъытæ.

– Хорз, хорз, – зæгъгæ-иу ын зæрдæ бавæрдтон.

– Стæй, афицер куы суай, уæд нæ ма ферох кæн, – æнæ зæгъгæ йын нæ уыди дарддæр, – афицертæ систы, афтæмæй махонтæн Уæрæсейы цал æмæ цал фесæфтис. Сæ ныййарджыты æмæ се ’фсымæрты дæр ферох кодтой, ницы сын æххуыс кæнынц!

Уый тыххæй дæр сын зæрдæ бавæрын. Стæй-иу хъæуы хабæрттыл сæхимидæг ныхасыл фесты; хабæрттæм, зæгъын æй уæндын, нæ сылгоймæгтæ тынг мондаг сты; уыйфæстæ-иу сæ хæдзæрттæм ацыдысты. Кæннод, сылгоймæгтæ куы нæ уой, уæд æрбацæудзæн нæлгоймæгтæй исчи, «æгас цæуай» дын зæгъдзæн, дæ къух дын райсдзæн, йæ хъæбысы дæ никуы ныккæндзæн сылгоймæгтау. Уый дæр фæрсынтæ байдайы сылгоймæгты хуызæн æмæ дын раздæр æнæмæнг зæгъдзæн:

– Афицер тагъд суыдзынæ?

– Тагъд, – зæгъгæ, йын æз дæр дзуапп раттын.

– Уый хорз, – зæгъгæ-иу, загъта уæд уый дæр, – æрмæст дæхионты ма ферох кæн, – зæгъгæ-иу, уый дæр æнæ бафтаугæ нæ фæуыдаид æмæ-иу уæд бацамыдтаид нæ афицерты, æрмæст улупа хæрынц, зæгъгæ, æмæ сæхионты ферох кодтой. Уый дæр æнæ ракургæ нæ фæуыдзæн исты лæвар. Кæд зæронд лæг уа, уæд æй раздæр зон, æвзистæй арæзт лулæ кæй ракурдзæн йæхицæн, уый; кæд лæппулæг уа, уæд та ракурдзæн æвзист хъама, йе та æвзист бæрцытæ. Зæрдæ сын бавæрын, æмæ мæ разыйæ сæхимæ ацæуынц. Афтæмæй, хъæуы цæргæйæ, иудадзыг æмхуызон бонтæ ивгъуыйын кодтон. Фæлæ мæм ныр ничиуал цæуы, æмæ мæ æрхæндæг йæ быны скодта, нал мæ цух кæны. Æрмæст ма мын мæ беридон чи бабæрæг кæны уазджытау, уый – нæ родтæ; æнтæф боны, галбындз æмæ сæ къогъо куы стыхсын кæнынц, уæд-иу уыцы сæппæй, хъæрæй смидæг вæййынц мæ тæвдгæнæны æмæ мын мæ беридоны царды æнцаддзинад фехалынц.

9 май. Раджы райхъал дæн æмæ рудзынгæй ракастæн. Фыццаджыдæр мæ цæстыты размæ фæци нæ хъæуы обау, уыцы обау цæсты урсау у – лæгтæн сæ хъæр цыди уырдыгæй. Куы бафарстон, цавæр æмбырд у, зæгъгæ, уæд мын ме ’фсымæр афтæ зæгъы, зæгъгæ, хъæуыхицæуттæ æмæ тæрхоны лæгтæ æрæмбырд сты, абон, дам, суды бадæн у, зæгъгæ. Æмæ уæд мæ зæрдыл æрлæууыди, хъæуты æрæджы суды ног æгъдау æвæрд кæй æрцыдис, уый. Мæхинымæр ахъуыды кодтон, цæй æмæ ацæуон, фенон æмæ байхъусон, цы ныхас кæнынц, уымæ. Мæ дарæс скодтон, мæхи цæхсадтон; араст дæн обаумæ. «Дæ райсом хорз» мын загътой æппæт дæр. Бадгæ чи кодта, уыдон сæ бынæттæй фестадысты æмæ мæ бадын кодтой семæ, фæлæ æгъдау куыд амыдта, уымæ гæсгæ не сразы дæн, уыдонæй кæстæр кæй уыдтæн, уымæ гæсгæ.

Хъæуы обау дзыллæйы æмбырдгæнæн бынат у. Куысты рæстæг куы нæ уа, уæд хъæуы цæрæг адæм æмбырд кæнынц æмæ сæ хъуыддæгтæ æмæ æхсæны хъуыддæгтæм арæх фæкæсынц, кæнæ та сæ уæгъд рæстæг хуымæтæджы дзæнгæдатæй æрвитынц. Сæ кæрæдзийæн хабæрттæ дзурынц – чи окруджы хицауы приказы тыххæй, чи та хосгæрсты тыххæй. Хаттæй-хатт æмбырд адæмы æхсæнæй хъуысын байдайы дыууæтæнон фæндыры цагъд, махмæ йæ, ирон адæммæ, хонынц, хуыйысæр. Хуыйысæры уыцы иу арæзтæй сын зæронд фæндырдзæгъдæг зары Бибойы зарæг, кæнæ Чермены зарæг, кæнæ та сын кæны Нарты Хæмыцы фырт Батрадзы кадæг, хъæддыхæй арвимæ тох чи кодта фæстагмæ йæ номдзыд æхсаргардимæ. Уыцы лæгуын обау, адæм кæм æмбырд кæнынц, уый дзурынхъом куы уаид æмæ, зæрæдтæй цы таурæгътæ фехъуыста, уыдон радзурын йæ бон куы уаид, кæнæ та нын куы радзурид, йæ цæргæ-цæрæнбонты хæрззæронды онг ам цал æмæ цал адæймаджы йæ цард аивгъуыйын кодта хуымæтæджы, æнæпайда дзæнгæдаты, уæд дæ сæрыхъуынтæ уырдыг ныллæууиккой. Фæлæ обау ницы дзуры æмæ коммæгæсæй уромы йæ лæгуын сæрыл зæрæдты буæрттæ æмæ сын райсомæй фæсахсæвæрты онг æнцад хъусы се ’нæкæрон дзæнгæдамæ.

– Ныртæккæ судтæ баддзысты, – зæгъгæ, мын загъта иу зонгæ зæронд лæг, йæхæдæг суды лæг чи уыди, ахæм.

– Ды чиныгæй зоныс æмæ, æвæццæгæн, алы хъуыддаг махæй хуыздæр æмбарыс, æмæ кæм бахъæуа, уым нæ-иу раст фæндагыл сараз, куы рæдийæм, уæд.

Сразы дæн се ’рбадты уæвыныл, фæлæ уыдонæн, зондджын хистæртæн, йæ цæргæ-цæрæнбонты бирæ чи федта, уыдонæн æз, æнæрихиджын лæппу, кæстæр, зонд бацамонон, зæгъгæ, уый тыххæй нæ. Æгъдаумæ гæсгæ, кæстæрæн, лæппулæгæн не ’мбæлы ныхасы бацæуын, кæнæ уыдон зондджын ныхæстæм хъусын.

– Ацу ардыгæй, – афтæ фæзæгъынц уыцы зондджынтæ æнæрихиджын цымыдисæн, куыддæр сын уый сæ ныхæстæм йæ хъус дарын байдайа, афтæ.  – Зæронд лæг, мыййаг, куы нæ дæ. Зæрæдтимæ дын худинаг у!

Æмæ кæд мæнæн та ахæм ныхас загътой, уæд уый уыди æрмæст уæздандзинад. Уæд дын æваст, æппæт ныхас йæ тæккæ тымыгъы уæвгæйæ, иу зæронд лæг афтæ зæгъы:

– Æппæт суды лæгтæ дæр ам сты?

Се ’ппæт дæр уым уыдысты.

– Уæдæ цомут суды хæдзармæ, – зæгъгæ, та загъта уыцы зæронд лæг, æмæ се ’ппæт дæр обауæй æрхызтысты. Æз дæр сæ фæдыл рацыдтæн, æмæ не ’ппæт дæр бараст стæм нæ хъæуыхицау Гуыргъохъы уазæгдонмæ. Суды лæгтæ диваныл сбадтысты, алы уазæгдоны дæр чи вæййы, ууыл, хистæргай. Мæнæн æрбахастой ныллæг бандон, æмæ, се ’ппæтæй дæр кæстæр куыд уыдтæн, уымæ гæсгæ сбадтæн уыцы бандоныл се ’ппæты дæле, æмæ мын тынг стыр худинаг дæр уыдаид, куы мæ куырдтаиккой, уæддæр хистæрты астæу куы сбадтаин, уæд. Суды лæгтæ æдæппæт уыдысты фондз, се ’ппæт дæр зæрæдтæ сты уазæгдоны хицау Гуыргъохъæй фæстæмæ, ууыл æрмæст цæуы æртын азы. Хъæуы фидиуæг йæ къобосджын лæдзæгыл æнцой кæны, афтæмæй дуаргæрон лæууы. Писыр нырма лæппу у, æртæ мæйы йеддæмæ нæма кусы, сбадти суды лæгты раз, йæ журнал райгом кодта, хъæууон суды тæрхонтæ кæм фыссынц, уый, йæ чернила зæххыл æрæвæрдта, йæ пъеро райста æмæ æнхъæлмæгæсæджы бадт кодта.

– Ехх, цы æвзæр адæм стæм мах, – зæгъгæ, загъта зæрæдтæй иу. – Судæн бадæнхæдзар нæ, фæлæ ма, йæ аргъ æппындæр кæмæн ницы у, иу ахæм стъол нæ писырæн балхæнынхъом дæр не стæм.

– Уый дæр раст у, – зæгъгæ, загъта иннæ, – иннæ хъæутæм куы æркæсай, уæд дзы махæй æдзæллагдæр ничи разындзæн. Уыдон сæ судæн хицæн хæдзæрттæ дæр сарæзтой, алкæмæ сæ стъол дæр ис, æмæ сæ писыр махау йæ зонгуытыл нæ фыссы, стæй йæ черниладон дæр зæххыл не ’вæры. Уыдонæн сæ мæзджыттæ дæр хорз сты, сæ сæртæ дуртæй æмбæрзт кæнæ та зестæй. Махмæ цы ис? Мæзджыт нæм ис, æмæ йын дыккаг аз йæ сæр бамбæрзын нæ фæразæм, уæд та хъæмпæй бамбæрзын цас стыр хъуыддаг у? Дæуæн та, — дзуры писырмæ, – мыздæй дæ фæллæйтты тыххæй дæ зæрдæхудт нæ райсдзыстæм. Æртæ мæйы тыххæй дæм цæуы туман æмæ мæнæуы фæйнæ меркъайы, æмæ дын сæ бафиддзыстæм.

Гъе, ахæм ныхæстæ кодтой иннæтæ дæр, уазæгдоны чи уыди, уыдон, æмæ, хуыцау йæхæдæг зоны, кæдмæ ахæм ныхæстæ кодтаиккой, фæлæ суды лæгтæй уæд иу афтæ загъта:

– Хъуыддæгтæ æвзарын тагъд райдайдзыстæм æви куыд? – зæгъгæ. Суды лæгтæ ныхъхъус сты. Сæ иутæ сæ лулæтæ сæ дзыхтæй раластой, махоркæйы фæздæг кæмæй калдтой, уыдон; уæдмæ хъастгæнджытæ дæр фæзындысты.

– …Æгъгъæд! – загъта суды лæгтæй иу, сæ ныхасæй кæй ницы цæуы, уый куы федта, уæд. – Æгъгъæд у: ницы рацæудзæн хъуыддагæй. Хъæмп цæгъдæм æмæ дзы уæддæр нæмыг нæ хауы. Ныхас кæнæм, ныхас кæнæм бирæ, фæлæ дзы уæддæр хорзæй ницы уайы. Цæй, уæд та бафидауыныл куы сразы уаиккой, æмæ сæ уый дæр нæ фæнды.

– Кæд афтæ у, – загътой суды лæгтæ, – уæд хъуыддаг ацæуæд горæтмæ равзарынмæ.

13 май. Абон нæ рудзынджы цур фысгæ кодтон, æмæ мæм зæронд Мосе куыд æрбацыд, уый нæ федтон. Куыд фыстон, уымæ бирæ æмæ æдзынæг фæкаст.

– Æмæ уæдæ мæн, зæронды, цæуылнæ сахуыр кæныс чиныджы? Мæ бон нал бауыдзæн сахуыр кæнын?

– Цæуылнæ бауыдзæн, цæ? – бамбарын ын кодтон, абетæ цы сты, уый.

– Ехх! Куыд мæ фæнды мæн, зæронды, чиныджы базонын! Чиныджы кæсын куы зонин, уæд дунейыл тæккæ стырдæр чиныг райсин æмæ йæ кæсынтæ байдаин… Фæлæ нырма æз цы дæн, æцæгæй? Ницы… Кæд базæронд дæн, уæддæр ницы зонын, ды та, кæд ма лæппу дæ, уæддæр алцыдæр хæйрæгау зоныс. Гъе, мæнæ ныртæккæ цавæрдæр хæххытæ фыссыс, æмæ æппæтæй диссагдæр уый у, æмæ уыцы хæххытæй ды нæмттæ куыд базоныс, уый. Сагейы ном фыст кæм уа, уым Сосе нал бакæсдзынæ… Абон кæй ныффыстай, уый æртæ-цыппар боны фæстæ дæр бакæсдзынæ дзырд дзырды фæдыл. Æз та дзы ницы æмбарын æмæ йæм æнæзонд фырау кæсын. Æвæццæгæн, хуыцау мах адæмæй мæгуырдæр никæй сфæлдыста. Афтæ куы загьта, уæд æнкъардæй йæ сæр базмæлынтæ кодта.

– Фæлтау дæ фыссын ныууадз æмæ дæ чиныг райс æмæ та мын исты диссаг æмбисонд ратæлмац кæн!

Мосе æмбисæндтæ тынг бирæ уарзы (уыдонмæ хъусынæй хуыздæр æм ницы кæсы). Иухатт ын Улиссы балцытæй иу гæппæл куы ратæлмац кодтон, уæдæй фæстæмæ мæм алы бон дæр вæййы. Ацы хатт бавдæлдтæн æмæ йын ратæлмац кодтон Гриммты аргъау: «Фыдыфыд æмæ фыртыфырт». Мосе тынг зæрдиагæй хъуыста, æмæ йæ куы фæдæн, уæд загъта хъæрæй:

– Арæби! Куыд æцæг раст у! Мах адæммæ дæр ис раст иу ахæм æмбисонд.

Æмæ мын радзырдта мæнæ ацы аргъау, æцæгдзинадæй Гриммты аргъауы хуызæн тынг чи у, ахæм.

Зæронд лæг æмæ йæ фырт. Иу лæппулæгæн йæ фыд базæронд ис æмæ уыимæ ноджы йæ цæстытæй дæр нал уыдта. Зæронд кусыкхъом нал уыди æмæ куыстафон æдзухдæр бадти хæдзары. Фырт æм йæхи нал урæдта, хорз æм нæ касти, йæ зæронд кæй ницы кусы æмæ йын кæй не ’ххуыс кæны, уый. Иухатт куы уыди, уæд фырт йæхинымæр загъта: «Мæ фыд базæронд æмæ ма мын цы пайда ратдзæн, уый нæ зонын. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ ницы. Афтæмæй йæ лæвар цæмæн хæссон? Цæй æмæ йæ бæрзонд айнæджы былæй аппарон, йæ мæлæт ын зонгæ дæр куыд ничи бакæна, афтæ». Уыйфæстæ йæ фыды роды цармы бахуыдта, чыргъæд сбыдта, уым æй цæвæрдта æмæ йæ бæрзонд айнæджы былæй æппарынмæ фæцæйхаста. Фæндагыл æм чыргъæдæй йæ фыд дзуры:

– Уæ мæ фырт! Бафæлладтæ, де ’ккой мæн кæй хæссыс, уымæй?

– Æппындæр нæ, – загъта фырт.

– Уæдæ хорз, хорз, мæ фырт, мæ хуры хай, хорз, кæй нæ бафæлладтæ, уый. Фæлæ дæ æрмæст иу хъуыддаг курын. Мæн айнæгæй куы аппарай, уæд, мæн айнæгæй æппарыны тыххæй цы чыргъæд сбыдтай æмæ мæ кæм сæвæрдтай, уый мемæ ма аппар.

– Цæмæн афтæ зæгъыс? – зæгъгæ, йæ бафарста фырт.

– Куыд цæмæн? Уымæн, æмæ дæуæн дæр дæ фырттæ куы слæгтæ уой дæхи хуызæн, дæхæдæг та куы базæронд уай мæнау, уæд сæ ног чыргъæд бийын куыд нал бахъæуа. Мæнæ ныр ды мæн куыд хæссыс, афтæ дæу дæр дæ фырттæ ахæсдзысты айнæгæй æппарынмæ.

– Мæ фыд раст у, – загъта фырт йæхинымæр æмæ йæ фыды фæстæмæ æрхаста сæ хæдзармæ æмæ йын раздæр цы кад нæ лæвæрдта, ахæм кадимæ йæ хæссын байдыдта.

15 май. Знон нæ сыхаг Дзæрæхмæтмæ минас уыди. Бæрæгбон арæзта йæ фырты райгуырыны тыххæй, знон боны рухс фыццаджыдæр чи федта, уый тыххæй. Минас æмæ хъæлдзæг уыдысты суанг изæры онг. Кæрты астæу хъазт сарæзтой, фæлæ дзы уыдысты æрмæст фæсивæд. Ас лæгтæ сæ кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ разил-базил кодтой уыцы иу ран зиллаччы хуызæн, зарыдысты цавæрдæр, кæрон кæмæн нæй, ахæм «урс галы» зарæг. Хъæр кодтой, цалынмæ сын хæдзарæй нæ рарвыстой уæлибæхтæ æмæ арахъхъы цайдан, уæдмæ. Уæлибæхтæй бынатмæ бахæццæ æрмæстдыууæ, æртыккаджы та, ахæм хъæлдзæг бонты куыд вæййы, афтæ фæндагыл аскъæфтой стонг лæппутæ æмæ йæ кæркдоны фæстæ уайтагъд ахордтой: сарайы уыди иу-цалдæр чызджы, сарæзтой елхъына æмæ зарыдысты:

Уæ Мады-Майрæм!

Уæ фыд-хуыцау!

Кæй радтай – цæринаг!

Ахæм хъæлдзæгдзинад куы вæййы, уæд чызджытæ фæзарынц мæнæ гъе, ахæм зарæг, æрмæст уыдон кæй зонынц, уый:

– Уæлæ халон фæтæхы.

– Уый йæ дзыхы цы хæссы?

– Уый йæ дзыхы хъæмпыхал.

— Хъæмпыхалæй цы кæны?

– Ахстæттæ дзы ыскæна.

– Ахстæттæй та цы кæна?

– Лæппынтæ дзы рауадза.

— Лæппынтæй та цы кæна?

– Хуымæллæг ын æрхæссой.

– Хуымæллæгæй цы кæна?

– Бæгæны дзы фæфыца.

— Бæгæныйæ цы кæна?

– Хистытæ дзы фæкæна1.

Алырдыгæй цыдысты устытæ сæ хуыздæр къабаты, арфæтæ кодтой чызг нæ, фæлæ лæппу кæй райгуырди æмæ мад дзæбæхæй кæй баззади, уый тыххæй. Афтид къухтæй ничи цыди, алчидæр сæ хаста хуын æртæ сойыфыхы, кæнæ фæнычы фых уæлибæхтæ.

Уыцы хуынтæ-иу уайтагъд лæгтæ ахордтой… Афтæмæй хъæлдзæгдзинад уыдис суанг æмбисæхсæвмæ… Гъеныр дæр ма дзы хъуысы саст фæндыры хъæр, æмдзæгъæд æмæ барабаны бæсты цы тас фæхойынц, уый зыланг-мылунг.

16 май. Ныр мын нæ хъæуы ис, ныхас кæимæ кæнон, ахæм лымæн. Уый у нæ сыхаг Хатæхцыхъо. Быдыры куыстмæ нæ цæуы, уымæн æмæ йæ къæхтæ риссынц, уымæ гæсгæ фæцæйцæуы, йæхи ныггуыбыр кæны, афтæмæй, цыма хъуызгæ кæны, уыйау. Цыфæнды æнтæф бон куы уа, уæддæр æй кæрцы уынын.

– Ахæм æнтæфы кæрц цæмæн дарыс? – зæгъгæ, йæ фæрсын.

– Куыд цæмæн? Афтæмæй, уæ æдылы, сатæгдæр у, – фæзæгъы уый. Æрдæгдзæфтæй уырыссагау зоны. Слепцовы хæстыты бирæ хæттыты уыди, æмæ, Слепцовы хъæбатырдзинад æмæ йæ цъæх бæх куыд уайаг уыди, уыдон æдзухдæр йæ зæрдыл лæууынц æмæ сæ уæлдай æппæлд кæны. Мæгуыр цард нæ кæны Хатæхцыхъо, уый нæ, фæлæ цæры дзæбæх. Куыстафоны лæгтæй уымæй æндæр никæй фендзынæ хъæуы, о, вæййы ма зæронд куырд Дауыт дæр, Хатæхцыхъо бон-изæрмæ кæмæ фæбады æмæ дзæнгæда кæимæ кæны, уый. Куырдадзы куы нæ уа Хатæхцыхъо, уæд та йæ фендзынæ обауыл гуыбырæй бадгæ; æдзух вæййы йемæ йæ гыццыл чызг, иу-æхсæз азы кæуыл цæуы, ахæм, бынтон бæгънæгæй.

– Дарæс ын цæуылнæ кæныс? – бафарстон Хатæхцыхъойы.

– Дарæс æй нæма хъæуы: гыццыл ма у æмæ йын афтæмæй цæуын дæр худинаг нæу, фæлæ куы фестырдæр уа, уæд æй æмбисонды арæзт скæндзынæн æмæ йæ ратдзынæн йе ханæн, йе пашайæн. Афтæ нæу, мæ гыццыл чызг? – зæгъгæ, йæм дзуры, йæ гом буар ын æртъæппытæ кодта, афтæмæй. Уый хъæр кæнын систа. Абон мæм обауы сæрæй хъæр кодта. Рудзынгæй ракастæн, æмæ дын обауыл бады æмæ мæм йæ лæдзæг тилы.

– Подь сюда! Подь сюда! – зæгъгæ, мæм хъæр кодта. Кæд тынг æнтæф уыди, уæддæр æм ацыдтæн.

– Æнкъард кæныс, æвæццæгæн? – бафарста мæ, бон хорз ын куы загътон, уæд.

– Æмбарын æй, нæ куыдзы цардыл ахуыр нæ дæ. Уырысмæ буц ахуыр сдæ, æмæ дæм уыйфæстæ нæ хъæбæр кæрдзын æмæ нæ фæздæгæйдзаг хæдзар ингæнау фæкæсдзысты, æмбарын æй. Фæлæ цы бачындæуа: мах мæгуыр адæм стæм. Галтау кусæм, уæддæр нæм ницы бæрæчет ис, æмæ уый уымæн афтæ у, æмæ цæрын кæй нæ зонæм. – Афтæ куы загъта, уæд æнкъардæй йæ сæр батылдта æмæ ныхъхъус ис. Æз дæр ницы дзырдтон.

– Дæ хорзæхæй, цæуыл тарæрфыг дæ абон? – зæгъгæ, мæ фæрсы, æмæ мæ дзуапмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй йæхæдæг дарддæр дзуры: – Уый хорз нæу, хъуамæ хъæлдзæг уай, ныхас хъуамæ кæнай, цæрдæг хъуамæ уай, кæннод, мæ фыдыстæн, исты низ дæр ссардзынæ. Мæнæ мæнмæ кæс, мæ цæргæ-цæрæнбонты æнкъард никуы уыдтæн, – ныхас кæны дарддæр иронау. – Æнкъард никуы кодтон, кæд зыбыты сидзæрæй баззадтæн, уæддæр, мæнæ дæуау, ды æмæ де ’рвадæй ноджы фыддæр фадæтты. Уæд мыл цыма 8 азы цыди, ме ’фсымæрыл та – æхсæз. Нæ фыд нын ницы бын ныууагъта. Иунæг бæх ын уыди, балцы-иу кæуыл ацыд, æмæ уый дæр уайтагъд уæйгонд фæци, йе ’взист хæцæнгæрзтæ дæр афгæ. Йæхимæ нæ акодта нæ хæстæджытæй иу, æмæ уымæ цæрын байдыдтам, фæлæ мах адæмы æхсæн сидзæрæн цæй цард ис! Фæсдуæртты фæрахау-бахау кодтон, баййæфтон бирæ æфхæрдтытæ, фæнадтой-иу мæ ме ’мгæрттæ, фæлæ æнкъард уæддæр никуы уыдтæн. Ме ’фхæрджытæн мæ маст бахатыныл архайдтон. Уыйфæстæ ме ’мгæртты астæу мæ зонд æмæ мæ цырддзинады фæрцы хъæлдзæгдзинæдты æмæ хъæзтыты фæсивæдимæ иумæ уыдтæн æмæ сахуыр дæн хъазын дæр æмæ кафын дæр. Нæ хъæуы зæрæдтæ бауарзтой мæн æмæ-иу мæ сæрыл хæцыдысты, исчи мæ-иу куы ’фхæрдта, уæд. Æртындæсаздзыдæй быдыры куыстмæ цæуын байдыдтон, ме ’фсымæримæ-иу уыдыстæм хуымафоны галтæрæг. Уыйфæстæ нæхæдæг кусын бауарзтам æмæ райдыдтам хицæнæй цæрын æмæ кусын. Фæлæ куысты ме ’фсымæры не ’ййæфтон. Уырысмæ мæ бакусын фæндыди, æмæ, æцæгдзинадæй, куыстон сæм дзæбæх, фæзминагæй, фæлæ хуыцауы нæ фæндыди æмæ ныл ацы æлгъысты низ æруагъта, æмæ ныр, 30-аздзыдæй, лæгæн нал бæззын. Фæлæ уæддæр хъаст кæнын мæ бон нæу. Хуыцауæй разы, ме ’фсымæр куыстуарзон кæй у, уымæ гæсгæ цæрæм æнæхъуагæй. Æмæ цæмæ гæсгæ ахæм хорз кусаг ссис уый? Уымæн æмæ мæнау джигитдзинадырдæм йе ’ргом нæ радта. Æмæ куыд рауадаид, уый дæр мæнау саргъы бæхыл тезгъо кæныныл куы фæцадаид, уæд? Ныр куыд цардаиккам? Мæнæ дæ фыдыфсымæр Тегойы хуызæн, уый магуса у, дзæгъæлдзу, йæ рæстæг дзæгъæл ралли-баллиты чи сафы, ахæм. Ныр æндæр рæстæг у, мæ зынаргъ Бобо, джигитдзинады замантæ фесты, аивгъуыдтой… Нæ хæцæнгæрзтæ ныууадзын афон нын у æмæ дзывыры къæдзыл ныххæцын. Дис кæнын, – дарддæр йæ ныхас кæны, – дæуæн дæ кæстæр æфсымæр цæуылнæ бамбары, фыдæлты хæзна уæй кæныны кæй ницы тæригъæд ис, уый? Цæуылнæ йæ ауæй кæны æмæ уыцы æхцатæй хъуг цæуылнæ балхæны? Уæ уаты къулыл цы пайдайæн хъуамæ лæууа, згæ йæ куыд хæра, йæ гыццыл хотæ та сыдæй куы мæлой, афтæмæй? Дис ыл кæнын! Уыцы æдылыдзинад куы ныууадзид! Мæнмæ гæсгæ, йæ ауæй бирæ зондджындæр хъуыддаг у, цалынмæ ма йæ, чи зоны, исчи æлхæны, кæнæ йæ фæстагмæ уæлæ Дауытмæ схæссæд, æмæ дзы уый сараздзæн æхсырф æмæ цæвæг, – уый уæддæр хуыздæр у, къулыл ауыгъдæй лæууыны бæсты. Ноджыдæр ма дын цы зæгъон: махмæ ма ис, йæ хъус давынмæ чи дары, ахæмтæ. Уыцы æнаккаг хъуыддаг, иннæты сæфтмæ чи тæры, уыдон нын хъуамæ уой æнæбарвæссон, лæгдзинадыл сæ хъуамæ ма нымайæм. Мах рæстæджы йæ бæхыл бадгæйæ, æд гæрзтæ хъæутыл цы джигит зилы, уый æз нымайын зианхæссæг, магусайыл, хæдзæрттыл ралли-баллийæ æрмæст иннæты чи хæры, ахæмыл…

Афтæ дзырдта Хатæхцыхъо тынг зæрдиагæй. Хаттæй-хатт-иу фелхыскъ кодта, фыдæлтæй чи баззад, уыцы джигитдзинад. Лæгдзинадæн ахæм карз аргъ кæндзæн, уый æнхъæл дзы нæ уыдтæн; æнхъæл нæ уыдтæн, ахæм цæстæнгас æм разындзæн, мах рæстæджы фервæзыны хос æрмæст куыст æмæ куыст у, зæгъгæ.

18 май. Ныр цалдæр боны обаумæ цæуын байдыдтон. Уый у нæ хъæуы форум; уым дзурынмондаг зæрæдтæй цы нæ хабæрттæ æмæ æмбисæндтæ фехъусдзынæ; уым фехъусдзынæ, æхсæны æмæ хицæн адæймæгты хъуыддæгтæ цæуыл лыггонд æрцыдысты, уый. Афтæ арæх цæуын байдыдтон обаумæ, æмæ мын ныр ме ’фсымæр иуцалдæр хатты загъта:

– Æдзух уырдæм цæмæн цæуыс? Худинаг дын у зæрæдтимæ дзæнгæда цæгъдын.

Æмбарын æй, ахæм уайдзæф мын цæмæн кæны, уый. Уæздæттæ сæ сæрмæ нæ хæссынц обаумæ цæуын, уымæн æмæ уырдæм «сау адæм» æмбырд кæнынц. Фæлæ æз уый хъуыды дæр нæ кæнын, ахæм æнæрвæссондзинад, æмæ уæддæр алыбон дæр обауыл мæ хъæууон æнкъард бонтæ цыбыр кæнын.

20 май. Знон обауыл зæрæдтæм хъуыстон. Фыццаг ныхас кодтой хос кæрдын райдайæны тыххæй, стæй æндæр хъуыддæгтæм рахызтысты. Ныхас кодтой хъуыраны сыгъдæгдзинады тыххæй, моллойы чингуытæм цы хосы тых ис, уый тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ ахæм, æмбисонды чингуытæ фыссы нæ сыхаг хъæуы молло Джерихан. Мосе цавæрдæр кадæг кодта Аматханы тыххæй. Уый куы фæцис, уæд мæм йе ’ргом æрбаздæхта æмæ мын афтæ зæгъы:

– Радзур-ма мын, иубон мын кæй тыххæй дзырдтай, уыцы лæджы тыххæй, куыд æй хуыдтай – Адиссе?

Грубейы сын æрбахастон æмæ сын тæлмац кæнын байдыдтон Одиссейы балцыты тыххæй. Цымыдистæ мæ алыварс æрлæууыдысты æмæ тынг зæрдиагæй хъуыстой, хаттæй-хатт-иу сæ дис кæныны уынæр нал баурæдтой, афтæмæй. Хъусджытæй иукъорд уæлдай æнувыддæрæй хъуыстой мæ тæлмацмæ. Сæ иутæ ахæм цыдæртæ раздæр дæр ма фехъуыстой. Ранæй-рæтты мæ-иу баурæдтой æмæ йыл сæхицæй æфтыдтытæ дзырдтой.

– Махмæ дæр цыма ис уыйхуызæн æмбисонд, – зæгъгæ, загъта иу лæппулæг.

– Радзур мын æй, – зæгъгæ, дзы ракуырдтон. Йæ таурæгъ, æцæг, Одиссейы балцыты хуызæн уыди. Æрмæст уыцы таурæгъы Одиссейы бæсты уыдысты æртæ хаджийы. Чабæйæ фæстæмæ куы цыдысты денджызыл, уæд сæ нау басастис, фæлæ науы састагыл уыдон фервæзыдысты, æмæ сæ денджызы уылæн афтæмæй раппæрста уæйыджы сакъадахмæ. Иуцæстон уæйыгмæ бафтыдысты, æмæ уый сæ дыууæйы бахордта, æртыккаг раирвæзтис, уæйыгæн йæ цæст скъахта, дынджыр бодзы цармы бацыдис, уæйыджы уарзон чи уыди, уый цармы, афтæмæй.

1 июнь. Хъæуы æрхæндæг кæныныл сфæлтæрдтон. Нал æлхъивы фыццагау. Обаумæ нал цæуын, афтæмæй дæр æнкъард нал кæнын. Нæ зæрæдтæ фæстаг рæстæг куыддæр хъаст кæнын байдыдтой сæ маст цардæй.

– Æмæ нæ цард циу? – ныртæккæ дзырдта иу зæронд, нæ тæвдгæнæны бадти, афтæмæй.

– Куыд цæрæм, уымæ куы ’ркæсын, уæд мæхæдæг мæхицæй фефсæрмы вæййын. Æркæс-ма нын нæ къæстæм. Цавæртæ сты? Кæркдæттæ сты, зымæг нæ уазалæй нæ ирвæзын кæнынц, сæрд та уарынтæй, гыццыл уарынтæ куы уой, уæддæр. Æдде куы тæдза, уæд нæ къæсты дæр тæдзы. Зымæг сугæй цас фесафæм! Æнæхъæн зымæг иу-сæдæ уæрдоны бæрц суг æрласæм, арт æдзухдæр судзы хæдзары астæу, фæлæ хъарм уæддæр нæ кæкы. Къухтæ хъарм сты, къæхтæ дæр, уымæн æмæ сæ фæнычы нытътъыссæм, фæлæ не рæгътæ та суазал вæййынц уæддæр. Æмæ уæдæ нæ дарæс афтæ цæмæн къуыхтæ кæны? Уымæн æмæ йæ æнæхъæн зымæг артмæ басудзæм, стæй æнæхъæн мæйгæйттæ нæ дарæс нæ раласæм не рагъæй… Нæ кæрцытæ зымæг дæр сты, сæрд дæр. Хæрдæн бæрц нæ зонæм. Дзырдæн зæгъæм, изæрæй фыр куы раргæвдон, уæд дзы райсоммæ ницы баззайдзæн: худинаг, дам, у. Хъæды дыргътæй ницы пайда кæнæм: худинаг нæм кæсы уыдон уæрдæттæй ласын æмæ сæ хорыл ивын. Æмæ цавæр у, цæмæн фæсте баззад нæ хъæу? Æппæтæй дæр мæгуырдæр цæмæн стæм? Дæ алыварс куы акæсай, уæд дзы хуызæнæн агъуыст никæмæ фендзынæ иннæ хъæутау. Æнæмæнг нæ кусджытæ махæй бирæ хуыздæр æмæ бонджындæр цæрынц… Цæй, тагъд кæнын… уардзæн, æмæ махæн дæр нæ уат тæдзгæ кæны; бамбæрзынтæ йæ хъæуы хъæмпæй иугыццылтæ, – зæгъгæ, загъта æмæ ацыди. Æцæг тынг дымгæ кæнын байдыдта. Уæртæ нæ сыхаг хæдзарæн дымгæ иннæрдæм афæлдæхта йæ хъæмпын сæр. Хæдзары хицау йæ алыварс рауай-бауай кæны; йæ фырт хæдзары сæрмæ сгæпп кодта, æмæ йæм йæ фыд мих слæвæрдта, цæмæй, йæ хæдзары сæрæй ма цы баззад, ууыл æй æрæвæра æмæ йæ фервæзын кæна, –дымгæ йæ ма ахæсса. Иннæ хæдзæртты сæртыл дæр куы иу ран, куы иннæ ран фæзындысты сæ хицæуттæ, æвæрдтой сыл михтæ, дуртæ æмæ æндæртæ, цæмæй сын сæ хъæмпын хæдзары сæртæ дымгæ ма ныппырх кодтаид, уый тыххæй. Махæн дæр нæ уаты сцоппай сты уыдоны хуызæн. Гобæттæ æристой уырындыхътæй, базтæ æмæ хъæццултæ æмæ сæ цырхынц иу ран, тæдзгæ кæм нæ кæны, уым. Мæ тæвдгæнæнмæ дæр æрбахастой тастæ, къустæ, тæбæгътæ æмæ сæ æрæвæрдтой, тæдзгæ кæм нæ кæны, уымыты, тæдзгæ та кæны алыран дæр. Æрмæст махмæ нæ тæдзы афтæ, афтæ æнхъæл дæн фидарæй, æмæ хъæуы æппæт къæсты дæр ахæм тæдзгæтæ кæй ис, уый. Чи зоны æмæ æрмæст уæртæ нæ бакомкоммæ Елмæрза нæ тæрсы, йæ уаты тæдздзæн, уымæй, уымæн æмæ йæ хæдзар дæр иннæтау хъæмпын нæу, фæлæ зæххын.

Уары. Кæцæйдæр æрбазгъордтой кæрчытæ сæ цъиутимæ æмæ удаистæй бырсынц мæ тæвдгæнæнмæ; уæртæ уасæг дæр, кæмдæр ын байрæджы ис, æмæ ныр фæтæхы, йæ бон цас у, уымæй уынджы цæхгæрмæ æмæ иу уæрдоны бын смидæг ис; уæртæ чидæр фæуайы, йæхиуыл бинаг æрæппæрста æмæ роды лæдзæджы цæфтæй йæ разæй фæтæры. Уарын хойы обауы гæмæх сæр, хъæмпытæ сæр кæны, мидæмæ бакæлы æмæ, йæ фæндагыл кæуыл сæмбæлы, уыдон ныххуылыдз кæны. Хæдзæртты зæххыты астæу фæзындысты дзæвгар цадтæ… Фæлæ хуыцауæй бузныг! Мигътæ алыгъдысты, æмæ арв ныррухс ис; хур ноджы тынгдæр сæрттывта. Хæдзæрттæй рацыдысты сæ цæрджытæ, хурмæ рахастой сæ хуылыдз цæрæнхостæ. Æмæ цас æмбийы, дарæс зæгъай, хæдзары дзаума зæгъай, нæ хъæуы! Йæ аххоста æрмæст уый мидæг ис, æмæ хæдзæртты сæргæ æвзæр æмбæрзт кæй сты, уый.

8 июнь. – Оу-у-уй!.. Байхъусут, мæнæ адæм! Дысон Хъæрæсе амард! Оу-у-уй! – Афтæ хъæр кодта сæумæцъæхæй Маци, нæ хъæуы фидиуæг, обауы сæрæй.

– Гъеуый дын афтæ, – зæгъгæ, загътон мæхинымæр, нæ фидиуæджы хъæлæсы хъæрмæ куы райхъал дæн, уæд; мæ хæстæг амарди… æмæ, æвгæйæ, базæронд, стæй ноджы рынчын уыди… Мардмæ цæуын хъæуы…

Сыстадтæн, мæхи цæхсадтон, мæ дарæс скодтон. Рацыдтæн. Уынджы лæгтæ æмæ устытæ къордгæйттæй цыдысты. Лæгтæн се ’ппæтмæ дæр уыдис даргъ лæдзджытæ. Уыдоныл æнцой фæкæнынц, уымæн æмæ сæ лæууын бирæ фæхъæуы. Фыццаг заман-иу уыцы лæдзджытæй тæнзæрдæ хæстæджытæ мардмæ бацыдысты сæ сæртæ хойгæ, туг калгæйæ, хаттæй-хатт та-иу бауадзыг сты. Устытыл уыди сæ тæккæ хуыздæр къабатæ æмæ лæгтæй иуварсгæнгæйæ цыдысты.

Нæ кæртæй куы рацыдтæн, уæд мæм æрхæццæ Хатæхцыхъо. Иннæ лæгты къордимæ баиу стæм æмæ, мард цы хæдзары уыди, уыдонмæ тагъд ныххæццæ стæм. Каурæбын лæууыдысты лæгтæ, сæ лæдзджытыл æнцой кодтой, афтæмæй, æмæ æнкъардæй зæхмæ кастысты. Мах дæр дардгомау ныллæууыдыстæм, мард цы хæдзары уыди, уымæй, æмæ, æгъдау куыд амыдта, афтæ цавддуртау æрлæууыдыстæм рæнхъæй, нæ сæртæ æнкъардæй дæлæмæ æруагътам. Молло кауы рæбын иннæ лæгтимæ лæууыди, уый хъæрæй загъта: «Фа-а-а-ми-ха!» – зæгъгæ, æмæ уым æппæт адæм дæр дуа скодтой, ома, марды удыбæсты тыххæй бакастысты хъуыраны ныхæстæ, сæ армытъæпæнтæ хæрдмæ дардтой, афтæмæй, стæй уыйфæстæ сæ къухтæй сæ цæсгæмттæ æрсæрфтой. Дуайы фæстæ мах уæддæр нæ бынæттæй не змæлыдыстæм, цалынмæ нæм марды хæстæг не ’рбахæстæг ис æмæ нын нæ загъта: «Хуыцау уын баахъаз кæнæд сымахæн дæр! Ма хъыг кæнут! Хуыцауы тæрхон уыди йæ райсын æмæ йæ айста». Уыцы ныхæстæм махæй дæр чидæртæ загъта:

– Хуыцау уын сымахæн дæр хуыздæр хорздзинæдтæ раттæд æмæ уын уæ зæрдæтæ срухс кæнæд æндæр хъæлдзæгдзинæдтæй!

Уыйфæстæ, æнæ ницы дзургæйæ, кауы рæбын цы лæгты къорд лæууыди, уыдонимæ баиу стæм. Мах фæстæ æрбацыдысты æндæр лæгты къорд, уыдон дæр ахæм æгъдау раттыны фæстæ махимæ баиу сты, æмæ афтæ дарддæр. Нæ хъæуы устытæ, æнæ ницы дзургæйæ, сæргуыбырæй-иу бацыдысты, мард цы хæдзары уыди, уырдæм, æмæ куыдтой. Хæдзарæй мæм хъуысыдысты хъарджытæ: «Уæ, мæ бон!… Мæ хур… Дæумæ куы кæсынц дæ уазджытæ, фæлæ ды та куы ницы дзурыс… Дæ бинонтæ сидзæрæй куы баззадысты… Дæ сывæллæттæ цы кæндзысты, уæ, мæ бон!» Уыцы ныхæсты фæстæ-иу хъуысыдис æмыр куыд. Мардмæ цыдысты æнæбанцайгæйæ. Æндæр хъæутæй дæр дзы уыдис, сæ гæрзифтонгмæ гæсгæ. Уыдонæн, æвæццæгæн, хъæргæнæг фехъусын кодта. Æндæр хъæутæй æрцæуæг адæм уыдысты бæхтыл, хъæуы фæстæ-иу æрхызтысты сæ бæхтæй æмæ уырдыгæй марды хæдзармæ фистæгæй цыдысты, уымæн æмæ, мард цы хæдзары уа, уырдæм бæхыл æрбацæуын худинаг у. Цæцæны хъæуæй кæй æрбахуыдтой, уыцы молло уæрдоны кæсы хъуыраны, хъуыран та уыд базыл æвæрд. Дыууадæс сахаты ссис. Уæртæ йын цырт æрбаластой, ома: цыртдзæвæн. Лæгтæ донмæ цæуынц авдæз скæнынмæ, сæ къухтæ, къæхтæ, хъустæ, дзыхтæ æмæ сæ фындзтæ æхсынц раздæр… Хур æмбисбоны тæвд тынтæй æнæхатырæй судзы, мах та уæддæр лæууæм æнæ ницы дзургæйæ. Иутæ æрбацæуынц мардмæ, иннæтæ ацæуынц. Мæнæ ныр æрбахæстæг сты фараст усы. Уыдон нæ сыхаг хъæуæй мæрддзыгой сты; уæрдон сæ фæдыл цæуы дардгомау. Сабыргай размæ цæуынц, сæ сæртæ æнкъардæй æруагътой, афтæмæй; сæ цæсгæмттæ се ’ппæтæн дæр æмбæрзт сты кæлмæрзæнтæй, æвæццæгæн, лæгтæй æфсæрмы кæнынц, уыдон та сæм кæсгæ дæр нæ кæнынц, сæ бынæтты цавддуртау лæууынц. Устытæй алкæмæн дæр йæ роныл къухты кæлмæрзæн. Мæрддзыгойы чи цæуы, уыцы усмæ хъуамæ ахæм кæлмæрзæн æнæмæнг уа. Мæнæ кулдуарæй дардгомау ныллæууыдысты æмæ дыууæ рæнхъы æрлæууыдысты, хистæртæ – раззаг, кæстæртæ та – дыккаг рæнхъы. Размæ рацыдис иу зæронд ус, цыбыр сырх куырæт ыл (лæгтæ нæм даргъ куырæттæ дарынц, устытæ та – цыбыр). Йæ сæрæй йæ кæлмæрзæн йæ уæхсчытæм æруагъта, азтæй хистæр чи уыд, ахæм иукъорд усы дæр ма афтæ бакодтой, стæй се ’ппæт сæ дыстæ бафистæг кодтой (уыдон æппæт æнæ иу хъыппсыпп скæнгæйæ кæуынц) æмæ размæ цæуынц, сæ санчъехтæ бæрæг дæр не сты, афтæмæй. Зæронд ус хъарæг кæнын байдайы.

29 июнь. Изæрырдæм мæ рудзынджы цур бадтæн æмæ чиныджы кастæн. Нæ хъæуы хицау Гуыргъохъ мæм æрбацыди æмæ мын афтæ зæгъы:

– Хуыцауы хатыр бакæн, де ’ппæт мæрдты хатыр дæр, æмæ нын иу хъуыддаджы феххуыс кæн. Окруджы хицау горæтæй къулер æрæрвыста ивары æхцатæ æрæмбырд кæнынмæ. Кæмæй цас цæуы ивар, уый чиныджы фыст у, фæлæ нæ хъæуы писыр фæрынчын, къулер та чиныджы нæ зоны, æмæ дæм ахæм æфсæрмдзинад разынæд – немæ рацу æмæ чиныджы кæс, ивар чи хъуамæ бафида, цас æмæ цæуыл, уыдæттæ.

Кæстæрдзинад бакæнынмæ сразы дæн. Радта мæм иваргæндты даргъ номхыгъд, æмæ йемæ рараст дæн йæ уазæгдонмæ; уым уыди къулер Гаги, ивартæ æрæмбырд кæнынмæ бæрнджын чи уыди, уый. Уым уыдысты нæ иннæ хъæуыхицау Афæхъо дæр, фидиуæг Маци дæр, уымæн æдзухдæр ахæм хъуыддæгты æнæ уæвæн нæй.

– Цом, æмбырд кæнын райдайæм хъæуысæрæй, – загъта Гуыргъохъ. Мах дæр фондзæй араст стæм. Хъæуысæр царди иваргæндтæй сæ иу – Бимболат. Йæ кулдуармæ йын балæууыдыстæм. Гуыргъохъ бадзырдта, æмæ нæм ныллæг къæсæй рацыди зæронд къæсхуыр лæг, уый уыди Бимболат йæхæдæг. Уе ’хсæв хорз нын загъта, стæй фæрсы Гуыргъохъы, цы уæ хъæуы, зæгъгæ.

– Фондз сомы ивар дарыс, – загъта йын Гуыргъохъ, – дæ бæх кæйдæр хосгæрсты кæй хызтис, уый тыххæй.

Бимболат уыцы хабарыл цыма тынг фæдис кодта, уыйау фæци, йæхи срæстытæ кæнын архайдта, фæлæ сæмхæццæ сты йæ ныхæстæ. Гаги йæм хъусгæ дæр нæ кодта æмæ дзы бацагуырдта, ивары æхца куыд бафида, афтæ. Бимболат загъта, æхца йæм нæй, стæй сæ кæм ссара, уый дæр ын кæй нæй, зæгъгæ.

– Уæдæ дæм фос ис, æмæ дын дæ хъуг кæнæ дæ гал ратæлæт кæндзыстæм, цы дæм ис уыдонæй; фондз сомы куы ссарай, уæд та йæ фæстæмæ æрбакæндзынæ.

Йæ цæстытæ доны разылдысты, афтæмæй загъта Бимболат:

– Мæнмæ æрмæст дыууæ галы ис, æмæ ма цы кæндзынæн, уыдонæй иу куы ратæлæт кæнат, уæд? Суг цæмæй æрласон, уый дæр мæм нал уыдзæн!

Гаги йæм уæддæр не ’рыхъуыста:

– Цы гæнæн ис, – загъта фæстагмæ Бимболат, йæ лæгъстæтæй ницы уайы, уый куы федта, уæд, – кæд афтæ у, уæд акæнут мæ галтæй иу, – зæгъгæ, æмæ йæ къухæй бацамыдта йæ хъомдон.

Æцæгдзинадæй, йæ хъомдоны уыди дыууæ галы. Маци Гуыргъохъы дзырдмæ гæсгæ иуы ратардта галтæй.

– Гъе, гъе, гъе, æмæ ацы гал фондз сомы аргъ дæр куынæ у, – хъæрæй загъта Гаги, галы хæстæгмæ куы федта, уæд; æмæ уыимæ галы басхуыста йæ лæдзæгæй: гал фырмæллæгæй йæ къæхтыл тыххæй лæууыди, гыццыл ма йæ бахъуыди афæлдæхынмæ.

– Цæй, гæнæн нæй, ауыл уæддæр нæ хъуыддаг фæуæм, – ныхас кæны Гаги дарддæр, йæ сæр тилы, афтæмæй.

Рацыдыстæм. Маци йæ геркулесон къоболайæ дыууæ хатты æрцыди Бимболаты мæллæг галы фæрстыл, æмæ гал дæр йæ къахайст фæцырддæр кодта, Бимболат ма иугыццыл алæууыди, стæй æнкъардæй махырдæм йæ къухтæ ауыгъта æмæ сындæг санчъехтæй йæ хæдзармæ бараст ис, чысыл раздæр хъæлдзæгæй кæцæй рагæпп кодта, уырдæм.

– Мæнæ уын ай та Гутъи, – загъта Афæхъо æмæ бацамыдта иу кæрт. Бацыдыстæм æм. Мæ цæстæнгас æрхастон кæртыл æмæ дзы æрмæст мæгуырдзинадæй æндæр ницы федтон. Кæрты астæу лæууыди гыццыл кауын къæс, æлыгæй сæрст, йæ сæр та хъæмпæй æмбæрзты бæсты, иннæ хæдзæрттæн куыд у, уый бæсты – фаджысæй сæрст. Уыцы гыццыл къæсыл æмхæст уыдис гыццыл кæркдон, æмæ дзы тарст карчы хъуыдатт хъуыстис; дарддæр лæууыдысты уæрдоны састдзæгтæ. Мах бацыдмæ хæдзары цур хуыссыди хъуынджын, бирæгъы хуызæн чи уыди, ахæм куыдз; рагæпп нæм кодта тыхджын рæйдимæ. Хæдзарæй рацыди Гутъи, нæ хъæуы хъомгæс.

– Уе ’зæр хорз, – зæгъгæ, нын загъта. Гутъийыл уыди бур хуынчъытæ нымæт; уый бынæй та зындысты бызгъуыртæ; бæгъæввад дæр уыди Гутъи. Йæ хæбузджын фæлурс цæсгомыл ын æз ницы раиртæстон, фефсæрмыйæ уæлдай.

– Амондджын у! – зæгъгæ йын зæгътам мах дæр йæ цины саламæн.

– Стъраф дарыс, – зæгъгæ, йæм дзуры Гуыргъохъ. (Номхыгъды æцæгдзинадæй уый ном дæр уыди стърафгæндты ’хсæн: стърафгонд æрцыдис йæ дæрзæгдзинадмæ гæсгæ).

Уый куы фехъуыста, уæд, мæгуыр, Гутъи, куыд лæууыди, афтæмæй сагъдæй баззади, цыма йыл уазал доны ведра бакалдæуыд, уыйау. Йæ гыццыл цæстытæ ныууæрæх сты, йæ хæбузджын цæсгом æваст ныффæлурс цикъæйау, йæ гыццыл бур рихи дæр ма цыма æндæрхуызон фæци Гуыргьохъы ныхæстæй, афтæ мæм фæкаст.

– Уый та куыд? Цæй тыххæй? – зæгъгæ, æрмæст гъеуый йæ бон уыди зæгъын, æнæдзургæйæ иудзæвгар рæстæг фæлæууыны фæстæ. Номхыгъды фыст уыди, Мухаммедимæ, дам, тынг фæхыл ис, æмæ йæ уый тыххæй æртæ сомæй фæивар кодтой. Йæхи рæстытæ кæныныл архайдта, фæлæ уый дæр Бимболатау йæ ныхæстæ сæмхæццæ кодта. Гаги уый ныхæстæ дæр ницæмæ дардта.

– Ахæм бар мæм нæй, æмæ дын дæхи рæстытæгæнæн ныхæстæм хъусон, — зæгъгæ, загъта Гаги, – æз дæн горæтæй æрвыст, хицæуттæй æмæ æрмæст уыдоны дзырдтæ æххæст кæнын.

– Æмæ уыйас æхца æз кæцæй æрхæссон?.. Мæнмæ уыйбæрц уæвгæ дæр никуы уыди… Мæнæн фаронæй нырмæ мæхи фæллæйтты тыххæй нæ фидынц сомырдджытæ æмæ фæйнæ еууы меркъайы. Цал хатты уын бахъаст кодтон уæхимæ! – загъта Гутъи хъæуы хъалтæн.

Хъæуы хъалтæ Гуыргъохъ æмæ Афæхъо йын æмдзыхæй загътой, ныртæккæ, дам, ууыл ныхас кæнын не ’мбæлы, фæлæ бафидын хъæуы ивар.

– Кæд дæм æхца нæй, уæд дæм, æвæццæгæн, фосæй исты ис, – загъта йын Гаги.

– Хъуг мæм бæргæ ис, фæлæ уый та мæ бинонты дарæг у. Уæртæ уыцы сабитæ цы кæндзысты, сæ дарæджы сын куы байсат, уæд? – æмæ бацамыдта хæдзары дуармæ. Уырдыгæй тарстхуызæй кастысты лæппу æмæ чызг, сæ буæрттæ æмбæрзт уыдысты бызгъуыртæй.

– Уæд та мын сымах фæтæригъæд кæнут æмæ мæ фарс фæхæцут! – зæгъгæ, йæхи бахатыдта хъæуыхицæуттæм, йæ худ дæр систа йæ сæрæй æмæ сын акуывта, афтæмæй.

– Махæн нæ бон ницы… Мах хицæутты дзырд æххæст кæнæм, – зæгъгæ, загътой хъæуыхицæуттæ, сæ иу къах иннæмæй ивгæйæ, ныджджих сты, афтæмæй.

– Кæд афтæ у, – зæгъгæ, загъта Гутъи, – уæд æй уæртæ акæнут! – æмæ амоны хъугмæ, уый та уыди кæвдæсыл баст. Хъуджы цур лæууыди иу ус, йæ къухы къæрта, афтæмæй. Ууыл дæр Гутъи æмæ йæ сывæллæттау ахæм мæгуыр дарæс, уый, æвæццæгæн, йæ ус уыди, æмæ дыгъта хъуджы. Уыцырдæм не ’ргом куы баздæхтам, уæд ус йæ сæр æргуыбыр кодта, афтæмæй бараст ис хæдзармæ.

Маци Гагийы дзырдмæ гæсгæ хъуджы райхæлдта æмæ йæ Бимболаты галимæ баиу кодта.

– Хæрзæхсæв у, – зæгъгæ, йын загътой Гаги æмæ хъæуыхицæуттæ Гутъийæн.

– Æз кæй фенон, æндæр хуыздæр æхсæв ма фенут, зæгъгæ, уын мæ зæрдæ нæ зæгъы, – дзуапп радта Гутъи, йе ’ргом æрдæг фæзылди, афтæмæй.

Мах дæр рацыдыстæм.

Бынтон æрталынг. Кæцæйдæр фæзындис мигъ æмæ лыстæг къæвда, цыма фæззæг уыди, уыйау лыстæг сасирау луары. Ницы дзырдтам, афтæмæй цыдыстæм. Маци разæй нæмгæ тæры гал æмæ хъуджы йæ дынджыр лæдзæгæй, æлгъиты стурты.

– О-гъо-гъо-гъо! – дæ хицауы хистæн бахъæу, – зæгъгæ, Бибомæ дæр бацыдыстæм æмæ йын тыххæй йæ гал ратардтам æртæ сомы тыххæй, кæд æртхъирæнтæ кодта, мæ гал мын хъомдонæй чи ратæра, уый амардзынæн, зæгъгæ, уæддæр. Хъæуыхицæуттæ йæ тыххæй-фыдтæй басабыр кодтой, æмæ сын фæстагмæ йæхæдæг загъта:

– Цæй, фод! Сымах хатырæй мæ уæныг дæттын!

Иу-дыууæ-æртæ хæдзармæ дæр ма бацыдыстæм, æмæ æхца никæмæ разындис Сагейы йеддæмæ. Сагейæ байстой фондз сомы æлгъитыны тыххæй. Фæлæ Сагейæн уыцы фондз сомы куыд зын ссарæн уыдысты, уый зонын.

Цыппар боны йыл цæуы, уæд мæхи найыимæ донмæ рацыдтæн; доны былыл чидæр зæхх къахта; бацыдтæн æм æмæ дын – уый та Саге. Айдагъ хæдон æмæ хæлафы, бæгъæввадæй куыста, йæ сæрыл та – нымæтхуд. Къахта, куыд æй федтон, уымæ гæсгæ, къанау.

– Цæмæн къахыс ацы къанау? — зæгъгæ, йæ бафарстон.

– Хъаз-Мæхæмæт далæ уым куырой аразы æмæ йæм дон рауадзын хъæуы, – зæгъгæ, загъта, йæ рагъ сраст кодта æмæ, йæ цæсгомæй цы сау хид калди нымæтхуды бынæй, уый асæрфта. Хъаз-Мæхæмæт ын куыд бацамыдта, уымæ гæсгæ уый хъуамæ скъаха 150 санчъехы, йæ фæндагыл фæци обауы иу фарс дæр.

– Бонсауизæрмæ кусын, – зæгъгæ, загъта уый, – æмæ йын къуыри æмæ æрдæгмæ фæдæн æрмæст йе ’ртыккаг хай.

– Æмæ дын фидгæ та цы кæны? – бафарстон æй æз.

– Авд сомы, цы бачындæуа! Дзæгъæл бадты бæсты кусын хуыздæр , – зæгъгæ, загъта.

Гъемæ ныр уыцы Саге йæ авд сомæй æнæ исты зæгъгæйæ радта 5 сомы æлгъитыны тыххæй. Йе ’нæфенгæ стыр фæллой фесæфт!

Тæлæтгонд стурты бакодтой Гуыргъохъы хъомдоны, æмæ уым джиудтой æртæ боны дæргъы. Æртæ боны æмгъуыдмæ иваргæндтæй æхца чи нæ æрхæсса, уыдонæн уæд се стуртæ сæхи нал уыдзысты. Фæлæ раздæр дæр зонын, æхца сæ кæй ничи æрхæсдзæн æмæ се стуртæ Дзæуджыхъæумæ уæймæ тард кæй æрцæудзысты, уый.

2 июль.

– Уый та циу? – зæгъгæ, фæрсын знон Хатæхцыхъойы, нæ сыхаг кæртмæ амонын, афтæмæй. – Ныр дыккаг бон кæрты цавæрдæр змæлд цæуы.

– Уый Бибо хист кæны, – зæгъгæ, загъта Хатæхцыхъо, – фарон йæ мад амарди… Уыцы хистытæй йын, мæгуырæг, йæ хæдзар сæфтмæ æртардтой! Ныр æртыккаг хист кæны æмæ алыхатт хъуамæ æргæвда дыууæ галы, нæл фыстæ æмæ уæрыччытæ та нымады дæр не сты. Зонгæтæ æмæ хæстæджытæн арфæ кæнын хъæуы, уымæн æмæ уыдон æм ахæм сахат фæкæсынц, æндæра бынтон фесæфтаид… ныр дæр сæфт у, фæлæ… Мæнæ гьеныр ын ацы хист дæр цас хъизæмар радта, мæгуырæгæн: фаг æм нæ уыди еуу дæр ма, кæрдзын цæмæй скодтаид, æмæ мæгуыргурау куырдта кæм мæнæй, кæм иннæмæй, кæм та аннæмæй. Хист куы нæ скæна, уæд та йын, дæхæдæг æй зоныс, тæккæ ахъаззагдæр худинаг… Махмæ хист чи не скодта, нæ йæм уыди, æви æндæр истæй аххосæй уа, уæддæр сын адæмы рæгъмæ рацæуæн нал ис. Дæ мæрдтæ сыдæй мæлынц æмæ сæм хæрын цæуы, зæгъгæ, йæ æфхæрын байдайынц. Æвзæр хист куы скæнай, æгас хъæу фырхæрд æмæ фырнозтæй тъæпп кæм нæ фæуой, ахæм, уæд та, хицау чъынды у, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ алчидæр архайы, цæмæй ма фæхудинаг уа, ууыл, æмæ йæ фæстаг къæбæры муры онг сæфтмæ æрцæуы, йæхи бынтон лæмæрст ныккæны, йæ сыдæймард хъæуккæгты цæмæй бафсада æмæ дзы æвзæр адæймаджы кой цæмæй ма райхъуыса, уый тыххæй. Акæс-ма, уый ныр цас схардз кодта, уымæ: дыууæ галы, иу ын дзы балæвар кодта йе ’ввахс хæстæджытæй иу, 10 нæл фысы, 3 уæрыччы, арахъхъ уа, бæгæны уа,— уыдон се ’ппæт истæй аргъ сты мах хуызæн мæгуырæн. Æмæ уæд кæрдзынтæ цас скодта, уæлибæхтæ, кас цас сфыцын кодта? Æмæ утæппæт райсом хæрды фæуыдзысты. Зæрæдтæ ныр къуыри раздæр сæхи цæттæ кæнынц хистмæ, æмæ цыма, афтæ æвиппайды вæййы, афтæ ныр цал хатты бауадысты Бибойы кæртмæ æмæ йын йæ арахъхъæй анызтой, федтой йæ, хорз у, зæгъгæ.

– Æмæ райсом ды дæр хисты уыдзынæ? – зæгъгæ, йæ бафарстон.

– Ай-гъай, уыдзынæн! Æнæ ацæугæ нæй, сæ зæрдæ фæхуддзæн, зæгъдзысты: нæ ныл æрвæссы, зæгъгæ. Дæу дæр куы хоной, уæд ды дæр хъуамæ дæхи ма раздахай, – зæгъгæ, фæци йæ ныхас.

Бибойы кæртмæ кастæн, йæ кæрты астæу иу-цалдæр арты скодтой; фысы фыд сæ фыхтой. Лæппутæ – ахæм хъуыддаджы æнæмæнг чи вæййы – агты алыварс æрлæууыдысты. Лæппутæй иу артмæ бады æмæ цæхæрыл физонæг кæны иу фыды мурæй, уæхстыл æй бакодта, афтæмæй; иннæ та артыл сугтæ æвæры. Фæлæ мæнæ иу агæй зынынц фыды хæйттæ; лæппутæй иуæн йæ зæрдæ фехсайдта уыдонмæ æмæ сæм йæ къух бадаргъ кодта, фæлæ, агтæ кæй æвджид сты, уый хъæлæсыдзаг стыр хъæр фæцыди:

– Ды ам, куыдзы фырт, дæ чъизи къухтæй агтæм цы лæсыс?! Тагъд уе ’ппæт дæр уæхи айсут, кæннод уын уæ хърихъупп зæнгтæ ныммур кæндзынæн, – зæгъгæ, сыл хъæр кæны æмæ агуры исты ахæм, цæмæй йæ фæнд сæххæст кæна, уый тыххæй. Фæлæ лæппутæ уымæ нæ кæсынц, цалынмæ уый исты ссара, зæгъгæ, фæхæлиу вæййынц фæйнæрдæм, ахæм раны куыд тагъд-тагъд фæкæнынц, афтæмæй, тæхгæ цъиуты балау. Физонæг чи кодта цæхæрыл, уый дæр йæ хъуыддаг фæуагъта æмæ йæ сæр фервæзыныл фæци. Агкæл сæ æлгъиты алыхуызон æвзагæй: цæхæрæй систа фыды мур æмæ йæ, чи фыхта, уыцы лæппуйы фæдыл ныззыввытт кодта, дæ хъуыры нынныхсæд, зæгъгæ, ма йын раарфæ кодта йæхицæй. Фыд кæй уыди, уый цингæнгæйæ фыды мур систа, асыгъдæджытæ йæ кодта æмæ йæ стыр мондаджы хæрд кæнын байдыдта.

– Мæнæн дæр-ма æри, Дзодзи, – дзуры йæм иннæ лæппу, – ныр ды æртыккаг хай хæрыс, мæн та иу дæр нæма фæци.

— Æмæ мæн та цы хъуыддаг ис? – зæгъгæ, йын загъта уый дæр, йæхæдæг æрдæгфых фысы фыд цыбæлæй йæ дæндæгтæй тоны: – мæнæн дæр мæ къухы лæвар нæ бафтыдысты: æз уый тыххæй нæл фысæн йæ къæхтыл хæцыдтæн, йæ царм ын куы стыгътой, уæд; уый тыххæй мын радтой физонæггаг. Айразмæ цы хай бахордтон, уый та Беслæнæй радавтон.

Афтæ ныхас кодтой каурæбын, иннæ лæппутæ та уæд каумæ схызтысты: се ’ппæт дæр уыдысты хæдæтты, сæ иуæй-иутыл æппындæр ницы уыди, тындтытæ æмæ скъуыдтæ, сæ сæртыл дæр ницы, иудзырдæй, хæдмæл кæрчытæ кæй хонынц, ахæмтæ.

– Фæлæуут-ма, æз уæ фенон, – зæгъгæ, нæры Маци. – Кæсут-ма, каутæ куыд сæттынц.

Ахæм хистытæ æмæ куывдты рæстæг Маци вæййы хъæуы лæппуты æнæхатыр знаг. Ахæм рæтты æгъдауыл æнувыд куыд у, уымæ гæсгæ алыхуызы æфхæры лæппуты, уыцы æгъдау æдзух чи халы, уыдон. Лæппутæ сты стыр цыбæл æмæ сын фадат куы вæййы, уæд æнæ раскъæфгæ нæ фæуыдзысты уæлибæх йе та фыды хай. Уарийау ыл сæхи цырд ныццæвынц æмæ алидзынц се ’нусон фæдисоны цæстыты разæй Мацийæ, æмæ кæй раскъæфынц, уый искуы мусы фæстæ бахæрынц.

3 июль. Абон Хатæхцыхъо мæ рудзынджы размæ бадти æмæ мын Мæргъуылцы кадæг кодта, æз та йæ фыстон мæ чиныджы. Кадæгæн йе ’мбис дæр фыст нæма фæдæн, афтæ Маци обауы сæрæй йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта:

– Оу-у-уй! Байхъусут! Абон æмбырдмæ Бибойы дуармæ хæдзарæн лæг æмæ лæппу рацæуæд, оу-у-уй, нæ фехъуыстон мачи зæгъæд!

– Гъæ, хуыцауы ард баййафа, – зæгъгæ, загъта Хатæхцыхъо, кадæгæн йæ тæккæ диссагдæр ранмæ куы бахæццæ ис, уæд. Æмæ, æцæг, Мацийæн диссаджы хъæргæнаг хъæлæс ис. Обауы сæрмæ схизæд æмæ ныхъхъæр кæнæд – æндæр ницы хъæуы, уымæн æмæ йын хъæуысæрæй хъæуыдымæгмæ алчидæр фехъусдзæн йæ хъæр.

Æмæ куыд диссаг уыди, хъæуыхицæуттæ йæ фыццаг хатт фидиуæджы бынатмæ куы æвзæрстой, уæд. Хъуыды йæ кæнын, куыд уыди, уый. Мæзджыты цурмæ æрæмбырд сты хъæууон хицауад, хъæуыхицау сæ сæргъы, афтæмæй. Хъæуыхицæуттæ ныхас кæнын байдыдтой, нæ хъæуы, дам, хорз фидиуæг нæй, зæгъгæ, Гудзи, дам, нал бæззы, æмæ йæ аивын хъæуы, зæгъгæ.

– Æмæ мæнæ Маци цæмæй нæу фидиуæг, – загъта чидæр. Фæдзырдтой Мацимæ, бæзæрхыг, фæтæнриу, æмæ йæ æвзарæгау ныхъхъæр кæнын кодтой: майрæмбоны, дам, чи куса, уымæй сомы ивар, зæгъгæ.

Маци йæхи ньстыртæ кодта, афтæмæй уæрдонмæ схызтис, уæрдон дæр уым хæстæг лæууыди, æмæ куыддæр ныхъхъæр кодта:

– Оу-у-уй! Байхъусут! – зæгъгæ, афтæ æппæт адæм дæр, уым чи уыди, уыдон сæ къухтæ тилыныл фесты.

– Æгъгъæд у! Æгъгъæд у! Хуыцауы ард дыл фæцæуа! Бакъуырма нæ кодта бынтон! Гъе уый хъæлæс у! Бæззыс, Маци, бæззыс. Маци ахæм стауыны ныхæстæ куы фехъуыста, уæд ын тынг æхсызгон уыди, æмæ ораторæн йæ ныхас адæмы зæрдæмæ куы бацæуы, æмæ уæд уый трибунæйæ куыд рахизы, афтæ Маци дæр уæрдонæй рахызтис, йæхи ноджы тынгдæр ныстыртæ кодта, афтæмæй йæ адæм хъæрæй алырдыгæй стыдтой, арфæтæ йын кодтой… Куыддæр Маци ныхъхъæр кодта, афтæ мын Хатæхцыхъо зæгъы:

– Цæуын хъæуы… Тагъд хонджытæ дæр зындзысты…

Æцæг, нæ кæртмæ нæм иу лæппу хонæг æрбацыди æмæ нæ Бибойы номæй хистмæ хуыдта. Хатæхцыхъо куыд загъта, уымæ гæсгæ худинаг у нæ ацæуын æмæ иумæ рараст стæм Бибойы кæртмæ. Уынджы нæ разæй дæр, нæ фæстæ дæр адæм уыцы иу змæлд кодтой, лæгтæ къордгæйттæй цыдысты æмæ хъæрæй ныхас кодтой. Сæ фылдæртæн семæ уыдис сывæллæттæ дæр: кæмæн йемæ гыццыл лæппу, кæмæн та гыццыл чызг.

Дард цæуын нæ нæ хъуыди. Нæ разæй цыдысты дыууæ зæронд лæджы æмæ ахæм ныхас кодтой:

– Ехх, фыццаг замантæ нал сты, – зæгъгæ, загъта сæ иу, – фыццаг-иу хистытæ уыдысты ахæм бæркадимæ, æмæ-иу æгас хъæу фырхæрд фесты, ныр та цы: аргæвдынц иу гал, дыууæ-æртæ нæл фысы – æмæ дын æгъгъæд. Уæд æргæвстой фæйнæ 5-10 галы, фæйнæ 40 нæл фысы, фæйнæ 80 цæджджинаджы-иу бæгæны бахсыстой,

– Раст зæгъыс, Маци, – зæгъгæ, загъта иннæ зæронд лæг, йæ лулæ дымы, афтæмæй.

– Хъусыс? – зæгъгæ, мын загъта сабырæй Хатæхцыхъо, – уыдон нæма æмбарынц, цавæр хистытæ сты, уый, уыдон бæркад кæй хонынц, уый нæ сæфтмæ кæй æртардта, уый.

– Мæнæ ардæм, ардæм, – зæгъгæ, загъта хæдзары хицауы фырт, каурæбын зæрæдтæ даргъ рæнхъæй кæм æрбадтысты, уырдæм куы бахæстæг стæм, уæд. Зæрæдтæ бадтысты куыдхистæрæй. Æз æмæ Хатæхцыхъо дæр ацыдыстæм хæдзары хицауы фырты фæдыл, сбадын нæ кодта зæрæдтимæ, раст куы зæгъон, уæд мын кæд зæрæдтимæ бадын не ’мбæлди, уæддæр; фæлæ нырма уазæгыл нымад уыдтæн, уазæгæн та ахæм ран вæййы хатыр. Нæ размæ лæууыдысты стуры æмæ фысы фыды æнæхъæн хæхтæ, семæ хъамайæ архайдта Данел, къустæ æмæ тæбæгътæ ирон цæлгæнæны алыхуызон цæттæгæндтимæ-иу æрæвæрдтой нæууыл. Æртæ цæхгæры цур лæууыдысты дзагдартæ, æвдисæн уыдысты, нозтæй хъаджджын кæй нæ уыдысты, уый. Зæрæдтæ хъæрæй ныхас кодтой, нозт æмæ фысы фыдмæ æнхъæлмæ кастысты, афтæмæй. Æрæджиау дыууæ-æртæ лæппулæджы сын сæххæст кодтой, цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый: даргъ фынгтыл зæрæдты цур æвæрын байдыдтой фысы æмæ стуры фыд: иннæ æртæ-цыппар уырдыгыстæджы цайдантæ, агуывзæтæ, къустæ райстой æмæ арахъхъ, бæгæны, бырæгъ уарын байдыдтой… Æмæ дзаг кæнын байдыдтой æххормаг гуыбынтæ. Алырдыгæй æрмæст хъуысы: «Йæ бынтæй йæ аназ, дæ хорзæхæй!.. Дæ  мæрдты тыххæй… Мæ бон нæу! Хуыцауыстæн, мæ бон нæу: мæ хъуыры нал хизы». Иу лæппу, уырдыгыстæг, мæнмæ дæр ныттæссар ис, бырæгъ æмæ арахъхъ æмхæццæйæ куыд баназон, уый дæр æнæхъæн къус. Хатæхцыхъойы фæрцы фервæзтæн, кæннод уыцы лæппу ахæм хивæнд уыди, æмæ мын къус мæ сæрыл уадзынмæ хъавыд. Хист куы фæци, уæд хæлиу кæнын байдыдтой. Лæппутæ æмæ чызджытæ хастой даргъ лæдзджытæ, фыды хæйттæ æмæ уæлибæхты хæйттæ кæуыл тъыст уыди, ахæмтæ, уыцы хæйттæ та сын балæвар кодтой сæ фыдæлтæ кæнæ сæ хæстæджытæ; сæ иуæй-иутæ дзой-дзой кодтой æмæ æнæбаст ныхæстæ кодтой: сæ фæлмæнзæрдæ фыдæлтæ сын баназын кодтой. Хæдзары хицауæн ныууагътой æрмæст афтид дзауматæ æмæ кæртыл пырхгонд стджытæ, уыдонмæ та хъæуы куыйтæ дæсгæйттæ æрбалæууыдысты æмæ сæ кæрæдзийы хъуынхъис хæрынц уыдоны тыххæй.

Гъе, афтæ бахæрын æмæ баназын кодта Бибо æгас хъæуæн фырхæрд æмæ фырнозты онг; фæлæ бафæрсæм, ацы æхсæв та ма йæхæдæг цы хæрдзæн? Уый æххормаг æййафдзæн, æййафгæ дæр кæны иу кæнæ дыууæ æхсæвы нæ, афтæмæй та йæ хъæуккæгтæ йæ хисты уæлдæйттæй сæхи хæсдзысты æнæхъæн къуыри.

1 август. Знон Джызæлы хъæуæй æрыздæхтæн, мæ хъанхæстæг зæрæдтæй. Æмæ мæгуыр зæрæдтæ мæ бацыдыл куыд цин кодтой, куыд мæ сбуц кодтаиккой, уый нал зыдтой. Мæ хъанфыд, зæронд Смайли, мæ бацыды тыххæй кæцæйдæр иу уæрыкк самал кодта æмæ йæ аргæвста. Зæронд Доййон уæлибæхтæ скодта, йæ къæбицæй рахаста рагæй æвæрд арахъхъы авг æмæ афтæмæй куывд сарæзта, сæ дыууæ сыхаджы дæр ма æрхуыдтой. Куы сцæттæ сты, æмæ уазджытæ лæгтырдыгæй куы сбадтысты куыдхистæрæй, тæккæ хистæры бынаты Смайли йæхæдæг, афтæмæй, уæд йæ иу къухы райста уæлибæх æмæ физонæджы иу хуын, йе ’ннæ къухы та райста арахъхъы агуывзæ, йæ бынатæй сыстад, йæ худ систа, иннæтæ дæр афтæ, æмæ кувын байдыдта: «Хуыцау, дæумæ æнхъæлмæ кæсæм! Ахъаз нын бакæн…» Бирæ фæкуывта, йæ алы ныхасы фæстæ дæр, уым чи уыд, уыдон æппæтæй дæр дзырдтой: «Оммен, оммен», зæгъгæ. Фæстагмæ йæ куывд фæци ахæм ныхæстæй: «Ныр, хуыцау, ацы куывд кæй номыл у, уымæн ратт инæлалы амонд, паддзахы хорзæх ссарæд æмæ инæлар куы суа, уæд йæхионты куыд нæ рох кæна æмæ сын æххуыс куыд кæна!».

– Оммен, оммен, – зæгъгæ, дзырдтой æртæ-цыппар лæппуйы, исты нæ фæуа, уый тыххæй хæдзармæ чи æрбауад, ахæмтæ.

– Ацаход, – зæгъгæ, мæм дзуры Смайли, куывд куы фæци, уæд. æмæ мæм æрбадаргъ кодта йæ къух. Ацаход, зæгъгæ, циу, уый зыдтон. Ома, бацæуын æмæ райсын хъуыди уæлибæх æмæ физонæджы хай, иугыццыл сæ ратонын дæндæгтæй, агуывзæйæ та иу хъуыртт скæнын æмæ йæ раттын хъуыд, кæмæн мæ бафæндыдаид, уымæн: уый уыди æрмæст мæхи бар. Æз дæр агуывзæ бахастон Доййонмæ, уымæн æй саккаг кодтон. Уый дæр æй райста, дзуццæджы æрбадти, иугыццыл дзы анызта мæ цæрæнбоны тыххæй æмæ мæм æй фæстæмæ радта, æз дæр æй уырдыгыстæгмæ радтон, уый дæр æй байдзаг кодта, радта йæ Смайлимæ, хистæр куыд уыди, уымæ гæсгæ, æмæ уыйфæстæ нозт байгом ис хистæргай. Нæ размæ лæууыди гыццыл тымбыл фынг, кæй аргæвстой, уыцы уæрыччы фыдтæй æмæ уæлибæхтæй дзаг…

Дыккаг бон нæ хъан-æфсымæримæ, Джызæлы чи уыди мæ зонгæтæй, уыдоныл зилын байдыдтон. Джызæлы уынгты куы фæцæйцыдтæн, уæд дис кодтон, хъæуы цы ивдтытæ æрцыди, уыдоныл. Хъæу фендæрхуызон ис: æртæ-цыппар азы размæ куыд уыди, уымæй ницыуал баззад. Уæд хæдзæрттæ уыдысты тæригъæддаг, чъизи, ныр та – сыгъдæг æмæ æфснайд. Ис дзы тынг хорз хæдзæрттæ дæр, зæгъæм, хъæуыхицау Куытайæн, Торчынтæн, Галазтæн æмæ æндæртæн. Уынгтæ сты раст арæзт; хæдзæрттæн сæ фылдæрты рудзгуытæ арæзт сты уынгмæ. Фыццаг та афтæ нæ уыди. Джызæлы аргъуан дæр ис. Сабатизæрæй дзæнгæрæг цагътой, æмæ æз дæр аргъуанмæ бацыдтæн. Федтон дзы æрмæст дыууæ-æртæ зæронд лæджы æмæ ас лæгтæй дæр уыйбæрц, уыдонæй дыууæ балхæдтой цырæгътæ æмæ сæ сагътой нывты размæ. Иу зæронд ус, сывæллон йæ къухты, афтæмæй бырыди зæххыл, сывæллон-иу рæстæгæй-рæстæгмæ фæхъæр кодта. Ас лæгтæ мæ фарсмæ лæууыдысты æмæ сæ базонын фæндыди, обрæзтыл цы нывгонд уыди, уый, — бамбарын сын кодтон, цас зыдтон, уыйас. Дис кодтой… Зарджытæ уыдысты 4-5 скъоладзауæй, хъæууон скъолайы чи кæсы, уыдонæй. Сæ амонæг – сæ регент – уыди скъолайы ахуыргæнæг, лæппулæг, кæддæр ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы скъолайы. Скъоладзаутæ зарыдысты зæрдæмæдзæугæ хъæлæстæй ирон æвзагмæ ратæлмацгонд аргъуаны зарджытæ, гимнтæ. Аргъаугæ та кодта, Калачы дины семинары каст чи фæци, ахæм сауджын, цавæрдæр Тохъайы-фырт, хъæуы цæрджытæ тынг кæй нымадтой, ахæм. Уæлдай зæрдиагдæрæй йæм фæхъусынц хъæууон цæрджытæ, Чырыстийы зæххон цардæй исты куы фæдзуры иронау, уæд. Йæхæдæг дæр ирон у.

Смайли иннæтæм гæсгæ йæ кæрт æндæр арæзт скодта; кауы бæсты скодта фæйнæджытæй быру æмæ кулдуар. Фæлæ бинонты царды тынг зын дарæн у: мæстыгæр у æмæ арæх разы нæ вæййы йæ дзæбæх цардæй дæр. Йæ чемы куы нæ вæййы, уæд тынг карз вæййы йæ зæронд усимæ дæр. Мæгуырæг Доййон! Куыд бирæ æфхæрдтытæ баййæфтай дæ царды бонты уый дæрзæг ныхасæй! Зонын æй, дæ мойæ никуы фехъуыстай лæгъз ныхас. Ныр дæр ма мæ цæстыты раз лæууы дæ сурæт карз æфхæрдæй, мæхæдæг æй мæ сывæллоны бонты куыд федтон, афтæмæй. Нæ йæ хъуыды кæнын, кæцæйдæр æрбацыди, йæ чемы нæ уыди; фæмæсты дæм ис æмæ дын ставд лæдзæгæй де рагъ ныццавта. Мæ зæрдыл лæууы, куыд ныцъцъæхахст кодтай уыцы æнæфенгæ уæззау рисæй, уыцы хъæр ныр дæр ма мæ хъустыл уайы. Дæ цæф рагъыл фæхæцыдтæ æмæ дæ цæстысыгтæ калгæйæ хæдзары къуымы дæхи нылхъывтай, хатырдзинад куырдтай. Фæлæ дын хатырдзинад нæ уыди. Йæхи чи нал хъуыды кодта йæ фырмæстыйæ, уыцы Смайли дæ лæдзæгæй фыддæр нæмын байдыдта, æмæ уæд æз ныккуыдтон. Дæ тæригъæд уромын мæ бон нал уыди. Хъæрмæ æрызгъордтой сыхæгтæ æмæ уæ кæрæдзийæ фæхицæнтæ кодтой. Мæгуыр ирон сылгоймаг! Кæд фервæздзынæ дæ цагъары бынатæй? Тагъд уыдзæн? Кæннод нæм усгур æмæ чындздзон чызг кæрæдзийы куыд зонынц! Æгъгъæд у, иу æвдисæн куы æрхæссон, куыд баст сты сæ дыууæ дæр, уый тыххæй. Мæ хæстæг зонгæтæй иу, йæ ном Аслæнбег, ракуырдта Смайлийы чызджы. Иухатт куы уыди, уæд изæрыгон кæрты хуысгæ куыд кодтон, афтæ мæм Аслæнбег æнкъардæй æрбацыди æмæ мæ бафарста:

– Инал, дæ хъан-ныййарджытæ куыстмæ ацыдысты?

– О, — зæгъгæ, йын загътон, – æрмæст ма Смайлийы чызг, дæ куырд чызг, баззадис хæдзары. – Аслæнбег ныссырх ис æмæ ницыуал сдзырдта.

– Цом-ма сæм, уæдæ, мидæмæ, – зæгъгæ, мын загъта Аслæнбег æмæ та ноджы ныссырх ис. Сыстадтæн, нæ йæ бафарстон, мидæмæ цæуын æй цæмæн бахъуыд, уый тыххæй, уымæн æмæ æмбæрстон, – кæй ракуырдта, уый фенын æй кæй фæндыди. Рацыдыстæм. Бацæуæны, хураууоны, бадти Дзго, Аслæнбеджы усаг, цыдæр зæрдиагæй хуыдта, æмæ йæм куыд бахæстæг стæм, уый нæ федта. Аслæнбег дард ныллæууыди æмæ йæм æнæ ницы дзургæйæ кæсынтыл фæци. Дзго уæлæмæ скасти æмæ йæ куы ауыдта, уæд хæдзары смидæг ис, дуар йæ фæстæ нытътъæпп кодта, афтæмæй.

– Гъа, уый дын афтæ, – зæгъгæ, ма загъта Асланбег. – Бирæгътæ, мыййаг, куы нæ стæм, цæмæй нæ тæрсы, – зæгъгæ, мæм дзуры, йæхæдæг худын фæлвары. Фæлæ йæ бахудт уыди маст. Ницыуал загъта, афтæмæй сбадти хæдзары къæсæрыл.

– Уæд та нæ истæмæй хорз куы фениккой, – зæгъгæ, æрæджиау загъта хъæрæй.

Иуцасдæр рæстæгмæ рудзынг байгом ис, æмæ дзы разындис Дзгойы къух тæбæгъимæ, тæбæгъы цыхты кæрстытæ æмæ урс кæрдзын. Тæбæгъ райстон æмæ йæ Аслæнбеджы раз æрæвæрдтон. Нæ йæм бавнæлдта.

– Цом ардыгæй! – зæгъгæ, загъта, бирæ фæхъуыдытæ кодта, афтæмæй, стæй йæ бынатæй сыстадис, – махæй лидзгæ кæнынц, хъыг сæ дарæм, – зæгъгæ, æмæ мын мæ къухыл фæхæцыд, афтæмæй мæ кæртæй ракодта. Кæрдæгыл сбадтыстæм.

– Æмæ уæдæ уырысмæ усаг йæ мойагæй афтæ лидзы? – зæгъгæ ма мæ бафарста, иуцасдæр рæстæджы куы ницы сдзырдта, уæд.

Бамбарын ын кодтон, уырысæн се ’гъдау æндæрхуызæн кæй у æмæ усаг йæ мойаджы арæхдæр кæй уыны, уый.

– Ахх! Уый куыд хорз у! – зæгъгæ, хъæрæй загъта Аслæнбег. – Махмæ та уыныс, куыд у… Æз мæ усаджы иу хатт дæр нæма федтон… Æмæ йæ кургæ дæр зæронд устыты ныхæстæм гæсгæ ракодтон… Хорз чындздзон чызг, дам, у, дзырдтой…

Æз та йæ зыдтон, мæстыгæр кæй у, æмæ йæ зæрдæйы конд Аслæнбеджы зæрдæйы кондимæ кæй не сбаддзæн, уый. Афтæмæй иумæ куыд фæцæрдзысты?

Знон, цæугæ куы кодтон, уæд Доййон йæхи нал баурæдта æмæ ныккуыдта. Мæгуырæг Доййон! Фендзынæн ма дæ искуы, чи зоны? Чи зоны æмæ æнæхсæст Смайлиимæ цы бонтæ фæтухи кодтай, уыдон дæ акæндзысты ингæнмæ, æмæ æз уæд кæудзынæн дæуæн дæ ингæны уæлхъус…

1870 аз.