ХЕТÆГКАТЫ Къоста

(1859 – 1906)

Къоста райгуырдис 1859 азы октябры 15-æм бон Нары хъæуы. Йæ мад – Гуыбаты Мария – æвгъæды бадгæйæ амарди æмæ Къостайы фæхаста сæ дыккагхæдзæртты чындз Чендзе. Къоста йе схæссæг мад кæддæриддæр уый хуыдта, æмæ йæ уый дæр хъæбулы уарзт кодта.

Къостайы фыд Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан уæд ас лæг уыд, дæс æмæ дыууиссæдз азы йыл цыд. Уый Уырысы ’фсады бирæ фæслужбæ кодта, хæсты быдыры дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд, суанг ма Польшæ æмæ Венгримæ дæр ныххæццæ Уырысы ’фсадимæ. Æрдзæй зондджын лæг уыд, царды – фенæг. Къоста ма саби куы уыд, уæд Леуан куыста Дзæуджыхъæуы хæххон милицæйы æмæ йын Нары хъæумæ арæх цæуыны фадат нæ уыд. Стæм хатт уыдта йæ иунæг фырты, йæ бинонты.

Къоста рæзти хъæлдзæг, уæнгрог æмæ зæрдæргъæвд лæппуйæ. Йæ дыккаг мад Сухиты Хъызмыдæ йæм йæ чызг Олгъайы тыххæй чысыл хъæбæрзæрдæ дардта, фæлæ йæ схойгæ нæ кодта, стæй Хетæгкаты Леуаны иунæг бындар афтæ æнцон фесхойæн дæр нæ уыд. Къоста рæзт уæгъдибарæй, хъæубæстæй рæвдыдæй.

Сколайы бонтæ

Райдиан скъола Къоста каст фæци сæхи бонтæ хъæуы – Нары. Ахуырмæ зæрдæргъæвд уыд, фæлæ сабийæ фæстæмæ уæлдай бирæ цы уарзта, уый уыди нывтæ кæнын. Йе ’мцахъхъæнтæ сæ мысинæгты куыд дзурынц, афтæмæй уый чысылæй фæстæмæ къæйдурты фæрстыл æмæ къултыл кодта æвзалыйæ фосы, сырдты, мæргъты нывтæ. Æмæ ныв кæнын цæргæ-цæрæнбонты уыд Къостайæн йæ уарзондæр хъуыддаг.

Райдиан скъола каст куы фæци, уæд иучысыл ацахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дæлгимназы, стæй уæд сæхимæ, Лабæмæ, ацыд йæ фыдмæ.

Лабæ – ныр стыр ирон хъæу, Хъæрæсейы фарсмæ Стъараполы бæстæйы – уæд уыдис бынтон ног æрцæрæг адæмы хъæу. Дæс æмæ æртиссæдз хæдзары (1870 азы) акодтой уырдæм Уæлладжыры комæй Леуан æмæ Гуытъиаты Мысырби. Леуан йæ дыккаг усимæ цард уым, æмæ Къоста дæр уырдæм ацыд. Чысыл фæстæдæр Къоста ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы æмæ дзы фæцис суанг 1881 азмæ, стæй йæ ныууагъта, йæ фæуынмæ ма йæ иу афæдз куы хъуыд, уæд.

Къоста гимназы йæхи равдыста нывкæнынмæ тынг æвзыгъд лæппуйæ. Нывкæнын ацы гимназы амыдта Васили Иваны фырт Смирнов. Уый йæхæдæг уыд курдиатджын нывгæнæг, Бетъырбухы Аивæдты академи каст фæци стыр уырыссаг нывгæнæг Репинимæ иумæ, уымæй дæр æвзист майдан райста йе ’взыгъддзинады тыххæй.

Къостайы хъулон уарзт кодта Смирнов æмæ йын бацамыдта, цæмæй ацыдаид академимæ нывгæнæджы тынг зын, фæлæ стыр дæсныйад лæмбынæг сахуыр кæнынмæ. Бакаст йæ коммæ Къоста æмæ 1881 азы бахаудта академимæ, райдыдта ахуыр кæнын.

Тынг арæхст нæ фидæны стыр фыссæг ныв кæнынмæ, ахуыр дæр хорз кодта, фæлæ дыууæ азы фæстæ Къостайæн йе стипенди систой. Стипенди иста, хицауад хохаг адæмтæй алыхуызон иварты фæдыл цы ’хцатæ ’мбырд кодта, уыдонæй. Ныр ын загътой, зæгъгæ, уыцы ’хцатæ иу хицау бахордта, æмæ ма дын кæцæй раттæм стипенди.

Тынг уарзта Къоста нывкæныны аивад æмæ йæ фæндыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын. Дыууæ азы ма фæфыдæбон кодта дард æмæ æцæгæлон горæты. Алы ницæйаг куыстытыл зылд, цæмæй къæбæры фаг исты амал кодтаид æмæ ма академийы лекцитæм дæр цыдаид барвæндæй хъусæджы хуызы (вольнослушатель). Бирæ фæкуыста наулæууæны уæзæйæхæссæгæй: наутæ куы ’вдæлон кодта, куы та – дзаг.

Афтæ ныффæрæзта дыууæ азы, стæй загъта: академийы базонæн цæмæн уыд, уыдон сахуыр кодтон, ныр ма баззад диплом райсын, æмæ мын уый уæддæр нæ ратдзысты æмæ ма мæ рæстæг цы сафон, фæцæуон мæ фыдыуæзæгмæ. Куыд мысыд йæ уарзон Ирыстоны зæхх, йæ адæмы, уый тыххæй зæрдæбын ныхæстæ ракодта Къоста йæхæдæг:

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй.
Фæхæссон ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæсты сыг донау мызти.
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, –
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

«Схъомыл дæн уырысимæ»

Бетъырбухы кæй фæцард æмæ фæахуыр кодта Къоста, уый йын стыр зонд æмæ фæлтæрддзинады скъола уыдис. Фæстæдæр уый фыста йе ’мдзæвгæ «Æхсины лæджы»: «Схъомыл дæн уырысимæ». Æмæ æцæгдæр афтæ уыд. Райдиан скъола каст куы фæци Нары, уæдæй Бетъырбухы академийæ раздæхыны онг, фынддæс азы бæрц, уый йе скъоладзауы æмæ студенты бонтæ арвыста уырыссаг интеллигенцийы ’хсæн æмæ Уæрæсейы зæххыл.

Бирæ цыдæртæ базыдта Къоста – æрыгон лæппу – ацы азты дæргъы. Стæй канд ахуыр æмæ нывкæныны аивадыл дæр нæ цæуы дзырд. Уый каст уырысы классикты уацмыстæ æмæ сыл ахуыр кодта поэтикон дæсныйадыл, стæй сæ раззаг идеалтæ, сæ адæмондзинадыл; хъæздыг кодта йæ эстетикон дуне, æнкъарынад æмæ æмбарынад. Каст уырыссаг революцион-демократон хъуыдыйы классиктæ Белинский, Чернышевский, Добролюбовы уацмыстæ æмæ рæзт йæ дунеæмбарынад, йæ хъуыды цыргъæй-цыргъдæр кодта æмæ бæлвырддæр иртæста æхсæнадон царды фæзындтæ æмæ хабæртты мидис, фæллойгæнæг адæмы цæстæнгасмæ, уый интерестæм æввахсдæр кодта йæ поэтикон æмæ политикон хъуыды.

Уыцы азты Къоста иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг литературон æвзаг æмæ уæдæй фæстæмæ йæ поэтикон уацмыстæ фыста куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Йæ публицистикæ, ома газетты æмæ журналты цы уацтæ мыхуыр кодта, уыдон та иууылдæр уыдысты уырыссаг æвзагыл фыст. Бетъырбухы ахуыры азты Къоста бирæ уацмыстæ ныффыста уырыссагау. Уыдонæй иууыл стырдæр æмæ зынгæдæр уыдис поэмæ «Уæлхæдзар» («Чердак»). Æххæст фыст ын нæ фæцис, уæддæр бæрæг у йæ идейон мидис дæр æмæ йæ аивадон тых дæр. Бæлвырдæй нын æвдисы, Къоста лæппулæгæй Уæрæсейы æхсæнадон царды иууыл судзагдæр фарстатыл кæй хъуыды кодта æмæ сæм раззагон цæстæй кæй каст, уый.

Уыцы рæстæджы райдыдта фыссын Къоста йæ зынгæ уацмыстæ: комеди «Дуня» æмæ романтикон поэмæ «Фатимæ» дæр.

«Мæхицæй фыддæр»

Бетъырбухы куы уыд, уæд Къостайы хъуыды, фæдисон цæргæсау, тахти Уæрæсейы стыр быдырты сæрты æмæ фæлгъуыдта æппæт паддзахады æхсæны царды судзаг фарстатæ. Цыппæрдæс азы дæргъы Къоста иппæрд уыд Ирыстоны цардæй, дардмæ йын хъуыста йæ кой, æввахсмæ йæ нæ зыдта. Уымæй дæр æм ас лæджы цæстæй никуыма бакаст. Йæхæдæг куы зæгъы: «Мæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй».

Гъе уый аххосагæй Къостайы сфæлдыстады, цалынмæ Ирыстонмæ ’рыздæхт 1885 азы сæрды, уæдмæ нæй йæ адæмы кой, йæ ныййарæг адæмы хъысмæтыл сагъæс. Фæлæ уый хыгъд, куы ’рцыд æмæ куы федта йæ адæмы æдзæллаг уавæр, уæд йæ хъæлæс ныннæрыд мæстæлгъæд æмæ зæрдæрисæй:

Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Ацы ныхæстæ куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ Къостайæн йæ уарзæгой зæрдæйæ йæ амæлæты бонмæ никуыуал схицæн йæ адæмы мæт, уый фæдыл сагъæс. Адæмы сæрыл удуæлдай тох сси йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм.

Къоста сарæхстаид паддзахадон куыстмæ дæр, иууыл зындæр сфæлдыстадон сгуыхтдзинадмæ дæр, – ахæм цæттæ лæгæй æрцыд Ирыстонмæ 1885 азы. Фæлæ официалон бюрократи адæймагæн йæ курдиат, йæ зонд æмæ йæ ахуырдзинадмæ нæ фæкæсы. Уый кæсы лæгæн йæ гæххæттытæ æмæ йæ коммæгæсдзинадмæ.

Кæддæр иу паддзахæн загътой иу стыр композиторы тыххæй, ома уый музыкæйы гени у æмæ йын баххуыс хъæуы. Паддзах дзуапп радта: «Мæн гени композитортæ ницæмæн хъæуынц, мæн хъæуынц коммæгæс дæлбар адæм!»

Афтæ уыд Къостайы хабар дæр. Йæ сæр хъуыд æрмæстдæр йæ адæмы, стæй Кавказы æфхæрд дзыллæтæн се ’ппæты дæр, фæлæ хицæуттæн та уыд æрмæст уæлдай фыдæбоны хос. Ахæм цæстæй йæм кастысты.

Æхсæз азы фæцард Къоста йæ раздæхты фæстæ Ирыстоны æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иу бындурон куыст не ссардта. Цæттæ нывгæнæг, фæлæ йæм нæй, академи кæй фæци, уый тыххæй диплом æмæ йын гимназы ахуыргæнæгæй кусæн нæй. Нæй кусæн, æгæрыстæмæй, скъолайы дæр — гимназ кæй фæци, уый тыххæй дæр аттестат нæй. Царды формалондзинад мæстæймарæн хос сси Къоста æмæ уый хуызæн рæстаг æхсæны лæгтæн.

1885 азæй 1891 азмæ Къоста цард, искуыдæй искуыдмæ-иу цы чысыл куыстытæ ссардта (искæмæн хуызджын портрет саразын, науæд театрæн декорацитæ скæнын, аргъуаны къултыл зæдты нывтæ ныффыссын æмæ æнд.), уыдонæй. Æххуырстау, йæ бонгуыстæй цард, фæлæ быхста, фæрæзта, йæ адæмы цурæй йæ йæ къах нæ хаста.

Фыццаг хатт хасты

1862 азы Колыты Аксо цы скъола йæхи хæдзары, уый фæстæдæр сси ирон чызджыты приют – иунæг ахуыргæнæндон, ирон чызг-фæсивæд чысыл истытæ кæм базыдтаиккой, ахæм. Приют куыста дингæнджыты хардзæй, æмæ йæ уыйадыл Гуырдзыстоны экзархат сæхгæдта 1891 азы зымæджы каникулты рæстæджы. Къоста æрбамбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæрты æмæ иумæ ныффыстой гæххæтт хицауиуæггæнæг синодмæ, цæмæй экзархаты тæрхон ивд æрцыдаид æмæ ирон чызджыты скъола баззадаид, куыд уыд, афтæмæй.

Скъола баззад, фæлæ Терчы зылды хицау йæхи фæндонæй Къостайы Ирыстонæй фæсырдта куыд «змæнтæг элемент». Ахæм бар ын уыдис. Ахастой йæ фондз азы æмгъуыдмæ. Нал ын уыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæуыны, йæ иубæстон адæмимæ цæрыны бар.

Къоста фæцыд фыццаг Лабæмæ, йæ зæронд фыды хæдзармæ. Стæй кусын райдыдта Хъæрæсейы иу æрзæткъахæны къæнцылары. Стыр поэт æмæ нывгæнæг сси къæнцылары «хъуына гæххæттыты» хицау! Зын уыд, фæлæ быхста Къоста. Фæстæдæр йæ иу фыстæджы йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй йæ царды иууыл тыхстдæр рæстæг батыдта раст уыцы заманы. «Уый фæстæ мæ хицæуттæ ратардтой Дзæуджыхъæуæй… Бахаудтæн Хъæрæсейы хæхты талынг цъассытæм, æвзист æмæ цинчы мадантæм…

Æдæрсгæ сæрыстырæй тигъыл ыслæууыд
Ысхъæлсы дзæбидыр, — йæ къæхты бын мит…

Хъавыдтæн мæ зæрдæйы уаг равдисынмæ, Хъæрæсейы бæстастæу хæхты, æцæгдæр, дзæбидырау, куы рахау-бахау кодтон, уæд… Уыцы рæстæджы цы ’мдзæвгæтæ ныффыстон, уыдон иууылдæр сты уæлдай æрхæндæг… Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ… æз мæхи банкъардтон зыбыты иунæг ацы стыр дунейы… Фыццаг мæ фыртыхстæй цы акодтаин, уый нал зыдтон, стæй иучысыл мæхиуыл фæхæцыдтæн æмæ хъуыды кæнын райдыдтон. Мæ уавæр уыдис бынтон æвирхъау, æгас дунейыл мын иу ахæм фæхæцæг нал баззад, мæн мæхицæн исты фыдбылыз саразынæй уæд та иу уысмы бæрц чи фæурæдтаид…», – афтæ фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ 1898 азы декабры 6-æм бон йæ фыстæджы.

Фæстæдæр Къоста кусын райдыдта Цæгат Кавказы уæды зынгæдæр газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы. Газетуадзæг уыдис Д.Д. Евсеев. Къоста дæр йæ муртæ бахардз кодта уыцы газет уадзыныл, йæ тых, йæ зонд та – йæ аразыныл, фæлæ фæстагмæ йæ бон нал уыд кусын Евсеевимæ æмæ рацыд редакцийæ. Евсеев ын йæ хай дæр нал радта.

Фондз азы бæрц фæкуыста Къоста уыцы газеты: официалон æгъдауæй йын нымæрдар уыд, æцæгæй та – редактор. Фондз азы тох кодта мыхуыр ныхасы фæрцы паддзахы администраци æмæ хæдхæцæгады системæйы ныхмæ. Фондз азы фæци хасты йæ райгуырæн бæстæ Ирыстонæй – æрцæуыны бар ын нæ уыд.

Æмæ ноджы иу хабар: Къостайы куы ахастой Ирыстонæй, уæд хъаст балæвæрдта Уæрæсейы иууыл стырдæр рæстæвзарæнмæ: раст не сты хицæуттæ, зæгъгæ. Фондз азы фæстæ æрцыд гæххæтт, йæ хасты æмгъуыд куы фæци, уæд – рæстагæй æфхæрд æрцыдис, зæгъгæ, фæлæ ма уый цы ахъаз фæуыдаид; мæстæймарæн ми уыд, æндæр ницы.

1897 азы Къоста фæрынчын, стджыты хæцгæ низ ыл фæзынд, æмæ йын Стъараполы операци скодтой.

Рынчыны сынтæджы Къоста, æдзух бирæ адæмы ’хсæн ахуыр кæй уыд, уый фæдыл тынг тыхстис. Фæндыдис æй, йæ хæстæджытæй исчи йæ цуры куы фæуыдаид, фæлæ нæ рауад.

«Фæнды мæ нæ дыккагхæдзæрттæй искæмæ фæдзурын, цæмæй ардæм æрцæуа æмæ мæ уæлхъус уа, фæлæ мæ цæсгом нæ хъæцы тæккæ куысты рæстæг у. Æцæг дзы иу ис, куыстхъом тынг чи нæу æмæ афтæмæй та тынг хорз таурæгъгæнæг æмæ фæндырдзæгъдæг чи у, фæлæ йæм куыд фæдзырдæуа, цы ’фсонæй йæ æркæнон?… Уый куы базоной, рынчын дæн, зæгъгæ, уæд æнæмæнг Лекси æрцæудзæн, æмæ мæн та раст уый нæ фæнды йæ куыстæй фæиппæрд кæнын», – зæгъы Къоста йæ иу фыстæджы.

Сдзæбæх Къоста уыцы операцийæ, фæлæ бирæ нæ ахаста йæ «дзæбæх». Ногæй та риссын райдыдта йæ къах æмæ уæд Бетъырбухмæ ацыд сæхи Андухъапары фæндонæй. Андухъапар зынгæ дохтыр уыд, Къостайæн операцигæнæг дæр уый фæндмæ гæсгæ уыд дæсны хирург Потоцкий.

Зын уыд иу афæдзы дæргъы дыууæ уæззау операцийы бауромын. Къоста тарст, куынæуал рахиза операцион стъолæй, æмæ фыста 27 ноябры æмдзæвгæ «Операцийы размæ», зæгъгæ, уым.

Цымæ ма бауыдзæн, тæхгæ базыры систау,
Мæ фæндтæ рифмæтыл бæрзонд сисын мæ бон,
Æви ныр фестдзысты мæ тас, мæ мæрдон ристæ
Мæ судзаг зарджытæн мæлæты хос, зындон?

 Цы бæрæг и… Мыййаг, кæд цардбæллон лæппуйæн
Йæ ацы зарæг дæр фæстаг хъæрзтау фæцис,
Зæгъы фæстаг салам, рæхуыст лæджы æмбуйау,
Кæй уарзта, уыдонæн, зæрдиагдæр ын ц’ ис…

 Кæд афтæ у, мыййаг, уæд дын, мæ фыдыбæстæ,
Мæ царды хорз нысан зæгъыны рад æрцыд:
Мæ бирæ сагъæстæн, мæ зæрдæбын ныхæстæн
Сæ иунæг, иу нысан дæ уарзондзинад уыд!

Æхсæз мæйы фæхуыссыд Къоста рынчыны сынтæджы, стæй сыстад æмæ 1898 азы сæрды æрцыд фæстæмæ Цæгат Кавказмæ. Фæцис йæ хасты дуг, фæцис йæ куыст газет «Цæгат Кавказ»-ы редакцийы дæр.

Поэты сæйраг чиныг

Стъараполы операцийы фæстæ ма Къоста уатон рынчын куы уыд, уæд фыста Андухъапармæ: «Боныгон уаты нал фæхуыссын. Мæ рынчыны бонты дæргъы бынтон бæстон бакуыстон мæ ирон æмдзæвгæтыл æмæ дзы иуæй-иутæ, æппæлынмæ мын æй ма айс, фæлæ æмбисонды хорз сты. Ныр сын цыма мыхуыры рауадзыны афон æрцыд, афтæ мæм кæсы». Уый уыдис 1897 азы 20 августы.

Къоста хорз зыдта, йе ’мдзæвгæтæ цы сты ирон дзырдаивадæн, уый. Фæлæ уæддæр нæ тагъд кодта сæ рауадзыныл. Æрмæст иу афæдз куы рацыд йæ цæвиттойнаг ныхæстыл, уæд фæзынд æмдзæвгæты фыццаг сыгъдæг къухфыст хицæн чиныджы хуызы. Йæ ном ын схуыдта «Ирон фæндыр». Уый фæстæ чиныджы цъарыл фыст уыд: «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Къоста. Хъæрмæдон. 1898 азы 3-æм сентябрь».

Поэты дыккаг хасты дуг

«Ирон фæндыр» Кавказы цензурон комитетмæ æрвыст æрцыд æмæ, афæдзы æрдæг куы рацыд, уæд ын рухсмæ рауадзыны бар радтой. Бирæ тох æмæ радзур-бадзур бахъуыд йæ сæрыл, фæлæ уæддæр æрæджиау, ома 1899 азы майы дыккаг æрдæджы, чиныг адæмы ’хсæнмæ хаст æрцыд. Ирон дзырдаивады ахсджиагдæр уацмыс, нæ литературæйы бындур сси нæ адæмы удварны культурон историон факт.

«Ирон фæндыр» ирон адæм сæ къухмæ куы дыккаг хасты райстой, сæ тæккæ цин кæныныл куы дуг уыдысты, уæд та Къоста ног араст маст æмæ æфхæрды фæндагыл, – ралæууыд йæ дыккаг хасты дуг. Къоста иу автобиографион фæлварæны афтæ фыста: «Æз, Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста, мæ цард снывонд кодтон хæххон адæмты сæрыл Кавказы администрацийы ныхмæ тохæн».

Раст фыста. Бирæ фæтох кодта нæ фыссæг Кавказы хæдбар хицæутты ныхмæ мыхуыры ныхасæй. Йæ бон сын бирæ ницы ракæнын уыд, фæлæ дзы тæрсгæ тынг кодтой: сæ сусæг фыдмитæ сын æргом кодта. Уыйадыл æм æдзух сæ цæст дардтой æмæ архайдтой сæрыстыр æмæ дзырдхъом поэтæй исты хуызы фервæзыныл, уый Кавказæй искуыдæм фесафыныл. Æмæ сын æрæджиау æнтысгæ дæр бакодта.

1898 азы фæззæджы Дзæуджыхъæуы кæрон иу чындзæхсæвы пъæлицæ æмæ чындзхон адæмæн загъд бацайдагъ. Æрцыдис дзы топпы гæрæхтæ дæр. Хылгæнæг адæмы ’хсæн уыд Хетæгкаты Созыры фырт Къоста дæр, поэты æрвад æмæ æмном. Уый æфсонæй Терчы зылды хицау инæлар Каханов сфæнд кодта Къостайæ йæ маст райсын: ныффыста уæлдæр хицæуттæм, зæгъгæ, Къоста пъæлицæйы ныхмæ æд гæрзтæ ныллæууыд æмæ хаст æрцæуæд Кавказæй Уæрæсейы цæгаты губернитæй искæцымæ фондз азы æмгъуыдмæ.

Хъуыддаг сæрæй-кæронмæ æрымысæггаг уыд, фæлæ инæлар Кахановы куырдиатыл сæйраг хицауиуæггæнæг Голицын къух бафыста, æмæ ныр тынг зын уыд поэты сраст кæнын.

…Æхсæз мæйы фæтох кодта Къоста Бетъырбухы йæ рæстдзинады сæрыл, фæлæ йæхи сраст кæнын йæ къухы нæ бафтыд. Араст дыккаг хатт хасты æнæрайы фæндагыл æмæ 26майы ныххæццæ Херсонмæ.

Стыр зындзинæдтæ бавзæрста ам Къоста, бирæ тыхстыты фæцис, кæд дзы иу афæдз æххæст нæ фæцард, уæддæр. Нæ йын уыд куыст, – цæмæй цардаид? Нæ йын уыд искуыдæм фезмæлæн – æдзух пъæлицæйы цæсты раз хъуамæ уыдаид. Афтæмæй та лæгæн цæрæн дæр нæй æмæ кусæн дæр. Уæддæр Къоста архайдта, амæлттæ кодта кусынæн дæр æмæ цæрынæн дæр.

Фыццаг афæлвæрдта, Херсонæн йæхи мидæг нæ, фæлæ губернийы сæйраг горæт Одессæйы æрцæрын, фæлæ йын бар нæ радтой. Уымæн та йæ хъуыдыйы уыд административон центры исты куыст ссарын. Фæлваргæ дæр акодта хуымæтæджы газеты корректоры куыстыл, фæлæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ ныууагъта. Ныццыд Очаковы горæтмæ дæр – денджызы йæхи найынмæ, йе ’ нæниздзинад фидар кæнынмæ. Иуцасдæр дзы фæцис æмæ фыста Цæлыккатæм: «Æрвылбон дын денджызы был уæвыны фадат уæд, сæумæцъæхæй изæрмилтæм дæ цæст дар, денджызы хуыз æдзух куыд рафæлив-бафæлив кæны, уымæ, стæй хъус йæ æвæджиауы сабырмæ æмæ цавæрдæр знæт хæл-хæлмæ, уылæнты сусæггаг ныхасмæ… Æхсæв мæй денджызы уæлцъарыл кæрæй-кæронмæ айтындзы миллиард æрттивæгтæй уæфт тын, стæй уыцы æрттивæгтæн цы нæ цæстфæливæн хуызтæ ис. Ноджы ма сæм бафтау хинайын… Денджызы найын! Æххæст æй уæ хъуыды дæр не ’рцахсдзæн, уый цы æхцондзинад у æмæ куыд пайда у! Фараст боны дæргъы, мæхи найын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ афтæ рацъæхснаг дæн, æмæ мæ куы фениккат, кæсынæй мæм нæ бафсæдиккат».

Уый фыстæджы афтæ дзырдта Къоста, цæмæй йæ зæрдæйы арф сагъæс, куыд мысыд æмæ куыд тыхст, уый ма фергом уыдаид искæй раз, æндæр уæды æмдзæвгæты æнкъарæнтæ тынг æнтъыснæг сты:

Мæй-иу доны йæ цырагъ куы ссыгъта,
Ам уæд уылæнтыл уæрстон, æмгæрттау,
Æз мæ уды уыраугæ цæссыгтæ
Æмæ зæрдæйы дудгæ æфхæрдтæ.

Урæдта йæ «дудгæ æфхæрд», йæ низæн дæр быхста, йæ «уды цæссыгтæ» та никæмæн хъæр кодта æмдзæвгæтæй дарддæр. Ахæм уавæры ма кусгæ дæр кодта, къæбæры фаг амал кодта нывкæнынæй: арæзта сурæттæ хуызджын ахорæнтæй, «ахуырста хуыцæутты», ома зæдты нывтæ арæзта аргъуантæн, уæдæ цæмæй цардаид. Нæ рох кодта йæ поэтикон хæтæнтæ дæр. Херсоны фыст æрцыд «Хетæджы» райдиан, æххæст фыст ын цы хай у, уый – 300 рæнхъы бæрц. Афтæ æрвыста йæ хасты бонтæ Къоста Херсоны губернийы.

1899 азы майæ суанг 1900 азы мартъимæ фæцис Къоста хасты, стæй ссæрибар. Каханов тард æрцыд Терчы зылдæй Туркестанмæ, Къостайæн радтой Ирыстоны цæрыны бар.

Поэты мæлæт

Бирæ ног фæндтæ уыд Къостамæ. Уыдонæй сæйраг уыд Ирыстоны æрцæрын, бинонтæ скæнын æмæ сæрмагонд аивадон скъола байгом кæнын.

Æрæвнæлдта уыцы хъуыддæгтæ саразынмæ, фæлæ йын нал бантыстысты. Йæ хæдзар æрдæгарæзтæй баззад, йæ уарзон чызг – куырдуаты, йе скъола – æхгæдæй. 1902 азы декабры Къоста тынг фæрынчын. Зымæджы дæргъы уатон рынчынæй фæцард иунæгæй, уазал хæдзары. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд Къоста. Цæргæ ма фæкодта æртæ азæй чысыл фылдæр, фæлæ куыстæн нал сбæззыд, йæ уонг, йæ аив дзыхыдзырд йæ бар нал уыдысты, афтæмæй амард йæ фыды хæдзары Лабæйы 1906 азы 1 апрелы.

Фыццаг æй баныгæдтой Лабæйы йæ фыды ингæны фарсмæ, фæлæ Иры раззаг интеллигенци сфæнд кодтой: Къоста ирон адæмæн цырагъдар фæцыд цæрæнбонты, йæ поэтикон гени, йæ уд, йæ зонд сын нывондæн æрхаста, адæмы кад æмæ намыс у, æмæ хъуамæ йæ мард дæр æвæрд уа йæ райгуырæн зæххыл. Дæс боны фæстæ йæ æрластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ горæты астæу Иры аргъуаны кæрты баныгæдтой. Бирæ адæм æрæмбырд Къостайы ныгæнынмæ. Стæй канд Ирæй дæр нæ. Кавказы адæмтæ се ’ппæт дæр стыр хъыг фæкодтой Къостайыл. Йæхæдæг дæр сæ бирæ уарзта, сæ сæрыл бирæ тох фæкодта. Ирон дзыллæйы сæрыл куыд дзырдта, иннæ адæмты дæр афтæ нæ уагъта æфхæрын паддзахы хæдхæцæгадæн. Ныр йæ табæты уæлхъус æнкъардæй лæууыдысты æмæ фæстаг хæрзбон кодтой Къостайæн уырыс, гуырдзы, цæцæн, мæхъхъæл, сомих, кæсæг, асы, хъæрæсе, украинæгтæ æмæ æндæр адæмтæ. Йæ цæрæнбонты архайдта адæмты иудзинадыл, адæмты æнгомдзинадыл æмæ сын йæ мæлæт дæр хæлардзинады хос фæци.

 

НЫСТУАН

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

 

ÆНÆ ХАЙ

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугьы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

 

КÆМÆН ЦЫ…

Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.

Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.

Хоры кæндæн – зад,
Хоры хæрдæн – кад.

Сонт рæдыдæн – барст;
Хорз зæрдæйæн – уарзт.

Рагон мастæн – тад;
Загъдкъахæгæн – над.

Магусайæн – цæф;
Цырд лæппуйён – кæф!..

 

АБАЙТЫ Васо

 

Чи у Къоста ирон адæмæн?

1899 азы рухс федта ирон æвзагыл æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Йæ автор – Хетæгкаты Къоста. Чысыл чиныг, 109 фарсы йеддæмæ дзы нæ уыд, фæлæ йæ нысаниуæг кæуылты рауад! Стæмхатт вæййы, цæмæй иу чысыл чиныг адæмы цардыл афтæ тынг сахада, йæ историйы ахæм уæзгæ бынат æрцахса, йæ зондахаст ын аива.

Хохы цъассыты чи ныххæлиу, гæвзыкк æмæ æбар цард кæй ныссæста, уыцы ирон адæм «Ирон фæндыр»-ы фæзындмæ фæиппæрд сты национ, культурон æмæ миддунеон иудзинады æнкъарæнтæй. Нæ сын уыд суанг иумæйаг ном дæр. Ирæтты кæцыдæр хаймæ ном «ир» хауд, иннæтæм – «дыгур». Сæхи нæмттæ ма уыд иппæрдæй цæрæг знæм-къордтæн дæр.

Æмæ уалынмæ уыцы æбæллиццаг пырхæнтæ дунейыл арвы лæварау азæлыд поэты рухсмæ сидæг стих:

Иумæ нæ рамбырд кæ, арфæйы дзырд!

«Ирон фæндыр»-ы алæмæттаг рæнхъытæ кæсгæйæ ирæттæ фыццаг хатт æххæстæй банкъардтой, иу адæм кæй сты, иу культурæ, иу хъизæмаргæнæг уд, иумæйаг сагъæстæ æмæ бæллицтæ сæм кæй ис.

Къостайæн йæ удæгасæй, куыд национ генийæн, йе ‘мдзæвгæйæ фыццагдæр йæ ном ирон нæ, фæлæ дыгурон поэт Гуырдзыбеты Бласка кæй ссардта, уый дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг у.

Бæлвырдæй зæгъæн ис, ирæттæн сæ национ хиæмбарынады бындур «Ирон фæндыр» кæй у. Дызæрдыггаг макæмæн уæд, ацы чиныг ирон адæмы культурон историйы ног дуг кæй сси, уыцы хъуыддаг дæр. Йæ царды фыццаг хатт фæзынд ахæм адæймаг, алы ирон, цы коймаг у, цы ныхасыздæхтыл дзуры, уый ницæмæ даргæйæ, уарзон ахастимæ æмæ сæрыстырæй кæмæй дзырдта: нæхи Къоста. Ныр-иу алы дæрддзæф кæмтты цæрæг адæм сæ кæрæдзийы къухтæ куы райстой, уæд уыцы къухтæ райстæн æндæр арф мидис уыд, уымæн æмæ-иу сæ цуры «фев-зæрд» Къоста æд «Ирон фæндыр».

Фæлæ Къостайы нысаниуæг æрмæст адæмы национ хиæмбарынад сæндидзыны мидæг нæй. Йæ бавæрæн ма у, уыцы хиæмбарынады бæлвырд идейæ кæй байтыдта. Къостайы уарзондзинад йæ райгуырæн Ирыстонмæ ницы бар дардта къуындæг национализммæ. Йæ уарзондзинадæн уыд арф æмæ прогрессивон социалон мидис. Йæ рæстæджы ахуыргонддæр адæмæй иу, уыд уырыссаг революцион демократийы идейæтыл хъомылгонд, æмæ, демократ уæвгæйæ, Къоста банкъардта, нацийы царды мидис патриархалон идилли нæ, фæлæ æгъатыр тох кæй у. Æмæ уыцы тохы, æппындæр дызæрдыг ницæуыл кæнгæйæ, бацахста йæхи бынат: фæллойгæнæг адæмимæ æрлæууыд сæ бартæ сын ссæндджыты ныхмæ.

Кæцыфæнды адæмы дæр, иннæ адæмты ‘хсæн цæмæй сæхи æмсæр æнкъарой, уый тыххæй сæ хъæуынц национ символ уæвæг хъæбултæ. Къостайы размæ ирæттæм ахæм адæймаг-символ нæ уыд. Ахæм адæймаг сси Къоста. Амондджындæр адæмты бон у сæ удварны хæзнаты символæн цалдæр номы дæр ранымайын. Ирæттæн Къоста – иунæг у æмæ уымæй у йæ адæмæн уæлдай зынаргъ.

Адæмæн сæ номдзыд хъæбулты айсæн нæй. Фæлæ, зæгъæм, ирон адæмæн Къостайы айстæуыд, уæд уый кæуылты уæззау цæф уаид! Алы ирон дæр цас мæгуырдæр, æнамонддæр, миддунейæ афтиддæр фæуаид!

Уымæ гæсгæ, ирон адæм Къостайы афтæ тынг кæй уарзынц, уым уадиссагæй ницы ис. Хатт уыцы уарзондзинад разыны цыдæр диссаджы хуызы. Зындгонд скульптор Тауаситы Сослæнбег мын ахæм хабар радзырдта. 1959 азы сæрды йæм фæзынд иу ирон лæг, йæ дæсныйадмæ гæсгæ – шофыр, æмæ йын загъта, Лабæйы (ныртæккæ – Хетæгкаты Къостайы хъæу), поэт йæ царды фæстаг бонтæ кæм арвыста, уым йæхи хардзæй кæй хъавы Къостайæн цыртдзæвæн сæвæрын… Нæ зонын, бантысдзæн ын æви нæ. Æниу уый сæйрагдæр нæу.

Къостайæн йæ райгуырды 100 азы бон зæгъæн ис: цыртдзæвæнтæ цы дур æмæ бронзæйæ арæзтæуы, уыдон фидар сты, фæлæ ноджы фидардæр у, йæхæдæг адæмы, алы ироны зæрдæйы дæр цы цыртдзæвæн сарæзта, уый.

Уац цæттæгонд у чиныг

«Известия Юго-Осетинского НИИ»-йы

мыхуыргонд уацмæ гæсгæ (1960 аз, 10-æм рауагъд)

 

 

 

БАЙАТЫ Гаппо

 

ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА

Йæ цард æмæ йæ хъуыддæгтæ

 

Кæй кой кæнынц, уый нæ амарди.

Ирон æмбисонд

ЙÆ РАГУАЛДЗÆГ (1863 – 1871 азтæ)

1859 азы нæ диссаг райгуырæн Ирыстоны хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн, Хетæгкаты Леуанæн, райгуырди лæппу. Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном – Къоста. Дыууæ азы йыл куы цыди, уæд* йæ мад – уыди Гуыбатæй – амарди. Сæ хæстæг ус Хетæгкаты** Чендзе райста сидзæры хæссынмæ… Сызгъæрин зæрдæ уыди уыцы усæн… Ирон мады ад ын фенын кодта.

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр!.. –

зæгъы йæхæдæг Къоста («Чи дæ?»).

Леуан æрхаста дыккаг ус, уымæй йын райгуырди чызг Олга.

Фондзаздзыдæй Къостайы йæ хæдзармæ æрбакодтой; ирон хæдзары – «цу-ма, цу-ма» – куыстытыл æй сифтыгътой… Фылдæр уæлыгæс цыди.

Иттæг рæсугъд мысы уыцы бонты цард йæ диссаджы зарджытæ «Хъуыбады», «Чи дæ?», «Сидзæргæс», «Æнæ фыййау» æмæ æндæрты. Иу хъуыддаг у хъуыдыйаг – саби уæлыгæсæй сси раздзог хорз фыййау, йæ фарны хъæрæй мæгуыр ирон адæмы рухс фæндагмæ чи ракодта.

АХУЫРЫ АЗТÆ (1871 – 1883)

1870 азы Къостайы радтой Нары скъоламæ. Ахуыргæнæг ын уыди йæ мадыфсымæр Гуыбаты Иоане.

Леуан паддзахы куысты уыди, – Иры хохы милицæйы хицау, афицер, – фылдæр царди Дзæуджыхъæуы. 1872 азы Къостайы радта уымы реалон скъоламæ.

Уыцы азы Псызы, Кубаны фурды былыл, æрцæрын кодта хох ирæй стыр хъæуы Лабæ – Георгиевское-Осетинское. Йæхæдæг дæр уырдæм биноныгæй алыгъди, хорз бындуртæ сарæзта.

1873 азы Къостайы Стъараполы гимназмæ радта, уым хъæбæр хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хох адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты.

Нарон уæлыгæсæн йæ зæрдæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй, зондады уидæгтæ рæмудзын байдыдта бындзарæй…

Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æнтысы: зыдта тигъ митæ, фыдуаг ныхас, уайтагъд чысыл æмбæлттæн балхон сси алы хорз хъæлдзæгадмæ; æвдзныхасæй таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссын хорз райдыдта уырыссагау; æмбисонд нывдæсныйады сгуыхтад æвдыста… Сцъил æй кодтой ахуыргæнджытæ Петербурджы Нывдæсныйады Академимæ бацæуын. 1879 азы фæци каст гимназ. Стыр ном ирд суадонæй сыгъдæгдæр цæсгом нæ Ирæн уым скодта.

Бæллиццаг ын уыдысты йæ цæргæ-цæрæнбонты уыцы азтæ!

Зæронд Леуан æй æрвыста паддзахы куыстмæ, фæлæ Къоста коммæ нæ бакаст, араст и хæрз мæгуырæй Петербургмæ. Æртæ азы уым стыр уынгæджы фæтухи кодта. Æцæг федта хæстæг стыр тохы цард. Дæрдтыл афæлгæсыд йæ сæрызондæй. Æрдæгкастæй рацыди уыцы Академийæ 1883 азы.

ИРЫ. ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ (1884 – 1891 азтæ)

Лабæмæ йæ уарзон фыды хæдзармæ ссыди, æппæт дæр æм уым дæрддаг уыдысты – уазал зæрдæ йæм дардтой… Æнцойад не ссардта уым…

Куыд байраг дугъон фыццаг фæдисы раз йæ рохтæ тоны æмæ хæры, афтæ йæ æфсæн риуы йæ ирон зæрдæ агурын байдыдта йæ ныййарджыты зæронд Ирыстоны.

Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Нæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм!..

(«Ракæс»)

Номдзыд рæстæджы ссыд нæ Ирмæ. Ир биноныгæй æрфидар кодтой сæхиуыл буц-хъæздыг быдыр, сарæзтой рæсугъд хъæутæ, куысты æмæ ахуырады фæндагыл æмгуыппæгæй рацæйцыдысты…

Куыд хистæртæ, афтæ лæппу-фæсивæд иттæг бауарзтой Къостайы… Уырысы ахуыргонд адæмы астæу уайтагъд хорз лымæнтæ скодта.

Къоста алы æхсæны хъуыддаджы тыхджын куыста. Мамæлайы комдзаг ардта нывтæ фыссынæй… Алкæй хæдзар уыди йæ хæдзар. Сæрды царди хъæуты, хæхбæсты. Уыцы заман кæуæгау фæфыста йæ номдзыд ирон зарджытæ, æнхъæл, мæгуыр, нæ уыди, искуы уыдон чиныггондæй фендзæн, уый, уымæн æмæ ирæй ирон чиныджы кой ничи кодта уыцы рæстæджы…

Йæ зарджытæ къухфыстæй адæммæ фæцыдысты, сæ куыст кæнын райдыдтой!..

Арвы нæрынау айхъуыст æгас Иры – Мæздæгæй Гудзаретмæ – уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг!..

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!..

(«Додой»)

 

Удæнцой ма фена, махæн нæ царды фæнд

Чи халы барæмвæндæй!..

Уæ мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд –

Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..

(«Салдат»)

Ардыдта фæсивæды ирон æвзагыл кусын, фыссын иронау, æмбырд кæнын зæронд дзырдтæ, рагон ныхæстæ, таурæгътæ, Нарты кадджытæ æмæ ирон зарджытæ… Йæ мæгуырхуыз кæракъуым уыди нæ фыццаг æцæг ирон скъола!..

Уыцы заманы й‘ амондæн ссардта иттæг рæдау фысымтæ, мад, фыды æххуыс æмæ рæвдыд æй чи фæкодта йæ царды бонты. Уыдон уыдысты хорз ирон зæрдæйы хицæуттæ: сауджын Цæлыккаты Алыксандр æмæ йæ чызджытæ – ахуыргæнджытæ, хъæдгæс Санаты Ибрагим, йæ ус Фузæ, уырысæй суды лæг Владислав Шредерс, йæ ус Варварæ Шредерс.

Æнæ Къоста иу стыр æмбырд, куывд, цины хъазт нæ аивгъуыдтой ирмæ дæр, уырысмæ дæр. Æрбаиу кодта дыууæ адæмы.

Номдзыд поэт Лермонтовы цырты куывды Гуымы-Хъæрмæдоны* 1889 азы 16 августы иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры. Рæбынæй бадæг æй скодтой, æгас Уæрæсейæ чи æрцыд, уыцы фыссæг адæм, зондады дæснытæ æмæ хицæуттæ. Цырты раз бакаст джихрæсугъд рухсаджы кадæг «Перед памятником Лермонтова» («Лермонтовы цырты раз»).

«Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта!» – дзырдтой уырыс.

ЧЫЗДЖЫТЫ СКЪОЛАЙЫ ХЪУЫДДАГ

1890 азы Калакæй чырыстон дины хицæуттæй дзырд æрцыд: æрæхгæнут Дзæуджыхъæуы Иры чызджыты скъола… Фæсхохмæ йæ хæссинаг уыдысты. Ацы хæрам хъуыддаджы Калачы хицæуттæн иттæг æххуыс кодта Терчы бæсты ног хицау инæлар Каханов. Гæды тæрхæттæ ирон хъæутæй сайдта, скъола, дам нæ нал хъæуы.

Стыр тохы бацыдысты Иры хуыздæр лæгтæ. Хицæутты раз дзурæг æмæ хъаст ныффыссæг уыди Къоста. Хъæбæр фыст хъаст Синодмæ балæвæрдтой. Хорз дзуапп ссыди: «Скъола йæ бынаты ирæн хъуамæ баззайа»… Иры цинæн кæрон нæ уыди.

Инæлар Каханов ахæм ныхкъуырд йæ сæрмæ не ‘рхаста. Хъаст чи балæвæрдта, уыдоны алы æгъдауæй бафхæрдта, Къостайы та Терчы бæстæй, куыд фыдуаг ардауæджы, бæстæ змæнтæджы рарвыста. Уыцы æбуалгъ тыхмийыл Къоста балæвæрдта хъаст Сенатмæ.

Къорд мæйтæ ацарди йæ фыды хæдзары Лабæйы, стæй Стъараполы æрцард, æнхъæлмæ касти Сенаты дзуапмæ.

1892 азы зæронд Леуан амарди. Хæрз сидзæрæй баззад Къоста…

СТЪАРАПОЛЫ (1892 – 1896 азтæ)

Бæлвырдæй ацы азтæ уыдысты стыр хъазуаты заман Къостайы царды… Йæ зæхх бастау радта: «Северный Кавказ» – газеты æмбис хай ралхæдта æмæ бирæ азты Кавказы хицæуттимæ адæмы сæрыл кард æмæ уартæй фæтох кодта; æгас Уæрæсейыл чи адам, ахæм фидисы зарджытæ, ныхкъуырæн ныхæстæ рауагъта.

Къостайы фæстæ нырмæ Иры къухы иу уырыссаг газет нæ уыди. Ахæм газет адæмæн сæ сæрылхæцæг æмæ сын фæндаг айгæрдæг уыдаид…

СЕНАТЫ ТÆРХОН

23 ноябры 1895 азы Сенат тæрхон рахаста: «Ирон лæджы, Хетæгкаты Къостайы, хъаст раст у, уæгъдибар фæндаг ын ис йæ бæстæм. Инæлар Каханов ацы нæфæтчиаг æфхæрдыл хъуамæ дзуапп ратта мах раз!..» Дыккаг дзуапп Къостайы хъастыл æрцыд Сенатæй 14 июны 1896 азы. Иттæг æфхæрд фæци уым Кавказы сæрдар йæхæдæг. Æнæ судæй дзæгъæл рарвыстæн Къоста кæрон скодта. Бирæ раст адæм æгас Кавказы сæ хæдзæрттæм ссыдысты.

Стыр намыс скодтой ацы Сенаты тæрхæттæ Къостайæн æмæ Ирæн æгас Уæрæсейы.

КУЫРТТАТЫ ЗАРÆГ

Бабуц нæ мæгуыр Иры фыдцардæй æфхæрд зæрдæ. Сæ сæр систой æгас дзыллæ. Ныфсхастдæр фесты сæ разæйцог лæгтæ.

Уыцы рæстæджы Куырттаты хохы цæхæрцæст, дзыхифтонг фæсивæд Къостайы номыл тохы зарæг рауагътой. Зарæгæн йæ райдиан уыди:

Кавказы хицæуттæ нырризыдысты…

Нары айнæджы бæрзæндтæй

Ратахт домбай базырджын цæргæс!

Уыцы цæргæс у, Иры лæппутæ, нæ хохы буц фырт Къоста!..

ГУЫМЫ-ХЪÆРМÆДОНЫ (1896 – 1899 азтæ)

Стъараполы газеты куыст ныууагъта æмæ Гуымы æрцарди. Тыхджын уыди удыхъæдæй, фæлæ йæ мæгуыр фыдцардæй буары низтæ домын байдыдтой. Йæ зæрдæ агурын байдыдта æнцойад… Искуы хæдзары къуым куы саразин нæ Ирмæ хæстæг, бинонтæ куы æрхæссин – уыцы мæты бацыди…

Дыккаг æрвыст

Каханов фæхудинаг, зынгау сыгъди. Æфсон агуырдта йæ фесафынæн æмæ ссардта. Мæнгардæн цы нæ æнтысы!

1893 азы Дзæуджыхъæуы чындзæхсæвы Хетæгкатæй иу лæппулæг – Къоста уыди йæ ном – фæхыл пъæлицæимæ… Гæды протокол та Леуаны фыртыл – Къостайыл – ныффыстой… Сусæгæй тыхджын фæкуыстой æмзондæй Каханов æмæ Калачы стыр хицæуттæ. Кавказы сæрдар тæрхоныл йæ къух сæвæрдта: Хетæгкаты Къоста фондз азмæ Уæрæсейы кæронмæ хъуамæ æрвыст æрцæуа куыд æгас Кавказы змæнтæг!

Алы ран уыцы рæстæджы Къостайæн уыди хорз лымæнтæ, йæ фарс хъæбæр ныххæцыдысты. Гуымæй æнæ ахстæй афойнадыл Цыппурсы 1898 азы раирвæзти, Петербурджы балæууыди. Паддзахы номыл хъаст балæвæрдта.

Стыр газеты та тох самадта Кавказы хицæуттимæ. Лæджы тох!.. Кахановы асырдтой йæ бынатæй…

Иттæг æххуыс ын фесты уыцы бонты йæ хæстæг дохтыр Хетæгкаты Елызбары фырт Андухъапар, Абациаты Мæхæмæт æмæ Есенаты Сона (Кн. Тарханова).

«ИРОН ФÆНДЫР»-Ы АХСТ

Петербурджы йыл сæмбæлди ног арвы гæрах: «Кавказы хицæуттæ дæ чиныг «Ирон фæндыр», 2000 чиныджы цæттæгондæй, æрцахстой, сæ фесафыныл хъæбæр зилынц!»

Тыххæй бафтыди 1897 – 1898 азты цензур-комитетæй дзырд райсын, амалтæй йæ ныммыхуыр кодтон. Знаг адæм Къостайы царды фæллой, дзыллæйы амонд фехалынмæ бахъавыдысты!.. Нæ хур фæцæйныгуылди!.. Стыр тохы бацыдыстæм!..

ХЕРСОНЫ ТУХИТÆ

Къостайæн æмгъуыдмæ цæрынæн саккаг кодтой Херсон-сахар – цалынмæ йæ рæстад рабæлвырд уа; уым фæцард иунæгæй 1899 азæй суанг 1900 азы мартъимæ.

Судзаггаг бонтæ, мæйтæ цыдысты æнахуыр бæсты æцæгæлон адæмы астæу. Йæхи æгæрон сагъæстæй домдта… Фыста йæ лымæнтæм: «Ай рæстад куынæ и нæ сайаг дунейы, – мæхи марынмæ æрцыдтæн… Ай, цæй тагъд æрхæррæгъ дæн!.. Куы ницы мын бантысти скæнын нæ мæгуыр Ирæн. Цæрдудæй мæ мæлæтмæ куы æртардтой!»

«ИРОН ФÆНДЫР»-ы РАЦЫД

Иубон стыр тыхсты сахаты та пиллон зынгау йæ цæстытæ ссыгъдысты!.. Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ…

Æмырæй æхгæд сау арвæй йæм хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакасти…

Йæ разы лæууыд цæхæртæ калгæйæ йæ кады тырыса – ирон чиныг: «Къоста. Ирон фæндыр». Йæ уды куысты æнæмæлæт нысайнаг. Ирон кувæндоны.

Фæихсыдысты ирæн сæ бонтæ хурныгуылæны изæрау, дзæгъæл задысты сæ хæхтæ уынгыл ниуæг сидзæрау!.. Хъуыст зæрдæхалæн сагъæс:

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ,

Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..*

Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст лæгæн æмæ загъта мыггагæй-мыггагмæ хъуыдыйаг фарны ныхæстæ йæ сызгъæрин чиныджы: «Ныууадзут, Ир, хæлды ныхæстæ: чырыстон – пысылмон, Тега – Куыртта, æлдар – кæвдæсард, чысайнаг – туайлаг, дыгурон – къуыдарон…»

1895 азы айхъуыст æгас Ирыл йæ диссаг зарæг:

Цæйут, æфсымæртау

Раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

 

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй,

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

(«Балцы зарæг»)

Райхъал кодта мæрдхуыстæй ацы чиныг æгас Иры, уымæн æмæ дзыллæйы зæрдæйы уидæгтæм бахъардтой йæ æгæрон сагъæсы, кæуыны æмæ хидзыллæйады мæты ныхæстæ!..

Ацы чиныгæй фидар бындур самадта Къоста ирон литературæйæн.

Стыр æхсары уарт радта ирон фыссæгæн…

Культурон дзыллæты астæумæ ирон адæмы бакодта.

НÆ ИУНÆДЖЫ КÆРОН

Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъастæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон…

Ногбон боны 1900 азы Къостайыл Кавказы сæрдарæй тел сæмбæлди: Кахановы хъаст мæнг разынд, сæрибар дæ!..

1900 азы мартъийы ма тыххæй-амæлттæй схаста йæ домд стæгдар Гуыммæ… Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта йæ рæсугъд цæстыты зынг… Æгомыг уыди сызгъæрин дзых… Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ныххус!..

Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты. Йæ зонд йæхи бар нал уыди. Йæхæдæг æй, мæгуыр, не ‘мбæрста…

Цыдæртыл ма бæргæ архайын райдыдта. Йæ зæхх Лабæйы æрбауæй кодта, Дзæуджыхъæуы Ирыхъæуы кæрт алхæдта, хæдзар уым самадта; тыргътæй зындысты нæ хæхтæ æмæ быдыртæ…

«Куы мæлон, уæд сæм ардыгæй салам æрвитдзынæн!..» – дзырдта-иу худгæйæ…

Низ йæ сусæг сау куыст кодта. Иубон лæг æгасæй æрхаудта. 1903 азы йæ йæ хо Олга аласта сæ хæдзармæ Лабæмæ…

Сынтæгæй нал рахызти… Рынчынфæрсæг адæмæн дзырдта æрмæст дыууæ ныхасы: «Ме ‘фсымæртæ, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!..»

19 мартъийы 1906 азы Ирыл сæмбæлд цыбыр сау уацхъуыд: «Къоста амарди. Олга». Йæ мард ын сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ уым Иры аргъуаны фарсмæ баныгæдтой… Мардæн стыр æгъдау радтой алы дзыллæтæ… Кады дидинджытæй ингæн нал зынди…

Бирæтæ рæсугъд ныхæстæ загътой йæ цардыл æмæ йæ хъуыддæгтыл. Бакасти диссаг хъарæг уырыссагау поэт Цæголты Георги, иронау – Кадаты лæппу. Ерастийæ сæрвыста сау дудгæ маройы хъарæг поэт Гуырдзыбеты Бласка.

Ахæлиу сты адæмтæ…

Судзæггаг марды сæрмæ хостой сæ риу ирон мадæлтæ, бындзыггай тыдтой иры устытæ сæ сæры хил. Æдзарды сидзæр Иунæджы хъарæг кодтой…

Рухсаг, нæ Хурзæрин!..

Тбау Уациллаты, 1922 аз. Берлин

 

АБАЙТЫ Васо

 

ИРОН АДÆМОН ПОЭТ

ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТА

Уац

Æмдзæвгæты чысыл æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-æн йæ бон аккаг аргъ скæнын у кæцыфæнды адæмыхатты алы культурон адæймагæн дæр.

Фæлæ фарст, цы нысан кæны Къоста ирон литературæйæн, ирон адæмæн, зæгъгæ, куы сæвæрæм, уæд фыссæг кæуылты диссаджы хуызы разындзæн! Ирон фыссынад йæ размæ – сæйрагдæр, аргъуаны чингуыты тæлмацтæ. Парахат сæ кодтой адæмы динмæ раздахыны нысанимæ – фылдæрхатт сæ тæлмацгæнджытæ сæхæдæг дæр æнахуыргонд уыдысты.

Уымæ гæсгæ 1899 азы «Ирон фæндыр»-ы фæзынд ирон адæмæн сси фидæнмæ фæндагамонæг рухстауæн фæрæз. Йæ размæ национ литературон традици кæй нæ уыд, уый хынцгæйæ, йæ поэзийы æнæлаздзинад дисы æфтауы. Ирон литературæйы ратæдзæн сси йæ тæккæ бæрзонддæр, схизæн кæмæ нæй, ахæм цъупп дæр. Примитивы къæпхæны кой нæй – Къоста уайтагъд рацыд дзырды дæсныйы æмвæзадмæ.

Уыцы «диссæгты-диссаг» Къостайы къухы куыд бафтыд?

Æнæмæнг ын йæхи æнахуыр нæрæмон курдиатæй дарддæр фæахъаз, уырыссаг литературæ, уырыссаг классикты хорз кæй зыдта, уый. Уыдоныл ахуыр кодта. Æнæ Пушкин, Лермонтов, Некрасовæй Къоста дæр нæ уыдаид. Фæахъаз ын сты, литературон хъомылады ноггуырды къæпхæнæй хи бахизгæйæ, ирон адæмы хъуыдытæ æмæ сагъæстæ æнæлаз поэтикон хуызы равдисынæн.

Иннæ тых у ирон адæмон сфæлдыстад. Къоста йæ хорз зыдта, æмбырд дæр æй кодта. Адæмон мифтæ, аргъæуттæ, баснятыл арæхстджынæй бакуыста, æмæ «Фсати», «Фыййау», «Булкъ æмæ мыд», иннæ æмдзæвгæтæ систы йæ хуыздæр уацмыстæ.

Адæмон поэзи йæ къухты афтæ æрттывта, æмæ йæ хуызтæ мынæг кодтой – Къоста сæ куыд равдыста, афтæ сæ-иу рацарæзтæуыд (зæгъæм, цуанæтты зарæг «Фсати»). Æмæ ам зæрдыл æрбалæууы æндæр хæххон бæстæ Шотландийы адæмон поэт Роберт Бернс. Уый тыххæй загъта Гете Эккерманимæ ныхасы: «Что сделало его великим? Не то ли, что старые песни его предков были живы в устах народа, что ему пели их еще тогда, когда он был в колыбели, что мальчиком он вырастал среди них, что он сроднился с высоким совершенством этих образцов и нашел в них ту живую основу, опираясь на которую он мог пойти дальше?.. Не потому ли он велик, что его собственные песни тотчас же находили восприимчивые уши среди народа, что они звучали навстречу ему из уст простых людей?»

Цалдæр басняйы сюжеты («Рувас æмæ сæнæфсир», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ») Къоста райста Крыловæй. Фæлæ сыл сфæлдыстадон хуызы куыд арæхстджынæй бакуыста! Цыдæр сæхи хæдхуыз лиризмæй уæлдай ма сæм бахаста бынæттон ирон ахорæнтæ, уыимæ афтæ бæркадджынæй, æмæ сæ авторæн йæхи æххæст уацмыстыл банымайæн ис.

Мидис æмæ формæ Къостайы сфæлдыстады иттæг хорз фидауынц. Адæмимæ, тынгдæр сæ цы тыхсын кæны, ууыл дзурын, хæстæгдæр сæм цы формæ у, уымæй пайдагæнгæйæ, Къостайæ тынгдæр ничи арæхст æмæ æцæг адæмон поэт дæр уымæн сси. Йе стыр поэтикон курдиат уый нывондæн æрхаста йæ дзыллæйæн, уыцы дзыллæйæн сæрибар хæссæг чи уыд, ахæм раззаг национ-революцион идейæтæн. Хуымæтæг мæгуыр кусæг хæхты хъизæмар кæны гæвзыкк æмæ æбар уавæрты, фæлæ уæддæр у цардбæллон æмæ суанг юморæй хайджын дæр. Ахæм фæлгонц уыд Къостайы уарзон хъайтар, ахæм фæлгонцыл хардз кодта æнауæрдонæй йæ бæркадджын уды арт.

Уыцы хохаджы символ сси адæмон кадæггæнæг Хъуыбады. Мæгуыр фыййау хъæрзы æлдары фыдмитæй, фæлæ йæм разыны йæ уæззау хъысмæты ныхмæ тохы аккаг миддунеон хъару. Зарæггæнæджы курдиат æм йæ фыдæлтæй фæхæццæ, æмæ йын уый дæтты йæ миддунейы сæрибар уæвыны амонд. Уыцы амонд фæкайын ницавæр зындзинæдты бон у…

Къостамæ æххæстæй хауынц, Т. Карлайл Бернсы тыххæй кæй загъта, уыцы ныхæстæ: «Он был рожден поэтом. Поэтическое творчество было небесным элементом его существа. Бедность, непризнанность и всякое бедствие были для него чем-то ничтожным, лишь бы не унижались его человеческое достоинство и его искусство… В его поэзии как бы живет свежесть и чистота горного воздуха… В нем заключена властная сила и в то же время чарующая врожденная грация. Он и нежен, и резок. Он и умиляет сердце, и воспламеняет его. Мы видим в нем нежность, трепещущее сострадание наряду с глубокой серьезностью, мощью и страстной пламенностью героя. В нем таятся слезы и скрывается пожирающее пламя, как молния в каплях летней тучи».

Паддзахы Уæрæсейы уæззау æхсæнадон уавæртæ æмæ йæхи царды зынтæ Къостайæн йæ поэзийыл хорзæрдæм нæ сахадыдтой. Уæлдай тынг фæзындысты йæ уырыссаг лирикон æмдзæвгæтыл – уыдоны æнхъæвзынц зæрдæсаст мотивтæ. Фæлæ æрдзæй поэт уыд цардбæллон. Уарзта æрдз æмæ æппæт адæмы дæр, æмæ уымæ гæсгæ сæвзæрд йæ зæрдæйы йæ æвæджиауы манифест: «Весь мир – мой храм, любовь – моя святыня, Вселенная – Отечество мое».

Къоста Ирыстоны уыд йæ рæстæджы тæккæ ахуыргонддæр адæймæгтæй иу æмæ æдзух æнкъардта йæ дзыллæйы цур бæрнондзинад. Йæ царды фæстаг бонтæм дæр тыхст, адæмæн фаг хæрзты кæй нæ бацыд, уымæй: «Хоть бы луч показался рассвета!.. / Хоть бы треснуло сердце в груди!..» Хъыгагæн, цы «хурыскастмæ» бæллыд, уый нал федта – 47 азы дæр ыл æххæстæй нæма цыд, афтæмæй зæххон дунейæ ацыд.

Æцæг номдзыд адæм уымæй хицæн кæнынц, æмæ, цас фылдæр рæстæг рацæуы, уыйас сæ ном æмæ фарны хъуыддæгтæ ноджы зындгонддæр, кадджындæр æмæ уырнинагдæр свæййынц. Уымæн æвдисæн – Хетæгкаты Къоста. Цас фылдæр рæстæг цæуы йæ амардыл, уыйас ноджы бæлвырддæрæй уынæм, ирон адæмы ‘хсæн ын цы нысаниуæг ис, уый. Йæ ногкъахт ингæны цур чи лæууыд, уыцы ирæттæ дæр сæхимидæг æнкъардтой, кæй бацарæфтыд æппæты хъæугæдæр, æппæты уарзондæр, æппæты зынаргъдæр адæймаг. Фæлæ æрмæстдæр ныр уынæм æххæстæй Къостайы фæлгонц, йæ историон нысаниуæг.

Цæмæй нын у уæдæ зынаргъ Къоста?

XIX æнусы зындгонд америкаг хъуыдыгæнæг Ральф Эмерсон (стыр аргъ ын кодта Лев Толстой) йæ чиныг «Представители человечества»-йы адæмты хуыздæр минæвæрттыл нымайы къаролты, министрты æмæ инæларты нæ, фæлæ философ Платоны, драматург Шекспиры, поэт Гетейы: «Все сенаты и всех монархов со всеми их медалями, шпатами и мундирами мы не поставим на один уровень с людьми, возвещающими человечеству лучшие мысли и чувства с высоты гения, просветляющими его разум и облагораживающими его душу».

Ирæттæй бирæты фæсайдта æфсæддон дарæсы æмæ майданты æрт-тывд, æмæ сын дызæрдыггаг нæ уыд, сæрбæрзонд уæвын Къостайæ нæ, фæлæ ирон инæлартæй кæй хъæуы. Уыдонимæ абаргæйæ, Къоста æнæбон мæгуырæй, мулк бакусын йæ бон кæмæн нæ уыд, ахæм адæймагæй зынд. Фæлæ истори йæхæдæг абон уа æви райсом рахæссы йæ тæрхон къаролтæн æмæ поэттæн дæр.

Къостайæн æппæт адæмты ‘хсæн дæр йæхи нысаниуæг кæй ис, уый баст у йæ национ нысаниуæгимæ. Æндæр хуызы уæвæн нæй – цæмæй дæ æппæт адæмтæ нымайой, уый тыххæй уал дæхи адæмы ‘хсæн иууыл хуыздæр уæвын хъæуы. Платон, Шекспир, Гете, Пушкин уал фыццаджы-фыццаг се сфæлдыстады бердзенаг, англисаг, немыцаг, уырыссаг адæмты удварны тых раргом кодтой. Къоста дæр æппæт адæймагадæн зынаргъ суæвыны размæ йæ нацийы удварн, хъару æмæ рæсугъддзинад равдыста.

Наци цæйас у, уый ницы давы. Налхъуыт-налмасæн, чысыл денджызы æви йæ стыр фурды самал чындæуыд, уый йæ аргъыл никæм зыны. Ирæттæ чысыл адæмыхатт сты, зæгъæн ис, армыдзаг. Фæлæ Къостайы руаджы æнæхъæн дуне дæр базыдта, уыцы чысыл адæмæн парахат æмæ тæмæнкал зæрдæ кæй ис.

Сæрмагондæй мæ фæнды фæнысан кæнын Къостайы фæлгонц куыд национ идеал. Нæй йæ фæлгонцы ныхас æмæ хъуыддаг, сфæлдыстадон æмæ йæхи биографийы ‘хсæн хицæндзинæдтæ. Йæ цард æнæхъæнæй дæр арæзт у иу нысанмæ. Поэт, публицист, æхсæнадон архайæг – уыдæттæ алыхуызон, кæрæдзи ивæг дæсныйæдтæ не сты, фæлæ сæрибармæ, социалон рæстдзинадмæ, дзыллæйæн хуыздæр цард саразынмæ тырныны алыхуызон фæзилæнтæ. Уыцы фæзилæнтæ алы рæстзæрдæ ироны уды дæр цæхæр калдтой. Гъемæ Къоста йæ дзыллæйы уды тæнтыл аныдзæвыд.

Алы иронæн дæр Къоста зынаргъ уымæй у, æмæ дзы йæхи хуыздæр миниуджытæ уыны. Йæ фæлгонц сси тæккæ уæлмонцдæр символ, фæндагамонæг стъалы æнæхъæн адæмыхаттæн. Къостайыл ахъуыдыгæнгæйæ, алкæй дæр бафæнды хуыздæр, сыгъдæгдæр, куырыхондæр уæвын. Уыцы монцтæ сæвзæрдысты фæстæдæр чиныг «Ирон фæндыр»-мæ бацæуæг æмдзæвгæты фæзындимæ æмæ нæ бамынæг уыдзысты фидæны, Къостайы æнусон поэзи æппæт адæмты прогрессивон культурæйы хæзнадонмæ чысыл ирон адæмы бавæрæны хуызы куы бацæуа, уæд дæр.

Мæ ныхас та фæуыдзынæн Карлайлы хъуыдыйæ Вернейы тыххæй: «Он покоится, лелеемый нашей памятью в сердце каждого из нас, и это более величественный мавзолей, чем те, которые сделаны из мрамора».

Зонадон уацты æмбырдгонд

«Осетинская филология: история и современность»-ы

3-аг рауагъдæй (Дзæуджыхъæу, 1999) ист æрмæг

 

ÆХСÆНАДЫ АХАСТ КЪОСТАЙЫ

 НОМ СÆНУСОН КÆНЫНМÆ

«Бирæ фыст æрцыд, Хетæгкаты Къостайы æнафоны мæлæт æрмæст ирон адæмы нæ, фæлæ йæ чидæриддæр зыдта, æппæт уыцы рæстаг адæмты зæрдæтæ дæр куыд нынкъуысын кодта, уый тыххæй. Æхсæнадмæ къаддæр рыст нæ сæвзæрд, Къостайы ингæныл (стæй æндæр рæтты дæр) цырт сæвæрыны хъуыддаг кæй ныффæстиат, уый тыххæй дæр. Нæ интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй Къостайы цырты хъысмæт кæй риссын кодта, уыдон бирæ маст æмæ сагъæс бавзæрстой ацы фарсты фæдыл:

«Мартъийæн йæ 19-ы сæххæст 4 азы Къостайы амардыл. Уыцы бон йæ зæрдæйыл кæмæн æрлæууыди «Ирон фæндыр»-ы сфæлдисæг, уый æнæмæнгæй загъта, æвæццæгæн, йæхинымæр: «Додой, мыййаг, ацы 4 азы куыд аивгъуыдтой, афтæ бирæ азтæ куы аивгъуыйа, æмæ куы ферох кæнæм Къостайы…»

…Бакæсут ма Дзæуджыхъæуы ирон аргъуаны галуанмæ, Къоста ныгæд кæм ис, уырдæм. Кæд дардæй æрцыдтæ, мыййаг, æмæ нæ зоныс бæлвырдæй Къостайы ингæн, уæд, кæд искæй бафæрсай, кæннод дæ бон нæ бауыдзæн йе ссарын… Цæргæйæ куыд иунæг æмæ сидзæр уыд йæхæдæг, йæ ингæн дæр афтæ иунæг æмæ сидзæрæй лæууы иннæ ингæнты æхсæн. Йæ нывæрзæны – чысыл сау дзуар, æмæ уый дæр иуæрдæм ныкъкъул и. Цы чысыл ныхæстæ йыл ис фыст, уыдон та зынгæ дæр нал кæнынц, равзарæн сын нал ис, къæвдайы уазал дон сæ æриста.

Сау мæр сыджыт ныккалдта Ирыстон йæ ахсджиаг хъæбулыл… Ферох и ингæн!..

Байхъусут-ма, куыд хъуысы æгомыг сау ингæнæй Къостайы зæрдæхалæн уайдзæф:

Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

Иу бон кæндзыстут мæ дзырд…

Уый фæстæ ферох уыдзынæн,

Ничиуал зондзæн мæ цырт…

Ирон лæг! Куыд æгомыг бадæ дæ буц æфсымæры уайдзæфмæ? Куыд рох дæ фæци? Куыд дзæгъæл ын ныууагътай йæ ингæн?

Къоста уыди Ирыстоны ахсджиаг хъæбул. Талынг уæрмæй нæ рухсмæ систа, бацамыдта нын уарзын, бацамыдта нын дзурын. Аккаг нæу махæн Къостайы ингæн афтæ сидзæрæй, афтæ дзæгъæлæй ныууадзын».

Гаглойты Рутен. Къостайы цырты тыххæй.

 «Æфсир», 1910 аз, 11 апрель, №9

 

«Манджурæй куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ, фарон уым Къостайы мард куы фехъуыстой, уæд Иры фæсивæд сæмбырд кодтой йæ цырт саразынæн цасдæр æхца æмæ сæ радтой Калоты Естъамæ ранмæ фæхæццæ кæнынмæ, фæлæ уæдæй фæстæмæ уыцы æхцайы хабарæй ницыуал зонынц сæ лæваргæнджытæ æмæ сидтысты Естъамæ дзуапп дæттынмæ уыцы газетæй, фæлæ Калойы-фырт ницы дзуапп радта адæмæн».

«Ног цард», 1907 аз, 5 август, №42

 

«Хетæгкаты Къоста! Ацы ном æгас Ирыстонæн, алы ирон лæгæн дæр зынаргъ у!

Къоста радта ирон адæмæн зынаргъ «фæндыр», ирон адæмæн бауарзын кодта ирон чиныг, ирон æвзаг. Къоста йæ «фæндырæй» ирон адæмы зарын сахуыр кодта. Къоста ирон æвзаг срæсугъд кодта.

Къоста мæгуыр, фæллойгæнæг адæмы тыххæй йæ чысылæй йæ мæлæты бонмæ бирæ фæтох кодта Уæрæсейы тугцъир хицауадимæ æмæ æлдæрттимæ. Къоста æрмæст ирон фæллойгæнæг адæммæ нæ, фæлæ иннæ адæмыхæттыты фæллойгæнджытæм дæр иу цæстæй кастис, æмхуызон сын лæггад кодта, æмхуызон сæ уарзта. Къоста уыдис фæллойгæнæг адæмы иузæрдион фæтæг, поэт!

Къоста æцæг социалист уыди.

Фæллойгæнæг адæм никуы ферох кæндзысты Къостайы ном. Ирон адæм буц сты Къостайæ. Ирон адæмæн сæ бон у зæгъын, зæгъгæ, махæн дæр кадджын фыссæг поэт уыди – Хетæгкаты Къоста.

Къостайы амæлæты бонæй æххæст кæны 20 азы. Ацы 20 азы сæрыл ирон адæм хъуамæ стыр кадæй æрымысой сæ кадджын поэт Хетæгкаты Къостайы ном. Къостайæн цыртытæ хъуамæ сырæзой Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Цæгат Ирыстоны дæр!»

Пухаты В. Хетæгкаты Къоста.

 «Хурзæрин», 1926 аз, 28 февраль, №8

 

«Къоста уыди Ирыстоны ахсджиагдæр хъæбул», – афтæ дзурынц æппæт ирон адæм. «Къостайы ном æвæринаг у, цырт ын аразын хъæуы», – дзурынц рагæй дæр нæ раздзæуджытæ. Фæлæ хъуыддаг ныронг йæ бынатæй нæ фенкъуысти.

… Къоста йæхи нывондæн хаста адæмы тыххæй, йæ цæрæнбонты уый фыдæбæттæ æрвыста адæмы сæрыл. Кæд-иу ахæстæтты бадти, кæд-иу сырд æрцыди йæ райгуырæн бæстæй, уæд æрмæст адæмы сæрыл. Уæдæ йын адæм сæхæдæг хъуамæ саразой цырт».

Коцойты Арсен. Къостайы цырты тыххæй.

«Рæстдзинад», 1926 аз, №72

 

«Кочынаты Сабан Калачы куыста иузаманы. Уымы ирон адæм æрæмбырд кодтой 3 мин сомы Къостайæн цырт саразынæн. Бирæ фæракæ-бакæ кодта Сабан, фæлæ æхца никуыуал разындысты. Иухатт куы уыди, уæд бацыдтæн Сабанмæ.

– Ацы æхцайы хъуыддаг æхсæны хъуыддаг у, ахъуыды йыл хъæуы, – ахæм ныхæстæ мын фæкодта. Уалынмæ йæхæдæг дæр амард. Æмæ доны къусау фесæфтысты æртæ сыгъзæрин мины».

Хетæгкаты Рахе. Къостайы тыххæй мысинæгтæ.

Ныффыста сæ Къосираты Сæрмæт.

ЦИЗИИ, Хетæгкаты Къостайы фонд, 65-æм папкæ

 

 

КЪОСТАЙЫ ЦАРДÆЙ

 ЦЫМЫДИСАГ ХАБÆРТТÆ

 1889 азы 16 августы Хетæгкаты Къоста æрцыд Пятигорскмæ Михаил Лермонтовæн цыртдзæвæн гом кæныны æмбырдмæ. Бæрæгбонмæ адæм сæхи 18 азы цæттæ кодтой, цыртдзæвæн саразынæн æхца та æнæхъæн бæстæйæ æрæмбырд. Къоста интеллигенцийы номæй раныхасы фæстæ æмдзæвгæ бакаст, цыртдзæвæныл сæвæрдта дидинджыты алдымбыд, «От сынов Кавказа», зæгъгæ, ахæм фыстимæ. Йæ ныхас æмбырды архайджыты зæрдæмæ тынг фæцыд, фæлæ йыл рухстауджытæй дарддæр сæ цæст æрæвæрдтой закъоны кусджытæ.

 

 1891 азы Къоста уыд Дзæуджыхъæуы сылгоймæгты скъола сæхгæныны ныхмæ дзурджыты рæнхъыты. Фæсидт суанг Номдзыд кънйазы бинойнаг Ольгæ Федоры чызгмæ æмæ обер-прокурор Победоносцевмæ дæр. Æхсæнад сызмæлыд, æмæ Терчы облæсты администрацийы бахъуыд йæ уынаффæ аивын. Сылгоймæгты скъола бæргæ баззад, фæлæ поэты ахастой ахæм азымимæ: «Подстрекательство живущих во Владикавказе осетин к подаче незаконных прошений».

 

 Къоста тынг арæхстджын барæг уыд. Иуафон Дзæуджыхъæуы фæцæйцыд ирæтты къордимæ бæхты дугътæм. Нозтджын бæхджынæн цæмæй йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, чи зоны, фæлæ сæ ралгъыста. Къоста бæхыл абадт, се ‘фхæрæджы асырдта, зæхмæ йæ раппæрста æмæ йын йæ бæхыл йæхæдæг сбадт. Афтæ дзы се ‘ппæты маст дæр райста.

 

 1967 азы литературон-аивадон альманах «Советская Осетия»-йы Дзантиаты Анатолийы уац «Становление осетинского музыкального искусства»-йы ис Хетæгкаты Къостайæн Беслæны æвæрд цыртдзæвæны кой. Йæ автор – скульптор Дзантиаты Алыксандр. Цавæр цыртдзæвæн у æмæ цы фæци, уый бæрæг нæу.

 

 Къостайыл дæс азы куы цыд, уæд Дзæуджыхъæуы прогимназы ахуыр кодта. Хæдзармæ здæхгæйæ-иу йæ цырыхъхъытæ раласта, æмæ сæхимæ, Ирыхъæуы районмæ, бæгъæввадæй цыд. Иуафон та йæ цырыхъхъытæ раласта æмæ бандоныл æрбадт. Уыйадыл дзабыртæ фесæфтысты, æмæ бæгъæввадæй никуыуал ацыд.

 Къостайы æрвад æмæ хæлар Хетæгкаты Андухъапар мысыд, сывæллонæй поэт ахуырмæ мæнæ рæвдз кæй нæ уыд. Уыимæ чиныгмæ нæ кæсгæйæ аив дзырдта поэтикон æмæ прозаикон уацмыстæ, кадджын мадзæлтты-иу каст Хуыцаумæ куывдтытæ. Иуафон чысыл Къостайы фехъуыста æнæхъæн Кавказы дæр зындгонд педагог Януарий Неверов, æмæ йæ зæрдæ суынгæг, йæ цæссыгтæ æркалдысты.

 

 1881 азы сæрды Къоста Бетъырбухмæ куы ‘рцыд, уæд йæ иузæрдион æххуысгæнæг Хетæгкаты Андухъапары агурæг фæраст. Уый уæд Æфсæддон-медицинон академийы 3 курсы ахуыр кодта æмæ рæстæгмæ цард йæ бинойнаджы хæдзары. Мæнæ куыд фыссы йæхæдæг: «Иу мæйрухс æхсæв дын фехъал дæн цыдæр уынæрæй æмæ уынын, чидæр рудзынгæй уатмæ куыд хизы, уый. Мæ фæдисы хъæрмæ сдзырдта: «Къоста дæн, Къоста!» Бацин ыл кодтон, фæлæ мын ме ‘хсæвиуатгæнæн куыд ссардта, уый мæм диссаг фæкаст. Æмæ мын загъта: «Хетæг мыл ауды, уый мæ раст фæндагыл сарæзта». Къоста къуыри йæ хæлармæ фæцард, стæй Аивæдты академимæ ацыд.

 

 Терчы облæстæй йæ фыццаг хатт куы ахастой, уæд Къоста æппынкъаддæр æртæ хатты сусæгæй уыд Дзæуджыхъæуы. Æрбынатон-иу йæ хæлæрттæм – Шредерсты бинонтæм. Варварæ Шредерс уыд Дзæуджыхъæуы прогимназы хицау, йæ къай та – фидауынгæнæг тæрхонгæнæг. Дыууæйæ дæр хорз зонгæ уыдысты Терчы облæсты сæргълæууæг инæлар Кахановимæ æмæ-иу æй арæх уазæгуаты фæхуыдтой. Инæларæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, радон хатт та сæм куы сæмбæлд, уæд Къоста иннæ уаты кæй уыд. Тынг рынчын хаста, æмæ йæ Варварæ дохтырмæ ласта.

 

 1893 азы 23 январы та Къоста Дзæуджыхъæумæ сусæгæй æрцыд Цæлыккаты Аннæимæ аныхас кæнынмæ. Ацы хатт хабар инæлар Кахановмæ байхъуыст, æмæ йæ бардзырдмæ гæсгæ поэты æрцахстой Шредерсты хæдзары. Хастæй, хицауадæй бар нæ райсгæйæ, кæй æрыздæхт, уый тыххæй йæ ахæстоны бакодтой. Суæгъд æрмæст цалдæр боны фæстæ, фæлæ йын йæ паспорт байстой æмæ йын ныффыссын кодтой гæххæтт, Дзæуджыхъæуы æмæ Дзæуджыхъæуы зылды кæй нæ цæрдзæн, уый тыххæй.

 Къоста портреттæ заказмæ гæсгæ дæр фыста – адæм æм цыдысты, газеты хъусынгæнинаг фенгæйæ. Йæ хæлæртты портреттыл-иу дзæвгар рæстæг фæкуыста, сæ фæлыстмæ сын лæмбынæг цæстæнгас даргæйæ. Цæлыккаты Аннæйы зындгонд портреты æвзист къæндзы-æгънæджытæ нывгæнæгæн йæхи эскизмæ гæсгæ скодтой.

 

 Къостайы йæ фыд Леуан ахуырмæ Нары аргъуаны скъоламæ куы бакодта, уæд дзы ахуыргæнæг уыд сывæллонæн йæ мадыфсымæр Гуыбаты Иван. Хетæгкаты Никъала куыд дзырдта, афтæмæй йæм æвзæр цæстæй каст, æмæ-иу Къоста скъолайæ йæхи хызта, суанг ма-иу хæдзарæй дæр алыгъд, цæмæй йæ уырдæм ма ‘рвитой, уый тыххæй.

 

 1891 азы хасты уæвгæйæ, Къоста тынг мысыд йæ райгуырæн бæстæ, фæндыд æй исты хæрзты йын бацæуын. Уый тыххæй хъуыд Екатеринодар (Краснодар) кæнæ Тифлисмæ рацæуын, фæлæ йæ фыд фæрынчын, æмæ йын уыцы гæнæн нæ уыд. Уæд Дзæуджыхъæумæ йæ хæлæрттæм фыста, иунæгæй кæй тыхсы, æмæ хъазгæмхасæн дзырдта, уынджы фыццагдæр цы чызгыл фембæла, уый кæй ракурдзæн. Йе ‘мбæлттæ, йæ хасты æмгъуыд кæд фæуыдзæн, уымæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты æмæ йын дзырдтой, цæмæй æнæрхъуыды митæ ма кæна. Бынтон æнкъард ын цæмæй ма уа, уый тыххæй йæм фыстой, Дзæуджыхъæуы ногæй цы ис, уыдæттæ.

 

 Фыццаг хатт Хетæгкаты Къостайы ном газетты фæрстыл фæзынд 1887 азы ноябры. Уæд газет «Терские ведомости» хъусын кодта, Дзæуджыхъæуы коммерцион клубы кæй равæрдтой æрыгон нывгæнæджы куыст «Святая равноапостольная Нина, просветительница Грузии». 10 декабры та газет «Северный Кавказ» ныммыхуыр кодта дзæуджыхъæуккаг Ляцедовы уац. Уый бæлвырд радзырдта «стъарапойлаг гимназы раздæры хъомылгæнинаджы» нывы тыххæй.

 

 Иуафон Къоста Стъараполæй Нармæ æрцыд. Изæры хъусы, æмæ æрыгон лæппуты къорд зары йе ‘мдзæвгæ «Сидзæргæс»-ы ныхæстыл зарæг. Йæ цæссыг калгæ йе схæссæг Дзапарты Чендзейы хæдзармæ бахызт.

 

 Йæ цард-цæрæнбонты Къостайæ Нар рох никуы уыд, æдзух æм хохаг зæхкусджытæ сæ хæдзæртты æнхъæлмæ кастысты. Херсонмæ йæ куы æрвыстой, уæд æрцыд йæ райгуырæн хъæумæ. Цæрджытæ иууылдæр æрæмбырд сты, æмæ æмбисæхсæвмæ зæронд лæгтимæ фæныхас кодта. Дзырдта, паддзахы службæгæнджытæ Кавказы цæрджытæн цы фыдмитæ кæнынц, ууыл кæй фысдзæн, æмæ сын афтæмæй сæ хъысмæты тыххæй æнæхъæн дуне дæр кæй базондзæн.

 

 XIX æнусы 90-æм азты хæххон департаменты разамынд сфæнд кодта Садоны-Алагиры здыйы-цинчы куыстуат дæргъвæтин æмгъуыдмæ фæсарæйнаг (бельгиаг) капиталистты агент æмæ уырыссаг æфсæддон-денджызон флоты отставкæйы афицер Фильковичæн раттын. Къоста уыцы лæджы хорз зыдта. Гъемæ Филькович, цæмæй хицауады зæрдæ балхæна, уый тыххæй æхсæнад «Алагир»-ы фæрæзтæй Ходы сарæзта аргъуаны скъола. Ног хæххон скъола байгом кæнынмæ æрбамбырд сты Терчы облæсты администрацийы сæйраг кусджытæ иууылдæр сæ ног хицау инæлар Толстовимæ. Аргъуаны æмæ хицауады кусджытæ диссаджы бæрæгбон сарæзтой. Къоста уыд Ирыстоны хæххон хъæуты рухсадон куыст кæныны фарс, фæлæ уыдта, ахæм хуызы ахуыргæнæндæттæ мæнæ ахъаз кæй не сты: ахуыргæнджытæн – мамæлайы къæбæры фаг мызд, программæ – зынæмбарæн, ахуыргæнинæгтæн æппындæр ницы уавæртæ уыд. Уымæ гæсгæ Къоста, скъола куы байгом, уымæй иуцасдæры фæстæ газет «Северный Кавказ»-ы йæ уацы фыста, рухсады нысаниуæгимæ агъуыстытæ арæхдæр скъæтты хуызæн кæй вæййынц. Скъолатæ зæххын пъолтимæ уазал æнæсæрст дурын саратæ кæй схуыдта, уымæй Терчы администрацийæн, аргъуаны разамындæн æмæ бельгиаг капиталисттæн бамбарын кодта, хи ‘вдисыны размæ уал сывæллæттæн ахуырæн уавæртæ саразын кæй хъæуы.

 

 XIX æнусы кæрон Дзæуджыхъæуы зындгонд уыдысты сомихаг уидæгтимæ къупецаг Поповты бинонтæ. Æфсымæртæ Петр æмæ Семенимæ Къоста хæларæй цард æмæ сæ куырдта, цæмæй йын феххуыс кæной сæ хо Аннæйы ракурыны хъуыддаджы. Уыдон загътой, йæ хъысмæт аразæг алчи йæхæдæг кæй у, фæлæ сæ Къоста-сиахс нæ хъуыд, уый уайтагъд рабæрæг – Аннæйы æвæстиатæй Тифлисмæ арвыстой.

 

 Иухатт Къостайы зонгæтæй иу – Уæрæсейы губернитæй Кавказмæ æмæ фæстæмæ лидзæг адæмæн æххуысы æхсæнады архайæг Виктор Кизер – æвзаг бахаста Цæлыккаты Алыксандрмæ. Уæд Хетæджы-фырт уымæ цард, æмæ, дам æй атæр, дæ чызг Аннæйы курынвæнд кæй кæны, уый тыххæй.

 

 Поэты хион æмæ хæстæг хæлар уыд Хетæгкаты Никъала (Никъо). Райгуырд Нары, уыд Къостайæ дыууæ азы хистæр, иу рæстæг ахуыр кодтой Стъараполы гимназы. 30-аздзыдæй Никъо ракуырдта 16-аздзыд Мамиаты Рахейы. Къоста сын сæ сывæллæтты тынг бирæ уарзта æмæ сæм-иу уазæгуаты бацыд. Сывæллæттæ-иу пыхцылсæртæй цингæнгæ йæ размæ разгъордтой. Къоста-иу йæхи фæтызмæгхуыз кодта æмæ сын-иу сæ мадмæ бадзырдта: «Æри-ма, Рахе, хæсгард». Æлвындзæн нæ, зæгъгæ-иу сывæллæттæ фæтарстысты, æмæ-иу сынтæджы бын абырыдысты. Се ‘рмттæй-иу сæхи афастой, æмæ-иу уæд йæ размæ рацыдысты.

 

 Дзæуджыхъæуы абоны Сомихаг æмæ Рождественская уынгты баиуы бынаты Къоста йæхицæн хæдзар куы арæзта, уæд йæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ зиу расидтысты. Уæрдæттæй хæдзары бынатмæ ластой змис æмæ дур. Зиууонтыл ма ноджы бафтыд, æмæ кæрт уайтагъд айдзаг арæзтадон æрмæгæй.

 

 Къоста æмæ Хетæгкаты Никъо иумæ арæх тезгъо кодтой. Уарзтой, кæрдо бæлас йæ кæрты кæмæн зад, уыцы хæдзары абадын абоны Кутузовы æмæ Къостайæн йæхи номыл уынджы баиуы бынаты. Бæласы бын-иу бирæ фæныхæстæ кодтой. Ам сын-иу фынг дæр ацарæзтой.

 

 Æрыдоны семинары цур лæууыдысты æрыгон афицертæ инæлар Хораны-фыртимæ иумæ. Къоста мæгуыргомау дарæсы сæ рæзты фæцæйцыд æмæ сын салам радта. Уыдон æй ницæмæ æрдардтой. Иуцасдæры фæстæ семинары цавæрдæр изæр арæзт æрцыд, æмæ йæм поэты дæр фæхуыдтой. Уый хæрзарæзтæй æрбацыд, æмæ йын æнæрвæссон афицертæ салам раттынмæ батагъд кодтой. Уый дзы иуы къух дæр нæ райста, æрмæст сын йæ цухъхъамæ бацамыдта: «Сымах салам мæнæн нæ, фæлæ мæ цухъхъайæн дæттут». Уыйадыл сæ рæзты баивгъуыдта.

 Хуссар Ирыстоны æрыгон лæппу амардта кънйазы фырты, йæ бинойнагæн ын тыхми кæнынмæ кæй хъавыд, уый тыххæй. Лæппуйы æрцахстой, хъæуыл та æртæ мин сомы ивар сæвæрдтой. Хъæуккæгтæ батыхстысты, æмæ сын уæд чидæр загъта, цæмæй æххуысагур Хетæгкаты Къостамæ фæцæуой. Поэтмæ дыууæ лæджы рарвыстой, фæлæ хохæгтæ сæ мæгуыр арæзты тыххæй хæдзармæ бахизын фефсæрмы кодтой. Къоста сæм рацыд æмæ сын загъта, йæхæдæг дæр хохаг лæппу кæй у, æмæ æфсæрмыйаг хъуамæ кæй ма уой. Бавæрдта сын æххуысæй ныфс æмæ алырдæм хъæстытæ фыссын райдыдта. Лæппуйы суæгъд кодтой, ивар систой. Хохæгтæ поэтæн бузныджы охыл 100 сомы лæвæрдтой, фæлæ сæ уый нæ бакуымдта.

 

 1902 азы Къоста ныхасгонд уыд 22-аздзыд Хуырымты Леляимæ, хъуамæ йæ ракуырдтаид. Чызг дæр Къостайау уыд тарнизæй рынчын, æмæ 1905 азы амард. Афæдзы фæстæ Лабæйы амард поэт йæхæдæг дæр.

 

 1905 азы рацыд закъон, цæмæй хохæгтæ горæты уынгтæм хæцæнгарзимæ мауал цæуой. Фæлæ номдзыд ирон поэты ныгæнæн бон адæмæй бирæтæ бæхтыл æд æхсаргард æмæ хъаматæ цæуын байдыдтой. Чидæртæ та – цуаноны топпытимæ. Пъæлицæ сын хъавыд сæ хæцæнгарз байсын, фæлæ, хохæгтæ къордтæ-къордтæй куы фæзындысты, уæд нал бауæндыдысты, æрмæст губернаторы хæдзары цур хъахъхъæнджытæ фæзынд. Къостайы бавæрдтой æнæ музыкæ æмæ хъæлæбайæ. Æрмæст уый фæстæ хохæгтæй чидæр уæддæр цалдæр æхсты фæкодта, хицауады ныхмæ кæй у, уый равдисынæн.

 

 1897 азы Стъараполы Къоста сси Мæгуыртæн æххуысы æхсæнады уæнг. Уымæй уæлдай ма дзы уыд 93 адæймаджы – ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, адвокаттæ. Æххуыс кодтой æвæрæз бинонтæн, уыимæ ныхас æрмæст æхцайыл нæ цыд – дзырдтой сидзæрты хæдзæрттæ, æнæхæдзар адæмæн æхсæвиуæттæ, рынчындæттæ, арæндæттæ аразыныл. Сæ бæллиц уыд, мæгуыртæн лæвар медицинæ æмæ ахуырадæн уавæртæ цæмæй фæзыной, уый.

 

 Къостайы ныгæнынмæ Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ. Хицауад, афтæ бирæ адæм æрæмбырд уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдысты. Рауад дзы стыр демонстраци. Поэты хо Хетæгкаты-Хъайтмæзты Уæлгъа фыста: «Коста встретили уже в Беслане. Во Владикавказ мы прибыли в 11 часов. На вокзале было столько народу, что пройти туда было трудно, вся платформа была заполнена. Хотя приготовили траурную колесницу, но Коста все время несли на руках, даже на головах. Несли студенты, офицеры, простой народ… даже простые оборванцы… Грузин Шошиев покрыл гроб богатым парчовым покрывалом… Его отпевали осетины, грузины, армяне…»

 

 Терчы облæсты хицау Кахановæн Къоста уыд йе знаг, æмæ æдзух агуырдта исты маст ын скæныны фадат. Фыццаг хатт æй йæ райгуырæн бæстæйæ ахаста Сылгоймæгты гимназ сæхгæныны ныхмæ сдзурыны тыххæй. Дыккаг хатт та йæ рахуыдта чындзæхсæвы хæцæнгарзæй æхст самидингæнæг. Уæд та поэт Ирыстонæй фæиппæрд фондз азмæ. Фæстæдæр рабæрæг, фыдæнæн ми кæй уыд: уыцы чындзæхсæвы поэт нæ, фæлæ йе ‘рвад – Хетæгкаты Созырыхъойы фырт Къоста – «басгуыхт».

 

 1901 азы Къоста хастæй куы сыздæхт, уæд архайдта курдиатджын сывæллæттæн нывгæнынады скъола байгом кæныныл, фæлæ йын йæ низ уыцы фадат нал радта.

 

 Къоста тынг домаг цæстæй каст куыд йæхи сфæлдыстадмæ, афтæ йе ‘мдугонты поэтикон фæлтæрæнтæм дæр. Ирон аивадон литературæйы номыл æртыккаг чиныг куы рацыд, уæд мæстджынæй фыста, уацмысты кæй нæй нæдæр техникæ, нæдæр рифмæ, нæдæр идейæ. Ахæм ницыты бæсты, дам ма фæлтау ноджы сæдæ азы дæргъы иу чиныг дæр ма рауадз…

 

 

 

 

КЪОСТАИМӔ БАСТ ЦАУТӔ

***

Изæры адæм æрæмбырд ис бирæ. Схæццæ уалынмæ файтонæй Къоста дæр. Йæ цӕсгомы æвæрд ивд ницæмæй æрцыд. Уыд æнкъард, фæлладхуыз. Цухъхъа, куырæт, худ фыццаг куыд уыдысты, афтæ. Æрмæст иу хатт федтон æз Къостайы сæрдыгон Пятигорскы чесуча хæдоны. Æрбадын æй кодтой хистæр Алыккаты Тегойы фарсмæ. Къоста хæрынмæ дæр æмæ нуазынмæ дæр кодта зивæг. Фынгыл дæр не схъæлдзæг. Нæ хаста фыццаджы хуызæн нæдæр гаджидæуттæ, нæдæр æмбисæндтæ.

Райста Тего йæ къухы бæгæныйы къус, сыстад, сыстадысты уазджытæ дæр, сыстад Къоста дæр. «Къостайы цæрæнбон!» – загъта хъæрæй Тего, æмæ адæм æрсабыр сты. «Кæд нæ хæхтæ, – дзырдта дарддæр Тего, – искæй хæхтæй ныллæгдæр сты, кæд нæ дæттæ искæй дæттæй къаддæр, нæ быдыр – мæгуырдæр, уæд мах дæр уыдзыстæм иннæ адæмтæй цауддæр. Æмæ цæмæн дæ æнкъард, Къоста? Цæмæй нын тæрсыс? Кæнæ уыдзынæ искуы дæ уарзон, дæ хæххон адæмæй рох?»

Тегойы фæстæ уыдис бирæ ныхас. Дзырдтой, куыд бакæна Къос-та ноджыдæр стырдæр хъуыддæгтæ, куыд ныффысса фылдæр æмæ ныфсджындæр.

Æрцыдис рад Къостамæ арфæ кæнынӕн. Райста къус æмæ загъта: «Тего! Бузныг дæ гаджидауæй. Бузныг уазджытæй, мæн чи сбуц кодта. Бузныг, кæй ракуывтат дзæбæх ныхæстæ, фæнды сымах мæнæй ног хъуыддаг æмæ ног фыст фенын, фæлæ Къоста фæцис… Къоста нал ис… Зын мын у, ох, Тего, Ир ныр дæр ма мæнмæ æнхъæлмæ кæй кæсынц… Кæй нæй… ныр дæр ма сæ астӕу ныфсджын адæймаг, мæ сæрыл дæр чи сдзырдтаид, куы хъуыдис, уæд… Æмæ ныртæккæ кæмæй агурæм мах куыстад… ног цард саразæг?..» Фæндыд ма, æвæццæгæн, Къостайы исты зæгъын, фæлæ йæ хъару нал уыд.

Къубалты Алыксандр.

Цалдæр сæмбæлды (Къостайы царды мысинæгтæй).

– Къубалты Алыксандр. Уацмыстæ, 276 –279 ф.

***

Лекси нæ хистæр хо Надойы снысан кодта Къостамæ зилынмæ. Æрмæст иунæг хъæдын къусы мидæг уагъта йæхицæн æхсыр хæссын.

Куыд нæ тыхстаид. Уый тыххæй йæм мæ фыд Надойæ уæлдай никæй уагъта æппындæр, æмæ йыл Къоста дæр фæцахуыр. Уымæ дзырдта алцæмæ дæр:

– Джыккиан мын цæттæ кæнæд, ды та хæсгæ кæн, – дзырдта-иу Къоста Надойæн.

Иухатт æм Надо бацыд æмæ йæ фæрсы:

– Къоста, къæбæр дын радавон?

– Нæ, давгæ ма кæн, цу æмæ Дзанайæ ракур æмæ мын рахæсс.

Хетæгкаты Лексийы дыууæ фырты Андре æмæ Хетæг,

стæй йæ ус Дедæ (Мария). – ЦИГСИИ-йы архив, 65-æм папкæ

***

Æз уыдтæн хæрз гыццыл лæппу, Къоста фæстаг хатт рынчынæй нæ хъæумæ, Лабæмæ, куы æрцыд, уæд. Хорз æй хъуыды кæнын: хъæубæсты адæм тынг цин кодтой æмæ тынг хъæлдзæг уыдысты канд йæ æрцыды бон нæ, фæлæ иудзæвгар рæстæджы дæргъы. Цас бирæ уарзтой адæм Къостайы, цас ахадыдта адæмы цæсты æмæ дзы цæйбæрц ныфс æвæрдтой сæхицæн, уый бæрæг у, фæстаг хатт нæм куы æрцыд, уæд ыл цы кады зарæг скодтой, уымæй. Фæсивæд алы ран стыр цинимæ зарыдысты:

«Уæй, уӕрæйдæ, махæн Къоста куы æрцыди,

Мах Хуыцауæй дæр нал тæрсӕм!

Уæй, уæрæйдæ, махӕн Къоста куы æрцыди,

Мах пъырыстыфæй дæр нал тæрсæм!

Уæй, уæрæйдæ, махӕн Къоста куы æрцыди,

 Мах хъæуыхицауæй дæр нал тæрсæм!..»

Мæ цæстытыл ма уайы, хистæр фæсивæд-иу къордгæйттæй кæрæдзийы рæттыл дæларм-уæларм куыд ныххӕцыдысты æмæ-иу, уынгты ӕмрæнхъ цӕугæйæ, Къостайыл сӕ уарзондзинады зарæг куыд кодтой, уый.

Уалдзæджы та Къостайы афтæмæй мысын: нӕ кæрты алыварс быруйы мидӕгæй зади стыр акъаци бæлæстӕ. Уыдон дидинӕг куы рафтыдтой, уæд-иу нӕм Къоста цыд арæх. Дидинæгджын къалиутæй-иу стыр куыристæ сарӕзта. Саста ӕмæ сӕ-иу цингæнгæ ахаста. Мæ фыд-иу æм мидбылты худгæ-худын цæстæй касти, бӕрæг уыд, уымæн æхсызгон кæй уыд, Къоста афтӕ кӕй цин кодта акъациты дидинджытыл, уый.

Иухатт æй мæ фыд бафарста:

– Къоста, цы кæныс ацы дидинджытæй, куыд бирӕ дзы ахæссыс?

Къоста дзырдта уæззау ӕмæ бæзджын хъæлæсæй:

– О-о, дидинӕг хорз у. Мæ сынтӕджы алыварс сæ сæвæрдзынæн æмæ сын æхсæв-бонмæ сæ тæф ныхъуырдзынæн.

Къоста рынчын куы уыд, уæд æм-иу диссаджы уарзондзинад уыд дидинджытæм.

Не скъолайы кæрты нӕ ахуыргæнæг (уырыссаг) йæхицæн ныссагъта дидинджытæ, йæхæдæг дæр цард скъолайы кӕрты. Иубон Къоста æрбацыди скъолайы кӕртмæ. Мах дæр уыцы сахат рауагътой æддӕмæ.

Къоста комкоммæ бацыд дидинджытæм æмæ дзы тыдта. Махмӕ дис фæкаст, ахуыргæнӕг ӕм кӕй ницы дзырдта, уый, ӕмæ йæм зулмæ бакӕс-бакæс кодтам. Ахуыргæнӕг нæ бамбӕрста ӕмæ загъта: «Мачи уӕ мацы зӕгъæд».

Мах Къостайы алыварс лæууыдыстӕм æмæ йæм дисгæнгæ кастыстæм. Уый-иу цыма йæхинымæр дзырдта, уыйау-иу ныллӕг хъæлæсӕй афтæ бакодта:

– Адон хорз сты. Дидинæгæй хуыздæр ницы ис.

Цалынмæ-иу Къоста йæ хъæбыс байдзаг кодта дидинджытӕй ӕмæ скъолайы кӕртæй ахызти, уæдмæ-иу æгас скъолайы кæрты иунæг сыбыртт, иунӕг уынæр нӕ фӕцыд. Ахӕм кад æмæ уарзондзинад мах, сывæллæтты, зæрдæйы бацæуын кодтой хистæртæ. Къоста цард хъӕуы фæзæн йӕ уæллаг кæрон, тæккæ фæзы, мах та цардыстӕм фæзы дӕллаг кæрон. Махмӕ цæугӕйæ хизын хъуыд фæзы сæрты!

Къоста-иу уазӕгуаты куы уыд, уӕд-иу нæ уарзта, йæ фæдыл исчи ацыдаид, уый. Махмæ та уыд хъӕхъхъаг куыйтӕ, æмӕ мӕ-иу мæ фыд йӕ фӕдыл арвыста сусæгæй, цӕмӕй йыл куыйтӕ ма фæхæцыдаиккой. Нӕууыл кæнӕ-иу дæлбазырты къордгæйттæй бадтысты зæронд лæгтæ: чи сæ-иу арӕзта сагой, чи та халамæрзæн. Къостайы-иу рацæйцæугæ куы суыдтой, уæд-иу сыстадысты, сæ худтæ-иу систой. Æмæ-иу цалынмæ дзæвгар адард, уæдмæ сӕ-иу ничи æрбадт, ничидæр сæ-иу йæ худ ныккодта.

Ахæм кадимæ æмбæлдысты Къостайыл алы ран дæр Ирыстоны.

Тлатты Ембек. Къоста фæстаг хатт Лабæйы.

– «Фидиуæг», 1939, №10 –11, 41 – 42 ф.

***

В 1902 году я снова проезжал через Владикавказ к себе в горы и снова встретился с Коста. На этот раз у него уже замечалось расстройство речи как результат тяжелого заболевания центральной нервной системы. Это была последняя наша встреча.

 Андукапар Хетагуров

***

Как известно, Коста очень любил детей, в обществе которых он чувствовал себя хорошо, весело. Он писал в письме Смирнову: «Лишенный с самого раннего детства материнской ласки и радости семьи, я до сих пор с поразительной восприимчивостью переживаю волнения, радости и печали счастливого детского возраста. Нигде мне так не весело, как с ними, ни за кого так не страдаю, как за них».

В.Д. Абаев. Коста Хетагуров и его время.

Тбилиси, 1961, 46 – 49 ф.

 

 

 

ГæБæРАТЫ Юри

 

ӔНӔРВЫСТ ФЫСТӔГ

Уац

Куыннӕ йӕ зонӕм, уӕлион дунейы ӕнӕкӕрон тыгъдады ӕнӕбын ӕвӕрӕнтӕ семыдзаг кӕй сты ирон адӕмы хъӕздыг историон бынтыл дзурӕг ӕрмӕджытӕй, фӕлӕ уый дӕр хорз куы зонӕм, уыдонӕй нӕхи схъӕздыг кӕнынмӕ фыдӕй-фыртмӕ зивӕг кӕй кӕнӕм. Незаманты сусӕгдзинӕдтыл ма цы дзурӕм кӕсын-фыссын нӕм йӕ тӕккӕ цӕрдхъомыл куы уыдис, уӕды хабӕрттӕ дӕр нын хатт дзырддаг, гуырысхойаг куы свӕййынц… Зӕгъӕм, нӕ фарны лӕг, нӕ хурты хур Къостайы царды хабӕрттӕй абоны онг цы хицӕн скъуыддзӕгтӕ бабӕстон кодтам, уыдон дӕр иуӕй-иу мыхуыры фӕрӕзты кӕрӕдзийӕ афтӕ цӕхгӕр хицӕн кӕнынц, ӕмӕ тас у, нӕ сомбоны фӕлтӕртӕн ноджы дзырддагдӕр куы суой… Ӕркӕсӕм-ма, Къостайӕн йӕ райгуырӕн хъӕу Нары цӕрӕг адӕмимӕ цы ахастытӕ уыдис, уыдоныл дзурӕг кӕрӕдзимӕ ныхмӕвӕрд хабӕрттӕм.

1939 азы 28 августы газет «Ӕрыгон большевик» (№121) фыста:

«Музейы фарсмӕ цӕры поэтӕн йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Хетӕгкаты Агкойы фырт Хъазыбег. Цӕуы йыл 95 азы. Уый хорз хъуыды кӕны Къостайы. Зӕронд лӕджы ӕрвылбон дӕр туристтӕ дуарахӕсты бакӕнынц. Ӕмӕ цӕмӕй фӕсивӕдӕн зын агурӕн ма уа, уый тыххӕй зӕронд лӕг бон-изӕрмӕ мӕсыгмӕ хӕстӕг бады йӕ бандоныл. Зӕронд лӕджы ныхӕсты цардӕгасӕй сысты поэты, йӕ адӕмы амонды сӕрвӕлтау тохгӕнӕджы фӕлгонц.

Нары Къоста цард, цалынмӕ йыл 14 азы сӕххӕст, уӕдмӕ. Стӕй йӕ йӕ фыд горӕтмӕ акодта ахуыр кӕнынмӕ.

Зынгӕ поэт суӕвгӕйӕ, Къоста арӕх цыд йӕ райгуырӕн хъӕумӕ. Ам ӕй иууылдӕр уарзтой, аргъ ын кодтой, хуымӕтӕг адӕмимӕ йӕ бастдзинӕдтӕ кӕй нӕ хӕлдта, уый тыххӕй. Хъӕуы-иу куы уыд, уӕд-иу алчи дӕр йӕ риуыдзаг сулӕфыд, сӕ цӕстытӕ-иу цӕхӕртӕ калдтой хуыздӕр царды ныфсӕй. Алчи дӕр-иу архайдта зынаргъ уазӕджы йӕ хӕдзармӕ фӕхоныныл. Ахӕм амонд-иу кӕмӕ ӕрхауд, уымӕн-иу уайтагъд йӕ хӕдзар адӕмӕй байдзаг. Адӕм-иу лӕууыдысты хӕдзармӕ бахизӕны дӕр. Къоста-иу ныхас кодта адӕмимӕ, фӕндфидарӕй-иу дзырдта, иутӕ гӕвзыкк цард цӕмӕн кӕнынц, ӕндӕртӕ та хъӕздыг, кӕй хъӕуы цӕттӕ кӕнын тохмӕ; зӕххытӕ курын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕ хъӕуы тыхӕй исын».

Афтӕ дзырдта, Къостамӕ тугӕй ӕввахсдӕр чи уыд, йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ йӕ чи зыдта, ахӕм адӕймаг. Афтӕ дзырдтой, Къостайы чидӕриддӕр хӕстӕгмӕ зыдта, уыдон. Фӕлӕ ныр та цӕвиттон ӕрхӕссӕм ӕндӕр мыхуырон ӕрмӕгӕй. 1959 азы 14 октябры газет «Фӕндаг коммунизммӕ» (№120) ныммыхуыр кодта, Къостаимӕ Нармӕ балцы чи ацыд, ахӕм алагираг ацӕргӕ лӕг Баситы Леуаны мысинӕгтӕ. Леуан зӕгъы:

«Нары нӕ фысымтӕ фесты, Къостайӕн йӕ мады фӕстӕ дзидзи чи фӕдардта, уыцы сылгоймаджы хӕдзар Чендзетӕ. Лӕджы уым нӕ баййӕфтам, сыхаг хъӕутӕй кӕмдӕр уыдис. Зӕронд ус нын нӕ разы хӕринаг авӕрдта. Уалынмӕ хӕдзары хицау дӕр фӕзынд, ӕмӕ нӕ фынг фӕбӕркадджындӕр… Къоста иудадзыг дӕр дзырдта уырыссагау, йӕхи дардта ӕцӕгӕлонау, йе схӕссӕг мад Чендзе дӕр ӕй нӕ базыдта, фӕлӕ йӕ куыд раиртӕстон, афтӕмӕй-иу ӕм ӕдзынӕг ныккаст.

Не ‘ртыккаг бон Нары хъӕуы уыдис куывд. Махмӕ, куыд уазджытӕм, хонӕг ӕрбарвыстой. Къоста зивӕггӕнӕгау кодта, фӕлӕ уӕддӕр ацыдыстӕм. Мӕн сбадын кодтой хистӕртимӕ, ме ‘мбӕлццоны та кӕстӕртимӕ. Гаджидау гаджидауы фӕдыл ацыди. Ӕз бӕргӕ нуӕзтон, фӕлӕ Къоста бӕгӕныйӕ дарддӕр иу сыкъа дӕр арахъхъ нӕ бануӕзта. Уалынмӕ бадты хистӕр рауагъта ахӕм сидт: «Нӕ хъӕуы райгуырдис ахӕм лӕппу ӕмӕ ссис ахӕм зынгӕ лӕг, кӕцыйы ном айхъуыст ӕппӕт Ирыстоныл. Йӕ ном та у Къоста ӕфхӕрд адӕмы зарӕггӕнӕг, сӕ сӕрибарыл тохгӕнӕг. Уый кадыл алкӕмӕн дӕр бануазын хъӕуы дыгай нуазӕнтӕ».

Къоста уыцы ныхӕсты фӕстӕ ныггуыбыр кодта, уӕлӕмӕ дӕр нал каст. Уалынмӕ гаджидау ӕрхӕццӕ йӕхимӕ. Сыстадис, уырыссагау арфӕ ракодта, бӕгӕны бануӕзта, фӕлӕ арахъхъ уырдыглӕууӕгмӕ фӕстӕмӕ радта.

– Уый та куыд, Къостайы сидт чи нӕ нуазы, уый цавӕр адӕймаг у? фӕкодта бадджытӕй иу.

 – Бындзарӕй йын ӕнӕ нуазгӕ нӕй, схор-хор кодтой иннӕтӕ.

– Къостайы кад у адӕмы кад, ӕмӕ, уымӕн аргъ чи нӕ кӕны, уый мах фынгыл дӕр ма бадӕд, дзырдтой бадты хистӕртӕ.

Уӕд ма Къоста иучысыл абадт ӕмӕ ӕнӕ исты сдзургӕ ацыд нӕ фысымтӕм».

Зын бауырнинаг у ацы хабар. Къостайы кад ӕрмӕст сӕ хъӕубӕсты кадыл нӕ, ӕппӕт адӕмы кадыл чи нымадта, йӕ цӕрӕнбоны тыххӕй-иу сӕрмагонд сидт чи рауагъта, уыцы хъӕубӕстӕ Къостайы ма базыдтаиккой, уый дызӕрдыггаг у.

Къоста ӕмӕ йӕ хъӕубӕсты адӕмӕн цавӕр ӕнгом ахастытӕ уыдис, уымӕн та фылдӕр хабӕрттӕ сты ӕвдисӕн.

Нӕ аивады зынгӕдӕр архайджытӕй иу Таугазты Гаврил бирӕ азты дӕргъы ӕфснайдӕй дардта иу ӕнахуыр фыстӕг, кӕцы дзурӕг уыд Къостайы царды иу зӕрдылдаринаг цауыл. Цӕвиттон, Гаврил Зруггомы райгуырд ӕмӕ схъомыл. Зруггом ӕмӕ Нар та рагӕй фӕстӕмӕ ӕмвынг, ӕмхуынд уыдысты. Гаврил, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Къостайы не ‘рӕййӕфта, фӕлӕ, йӕ хӕдзарвӕндаджы хистӕрты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, бирӕ цыдӕртӕ бадардта йӕ зӕрдыл Къостайы царды хабӕрттӕй.

Иузаман Нары хъӕубӕстӕ сфӕнд кодтой Къостайӕн саргъы бӕх балӕвар кӕнын. Цӕмӕй хъӕубӕсты номӕй, ома иумӕйаг лӕварыл нымад ӕрцыдаид, уый тыххӕй йӕ балхӕдтой ӕхсӕны ӕхцатӕй. Йӕ лӕвар та йыл сӕмбӕлын кодтой Нары комбӕсты куывды бон. Уыцы бон сӕм куывды сӕраппонд уыд бӕхты дугъ дӕр. Къостайы бафӕндыд йӕ лӕвар ӕфсургъы дугъы бафӕлварын, фӕлӕ, комбӕсты фӕсивӕдӕй алкӕй дӕр йӕ амонд йӕхи бӕхыл бафӕлварын кӕй фӕндыд, уый бамбаргӕйӕ, ницыуал загъта. Уӕд Къостамӕ ӕфсӕрмыгӕнгӕ бацыд, дугъы архайӕг фӕсивӕдӕй иуварс чи лӕууыд, ахӕм ӕрыгон лӕппу. Мӕн, дӕр, дам, бӕргӕ фӕнды мӕ хъару бавзарын, фӕлӕ, дам мын бӕх нӕй ӕмӕКъоста йын ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй идон йӕ къухы фӕсагъта ӕмӕ, лӕппу фыр цинӕй саргъыл куыд февзӕрд, уый хатгӕ дӕр нал ракодта. Дугъы хъуамӕ рацыдаиккой Гуыркъуымты комӕй Поты фӕзмӕ. Барджытӕ Нарӕй куы араст сты, уӕд Къоста йе ‘мхъӕуккӕгты афарста, чи у, кӕй фырт у уыцы лӕппу, зӕгъгӕ. Загътой йын, Зруггомӕй кӕй у, Таугазты лӕппу, йӕ фыд раджы кӕй амард, йӕ мад та уатон рынчын у. Къоста тынг нынкъард, афтӕмӕй ӕрхӕндӕгӕй каст барджыты фӕстӕ.

Ныхас дардыл у, фӕлӕ дугъы фӕуӕлахиз Къостайы бӕх. Лӕппу, мӕгуыр, саргъӕй куы ӕргӕпп кодта, уӕд фыр цинӕй адӕмы арфӕтӕм дӕр нал хъуыста, афтӕмӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, балӕууыд Къостайы раз.

– Бузныг, стыр бузныг, Хуыцауы ӕмсӕр лӕг… Ӕз абоны онг, амонд цы у, уый никуы банкъардтон! йӕ цины цӕссыгтӕ тыххӕй уромгӕйӕ загъта лӕппу ӕмӕ йӕм бадардта идон.

Къоста йӕ къух лӕппуйы уӕхскыл ӕрӕвӕрдта, йӕ цӕст адӕмыл ахаста ӕмӕ хъӕрӕй райдыдта дзурын:

– Мӕ зынаргъ хъӕубӕстӕ! Стыр бузныг уын, ахӕм диссаджы лӕвары аккаг мӕ кӕй скодтат, уый тыххӕй. Уӕ лӕвар уын зӕрдиагӕй исын, фӕлӕ мӕ иугӕр афтӕ тынг уарзут ӕмӕ мын зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнут, уӕд мӕ ныфс ис, кӕй мӕ бамбардзыстут ӕмӕ мӕм кӕй нӕ фӕхӕрам уыдзыстут…

Къоста иу дзӕвгар ницыуал дзырдта, афтӕмӕй йӕ цӕст хаста адӕмыл. Хъӕубӕстӕ сӕ улӕфт дӕр баурӕдтой, афтӕмӕй ӕдзынӕг ныхъхъуыстой Къостамӕ.

– Бузныг уын ноджыдӕр, фӕлӕ ӕз мӕхицӕн уый бар нӕ ратдзынӕн, цӕмӕй ма мӕнӕ ацы цӕхӕрцӕст лӕппуйы къухӕй уӕ лӕвар бӕхы идон райсон… Уымӕ гӕсгӕ мын бар раттут, цӕмӕй уын уӕ лӕвар ӕфсургъы ӕз та балӕвар кӕнон, мӕ разӕй кӕмӕ ӕмбӕлы, ӕмӕ йыл мӕнӕй хуыздӕр чи сфидаудзӕн, уыцы ӕвзонг лӕппуйӕн…

Адӕм сӕ сӕртӕ разыйӕ нынкъуыстой, афтӕмӕй фӕйнӕрдыгӕй Къостайӕн арфӕтӕ кӕнынмӕ фесты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъӕубӕстӕй йӕ алчи дӕр бамбӕрста, Къоста афтӕ уый тыххӕй кӕй нӕ бакодта, йӕ лӕвар бӕх дугъы кӕй фӕуӕлахиз, фӕлӕ лӕппуйӕн тӕригъӕд кӕй фӕкодта йӕ сидзӕр ӕмӕ ӕвӕрӕзы тыххӕй…

Лӕппу та иу каст Къостамӕ кодта, иу ӕфсургъмӕ, афтӕмӕй йӕ цины цӕссыгтӕ нал урӕдта, ӕвӕццӕгӕн, фыр диссагӕй йӕ разы зонгуытыл дӕр ӕрхаудаид, адӕмӕй куынӕ ӕфсӕрмы кодтаид, уӕд.

Уатон сылгоймагӕй йӕ хъӕбулы амондджын хуызмӕ кӕсгӕйӕ йе ‘ппӕт рыстытӕ ӕмӕ мӕстытӕ дӕр айрох сты. Уыцы рӕстӕг Зруггомы кӕсын-фыссын ничи зыдта, паддзахы ӕфсады чи службӕ кодта ӕмӕ йӕ сахъаты тыххӕй кӕй ссӕрибар кодтой, ахӕм иудзонгон лӕджы йеддӕмӕ. Рынчын сылгоймаг кӕйдӕр барвыста уыцы лӕгмӕ, ӕмӕ йӕм куы ‘рбацыд, уӕд ын хъуырыцъарӕй ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ номӕй Къостамӕ фыстӕг ныффысса. Сылгоймаг ын дзырдта йӕ хъуыдытӕ, йӕ зӕгъинӕгтӕ, лӕг та сӕ фысгӕ кодта.

Фӕлӕ сылгоймагӕн фыстӕг арвитын нал бантыст, ноджы фӕуӕззаудӕр йӕ уавӕр, цалдӕр боны ма ахаста ӕмӕ йӕ цардӕй ахицӕн. Фыстӕг ӕнӕрвыстӕй баззад, фӕлӕ Къостамӕ фыст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ Таугазты хӕдзарвӕндаг зынаргъ хӕзнайау ӕфснайдӕй дардтой Къостайӕн йӕ амӕлӕты фӕстӕ дӕр. Дзӕвгар азты дӕргъы фӕцис Гаврилмӕ. Фыстӕг уыд, къухӕй-къухмӕ исгӕйӕ чи ныллӕзӕрд, ахӕм бур хъӕбӕр гӕххӕттыл фыст, ранӕй-рӕтты йӕ фыстытӕ бынтондӕр нал зындысты, ӕмӕ сын кӕсӕн дӕр нал уыд ӕнӕ Гаврилы ӕххуысӕй уый фыстӕгимӕ зонгӕ уыдис йӕ чысылӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ хорз хъуыды кодта, кӕцы рӕнхъыл дзы цы фыст уыдис, уый. Стӕй йӕ, уый уыдаид 1980 азы, Тугъанты Махарбеджы фырт Энвер ахаста Гаврилӕй, иу дзӕбӕх къамисӕг ссарон ӕмӕ йын йӕ къопи скӕнон, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй фыстӕг Энвермӕ баззад, ӕмӕ ма йӕм йӕ фыд Махарбегӕй цы архивон ӕрмӕджытӕ уыдис, уыдонимӕ фесӕфт уыцы фыстӕг дӕр. Фӕлӕ йын йӕ мидисимӕ бӕстон чи базонгӕ, уыдоны зӕрдыл нырма дӕр хорз лӕууы, цас зӕрдӕбын ныхӕстӕ дзы уыд фыст, куыд зӕрдиаг арфӕтӕ ӕрвыста Къостамӕ уыцы уатон сылгоймаг, йӕ сидзӕр лӕппуйӕн ын ахӕм циндзинад кӕй бавзарын кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы уыд иу цымыдисаг хабар: сылгоймаг Къостамӕ фыста, ды, дам, сидзӕртӕ ӕмӕ мӕгуыртыл афтӕ зӕрдиагӕй аудыс, ӕмӕ, дам, зӕгъгӕ, Хъесианы сидзӕртӕ дӕ рӕстӕджы цардысты, уӕд, дам сӕ стонгӕй мӕлын нӕ бауагътаис. Хъесиан чи уыд, уый фыстӕджы бӕрӕг не ‘рцыд, фӕлӕ ардыгӕй скӕнӕн ис хатдзӕг, уый кӕй хъуамӕ уыдаид реалон адӕймаг, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ, Къостайы «Сидзӕргӕс»-ы йе стонг сидзӕртӕн хъӕдурты ӕфсон дуртӕ чи фыхта, уыцы сылгоймаг…

 

 

 

САЛÆГАТЫ Зойæ,

филологон наукæты доктор

 

Адæмон зарæггæнæджы

фæлгонц Къостайы

 сфæлдыстады

Адæмон зарæггæнджытæ æмæ кадæггæнджытæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой рагон зарджытæ æмæ кадджытæ, сæ курдиатджындæртæ та нывæстой, йæ мидисы æрмæст историон ивгъуыд нæ, фæлæ ма нырыккон дуг дæр кæмæн зынд, ахæм уацмыстæ. Чындзæхсæвты, куывдты, адæмон бæрæгбонты, зианы æгъдæутты зарæггæнæг-кадæггæнæгæн æнæ уæвгæ нæ уыд. Æдзух бадтысты Ныхасы дæр. Уым, Ныхасы, дзыллӕйы цардимæ хæстæгдæр зонгæ кодтой, æнкъардтой йæ комулæфт.

Ирыстоны уый диссаджы фæзынд уыд – зарæг æмзондæй аразын. Ныхасы кæнæ-иу къонайы цур цалдæр адæймаджы æрбамбырд æмæ-иу райдыдтой дзырдтæ æмæ мелоди агурын. Алчи-иу йе ‘вæрæн бахаста.

Зарæггæнджыты æмæ кадæггæнджыты ‘хсæн арæх арæзтæуыд ерыстæ хуыздæр азарынæй кæнæ зарæг, кадæг, адæмон сфæлдыстады æндæр уацмыс снывæндынæй. Тугъанты Махарбеджы мысинæгтæм гæсгæ, кадæггæнджытæ æмбырд кодтой алы кæмттæй. Арæхдæр цагътой хъисын фæндырæй, хатт – дыууадæстæнонæй. Ома æрмæст дзурын æмæ зарын фаг нæ уыд, æнæмæнг хъуамæ зыдтаис музыкалон ифтонггарзæй цæгъдын дæр.

Адæмон зарæггæнæг-кадæггæнæджы Къоста нымадта йæ уацмысты дзыллæйы хъуыдытæ æвдисæг поэтыл. Йе ‘мдзæвгæты къухфысты æддаг цъарыл сныв кодта хъисфæндыримæ куырм зæронд лæджы. Афтæ зыны, цыма йæ алыварс бадынц æмæ йæм хъусынц бирæ адæм. Йæ бакастыл бæрæг у, æнкъард зарджытæ кæй кæны.

Къостайæн йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иу – «Хъуыбады» – дæр адæмон зарæггæнæджы уæззау хъысмæты тыххæй у, уый фæлгонц нывæнды æмдзæвгæ «Уæлмæрдты»-йы, поэмæ «Хетæг»-ы редакцитæй иуы æмæ поэмæ «Фатимæ»-йы, къорд æндæр уацмысы.

Йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмæ Цæлыккаты Юлианæмæ фыстæджытæй иуы та дзуры сылгоймаг-кадæггæнæджы тыххæй. Уый дæр – мæгуыр æмæ хъысмæтæй æфхæрд, фæлæ – курдиатджын, сфæлдыстады тæвагæй хайджын адæймаг.

Поэмæ «Фатимæ»-йы раздæры редакцийы æвдыстæуы дыууæ кадæггæнæджы фæлгонцы, «Хетæг»-ы редакцитæй иуы та – кадæггæнæг Сабаны. Æртæйæн дæр сæ зæрдæтæ риссынц сæ дзыллæйы æфхæрд уавæрыл, æмæ уый зыны сæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстадыл дæр. Адæм сын сæ ныхасæн стыр аргъ кæнынц.

Куыд уынæм, афтæмæй Къоста арæх здæхы адæмон зарæггæнæджы фæлгонцмæ æмæ йæм ссары ног æмæ ног æвæрццæг миниуджытæ.

Уыцы фæлгонц нывæстæуы цардæй ист хабæртты бындурыл. Къостайы рæстæг хъæутыл бирæ зарæггæнæг-кадæггæнджытæ зылд, æмæ дзы поэт кæимæдæрты зонгæ куыд нæ уыди. Йæ дуджы цард зындгонд кадæггæнæг Зыгъуытаты куырм Бибо Бæтæхъойыхъæуæй. Æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр рæтты дæр адæмы зæрдæскъæфт кодта йæ зарджытæй. Дзырдта дзы йæхи æмæ йæ адæмы уæззау цард æмæ тухитыл.

Таурæгъмæ гæсгæ, иуафон уыйбæрц адæм æрæмбырд, æмæ се ‘ппæтæн сæ бон Бибойы фехъусын нæ уыд. Уæд сыджытæй æмæ нæууæй обау ацарæзтой, цæмæй се ‘ппæтмæ дæр зына æмæ хъуыса.

Къоста хорз зыдта иннæ зарæггæнæг æмæ кадæггæнæг Кертибиты Кертибийы Уæхъæцы хъæуæй. Йæ уац «Дзæуджыхъæу»-ы фыста, хохаг бонджынтæ адæмы кæй сайынц, мæнг гæххæттытæ саразгæйæ сын сæ зæххытæ кæй исынц. Актмæ гæсгæ, цавæрдæр æбæрæг Кертибиты Ацы зæххы хицау æцæгдзинадæй уыд 90-аздзыд куырм Кертибиты Кертиби. Бонджын Булатов ын лæварæмхасæн йæ зæххæй пайда кæны, æмæ ма йыл арæзтад дæр райтынг кодта, æрымысгæ Ацæй бар райсгæйæ.

Куыд уынæм, афтæмæй Къоста адæмон зарæггæнджытыл æрмæст йæ аивадон уацмысты нæ дзуры, фæлæ сæ бартыл тох кæны йæ публицистикæйы дæр.

Поэт ма хъуыста йæ фыдæл Гуыбайы хабæрттæ. Хетæгкаты Андухъапар куыд дзырдта, афтæмæй-иу, йæ туджджынтæй æмбæхсгæйæ, куы Куырттаты комы Бæрзыхъæуы фæзынд йæ хæлæрттæм, куы Гуырдзыйы. Хæцæнгарзимæ иумæ йæ фæндаггон хызыны хаста хъисфæндыр.

…Бæрзыхъæуккæгтæ нæ фидыдтой хæстæг Цымты хъæуы цæрджытимæ æмæ сын хъуамæ сæ фос атардтаиккой. Гуыба йæ хæлæрттæн загъта, Цымтæм кæй араст уыдзæн, уым ныхасы хъисфæндырæй кæй цæгъддзæн. Цæрджытæ, дам, иууылдæр мæнмæ хъусыныл фæуыдзысты, æмæ уæд фосы тæлæтæн цы хъæуы.

Æцæгдæр, афтæ рауад, æмæ, Гуыбайы хъуыдымæ гæсгæ, фос куы фæфале сты, уæд базарыд: «Иудадзыг мæнмæ ма хъусут, алырдæм дæр-иу акæсут!» Адæм хъуыддаг фембæрстой æмæ сфæдис сты. Гуыба уæдмæ фæцырд æмæ йæ хæлæрттæм бахæццæ.

Ацы таурæгъы хорз зыны зарæггæнæг-кадæггæнæджы арæхстдзинад æмæ аивады нæрæмон тых. Зарæггæнджыты фæлгонцтыл æмбæлæм ирон адæмон сфæлдыстады дæр – æрыгон Ацæмæз, Сослан, Сырдон æмæ а.д.

Хетæгкаты Къоста зæрдæскъæфт уыд зарæггæнджыты арæхстдзинадæй æмæ зæрдæйæ тыхст сæ царды æбæллиццаг уавæртыл.

Чиныг «Коста Хетагуров и осетинское

народное творчество»-йæ

 

 

 

ХЪЫРГЪАТЫ Анжелӕ

 АННӔЙЫ ФЫСТӔГ КЪОСТАМӔ

Мæ хурты хур Къоста! Цал хатты хъавыдтæн дæумæ фыстæг ныффыссын, цал хатты мæ фæндыд дæуæн мæ зæрдæйы уаг раргом кæнын, не ‘хсæн æнæ загъдæй цы ныхæстæ баззадысты, уыдон дæуæн фæдзурын… Ныр рацыд дзæвгар рæстæг, азтæ ахастой семæ æрыгон уды бæллицтæ, уæлмонц зæрдæйы уаг, буц чызджы сæнттæ, хъалхаст адæймаджы æнæрхъуыды митæ. Мемæ ма цæргæйæ баззадысты æрмæст æхсызгон мысинæгтæ, зынаргъ зæрдыллæууæнтæ æмæ… æгæрон фæсмон.

Ды, Къоста, кæддæр фыстай: «Я пишу лишь то, что я уже не в силах бываю сдержать в своем изболевшем сердце». Дæ ныхæстæ мæныл дæр æрцыдысты, зæрдæйы ахæм хъизæмар мæн дæр баййæфта – мæ бон нал у мæ хъуыдытæ «мæ рыст зæрдæйы уромын». Абон райстон мæ къухмæ фыссæн сис æмæ дæм фыссын ацы фыстæг – æндæр гæнæн нæй мæ уавæрæй фервæзынæн.

Къоста, ныр мæн ницыуал уромы, ме ‘рыгон бонты-иу мæ зæрдæйы арф къуымы бæстон цы æнкъарæнтæ æмбæхстон, уыдон дæуæн фæдзурынæй: нæдæр æхсæнады æгъатыр уагæвæрдтæ, нæдæр царды æнæраст бындур, нæдæр мæ уарзон æфсымæрты карз цæстæнгас, нæдæр кæддæры æрыгон гимназисткæйы уæздандзинад.

Стæй ма иу… Ныр æз дæуæй бирæ хистæр дæн, Къоста…

Демæ куы базонгæ стæм, уæд дыл 26 азы йæддæмæ нæ цыдис! Мæнмæ та-иу афтæ кастис, цыма мæнæй бирæ хистæр уыдтæ; цыма мын йæ зæрдæйы фæндиæгтæ чи дзырдта, уый æрыгон нæлгоймаг нæ уыдис, фæлæ, царды тымыгътæ чи бавзæрста, ахæм зæронд лæг. Хъысмæт та афтæ рауад, æмæ ныр æз дæуæй бирæ зæронддæр дæн. Уый мын бар дæтты дӕуӕн мæ зæрдæйы сагъæстæ, мæ фæллад уды хъынцъымтæ ныр уӕддӕр раргом кæнынæн.

Зон, Къоста, уый мæнæн æнцон нæу. Ды дæ хъуыддæгтæй, дæ тохæй, дæ аивадæй стыр ном скодтай дæхицæн ирон адæмы ‘хсæн – зонынц дæ, уарзынц дæ, кад дын кæнынц. Дæ цард, дæ тых, дæ зонд нывондæн æрхастай дæ уарзон мæгуыр адæмæн. Уыдоны сомбоныл рысти дæ фæллад зæрдæ, уыцы маст ахастай демæ мæрдтæм.

Ахæм фидар зонд æмæ æхсар, тыхджын курдиат æмæ æнæбасæтгæ ныфсы хицауæн йæ зæрдæ афтæ фæлмæн æмæ уæлмонц, цингæнаг æмæ сыгъдæг, иузæрдион æмæ хæлар у, уый зын бауырнæн уыдаид, демæ хæстæг зонгæ чи нæ уыд, ахæм адæймагæн.

Фæлæ уый афтæ кæй у, уый æз рагæй зонын. Чи зоны мыл нæ баууæнддзынæ, фæлæ суанг нæ фыццаг цыбыр фембæлды рæстæг æз бамбæрстон, ме ‘взонджы бонты æппынæдзух цы æнахуыр диссагмæ æнхъæлмæ кастæн, уый æнæнхъæлæджы ды кæй разындтæ!

Кæддæр æфсæрмыйаг цы уыди, ууыл ныр, азты сæрты акæсгæйæ, сфæнд кодтон демæ æргом ныхас кæнын. Мæ зæрдыл лæууынц нæ фембæлдтæ, дæ алы ныхас, дæ алы фæкаст. Ныр дæ куыд баууæндын кæнон, нæ фыццаг фембæлдæй фæстæмæ мæ зæрдæйы дæр кæй æрцардысты æрхæндæг æмæ катай. Куыд тынг мæ фæндыдис, цæмæй мæ уды хъуырдухæныл фæуæлахиз уон æмæ дын дæ парахат зæрдæмæ хуры рухс бауадзон. Нæ! Нæ мæм разынд иу хатт дæр ахæм тых. Æхсæнады ныхмæвæрд цардыуаг нæ бауагъта уарзты дидинæджы райхæлын! Нæ айстон дæ уарзондзинад! Нæ дын байгом кодтон мæ зæрдæйы дуар! Цы ма ис ныр фæсмонæй?!

Зон, уæдæ, Къоста, Цæнгæт хидæй чысыл дæлдæр-иу нæ хæдзары рудзгуыты ныхмæ куы бадтæ, хæхты рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ-иу дæ поэзийы арт куы сыгъта, уæд-иу, чысыл дарддæр цы гимназисткæты къорд тезгъо кодта, уыдонæй иуы зæрдæйы та тæмæнтæ калдтой æнахуыр æнкъарæнтæ – уæлмонц æмæ æхсызгон. Уыдтон дын дæ алы сусæг фæкаст дæр, хъуыстон дын дæ алы къахдзæф дæр, æмбæрстон дын дæ алы æмбæхст хъуыды дæр. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, мах ахæм æгъатыр уавæрты чи дардта! Цæмæй зыдтай ды, куыд дæм æхсайдта æрыгон чызджы зæрдæ, куыд мæ-иу фæндыд дæ фарсмæ балæууын… Куыд æнæуынон мын уыдысты нæ амонды цæлхдуртæ!..

Де ‘мдзæвгæ «Зæронд дæн æз»-имæ фыстæджы мæ фембæлын куы куырдтай, фæстæдæр та мæм рудзынгæй акростих куы ‘рбаппæрстай, уæд дæр дын мæ бон нæ бацис мæ зæрдæйы æхсызгондзинад равдисын. Æви мæ фæндгæ нæ кодта?.. Уый уыдис эгоизм! Цæмæй тарстæн? Куы дын зыдтон дæ ахаст, мæ удыл дæр куы андзæвыд дæ рæвдаугæ фæндон!

Фæстæдæр-иу æз ацы ахсджиаг хъуыддагыл арæх хъуыды кодтон. Аххосджын дæн дæ разы, Къоста… Разыйы дзуапп дын нæ радтон. Мæ бон бацис æрмæстдæр дæуыл мæхи нæ атигъ кæнын. Фæлæ æдых разындтæн ме ‘фсымæрты тæрхоны раз: нæ сæ хъуыд Къоста-сиахс! Гурмæ мæ куы арвыстой, уæд райгуырд де ‘мдзæвгæ «Многоточия». Уый мыл бафтыдта зæрдæрыст æмæ катай; ныр дæр уый кæсгæйæ зын бауромæн вæййы мæ цæссыгтæн – равдыстай дзы де ‘ппæт рыст æмæ æрхæндæг уарзты æнæбондзинад.

 О, фæлæ мæ зæрдæйы рæбын уыд æрмæст иунæг фæндаг… Дæумæ фæндаг… Куыд тынг мæ фæндыд уыцы фæндагыл дæумæ фæцæуын, уый æз фæстæдæр бамбæрстон. Нæ йыл ацыдтæн…

Ныр мæ мæ царды кæрон ацы фыстæгæй фæнды дæумæ уыцы фæндаг байгом кæнын, æмæ, кæд мӕ бон дæ зæрдæмæ иучысыл æхцондзинад бауадзын баци, кæд дын дæ тыхст, дæ катай, дæ зын, дæ фæллад фæрогдæр кæнын мæ къухы бафтыд, уæд уый мæнæн дæр æрхæсдзæн æнцойад. Мæн нæ фæнды, цæмæй мæ уды уæззау хъуырдухæнтæ мемæ æнустæм мæрдтæм ахæссон кæнæ рæстæджы фæлмы фесæфой.

Кæддæр дын, Къоста, ме ‘фсымæртæ загътой, алчи йæ хъысмæт йæхæдæг аразы, зæгъгæ, æмæ æз дæр дæ бæрзонд ном æмæ дæ сыгъдæг уарзты хорзæхæн равзæрстон иунæджы хъысмæт мæ мæлæты бонмæ.

Хъыгагæн, ацы фыстæгæн дзуапмæ æнхъæлмæ нæ кæсдзынæн – нал ис гæнæн æмæ рæстæг. Кæддæр мæ дæ акростихы цы домдтай, «Аннӕ, мæ фæстæ цу», зæгъгæ, уыцы фæдзæхст æз ныр æххæст кæнын – цæуын дæ фæдыл, МÆ ХУРТЫ ХУР КЪОСТА!