ХЕТÆГКАТЫ Къоста

(1859 – 1906)

Къоста райгуырдис 1859 азы октябры 15-æм бон Нары хъæуы. Йæ мад – Гуыбаты Мария – æвгъæды бадгæйæ амарди æмæ Къостайы фæхаста сæ дыккагхæдзæртты чындз Чендзе. Къоста йе схæссæг мад кæддæриддæр уый хуыдта, æмæ йæ уый дæр хъæбулы уарзт кодта.

Къостайы фыд Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан уæд ас лæг уыд, дæс æмæ дыууиссæдз азы йыл цыд. Уый Уырысы ’фсады бирæ фæслужбæ кодта, хæсты быдыры дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд, суанг ма Польшæ æмæ Венгримæ дæр ныххæццæ Уырысы ’фсадимæ. Æрдзæй зондджын лæг уыд, царды – фенæг. Къоста ма саби куы уыд, уæд Леуан куыста Дзæуджыхъæуы хæххон милицæйы æмæ йын Нары хъæумæ арæх цæуыны фадат нæ уыд. Стæм хатт уыдта йæ иунæг фырты, йæ бинонты.

Къоста рæзти хъæлдзæг, уæнгрог æмæ зæрдæргъæвд лæппуйæ. Йæ дыккаг мад Сухиты Хъызмыдæ йæм йæ чызг Олгъайы тыххæй чысыл хъæбæрзæрдæ дардта, фæлæ йæ схойгæ нæ кодта, стæй Хетæгкаты Леуаны иунæг бындар афтæ æнцон фесхойæн дæр нæ уыд. Къоста рæзт уæгъдибарæй, хъæубæстæй рæвдыдæй.

Сколайы бонтæ

Райдиан скъола Къоста каст фæци сæхи бонтæ хъæуы – Нары. Ахуырмæ зæрдæргъæвд уыд, фæлæ сабийæ фæстæмæ уæлдай бирæ цы уарзта, уый уыди нывтæ кæнын. Йе ’мцахъхъæнтæ сæ мысинæгты куыд дзурынц, афтæмæй уый чысылæй фæстæмæ къæйдурты фæрстыл æмæ къултыл кодта æвзалыйæ фосы, сырдты, мæргъты нывтæ. Æмæ ныв кæнын цæргæ-цæрæнбонты уыд Къостайæн йæ уарзондæр хъуыддаг.

Райдиан скъола каст куы фæци, уæд иучысыл ацахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дæлгимназы, стæй уæд сæхимæ, Лабæмæ, ацыд йæ фыдмæ.

Лабæ – ныр стыр ирон хъæу, Хъæрæсейы фарсмæ Стъараполы бæстæйы – уæд уыдис бынтон ног æрцæрæг адæмы хъæу. Дæс æмæ æртиссæдз хæдзары (1870 азы) акодтой уырдæм Уæлладжыры комæй Леуан æмæ Гуытъиаты Мысырби. Леуан йæ дыккаг усимæ цард уым, æмæ Къоста дæр уырдæм ацыд. Чысыл фæстæдæр Къоста ахуыр кæнын райдыдта Стъараполы гимназы æмæ дзы фæцис суанг 1881 азмæ, стæй йæ ныууагъта, йæ фæуынмæ ма йæ иу афæдз куы хъуыд, уæд.

Къоста гимназы йæхи равдыста нывкæнынмæ тынг æвзыгъд лæппуйæ. Нывкæнын ацы гимназы амыдта Васили Иваны фырт Смирнов. Уый йæхæдæг уыд курдиатджын нывгæнæг, Бетъырбухы Аивæдты академи каст фæци стыр уырыссаг нывгæнæг Репинимæ иумæ, уымæй дæр æвзист майдан райста йе ’взыгъддзинады тыххæй.

Къостайы хъулон уарзт кодта Смирнов æмæ йын бацамыдта, цæмæй ацыдаид академимæ нывгæнæджы тынг зын, фæлæ стыр дæсныйад лæмбынæг сахуыр кæнынмæ. Бакаст йæ коммæ Къоста æмæ 1881 азы бахаудта академимæ, райдыдта ахуыр кæнын.

Тынг арæхст нæ фидæны стыр фыссæг ныв кæнынмæ, ахуыр дæр хорз кодта, фæлæ дыууæ азы фæстæ Къостайæн йе стипенди систой. Стипенди иста, хицауад хохаг адæмтæй алыхуызон иварты фæдыл цы ’хцатæ ’мбырд кодта, уыдонæй. Ныр ын загътой, зæгъгæ, уыцы ’хцатæ иу хицау бахордта, æмæ ма дын кæцæй раттæм стипенди.

Тынг уарзта Къоста нывкæныны аивад æмæ йæ фæндыд йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын. Дыууæ азы ма фæфыдæбон кодта дард æмæ æцæгæлон горæты. Алы ницæйаг куыстытыл зылд, цæмæй къæбæры фаг исты амал кодтаид æмæ ма академийы лекцитæм дæр цыдаид барвæндæй хъусæджы хуызы (вольнослушатель). Бирæ фæкуыста наулæууæны уæзæйæхæссæгæй: наутæ куы ’вдæлон кодта, куы та – дзаг.

Афтæ ныффæрæзта дыууæ азы, стæй загъта: академийы базонæн цæмæн уыд, уыдон сахуыр кодтон, ныр ма баззад диплом райсын, æмæ мын уый уæддæр нæ ратдзысты æмæ ма мæ рæстæг цы сафон, фæцæуон мæ фыдыуæзæгмæ. Куыд мысыд йæ уарзон Ирыстоны зæхх, йæ адæмы, уый тыххæй зæрдæбын ныхæстæ ракодта Къоста йæхæдæг:

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,
Нæ зонын мæ мады рæвдыд,
Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.
Кæмдæрты æнæсæронæй,
Æдыхæй, æцæгæлонæй
Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй.
Фæхæссон ма, загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæсты сыг донау мызти.
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, –
Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

«Схъомыл дæн уырысимæ»

Бетъырбухы кæй фæцард æмæ фæахуыр кодта Къоста, уый йын стыр зонд æмæ фæлтæрддзинады скъола уыдис. Фæстæдæр уый фыста йе ’мдзæвгæ «Æхсины лæджы»: «Схъомыл дæн уырысимæ». Æмæ æцæгдæр афтæ уыд. Райдиан скъола каст куы фæци Нары, уæдæй Бетъырбухы академийæ раздæхыны онг, фынддæс азы бæрц, уый йе скъоладзауы æмæ студенты бонтæ арвыста уырыссаг интеллигенцийы ’хсæн æмæ Уæрæсейы зæххыл.

Бирæ цыдæртæ базыдта Къоста – æрыгон лæппу – ацы азты дæргъы. Стæй канд ахуыр æмæ нывкæныны аивадыл дæр нæ цæуы дзырд. Уый каст уырысы классикты уацмыстæ æмæ сыл ахуыр кодта поэтикон дæсныйадыл, стæй сæ раззаг идеалтæ, сæ адæмондзинадыл; хъæздыг кодта йæ эстетикон дуне, æнкъарынад æмæ æмбарынад. Каст уырыссаг революцион-демократон хъуыдыйы классиктæ Белинский, Чернышевский, Добролюбовы уацмыстæ æмæ рæзт йæ дунеæмбарынад, йæ хъуыды цыргъæй-цыргъдæр кодта æмæ бæлвырддæр иртæста æхсæнадон царды фæзындтæ æмæ хабæртты мидис, фæллойгæнæг адæмы цæстæнгасмæ, уый интерестæм æввахсдæр кодта йæ поэтикон æмæ политикон хъуыды.

Уыцы азты Къоста иттæг хорз сахуыр кодта уырыссаг литературон æвзаг æмæ уæдæй фæстæмæ йæ поэтикон уацмыстæ фыста куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр. Йæ публицистикæ, ома газетты æмæ журналты цы уацтæ мыхуыр кодта, уыдон та иууылдæр уыдысты уырыссаг æвзагыл фыст. Бетъырбухы ахуыры азты Къоста бирæ уацмыстæ ныффыста уырыссагау. Уыдонæй иууыл стырдæр æмæ зынгæдæр уыдис поэмæ «Уæлхæдзар» («Чердак»). Æххæст фыст ын нæ фæцис, уæддæр бæрæг у йæ идейон мидис дæр æмæ йæ аивадон тых дæр. Бæлвырдæй нын æвдисы, Къоста лæппулæгæй Уæрæсейы æхсæнадон царды иууыл судзагдæр фарстатыл кæй хъуыды кодта æмæ сæм раззагон цæстæй кæй каст, уый.

Уыцы рæстæджы райдыдта фыссын Къоста йæ зынгæ уацмыстæ: комеди «Дуня» æмæ романтикон поэмæ «Фатимæ» дæр.

«Мæхицæй фыддæр»

Бетъырбухы куы уыд, уæд Къостайы хъуыды, фæдисон цæргæсау, тахти Уæрæсейы стыр быдырты сæрты æмæ фæлгъуыдта æппæт паддзахады æхсæны царды судзаг фарстатæ. Цыппæрдæс азы дæргъы Къоста иппæрд уыд Ирыстоны цардæй, дардмæ йын хъуыста йæ кой, æввахсмæ йæ нæ зыдта. Уымæй дæр æм ас лæджы цæстæй никуыма бакаст. Йæхæдæг куы зæгъы: «Мæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй».

Гъе уый аххосагæй Къостайы сфæлдыстады, цалынмæ Ирыстонмæ ’рыздæхт 1885 азы сæрды, уæдмæ нæй йæ адæмы кой, йæ ныййарæг адæмы хъысмæтыл сагъæс. Фæлæ уый хыгъд, куы ’рцыд æмæ куы федта йæ адæмы æдзæллаг уавæр, уæд йæ хъæлæс ныннæрыд мæстæлгъæд æмæ зæрдæрисæй:

Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Ацы ныхæстæ куы ныффыста, уæдæй фæстæмæ Къостайæн йæ уарзæгой зæрдæйæ йæ амæлæты бонмæ никуыуал схицæн йæ адæмы мæт, уый фæдыл сагъæс. Адæмы сæрыл удуæлдай тох сси йæ царды иунæг нысан цæрæнбонтæм.

Къоста сарæхстаид паддзахадон куыстмæ дæр, иууыл зындæр сфæлдыстадон сгуыхтдзинадмæ дæр, – ахæм цæттæ лæгæй æрцыд Ирыстонмæ 1885 азы. Фæлæ официалон бюрократи адæймагæн йæ курдиат, йæ зонд æмæ йæ ахуырдзинадмæ нæ фæкæсы. Уый кæсы лæгæн йæ гæххæттытæ æмæ йæ коммæгæсдзинадмæ.

Кæддæр иу паддзахæн загътой иу стыр композиторы тыххæй, ома уый музыкæйы гени у æмæ йын баххуыс хъæуы. Паддзах дзуапп радта: «Мæн гени композитортæ ницæмæн хъæуынц, мæн хъæуынц коммæгæс дæлбар адæм!»

Афтæ уыд Къостайы хабар дæр. Йæ сæр хъуыд æрмæстдæр йæ адæмы, стæй Кавказы æфхæрд дзыллæтæн се ’ппæты дæр, фæлæ хицæуттæн та уыд æрмæст уæлдай фыдæбоны хос. Ахæм цæстæй йæм кастысты.

Æхсæз азы фæцард Къоста йæ раздæхты фæстæ Ирыстоны æмæ уыцы рæстæджы дæргъы иу бындурон куыст не ссардта. Цæттæ нывгæнæг, фæлæ йæм нæй, академи кæй фæци, уый тыххæй диплом æмæ йын гимназы ахуыргæнæгæй кусæн нæй. Нæй кусæн, æгæрыстæмæй, скъолайы дæр — гимназ кæй фæци, уый тыххæй дæр аттестат нæй. Царды формалондзинад мæстæймарæн хос сси Къоста æмæ уый хуызæн рæстаг æхсæны лæгтæн.

1885 азæй 1891 азмæ Къоста цард, искуыдæй искуыдмæ-иу цы чысыл куыстытæ ссардта (искæмæн хуызджын портрет саразын, науæд театрæн декорацитæ скæнын, аргъуаны къултыл зæдты нывтæ ныффыссын æмæ æнд.), уыдонæй. Æххуырстау, йæ бонгуыстæй цард, фæлæ быхста, фæрæзта, йæ адæмы цурæй йæ йæ къах нæ хаста.

Фыццаг хатт хасты

1862 азы Колыты Аксо цы скъола йæхи хæдзары, уый фæстæдæр сси ирон чызджыты приют – иунæг ахуыргæнæндон, ирон чызг-фæсивæд чысыл истытæ кæм базыдтаиккой, ахæм. Приют куыста дингæнджыты хардзæй, æмæ йæ уыйадыл Гуырдзыстоны экзархат сæхгæдта 1891 азы зымæджы каникулты рæстæджы. Къоста æрбамбырд кодта ирон интеллигенцийы хуыздæрты æмæ иумæ ныффыстой гæххæтт хицауиуæггæнæг синодмæ, цæмæй экзархаты тæрхон ивд æрцыдаид æмæ ирон чызджыты скъола баззадаид, куыд уыд, афтæмæй.

Скъола баззад, фæлæ Терчы зылды хицау йæхи фæндонæй Къостайы Ирыстонæй фæсырдта куыд «змæнтæг элемент». Ахæм бар ын уыдис. Ахастой йæ фондз азы æмгъуыдмæ. Нал ын уыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæуыны, йæ иубæстон адæмимæ цæрыны бар.

Къоста фæцыд фыццаг Лабæмæ, йæ зæронд фыды хæдзармæ. Стæй кусын райдыдта Хъæрæсейы иу æрзæткъахæны къæнцылары. Стыр поэт æмæ нывгæнæг сси къæнцылары «хъуына гæххæттыты» хицау! Зын уыд, фæлæ быхста Къоста. Фæстæдæр йæ иу фыстæджы йæхæдæг куыд фыста, афтæмæй йæ царды иууыл тыхстдæр рæстæг батыдта раст уыцы заманы. «Уый фæстæ мæ хицæуттæ ратардтой Дзæуджыхъæуæй… Бахаудтæн Хъæрæсейы хæхты талынг цъассытæм, æвзист æмæ цинчы мадантæм…

Æдæрсгæ сæрыстырæй тигъыл ыслæууыд
Ысхъæлсы дзæбидыр, — йæ къæхты бын мит…

Хъавыдтæн мæ зæрдæйы уаг равдисынмæ, Хъæрæсейы бæстастæу хæхты, æцæгдæр, дзæбидырау, куы рахау-бахау кодтон, уæд… Уыцы рæстæджы цы ’мдзæвгæтæ ныффыстон, уыдон иууылдæр сты уæлдай æрхæндæг… Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ… æз мæхи банкъардтон зыбыты иунæг ацы стыр дунейы… Фыццаг мæ фыртыхстæй цы акодтаин, уый нал зыдтон, стæй иучысыл мæхиуыл фæхæцыдтæн æмæ хъуыды кæнын райдыдтон. Мæ уавæр уыдис бынтон æвирхъау, æгас дунейыл мын иу ахæм фæхæцæг нал баззад, мæн мæхицæн исты фыдбылыз саразынæй уæд та иу уысмы бæрц чи фæурæдтаид…», – афтæ фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ 1898 азы декабры 6-æм бон йæ фыстæджы.

Фæстæдæр Къоста кусын райдыдта Цæгат Кавказы уæды зынгæдæр газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы. Газетуадзæг уыдис Д.Д. Евсеев. Къоста дæр йæ муртæ бахардз кодта уыцы газет уадзыныл, йæ тых, йæ зонд та – йæ аразыныл, фæлæ фæстагмæ йæ бон нал уыд кусын Евсеевимæ æмæ рацыд редакцийæ. Евсеев ын йæ хай дæр нал радта.

Фондз азы бæрц фæкуыста Къоста уыцы газеты: официалон æгъдауæй йын нымæрдар уыд, æцæгæй та – редактор. Фондз азы тох кодта мыхуыр ныхасы фæрцы паддзахы администраци æмæ хæдхæцæгады системæйы ныхмæ. Фондз азы фæци хасты йæ райгуырæн бæстæ Ирыстонæй – æрцæуыны бар ын нæ уыд.

Æмæ ноджы иу хабар: Къостайы куы ахастой Ирыстонæй, уæд хъаст балæвæрдта Уæрæсейы иууыл стырдæр рæстæвзарæнмæ: раст не сты хицæуттæ, зæгъгæ. Фондз азы фæстæ æрцыд гæххæтт, йæ хасты æмгъуыд куы фæци, уæд – рæстагæй æфхæрд æрцыдис, зæгъгæ, фæлæ ма уый цы ахъаз фæуыдаид; мæстæймарæн ми уыд, æндæр ницы.

1897 азы Къоста фæрынчын, стджыты хæцгæ низ ыл фæзынд, æмæ йын Стъараполы операци скодтой.

Рынчыны сынтæджы Къоста, æдзух бирæ адæмы ’хсæн ахуыр кæй уыд, уый фæдыл тынг тыхстис. Фæндыдис æй, йæ хæстæджытæй исчи йæ цуры куы фæуыдаид, фæлæ нæ рауад.

«Фæнды мæ нæ дыккагхæдзæрттæй искæмæ фæдзурын, цæмæй ардæм æрцæуа æмæ мæ уæлхъус уа, фæлæ мæ цæсгом нæ хъæцы тæккæ куысты рæстæг у. Æцæг дзы иу ис, куыстхъом тынг чи нæу æмæ афтæмæй та тынг хорз таурæгъгæнæг æмæ фæндырдзæгъдæг чи у, фæлæ йæм куыд фæдзырдæуа, цы ’фсонæй йæ æркæнон?… Уый куы базоной, рынчын дæн, зæгъгæ, уæд æнæмæнг Лекси æрцæудзæн, æмæ мæн та раст уый нæ фæнды йæ куыстæй фæиппæрд кæнын», – зæгъы Къоста йæ иу фыстæджы.

Сдзæбæх Къоста уыцы операцийæ, фæлæ бирæ нæ ахаста йæ «дзæбæх». Ногæй та риссын райдыдта йæ къах æмæ уæд Бетъырбухмæ ацыд сæхи Андухъапары фæндонæй. Андухъапар зынгæ дохтыр уыд, Къостайæн операцигæнæг дæр уый фæндмæ гæсгæ уыд дæсны хирург Потоцкий.

Зын уыд иу афæдзы дæргъы дыууæ уæззау операцийы бауромын. Къоста тарст, куынæуал рахиза операцион стъолæй, æмæ фыста 27 ноябры æмдзæвгæ «Операцийы размæ», зæгъгæ, уым.

Цымæ ма бауыдзæн, тæхгæ базыры систау,
Мæ фæндтæ рифмæтыл бæрзонд сисын мæ бон,
Æви ныр фестдзысты мæ тас, мæ мæрдон ристæ
Мæ судзаг зарджытæн мæлæты хос, зындон?

 Цы бæрæг и… Мыййаг, кæд цардбæллон лæппуйæн
Йæ ацы зарæг дæр фæстаг хъæрзтау фæцис,
Зæгъы фæстаг салам, рæхуыст лæджы æмбуйау,
Кæй уарзта, уыдонæн, зæрдиагдæр ын ц’ ис…

 Кæд афтæ у, мыййаг, уæд дын, мæ фыдыбæстæ,
Мæ царды хорз нысан зæгъыны рад æрцыд:
Мæ бирæ сагъæстæн, мæ зæрдæбын ныхæстæн
Сæ иунæг, иу нысан дæ уарзондзинад уыд!

Æхсæз мæйы фæхуыссыд Къоста рынчыны сынтæджы, стæй сыстад æмæ 1898 азы сæрды æрцыд фæстæмæ Цæгат Кавказмæ. Фæцис йæ хасты дуг, фæцис йæ куыст газет «Цæгат Кавказ»-ы редакцийы дæр.

Поэты сæйраг чиныг

Стъараполы операцийы фæстæ ма Къоста уатон рынчын куы уыд, уæд фыста Андухъапармæ: «Боныгон уаты нал фæхуыссын. Мæ рынчыны бонты дæргъы бынтон бæстон бакуыстон мæ ирон æмдзæвгæтыл æмæ дзы иуæй-иутæ, æппæлынмæ мын æй ма айс, фæлæ æмбисонды хорз сты. Ныр сын цыма мыхуыры рауадзыны афон æрцыд, афтæ мæм кæсы». Уый уыдис 1897 азы 20 августы.

Къоста хорз зыдта, йе ’мдзæвгæтæ цы сты ирон дзырдаивадæн, уый. Фæлæ уæддæр нæ тагъд кодта сæ рауадзыныл. Æрмæст иу афæдз куы рацыд йæ цæвиттойнаг ныхæстыл, уæд фæзынд æмдзæвгæты фыццаг сыгъдæг къухфыст хицæн чиныджы хуызы. Йæ ном ын схуыдта «Ирон фæндыр». Уый фæстæ чиныджы цъарыл фыст уыд: «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Къоста. Хъæрмæдон. 1898 азы 3-æм сентябрь».

Поэты дыккаг хасты дуг

«Ирон фæндыр» Кавказы цензурон комитетмæ æрвыст æрцыд æмæ, афæдзы æрдæг куы рацыд, уæд ын рухсмæ рауадзыны бар радтой. Бирæ тох æмæ радзур-бадзур бахъуыд йæ сæрыл, фæлæ уæддæр æрæджиау, ома 1899 азы майы дыккаг æрдæджы, чиныг адæмы ’хсæнмæ хаст æрцыд. Ирон дзырдаивады ахсджиагдæр уацмыс, нæ литературæйы бындур сси нæ адæмы удварны культурон историон факт.

«Ирон фæндыр» ирон адæм сæ къухмæ куы дыккаг хасты райстой, сæ тæккæ цин кæныныл куы дуг уыдысты, уæд та Къоста ног араст маст æмæ æфхæрды фæндагыл, – ралæууыд йæ дыккаг хасты дуг. Къоста иу автобиографион фæлварæны афтæ фыста: «Æз, Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста, мæ цард снывонд кодтон хæххон адæмты сæрыл Кавказы администрацийы ныхмæ тохæн».

Раст фыста. Бирæ фæтох кодта нæ фыссæг Кавказы хæдбар хицæутты ныхмæ мыхуыры ныхасæй. Йæ бон сын бирæ ницы ракæнын уыд, фæлæ дзы тæрсгæ тынг кодтой: сæ сусæг фыдмитæ сын æргом кодта. Уыйадыл æм æдзух сæ цæст дардтой æмæ архайдтой сæрыстыр æмæ дзырдхъом поэтæй исты хуызы фервæзыныл, уый Кавказæй искуыдæм фесафыныл. Æмæ сын æрæджиау æнтысгæ дæр бакодта.

1898 азы фæззæджы Дзæуджыхъæуы кæрон иу чындзæхсæвы пъæлицæ æмæ чындзхон адæмæн загъд бацайдагъ. Æрцыдис дзы топпы гæрæхтæ дæр. Хылгæнæг адæмы ’хсæн уыд Хетæгкаты Созыры фырт Къоста дæр, поэты æрвад æмæ æмном. Уый æфсонæй Терчы зылды хицау инæлар Каханов сфæнд кодта Къостайæ йæ маст райсын: ныффыста уæлдæр хицæуттæм, зæгъгæ, Къоста пъæлицæйы ныхмæ æд гæрзтæ ныллæууыд æмæ хаст æрцæуæд Кавказæй Уæрæсейы цæгаты губернитæй искæцымæ фондз азы æмгъуыдмæ.

Хъуыддаг сæрæй-кæронмæ æрымысæггаг уыд, фæлæ инæлар Кахановы куырдиатыл сæйраг хицауиуæггæнæг Голицын къух бафыста, æмæ ныр тынг зын уыд поэты сраст кæнын.

…Æхсæз мæйы фæтох кодта Къоста Бетъырбухы йæ рæстдзинады сæрыл, фæлæ йæхи сраст кæнын йæ къухы нæ бафтыд. Араст дыккаг хатт хасты æнæрайы фæндагыл æмæ 26майы ныххæццæ Херсонмæ.

Стыр зындзинæдтæ бавзæрста ам Къоста, бирæ тыхстыты фæцис, кæд дзы иу афæдз æххæст нæ фæцард, уæддæр. Нæ йын уыд куыст, – цæмæй цардаид? Нæ йын уыд искуыдæм фезмæлæн – æдзух пъæлицæйы цæсты раз хъуамæ уыдаид. Афтæмæй та лæгæн цæрæн дæр нæй æмæ кусæн дæр. Уæддæр Къоста архайдта, амæлттæ кодта кусынæн дæр æмæ цæрынæн дæр.

Фыццаг афæлвæрдта, Херсонæн йæхи мидæг нæ, фæлæ губернийы сæйраг горæт Одессæйы æрцæрын, фæлæ йын бар нæ радтой. Уымæн та йæ хъуыдыйы уыд административон центры исты куыст ссарын. Фæлваргæ дæр акодта хуымæтæджы газеты корректоры куыстыл, фæлæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ йæ ныууагъта. Ныццыд Очаковы горæтмæ дæр – денджызы йæхи найынмæ, йе ’ нæниздзинад фидар кæнынмæ. Иуцасдæр дзы фæцис æмæ фыста Цæлыккатæм: «Æрвылбон дын денджызы был уæвыны фадат уæд, сæумæцъæхæй изæрмилтæм дæ цæст дар, денджызы хуыз æдзух куыд рафæлив-бафæлив кæны, уымæ, стæй хъус йæ æвæджиауы сабырмæ æмæ цавæрдæр знæт хæл-хæлмæ, уылæнты сусæггаг ныхасмæ… Æхсæв мæй денджызы уæлцъарыл кæрæй-кæронмæ айтындзы миллиард æрттивæгтæй уæфт тын, стæй уыцы æрттивæгтæн цы нæ цæстфæливæн хуызтæ ис. Ноджы ма сæм бафтау хинайын… Денджызы найын! Æххæст æй уæ хъуыды дæр не ’рцахсдзæн, уый цы æхцондзинад у æмæ куыд пайда у! Фараст боны дæргъы, мæхи найын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ афтæ рацъæхснаг дæн, æмæ мæ куы фениккат, кæсынæй мæм нæ бафсæдиккат».

Уый фыстæджы афтæ дзырдта Къоста, цæмæй йæ зæрдæйы арф сагъæс, куыд мысыд æмæ куыд тыхст, уый ма фергом уыдаид искæй раз, æндæр уæды æмдзæвгæты æнкъарæнтæ тынг æнтъыснæг сты:

Мæй-иу доны йæ цырагъ куы ссыгъта,
Ам уæд уылæнтыл уæрстон, æмгæрттау,
Æз мæ уды уыраугæ цæссыгтæ
Æмæ зæрдæйы дудгæ æфхæрдтæ.

Урæдта йæ «дудгæ æфхæрд», йæ низæн дæр быхста, йæ «уды цæссыгтæ» та никæмæн хъæр кодта æмдзæвгæтæй дарддæр. Ахæм уавæры ма кусгæ дæр кодта, къæбæры фаг амал кодта нывкæнынæй: арæзта сурæттæ хуызджын ахорæнтæй, «ахуырста хуыцæутты», ома зæдты нывтæ арæзта аргъуантæн, уæдæ цæмæй цардаид. Нæ рох кодта йæ поэтикон хæтæнтæ дæр. Херсоны фыст æрцыд «Хетæджы» райдиан, æххæст фыст ын цы хай у, уый – 300 рæнхъы бæрц. Афтæ æрвыста йæ хасты бонтæ Къоста Херсоны губернийы.

1899 азы майæ суанг 1900 азы мартъимæ фæцис Къоста хасты, стæй ссæрибар. Каханов тард æрцыд Терчы зылдæй Туркестанмæ, Къостайæн радтой Ирыстоны цæрыны бар.

Поэты мæлæт

Бирæ ног фæндтæ уыд Къостамæ. Уыдонæй сæйраг уыд Ирыстоны æрцæрын, бинонтæ скæнын æмæ сæрмагонд аивадон скъола байгом кæнын.

Æрæвнæлдта уыцы хъуыддæгтæ саразынмæ, фæлæ йын нал бантыстысты. Йæ хæдзар æрдæгарæзтæй баззад, йæ уарзон чызг – куырдуаты, йе скъола – æхгæдæй. 1902 азы декабры Къоста тынг фæрынчын. Зымæджы дæргъы уатон рынчынæй фæцард иунæгæй, уазал хæдзары. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд Къоста. Цæргæ ма фæкодта æртæ азæй чысыл фылдæр, фæлæ куыстæн нал сбæззыд, йæ уонг, йæ аив дзыхыдзырд йæ бар нал уыдысты, афтæмæй амард йæ фыды хæдзары Лабæйы 1906 азы 1 апрелы.

Фыццаг æй баныгæдтой Лабæйы йæ фыды ингæны фарсмæ, фæлæ Иры раззаг интеллигенци сфæнд кодтой: Къоста ирон адæмæн цырагъдар фæцыд цæрæнбонты, йæ поэтикон гени, йæ уд, йæ зонд сын нывондæн æрхаста, адæмы кад æмæ намыс у, æмæ хъуамæ йæ мард дæр æвæрд уа йæ райгуырæн зæххыл. Дæс боны фæстæ йæ æрластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ горæты астæу Иры аргъуаны кæрты баныгæдтой. Бирæ адæм æрæмбырд Къостайы ныгæнынмæ. Стæй канд Ирæй дæр нæ. Кавказы адæмтæ се ’ппæт дæр стыр хъыг фæкодтой Къостайыл. Йæхæдæг дæр сæ бирæ уарзта, сæ сæрыл бирæ тох фæкодта. Ирон дзыллæйы сæрыл куыд дзырдта, иннæ адæмты дæр афтæ нæ уагъта æфхæрын паддзахы хæдхæцæгадæн. Ныр йæ табæты уæлхъус æнкъардæй лæууыдысты æмæ фæстаг хæрзбон кодтой Къостайæн уырыс, гуырдзы, цæцæн, мæхъхъæл, сомих, кæсæг, асы, хъæрæсе, украинæгтæ æмæ æндæр адæмтæ. Йæ цæрæнбонты архайдта адæмты иудзинадыл, адæмты æнгомдзинадыл æмæ сын йæ мæлæт дæр хæлардзинады хос фæци.

 

НЫСТУАН

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг
Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –
Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,
Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,
Куы бафидин искуы мæ хæс,
Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,
Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

 

ÆНÆ ХАЙ

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг…
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугьы йæ бæх?

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард…
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй
Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

 

КÆМÆН ЦЫ…

Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.

Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.

Хоры кæндæн – зад,
Хоры хæрдæн – кад.

Сонт рæдыдæн – барст;
Хорз зæрдæйæн – уарзт.

Рагон мастæн – тад;
Загъдкъахæгæн – над.

Магусайæн – цæф;
Цырд лæппуйён – кæф!..