МАМСЫРАТЫ Темырболат

(1843 — 1899)

Фыццаг ирон профессионалон поэт

Темырболат йæ царды фылдæр хай арвыста цард Турчы. Мæлгæ дæр уым акодта, ныгæд дæр уым у, йæ къухфыстытæ дæр абоны онг уым сты. Кавказаг ирон лæг нырма уымæн йæ ингæн дæр, йæ къухфыст дæр нæ федта. Æмæ уыйадыл йæ царды хабæрттæ дæр бæрæг-бæлвырд не сты. Чиныджы цы ныхæстæ ракæнæм, уыдон дæр нырма хъусæггæгтæй æмæ койтæй зонæм, документалон бындур сын нæй.

Æнæгуырысхойæ дзы цы зонæм, уыдон сты дыууæ хабары: 1865 азы Мамсыраты Темырболат æвзонг лæппуйæ (куыд дзурынц, афтæмæй йыл уæд цыдис 22 азы) алыгъдис йæ мады ’фсымæр Куындыхаты инæлар Муссæйы фæндæй Туркмæ. Дыккаг та уый, æмæ 1922 азы иу туркаг ирон (Муссæйы фырт) Дзæуджыхъæумæ æрхаста Темырболаты уацмыстæй 10 æмдзæвгæйы къопитæ æмæ ма загъта, уый размæ адæмон зарæджы хуызы кæй зыдтой иры дзыллæ, уыцы «Сагъæстæ» дæр Темырболаты фыст кæй сты.

Уыцы æмдзæвгæтæй иуыл нысангонд ис йæ ныффыссыны рæстæг –1898 аз. Уымæй нæ бон зæгъын у, ома уыцы аз ма Темырболат удæгас уыд. Афтæмæй Темырболаты райгуырды æмæ мæлæты азтыл нымайæм 1843 æмæ 1899. Цалынмæ нæм бæлвырддæр зонæнтæ исты фæзына, уæдмæ уал нымайдзыстæм афтæ.

Цæмæн афтыд Мамсыраты Темырболат Туркмæ?

Куы ма загътон: Ир Уæрæсейы паддзахадимæ баиу сты барвæндæй, сæ историон уавæры хуыздæр фадат ницы уыди адæмты рæгъы рацæуынæн, ногæй, æхсæз æнусы дæргъы дзыхъхъылæуды фæстæ, дунейы историмæ барджынæй бахизынæн. Фæстæдæр, Уырысы хæдхæцæгад йæ колониалон режим æвæрын куы райдыдта, уæд тохтæ дæр æрцыди ирон зæхкусджытæ æмæ паддзахы æфсæдты ’хсæн, фæлæ адæм цы историон фæндаг равзæрстой, уый нал аивтой.

Афтæмæй, ирон адæм, иннæ хохаг адæмтæ Уæрæсеимæ куы хæцыдысты, уæддæр паддзахы ныхмæ тохыл нæ ныллæууыдысты. Кавказы баиу Уæрæсеимæ Ирæн пайда фæци экономикон æгъдауæй дæр æмæ йæ культурон рæзтæн дæр. Ир хæхты цъассытæй рацыдысты, ныр кæм цæрынц, Терчы дæлвæзты, уырдæм æмæ уал се ‘нусон зæхмондаг суагътой. Фæцис сын фадат фыссынад саразынæн, скъолайы къæсæрæй бахизынæн, иннæ адæмты ‘хсæнмæ цæуынæн, дунейы цивилизацийы рæзтæй хайджын фæуынæн. Уыйадыл, Къоста куыд загъта, уыйау: «Иры дзыллæ никуы уыдысты Кавказы бæстæйыл уырысы ныхмæ хæрамхæссæг адæм». Æцæг, паддзах йæ колониалон режим куы ‘вæрдта Кавказы, уæд бирæ адæмтæ растадысты йæ ныхмæ, уæлдайдæр та пысылмон диныл лæуд адæмтæ. Уыцы хæст ныддаргъ ис – дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр фæцыд. Фондз æмæ ссæдз азы хæсты сæргъ лæууыд (1834 – 1859) Шамил-имам, дин æмæ æфсады хистæр.

1859 азы августы Шамил састы баззад, йæхи уацары радта. Фондз азы ма фæхæцыд йæ наибтæй иу, Мæхæмæт-Амин, стæй уый дæр басастой паддзахы ‘фсæдтæ. Æргом хæст фæци, фæлæ, утæппæт рæстæджы кæрæдзимæ топпы кæсæнæй чи каст, уыцы адæмтæн æнцон бафидауæн нæ уыд, æмзæрдæйæ цардаиккой иу паддзахады, уый зын хъуыддаг уыд. Æргом хæст фæци, фæлæ зæрдæйы хæрам нæма байсысти.

Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ сæ маст исыны фæдыл, протесты хуызы, лыгъдысты се ‘мдин туркмæ, чи та йæ кард цыргъ кодта, æфсоны сæрыл лæууыдысты, растынмæ сæ бирæ нæ хъуыд.

Уыцы уавæры Турчы хицæутты дæр æмæ Уырысы паддзахы дæр фæндыд, хæрам адæм, Уырысы паддзахады хицауиуæгæй разы чи нæу, уыдон Туркмæ куы алидзиккой, уый. Туркæн пайда уыд ацы хабар – уыцы кавказаг адæм кæддæриддæр цæттæ уыдаиккой Уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Уырысы паддзахадæн дæр пайда уыд, уымæн æмæ хæрам адæмæй сцух уыдаид æнæнцой, тохыл лæуд Кавказы адæмтæ ныссабыр уыдаиккой.

Афтæмæй, дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст, цæмæй Кавказы пысылмон дзыллæты Туркмæ алидзын кодтаиккой. Паддзахæн уый пайда уыд ноджы уымæн, æмæ лыгъд адæмты зæххытæ баззадаиккой Уæрæсейы колонисттæн.

Ацы сайæн ми аразджытæй иу уыд Куындыхаты инæлар Муссæ, Темырболаты мады ‘фсымæр. Уый бирæ адæмы алидзын кодта йемæ 1865 азы. Лыгъд адæмимæ уыд Темырболат дæр. Уыцы æппæтадæмон трагеди сси йæ зарæджы сæр Темырболатæн.

Куыд цард Темырболат Турчы, цы куыста, цæмæй дардта йæхи, йæ бинонты? Ацы фарстытæ цымыдисаг сты, фæлæ сын бæлвырд дзуапп нæма ис. Æрмæст, куыд зæгъынц, афтæмæй Темырболат Турчы зæххыл бинонтæ не скодта, нæ бацыд æфсады куыстмæ дæр, кæд чысылæй фæстæмæ æфсæддон хъуыддагыл ахуыр кодта, уæддæр. Йæхи дардта зæххы куыстæй. Хуымæтæг ирон адæм куыд цардысты, уый дæр афтæ.

Æрмæст иу миниуæгæй хицæн кодта Темырболат йе ‘мирон зæхкусджытæй. Бауарзта фæндырæй цæгъдын, ирон хъисфæндыр æмæ фæскуст мысыд йæ зарæджы ныхæсты йæ райгуырæн Ирыстоны зæхх, йæ ирон дзыллæйы. Æмæ цæуылфæнды зарыдаид, уæддæр йæ ныхасы райдиан уыд Туркмæ фæлидзыны æппæтадæмон трагеди.

Темырболатæн йæ фыццаг æмдзæвгæ (мах дзы кæй зонæм, уыдонæй) Турчы ирæн сси зарæг. Уырдыгæй зарæджы хуызы æрыздæхт Ирыстонмæ, æмæ йæ 1881 азы уырыссаг стыр ахуыргонд, ирон æвзаг æмæ истори иртасæг академик В. Ф. Миллер ныммыхуыр кодта йæ чиныг, «Ирон этюдтæ», зæгъгæ, уым.

Уыцы зарæг уыд «Сагъæстæ». Миллер дæр æй адæмон зарæджы хуызы ныммыхуыр кодта. Æрмæст уый дæсны фольклорист уыдис æмæ рахатыд, зарæг индивидуалон сфæлдыстад кæй у, уый. Йæ фиппаинаджы «Сагъæсты» тыххæй зæгъы: «Продукт нового, более художественного творчества».

Ома уый адæмон-коллективон сфæлдыстадæй индивидуалон-профессионалон сфæлдыстадмæ хæстæгдæр лæууы.

Афтæмæй Темырболат йæ царды фæстаг бонмæ уыд йæ райгуырæн Ирыстон æмæ Кавказы патриот, лæгдзинады фарслæууæг, адæймаджы рæсугъд чи кæны, ахæм хæрзæгъдауы сæрхъуызой.

Мах ма сæрыстыр хъуамæ уæм ахæм хабарæй дæр: XIX æнусы астæу Кавказæй Туркмæ алыгъд иу миллионы бæрц алы адæмтæй. Уыдонæй рацыд иунæг поэт, стыр æрдзон курдиат æмæ зонды хицау, йæ райгуырæн Кавказы патриот æмæ фæллойгæнæг адæмы идеалтыл хæст адæймаг. Æмæ уый уыд ирон аив дзырды фыццаг дæсны – Мамсыраты Темырболат.

 

АВДÆНЫ ЗАРД

Ахуысс, ахуысс æнцад хуыстæй,
Цалынмæ маст дæ зæрдыл нæй.
– Æз дæ хæссын хæлар куыстæй,
Ныр уал мæ туг мæ риуæй дæй.

Æнæбæстæ, æнæхицау, –
Ды нæ зоныс, кæм ыстæм;
Нæ хорздзинад æнæмбæрстæй
Мах дзæгъæлдзу кæй сыстæм.

Не ’ннæ дих та сæ паддзахæй,
Иттæг тыхст дзы куы вæййынц.
Сæ дин, сæ бæстæ, се ’гьдауæй
Уыдон хицæн куы кæнынц.

Дæ дин, дæ бæстæ, де ’гъдауыл
Иттæг тынгæй куы дзурай,
Дæ худинаг, де ’гадыл
Адзал лæварæн куыд курай.

Туркаг зæрдæ ма райсай, –
Дæ туджы ’ртах кавказаг.
Махыл дæ зæрдæ ма худæд, –
Нал дын ыстæм ахъаззаг.

 

РЫНЧЫН ÆМÆ РЫНЧЫНФÆРСÆГ

Рынчынфæрсæг:
Куы сдæ, Осман, фыдмæллæг
Хъæрзгæ дæ бонтæ куы ’рвитыс,

………………………………….

Мæ зæрдæ дыл куы риссы.

Хуыз дæ, туг дæ нал баззад,
Цæуыс адзалмæ хæстæгдæр.
Бонæй-бонмæ дæ хъару
Бæлвырд кæны мæллæгдæр.

Мæ зæрдæ дыл куы худы,
Е-ууæй, гормон, фæтарстæ?
Ды ном æмæ кадимæ
Дæ заманы куы цардтæ.

Дæ ном чысыл куы нæ уыд,
Арвы цæлхъау куы хъуысти.
Дæ тых æмæ де ’хсарæй
Æгас дуне куы рызти.

Чысыл ысхæц дєхиуыл, –
Гормон, дæ уд фæцæуы,
Уæлдай тæрсын æххуыс нæу, –
Мæлæтæн дæр лæг хъæуы!

Р ы н ч ы н:
О мæ хъан, мæ уарзон,
Æрбабад-ма хæстæгдæр,
Фыццаг бамбар мæ низы, –
Уайдзæф ракæн фæстæдæр.

Тæхуды ’мæ ды иу хатт,
Мæ зæрдæмæ куы ’ркæсис,

……………………………

Тæригъæд мын фæкæнис.
Куыдтæ бацис мæ фæллой,
Цы ми кæнынц мæ зæнæг, –
Ды дæ цæстæй куы фенис, –

Мемæ кæуис дæхæдæг.

Хъал ныхас цæмæн у?
Фæлтау дæ хъус æрбадар, –
Байгом кæнон дæ разы
Мæ зæрдæйæн йæ дыуар.

Мæнæн мæ ном, дæ загъдау,
Арвы цæлхъау куы хъуысти,
Мæ тых æмæ ме ’хсарæй
Æгас дуне куы рызти.

Æхсар æмæ рæстдзинад
Æз мæ къухы куы дардтон,
Æз ме стыр мулк, мæ фæллой
Афтæмæйты куы ссардтон.

………………………………

Мæнæн мæ ниат хуыцау уыд.
Хорз ракæн адæмæн! –
Мæнæн, мæ хур, æгъдау уыд.

Фæлæ, мæ хур, ц’ ахъаз у?..
Фыд-зæнæг мын рацыди.
Низджын ысдæн сæ низæй,
Мæстæй мæ хуылф басыгъди.

Дзугтæ скодтой чызджытæй.
Цард риуы бафынæй.
Афтæ ’рвитынц сæ бонтæ
Худын æмæ хъазынæй.

Сæ мулк, се ’хсар, сæ намыс
Æргом ысси хæрзмæллæг,
Уæддæр фæсмон нæ кæнынц
Мæнæн, мæ хур, мæ зæнæг.

Сæфты зондыл рацыди, –
Сагъæс размæ нæ кæнынц.
Сæ хæдзары уынаффæ
Кæрæдзийæн уæй кæнынц.

Се ’хсæн хæрæг куы феной
Сызгъæрины уаргъимæ,
Уæд ын йæ ном аивынц,
Арвитынц æй кадимæ.

Ыстæй ноджы мæ фæстаг
Тынг æнæфсарм, фæлывд у.
Ма мын аппар мæ ныхас,
Бауырнæд дæ, бæлвырд у.

«Мæнæ хæлы мæ хæдзар!..» –
Кæугæ дзурдзæн мæ зæнæг.
Йæ уæрджытæє хойдзæни,
Уый æруыдзæн хæрзмæллæг.

Ма дæ уырнæд йæ дзырдтæ,
Мæнгæй йæхи æфхæры.
Давын æмæ хæрынмæ
Йæ дæндæгтæ цыргъ кæны.

……………………………
……………………………
……………………………
……………………………

Демæ худгæ дзурдзæни,
Ысуыдзæни хæрзлымæн.
Зæрдæ зæгъдзæн мидæгæй:
Амæн нал и мæ хуызæн.

Худгæ йæхи æвдисы, —
Зæрдæ сау у мидæгæй,
Хи дзы хъæуы хъахъхъæнын, –
Куыдзау хæцы сусæгæй.

Цæй, дардыл цы дзурæм,
С’ амонд фенцъылд, асасти,
Сæ цар кæлы сæ уæлæ! –
Сæ фыд цотыл рахатти.

Кæфтæ æмæ кæсæгтæ
Уыдоны цард куы кæнынц.
Уыдон дæр ма мæ фырттау
Кæрæдзи фыд куы хæрынц.

Гъеныр мæ фыд бамбыди,
Уый байдыдта мæрдысмаг,
Мæ къабæзтæ халæттæн
Ныр уал фесты хæлæфаг.

Ныр цæргæстæ, уаритæ
Тæхынц мæнæн мæ сæрмє,
Бахæрынмæ цæрдудæй
Кæсынц мæнмæ æнхъæлмæ.

Ныр мын мæ низ бамбæрстай,
Мæ хъан, мæ хур, æнхъæлдæн.
Сæрæй, дæуæн куы схуылыдз
Дæ цæсты бын кæлмæрзæн?..

 

САГЪÆСТÆ

Дысон-бонмæ бафынæй
Ме уæнгтæ нæ куырдтой,
Мæ цæстытæ дзагъырæй
Æрцъынд кæнын нæ куымдтой.

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

«Фæхуд, фæхуд дæхиуыл!»
Зæгъгæ, мæм бæстæ ысдзырдта, –
«Нæл хуы схуыссыд мæ риуыл», –
Зæгъгæ, йæхæдæг ыскуыдта.

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

«Æз уæ саби, уæ мæллæг
Зæрдæйы рухсæн куы хастон.
Æз уе стæгдар, уæ хæррæгъ
Мæ хуылфы арф куы дардтон.

Ныр тыхы бон æдыхæй
Дыууæ дихы куы фестут
Æмæ иу ран дæр мæн тыххæй
Ысхæцынхъом куы не стут».

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Нæ райгуырєн, нæ бæстæ,
Цардæн адджын ды куы дæ!
Цард н’ агурæм дæ фæстæ,
Зæрдæйы рухс дæр ды куы дæ!

Уæ нæ хæхтæ, нє бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Иттæг хорз нын ракæнис, –
Цæттæ дын ыстæм мæлынмæ, –
Дæхимæ нæ ку’ акæнис
Залымимæ хæцынмæ.

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Кæмдæриддæр, дæ цæуæт,
Нæхи дæ номæй куы хæссæм;
Цыфæнды тых ныл æрцæуæд, –
Æгад нæ сæрмæ нæ хæссæм.

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Нæ райгуырєн, нæ бæстæ,
Удæн уд дæр ды куы дæ!..
Цард н’ агурæм дæ фæстæ, –
Зæрдæйы уæлæ хуыд куы дæ!..

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

Урс базыл сау цæссыг
Тынгæй-тынгдæр куы цыдис,
Куы нал хъæцыдтæн сагъæсыл,
Уæд мæм кæцæйдæр æрдзырдис:

«Уæ, бæстæй скъуыд, æфхæрд лєг!
Дæуæн куы ис æнхъæлцау, –
Куы йæ зоныс дæхæдæг, –
Дæ дин æмæ дæ хуыцау».

Иунæг хуыцау сабыр у, –
Иу хатт махмæ дæр ракæдзæн,
Мæгуыры дуа хъабыл у –
Тæригъæд нын бакæндзæн.

Уæ нæ хæхтæ, нæ бæстæ, –
Куыд ма цæрæм уæ фæстæ!..

МЕ ‘МГАРМÆ

О ме ’мгар, мæ уарзон!
Ме ’фсымæр дæ куы хуыдтон.
Нæ цардаис, базон,
Æнæ дæу цæрын нæ зыдтон,

Мæ фос, мæ цин, мæ рис дæр
Дæуæй хицæн нæ дардтон.
Бауырнæд дæ, мæхи сæр
Æз дæуыйас нæ уарзтон.

Фæлæ куыддæр фæхицæн
Махæн нæ цард иу ранæй,
Афтæ тæрсын дæхицєн
Ды байдыдтай де ’мгарæй.

Ныр мæ дæ уарзон ныууагъта.
Уый зæрдæйæ нæ уыди.
Сæрæй, мæ дарæс куы сайдта.
Сæрæй, мæ сагъæс мæнг уыди.

Уæддæр мæ уарзон ахастон.
Цудгæ, миййаг, нæ кæны.
Æрмæст мæ къодах рахастон,
Мæ уд демæ куы цæры.

Æргом зæгъын, базон æй,
Ныр мæ ласыс дæхи дард.
Æвæццæгæн, д’ амондæй
Тынг дæ зæрдæ фæфидар.

Бамбæрстон æз дæ ниат,
Дæ цин ысхызт уæлæмæ!
Ды – стыр хицау, æз – чысыл,
Нал мæ хæссыс дæ сæрмæ.

Куы та зæгъыс: «Хъаджджын у,
Йæ тыхст та мын куы дзура.
Мухаджир лæг ахуыр у, –
Фос мæ, миййаг, куы кура».

Дæ зонд ма кал дзæгъæлы,
Мæнæн мæ ниат æргом у:
Мæ уд æмæ мæ фæллой
Нæ адджын бæстæн нывонд у.

Куы мæ зоныс дæхæдæг, –
Æз мæгуырæй нæ цæрын:
Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг
Дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын.