ТОКАТЫ Алихан

(1893 – 1920)

Токаты Инусы фырт Алихан райгуырдис мæгуыр зæхкусæджы хæдзары – Дæргъæвсы. Йæ фыд – бирæ бинонты хицау – цыбыр къух лæг уыд, фæлæ уæддæр йæхи хъардта йæ хистæр лæппуйы сахуыр кæныныл. Алихан (аргъуаны чиныджы фыст у Владимир) фыццаг каст фæци сæхи хъæуы дыууæкъласон райдиан скъола, фæстæдæр та (1910 азы) бацыд Бакуйы денджызон ахуыргæнæндонмæ.

Алиханы райгуырды аз бæрæг-бæлвырд нæу, райгуырды гæххæтт ын нæй, фæлæ йæ 1917 азы сæ хъæуы адæм комиссарæй куы равзæрстой (декабры), уæд сæ суагъæйы ныффыстой, зæгъгæ, йыл «цæуы 23 азы». Ардыгæй зæгъæн ис, ома Алихан райгуырдис 1894 азы. Иу æндæр гæххæтты та фыст ис, зæгъгæ йыл 1912 азы цыдис 20 азы – ома у 1892 азы гуырд.

Иудзырдæй, фыссæгæн йæ райгуырды аз бæрæг нæу, фæлæ ацы дыууæ азæй сæ иу æнæмæнг раст уыдзæн.

Бакуйы денджызон ахуыргæнæндоны раргом Алиханæн йæ литературон курдиат дæр. Ам ныффыста йæ драмæ «Урс сынтытæ» æмæ йе ’мдзæвгæтæй бирæтæ. Æвзыгъд уыд Алихан, куыд дзурынц, афтæмæй, ныв кæнынмæ дæр, сценæйыл хъазынмæ дæр, музыкалон уацмыстæ фыссынмæ дæр. Æвзонг лæппу ма ацы горæты – рагæй фæстæмæ дæр кусджыты революцион змæлды артдзæсты – базонгæ дуджы раззаг идеологи æмæ политикон хъуыдыимæ. Уыцы хъуыддаг тынг фæзындис йæ дарддæры царды хабæрттыл.

1916 азы Алихан каст фæци денджызон ахуыргæнæндон, фæлæ йæ зæрдæ рагæй дæр аивадимæ дзырдта æмæ ацыд Петроградмæ (ныры Бетъырбух) ахуыр кæнынмæ Аивадты академимæ.

Бæрæг нæу, цас дзы фæцахуыр кодта, фæлæ дзы æрмæст цалдæр мæйы кæй фæци, уый æнæмæнг у. Уымæн æмæ 1917 азы уый куыста, Ригæмæ цы ’фсæнвæндаг арæзтой, уый 3-аг дистанцийы. Уыцы аз майы 8-æм бон уый куырдта фæндагарæзтады хистæрæй, цæмæй йæ ауагътаид сæхимæ: «Сидынц мæм Дзæуджыхъæумæ службæ кæнынмæ».

Æрыздæхт Алихан Ирыстонмæ æмæ декабры 30-æм бон, ома 1917 азæн йæ тæккæ кæрон, æвзæрст æрцыд сæ хъæуы комиссарæй. Дыууæ мæйы фæстæ Цæгат Иры æрфидар Советон хицауад, æмæ Алихан дæр куыста советты оргæнты.

Бирæ нæ ахаста уæд советон тыхбар (власть) Цæгат Кавказы – Деникины контрреволюцион æфсад æй ныппырх кодта иу афæдзы фæстæ. Æмæ уæд Алихан райдыдта дæластæрдон куыст. 1919 азы сси Дæргъæвсгомы партизанты хистæр æмæ хæххон хъæуты растадон къорды ЦК-йы уæнг. Æвæццæгæн, большевикты партийы рæнхъытæм дæр уæд бацыди æмæ йæ царды фæстаг бонмæ æнувыд уыдис коммунизмы идеалтыл, йæ хъаруйыл никуы ауæрста Советон хицауад æрфидар кæныны сæрыл тохы.

Æцæг ын цæрын бирæ нæ бантыст. 1920 азы тифæй фæрынчын æмæ амарди Дæргъæвсы. Ныгæд дæр æрцыд йæ райгуырæн хъæуы, йæ фыдæлты уæлмæрды.

Алихан райгуырд æмæ схъомыл хохаг ирон хъæуы. Уый хорз зыдта хохаг зæхкусæджы хъизæмаираг цард, æмæ-иу йæ адæмы социалон хъысмæтыл куы катай кодта, уæд йæ сагъæстæ хæххон хъæуы царды нывтæй æвдыста. Йе ’мдзæвгæтæ фылдæр хæхты маст, хохаг мæгуыр дзыллæйы мæтыл амад сты. «Хохы цард», зæгъгæ, уыцы æмдзæвгæ дæр раст ууыл фыст у.

Æмдзæвгæйæн йæ композицион нывæст хæрз хуымæтæг у. Конд у фондз фарстæй æмæ фондз дзуаппæй. Фæрстытæ дæтты автор хохы цæрджытæм ас лæгæй сабийы онг. Фæрсы сæ сæ царды зындзинæдтæй, сæ тухиаг уавæрæй.

Хистæртæ ныггуыбыртæ сты фыргуыст æмæ фыдцардæй. Устытæ хæдзары иугъæдон фыдæбонæй, маст æмæ æнкъардæй рафтыдысты:

Нæ уынæм мах нæ хæстæджы.
Фыдкуырм ыстæм нæ фæздæжы –
Æлгъыст у хохы цард.

Ноджы фыддæр ран сты лæппу-фæсивæд. Сæ царды уалдзæг хъуамæ мæт æмæ фыдæбоны арвитой, иунæгæй, æнамондæй:

Нæ зæрдæ гъе ныр – сау мæты.
Ирæдыл зæрдæ банæты,
Ирæд хъæуы ныр мах.

Чызг-фæсивæд та ноджы уæззаудæр фыдæвзарæнты сты, æнхъæлмæгæсæй зæронд кæнынц сæ фыды уæларт:

Уыдыстæм мах хæрз сæрæнтæ.
Ныйистæм ныр фыд-зæрæдтæ,
Ысчынди нын кæлæн.

Фæлæ адæмы æхсæны царды фыдуавæр иууыл карздæр зыны сабитыл. Уыдон – адæмæн се ’ппæты сыгъдæгдæр æмæ æвæгæсæгдæр хай – царды фыдад æвзарынц иууыл æгъатырдæр хуызты. Уыйадыл поэт уыдон фарст æмæ дзуапп æвæры æмдзæвгæйы кæрон, цæмæй чиныгкæсæджы зæрдæ нырриза æмæ макуыуал ферох кæна ацы фарст æмæ сабиты дзуапп:

– Уæ, сабитæ, цæуыл кæут?
Фыдгæмттæй мын кæдæм цæут?
Цы уæ хъæуы сымах?
– Æрцауыгътой нæ дадаты,
Нынныгæдтой нæ нанаты –
Сыдæй мæлæм ныр мах.

Ацы ныхæсты баиу сты, хохаг царды зынвадат æмæ фыццаг уырыссаг революцийы фæстæ реакцийы дуджы адæмы фыдуавæр, хæдхæцæг паддзах растадонтæй йæ маст куы иста, революцийы активондæр архайджыты куы цагъта, уыцы фыд-заманы бæрджытæ.

Алихан бирæ уарзта йæ райгуырæн хæхбæстæ, фæлæ-иу æй кæдфæнды æрымысыдаид, фыццаг-иу йæ хъасты сæр уыд хохаг царды фыдвадат, стæй та-иу уæд йæ уарзондзинады ныхас ракодта.

Мæнæ йæ иу æмдзæвгæйы фæнымадта хохаг царды иумæйаг бæрджытæ, адæймаджы туг сур кæмæй кодта, уыдон:

Хъæутæ къуыбыртыл цæрынц,
С’ алы фарс – зæйуæттæ.
Дæттæ быдыртæ хæрынц,
Хох-лæгæт – нæ уæттæ.
Хæхтæй цъититæ кæлынц.
Бирæйы фæхæссынц.
Хуымтæ сау зæйæ хæлынц,
Афæдз дæр нæ хæссынц.
Хæхтыл сау зæйы цæндтæ
Миназгай фæкодтам.
Дагъты, къæдзæхты кæндтæ
Тухитæй ыскодтам.
Калæм сау хуымыл нæ туг,
Къахæнтæй фæкъахæм.
Афтæ лидзы, згъоры дуг.
Сау дуртæ фæлдахæм.
Хох – хъæбæр. Сыгъд у, сыд у,
Хортæ дзы нæ зайы.
Хох зыд у, зыд у, зыд у, –
Хорæй нæ фæсайы.

Хохаг царды æппæт бæрджытæ дæр амонынц иу хъуыддагмæ – ам цæрæн нæй, адæм дзы тухийæ мæлынц. Фæлæ Алихан зыдта уый дæр, æмæ хохаг царды зынвадат æрмæст æрдзы карздзинадимæ баст кæй нæу, фæлæ, фыццаджыдæр, æхсæны царды æнæрастдзинадæй кæй æвзæры. Уымæй дарддæр ма уый дæр лæууыд йæ зæрдыл, æмæ хæхбæстæ йæ райгуырæн бæстæ кæй у, бирæ йæ кæй уарзы. Æмæ уый тыххæй йе ’мдзæвгæ фæуд кæны иттæг аив рæнхъытæй, стыр уарзондзинады ныхæстæй:

Фесæф, фесæфай, мæ хох,
Фесæфай мын тагъддæр.
Ды мæнæй нæ кæныс рох, –
Сау цæссыджы ’ртах дæ.

Алихан, хохаг лæппу, хæххон цардыл бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста, фæлæ йæ дзуринæгты сæйраг хъуыды кæддæриддæр иу уыдис: стыр мæт адæмы фыдцард, фыдвадатыл æмæ стыр уарзондзинад райгуырæн хæхтæм.

Токаты Алихан дæсны уыд ахорæнтæй ныв кæнынмæ æмæ дзырдæй дæр арæх фæлвæрдта хæххон æрдзы ныв саразын. Æцæг, уый æрдзы нывтæй фыццаджы-фыццаг хъавыд адæймаджы зæрдæйы уаг равдисынмæ.

Мæнæ цыбыр æмдзæвгæ фиалкæ дидинæджы тыххæй.

Уалдзæг ам нæ уыдтæн, –
Ахæстоны бадтæн.
Давæг æз нæ уыдтæн, –
Тадтæн æмæ руадтæн.
Дидинджытæ чидæр
Рудзынгæй æрбахста!
Загъта: «Уæ, мæ сидзæр,
Дидинджытæ ахсгæ».
Фиалкæтæ бастæй
Рудзынгыл æрцахстон…
Зæрдæ феуæгъд мастæй
Дидинджыты уарзтон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ам дзырд канд дидинджытыл нæ цæуы. Махæн нæ зæрдæ бацагайы, фыццаджыдæр, ахст лæджы маст, уый æнтъыснæгдзинад. Цæй тыххæй бады ахæсты, уый бæрæг нæу, фæлæ йæ ныхас «Давæг æз нæ уыдтæн» амоны, уыцы лæг цыдæр бæрзонд хъуыддаджы тыххæй кæй ис ахæстоны къуымы. Æмæ уыйадыл ахæсты уарзондзинад хуымæтæг дидинджытæм махмæ дæр бахъары. «Фиалкæты баст» нæ зæрдæйы баззад, сæрибармæ тырныны, рæстæй æфхæрды фарс хæцыны символау.

Æрдзы ныв æмæ лæджы сагъæсты иудзинад ноджы бæлвырддæр зыны Алиханы иннæ æмдзæвгæ «Малусæджы».

Хуымæтæг у æмдзæвгæйы сюжет. «Сусæгæй уалдзæг æрулæфыд зæхмæ», зымæг ма уыдис, афтæмæй. Уалдзæджы царддæттæг комулæфт ахъарыд мæры, æмæ райгуырди малусæг.

Быдыр, цæгæр сæрау, хъулон фæдардта,
Ранæй-ран урсæй лæууыди ма мит.
Малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта,
Малусæг фехъуыста уалдзæджы ’хситт…
Малусæг митæй нæ тарсти, нæ сыди,
Уазалы митимæ тарф уый хæцыд,
Уалдзæджы цинæй-иу бонгай рæзыди,
Хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд.

Афтæмæй рагуалдзæджы æрдзон фæзындтæй иуы ныв, малусæг сзайы миты бынæй, сси адæймаджы лæгдзинадыл зарæг. Зындзинæдтæй, æфхæрдæй тæрсын нæ хъæуы, сæ ныхмæ хъазуаты бацу æмæ акæн фæндаг Рухсмæ, стæй уадз æмæ дæ мæлæт æрцæуæд, малусæг уалдзæджы куыд амæлы, афтæ.

Рухсмæ йæ буц сæр уый митæй ысдардта,
Хурмæ бæллыд æмæ Рухсы цæры.
Малусæг Рухсы йæ мæлæт ыссардта –
Хурæй мæлы.

Алихан 27-аздзыдæй амард, фысгæ дæр рæстæгæй-рæстæгмæ кодта, йæ уацмыстæ афоныл мыхуыр не ’рцыдысты, æмæ ирон поэзийы рæзтæн ницы фæахъаз йæ аивад. Фæлæ Алихан дæсны поэт уыд. Уый ахуыр кодта уырыссаг поэзийы стырдæр минæвæрттыл æмæ сын сæ аивадæй бирæ цыдæртæ базыдта æмæ æрбахаста ирон дзырдаивадмæ. Сонеты вазыгджын формæйæ дæр фыццаг Алихан спайда кодта ирон поэзийы историйы.

Циу сонет? Сонет у æмдзæвгæйы бæрæг-бæлвырд формæ. Йæ сæйраг формалон бæрджытæ та сты ахæмтæ. Фыццаг сонет конд у 14 стихæй (рæнхъæй). Дыккаг сонеты стих вæййы фондздæстæгон ямб, æрмæст иуæй-иу хатт æмбæлæм сонеты æхсæздæстæгон ямбыл дæр. Æртыккаг классикон сонеты вæййы 4 кæнæ 5 рифмæйы. Фæндзæм уыцы рифмæтæн вæййы ахæм фæтк: фыццаг дыууæ куплеты (катрены) вæййынц дыууæ рифмæйыл амад (тæлывæрд кæнæ та дзуарæвæрд рифмæтæ), дыккаг дыууæ æртæрæнхъон строфайы (терцеттæ) вæййынц дыууæ кæнæ æртæ рифмæйыл амад ома алы терцеты дæр гæнæн ис æмæ уа фæйнæ къай рифмæйы (фыццаг æмæ дыккаг рæнхъ, æртыккаг рæнхъытæ та уой æмрифмæ).

Сонетæн йæ композицион арæзт дæр у бæрæг æмæ æнæивгæ. Фыццаг катрен у сонеты сæйраг темæ, дыккаг йæ дарддæры райрæзт, фыццаг терцеты хъуамæ сонеты темæ йæ нысанмæ райдайа цæуын æмæ йæ дыккаг терцеты ссара.

Сонеты формалон миниуджытыл дзурын зын нæу, фæлæ сæ базонын æнцондæр у, цæстæй сæ куы уынай, уæд. Æркæсæм Алиханы сонет «Цыкурайы фæрдыг»-мæ.

Мæнмæ цыкурайы фæрдыг ныр ис, –
Æдзух вæййы мæнмæ æппæт, цы курон;
Уый нæу зæххон, уæларвонтæй у – хурон,
Дзæбæх кæны фыднизтæ, зоны рис.

Нæ ратта уый мæнæн ыстыр Дзывгъис,
Нæдæр та Сафа, Уацилла, Æртхурон.
Æз калмæй байстон уый, уыди фыдхъулон;
Цæхæртæ калгæ, сау маргæй сыгъдис.

Фæндонæй æз фæтæхдзынæн уæларвмæ,
Æркалдзынæн нæ зæхмæ Рухсæй тын;
Мæ аууон зæххыл райдайдзæн хæтын,
Дæлдзæхæн та ныккæсдзынæн йæ арфмæ.
Дунетыл таудзынæн рæсугъддæр фын.
Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтам, уыдон иууылдæр сты ацы сонеты. Æмдзæвгæ конд у 14 рæнхъæй, алы стих дæр у фондздæстæгон ямб. Фыццаг хай дыууæ катрены амад у дыууæ рифмæйыл: «Ис рис Дзывгъис сыгъдис» æмæ «курон хурон Æртхурон фыдхъулон». Дыккаг хай дæр дыууæ терцеты амад у дыууæ рифмæйыл: «уæларвмæ йæ арфмæ йæ тарфмæ» æмæ «тын хæтын фын». Классикон сонеты фæткойтæй Алихан аивта æрмæст иу терцеты рифмæты фæтк у оригиналон: аббаба.

Хорз бæхъахъхъæдта Алихан классикон сонетæн йæ мидисы райрæзты фæтк дæр. Фыццаг катренæй мах базонæм, поэтмæ кæй ис, адæмæн хæрзиуæг кæй фæрцы сараздзæн, ахæм диссаджы дзаума цыкурайы фæрдыг. Дыккаг катрены уыцы хъуыды дарддæр нывæст цæуы: уыцы алæмæты дзаума йын дзуæрттæ æмæ дауджытæ нæ радтой, мыййаг, йæхæдæг æй байста тыхæй маргджын калмы дзыхæй. Ам фæбæлвырд ис ноджы фыццаг катрены хæрзиуæгхæссæг символы мидис: адæмæн хæрзиуæг дзуæрттæй кургæ нæу, калмы дзыхæй исгæ у зонд æмæ лæгдыхæй.

Фыццаг терцеты фæрухс, поэт цы хæрзиуæг æрхæссынмæ хъавы дунейæн, уый: уæларвæй зæхмæ æркалдзæн «Рухсæй тын». Дыккаг терцеты æппæт дæр ахицæн: дунейæн рухсхæссæг поэт хъуамæ йæхæдæг фæуа «Æз талынгæн æрхаудзынæн йæ тарфмæ».

Ам дæр ис «Малусæджы» хъуыды: малусæг дæр «хъалæй, фырбуцæй… Рухсмæ фæцыд» æмæ стæй «Рухсы йæ мæлæт ссардта». Сонеты дæр афтæ у.

Токаты Алиханæн йæхиуыл æрцыд йæ развæлгъау поэтикон хъуыды: уый сæруæлдайæ хæцыд мидхæсты советон царды сæрыл æмæ, Рухс куы фæуæлахиз, уæд йæхæдæг аныгуылд, малусæгау, рагуалдзæджы.

 

МАЛУСÆГ

Сусæгæй уалдзæг æрулæфыд зæхмæ,
Сусæгæй зæхмæ æрдымдта йæ тæф.
Фæлмæн тæф ацыди зæххæй дæлдзæхмæ,
Уазал уыд, уазал, уæддæр ма уæлдæф.

Быдыр цæгæр сæрау хъулон фæдардта,
Ранæй-ран урсæй лæууыди ма мит.
Малусæг митæй йæ буц сæр ысдардта,
Малусæг фехъуыста уалдзæджы ’хситт.

Малусæг митæй нæ тарсти, нæ сыди,
Уазалы митимæ тарф уый хæцыд.
Уалдзæджы цинæй-иу бонгай рæзыди,
Хъалæй, фырбуцæй уый Рухсмæ фæцыд.

Рухсмæ йæ буц сæр уый митæй ысдардта,
Хурмæ бæллыди ‘мæ Рухсы цæры.
Малусæг Рухсы йæ мæлæт ыссардта
Хурæй мæлы.

 

ХОХЫ ЦАРД

Нæ фыдæлтæ, нæ сæрæнтæ,
Æрыгонæй фыд-зæрæдтæ,
Цæй гуыбыр стут сымах?
Нæ хох у дзаг ныр ахæмтæй,
Фæкъахтам хæхтæ къахæнтæй,
Æккойæ хастам мах.

Цæуыл кæут, цæ, устытæ?
Цы мын ысты уæ куыстытæ?
Цæмæн ыстут æнкъард?
Нæ уынæм мах нæ хæстæджы,
Фыдгуырм ыстæм нæ фæздæджы
Æлгъыст у хохы цард.

Цæй тар ыстут, нæ фæсивæд?
Цæмæ кæсут уæ фæди-вæд?
Цы уæ ферох сымах?
Нæ зæрдæ гъе ныр сау мæты:
Ирæдыл зæрдæ банæты,
Ирæд хъæуы ныр мах.

Цæй фыдхуыз стут, нæ чызджытæ?
Цы ран фестут фыдсыджыты?
Цæуылнæ стут сæрæн?
— Уыдыстæм мах хæрзсæрæнтæ,
Ныйистæм ныр фыд-зæрæдтæ.
Ысчынди нын кæлæн.

Уæ, сабитæ, цæуыл кæут?
Фыдгæмттæй мын кæдæм цæут?
Цы уæ хъæуы сымах?
Æрцауыгътой нæ дадаты,
Нынныгæдтой нæ нанаты,
Сыдæй мæлæм ныр мах.