Царциаты таурæгътæ. Ирон адæмы эпос

Царциаты таурæгътæ: ирон адæмы эпос.
Чиныг сарæзта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Тахъазты Фидар. — Дзæуджыхъæу, 2007.

ISBN 978-5-91480-002-1

В сборник вошли эпические легенды о Царциата.
Они в яркой художественной форме отражают мифологические воззрения осетин
на происхождение вселенной и зарождение жизни на Земле,
повествуют о первых людях и их борьбе за выживание,
о возникновении и становлении религии и идеологии Царциат/осетин.

 

 

ЦАРЦИАТЫ ТАУРÆГЪТÆ

Ирон адæмы эпос

РАЗНЫХАС. 3

  1. ЦАРЦИАТЫ РАВЗÆРД.. 5
  2. Царциаты равзæрд.. 5
  3. Царциаты равзæрды кадæг (вариант). 6
  4. ЦÆРДДЗОЙ ÆМÆ БОНВÆРНОН.. 9
  5. Царциаты Цæрддзой.. 9
  6. Цæрцойы кадæг. 10
  7. Уæларвон зынг. 11
  8. Уæларвон зынг (вариант). 12

III. АХУЫ ÆМÆ НАГЪУЫЛЛÆ.. 14

  1. Ахуы æмæ Нагъуыллæ… 14
  2. Хурæмæйы амард.. 15
  3. Ахуыйы хъæзтытæ… 15
  4. Ахуыйы ускуырд.. 17
  5. Ахуыйы ускуырд (вариант). 18
  6. Ахуы æмæ йæ фырттæ… 21
  7. Нагъуы балцы.. 23
  8. Ахуыйы лæппуты нæмттæ… 24
  9. Ахуыйы фырттæн лæвæрттæ… 25
  10. Ахуыйы мæлæт. 26
  11. Царциаты Нагъуæ… 27
  12. Царциатæ æмæ уæйгуытæ… 28
  13. Уæйгуыты уæрмытæ… 29
  14. Нагъуыллæйы мæлæт. 30
  15. Нагъуыллæйы мæлæт (вариант). 31
  16. АХУЫЙЫ ФОНДЗ ФЫРТЫ ÆМÆ ЦАРЦИАТЫ ФОНДЗ СЫХЫ.. 33
  17. Царциаты сыхтæ… 33
  18. Царциаты Суа æмæ Нарты Уырызмæг. 34
  19. Царциаты хистæр.. 37
  20. Фæрнлæг æмæ йæ фырттæ… 39
  21. Фарнæг æмæ Удхæссæджы фембæлд.. 41
  22. Фарнæджы мæлæт. 42
  23. Хæтгар æмæ йæ фырттæ… 45
  24. Хæтгары бинонты сæфт. 46
  25. Хæтгары мард.. 49
  26. Едыса æмæ зылындзых Еугар.. 51
  27. Едыссæ æмæ Еухæр.. 52
  28. Хъæлæджы мард.. 53
  29. Уадæджы амард.. 54
  30. ЦАРЦИАТЫ КÆСТÆРТÆ.. 56
  31. Хæтгары фырт Хæтæго.. 56
  32. Царциаты Лока.. 56
  33. Базыг æмæ Æмбазыджы райгуырд.. 57
  34. ЦАРЦИАТЫ ЗНÆГТÆ.. 60
  35. Маммийы райгуырд.. 60
  36. Царциаты рæдыд.. 61
  37. Сугъты сæфт. 61
  38. Гуымиртимæ хæст. 62
  39. Гуымирты Фыдæгъызы мард.. 63
  40. Цъыбырттæ… 64
  41. Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ… 65

VII. ЦАРЦИАТЫ МИТÆ.. 66

  1. Царциаты куывд.. 66
  2. Царциаты симæндон къæдзæх.. 66
  3. Бардуæгтимæ фæбыцæу. 67
  4. Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты.. 69
  5. Царциаты митæ… 72
  6. Царциаты фæндиæгтæ сæ кæстæртæн.. 73

VIII. КЪАУКЪАЗ ÆМÆ НАРТИЙЫ ЦОТ. 76

  1. Царциатæ… 76
  2. Къаукъаз æмæ Нарти.. 77
  3. Ирон.. 79
  4. Иронтæ… 80
  5. Басыл æмæ Олгъа.. 83
  6. Нартийы цот. 87
  7. Хана.. 89
  8. ЦАРЦИАТЫ СÆФТ. 90
  9. Царциаты сæфт. 90
  10. Царциаты сæфт (вариант). 90
  11. Царциатæ куыд фесæфтысты (вариант). 91

ФИППАИНÆГТÆ.. 92

  1. ЦАРЦИАТЫ РАВЗÆРД.. 92
  2. ЦÆРДДЗОЙ ÆМÆ БОНВÆРНОН.. 92

III. АХУЫ ÆМÆ НАГЪУЫЛЛÆ… 93

  1. АХУЫЙЫ ФОНДЗ ФЫРТЫ ÆМÆ ЦАРЦИАТЫ ФОНДЗ СЫХЫ… 95
  2. ЦАРЦИАТЫ КÆСТÆРТÆ… 97
  3. ЦАРЦИАТЫ ЗНÆГТÆ… 97

VII. ЦАРЦИАТЫ МИТÆ… 98

VIII. КЪАУКЪАЗ ÆМÆ НАРТИЙЫ ЦОТ.. 99

  1. ЦАРЦИАТЫ СÆФТ.. 100

 

РАЗНЫХАС

Хъæздыг æмæ бирæхуызон у ирон адæмон сфæлдыстад. Æвидигæ суадонау аивæй зæлыдысты кадджытæ, таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ бирæ æнусты Ирыстоны хæхты. Зындзинады сахат сын уыдон уыдысты æнцой, сæ циндзинады — ирхæфсæн, сæ сомбоны царды — зонындзинæдты къæбиц, сæ удварны мæсыг.

Уыцы хæзнадонæй дунетыл айхъуыстысты ирон адæмы Нарты кадджытæ æмæ Даредзанты таурæгътæ. Историон гуыргъахъ фæндæгтыл цæугæйæ бирæ адæмтæ фесæфтысты æгойæ, бирæ адæмтæ фенæхай сты сæ культурон бынтæй. Уый зæрдыл даргæйæ, иттæг цымыдисаг у, Ирыстоны хæхты, æдзард къæдзæхтыл, мæлæтимæ чи тох кодта, уыдон абоны фæлтæртæн æртæ эпосы кæй бахъахъхъæдтой.

Нарты æмæ Даредзанты хабæрттимæ чиныгкæсæг рагæй зонгæ у, фæлæ ма ирон адæммæ, йæ мидисмæ гæсгæ, рагондæр эпос кæй ис, уый бирæтæ нæ зонынц. Ныхас цæуы Царциаты таурæгътыл.

Уыдон æмбисондæн баззадысты ирон æвзаджы. Арæх-иу фехъусæн уыди ахæм ныхæстæ: «Мæнæ Царциаты диссæгтæ!», «Царциаты æмбисæндтæ!», (ИÆ, 3 ф.)[1], «Царциатæ æмæ Нарт фаты фындзмæ сæ риу дардтой, карды коммæ — сæ бæрзæй» (ИÆ, 232 ф.), «Царциаты сæфт æмбисондæн у» (ИÆ, 339 ф.), «Царциатæ — цæрддзугæнæг, сæ мыггаг — æвæстаг» (ИÆ, 340 ф.), «Царциатæ ссæуы (ома, дуне адæм ссæуы)», «Царциаты сæфт фесты», «Ныццарца ис!» (Дз.Р. 82 ф.)[2] æмæ а.д. Ирыстоны хæхты, цæгатæй хуссармæ, Дыгургомæй Тырсыгоммæ Царциатимæ баст бынæттæ цы ран нæй, ахæм нæ разындзæн. Цæвиттонæн æрхæссæн ис зындгонддæр топонимтæ: Хуссары — Едыс, Сба, Брытъат, Стырфæз, Ерманы хъæу æмæ æнд.; Цæгаты — Цыми, Саниба, Хъæни, Хилакъ, Зынцъар, Æрхон, Гæлиат, Лезгор, Къумбултæ æмæ а. д. Фæлæ, хъыгагæн, ацы таурæгътæм афоныл хъусдард не ’рцыдис. Цæмæдæр гæсгæ сæм уæлæнгай цæстæй акастысты адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнджытæ. Æмбырдгонд æрцыдысты æрмæст Хуссар Ирыстоны. Зын зæгъæн у: Цæгат Ирыстоны таурæгътæ кæрæдзийæн дзырдтой æви нæ, уый. Уæвгæ, Гуытъиаты Хъазыбег цы æмбисæндтæ æрæмбырд кодта, уыдон æвдисæг сты, ахæм таурæгътæ цæгатаг ирæттæн дæр зындгонд кæй уыдысты. Зæгъæм: «Мысыры сыджыт æвдадзы хос у», «Мысыры зæхх пайдайы хос у» (ИÆ, 294 ф.), «Царциаты æмæ Хуырымты хæстау ныддаргъ и сæ ныхас» (ИÆ, 8 ф.), «Лæгæн йæ цæрæн Мысыры сыджыты ад кæны» (ИÆ, 70 ф.), «Цъыбыртты сыгъд баисты» (ИÆ, 340 ф.) æмæ æнд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æмбисæндтæ, кæд дзы арæх фæппайда кæнæм нæ ныхасы, уæддæр, таурæгътæ никуы фехъусгæйæ, зын бамбарæн сты.

Цымыдисаг у дзырд «Царциатæ» (дыгуронау — «царцатæ») йæхæдæг дæр. Таурæгъгæнджытæ йæ æмбарын кæнынц æнгæс дзырдты руаджы («цæрддзу», «цæрцо», «царци»), кæцытæ, уыдонмæ гæсгæ, нысан кæнынц «цæугæцардгæнæг», ома, дам, Царциатæ цæугæцард кодтой æмæ уый æвдисæг у. Фæлæ таурæгъты мидисæй уый зæгъæн нæй: цæугæцард дзы кодта æрмæст фыццаг адæймаг — Цæрддзой (Цæрцо). Уый дæр цалынмæ Бонвæрнонимæ нæ баиу, уæды онг.

Ахуыргæндтæ дæр «Царциатæ»-йы равзæрды тыххæй иузæрдион не сты. Алчи дæр дзы у хицæн гипотезæйыл хæст. Зæгъæм, Меликсетбеков Л.М., Хуссар Ирыстоны археологи æмæ этнологийыл дзургæйæ, афтæ хъуыды кæны, æмæ «Царциатæ» у «Цæргæсаты» мыггаджы номæй зыгъуыммæгондæй равзæргæ, кæннод та, дам, кæд, мыййаг, кавказаг адæмтæй искæцыйы «сарсиат», зæгъгæ, хуыдтой. Уæвгæ, Меликсетбеков йæ куысты ахæм хъуыды дæр зæгъы, æмæ, дам, «Царциатæ-сарсиатæ» номы фæстæ алантæ «æмбæхсынц».[3] Кокиты Георгимæ гæсгæ та «Царциатæ/царцатæ» нысан кæны «бирæ», иртасæг æй хоны дзырд «дуне»-йы синоним.[4] Куфтин Б.А. та йæ баста «церкесты-керкетты» этнонимимæ.[5] Фæлæ, махмæ гæсгæ, ацы дзырды равзæрдмæ растдæр бацыд Дзаттиаты Руслан. Ахуыргонд куыд хъуыды кæны, афтæмæй ацы дзырд равзæрди персайнаг дзырд «чарчи»-йæ æмæ нысан кæны «сæудæджергæнæг».[6] Æмæ æцæгдæр, нырыккон персайнаг æвзаджы ныр дæр ма дзургæ ныхасы ис дзырд «чæрчи», нысан кæны, персайнаг-уырыссаг дзырдуатмæ гæсгæ ’мелкий торговец вразнос, лотошник’[7], ома, сæудæджергæнæг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, таурæгъты цы Царциаты кой цæуы, уыдон персайнаг дзырдæй рагондæр сты. Фæлæ, таурæгътæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Царциатæ уыдысты хъæздыг, сæ зæххытыл алырдæмты сæудæджергæнджытæ цыдысты. Сæхæдæг дæр, æвæццæгæн, сæудæджер кæнын райдыдтой, æмæ сыл уымæ гæсгæ баззад ахæм ном.

Ацы чиныгмæ, Царциаты тыххæй цы тексттæ баззад, уыдон се ’ппæт хаст не ’рцыдысты. Цы таурæгътæ дзы лæвæрд цæуынц, уыдон дæр адих кæнæн ис дыууæ вариантыл. Фыццагмæ хауынц, Беджызаты Дудар цы таурæгътæ æрæмбырд кодта, уыдон. Дыккагмæ та — Цабайты Уасойы æмбырдгонд таурæгътæ. Кæрæдзийæ бæстон хицæн кæнынц, куыд сæ мидисæй, афтæ эпикон фæлгонцты номхыгъдæй дæр. Кæд Нарты кадджыты схонæн ис «мифологон-героикон» эпос, уæд Дудары вариант у сыгъдæг «мифологон» эпос, Уасойы вариант та растдæр уаид «мифологон-социалон» эпосмæ ахæссын. Цабаты Уасо цы æрмæг æрæмбырд кодта, уый рауадзинаг уыдысты хицæн чиныгæй 1966 азы. ЦИИГСИ-йы архивы цы къухфыстытæ ис, уыдонимæ иу гыццыл гæххæтты гæбазыл мыхуыргонд ис рауагъдады директормæ, йæ къухæвæрдимæ, Абайты Васойы фыстæг: «Собранный В.Г. Цабаевым материал о легендарном племени „ЦАРЦИАТÆ“ представляет значительный фольклорный интерес и, как мне кажется, заслуживает опубликования. 23 мая 1966. В. Абаев».[8] Фæлæ мыхуыры цæмæ гæсгæ нæ фæзынди, уый бæлвырд нæу.

Ацы чиныджы Царциатыл дзурæг дыууæ варианты кæд кæрæдзийæ бæстон хицæн кæнынц, уæддæр, æнæмæнг, иумæ мыхуыргæнинаг сты: кæрæдзийы æххæст кæнынц, æмæ афтæмæй ирддæрæй æвдисынц «Царциаты диссæгтæ».

Дыууæ варианты дæр семæ незаманты улæфт хæссынц. Мифты хуызы нын æвдисынц дунейы равзæрд, адæймаджы сфæлдыст, фыццаг æхсæнады фæзынд æмæ йæ рæзт, адæймаджы тох æрдз æмæ знæгтимæ, стæй фыццаг æгъдæуттæ куыд райгуырыдысты æмæ фæткæн куыд баззадысты, æппæт уыцы хабæрттæ.

Царциаты таурæгътæ, æнæмæнг, сæхæдæг хицæн эпос сты. Фæлæ йæ схонын æмбæлы Нарты кадджыты райдиан æмæ бындур дæр, уымæн æмæ иу мифосистемæмæ хауынц, сты иу адæмы удварн хæссæг. Æнæуый та Нартæ æмæ Даредзанты таурæгътæй зынгæ хицæн кæнынц. Нæ дзы ссардзыстæм æмхуызон сюжеттæ, фæлгонцтæ. Уæвгæ Царциаты таурæгъты сæхимидæг дæр нæй уыцы æмхуызондзинад. Хъайтарты нæмттæ алы кадæггæнæгмæ дæр сты вариантты хуызы. Зæгъæм, Цæрддзой — Цæрцо, Нагъуыллæ — Нагъуы. Фæлæ дзы, уыйхыгъд, алы хъайтар дæр ирдæй нывæфтыд цæуы, ис ын индивидуалондзинад æмæ йæ æндæр хъайтаримæ фемхæццæ кæнæн нæй. Иннæрдыгæй та, Царциаты Нартимæ абаргæйæ, бафиппайæн ис иумæйаг æууæлтæ дæр. Зæгъæм, Царциатæ дих кæнынц 5 сыхыл, Нартæ — 3 сыхыл; æнгæс мидис ис Царциаты 5 æфсымæры æмæ Уырызмæг æмæ Хæмыцы ерысы хистæрдзинадыл æмæ ма а. д. Кæд сæ сюжеттæ æмхуызон не сты, уæддæр ма ахæм абæрстытæ дзæвгар ссарæн ис дыууæ эпосы æхсæн. Царциатæн æмæ Нартæн сæ фесæфт дæр æмхуызон у. Нарты Сырдонау Царциатæм дæр ис адæмы фыдбылыз — Мамми.

Царциаты таурæгътæ, æнæмæнг, хъуамæ бацахсой аккаг бынат ирон адæмы царды æрмæст уый тыххæй нæ, æмбисонды аив æмæ цымыдисаг кæй сты. Егъау у сæ зонадон нысаниуæг дæр. Ирон адæмы уырнынад æмæ дины ратæдзæнтæ сæ ирдæй зынынц. Царциаты таурæгъты мифон бындур раиртасгæйæ, хуыздæр æмбæрст æрцæуиккой Нарты кадджыты кæцыдæр мотивтæ æмæ сюжетты фæзилæнтæ, стæй нæм скифтæй ныронг цы æгъдæуттæ, фæтчытæ, уырнындзинæдтæ æрхæццæ сты, уыдон.

 

Таурæгъ царды айдæн, зонд æмæ фарнхæссæг у. Царциатæ нал сты, фæлæ сæ хистæрты фæндон сæххæст: баззадысты сæ царды хабæрттæ, сæ æмбисæндтæ, сæ ном хъуысы, æмбисондæн сæ хæссынц, кадджытæ сыл зарынц, фæлæ сæ зонæг та нал ис.

Гъе æмæ нæм фæлтæрæй фæлтæрмæ чи æрхæццæ кодта нывæфтыд, аив, стыр дисыл æфтауæг æмбисонды таурæгътæ, ацы чиныг уыцы кадæггæнджытæ æмæ сын сæ ныхас дзырдæй-дзырдмæ ныффыссæг фæрнджын адæмæн номарæн фæуæд!

Тахъазты Фидар

 

Беджызаты Герасимы фырт Дудар 42 азы дæргъы фембырд кодта Царциаты таурæгътæ. Ацы чиныджы æрмæгæн дæр йæ фылдæр хай Дудары æмбырдгонд у.

 

I. ЦАРЦИАТЫ РАВЗÆРД

1. Царциаты равзæрд

Уæд иу ахæм арвы дуар фегом вæййы, уарын райдайы æмæ къæвда къæрта [1] кæлæгау ныккæлы, арвы тыгъдадыл цыхцырæгтæ равзæрди. Уый Хуыцау йе ’мвынгонтимæ бадти æмæ кæй нуæзтой, иннæйы калдтой.

Хуыцауы фынгыл бадтысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уыдоны æмбæлттæ. Уым уыдысты Хур æмæ Мæй дæр, фæлæ расыгæй Хуыцауы хонгæ уæвджытæ æрра митæ куы кодтой, уæд уыдон фæтæргай сты æмæ сæхи райстой. Уæды заманы æхсæв æмæ бон нæ уыдысты. Иугæндзон рухс уыди дуне. Хур æмæ Мæй радыгай тавтой зæдты, дауджыты, уыдоны æмбæлтты.

Хуыцау та рæгъытæ кæны, фæлæ акасти æмæ йæ хуынды нал уыдысты Хур æмæ Мæй. Хуыцау фæрсы:

— Уæдæ Хур æмæ Мæй цы фесты, кæдæм фæцыдысты?

Зæдтæй йæм чидæр бадзырдта:

— Табу дæхицæн, Хуыцау, фæлæ фæцыдысты.

Хуыцау сæм фидиуæг фервыста. Фидиуæг Хурмæ ахæццæ ис æмæ йын зæгъы:

— Хуыцау дæм сиды.

Хур зæгъы:

— Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, райы æмæ кайы, фæлæ уый фынгыл бадинаг æз нæ дæн. Хæринагæй хынджылæг кæнут, нуæзты дзæгъæлы калут. Хъамылы хуытæй фыддæр фестут. Нæ ацæудзынæн, хæтæнты цæуын.

Фидиуæг Мæймæ æрхæццæ ис æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ хоны, фæзын æм.

Мæй дзуры:

— Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, æз Хуримæ иугæндзон уый æмæ йе ’мдзæхдонты хъарм радыгай дарæм. Арвы кæрæттыл зилæм æнæрынцойæ, улæфт нын нæ дæтты сымах хуызæн. Æвзæр хуыты хæрд æмæ нозт кæнут, уæ бын чъизи, уæ ном ницы, хорздзинадæй ницы сарæзтат. Ды, Хуыцауы минæвар, дæхи айс æмæ нæм дæхи мауал равдис.

Фидиуæг минæвар аздæхти, радзырдта Хуыцау æмæ уый æмвынгонтæн Хур æмæ Мæйы ныхæстæ. Хъыг сæм æркасти, æмæ скодтой карз тæрхон.

— Абонæй фæстæмæ Хур æмæ Мæй кæрæдзимæ тырнæнт, фæлæ кæрæдзи мауал æййафæнт. Рухс æмбисыл уæд, æмбис та талынг. Хур боны цæуæд, Мæй — æхсæвы тары.

Тæрхон æрцыди Хур æмæ Мæйыл. Уæд Хур смæсты, йæ карз тынты калдта боныгон æмæ фæлмæцыдысты. Мæй дæр смæсты æмæ сæм уазал тынтæ калдта. Уæларвы цæрджытæ куы тæвды фæлмæцыдысты, куы та — уазалы. Æрæмбырд сты ногæй æмæ та тæрхон кæнынц.

Хуыцау зæгъы:

— Мах цыдæриддæр ми бакодтам — нæхицæн, фæлтау сын сæ куырдиатмæ байхъусæм.

Рарвыстой та фидиуæг Хур æмæ Мæймæ. Фидиуæг зæгъы:

— Цы уæ хъæуы Хуыцауæй, Хур æмæ Мæй, уый мын зæгъут.

Хур æмæ Мæй загътой:

— Улæфæн бынат агурæм.

Фидиуæг загъта Хур æмæ мæйы ныхас Хуыцауæн. Хуыцау фæрсы йе ’мбæлтты:

— Ныр цы бакæнæм, а дунейыл Хур æмæ Мæй цæрддзæуæн [2] кæнынц æмæ улæфæн бынат курынц.

Зæдтæ загътой:

— Улæфæн бынат сæ дыууæйæн раттæн нæй, уæд æмхуызон æндавдзысты иу ранæй æмæ дуне арты хай бауыдзæн, фæлтау сæ иу боны тавæд, иннæ та изæры уазуддзæф [3] кæнæд.

Сразы ис Хуыцау зæдты фæндоныл.

Хуыцау ихдон Мæйыл бакалы æмæ Мæйы рухс фæталынг ис. Мæй уæдæй фæстæмæ Хурау нал тавы. Хуыцауы фæндонæй Хур æдзæф бандоныл [4] бадт æрцыди, æмæ йын сыстæн нал ис, бадгæйæ тавы. Мæй йын фæндаг агуры, æхсæвæй-бонæй зилы, фæлæ Хуыцауы раз йæ бон ницы у. Уæд Хур смæсты ис. Æдзæф бандоны ныццæвы æмæ Хурæй къæрт фæхауы, уыцы къæрт фæхауы, уыцы къæртты Мæй уд бауадзы æмæ мигътæ равзæрынц. Ныры мигътæ Мæйы цæссыгтæ сты. Мигътæ сæхи лæбурæг скæнынц æмæ сыл Хуыцау стыр къуыбар рахсы. Къуыбар мигъæртæхæй анæрсы æмæ дзы Зæхх равзæрди. Зæхх бынат æрцахста, фæлæ тæвд кодта æмæ абухти, кæм сызмæнты, уырдæм дымгæ рыг æмæ сыджыт скъæфы, кæм рæгътæ, кæм хæхтæ, кæм фæзтæ, кæм дæлвæзтæ аззади Зæхх. Афтæ сæвзæрдысты дзыхъхъытæ æмæ къуыбыртæ. Зæхх фестади дзæнæты бынат, фæлæ йыл нæ змæлæг уыди, нæ — тæхæг. Уырдæм Хур ныккасти, Зæхх йæ зæрдæмæ цыди, фæлæ æнкъард кодта.

Хуыцау та базыдта Хуры æнкъард æмæ йæм рарвыста:

— Цы кæныс, Хур, уый дын бадæн дæхицæй æмæ мæ армæй. Цæуыл ма маст кæныс?

Хур зæгъы:

— Алæмæт бæстæм мæ тынты фервитын, алæмæт бæстæтыл фæлгæсын, фæлæ та мæ тынты æнкъардæй райсын. Уыцы алæмæт бæстæйы æз змæлæг нæ уынын, уæд цæуыл цин кæнон?

Хуыцау та йе ’мвынгонтæн ракодта Хуры ныхæстæ æмæ загъта:

— Хур агуры змæлджыты, йæ тынтыл цæмæй хъазой.

Зæдтæ загъынц:

— Бар дæхи, Хуыцау, сараз æппæтдæр, дæу куыд фæнды. Æрмæст афтæ: кæрæдзи ма æмбарæнт змæлджытæ, кæннод кæрæдзи куы ’мбарой, уæд ма дæуæй цæй Хуыцау уыдзæни, сомбон дæм сæхæдæг бырдзысты.

Хуыцау Зæххыл разылди, йе ’ртты дзаг сыджыт систа, лыстæг æй æрмур кодта, баулæфыди сыл, стæй йæ акалдта æмæ загъта:

— Змæлæг фестут.

Уыцы сыджыты æзгъæлæнтæ фестадысты лыстæг бырджытæ: кæлмытæ, хъæндилтæ, уаллæттæ, бындзытæ, хилджытæ, æмæ бæстæ сæфтой, зæхх къахтой, кæрæдзи ахстой.

Хур та ныттархуыз ис, æмæ та Хуыцаумæ фехъусын чындæуыди. Хуыцау та йæ фидиуæгæн бафæдзæхста, зæгъгæ, цы ма агуры Хур.

Фидиуæгæн Хур зæгъы:

— Зæгъ Хуыцауæн, æз уымæй уый нæ агуырдтон, кæцыты сфæлдыста.

Фидиуæг та Хуыцауæн Хуры хъаст ракодта. Хуыцау зæгъы йе ’мвынгонтæн:

— Хур разы нæу ме сфæлдисгæтыл.

Зæдтæ загътой:

— Фестырдæр кæн де сфæлдисгæты æмæ сæ æндæр хуызæн дæр фæкæн.

Хуыцау та разылди зæххыл. Стыр сыджыты къуыбæрттæ акодта æмæ сæ донæй бапырх кодта, стæй загъта:

— Змæлæг фестут.

Уыдонæй та равзæрдысты къаддæр сырдтæ: бирæгътæ, æрсытæ, тæрхъустæ, рувæстæ, сагтæ, дзæбидыртæ æмæ æндæртæ.

Хур сæм касти æмæ уыдта: сырдтæ кæрæдзи фыд хæрынц, æрдзы рæсугъд сафынц. Тынгдæр смæсты, йæ тынты уæларв цæрджытыл ауагъта æмæ сæ фæлмæцын кодта тæвды.

Хуыцау та æртыккаг хатт рарвыста фидиуæг Хурмæ.

Фидиуæг Хурмæ æрхæццæ ис æмæ йæ фæрсы:

— Цæуыл ма мæсты дæ, Хур, Хуыцауы йæ базонын фæнды.

Хур зæгъы:

— Зæгъ Хуыцауæн: Уый алæмæттаг бæстæйæ хынджылæг кæны. Мæн ахæм змæлджытæ нæ хъæуынц. Мæн хъæуы Зæххы рæсугъддзинады æвæрын чи зоны, йæ хъахъхъæнын кæй бон у, æмæ кæд тыххæй нæ, уæддæр зонды фæрцы Зæххыл ныртæккæ цы змæлджытæ ис, уыдоныл тых кæна. Хуыцау кæй сæвзæрын кодта, уыдон кæрæдзи фыдхортæ сты. Мæн хъæуы ахæм змæлджытæ, кæрæдзи фыд куыннæ хæрой.

Фидиуæг рафæзмыдта Хуры ныхæстæ Хуыцауæн. Хуыцау æмæ йе ’мбæлттæ та тæрхон кæнынц. Уæд зæдтæй иу зæгъы:

— Рафæлдис-иу ахæм змæлæджы, иннæтæй хицæн чи кæна, Зæххæн йæхицæй куыд уа, махмæ йын фæндаг куыннæ уа, цардыл уæд, фæлæ æмбал ма зонæд.

Хуыцау зæххыл йæ фæндаг ракодта, сыджыт змæст скодта, къæдзæхы фæрчытæ йыл æрæвæры æмæ сæ сыджыт змæсты бафидар кæны, хохаг суадон ауадзы змæстыл æмæ равзæрди лæг. Сыджыт фыд фестади, къæдзæхы фæрчытæ — сæр фестынц, хохаг суадон — туг фесты.

Лæг базмæлыди, фæлæ уыди гоби, нæ — дзыхæй дзырдта, нæ — йæ дзых кодта. Уæд дымгæйы бардуаг Галæгон лæджы хъусты ныхситт ласта æмæ хъустæ фæндырдзæгъдау базмæлыдысты. Лæг фестади æцæг адæймаг. Лæг акасти фæйнæрдæм. Хур æй рæвдыдта, Мæй йæм ныккасти, цард æм бахудтис. Лæг цыди зæххыл, куы иу ран, куы æндæр ран æрбынат кæны. Йæ цард цуанæй, Хуыцау раздæр кæй сфæлдыста, уыцы фосæй, кæм дыргъ æмæ халсар бахордта. Уыцы лæг кодта рацу-бацу, ома кодта цæрддзу цард. Ардыгæй равзæрди Царциаты мыггаг. Лæг — цæрддзой, цардагурæг, цардгæнæг. Царциаты мыггаг фæстагмæ фесæфт, фæлæ сæ ном кадимæ баззади.

Афтæ равзæрди Царциаты мыггаг.

2. Царциаты равзæрды кадæг (вариант)

Хуыцау куывд арæзта æмæ йæ фынгыл йе ’мсæртæ уыдысты:

Дауджытæ йæм иумæ æрцыдысты,

зæдтæ сæм иннæрдыгæй æрцыдысты,

Рыны бардуагæй æмæ æндæрæй, иууыл

Хуыцауы æрхуынды уыдысты.

Хуыцау кувы æмæ та рæгъ расиды.

Хæрынц æмæ нуазынц, хъазынц æмæ зарынц

Дардыл зæлы сæ зарæг.

Уым Хур дæр хуындуаты уыди Мæйимæ.

Радысты се ’ппæт иумæ.

Уæд Хуыцау æрæхснырсы æмæ йæ сæт

Хуры нуазæны ныххауы.

Хур рамæсты ис æмæ Хуыцаумæ дзуры:

— Махты цæрын нæ уадзыс, æрмæст дæхицæн æппæт арыс.

 

Дæ хуындæй æнæхуынд хуыздæр у. Мæнæ дæ сæтæй дзаг кæныс нуазинаг, абонæй фæстæмæ Хуры дæ фынгыл нал фендзынæ.

 

Хур нуазæны фынгыл фæцæф кæны,

Нуазæн пырхытæ ныввæййы,

Мæй та дзы хуылыдз бавæййы.

Фестынц иууыл сæ фынгтæй, загъд æмæ замана,

Расыг зæдтæ кæрæдзи нæмгæ кодтой

Дауджытæ та гуыппытæ кодтой

Иннæтæ дæр мыхъхъытæ систой.

Схъомпал æмæ сдзæлгъа-мæлгъа сты:

чи кæй надта, уый бæрæг нал уыд,

чи кæй цавта — ацу æмæ йæ базон.

Хур æмæ Мæй рацæйхъуызыдысты.

Уæд сæ Хуыцау ауыны,

Замды кард [1] фехсы,

Замды кард Хуры къудийыл сæмбæлы,

Хуры къуди, уырдыгæй атæхы,

Судзгæ, уыраугæ æмæ пиллон калгæ.

Уæд та дыккаг замды карды фехсы стыр Хуыцау.

Уый та Мæйы къудийыл сæмбæлы.

Мæйы къуди атæхы,

йæ уæлæ дымгæ сыстад,

Мæй йæ цæссыгтæ акалы

æмæ къудийыл æрхауынц.

Уæд Хуры къудийыл дæр аныдзæвынц,

тæф мигъау сбадти.

Мæйы къуди дон фестади æмæ уарæгау Хуры къудийыл æркалди.

Хуры къуди фæууазалдæр ис.

Къуди та тæхынæй банцадис,

уымæй равзæры сау Зæхх дæр.

Хур тавы йæ удæй равзæргæ буары,

Мæй йæ хъахъхъæны тыхдымгæтæй.

Зæдтæ æмæ дауджытæ,

уыдонæн се ’мбæлттæ,

кæрæдзийыл ныххауынц,

кæрæдзийыл омынц,

чи сæ йæ быны мизгæ кодта,

чи та йе ’мбалыл омгæ кодта.

Куыйтау кæрæдзи омдзæгтæ сдæрдтой,

хуытау кæрæдзимæ æфсæрстой.

Хур æмæ сыл мæй худгæ кодтой,

сæ буарæй сæвзæргæ Зæххыл цинтæ кодтой.

Иу абонæй иннæ абонмæ

Уæларв цæрджытæ хуыррыт фынæй кодтой.

Дыккаг бон сыл Хур æмæ Мæй та

уыдон æвзæрдзинадыл зарæг скодтой.

Зарæг азæлыди, уæлæрвты хъуысти.

Зарæг анæрыд, Хуыцæуттæ йæм хъуыстой.

Æгад сæм æркасти сæ ми æрæджиау.

Хуыцау йæ лæггадгæнджытæн дзуры:

— Фынгтæ амæрзут, хæрды асæрфут,

иуыл дзыхъхъыннæуæгæй алчи йæхи ахсæд

Аргъæныдоны [2] Хуры тынтæм ахъарм кæнут.

Аргъæныдоны Хуры тынтæм авæрынц.

Хур йæ тынтæ нæ дæтты, Хуыцаумæ барвиты:

— Æз Аргъæныдон нæ бахъарм кæндзынæн, кæд мын æртæ фæндиаджы сæххæст кæндзынæ, кæннод дын ком нæ ратдзынæн.

Хуыцау рарвиты:

— Де ’ртæ фæндиагæй иуы сæххæст кæндзынæн.

Хур Аргъæныдон хъарм кæны.

Хуыцæуттæ дзы сæхи цæхсынц,

сыгъдæгæй рацæуынц æмæ та фынгтыл рабадынц.

Ногæй къахонтæ [3] сæ разы февзæрынц.

Фынгтæ æртасынц алы хæринагæй.

Асдæрд нæ уромы алы нуазинагæй.

Хур æмæ Мæймæ Хуыцау хонæг арвиты.

Хур æм барвиты:

— Кæд мæ дыккаг фæндиаг сæххæст кæнай, уæд ацæудзынæн.

Мæй дæр фæзæгъы:

— Æз дæр Хуры ныхасыл разы дæн. Хуыцау ком радта.

Хур æмæ Мæй дæр та Хуыцаумæ бацæуынц,

Нуазæнты цолхътæ [4] сæм авæрынц.

Хур æмæ Мæй кæрæдзимæ бакæсынц. Хур зæгъы:

— Мах нæ бакомдзыстæм,

цалынмæ не ’ртыккаг фæндиаг нын сæххæст кæнай.

Хуыцау та сын ком радта уымæй дæр.

Ногæй райдыдтой рæгъытæ,

ногæй хъæлдзæгдзинад байдыдтой.

Сæ ранмæ та фæххæццæ кодтой.

Хур уæд фестади, Хуыцаумæ дзуры:

— Бæркад уæд а фынгыл, фæлæ ныр афон у,

мæ фыццаг фæндиаг мын сæххæст кæн. Хуыцау фæрсы:

— Зæгъ дæ фæндиаджы. Хур дзуры:

— Замды кард мæнæй кæй атыдта,

ууыл Мæйы хай йæ цæссыг байтыдта.

Уыдонæй равзæрди ног бæстæ — Зæхх.

Мах фæнды уыцы ран змæлæг цæмæй уа,

змæлæг зæххон йæхицæй сæвзæрæд.

Хуыцау адзырдта йæ тæхоймæ [5],

уымæн æрбахæссын кæны зæххæй сыджыты хай.

Хуыцау æй æууæрды йе ’ртты ’хсæн.

Зæхмæ йæ ракалы къуыбæрттæй.

Равзæрынц сырдæй, змæлæгæй, бырæгæй.

Байдзаг сæ вæййы Зæхх æгæронæй.

Фынг та цæуы дарддæр йæ тынджы.

Рæгъытæ арæх, хæринаг — парахат.

Хур дыккаг хатт сысты, дзуры Хуыцаумæ:

— Æххæст мын мæ дыккаг фæндиаджы ныр ды куы сæххæст кæнис, уæд хæрын æмæ нуазын æнцонæйдæр кæниккам.

Хуыцау дзуры:

— Зæгъ дæ фæндиаджы. Хур та йæм дзуры:

— Зæхх змæлæг фестадис. Кæрæдзи хæрæг систы.

Ахæм хорз мын куы ракæнис:

иутæн дзы сæ цард халсарæй куы уаид, æммыст кæд бынтон нæ фесæфиккой.

Хуыцау та йæ тæхойты рарвиты.

зæххæй хуылыдз мæры схæссын кæны.

Райсы йæ йæхимæ.

Алы нывтæ дзы скæны,

Алы халсар æмæ дыргътæ саразы,

Ракалы сæ Зæхмæ.

Равзæрынц дыргътæ, халсартæ.

Равзæрынц æппæт хъæуæг хæринæгтæ.

Хуыцæуттæ та дарддæр сæ бадты сæр кæнынц.

Хæрынц, нуазынц, кæрон ын нæ арынц.

Рацыд та рæстæг цасдæрæй,

Хур нæуæгæй сыстади, дзуры Хуыцаумæ:

— Бузныг дæ ракæндтæй, бузныг дæ бæркæдтæй,

Фæлæ хуыздæр уаид, ме ’ртыккаг фæндиаг,

ме ’ртыккаг тыхст хъуыддаг,

уый ма мын куы саразис.

Бузныг дæ уаиккам æз æмæ Мæй дæр.

Хуыцау та радзуры:

— Зæгъ, уæддæр.

Хур æм дзуры:

— Зæххыл кæй рафæлдыстай,

се ’ппæтдæр хорз сты, се ’ппæт дæр хъæудзысты,

фæлæ цалдæн кæрæдзи ныр куынæг кæндзысты,

бæстæ сафгæ кæндзысты æррайау.

Ног цæрæг дзы сæвзæрын кæн ахæмы:

се ’гасæй зондджындæр, се ’гасæй барджындæр.

Хуыцау та йæ тæхоймæ фæсиды, тæхоймæ дзуры:

— Зæххæй мын донæг [6] къуыбарæгимæ [7] къæдзæгтæ [8] æрбахæсс. Тæхой йын сæ æрбахæссы, Хуыцаумæ сæ ратты.

Хуыцау къуыбæрæгты донæгæй азмæста, къæдзæгты сыл андæгъта,

ехсæй йæ рацавта, стæй йæ Зæхмæ раппæрста.

Хуыцау загъта:

— Змæлæг фест!

Змæст туг, фыд æмæ стæг фестади.

Уый фæстæ йæ къахыл слæууыди,

цæуынтæ систа, кæстытæ кодта.

Дардыл фæлгæсыд, бæстæ йæ зæрдæмæ цыд.

Райдыдта лæг цæуын цуаны,

сырды фыдæй царди, алы халсар хордта,

цыд рæстæг, афтæ лæг цæрддзу кодта.

Кæм ыл талынг кодта, уым уыди йæ хæдзар.

Арвы бын уæвгæйæ — Хурæй хæдон дардта,

зæххыл къахæй цæугæйæ — зæххæй дзабыр кодта.

Лæг цæрддзу кодта, лæг амæлттæ кодта,

цардагур лæг царди æмæ йæ схуыдтой

Царци.

II. ЦÆРДДЗОЙ ÆМÆ БОНВÆРНОН

3. Царциаты Цæрддзой

Цæрддзой иу бон араст ис цуаны æмæ йыл сæмбæлди диссаг иу хохрæбын. Хохрæбын цæугæйæ арв фыднæрд ныккодта æмæ бæстæ ныкъкъæс-къæс кодта. Цæрддзой йæхи айнæгмæ нылхъывта, уалынмæ йæ размæ æрхауди тæвд дур, зынгау сырх, æмæ дзала [1] ныггуыпп ласта, арт сирвæзтис æмæ судзгæ ацыди. Сырдтæ арты разæй лыгъдысты æмæ Цæрддзой худтис сæ фæстæ.

Никуыма федта ахæм диссаг. Бирæтæ сырдтæй арты афизонæг сты. Цæрддзой сыл хæрыныл схæцыди æмæ йæм хæрзад фæкастысты. Уæд дурмæ бацыди, уый æруазал и, æмæ йæ Цæрддзой систа. Доны былы йæ æрыхсадта æмæ дур цæхæртæ скалдта. Æрталынг ис уым Цæрддзойыл æмæ хохрæбын æрулæфыди.

Хохрæбыны уæллаг фарс уыди цад, кодта æхсидгæ. Мæйы бафæндыди уым йæхи найын. Уыцы рæстæджы Хуыцауы хæрæфырт дæр рацыд йæхи найынмæ æхсидгæ цадмæ. Хуыцауы хæрæфырт цадыбыл æрлæууыдис, йæ дарæсы раласта. Мæй кæсы æмæ зæгъы йæхицæн:

— О, фарн, цы фарн дæ, фæлæ сылы къах куы разынис!

Æцæгдæр Хуыцауы хæрæфырт сылгоймаг уыди. Уый ам никæй æнхъæлдта, бахызти цадмæ. Уæд Мæй дæр раласта йæ дарæсы æмæ йæ фæдыл басæррæт ласта. Цæрддзой сæм касти сусæгæй. Хуыцауы хæрæфырты Мæй рацахста, чызг йæхи тыдта, Мæй йыл хæцгæ кодта æмæ йæ нæ рауагъта боны цъæхтæм, батыхмитæ йын кодта.

Бон цъæх кæнын байдыдта æмæ Хуыцауы хæрæфырт зæгъы:

— Ныр цы бакæнон, мæ фыд мæ куы базона, уæд цы зæгъдзынæн?

Мæй зæгъы:

— Лæуу ам.

— Уый фадат мæнæн нæй, фæлæ гуырдз мæ гуыбыны ис. Æхсæвы куы райгуыра, уæд мæ фыд зæгъдзæн: «Æхсæв кæмæдæр цыдтæн», боны куы райгуыра, уæд та зæгъдзæн: «Чидæр мæм хъуызыди». Мæ катай ууыл у.

Мæй зæгъы:

— Бон æмæ æхсæв кæрæдзийæ куы хицæн кæной, уæд-иу æй рауадз, ацы æхсидгæ цады йæ ныббардзынæ.

Хуыцауы хæрæфырт фæцыди уæларвмæ, йæ мадмæ нымдгæнгæ [2] бацыди æмæ скуыдта. Мад æй фæрсы:

— Цы кодтай, мæ къона?

— Цыфыддæр Мæйы сæр, — зæгъы чызг, — æхсидгæ цады æмбисæхсæв мæхи анайон, зæгъгæ, кæцæйдæр Мæй фæзынди æмæ мын батыхми кодта, ныр дзы æнхъæлцау фæдæн. Цы ми бакæнон?

— Ма тыхс, мæ къона, исты схос кæндзыстæм.

Бон цъæхтæ кодта, афтæ чызг æруæззау ис, сусæгæй йæ мадмæ адзырдта æмæ йæ фæрсы:

— Мæ фыд ам ис?

— Ам нæй, бæлцуатæй нæма æрыздæхти.

— Уæдæ мæ афон у.

Хуыцауы хæрæфыртæн райгуырди чызг, йæ тæппалгъ [3] æртæбæкк и [4]. Чызджы хъæдын æртысгæнæй [5] систой æмæ йæ æхсидгæ цады смидæг кодтой. Чызджы хуылыдзты тæрфы æхсад [6] ныккодтой, æрмæст ма дзы иу туджы къуыбар фæскъона аззади.

Уалынмæ æрцыди хæдзары хицау, арасмуд-басмуд кодта æмæ фæрсы:

— Аллон-биллоны тæф мыл æмбæлы, æмæ цы у?

Ус зæгъы:

— Зæгъин дын æй нæ сæрæн [7], фæлæ тæрсын.

— Цæмæй тæрсыс, кæд дын исчи ис тыхгæнæг, амардзынæн æй, кæд хæрзгæнæг у — баузæлдзынæн ыл.

— Нæ, нæ, нæ сæрæн, ахæмæй ницы ис ам.

— Уæдæ ма цы?

— Нæ чызг æхсидгæ цады йæхи найынмæ ацыди æмæ йыл уым ноггуырды буар андзæвыди, æмæ уый тæф ис нæ хæдзары.

— Кæд боны ацыд, уæд хъуызгæ акодта æмæ маринаг у.

— Нæ, нæ, боны æддæмæ дæр куыннæ кæсы, нырма йæ буар хуры хъарм куы нæ зоны.

— Уæд та æхсæвы ацыд æмæ уый та сусæг цыд у, æмæ йын цыфыддæр ми хъæуы.

— Нæ, нæ, æхсæвы дæр нæ ацыдис. Æхсæв развæндаг куы нæ уыны, уæд куыд ацæудзæн.

— Уæд та мæ цæмæй бауырна, уый тыххæй мын исты равдис.

Ус фæскъонайы туджы къуыбармæ ацамыдта æмæ зæгъы:

— Мæнæ-ма акæс, ацы тугæрхæмттæ йæ уæлæ уыдысты.

Хæдзары хицау хъæдын æртысгæн фелвæста æмæ фæрсы:

— Уæд ай та цавæр тугæйдзаг у?

— Уымæй тугтæ хафтон æмæ уымæй.

Хæдзары хицау фæрсы:

— Уæдæ æхсидгæ цады цы рæстæджы уыди?

— Боныцъæхтæ куы кодта, уыцы афоны.

— Уæдæ уый дæ чызг фæрæдыди. Цæй, уый тыххæй йæ ном Бонвæрнон хуыйнæд ноггуырдæн, æмæ бон бæрæггæнæг фæуæд.

Уыйадыл æхсидгæ цады хъомыл кодта Бонвæрнон, æмæ райсомы куы фæзынд, уæд боны æрбацъæх афоны февдисы.

Рæзти æхсидгæ цады Бонвæрнон, йæ хъус та йæм дардта Цæрддзой. Уый-иу донæй куы рахызти, уæд Хур тартæ кодта йæ уындæй, йæ буары уындмæ. Æхсæвыгон-иу куы рахызти, уæд та Мæй ирддæр кодта. Йæ февнæлд — арт, йæ фезмæлд — зынг. Дзæбидырты æмæ сæгты ахста æмæ-иу сæ ададта, йæхи сырдты æхсырæй хаста, туг æмæ æхсыр йæ уадултыл схъазыдысты, хæмпус кодтой рустæ, йæ астæу талыйагау [8] къæдзтæ кодта.

Кастис æм Цæрддзой. Цæрддзой йе ссаргæ дурæй мардта сырдтæ æмæ-иу æй æрæвæрдта æхсидгæ цады был. Бонвæрнон мард сырды фенгæйæ йæ къухтæ кæрæдзийыл ацахтаид, арт скодтаид æмæ адджын физонджытæ хордта. Нæ зыдта Цæрддзойы. Цæрддзой дзы йæхи æмбæхстæй дардта.

Иу бон та кæсы Цæрддзой Бонвæрноны хъæзтытæм, сæгуыты гæпп акæны, уарийы æхст фæкæны йæхи æмæ æхсидгæ цады нал фæзыны.

Цæрддзой дæр та йе ссаргæ дурæй саг амары, æмæ йæ цады был ныууадзы. Йæхæдæг халагъуд цырд ацаразы æмæ хъахъхъæны. Иу рæстæджы Бонвæрнон фæзыны. Саджы мард фены. Къæцæлтæ кæрæдзийыл авæры. Цæрддзой скувы:

— Хуыцæутты Хуыцау, ме скæнæг Хуыцау, ацы чызгæн йе ’рттæй зынг куыннæ рахауа.

Бонвæрнон йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцæвы, фæлæ Цæрддзойы куывд Хуыцаумæ фехъуысти æмæ йын æхсызгон уыди. Хуыцауы фæндонæй Бонвæрноны къухтæй цæхæр нал акалди. Уæд Бонвæрнон хъуыдыты ацыди æмæ йыл уадид Цæрддзой йæхи æруадзы. Халагъудмæ йæ бахæссы æмæ йын батыхми кæны.

Бонвæрнон æм дзуры:

— Бын бауай, цы дæ? Æфсæрм дæр нал и?

Цæрддзой йæм дзуры:

— Ды мæ царды хай, не ’хсæн æндæр исчи куы нæ ис, æфсæрмæг [9] кæмæй уон.

Нал æй суадзы Цæрддзой иу бонæй абонмæ.

Дыккаг бон Бонвæрнон дзуры:

— Цæй, фæкæн мæ дæ уæзæгмæ, кæм цæрыс, уый фенон.

Цæрддзой бахудти æмæ зæгъы:

— Мæнæн цæй уæзæг ис, а бæстæ алы хъæд мæ хæдзар у, алы фæз æмæ хох та мæ цæуæн у.

— Бæлвырд цæугæцардгæнæг дæ.

— Цæугæцардгæнæг æмæ хæдзар агурæг дæн.

Уæд равзæрстой рæсугъд бынат æмæ дзы рæсугъд халагъуд скодтой, залмы сыфтæ æмæ йæ сырды цæрмттæй сфæлыстой. Бонвæрнон хæдзары ми кодта, Цæрддзой та амæттæгтæ хаста.

Иу бон та Цæрддзой саг амардта, æрласы йæ. Бонвæрнон катай кæны. Цæрддзой йæ фæрсы:

— Цæуыл тыхсыс?

— Куыннæ тыхсон, ме ’рттæй-иу цæхæр калди, арт-иу скодтон, адджын физонæг хордтон, ныр хомæй куыд хæрон сырды фыд.

Цæрддзой йе ссаргæ дуры авæры Бонвæрнонмæ æмæ зæгъы:

— Ай дын мæ лæвар.

Бонвæрнон бахудти æмæ зæгъы:

— Ай æрвон дур у.

Сугтæ æркалы кæрæдзийыл, ссаргæ дуры æхсон цагъд акæны æмæ цæхæр акалы. Цæхæр хус дзалайыл сæмбæлы æмæ арт сцырын вæййы. Адджын физонджытæ скæнынц, бахæрынц æмæ та халагъуды баулæфынц. Афтæ æрвыстой сæ рæстæг дыууæ уды, кæрæдзи уарзгæйæ æмæ кæрæдзийæн адджын уæвгæйæ.

4. Цæрцойы кадæг

Уæд та дын иуахæмы Цæрцо зилынтæ систа скæнгæ зæххыл. Иу хохрæбын фæцæуы æмæ арв ферттывта, æрбасæста, ныннæрыд, бæстæ ныкъкъæс-къæс кодта. Цæрцо айнæгмæ йæхи нылхъывта æмæ йæ размæ æрхауди уæларвон тымбыл дур. Уый афтæ тæвд уыди, æмæ йæм февналæн нæ уыди. Дзала [1] æмæ цъæнуд [2] кæрдæг йæ тæвдæй ссыгъдысты, зæххыл арт сирвæзти. Сырдæй, маргъæй лидзынмæ фесты, артæй тарстысты, фæлæ сæ арт кæй кæм æййæфта, уым сæ физонæг кодта. Цæрцо дис кодта ууыл, уый нæма зыдта зынджы миниуæг. Физонæг цы сырдтæ баисты, уыдон фыд æм фыхæй адджын фæкасти. Бацыди уæларвæй æрхаугæ тымбыл дурмæ, донæй йæ æрыхсадта æмæ æруазал ис. Батылдта йæ иу ранмæ æмæ цæхæртæ калдта. Æхсæвы тары та рухсытæ уагъта. Дуры бауарзта Цæрцо, йæ цурæй нал цыди, æрмæст-иу дзы цуаны заманы фæиппæрд.

Дур æвæрд кæм уыди, уый цур уыдис æхсидгæ цад, нывонд цад зæдтæ æмæ дауджытæн. Сæхи-иу дзы надтой, дур та сын æй хъарм кодта.

Хуыцауы хæрæфырт Хурæмæй чызг уыдис, иу бон йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Мæхи найынмæ хъуамæ фæцæуон æхсидгæ цадмæ.

— О, уый цы загътай? — фæрсы йæ мад, — дæуæн уырдæм цæй цæуæн ис, Мæй дæ фендзæни æмæ дæ æвыдæй нæ ныууадздзæн.

— Мæй алæхсæв нæ фæкæсы, науæд куы сцæйкæса, уæд ралидздзынæн.

— Мæй Хуыцауимæ быцæу сты, Хуримæ йæ кæй фæхицæн кодта, уый тыххæй.

— О, ма мын фæтæрс, мæхи нæ сафын.

Мад уæлдай ницыуал загъта æмæ Хурæмæй æхсидгæ цадмæ æрцыди йæхи найынмæ. Йæ дарæс феппæрста æмæ цады смидæг ис. Мæй фæсхох улæфыди, ауыдта чызджы, йæхи рауагъта, йæ дарæс акалдта æмæ уый дæр цады фæмидæг. Цæрцо сæм кæсы. Мæй Хуыцауы хæрæфырт Хурæмæйы æрцахста æмæ йæ нал рауагъта. Хурæмæй ма йæхи атон-атон кодта, фæлæ йæ бон ницы уыдис æмæ боны цъæхтæм Мæйимæ баззади цады. Бонцъæхты Хурæмæй дзуры Мæймæ:

— Батыхми мын кодтай, ныр цы бакæнон, мæ мад мæ дæуæй фæдзæхста. Мæ фыд мæ куы базона, уæд мæ маргæ кæндзæни. Ам лæууон æмæ уый та фыддæр ми у. Мæ гуыбыны гуырдз сæвзæрди, ныр æхсæвы куы райгуыра, уæд мæ фыд зæгъдзæни «дæумæ æхсæвыгон цыдтæн», бонæй куы райгуыра, уæд та æнхъæл уыдзæни, дæумæ æз сусæгæй цыдтæн.

Мæй загъта:

— Уæхимæ ацу, бон æмæ æхсæв кæрæдзийы цы афон хицæн кæнынц, уæд. Чи райгуыра, уый-иу ацы æхсидгæ цадмæ раппар, стæй йын хос уыдзæни.

Хуыцауы хæрæфырт чызг Хурæмæй фæцыди уæларвмæ, бон æмæ æхсæв сæ кæрæдзийæ куы хицæн кодтой, уæд. Чызг йæ мадмæ нымдгæнгæ бацыди, скуыдта æмæ радзырдта йæ хабар.

Мад фæмаст кодта æмæ зæгъы:

— Мауал ку ныр, мæ бон, Мæй йæ маст райста, уымæн æмæ фыдæх уыди Хуыцауимæ, мæнг нæ акæнынц: «Æнæуарзæгæн йæ дзыхы арф фæд ныууадзы сау калм, æмæ свæййы дзыллæты, сафæг». Ахæм у, гъе, мæ къона, Мæй дæр. Уæддæр дæ фæдзæхстон, нæ мæм байхъуыстай, ныр дын исты хос кæндзынæн.

Хурæмæйæн боныцъæхты чызг райгуырди æмæ йæ æхсидгæ цадмæ ныппæрстой. Чызджы тæппалгъ æртæбæкк и, йæ хуылыдзтæ йын йæ мад тæрфæхсад [3] æркодта, æрмæст ма иу туджы къуыбар фæскъона аззади æмæ уый æнæбары тæфы смаг кодта хæдзары.

Уалынмæ хæдзары хицау æрцыдис. Хуыцауы сиахс, арасмуд-басмуд кодта æмæ зæгъы:

— Уæ, мæ ардыстæн, цыдæр аллон-биллоны тæф мыл цæуы.

Йæ ус æм дзуры:

— Ой, бæргæ дын æй зæгъин, фæлæ исты фыдбылыз куы скæнай, уæд æлгъыстагæн баззайдзыстæм.

— Ницы фыдбылыз скæндзынæн, æрмæст мын мацы басусæг кæн, зæгъ мын алцы дæр раст.

— Уæдæ нæ чызг Хурæмæй йæхи надта æхсидгæ цады, Мæй йæм бахъуызыди, батых ын кодта æмæ уый тæф у, сывæллоны тæф.

— Оххай, — зæгъы йæ лæг, — Мæй Хуыцаумæ мæсты у, йæ маст дзы исы, кæм и сывæллон, цæмæй мæ бауырна. Кæд, мыййаг, мæ чызг Мæймæ изæрмилты цыди.

— Цытæ дзурыс, нæ лæг, нæ чызг изæрмилты æддæмæ дæр куы нæ цыди.

— Уæд та йæм, чи зоны, бонрæфты цыди?

— Боны дæр æддæмæ нæ цыди, йæ буар нырма хуры тын куы нæ федта.

— Уæд та цафон райгуырди?

— Бонцъæхты, æхсæв-бонæй куыд хицæн кодта, афтæ.

— Уæдæ уæд йæ ном Бонвæрнон уæд, фæлæ Мæй фыдлæг разынди, уымæн фæзæгъынц «Фыдбылыз хæссæг — адæмæй иппæрд, фыд ыл куы цæуа, уæд-иу йæ сау маст йæхицæй исæд».

Бонвæрнон æхсидгæ цады хъомыл кодта. Хуыцауæн æй йæ сиахс фехъусын кодта, Бонвæрнон ном ыл кæй сæвæрдта. Уæд Хуыцау зæгъы:

— Уадз, уыцы гуырд бон æмæ æхсæв бæрæггæнæгæй баззайæд фæстагæттæн. Йæ амонд та Цæрцойы бауæд.

Æхсидгæ цады Бонвæрнон кæсагау ленк кодта, иу ранæй-иу иннæ ранмæ ацъыгъгъуытт кодта. Хур-иу йемæ хъазыди, рæвдыдта йæ. Мæй йæм йæ мидбылты худти, нæ дзы хицæн кодта. Фыдрæсугъд раци Бонвæрнон, Цæрцойы зæрдæмæ арф бахызти æмæ-иу хъуыды кодта: «Оххай, ды кæй хай кæндзынæ. Ныр мемæ куы цæрид, уæд нал фæлмæцин. Иугæндзон сырдтæ æмæ мæргътæм чи фæразы хъусын». Бонвæрнон ахæм цырд уыди, æмæ агæппмæ — сæгуыт, йæ ацыд — уад, йæ фезмæлд — зынг.

Иу бон Цæрцо саг амардта æмæ царды былтыл рацæйцыд. Фæкомкоммæ ис Бонвæрнонмæ, уый хъазыди цады мидæг. Æрбадти. Бирæ йæм фæкасти, йæ зæрдæ дзы ради. Уыйонг хъуыдыты ацыди, æмæ йæ саг уым ферох и, йæ бынатмæ æрбацыди. Фæхъуыды кодта: «Уæдæ мæ саджы мард цы фæкодтон?» Цадбылмæ раздæхти, кæсы: Бонвæрнон сугтæ амбырд кодта, йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта, сугтæ ссыгъдысты. Саджы мардæй физонджытæ акодта æмæ сæ хæры. Цæрцомæ диссаг фæкасти æмæ алы бон дæр сырды мард хаста, Бонвæрнон та сæ физонджытæ кодта йæхицæн.

Иу бон та æрхаста сырды мард æмæ йæ цады былыл æрæвæрдта, стæй Хуыцаумæ скуывта:

Хуыцау, ацы чызджы къухтæй цæхæр мауал ракæлæд!

Бонвæрнон та сагæй физонджытæ акодта, сугтæ кæрæдзийыл авæрдта, йæ къухтæ ацагъта, фæлæ сæ зынг нал рахаудта. Фенкъард и æмæ дзуры:

— Кæй аххосæй нал хауы мæ къухтæй зынг, уый мæм йæхи равдисæд. Кæд ас лæг дæ, уæд æз дæ чызг, ды та мæ фыд.

Цæрцо йæхи нæ равдыста. Бонвæрнон та дзуры:

— Кæд чызг дæ мæнау, уæд хотæ уыдзыстæм æмæ рацу.

Ацы хатт дæр та нæ равдыста йæхи Цæрцо. Зæгъы та чызг:

— Цæй, кæд усгур дæ, уæд мæ Хуыцау дæуæн загъта æмæ рацу.

Цæрцо ныр йæхи раргом кодта. Бонвæрноны цонгыл фæхæцыди, чызг æм дзуры:

— Мæ дарæс кæнын мæ уæддæр бауадз, æфсæрмæг дæр мæ нæ кæныс?

Цæрцо зæгъы:

— Нæ цард иумæ кæм уыдзæни, уым не ’фсæрмæг дæр нæхи у.

Бонвæрнон акодта йæ дарæс æмæ зæгъы Цæрцойæн:

— Кæм цæрыс, уырдæм мæ акæн.

— Кæм хъуамæ цæрон, — зæгъы Цæрцо, — мæ цæрæн бынат бастуаг [4] хæдзар.

— Уæддæр мын æй равдис.

Цæрцо Бонвæрноны бакодта, уæларвон дуры кæм бавæрдта, уырдæм, æмæ зæгъы:

— Ам у мæ цæрæн, ардыгæй хæхтыл — мæ цæуæнтæ, быдыртыл — мæ фæндæгтæ.

— Уæдæ хорз цæугæцард фæкæныс, фæлæ ацы уæларвон дур зынгдæттæг у, рахæсс-бахæсс æй нæ фæкæндзыстæм, ам дзы арт кæндзыстæм, ам уыдзæн нæ цæрæндон.

Уæларвон дурæй æрцъыккæхсон скодтой, саджы мардæй физонджытæ сарæзтой æмæ иумæ адджын бадт фæкодтой. Кæрæдзийыл узæлыдысты. Уыдон уым сырддзæрмттæй агъуыст сарæзтой. Уæдæй фæстæмæ Бонвæрнон хæдзармæ касти, Цæрцо та цуаны куыст кодта.

Уæд иу бон зæдтæ æмæ дауджытæ Хуыцаумæ хъаст байдыдтой:

— Уæларвон дурæй Цæрцо æмæ Бонвæрнон зынг скодтой, арт дзы кæнынц, сомбоны та дын дæхимæ цæудзысты æмæ дуры фæстæмæ куы байсис.

Хуыцау сын зæгъы:

— Хуыцау тыхгæнæг нæ фæцæуы, зонд фæамоны. Уыцы дур зæххыл сæмбæлди æмæ йæм мæнæн æвналæн нал ис, уæд ма цæй Хуыцау уыдзынæн. Зæххы æз нæ рафæлдыстон, Хур æмæ Мæйæ конд у. Сымах дуры Уарппы бæрзæндмæ схæссут, уым-иу дзы афæдзæй-афæдзмæ баззайæд хуыцæуттæн, зæххæн та ард хæрынæн фæуæд, сомы дзы куыд кæной йæ номæй.

Уæдæй баззади сомы кæнын дæр æмæ зæххæй ард хæрын дæр. Хуыцауы фæндоныл ничиуал ницы загъта, фæлæ уæддæр дуры Уарппы бæрзæндмæ фæхастой сусæгæй. Афæдзæй-афæдзмæ дзы арт фæкодтаиккой хуыцæуттæ нывонд зынджы номæй, фæлæ давд дзуæрттæй баззади, дур кæй ахастой, уый аххосæй.

5. Уæларвон зынг

Зæдтæ æмæ дауджытæ Хуыцаумæ хуынды уыдысты иу бонæй иннæ бонмæ Хуыцау йæ уазджыты фæхыгъта, стæй зæгъы:

— Чысыл куы атезгъо кæниккам.

Сразы сты уазджытæ æмæ араст сты Уарппы [1] бæрзондмæ, акастысты хæтæлæгæй [2] алы рæттæм æмæ зæххыл сæ цæст ахастой. Хуыцау зæгъы:

— Зæххыл змæлæг фæзынди æмæ дидинæг калы.

Зæдтæй иу зæгъы:

— Ныр сæ куы фениккам.

Рараст вæййынц Зæхмæ. Цæрддзой æмæ Бонвæрнон сæ халагъуды хъæбыс-хъæбыс улæфыдысты æмæ никæй бафиппайдтой. Уæд Хуыцау Æрвон дуры адавы æмæ зæгъы йе ’мбæлттæн:

— Адон зынджы ад базондзысты æмæ фæстагмæ уæлæрвтæм тæхдзысты. Æрвон дур сæ нæ хъæуы.

Уырдыгæй та кæмттыл ацыдысты, сагтæ ацахсынц æмæ Уарппы бæрзондмæ ссæуынц. Хуыцау зæгъы:

— Нæхи фæмилдзых [3] кæнæм.

Сразы сты Хуыцауы æмбæлттæ. Уарппы бæрзондыл æрвон дурæй æзныгъдзагъд акæнынц æмæ æртытæ бандзарынц. Хуыцау зæгъы:

— Цæй, ацы арт нывонд арт фæуæд.

Сразы вæййынц иууылдæр. Зæххыл æрцахсгæ фосæй физонджытæ акæнынц, сæ хус смаг дардыл ацæуы.

Цæрддзой фехъал æмæ фæрсы Бонвæрноны:

— Ай цæй хус смаг кæлы?

Бонвæрнон зæгъы:

— Бæлвырд ам чидæр уыди.

Халагъудæй ракæсынц æмæ Уарппы бæрзондмæ скæсынц. Уым арт цыренæй судзы æмæ дзуарæй, дауæгæй йæ алыварс бадынц.

Бонвæрнон зæгъы:

— Уыцы арт не ’рвон дуры арты тæф кæны.

Асгæрста Бонвæрнон йæхимæ æмæ дур уым нал уыди.

Цæрддзой дзуры:

— Æнæцæугæ мын нæй Уарппы бæрзондмæ.

— Фæлæуу, афтæ цæугæйæ дын нæу.

Бонвæрнон лалымæстыгъд акæнын кæны æртæ сырды, донæй сæ айдзаг кæны æмæ зæгъы Бонвæрнонæн:

— Мыййаг, дæ куы базоной, уæд дæм зынг æппарæн кæндзысты. Ды ма фæтæрс. Лалымы доны-иу зынгыл ауадз, кæннод сæм нæ бахаудзынæ.

Цæрддзой æртæ лалымы донæй йедзаг ахæссы йемæ. Хуыцау æмæ йе ’мбæлттæ физонджытæ кæнынц, хæрынц æмæ нуазынц. Уæд Рыны бардуаг йæхи хъуыды ацыди æмæ Цæрддзойы ауыны, фездæхы æмæ зæгъы:

— Зæххон лæг ссæуы.

Уыдон ыл тæвд уæхсджытæ аппæрстой. Цæрддзой тæвд уæхсджытыл дон ауадзы æмæ æруазал сты. Уæд артмæ донлалым фехсы, дон артыл акæлы. Иууылдæр фæтарстысты æмæ зæгъынц:

— Нæ артыл нын дон ауагъта Цæрддзой, фæлæ цæуæм.

Иууылдæр ацыдысты уæларвмæ. Цæрддзой арты цуры ссары йе ’рвон дуры, райсы йæ, зынг рахæссы æмæ Бонвæрнонмæ раздæхы. Уæларвон зынгæй арт скæнынц æмæ та физонджытæ райдайынц фыцын. Кæнынц сæ цард Цæрддзой æмæ Бонвæрнон.

Хуыцау æмæ йе ’мбæлттæм хъыг æркасти, Цæрддзой сын сæ нывонд уæларвон артыл дон кæй ауагъта, уыцы хабар. Тæрхон байдыдтой Цæрддзойы амарыныл.

Зæдтæ зæгъынц:

— Хуыцау, де сфæлдисгæ у æмæ йæ ды амар, махæй никæй бон бацæудзæни Цæрддзойы амарын.

Хуыцау зæгъы:

— Æз рафæлдисдзынæн тыхджынæй тыхджындæрты зæххыл. Уадз, уыдон æй амарой, кæннод мæм Хур фæтигъ [4] уыдзæни.

— Уый дæр раст зæгъыс, Хуыцау, — загътой йе ’мбæлттæ.

Хуыцау рафæлдисы зæххыл Еугуыппарты, сæ зонд сын зыгъуыммæ скæны æмæ сæ сардауы кæрæдзийыл.

Бонвæрнон зæгъы Цæрддзойæн:

— Адон дæу афтæмæй нæ ныууадздзысты, фæлтау бавдæл, æмæ де ’рвон дурæй æфсæн фатфындзтæ [5] сараз, цы ма дзы аззайа, уымæй — цилхъ, уæд дын ницыуал кæндзысты.

Бонвæрнон дойнаг дуртæм фатфындзтæ рацагъта, цилхъ сарæзта æмæ æхсон дурыл сыссыди цилхъы. Афтæ цыргъ æй скодта æмæ æрду йæ комыл дыууæ кодта.

Еугуыппарты размæ ралæууыд Цæрддзой. Фæттæй сæ æхсы, цилхъæй сæ кæрды æмæ сæ сау скъуыдтæ акæны.

Хуыцау кæсы æмæ зæгъы:

— Уарппы хохыл цы æрвон дур ныууагътам, уый Цæрддзойы къухы бахауди, скодта дзы хæцæнгарз æмæ Еугуыппарты сау цагъд кæны.

Хуыцауы æмбæлттæ зæгъынц:

— Афтæ сараз, Хуыцау, æмæ йыл тыхсгæ куыд æркæной.

Еугуыппартæ та Цæрддзойыл æртыхстысты. Уæд Цæрддзой йæ сынæг доны ’рдæм скодта. Еугуыппартæ донмæ нæ уæндыдысты æмæ та сæ фыд дæр цагъд фæкодта.

Хуыцау зæгъы:

— Уæ фендæй ницы рауад, Цæрддзой йæ сынæг донмæ скодта æмæ йын тых нæ арынц.

Зæдтæ та зæгъынц:

— Фæлтау доны цæрджыты дæр рафæлдис, уыдон дæр æй куыд цæвой.

Хуыцау рафæлдыста доны цæрджыты дæр. Донбеттырты уæлдайдæр æмæ Хуыцау бафæдзæхста:

— Цæрддзой сымахмæ куы бырса, уæд æй цæвут.

Иннæ хатт дæр та Еугуыппартæ самадтой тох Цæрддзойимæ. Цæрддзой та йæ сынæг доны ’рдæм скодта. Уæд æй чъылдымы ’рдыгæй Донбеттыртæ цæвын байдыдтой æмæ суынгæг ис Цæрддзой. Разæй, сур зæххæй йæ Еугуыппартæ цавтой, чъылдымы ’рдыгæй — Донбеттыртæ, æмæ йын гæнæн нал уыди. Цæрддзойы буар сыхырнайау хуынчъытæ кодта. Бирæ фæцагъта Еугуыппартæй, Донбеттыртæй. Йæ цилхъ фехста æмæ Бонвæрноныл халагъуды сæмбæлдис. Бонвæрнон цилхъ фелвæста æмæ разгъордта, фæлæ уæдмæ Цæрддзой амарди. Бонвæрнон цилхъæй Цæрддзой алыварс хох æркодта æмæ скуывта:

— Ме сфæлдисæг, ам мын зæппадз куыд феста, Цæрддзой йæ мидæг цы фæуа.

Йæ дзырд æрцыди æмæ Цæрддзой зæппадзы баззади. Еугуыппартæ æмæ Донбеттыртæ усмæ нæ февнæлдтой, сæ мæрдты рæдзæгъдтæй хастой æмæ сæ ныгæдтой.

Баззади Бонвæрнон йæ халагъуды иунæгæй цæргæйæ. Цæрддзойы цилхъ йæ нывæрзæны нывæрдта æмæ касти йе ’нхъæлцаутæ кæд уыдзысты, уымæ. Бонвæрнон нымадта рæстæг æмæ æнцад æнцойæ дардта йæхи йæ æнхъæлцаутæм.

6. Уæларвон зынг (вариант)

Иуахæмы та Хуыцаумæ зæдтæ хуынды уыдысты,

Хордтой, нуæзтой, цæл-минас кодтой.

Фæсхорд афонты Уæрыппы сæрмæ

хи ирхæфсынмæ ратезгъо кодтой.

Уæд сыл сæмбæлди физонæджы тæф.

Уый Цæрддзой кодта адджын физонæг.

Йæхи хорз федта æмæ æрулæфыди.

Хуыцаумæ тæлм [1] æркаст ацы стыр цау.

Зæгъы дын афтæ:

— Цæрддзой ныр артыл физонæг кæны,

æрвон дурæй уый æзныгъддзагъд кæны,

уæд ма ныр мах та цæй хуыцæуттæ стæм.

Ныры бардуаг Хуыцаумæ дзуры:

— Куы мæ ауадзис, уæд ын йæ зынгы

Дыууæ уысммæ ам фестын кæнин.

Хуыцау æй рауадзы Ныры бардуаджы.

Ныры бардуаг фынæй Цæрддзойыл сынтæ рацæуы

йæ æрвын дурын уайтагъд адавы,

Хуыцаумæ ссæуы, ратты йæм æрвон дуры.

Хуыцау фæзæгъы:

— Скæнæм стыр арт уæларвон дурæй,

цæмæй фæдзæхст уа йæ ахæссыны алдзæн [2].

Арт стыр скæнынц æмæ йæ снывонд кæнынц.

Уæд дын Цæрддзой ныр райхъал вæййы,

Агуры æрвон дуры, фæлæ йæ нæ ары.

Уæларвон цæрджыты Уæрыппы фены,

Лалым стыгъд акæны æртæ сырды,

Донæй сæ айдзаг кæны æмæ араст и Уæрыппы сæрмæ.

Зæдтæ, дауджытæ Цæрддзойы нæ уагътой,

Цæрддзой фæстæмæ комгæ нæ кæны.

Тæвд æфсæн уæхстытæ Цæрддзоймæ аппарынц,

Цæрддзой нæ фæтарст, дон сыл ауадзы.

Æнæнхъæлæджы сæ астæу февзæрд,

йæ доныхуыппæй нывонд артыл бамизы,

нывонд артæн дын йæ сыф-сыф ссыди.

Дзуæрттæ дын лидзынмæ фесты.

Æрвон дур дæр сæ адæргæй айрох.

Уæлæрвтæм ма сæхи бæргæ айстой,

фæлæ дын Хуыцау тыхджын смæсты.

Еугуыппарты дын Цæрддзойыл сардауы.

Донбеттырты дæр ууыл бандзары.

Цæрддзойы ма дын æнцой кæм уадзынц.

Æрвон дурæй дын цилхъ ацаразы.

Дурты æхсæнæй адзæбæх кæны,

Æхсон дуртыл æй тынг сцыргъ кæны,

Ралæууыди дын Еугуыппарты уæд,

иннæрдыгæй та Донбеттырты цагъта.

Рæдзæгъдтæй дын сæ арвмæ самайы,

Сæ тугæй бæстæ лæсæнтæ акæны.

Йæ цонг нæ фæллайы Цæрддзойæн хæсты,

фæлæ стæвд и, донмæ йæхи байсы.

Æнæауæрдгæйæ йыл доны Донбеттыртæ

тыхджын схæцынц, дон ын нæ дæттынц.

Цæрддзой стыхсти, йæ ком сур кодта.

Йæ тугты цъырдта дойны мондагæн,

йæ туджы калдта бынтон æнæвгъау.

Уæд дын фæстагмæ йæ тых æрсасти.

Йæ карды фехсы, кард дæр атæхы,

йæ халагъуды тæрвазыл фындзсагъд авæййы.

Хуыцауы хæрæфырты чызг Бонвæрнон уыди.

Бонвæрнон та Цæрддзойæн йæ лымæн уыди.

Кардмæ февналы æмæ базыдта

Цæрддзойы хъуыддаг. Цæрддзой фесæфти.

Бонвæрнон Цæрддзойæн цырд зæппадз скæны,

Уым æй бавæры, стæй рацæуы йæ халагъудмæ.

Æнхъæлцау уыди æмæ æнхъæлмæ касти.

Кæд æппын æмæ йæ маст искуы ссæуид.

III. АХУЫ ÆМÆ НАГЪУЫЛЛÆ

7. Ахуы æмæ Нагъуыллæ

Уæд дын иухатт Бонвæрнон æруæззау. Уæззау та афтæ æрци æмæ йæм фæкæсæг нал уыд. Тыхсы, фæлæ кæмæ фæдзурид. Йæ тыхстдзинад ын зæронд Донбеттыр бамбæрста. Ракодта йæ фæндаг Бонвæрноныл æмæ йæм дзуры:

— Уазæг нæ уадзут?

— Мидæмæ, кæцы дæ?

Зæронд Донбеттыр халагъудмæ бахызти, дзæццæг [1] æрбадти æмæ кæсы Бонвæрноны тæппалгъ [2] хуыссæнты дæр нæ цæуы, нæ дæр сыстын йæ бон у, афтæмæй хъæрзы.

Зæронд Донбеттыр æм бадзуры:

— Цы кæныс, мæ фысым, кæнæ дæ уазæджы размæ цæуылнæ рахизыс?

— Ма мыл бахуд, уазæг. Æз æнхъæлцаутæ хъуамæ ныййарон. Нæй мæм фæкæсæг æмæ тухæнæй мæлын.

Зæронд Донбеттыр къахæгау дзуры:

— Ныр дæ æз фервæзын кæнин, фæлæ дæ сæронæй [3] тæрсын.

— Сæрон ма удмидæг куы уаид, уæд мæн никæй æххуыс хъуыди, фæлæ зæппадзы æмбийы.

Зæронд Донбеттыр та ноджыдæр зæгъы:

— Ныр цы раттис дæ фервæзыны тыххæй?

— Цы æнхъæлцаутæ ныййарон, уыдон æм хъаны [4] раттин афæдзы фæстæ.

— Хъан дæр та стæй йæ фыды уæзæджы агурдзæн, фæлæ хуыздæр уаид, ахсæв нæ уат иу куы ’ркæниккам, уæд дæ байзæддаджы афæдзы фæстæ æз хъаны хаст скæнин.

Бонвæрнонæн гæнæн нал уыд æмæ загъта:

— Мæ афон нæу, ныртæккæ гуырдтæ ныййардзынæн, фæлтау мæм фæкæс, стæй уый фæстæ дæ хъуыддаг араз.

Зæронд Донбеттыр ныццин кодта, Бонвæрноны фервæзын кодта. Бонвæрнонæн райгуырди дыууæ фаззоны, чызг æмæ лæппу. Лæппу куы гуырди, уæд зынтæй гуырди æмæ зæронд Донбеттырмæ бадзырдта, зæгъгæ, мын, аххуыс кæн. «Ахуы» куыд загъта, афтæ лæппу райгуырди, уыйадыл æй Ахуы рахуыдтой. Чызг куы гуырди, уæд та Бонвæрнон хъавыд зæгъынмæ «нал мæ хъæуы», кæнæ «науæд уæд». Уыйадыл æй рахуыдтой Нагъуыллæ.

Бонвæрнон фервæзти æмæ йæм зæронд Донбеттыр дзуры:

— Нæ дзырд хъуамæ дзырд уа.

Бонвæрнон зæгъы:

— Цæрддзой зæппадзы æмбийы, уæд та йæм куы суаис æмæ куы зæгъис: «Гъе, Цæрддзой, де ’нцой чи уыди, уый ныр мæ фæндиаг кæны», æмæ-иу раздæх.

Зæронд Донбеттыр ныццин кодта æмæ зæппадзмæ азгъордта. Бонвæрнон Цæрддзойы карды дуары тæрвазыл афидар кæны, йæ ком æддæмæ, афтæмæй. Зæронд Донбеттыр зæппадзмæ суади æмæ бахъæр кодта:

— Гъе, Цæрддзой, де ’нцой чи уыди, уый ныр мæ фæндиаг кæны.

Цæрддзойы стджытæ базмæлыдысты. Мæкъуыстæг ратахти æмæ зæронд Донбеттыры цæстыл сæмбæлыди. Зæронд Донбеттыр фæлидзæг ис, æрмæст ма загъта:

— Æз мæ фæнд афтæ сæххæст кæндзынæн æмæ дæ хæррæгъ стджытæ фæнык куыд фестой.

Разгъордта зæронд Донбеттыр халагъудмæ. Уæд Бонвæрнон рухс ахуссын кодта. Зæронд Донбеттыр æм бадзырдта:

— Уæ, Бонвæрнон, дæ сæрон мын аккаг хорз фæцис æмæ дæ дывæр маст исдзынæн. Рухс дæм цæуылнæ ис?

— Мæхи æхсын, æрбахиз, дæ цæст уынгæйæ мæхи куыд æрæхсон, сылыстæг куы дæн.

— Уый мæм тæлм нæ кæсы, — зæгъы зæронд Донбеттыр, фæмидæг вæййы хæдзары хуылфмæ, фæлæ йæ ных сцавта Цæрддзой кардыл æмæ сæры тенка цармæ фæхауди, æрфгуытæй дæлæмæ та размæ бахаудта.

Зæронд Донбеттыры Бонвæрнон бæласыл сауыгъта æмæ йæ тæф уырдыгæй калди. Донбеттыртæ йæм лæгъстæмæ цыдысты:

— Ратт нын нæ марды, — æдзухæй йын дзырдтой.

Бонвæрнон загъта:

— Мæ гуырдты мын къуыримæ схæссут, кæфы æхсырæй сæ хорз хъомыл кæнут, къуыриты фæстæ уæд уæ марды ардыгæй ахæсдзыстут.

Цы гæнæн уыди Донбеттырæн, къуыри æмгъуыдæй хорз зылдысты Бонвæрноны сывæллæттæм, æмæ диссаджы мыхъылтæ систы. Ахуы æмæ Нагъуыллæ сæ къæхтыл къуыримæ азгъордтой æмæ загътой:

— Ай дын дæ гуырдтæ.

Бонвæрнон сын радта зæронд Донбеттыры марды. Марды тæфгæнгæ аластой æмæ ма сæм Бонвæрнон адзырдта:

— Гъе уый тæф фæкæнут, донхортæ.

Ахуæ æмæ Нагъуыллæ тагъд хъомыл кодтой, къуыри мæйдзыд кодтой, мæй та — афæдздзыд, рахъомыл сты æмæ Ахуы цуанхъом фæци.

Ахуы фæрсы Бонвæрноны:

— Цымæ мæ фыдæй æппын ницы баззади?

Бонвæрнон загъта:

— Куыннæ баззади, мæнæ йæ цилхъ, уæларвон дурæй арæзт. Дæлæ быдыры йæ фæтты фатфындзтæ, цыма дæ хъæуы. Мæнæ дын зæронд Донбеттыры сæры тенка æхсыр дуцынæн, дæ фыды цилхъ æй слыг кодта.

Ахуы æрбамбырд кодта фатфындзты, фæттæ сарæзта, æрдын скодта, цилхъ йæхимæ райста æмæ фырцинæй хæрдмæ фæхаудта. Цилхъ йæ къухæй феппард ис æмæ йæ мады зæрдæйы амидæг и.

Бонвæрнон æрхауди æмæ йæ мæлæт æрæввахс. Ахуы нынкъард и, Нагъуыллæ йæ рустæ тыдта. Уæд Бонвæрнон дзуры:

— О, мæ хъæбултæ, уæхи ма хæрут, фæлæ æз амæлдзынæн. Мæ дзыккутæй мын ракæнут, æрдынбос сæ абийут, кæннод æрдынбос скъуыдтæ кæндзæн. Мæрдты уæ фыдимæ сæмбæлдзынæн æмæ зæгъдзынæн, зæгъгæ, нæ номыл кæстæртæ ныууагътам. Уæхи хизут, цалынмæ уæхиуыл феввæрсат. Мæн Донбеттыртæ мæрдтæй дæр нæ ныууадздзысты. Стыр арт-иу скæнут. Арты фæздæг мигътæм куы хæццæ кæна, уæд мæ фатыл уырдæм фехсут, стæй уæм уæларвæй æрвылæхсæв мæ цæст дардзынæн.

Бонвæрнон амарди. Ахуы æмæ Нагъуыллæ стыр арт скодтой. Фæздæг мигътыл æмбæлыди. Фатыл сæ мады æрæвæрдтой, фæлæ æрдынбос аскъуыди. Уæд сæ мады фæдзæхст сæ зæрдыл æрбалæууыди æмæ сæ мады дзыккутæй æрдынбос абыдтой. Æрдыныл æй абастой æмæ фатыл сæ мады мигътæм фехстой. Мигътæ æрбатымбыл кодтой сæхи. Зилгæ дымгæ сыстади æмæ Бонвæрноны фæуæлæджин [5] кодтой. Хуыцауы хæрæфырт сæ йæхимæ кæм бауагътаид, фæлæ сæ бон Хур хъахъхъæдта Ахуы æмæ Нагъуыллæйы, æхсæв та — Мæй, райсомырдæм та Бонвæрнон.

8. Хурæмæйы амард

Хурæмæй Хуыцауы хæрæфырт уыдис. Сфæлмæцыди йæ цардæй, бакуырм, бакъуырма ис æмæ дзырдта:

— Мæ чызг, Бонвæрнон, макæд ма разын боны, æхсæвы та дæу уынæг дæр ма уæд!

Фæлмæцыди йæ царды Хурæмæй, алцы йæм талынгæй зынди æмæ-иу йæ чызджы куы æрымысыди, уæд йæ хъарæг, йæ сагъæс хъуысти:

— Мæ разæй мæрдтæм бацыдтæ, æмæ мæ уыйонг дæ хорзæх уæд, æз дæр кæм амæлон. Боныцъæхты-иу дæ рухс мæм рауадз. Фæлæ изæры мæйрухсы тынтæ мæнмæ дæр бауадз.

Тухæнæй марди Хурæмæй æмæ куырдта Хуыцауæй мæлæт, куывта йæм:

— Æз æддæс [1] куы дæн æппæтæй, базæронд дæн, Хуыцау, мæ цард фæуæд мæлæтæй.

Хуыцау æм дзуры:

— Дæуæн уæларвыл нæй ныгæнæн, дæ цæуæт зæххыл цæрæг сты æмæ дæ мард дæр, гъе, уырдæм хæсгæ у.

— Оххай! Мæ цæуæты зæнæг кæд Зæххон сты, уæддæр зæххы рафæлдисæг дæхæдæг куы дæ, зæххылцæрджытæ дæу тынгдæр зонынц, дæ ном дын арынц.

Хуыцау мæсты уыдис йæ хæрæфыртмæ, Мæй йын кæй батых кодта, уый тыххæй. Йе стыр цау зæххыл кæй æрцыди, уымæ гæсгæ зæгъы йæ хæрæфыртæн:

— Нырæй фæстæмæ æгъдауæн бауæд, зæххыл чи гуыра, уымæн уæларвы ныгæнæн ма уæд.

— Омæ æз уæларвы цæрæг куы дæн, — зæгъы Хуыцауы хæрæфырт, — уæларв мæ баныгæн.

Хуыцау сразы ис Хурæмæйы фæндоныл æмæ йæ амары. Хабар фехъуыста Бонвæрнон, æрцыдис æм. Хуыцау йе ’мсæрты фæрсы:

— Уый та ма дзы кæцы у?

— Дæ хæрæфырт Бонвæрнон, — зæгъы иу дуаг, — Цæрцойы бинонтæ уыди, æрдæгмард, æрдæгæгас у.

Бонвæрнон бахъарæг кодта йæ мадмæ:

— О, ныййарæг мад! Дзурын дæм мæрдон æвзагæй, кæд мæ аргæ ныккодтай, уæддæр. Нæ фехъуыстон ма зæгъ. Райсомы дын дæ бон изæрæй хицæн кæндзынæн, изæрæй та дын де ’хсæв бонæй хибар кæндзынæн. Ды мæм мады зæрдæ дар, мæрдты иумæ цæрдзыстæм. Нырæй фæстæмæ фæткæн баззайæд: уарзондзинад — хъæбулмæ уæд, зæнæджы равзæрд ныййарæгæн адджын-иу фæуæд. Ацы æгъдау зæнæгæн æнæзгъæ [2] ма уæд, кæннод мад мæрдты авд марды кæндзæни, мадарæй [3] цæудзæни. Кæстæры бон та æсуæны райсом [4] фестæд.

Дуагтæй сæ иу зæгъы:

— Ай ма дзурын куы бауадзæм, уæд нæ сæртæ салф [5] рафтаудзысты, марды бавæрæм.

Хуыцау сразы ис. Хурæмæйы бахастой зæппадзмæ, йæ сæр ын скæсæнырдæм скодтой, тæрхæгыл æй равæрдтой. Хурæмæй рабады мардæй æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Цæрын ма мæ бауагътаис Хурты хурзæрин, мæйты бардуаг!

Хуыцау зæгъы:

— Оххай, раст æй нæ ныгæнут, йæ сæр ын цæгатмæ скæнут.

Хурæмæйы сæр цæгаты ’рдæм скодтой, уый та рабады мардæй æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Цæрын ма мæ бауагътаис уазал цæгаты.

Хуыцау ногæй зæгъы:

— Раст та йæ нæ ныгæнæм, йæ сæр ын хуссары ’рдæм скæнут.

Хурæмæйы сæр хуссарырдæм фæзылдтой. Уый та мардæй рабады æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Цæрын ма мæ бауагътаис хуссайраг хъарммæ.

Хуыцау ногæй зæгъы:

— Йæ сæр ын ныгуылæнырдæм фæкæнут, кæннод ныгæнын нæ бакомдзæни.

Хурæмæйы сæр ныгуылæнырдæм фæкодтой. Мард йæ къæхтæ фæхъил кодта æмæ зæгъы:

— О, дзæнæты бынат, къахæй дæм цæуын хъæудзæн!

Хуыцау та зæгъы:

— Худинаг кæнæм, йæ къæхтыл ын дзуарцыртæвæр [6] æрæвæрут.

Марды къæхтыл дзуартывæр æрæвæрдтой æмæ Хурæмæй нал ракасти, нал дæр истыуал сдзырдта. Хуыцау зæгъы:

— Амæй фæстæмæ фæткæн баззайæд: марды сæр ныгуылæнырдæм æвæрд цæуæд, рухс мауал уынæд, къæхты ’рдыгæй та йыл цырт сагъд цæуæд.

Уæдæй баззади фæткæн марды сæр ныгуылæнырдæм æвæрын æмæ къæхты ’рдыгæй та цырт садзын.

9. Ахуыйы хъæзтытæ

Ахуы сидзæр уыдис æмæ Царциатæй уыдис. Фыдфыдуаг рацыдис æмæ йын макæ зæгъæг нæ уыди. Рæз тагъд кодта. Иухатт сфæнд кодта, зæгъгæ, мæм цас тых ис, уый базонын. Йæ хо Нагъуыллæйæн зæгъы:

— Æз мæ тыхтæ хъуамæ базонон.

Йæ хо дзуры:

— Ма ацу, ам иунæгæй цы аразын.

— Цæмæй тæрсыс, кæд дæм исты тас цæуа, уæд-иу рындзыл хæргæ сындзытæй арт скæн. Æз сæ сæ тæфæй базондзынæн æмæ дæм зындзынæн.

Ахуы ахызти, иу суангыл ссæуы, рагъыл бахизы, иннæ суангмæ бафты, стæй та, кæм коммæ, кæм фæзмæ афты. Бирæ фæцыдис æмæ суадоны раз æрбадти. Кæсы æмæ æртæ гуымир уæйыджы æрбацæуы. Сæ цæнгтæ аххæрджыты стæвдæн, сæ дзых куы схæлиу кæнынц, уæд цыма къутутæ сты, раст афтæ фæзынынц. Æртæ гуымир уæйыджы зæгъынц:

— Цæй, ахъазæм.

Сразы сты.

Сæ иу дур хæрдмæ фехста, йæ сæр йæм бадардта æмæ дур фæстæмæ ратахт, гуымир уæйыджы сæрыл сæмбæлыди æмæ фæйнæрдæм хуыртæй акалди.

Дыккаг гуымир уæйыг йæ къух саггомæй бæласы цæнгтыл фидар ныххæцыди æмæ йæ æд уидæгтæ стыдта, зæххыл æй фæкодта æмæ схъисгай ныппырх и.

Æртыккаг гуымир уæйыг, доны йæ цонг нытътъыста, йæ комы тæф æм бауагъта, цонгыл авд ивазны бæрц их схæцыди, уыцы ихы стыдта, цонг дуртыл ныццавта æмæ ихтæ къæртгай фæйнæрдæм фæтахтысты.

Ахуымæ диссаг фæкастысты æртæ гуымир уæйыджы хъæзтытæ æмæ йæ бафæндыди уыдонимæ ахъазын.

Æргом сæм рацыди æмæ зæгъы:

— Фарн уæ хъазты уа.

— Фæрнæйдзаг у, лæппу.

— Диссаджы хъæзтытæ кодтат æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты.

Уыдон ныххудтысты æмæ зæгъынц:

— Ды нырма быммиз цыдæр дæ, уагæры хъæбысæй куы фæхæцæм, уый куы фенис.

— Хъæбысæй æз дæр рахæцин, фæлæ кæимæ, иу ахæм мын ам ничи ис.

— Дæуæй цæй хъæбысæйхæцæг ис, мæнæ нæ хъæзтытæ дæу дисы куы быфтыдтой, уæд?

Ахуы та загъта:

— Уæ хъæзтытæ мæн бафтыдтой дисы, фæлæ мæ хъæзтытæ та сымах бафтаудзысты дисы.

— Уæдæ-ма нæ хъæзтытæй ахъаз.

Ахуы уæйыджы дурæй æртæ хатты стырдæр фелвæста æмæ йæ хæрдмæ фехста. Дур афтæ уæлиау стахти æмæ ма йæ цæст гæзæмæ уыдта. Уæдмæ йæ иу цонджы доны атъыста æмæ йыл ныффу кодта. Цонгыл дыууадæс ивазны бæрц их сбадти. Йæ иннæ къухы кæстæр æнгуылдзæй æппæты ставддæр бæласы цонгыл ныххæцыдис. Уалынмæ дур æхситгæнгæ æртæхы. Ахуы их æмæ бæласы иумæ стыдта. Тæхгæ дур куы æрæввахс и, уæд æртæйы кæрæдзийыл ныххуырста æмæ лыстæг къæрттытæй фæйнæрдæм фæхаудтой.

Уæйгуытæ хæлиудзыхæй аззадысты æмæ загътой:

— Амæ не ’ртæйы тых дæр ис.

Кæрæдзимæ бакастысты, стæй Ахуыйæн зæгъынц:

— Фысым дын стæм, æввахс цæрæм æмæ ныл баввæрс.

Акодтой Ахуыйы семæ. Æрцыдысты уæйгуыты хæдзармæ.

Дуар бакодтой æмæ гуымир уæйгуыты мад бадти. Ахуыйы фенгæйæ сцæйстади. Ахуы йæм базгъордта æмæ зæгъы:

— Бад, мæ мады хай, исты дæ хъан куы нæ дæн.

Мад зæгъы:

— Хъан дæр мæм афтæ уæзданæй не ’рбадзырдтаид, ды мæм куыд æрбадзырдтай.

Æртæ гуымир уæйыгæн æхсызгон уыдысты сæ мады ныхæстæ. Хынцын байдыдтой Ахуыйы, æхсæв-бонмæ йæ зæххыл бадын дæр нæ уагътой. Райсомы афтæ гуымир уæйыджы зæгъынц:

— Тæхуды, ацы лæг нын хæстæг куы уаид, кæнæ нын æфсымæр куы уаид.

Аходæн бахордтой, стæй та зæгъынц:

— Уазæг, кæд дæ афæлгæсын фæнды, мыййаг?

— Хорз уаид.

Ацæуынц æртæ гуымир уæйыджы Ахуыимæ. Иу хъæдмæ бацæуынц æмæ федтой: дон цæуы тугхæццæимæ.

Ахуы фæдис кодта, стæй гуымир уæйгуыты афæрсы:

— Ай цы диссаг у, искуы ма дон тугхæццæимæ фæцæуы?

Гуымир уæйгутæ загътой:

— Уый диссаг нæу. Махæн ис хо, бæсты рæсугъд æмæ бæсты уæздан у. Еугуыппартæ йæм курæг цыдысты æмæ йæ нæ фыд нæ лæвæрдта. Еугуыппартæ уæд нæ фыды æрцахстой æмæ йын алы ацафон йе ’нгуылдзты бын фæлыг кæнынц, йæ туг ын рауадзынц æмæ уый туг донимæ хæццæ кæны, гъе, уый у.

— Кæд афтæ у, уæд æм цæмæ кæсут?

— Мах æртæ стæм, уыдон бирæ сты, нæ бон нæу нæ фыды байсын.

Цæуынц дарддæр. Иу ран та дон цæуы ноджы æмæ ахæм ирд у, лæг дзы йæхи фены.

Ахуы дзы ахуыпп кодта æмæ зæгъы:

— Цæй тынг цæхджын у ай?

Гуымир уæйгуытæ зæгъынц:

— Уый дон не схуыпп кодтай, фæлæ нæ фыды тыххæй нæ хо кæуы æмæ уый цæссыгтæ донау уайынц. Цæссыг та вæййы цæхджын.

Цæуынц дарддæр, ноджы та федтой суадон, сау змæстæй цæуы. Ахуы та фæрсы æртæ гуымир уæйыджы:

— Ай та цавæр змæстæй цæуы?

— Уый та нæ фыды æнгуылдзтæ тынг куы сриссынц, уæд йæ къæхтæй сыджыты ныццæвы æмæ дон сыджыт змæст рацæуы.

— Ахуы та фæрсы:

— Дарддæр нал ацæудзынæн, фæлæ мемæ цомут.

— Кæдæм нæ кæныс?

— Уæ хойы уын фенон.

— Нæ хо ахст у, нæ фыды цур æй барæй дарынц, цæмæй нæ фыды тухитæ уына. Æввахс чи бацæудзæни уымæ?

— Мемæ цомут, кæд мын æххуыс нæ фæкæнат, уæддæр мын ныфс уыдзыстут.

Æртæ гуымир уæйыджы араст вæййынц Ахуыимæ. Бахæццæ сты иу фæзбыдырмæ. Акæсынц æмæ фенынц Еугуыппарты. Æртæ гуымир уæйыджы фыдæй хынджылæг кæнынц.

Ахуы йæ фыды цилхъ сæлвæста. Цилхъ ныхситт кодта, йæ буар хуры тынтæм стъæлтæ [1] скалдта, йæ буары æрттывдмæ цæстытæ куырм кодтой.

Еугуыппартæ фæсæцца [2] сты. Уæд сæм Ахуы дзуры:

— Цæмæн у баст ацы лæг? — афарста æртæ гуымир уæйыджы фыдæй.

— Æнхъæлæг [3] дзы уыдыстæм æмæ нын нæ разы кæны.

— Чызг та цæмæн ахæсты ис?

— Ком нын нæ дæтты.

— Мæ хатырæй сæ уæд та суадзут.

Еугуыппартæ ныххудтысты æмæ зæгъынц:

— Чи дæ? Куыннæ дæ зонæм?

Ахуы рамæсты ис, цилхъæй æртæ гуымир уæйыджы фыды бæттæнты æрхафта æмæ фæлыгтæ сты. Сæ хойы сын суагъта. Гуымир уæйгуыты хо ахæм уыди, æмæ йæ дæллагхъуырты æхсæн лæг йæхи уыдта, йæ цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ хауди, йæ цæстыты æрбакаст æхсызгондзинад лæвæрдтой зæрдæйæн, йæ мидбылты бахудтмæ цæстытæ сæхи æрныкъуылын нал уагътой.

Еугуыппартæ бæрц-бæрц уыдысты æмæ сæхи ныццавтой Ахуыйыл. Ахуы æртæ гуымир уæйыг æмæ уыдон фыдмæ дзуры:

— Цæугæ кæнут сымах, кæнут уæ чызджы дæр, æз дæр уæм зындзынæн, адон мæн бар уадзут.

Æртæ гуымир уæйыджы зæгъынц:

— Мах дæу иунæгæй нæ ныууадздзыстæм.

— Цæугæ кæнут уын загътон, æндæра уæ искæй ивддзаг цæф фæкæндзынæн.

Æртæ гуымир уæйыджы сæ хо æмæ сæ фыдимæ ацыдысты.

Ахуы райдыдта цæгъдынтæ гуымирты, йæхи комы ’рдæм сайгæ цыди, иу уынгæг ран цæхгæр лæуд фæкодта Ахуы æмæ сæ цилхъæй райдыдта цæгъдынтæ. Кæритæй срæдзæгъдтæ сты еугуыппарты мæрдтæ. Сæ туг цæугæдонау калди æмæ ласта мæрдты.

Суанг талынджытæм фæхæцыди Ахуы. Уæд изæрæй сæ хæцын ныууагътой, дыууæрдыгæй дæр æрлæууыдысты. Еугуыппарты хистæр зæгъы:

— Афтæ-ма бакæнæм. Ай Царциаты хуызон у æмæ ма ацы цилхъы æз федтон, уæд æй Царциатæй иу хаста æмæ нæ мыггагыскъуыд фæкодта, æмæ уый амарди, фæлæ ма сæ ай кæцы уыдзæни. Мах амæн ницы бакæндзыстæм тыхæй, фæлæ хинæй хъæуы архайын. Скъахут уæрм æмæ йæ мæнгæмбæрзт бакæнут, хæцгæйæ асайут, уый уæрмы ныххаудзæн æмæ йæ уæд амардзыстут.

Байхъуыстой еугуыппартæ сæ хистæры ныхæстæм. Талынджы скъахтой уæрм, бонæй та йемæ схæцыдысты æмæ йæ сæ фæдыл асайдтой. Ахуы хæцгæ-хæцын уæрмы ныххауди. Еугуыппартæ сцин кодтой æмæ загътой:

— Ныр нал фæцæудзынæ.

Ахуы ахъуыды кодта æмæ зæгъы йæхицæн: «Адоны хинæй куы нæ асайон, уæд сын иунæгæй ницы бакæндзынæн».

Ахуы уæрмæй дзуры:

— Ехх, сымахæй цы адæм ис. Сымах истæмæн куы уаиккат, уæд мемæ хъазынæй сфæлвæриккат.

Еугуыппартæ фæрсынц:

— Уагæры цы хъазт зоныс?

Ахуы та сæм дзуры:

— Стырдæр дуртæ мыл цæвут мæ сæрыл æмæ сæ æз тыппæл æхст [4] кæндзынæн.

Еугуыппартæ зæгъынц:

— Стыр дуртæй сæ быны ныммæлдзынæ, дзæгъæлæг [5].

Æртылдтой ставд дуртæ. Еугуыппартæ фехсынц дуртæ Ахуыйыл. Ахуы карды комæй дурты атæхын кæны æмæ сæ хæрдмæ ныззыввыт ласы. Дуртæ мигъты онг фæтæхынц æмæ нал фæзынынц. Диссаг касти Ахуыйы хъазт еугуыппартæм. Комы дур нал баззади, Ахуыйыл сæ ныккалдтой. Ахуы сæ æрдæг кодта, стæй мигъты онг зыввыт ласта. Чысыл фæстæдæр дуртæ их уарæгау ныггæр-гæр ластой æмæ еугуыппарты сæртыл пырх кодтой. Еугуыппартæй ахæм нал уыди, къокъоси [6] кæуыл нæ рацыди. Еугуыппартæ дурты цæфтæй лидзæг фесты. Ахуы фæцырд ис, уæрммæ цы дуртæ згъæлыдысты, уыдоныл сбырыди хæрдмæ. Ахуы расæррæтт ласта, йæ разæй та еугуыппарты скъуымбил кодта æмæ та талынгмæ фæхæцыдысты.

Æртыккаг бон ногæй фæфылдæр вæййынц. Зæронд еугуыппар азгъордта Царциаты бынатдзæгмæ, [7] ауыны уым Нагъуыллæйы æмæ йæм дзуры:

— Ды та ма кæдæм ирвæздзынæ?

Нагъуыллæ фæгæпп ласта, хæрыны сындзытыл арт афтауы æмæ сæ тæф Ахуыйыл аныдзæвди.

Нагъуыллæ райдыдта фæттæ уадзын зæронд еугуыппарыл. Иу фат зæронд еугуыппары цæстыл сæмбæлыди æмæ зæронд еугуыппар сохъхъырæй баззади. Зæронд еугуыппар Нагъуыллæйы йæ дæларт акодта æмæ йæ аскъæфта. Ахуы хæцгæ-хæцын рахаста еугуыппарты æмæ сæ айнæгмæ басайдта. Дзалабæттæн абыдта, бырцы тигъыл æй абаста æмæ айнæгыл ауагъта йæхи. Еугуыппартæ йæ расырдтой, кæрæдзи скъуырдтытæ кодтой æмæ айнæгæй хауын байдыдтой, комы та пырх кодтой. Ахуыйы хин нæ бамбæрстой еугуыппартæ.

Уæд комæй Нагъуыллæйы хъæр фæцыди. Ахуы дзалабæндæн фæлыг кодта, ратахти æмæ зæронд еугуыппарыл сæмбæлдис. Уым ын йæ къубалы сыскъуыдта, фехста йæ айнæджы сæрмæ. Еугуыппартæй ма чи баззади, уыдон сæ хистæры сæры къуыдыр куы федтой, уæд раздæхтысты.

Ахуы æмæ Нагъуыллæ сæ бынатдзæгмæ æрцыдысты, саджы фыдæй хорз сæхи федтой æмæ баулæфыдысты.

10. Ахуыйы ускуырд

Иу бон Ахуы æнкъардæй бады æмæ хъуыдыты ацыди. Нагъуыллæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, Ахуы, цæуыл æрæнкъард дæ?

— Æнкъард нæ дæн, фæлæ афтæ сагъæсты ацыдтæн.

— Уагæры цы сагъæсты ацыдтæ?

Ахуы бахудти, стæй зæгъы:

— Ныр дын æй куы зæгъин, уæд мыл худис.

— Кæд худæг уа, уыдоныл худдзынæн, кæннод цæуыл худон.

Æз бауарзтон æртæ гуымир уæйыджы хойы, æмæ дæм нæ уæндыдтæн, зæгъон æй, уый.

— Уым æвзæрæй ницы ис, нæдæр дзы худæгæй исты ис, æз дæр ыл фæцин кæндзынæн.

— О, фæлæ йæ кæд нæ радтой, уæд сæ æнæ быны цагъд нæ ныууадздзынæн. Кæд æй радтой, уæд та ууыл хъуыды кæнын, ацы халагъуды кæдмæ уыдзыстæм, кæдæм æй æрхондзыстæм.

Нагъуыллæ та зæгъы:

— Райсом хур цы дуртыл сæмбæла, уыдон æрæмбырд кæн æмæ сараз хæдзар.

Ахуы, райсом хур цы дуртыл сæмбæлди, уыдоны æппарын байдыдта йæ халагъуды цурмæ. Нагъуыллæ йын змæст аразта æмæ скодтой стыр быру. Самадтой авдбынатон гæнах æмæ йæ мидæг бацыдысты.

Дыккаг бон хо æмæ æфсымæр араст сты æртæ гуымир æфсымæр уæйыджы хæдзармæ. Къахон кусарт сын акодтой, хорз суазæг кодтой. Ахуы æфсармдзæджы бадт кодта.

Æртæ гуымир уæйыджы фыд æй хатын байдыдта æмæ фæрсы:

— Ахуы, ирвæзын нæ акодтай, цин дыл кæнæм, æмæ æфсæрмиаджы бадт цæмæн кæныс?

Нагъуыллæ йæ бæсты зæгъы:

— Ме ’фсымæр æнхъæлцау у, æфсæрмы раны йæхи æвæры уæ разы, кæд æй аккаг скæндзыстут, уæд.

Гуымир уæйгуытæ ницыуал загътой, бафидыдтой. Чындзæхсæв скодтой æмæ Ахуы æрхаста гуымир уæйгуыты хойы усæн.

Æртæ гуымир æфсымæры æмæ уыдон мад æмæ фыд лæвæрттæ фæкодтой Нагъуыллæйæн.

Ахуы æмæ Нагъуыллæ сæ ног чындзмæ сæ авдбынатон гæнахы æрæнцадысты.

Цыдысты бонтæ æмæ Ахуыйæн райгуырдис фондз фырты. Уыдон уыдысты: Суа, Едысо, Фарнæг, Хæтгар, Хъæлæг.

Фондз æфсымæры хъомыл кодтой Ахуы æмæ Нагъуыллæ æмæ æртæ гуымир æфсымæр уæйыджы æххуысæй. Адонæй равзæрдысты Царциаты фондз стыр сыхы.

11. Ахуыйы ускуырд (вариант)

Иу бон куы уыди, уæд дын æрæнкъард Ахуы йæхимидæг, бады æмæ хъуыдыты ацыд. Нагъуы йæ фæрсы:

— Цы кæныс, ме ’фсымæр, цæуыл æнкъард дæ?

— Цы кæнон, мæ хо, иунæг мах стæм æмæ сагъæсы бацыдтæн. Бинонтæ ’ркæнынафон мæнæн рагæй у, фæлæ кæй, ууыл хъуыды кæнын.

— Ау, уый чи уыдзæни, дæуæн чи нæ бакома?

— Æртæ гуымир æфсымæры хо Хуран у, уый мæ зæрдæйы баззади, — зæгъы Ахуы, ныр ыл сдзурин, фæлæ цы нæ ис, уæд та йæ нæ дæттынц.

— Ской æри у, хорзы сын бацыдтæ. Хорз лæг хæрзгæнæджы нæ рох кæны, иумæ йæм фæцæуæм усгур. О, фæлæ ацы халагъуды кæдмæ цæрдзыстæм. Райсом хур йæ тынтæ куы райтауа, уæд уыдоныл дуртæ кал æмæ дын хæдзарваг дур сæмбырд кæндзысты.

Ахуы райсомæй фестад, хур йæ тынтæ зæххыл æруагъта. Ахуы сæм дурæппарæн кодта йæ халагъуды цурмæ. Ахуы тынг бацин кодта. Авдбынатон аразын райдыдта æмæ скодта гæнах, бæрзонд быруимæ. Бафснайдтой йæ, ныссыгъдæг æй кодтой, стæй хо æмæ æфсымæр фæцыдысты усгур æртæ гуымир æфсымæры хомæ. Уыдон сæ хорз суазæг кодтой. Æфсымæрты фыд Хъæлæ хуынди, кæсы æмæ Ахуы нæ хæры, нæ дæр исты кæны. Хъæлæ фæрсы Нагъуыйы:

— Уæдæ де ’фсымæр куыннæ хæргæ кæны, куыннæ нуазгæ, æви нæ хæринагыл æввæрсгæ нæ кæны?

— Ой, цы загътай уый, — дзуры йæм Нагъуы, — ме ’фсымæр уæм хъуыддаг кæнынмæ æрцыдис, уæ чызджы уын куры.

— Оххай, уый æфсæрмаг нæу. Кæд бафидауæм, уæд нæ чи хъæуы Ахуыйæ хуыздæр. Раздæр уал чызджы бафæрсын хъæуы. Кæд уый ком ратта, уæд мах дæр разы.

Хъæлæ æрбакæнын кодта йæ чызг Хураны æмæ æртæ гуымиры. Фæрсы йæ фыртты:

— Ахуыйы зонут, усгур уæм æрцыди æмæ уæ фæндон зæгъут цыбырæй.

Æфсымæртæ зæгъынц:

— О, не сфæлдисæг, чи ма нæ хъæуы Ахуыйæ хуыздæр. Кæд нæ хойы дæттæм, уæд æрмæст Ахуыйæн.

— Цы зæгъы чызг та? — фæрсы Хъæлæ.

Хуран æм дзуры:

— Мæнæн мæ амонд, æвæццæгæн, Ахуы у, фæлæ еугуыппартæй мæн куыд бахиздзæн, уый ма куы зонин.

— Хъуыддаг чи кæны, уый амал дæр фæкæны, хос уыдзæни Хуранæн.

Бафидыдтой æмæ æркодтой Хураны. Авдбынатон гæнахы йæ æрцæрын кодтой. Цæрынтæ систой. Уæд иу бон Хуран дзуры Ахуымæ:

— Ахуы мын цæра, æруæззау кæнын, мæ гуыбыны сæвзæрди цæринаг гуырдтæ иу нæ, фæлæ фондз. Куы фæцæуис уæд дæхи ирхæфсынмæ фынддæс азы æмгъуыдмæ, æмæ-иу кæс дæ фондз æнгуылдзмæ, уый араздзысты дæ фырттæ дæр. Искуы искæй тыхсгæ куы фенай, кæнæ æххормагæй, уæд ын баххуыс кæн, цы æнгуылдзæй дын цæуа дон, уый-иу ын бадар, цæмæй бафсæда. Фынддæс азы фæстæ æрцагур дæ хæдзар. Ныр фен дæ хойы æмæ цу дæ балцы.

— О, ме стыр зæрдиаг Хуран, — зæгъы Ахуы, — ныр дæу иунæгæй куыд уадзон, уæд та тынг тыхсыс, кæнæ дыл мæ фæстæ тых цæуы, уæд чи уыдзæни дæ сæрыл дзурæг.

— Нагъуыимæ исты кæндзыстæм, фæлæ дæ цыд кæн, ам дæ æвгъæдгæсæй, мыййаг, нæ уромын мæхицæн. Кæд мыл тых цæуа, уæд мæ цæгатмæ хъусын кæндзынæн.

Ахуы ракодта Хураны ныхæстæ Нагъуыйæн. Нагъуы йæм дзуры:

— Ма тыхс, ме ’фсымæр, Хуран цух ницæмæй уыдзæн мæ удæгасæй.

Уæд Ахуы сбадти бæхыл, райста йæ цирхъ, йæ туас, арц, фатфындзтæ æд æрдын æмæ араст и балцы. Цæугæ размæ бæргæ кодта, фæлæ кæдæм, уый нæма зыдта, кæм-иу ыл баталынг, уым æхсæвиуат кодта, царди сырды фыдæй.

Уæд иу бон Хураны бæрæг кæнынмæ æрцыдысты йе ’ртæ ’фсымæры æмæ дзурынц Нагъуымæ:

— Мæнæ дын ефс бæх уадзæм, кæд исты уæззау кæна Хуран, уæд-иу бæхы идадзæй рауадз æмæ уæм зындзыстæм.

Æфсымæртæ ацыдысты. Нагъуыйæн уыдис гадза куыдз. Сниудта æмæ тыхсы. Нагъуы æмæ йæм Хуран кæсынц. Гадза зайын нæ фæрæзта. Йæ къæбылатæ гуыбыны хыл кодтой, нæ æз уал ахизон, цæмæй хистæр уон, ууыл уыдис сæ быцæу. Йæ сæр-иу чи радардта æддæмæ, уый-иу иннæтæ йæ къæдзилæй фæстæмæ баластой. Гадзайы гуыбынæй сæ рæйын цыди æмæ гадза тымбылтæ кодта. Хуран дзуры Нагъуымæ:

— О, уайых макуы фæуай, фæкæс гадзамæ, тæригъæдæй мары, уæд та мæныл дæр ахæм тыхстдзинад ис, уæд мæм афтæ кæсис.

— Уый цытæ дзурыс, Хуран, — зæгъы Нагъуы. — Гадза у гадза, адæймаг та адæймаг, дæхи куыд барыс ууыл. Уе ’хсæн хицæндзинад ис, уый нæ зоныс?

— Зонын æй, зонын, фæлæ гадза дæр лæгыл иузæрдыг вæййы, тæригъæд ын фæкæн.

Уæд Нагъуы бацыди гадзамæ, æрсæрфтытæ йæ кодта æмæ гадза ныййардта фондз къæбылайы. Гадза дæр фервæзт йæ зындзинадæй. Къæбылатæй сæ иу сау стъæлфимæ уыд, иннæ — бур стъæлфимæ, æртыккаг — урс стъæлфимæ, цыппæрæм гæрæмтæ уыди, фæндзæм — зыгъар.

Чысыл фæстæдæр ефс бæхы хуыррыт цæуын райдыдта, тыхсы, йæ зайынафон æрцыди æмæ нæ фæразы. Байрæгты уасын бæхы гуыбынæй хъуысы — «нæ, æз уал ахизон», æмæ нæ фидауынц. Сæ иу куы рацæйхизы гуыбынæй, уæд æй иннæтæ фæстæмæ баласынц йæ къæдзилæй. Хуран та дзуры Нагъуымæ:

— Фæкæс уыцы ефсмæ, бæх адæймагыл иузæрдион у.

— О, Хуран, æгæр мæллæг зæрдæйы хицау дæ, — зæгъы Нагъуы, — фосыл та цы тыхсыс.

— Уæд та уый раны æз дæн, уæд мæм афтæ кæсис, уый дæр тæригъæд у.

Нагъуы ефс бæхмæ бацыди, æрсæрфтытæ йæ кодта æмæ ефс ныййардта фондз байраджы: сæ иу — сау, иннæ — бур, æртыккаг урс, цыппæрæм — гæрæм æмæ фæндзæм — зыгъар.

Уæд схъæрзыдта Хуран йæхæдæг æмæ йæ гуыбынæй хыл хъуысы: «Нæ, æз хъуамæ ахизон раздæр», «Нæ, æз хъуамæ ахизон». Хураны гуыбыны сæвзæрди фондз сывæллоны, хъуамæ сæ ныййара, фæлæ нæ фидауынц, чи сæ раздæр райгуыра, ууыл. Хуран йæхи райваз-байваз райдыдта. Нагъуы йæм бацыдис æмæ æрсæрфтытæ кодта Хураны гуыбыны, афтæмæй райгуырдысты фондз фырты: сæ иу — саухил, дыккаг — бурхил, æртыккаг урсцъар, цыппæрæм — фидæрттæарæзт, фæндзæм — уæздæттæконд. Нагъуы зæгъы:

— О, хурты хурзæрин, мæнæ цы диссæгтæ уынын: иу бон мæ гадзайæн — фондз къæбылайы, ефсæн — фондз байраджы, мæ чындзæн — фондз фырты. Ныр Ахуы ацы хабар куы фехъусид, уæд æхсæв дæр нал æрхуыссид, фæлæ, тæхгæ маргъау, æртæхид.

Хуран дзуры Нагъуымæ:

— Æгæр бирæ рæстæджы йæ ауагътон, гуырдтæ хорз сты, фæлæ тæрсын еугуыппартæй, æвыд мæ нæ ныууадздзысты.

— Цы сæ тæрсыс, кæд сылгоймагимæ сæ сæр хæссой хæцынмæ, уæд сын худинаг уæд æмæ мыггагмæ æлгъыстаг фæуæнт, усы кæрдæны фæцæуæнт.

Рæзтысты къæбылайæ, байрагæй, ноггуырдæй, хъæлдзæг уыдысты Нагъуы æмæ Хуран дæр.

Иу бон Мамми рацæуы æмæ фены зæронд еугуыппары, фæрсы йæ:

— Цы кæныс, зæронд хæррæгъ, æви мæлæтæй фæтарстæ?

— О, уымæй дæр тæрсын хъæуы. Абон мæрдхæсгæ федтон æмæ сæ фæрсын: чи у, кæй хæссут, уый? Уыдон загътой: «Мард хæссæм!» Æз фæдисау дæн æмæ та сæ фæрсын: «Ау, лæг дæр ма мæлы!?» Уыдон зæгъынц: «Мæлы, мæлы, мæнæ нæ уыныс?» Гъемæ ме уæнгтæ æркалдысты, мæ тых æрсасти. Ацы хабар мæ тынг стæрсын кодта, фæлæ ма Царциатæй мæ маст куы райсин, цалынмæ нæ амардтæн, уæдмæ.

— Дæлæмæ фæуайа дæ равзæрæн бон, уæ сафæг дард балцы ис æмæ дын Хураны ахæссын æнцон у, цæмæ ма кæсыс? Нагъуыйы уын æз асайдзынæн фæсвæдмæ æмæ Хураны аскъæфут æд гуырдтæ, æд къæбылатæ, æд байрæгтæ. Фæйнæрдæм сæ фæхæссут æмæ сæ искуы аппарут, дзæгъæлсæфт фæкæндзысты. Цалынмæ Ахуы не ’рцыд, кæннод ницы уæ бон бауыдзæни.

Зæронд еугуыппар бузныг загъта Маммийæн æмæ сæхимæ æрцыди, дзуры еугуыппартæм:

— Не сафæг Ахуы ис дард балцы, хъуамæ фæцырд уæм æмæ авдиугæмæ [1] байсæм Хураны, Нагъуыйы Мамми асайдзæни.

Еугуыппартæ сцин кодтой, рацыдысты æрдзæтæй, [2] ссардтой Маммийы. Мамми еугуыппарты æрæмбæхсын кодта, йæхæдæг Нагъуыйыл бацыди æмæ бакодта:

— Пыф-пыф-пыф, ам цы дзидзалæ [3] кæныс дæхи, мидæгæй дæ аллон-биллоны тæф куы кæлы, кæм байраджы смаг, кæм къæбылайы æнуд тæф, кæм сывæллоны тæф, цом, æз дын лечъыр [4] фæуыдзынæн, хос дын авæрон, дард цæрæг нæ дæн, хос хæдзары апырх кæн æмæ дæ æнуд смаг мауал цæуа.

Нагъуы дзуры Хуранмæ:

— Тагъд дæм фездæхдзынæн, мацæуыл мын батыхс.

Нагъуы араст и Маммийы фæстæ, цыдысты ныхасгæнгæ, куыддæр фæаууон сты, афтæ еугуыппартæ Хураны раскъæфтой æд фырттæ, æд къæбылатæ, æд байрæгтæ. Ефс æмæ гадзайы мæнгагъуыстмæ бакодтой æмæ сыл арт скодтой, цæмæй басудзой, стæй алыгъдысты. Мамми хъуыддаг бамбæрста æмæ дзуры:

— Мæ цуры дæ хæдзары куы ницы смаг цыди, уæд цæй хус смаг цæуы ныр?

Нагъуы басмыста, цæхгæр фездæхти фæстæмæ æмæ фехъусы ефсы мыр-мыр, гадзайы хъыллист. Мæнгагъуысты дуар фегом кодта æмæ сæ æрдæгсыгъдтытæй раскъæфта. Азылди. Нал ссардта Хураны, нал лæппуты, нал байрæгты, нал къæбылаты. Ныссагъæс кодта æмæ зæгъы: «Уæдæ цы фæуыдаиккой? Ох, ныр Ахуы куы ’рцæуа, умын [5] цы зæгъдзæни!?»

Еугуыппартæ дард фæцыдысты: лæппутæй иуы æд къæбыла, æд байраг хурыскæсæны ныууагътой, иннæйы дæр афтæ хурныгуылæнмæ аппæрстой, æртыккаджы — цæгаты бæстæм, цыппæрæмы — хуссары бæстæм, фæндзæмы æртæ фæндаджы æхсæн ныууагътой, Хураны дарддæр ахастой.

Зæронд еугуыппар зæгъы:

— Мах Нагъуы афтæ нæ ныууадздзæни, фæлæ-иу зæгъут: «Ницы федтам!».

Еугуыппартæ Хураны фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндагыл бафтыдтой, стæй сæхимæ фæцыдысты. Уæд къæбылатæ сырдты ахстой, хъуазты-иу æркодтой æмæ сын се ’хсыр лæппутæ нуæзтой. Байрæгтæ сæ цуры хызтысты æмæ хæстæг никæй уагътой. Нагъуы фæцыдис Хураны цæгатмæ, уыдон дæр фæцагурырдтой, никуы ницы ссардтой. Æртæ гуымир æфсымæры фыд Хъæлæ зæгъы:

— Ацы фыдми еугуыппартæ ракодтой, фæлæ Ахуымæ фæбæрæг хъæуы.

Ахуыйы дæр агуырдтой, фæлæ йæ нæ ардтой.

Иу бон Хъæлæ рацæуы еугуыппарты зæххыл, æрталынг ис. Федта: еугуыппартæ цæуылдæр ныхас кæнынц хъæды мидæг. Хъæлæ сæм байхъуыста. Зæронд еугуыппар зæгъы:

— Рацыдис дæс азы, уыцы лæппуты бабæрæг хъæуы. Кæд амардысты, уæд хорз, кæд ма æгас сты — марын сæ хъæуы. Ахуы фондз азы фæстæ фæзындзæни, уымæн куы ницы фæразæм, уæд ма йæ фырттæн та цы нæ бон суыдзæни. Фынддæс азы куы сæххæст уой, уæд Хуранмæ бар ничиуал дардзæни æмæ нæхи бауыдзæни, æз уый тыххæй зæронд кæнын.

Хъæлæ сæхимæ ратындзыдта, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, æмæ сæ радзырдта Нагъуыйæн. Нагъуы йæ ефс бæхмæ æмæ гадзамæ базылди, сдзæбæх сæ кодта. Иу бон Хъæлæйæн зæгъы:

— Æз цæуын ме ’фсымæр Ахуыйы агурæг, сымах къуылымпы кæнут еугуыппарты, чи зоны, Хурзæрин æмæ Мæймарæмы фæрцы исты ссарон. Кæд фондз азмæ нæ зынон, уæд-иу Ахуыйæн зæгъут, кæй фесæфтæн. Кæд исты ссарон, уæд та уæм бæрæг кæндзынæн.

Сбадти Нагъуы ефс бæхыл, акодта гадзайы йемæ æмæ араст и. Хъæлæ æмæ йæ фырттæ-иу еугуыппарты фос ратæлæт кодтой, куы сын-иу сæ сывæллæттæй искæй бамбæхстой.

Нагъуы цæуы хурыскæсæны ’рдæм. Хур æм тын дары, цы фæндагыл хъуамæ цæуа, уымæ. Иу ран гадза йæ хъустæ фæджирд [6] кодта, схъырныдта, йæ къæбылайы тæфæй базыдта. Кæсы Нагъуы: къæбыла хъуаз æрбакодта, иу лæппу йын йе ’хсыр ацъырдта æмæ йæ ауагъта. Гадза йæ къæбыламæ бауади, цинтæ систой. Уæд ефс дæр бауасыди, байраг æй фембæрста æмæ йæм рауади, йæ мадыл тынг атыхсти. Нагъуы зæгъы:

— Мæнæ диссæгтæ уынын: ай мæ саустъæлф къæбыла куы у, ноджы мæ сау байраг, а лæппу дæр Хураны саухил лæппу у, фæлæ уæд иннæтæ кæм сты?

Саухил лæппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды нæ агурæг рацыдтæ, кæй агурыс, уыдонæй иутæ мах стæм.

Нагъуы йæ ахъæбыс кодта æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, бынсæфт нæ ма фæкæн, мæ хæдзары бындуры уал ссардтон.

Уыцафон Ахуыйы йæ хистæр æнгуылдз схордта æмæ дзы дон рамызти. Ахуы дис кæны æмæ зæгъы: «Ай ме ’нгуылдзæй цæй хиддон цæуы». Йæ разы иу зæронд лæг фæзынди æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæг куы фæкæнид, мæ ком ныссур и æмæ мæлын.

Хураны ныхæстæ Ахуыйы зæрдыл æрбалæууыди æмæ йæм йе ’нгуылдз бадардта: зæронд лæг æнгуылдзы хиддонæй йæхи хорз федта æмæ зæгъы:

— Дæ фæндаг дæхи фæндиаг, фæлæ дæ фæдзæхсын: уæхимæ цæугæйæ дыл цыфæнды маст æмбæла, дæхи-иу бауром, иу къухæй-иу иннæйыл ныххæц. Зон, уæд арфæйаг фæуыдзынæ.

Ахуы дæр ын бузныг загъта æмæ зæронд лæг дарддæр араст и.

Нагъуы ныр йæ фæндаг скодта хурныгуылæны ’рдæм, дзæвгар фæцыди. Иу ран та йæ гадза фæджирд ис æмæ та диссаг: иу къæбыла хъуаз æрбакодта бурхил лæппумæ. Уый йын йе ’хсыр ацъырдта æмæ йæ суагъта, хъахъхъæнгæ та йæ бур бæх кæны. Гадза та базыдта йæ дыккаг къæбылайы æмæ хъазынтæ, цинтæ систой. Уæд бæх дæр базыдта йæ байраджы æмæ кæрæдзийыл атыхстысты. Бурхил лæппу сыстади, кæсы Нагъуымæ: Нагъуы зæгъы:

— Мæнæ диссæгтæ, ай мæ бурхил къæбыла куы у, мæ бур байраг, ноджы лæппу дæр Хураны лæппу куы у. Уæдæ ма иннæтæ кæм уой?

Бурхил лæппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды кæй агурыс, уыдонæй иу та мах стæм.

Нагъуы йæ ахъæбыс кодта æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, бынсæфт нæ ма фæкæн, ай нæ хæдзары къулты дæр куы ссардтон.

Уыцы рæстæджы Ахуыйы амонæн æнгуылдз схъыдзы кодта æмæ дзы дон рацыдис. Ахуы дис кæны, зæгъгæ, ма искуы æнгуылдзæй дон цыди. Иу зæронд ус йæ разы фæзынди æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæг куы фæкæнид, мæлын дойныйæ.

Ахуыйы зæрдыл та æрбалæууыди Хураны фæдзæхст, йе ’нгуылдз усмæ бадардта æмæ хиддон банызта, зæронд ус зæгъы:

— Дæ хъуыддаг дæхи фæндиаг, фæлæ, уæхимæ здæхгæйæ, дæ зæрдыл дар: маст дын куы уа, уæд-иу дæхи фæуром æмæ арфæйаг фæуыдзынæ.

Хæрзбон загъта зæронд ус æмæ афардæг и.

Нагъуы дыууæ лæппуимæ, дыууæ байрагимæ, дыууæ къæбылаимæ рараст и цæгаты бæсты ’рдæм. Дзæвгар фæцыдысты, фæлæ та иу ран гадза цæмæдæр фæкомкоммæ ис. Нагъуы уыны: иу къæбыла хъуаз æрбакодта, иу лæппу йын йе ’хсыр ацъырдта, стæй йæ ауагътой. Нагъуы зæгъы:

— Мæнæ цы диссæгтæ уынын: адон мæ урс стъæлф къæбыла, нæ урс байраг, æмæ Хураны урсцъар лæппу куы сты.

Къæбыламæ гадза бауади æмæ кæрæдзийыл атыхстысты. Ефс дæр бауасыди байрагмæ æмæ йæм цингæнгæ рауади. Лæппу та Нагъуыйыл атыхсти æмæ йæм дзуры:

— Ды кæй агурыс, уыдонæй иутæ мах стæм.

Нагъуы йæ ахъæбыс кодта æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, бынысæфт нæ ма фæкæн, мæ хæдзары цар дæр фæзынди.

Уæд та уыцы заманы Ахуыйы йæ астæуккаг æнгуылдз схордта æмæ дзы дон ратагъди. Ахуы хъуыды кæны, зæгъгæ, ацы хабар кæмæн зæгъон, уый нæ бауырндзæни. Йæ цуры лæппулæг февзæрди æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæг куы фæкæнид, мæлын æнæ донæй.

Ахуы уымæ дæр йе ’нгуылдз бадардта. Уый хиддонæй йæхи хорз федта æмæ йын зæгъы:

— Дæ фæндаг дæхи фæндиаг уæд, хорз лæг, фæлæ дæ фæдзæхсын: уæхимæ цæугæйæ дыл маст куы сæмбæла, уæд-иу фидар фæлæуу æмæ арфæйаг фæуыдзынæ.

Афардæг и уый дæр. Нагъуы дæр та ссаргæ лæппутимæ рараст и хуссары бæстæм. Цасдæр фæцыдысты, фæллайгæ дæр кодта, фæлæ йæ фæллад ницæмæуал дардта. Иу ран æрулæфыдысты æмæ та гадза цæмæдæр фæджирд ис. Кæсы Нагъуы: иу къæбыла хъуаз æрбакодта, йе ’хсыр ын иу лæппу ацъырдта, стæй йæ суагътой, хъахъхъæнгæ та йæ гæрæм байраг кæны. Гадза базыдта йе ’ннæ къæбылайы æмæ хъæбыстæ систой, ефс дæр йæ байраджы базыдта æмæ йыл тыхсти. Нагъуы зæгъы:

— Мæнæ цы диссæгтæ уынын: ай нæ гæрæм къæбыла æмæ байраг куы сты, лæппу та — Хураны.

Фидæрттæарæзт лæппу дзуры Нагъуымæ:

— Ды кæй агурыс, уыдонæй иутæ мах стæм.

Нагъуы йæ ахъæбыс кодта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, бынтон сæфт нæ ма фæкæн, фæлæ мæ хæдзары æмбæрзæн дæр разынди.

Фæцинтæ кодтой кæрæдзийыл æмæ рацæуынц иумæ, æртæ фæндаджы кæм иу кæнынц, уыцырдæм. Уæдмæ та Ахуыйы æнæном æнгуылдзæй хиддон ратагъди. Ахуы йæ сæр ныууигъы, зæгъгæ, ай циу. Иу æрыгон сылгоймаг уым февзæрди æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæг куы фæкæнид, мæ ком дойныйæ ныссур и.

Ахуы йæм йе ’нгуылдз бадардта æмæ сылгоймаг йæхи хорз федта хиддонæй, стæй йын зæгъы:

— Дæ фæндаг дæхи фæндиаг, фæлæ уæхимæ цæугæйæ, масты куы бахауай, уæд-иу дæхи бауром, уæд арфæйаг фæуыдзынæ.

Ахуы дис кодта, Хуран мæ куыд зæндджын фæдзæхст бакодта, зæгъгæ.

Кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ фæхицæн сты.

Цæуы та Нагъуы дæр йе ’мбæлттимæ. Æртæ фæндаджы кæм сиу вæййынц, уыйонг æрбацыдысты æмæ та гадза цæмæдæр фæкомкоммæ ис. Нагъуы кæсы: иу къæбыла хъуаз æрбакодта, иу лæппу йæ ададта æмæ хъуазы суагътой, зыгъарных байраг та йæ хъахъхъæнгæ кæны. Гадза къæбылайы базыдта æмæ кæрæдзийыл сцин кодтой, ефс бæх дæр йæ байраджы базыдта æмæ кæрæдзийы дæлхъуыр атыхстысты, уæзданарæзт лæппу та Нагъуыйыл атыхсти. Нагъуы зæгъы:

— Мæнæ цы диссæгтæ уынын мæ фæндагыл: зыгъарных къæбыла æмæ байраг нæхи куы сты, уæдæ лæппу дæр Хураны лæппу куы у.

— Ды кæй агурыс, уыдонæй иутæ мах стæм.

Нагъуы та уый дæр ахъæбыс кодта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, сæфынæй нæ бахиз, фæлæ мæ хæдзары цард дæр куы ссардтон.

Фæцин та кодтой кæрæдзийыл, иумæ æрбадтысты ныр сæ фæллад суадзынмæ. Уæд та Ахуыйы кæстæр æнгуылдзæй хиддон рацыдис æмæ дис кæны, зæгъгæ, цы хабар у. Йæ разы саби февзæрди æмæ йæм дзуры:

— Хуыцау дæ донзонæг куы фæкæнид, мæ фыдыхай, мæ ком ныссур Хураны ныхас та Ахуыйы зæрдыл æрбалæууыдис æмæ сабийæн зæгъы:

— Дæ фыды фæндиаг у, фæлæ мæнæ мæ кæстæр æнгуылдзæй бануаз дон.

Саби дæр Ахуыйы кæстæр æнгуылдзæй хиддон банызта йæ фаг. Уæд æм саби дзуры:

— Дæ фæндаг дæхи фæндиаг, фæлæ, уæхимæ цæугæйæ, исты масты хаудзынæ, дæхи-иу бауром, фыдбылыз ма сараз, арфæйаг уæд фæуыдзынæ.

Хæрзбон загъта саби æмæ афардæг и. Ахуы хъуыды кодта:

— Ай мын саби дæр зондамонæг куы ссис.

Саби уыди хæрз бæгънæг, фæстейæ йæ расырдта æмæ йæм дзуры:

— Фæлæуу-ма, хъæбул!

— Цы мæ кæныс? — фæрсы саби.

— Чи дæ, уый мын уæддæр зæгъ, цæмæн афтæ бæгънæг дæ?

— Дæ диссæгтæ фæстæдæр сты, базондзынæ мæ.

Ахуы тынгдæр ныхъхъуыды кодта, стæй зæгъы:

— Оххай, кæдæм ма дарддæр цæуон, ай диссæгтæ мæ фæстæмæ фæндагыл куы сты, уæд ма мæ сæр сафынмæ кæдæм цæуын. Мæ фынддæс азы æрæввахс сты, никуы никæй федтон ацы фондз удгоймагæй дарддæр, никæй сæ бахъыгдардтон, сæ дойны сын мæ тугæй басастон, аздæхон мæ хæдзармæ. Цалынмæ нæхимæ хæццæ кæнон, уæдмæ мæ фынддæс азы дæр сæххæст уыдзысты. Кæм ис мæ хо Нагъуы? Мæ диссаджы Хуран? Кæд ын сывæллæттæ ис, уæд сæ чи дары? Кæм сты Хъæлæ æмæ йе ’ртæ фырты? Кæд сыл исты æрцыд?

Раздæхти фæстæмæ Ахуы.

Нагъуы дæр баулæфыди, стæй рараст сты, фæлæ катай кæны Нагъуы. Гадза йæ бамбæрста æмæ йæ фæрсы:

— Цæуыл ма сагъæс кæныс, Нагъуы? Кæй агуырдтай, уыдон ссардтай: лæппуты, байрæгты, къæбылаты.

— Уыдон бæргæ ссардтон, фæлæ кæм ис Хуран? Ахуы куы ’рцæуа, уæд ын цы зæгъдзыстæм. Науæд лæппутæ, æфсымæртæ сты, уый нæ зонынц, кæд хъазгæ иумæ кæнынц, уæддæр.

— Цалынмæ сын сæ мады не ссарæм, — зæгъы гадза, — уæдмæ уыдон кæрæдзи нæ бамбардзысты. Мадæн йæ алы хъæбул дæр зындгонд у, мæнæ кæсыс мæнмæ, куыд базыдтон мæ къæбылаты, науæд ефс бæх куыд базыдта йæ байрæгты. Уæд та уал сын сæхи бафæрс сæ мадæй.

Нагъуы лæппуты фæрсы:

— Уæ мады уæ чи зоны?

Уыдон зæгъынц:

— Нæ мад ды дæ, ды нæ рæвдауыс.

Нагъуы ахъуыды кодта: «О, фыдыхойæ мады ад цæуы».

Æрцыдысты сæ бæстæм. Нагъуы Хъæлæ æмæ уый фырттæм фехъусын кодта. Уыдон дæр сæм æрцыдысты, тынг фæцин кодтой, фæлæ сын зын уыдис æнæ Хуран. Нагъуы зæгъы Хъæлæ æмæ уый фырттæн:

— Цæуын ногæй балцы, хъуамæ ссарон Хураны, ме ’рцыдмæ уæ фæдзæхст адон.

Дыккаг бон Хураны агурæг рараст и Нагъуы.

12. Ахуы æмæ йæ фырттæ

Уæд дын Ахуы сæхимæ тындзын райдыдта æмæ йыл иу ран æрталынг и. Цъус æрулæфыди, афтæ йыл сæмбæлд сылгоймаджы цъæхахст. Цъæхахст кæцæй фæцыди, уыцырдæм бацыд æмæ уыны диссаг: еугуыппартæ иу усы тухæнæй марынц, йæ риутæ йын дæйынц, стæй йын бæлæгъы ссадызмæст æркæнынц æмæ йын æй бахæрын кæнынц. Ахуы сæ фæрсы:

— Уæ, уайых фæуат, чи у ацы сылгоймаг, уагæры цы кодта?

Еугуыппартæ йæм дзурынц:

— Сылгоймаг карз у, уый мæт нæ кæны, сæрæй нæ, фæлæ йæ зæнæгдонæй хъуыды фæкæны.

Ахуы та сæ фæрсы:

— Уый цытæ дзурут, сылгоймаджы уарзт хуры ’рбакаст у, æви нæ зонут: «Дæ усæй буц дæ, уæд æй хъуа [1] уарзай. Фыруарзты нысан — æппынæдзухæй мыдадзау тайай».

Еугуыппартæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ дзурынц Ахуымæ:

— Ды-иу дæ уарзты мыдадзау байтау, мах æй нæ тауæм.

Фæхæцыдысты уыцы сылгоймагыл æмæ афардæг сты. Ахуы хъуыды кæны: уæдæ чи уыдаид уыцы тæригъæддаг, еугуыппартæ афтæ тынг кæй æфхæрынц?

Цæуы дарддæр йæ фæндагыл, æмæ та йыл дыккаг ран æрталынг и. Зæгъгæ, æрулæфон, æмæ та хъусы сылгоймаджы цъæхахст. Фæуади та Ахуы уырдæм æмæ уыны диссаг: еугуыппарты аджал [2] иу сылгоймагæй хынджылæг кæнынц, куы йын йæ сæр хæрдмæ фæкæнынц, куы — уырдыгмæ, йæ риутæ йын адæйынц, стæй йын ссадызмæст тæгæнайы æркæнынц, бахæрын ын æй кæнынц. Ахуы та сæм дзуры:

— Уæ, уайых фæуат, фос уын куы нæ у, сылгоймаг куы у, цы кодта уагæр?

Еугуыппартæ зæгъынц:

— Хæйрæгæй сæвзæрд сылгоймаг-хъарæг, рагæй фæстæмæ æппæт лæгтæн дæр ссис уый марæг.

Ахуы йæ сæр батылдта, ныууагъта сæ æмæ зæгъы йæхицæн: «Чи зоны, ацы сылгоймаг азымджын у еугуыппартæм, мæнг нæ акæнынц афтæ: хи уды уарзыс, уый у фыдæбойнаг, фæлæ хъуа зонай, лæгæн йæ сафæг кæй у сылгоймаг».

Цæуы Ахуы, уæддæр сылгоймаг йæ цæстытæй нæ хицæн кодта. Æртыккаг хатт дæр ыл æрталынг ис æмæ бæласы бын улæфы. Хъусы, ногæй та сылгоймаджы цъæхахст. Ахуы та йæм фæцыди, кæсы æмæ еугуыппартæ иу сылгоймаджы уæлгоммæ æрæвæрдтой, йæ риутæ йын дæйынц, стæй йын ссадызмæст бæлæгъы æркæнынц æмæ йын æй бахæрын кæнынц. Ацы хатт дæр сæм Ахуы дзуры:

— Ай æмæ цы стут, сылгоймаджы хъизæмарæй куыд марут, цæмæн æй бæгънæг кæнут?

Еугуыппартæ зæгъынц:

— Ус у фæлитой цыфæнды кары. Лæджы сусæгæй йæ хорз лымæнæн вæййы йæ разы. Цы у худинаг — нæ зонынц сылтæ, фæлæ лымæнтыл сæ лæгты ’вастæй æруадзынц уырзтæ.

Ахуы та сæм ницы сдзырдта, уыдон усы дарддæр аскъæфтой. Ахуы хъуыды кæны: «Уæд та Хуранæн ахæм ми чындæуы, уæд æй йæ лæг куыд бардзæни?» Цæуы дарддæр æмæ та йыл цыппæрæм æхсæв æрталынги иу доны был. Зæгъгæ, æрулæфон, æмæ та йыл сылгоймаджы цъæхахст ссыди. Йæ бæрæг кæнынмæ та фæцыди Ахуы. Уыны: иу сылгоймаджы еугуыппартæ бæгънæгæй кæрæдзимæ раппар-баппар кæнынц, йæ риуты æхсыр ын дæйынц, стæй йын ссадызмæст бæлæгъы бахæрын кæнынц. Ахуы сæм дзуры:

— Фæхатыр кæнут уыцы сылгоймагæн, дарæс ыл уæддæр скæнут.

Уыдон зæгъынц:

— Ус йæ фæдджитæ хъил куы фæдары, уæд хъуамæ зонай: йæ мид-зæрдæйы уый кæйдæр дары. Иугæр базыдта ус дæ сусæг дзырд — скæн уæд саутæ, уымæн æмæ, дам, уый у мардæрцыд.

Ахуы та сыл нытту кодта æмæ ацыди дарддæр, йæхæдæг дæр чемы [3] нал уыд. Цæуы, тырны йæ хæдзармæ æмæ та йыл æрталынг, афынæй уон, зæгъгæ, фæлæ та фехъусы усы цъæхахст. Йæ фенынмæ фæцыд, уыны: еугуыппартæ иу усы риутæ бадæйынц, райваз-байваз æй кæнынц, стæй йын ссадызмæст бæлæгъы бахæрын кæнынц. Ахуы хъуыды кæны: «Кæнæ ацы ус тæригъæды бацыд, кæнæ йæ ракурæджы уарзгæ нæ кæны». Дзуры еугуыппартæм:

— Цæй, фæндзæм хатт уæм дзурын æмæ йæ ныууадзут мæн тыххæй. Нæ зонут: сыл фæлмæнзæрдæ, æлгъитаг, сау цъаммар, иу фæрæдыдыл ус куы басæтта — мауал кал азар».

Еугуыппартæ йæм дзурынц:

— Мæгуыр у ахæм, йæ уарзт чи сафы. Сылы куы фæнда, йæ лымæныл уæд йæ буар хафы. Сылы цæстытæ фæливæг-кæсæг цыфæнды лæгæн — худинаг æмæ мæлæт æрхæссæг. Усы уарзт кæны лæджы хуыдонмæ. Чи йыл баууæнда, уымæн йæ фæстаг цæуы зындонмæ. Нæй сылыл æууæнк, уарзы бибитæ. Зон, лымæн уарзаг, искæй лæвары исы цинимæ.

Ахуы сыл йæ къух ауыгъта æмæ араст и йæ фæндагыл. Еугуыппартæй иу зæгъы:

— Ай Ахуыйы хуызæн у, фæлæ лидзæм, йæ фынддæс азы æрцæуынц.

Раскъæфтой дарддæр Хураны — ахæст усы, æмæ фæлыгъдысты. Йæ бæстæм æрбахæстæг, ауыны фондз лæппуйы байраг-бæхтыл бадгæ, бæхдугъ уагътой, уæхски-уæхск хæцыдысты, фæлæ сæ ничи æмбылды кодта. Сæ хъазт куы фесты, уæд зæгъынц:

— Абон уал æгъгъæд фæуæд, сом та ахъаздзыстæм.

Лæппутæ сæ хъазын ныууагътой æмæ æрцыдысты Нагъуымæ.

Зæгъынц уымæн:

— Райсом быцæухъазт кæндзыстæм.

Нагъуы сын сразы ис. Дыккаг бон æрцыдысты хъазынмæ. Ахуы сæм аивæй кæсы. Лæппутæ бæхтыл бадынц, бæхтæ зæвæтдзагъд [4] систой, цъмæхид [5] кæнынц. Кæрæдзийыл бæхтæ батæрынц, фæлæ сæ ничи рахауы. Фесты хъазт æмæ сæ иу ауыны Ахуыйы, фæрсы йæ:

— Нæ хъазт дæ зæрдæмæ куыд цæуы?

— Тынг хорз, — зæгъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Зонæм, — зæгъынц лæппутæ, — уый та райсом кæндзыстæм.

— Бакæсдзынæн та уæм.

Лæппутæ рацæуынц æмæ Нагъуыйæн зæгъынц:

— Абон иу лæг нæ хъазтæй раппæлыди. Райсом дæр та цæуæм.

Дыккаг бон дæр та лæппутæ хъазынмæ æрцыдысты. Ахуы дæр тагъд нал кодта сæхимæ, йæ бæстæйы зыдта, йæ цæст ыл хаста. Лæппутæ фатæй æхст самадтой, цæст нæ ивгъуыдтой. Бирæ фæхъазыдысты æмæ лæппутæй дыккаг Ахуыйы фæрсы:

— Куыд дæм фæкасти нæ хъазт?

— Хуыздæр зæгъæн нæй, — зæгъы Ахуы, — арвыл маргъ тæхын нæ бауадздзыстут. Исты хъазт ма зонут?

— Зонæм, зонæм! — фæхъæр кодтой лæппутæ, — уый та райсом кæндзысгæм.

— Хорз, бакæсдзынæн та уæм, — загъта сын Ахуы.

Лæппутæ сæхимæ æрцыдысты æмæ Нагъуыйæн зæгъынц:

— Абоны хъазт дæр та уыцы лæджы зæрдæмæ фæцыди æмæ та нæм райсом кæсдзæни.

Æртыккаг бон ноджы лæппутæ хъазынмæ ацыдысты. Цирхъæй хъазынтæ систой, сæ арæхстдзинадмæ сын хæлæг кодта Ахуы. Дзæвгар хъазты фæстæ æртыккаг лæппу фæрсы Ахуыйы:

— Ацы хъазт та куыд фæцыди дæ зæрдæмæ?

— Хорз хъазт у, — зæгъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Куыннæ зонæм, — зæгъынц лæппутæ, — райсом дæр нæм бакæс.

Лæппутæ сæхимæ æрцыдысты, Нагъуыйæн зæгъынц:

— Уыцы лæджы зæрдæмæ нæ абоны хъазт дæр фæцыдис æмæ та сом дæр махмæ кæсдзæни.

Цыппæрæм боны дæр хъазынмæ ацыдысты лæппутæ. Райдыдтой хъазын арцæй. Ахуы сæм касти æмæ сыл дис кодта, уæдæ сæ чи сахуыр кодта, зæгъгæ. Уыдон фаг фæхъазыдысты, фæлæ сæ ничи æмбылды кодта. Уæд цыппæрæм лæппу фæрсы Ахуыйы:

— Куыд дæм фæкасти нæ хъазт?

— Куыдæй хуыздæр, — зæгъы Ахуы, — исты хъазт ма зонут?

— Зонæм, фæлæ йæ райсом фендзынæ. Мах бон иу хъазт фæкæнæм æрмæст.

— Хорз, бакæсдзынæн та уæм.

Лæппутæ та сæхимæ ацыдысты æмæ Нагъуыйæн радзырдтой, зæгъгæ, та сæ абоны хъазт дæр уыцы лæджы зæрдæмæ фæцыди æмæ та нæм ноджы кæсдзæни. Нагъуы хъуыды кодта, уæдæ чи у уыцы лæг, кæд, мыййаг, Ахуы у, уæд хæдзармæ цæуылнæ цæуы?

Фæндзæм бон лæппутæ фестынц, хъазынмæ фæцыдысты æмæ райдыдтой сæрæй гуыпп кæнын сæ кæрæдзи. Ничи састи, фырытау сæ гуыпп хъуысти. Фаг фæхъазыдысты, стæй фæндзæм лæппу Ахуыйы фæрсы:

— Хорз хъазт акодтам?

— Тынг хорз хъазт акодтат, — зæгъы сын Ахуы, — фæлæ ма уæм исты хъазт ис, уæд æй зæгъут?

— Нырма æндæр ницы сахуыр стæм, — зæгъынц лæппутæ, — ацы хъæзтыты йеддæмæ.

— Уæдæ-ма, цæй, мемæ сæвзарут радыгай уæ хъæзтытæ. Нырма уал бæхыл хъазтæй бавзарæм, чи уæ хуыздæр у, уый рацæуæд мæ ныхмæ.

Лæппутæй иу рахызт. Ахуы æмæ лæппу кæрæдзимæ бæхтæ баскъæрдтой. Лæппу ехс куы фæхъил кодта, уæд ын йæ цонг Ахуы сцавта æмæ ехс Нагъуыйы кæрты бамидæг ис æмæ дурдзæджындзыл атыхсти. Лæппу фембылди. Ахуы та зæгъы:

— Ныр та уæ хуыздæр фатæхсæг рацæуæд.

Дыккаг лæппу рахызт, фат суагъта Ахуыйыл, фæлæ уæдмæ Ахуыйы фат лæппуйы фаты фæстæмæ аскъæфта æмæ Нагъуыйы уæлкъæсæр ныссагъди. Уый дæр фембылди. Ахуы та зæгъы:

— Цирхъæй уæ хуыздæр чи хъазы, ныр мæм уый рахизæд. Æртыккаг лæппу рахызти, цирхъ хæрдмæ куыд фæкодта, афтæ йæ Ахуы йæхи цирхъæй сцавта æмæ лæппуйы цирхъ Нагъуыйы кæрты зæлланггæнгæ бамидæг и. Ацы лæппу дæр фембылды ис. Ахуы зæгъы:

— Арцæй уæ хуыздæр чи у, ныр та уый рахизæд. Цыппæрæм лæппу рацыд, фæлæ йын йæ арц хъазгæ-хъазын Ахуы сриуыгъта. Арц атахти æмæ Нагъуыйы кæрты ныффидар. Фембылды ис уый дæр. Ахуы зæгъы:

— Сæрæй уæ хуыздæр чи хæцы, ныр та уый рахизæд мæ ныхмæ.

Фæндзæм лæппу рахызти, сæ сæртæ кæрæдзимæ бахастой Ахуыимæ. Ахуы йæ ахæм цæф скодта, æмæ лæппуйы такахуд атахти, Нагъуыйы кæрты бамидæг и. Уый дæр фембылды. Лæппутæ Ахуымæ дзурынц:

— Афтæ нæ кæм рамбылдтай, уым цом немæ, фен нын нæ цард.

— Ацæут уал сымах, æз дæр уæм зындзынæн, — зæгъы Ахуы. Лæппутæ сæхимæ æрцыдысты, куыддæр кæртмæ бахызтысты, афтæ сæм Нагъуы рауади æмæ сæ фæрсы:

— Ардæм цæмæн æхстат, кæмæн йæ худ ам ис, кæмæн йæ цирхъ, кæмæн йæ фат, кæмæн йæ ехс, кæмæн йæ арц?

Уыдон зæгъынц:

— Уыцы лæг нæ рамбылдта.

— Чи зоны, уый Диу [6] у, мыййаг?

— Ахæм бæргæ нæу, фæлæ нæм æрцæуинаг у.

— Хорз, баулæфут уал, стæй куы ’рцæуа, уæд ын исты кæндзыстæм. Æвзæр уæ бæргæ нæ сахуыр кодтон, фæлæ æз сылгоймаг дæн. Уæ фыд уæ куы зонид, уæд уæ уый хуыздæр сахуыр кæнид.

Лæппутæ баулæфыдысты, Нагъуы се ’хсæн схуыссыди. Сæ тарф фынæйыл уыдысты, уæд сæм Ахуы фæзынди, бахызти кæртмæ, йæ бæх æрбаста æмæ кæсы: Нагъуы фондз лæджы æхсæн хуыссы. Кæрты бæхтæ дæр фондз æмæ сæ къæбылатæ хъахъхъæнынц. Ахуы дис кæны:

— Ай цы диссаг у, мæ хо Нагъуы фондз лæгæй смой кодта?

Арц систа, а ныр æй ныррæхойа, афтæ йæм куыдз Мура дзуры:

— Ма ныццæв, Ахуы, уыдон дæ фырттæ сты. Ахуыйы цурмæ Мура рауади æмæ йæ Ахуы фæрсы:

— Ау, кæд мæ фырттæ сты, уæд мæм цæуылнæ сыстынц?

— Нырма дæ нæ зонынц.

— Уæд Хуран та кæм и?

— Еугуыппартæ йæ фæхастой æмæ ууыл сагъæс кæнынц. Нагъуы дæр дæм æнхъæлмæ кæсы.

Ахуы арц æруагъта, Мурайыл бацин кодта, стæй зæгъы:

— Оххай, мæ фæндагыл фондз хатты сæмбæлдтæн еугуыппартыл, уыдон иу усы тухæнæй мардтой æмæ æцæг Хураны хуызæн уыдис, мæнæ мын куыд аирвæзтысты. Фæлæ фондз хатты фæдзæхст уыдтæн, цæмæй мæ маст бауромон.

— Уый Маммийы аххосæй уыдис, хорз дыл æрцыдис хъæбулты ’рдыгæй, — зæгъы куыдз Мура, — фæлæ дын маст ис Хураны ’рдыгæй, дарддæр цы хъæудзæни, уый дæхæдæг зондзынæ. Бадзур дæ хоимæ, Нагъуыимæ, æмæ кæн дæ хъуддаг.

13. Нагъуы балцы

Нагъуы лæгдарæс скодта, бæхыл сбадти æмæ Ахуыйы каистæн фæдзæхсы:

— Уæ хæрæфырттæм уæ хъус фæдарут, кæд Ахуыйы искуы ссарин. Цæуын балцы. Кæд афæдзмæ æрцæуон — хорз, кæд нæ, уæд зæгъдзыстут Ахуыйæн, кæй йæ агуырдтон æмæ кæй байсæфтæн. Араст и балцы: кæсы æмæ иу ран авд уæйыджы быцæу кæнынц æмæ нæ фидауынц. Нагъуы сæм хъусы. Уæйгуытæй иу зæгъы:

— Лæджы базындæн хъæуы стыр тых. Хъуамæ йæ хатай, цы у йæ хъару, цы у йæ ныфсдзырд.

Дыккаг уæйыг дæр зæгъы:

— Лæг стыр дуне у, кад æмæ йын цыт! Хур æм цард хæссы, зæххæй сой исы, мæйæ у рæвдыд.

Æртыккаг уæйыг дæр дзуры:

— Лæгау лæг уый у, йæ бæстæ æгæрон чи бауарздзæни, цæмæй сыгъдæгæй хæсса йæ цæсгом.

Уæд цыппæрæм уæйыг зæгъы:

— Хицæй чи ’ппæлы — мæлæты бæгъа [1], дæхи фæстæ дар, цалынмæ дæуæй хорз ничи зæгъа.

Фæндзæм уæйыг дæр зæгъы:

— Лæджы кæд уарзыс — арфдæр æй бамбар, цаудзыд [2] кæд федта, уæд ыл æцæгæй дæ зæрдæ бадар.

Уæд æхсæзæм уæйыг зæгъы:

— Кæм ма ис лæг та? Хуыцау мах дары туацъæйы [3] хæрз бын, мæгуыр Царциаты фыдудæй мары.

Æвдæм уæйыг дæр зæгъы:

— Лæгау фæлæууæм, скæнæм залдзæг [4], кæннод худинаг. Скæудзæни ныл цæрдудæй уалдзæг.

Нагъуы сæм бацæуы æмæ сæ фæрсы:

— Уæ, уæйгуыты стыр мыггаг, уый бæрц уæ хорзæх мæн куы уаид, æмæ мын куы зæгъиккат, цæуыл быцæу кæнут? Чи уæ хъыгдары?

Уæйгуытæ мидлæуд фæкодтой, комхæлиуæй бакастысты Нагъуымæ æмæ йæ фæрсынц:

— Кæцæй цæуæг дæ? Кæдæм цæуæг дæ? Куы нын æй зæгъис.

— Æз дæн цæуæнты цæуæг, хæтæнты хæтæг. Æз агурын ме ’фсымæры. Кæд исты федтат, исты фехъуыстат, уæд мын æй зæгъут. Ныр фæндагыл авдиугæйы дæн, никæуыл æмбæлын, никæй уынгæ кæнын. Сымах федтон, æмæ ай цы бæстæ у, цавæр у?

Уæйгуытæ зæгъынц:

— Ай у мах бæстæ, не ’муæйгуытæй хъодыгонд стæм, хибарæй цæрæм. Æнæуый ницы фехъуыстам, ницы. уынгæ фæкодтам. Æрмæст нын уыдис хо. Моймæ йæ радтам æмæ сæгъы цæфæй амарди, нæ ныхас дæр ууыл у.

— Ау, сæгъы цæфæй куыд амардаид? — фæрсы Нагъуы, — уæ хойы уын куыд амардта?

— Нæ хо чындзы фæцыдис еугуыппармæ, — зæгъынц уæйгуытæ, — фосæй сæм уыди иунæг сæгъ, сæ дарæг уыди, нæ йæм сиахс зылди, нæ йæм нæ хо касти. Уæд бадзырдтой афтæ: сæгъы раззаг хай уæд еугуыппары, сæгъы фæстаг хай уæд нæ хойы. О, фæлæ еугуыппар сæгъæн хæрын нæ уагъта æмæ дзырдта: «Æхсыр кæмæн кæныс, уый дын хæрын кæнæд». Сæгъы дзых разæй ис, йæ фæстаг æрдæг куыд хъуамæ бахæра. Иу бон нæ хо хæринаг лæвæрдта сæгъæн. Уый йæ сæр фæхъил кодта, йæ сион [5] нæ хойы тæны фæцавта æмæ амарди. Ныр не сиахсыл тæрхон кæнæм æмæ йæ куыд амарæм, ууыл у нæ дзырд.

— Уæд уæ сиахс та кæм ис? — фæрсы сæ Нагъуы.

Уæйгуытæ йæ бæстытæй æрбакодтой. Еугуыппар дзуры Нагъуымæ:

— О, арвæй æрхаугæ адæймаг, фервæзын мæ кæн, мæ цард дæу уыдзæни, кæд дын феххуыс уаин.

Уыцы ныхæстæм уæйгуыты хистæр арц фæхъил кодта еугуыппармæ, йæ кæрон Нагъуыйы худы былыл сæмбæлди æмæ худ зæхмæ æрхауди. Се ’ппæт дæр æм фæкастысты, Нагъуыйы рæсугъддзинадæй фæуадзгуытæ сты æмæ уæйгуытæ зæгъынц:

— Нæ хо амарди, уый бæрц дæ хорзæх нæ куы уаид æмæ нæ иуæн куы бакомис, уæд нæ хойы мæт дæр нал æркæниккам.

— Йæ хойы сылыстæгыл чи ивы, уымæй цæй адæймаг ис!

— Нæ, арвы рæсугъд, зæххы фидыц, уæд та нын нæ хойы бынаты балæуу.

— Уый дæр нæ уыдзæн. Мæнæн ис æфсымæр, æз уый агурæг зилын, мой кæнынмæ мæ нырма не ’вдæлы.

Еугуыппар æм дзуры:

— Дæу æнгæс лæджы æз федтон иу ран, цыди йæ бæстæм. Бирæ рæстæджы æддæ чи фæхатти, ахæм уыд.

Уыцы ныхæстæм уæйгуытæ еугуыппары æрбамарынц. Нагъуыйæн хъыг уыди, æххæст нæ базыдта Ахуы цы бæсты уыди, æмæ уæйгуыты азымы бын фæкодта. Уæд иу уæйыг зæгъы:

— Бахатыр нын кæн, фæлæ нæ хойы мæстæй нæхи нал баурæдтам.

Нагъуы сæм дзуры:

— Сымах ныхас куы кодтат, уæд уæм æз хъуыстон. Уæ иу дзырдта, зæгъгæ, лæджы базындæн стыр тых хъæуы, уæд уæ сиахсы цæуылнæ базыдтат раздæр, цæмæн æй мардтат?

Фыццаг уæйыг зæгъы:

— О, нæ йæ базыдтам, чи зоны йæ æнаххосæй амардтам. Хатыр нын бакæн æмæ мæ мард хойы номæй курын: баком мын, хæсдзынæн дæ мæ армы.

Нагъуы та зæгъы:

— Уе ’ннæ куы дзырдта, зæгъгæ, лæг стыр дуне у, хур, зæхх, мæйы фæрцы цæры адæймаг, кæд уый зонут, уæд сын кад æмæ цыг цæуылнæ кæнут, уæ сиахсы амарыны бæсты?

Дыккаг уæйыг æм дзуры:

— О, нæ йæ базыдтон, хатыр дæ курын. Мæ хойы маст мæ тыхджын сфыхта, куы мын бакомис, уæд уый марды æрбайрох кæнин.

Нагъуы та зæгъы:

— Æндæр та уæ афтæ дзырдта, зæгъгæ, лæгау лæг уый у, йæ бæстæ æгæрон чи уарзы. Бæстæйы мидæг не ’ппæт дæр стæм æмæ, йе сиахсы чи амардта, уымæн ма цæй цæсгом ис?

Æртыккаг уæйыг дзуры:

— О, ма мæ бафхæр. Ды дæ хуры скасты хуызæн, фæлæ дæ курын, баком мын æмæ мæ æрбайрох уыдзæн мæ хойы стыр маст.

Нагъуы та дзуры:

— Уæдæ уæ иу афтæ куы дзырдта, зæгъгæ, хицæй æппæлын худинаг у, исчи дæ хъуамæ раппæла, уæд уый кæд зоны, уæд йе сиахсы цæуыл мардта, худинаг нæ уыд?

Цыппæрæм уæйыг æм дзуры:

— О, ныххатыр мын кæн, ацы рæсугъд уд, æз фæрæдыдтæн мæ хойы масты тыххæй, мæ маст æрцæуид, куы мын бакомис, уæд.

Нагъуы та дзуры:

Уæдæ уæ иу куы дзырдта, зæгъгæ, лæджы кæд уарзыс, уæд ыл дæ зæрдæ дар. Цы диссаг уыди, сиахсы уарзыс æмæ йæ амар, уымæй цæй лæг ис?

Фæндзæм уæйыг дзуры:

— О, ныххатыр мын кæн ме ’нæрхъуыды ми. Куы мын бакомис, уæд мæ ме стыр фыд æрбайрох уаид, о дунейы рухс!

Нагъуы ногæй фæрсы:

— Ноджы ма уæ иу дзырдта, зæгъгæ, лæг та ма кæм ис, туацъæйы бын нæ Хуыцау куы дары, уæд Хуыцауимæ цæуылнæ дзырдта, йе сиахсы куыд мардта?

Æхсæзæм уæйыг дзуры:

— О, хурты рухс хур! Ма мæм фæхъыг у, мæ мæстытæ æрбайрох кæнин, ком мын куы раттис, мæ хойы дæр уæд нал æрымысин.

Нагъуы та уæддæр зæгъы:

— Ноджы уæ иу афтæ куы дзырдта, зæгъгæ, залдзæг скæнут, кæннод — худинаг. Ау æмæ залдзæджы тыххæй сиахсы мардæуы?

Æвдæм уæйыг зæгъы:

— О, зæгъæн кæмæн нæй, уыцы диссаджы рæсугъд! Хатыр дæ курын, куы мын бакомис, уæд мæ маст æртаид, мæ мард хойы дæр æрбайрох кæнин.

— Сымах авдæй дæр дзурут æнæ раны, — зæгъы сын Нагъуы, сиахс адджын у, кæд амарди, уæддæр уал аххосаг сбæрæг хъуыди, сылгоймаджы дзырдыл æххæст нæй æууæндæн, æз дæр искæмæй смой кæндзынæн.

— Оххай, хурæнгæс, — зæгъынц уæйгуытæ, — кæй нæ æвзардзынæ дæхицæн?

— Сымахæй никæй. Раздæр мæм ме ’фсымæры чи ’ркæна, уымæй смой кæндзынæн.

Уæйгуытæ зæгъынц:

— Де ’фсымæры агурæг мах ацæудзыстæм, æрмæст нын зæгъ, не ’рцыдмæ нæ фыдмæ баззайдзынæ?

Баззайдзынæн, — зæгъы Нагъуы.

Уæйгуытæ авдæй Ахуыйы агурæг фæцыдысты. Нагъуы баззади сæ зæронд фыдмæ, æмæ йын зæгъынц:

— Ацы адæймаг дæумæ уыдзæни не ’рцыдмæ, мах ын хъуамæ ссарæм йе ’фсымæры.

Авд уæйыджы фæцыдысты Ахуыйы агурæг.

Уæд зæронд уæйыг фæрсы Нагъуыйы:

— Уæдæ кæцæй цæугæ дæ?

— Æз цæуын Царциатæй! — зæгъы Нагъуы.

— Оххай, уыдон кой æрыхъуыстон, фæлæ-ма мæм дæ цонг æрбадар. Царциаты тугстæг æз цонгæй рахатын.

Нагъуы йæм йæ цонг бадары, уый йæ æрысгæрстытæ кодта æмæ зæгъы:

— Ох, цæй туг хъазы де уæнгты, раст ивылд донау, туг де уæнгты уайы. Чысыл сылдзæф дæ, фæлæ дыл уæддæр нæлгоймаг райы.

Нагъуы йын зæгъы:

— Сылгоймаг дæн мæхæдæг дæр, фæлæ нæлгоймагæй æдыхдæр нæ дæн. Зæгъ-ма мын, баст цæмæн дæ?

— Уымæй мæ ма бафарстаис. Уыныс, цы авд уæйыджы дæ æркодтой, уыдон мæ фырттæ сты. Уыдон де ’фсымæры не ссардзысты, фæлæ куы æрыздæхой, — сау бон дыл кæндзæн.

Зæронд уæйыг донмæ æргуыбыр кодта, йе ’взаг доны стылдта æмæ йæ сдæры, йæ сæр бахойы æмæ дзуры:

— Ахриман [6], æрхау дæлæмæ, хъаймæт скæн, цæмæй ауадзай мæн мæлæтмæ.

Нагъуы йæ фæрсы:

— Цæмæн афтæ тынг тыхсыс, мæ фыдыхай? — О, мæ хъæбул, уыныс баст дæн. Мæныл мæ ус рацыди фæлывдæй. Уарзта мæ уæдмæ, цалынмæ мæ фырттæ схъомыл сты. Ус сæм æвзаг хаста, йæхæдæг та сусæг лымæн дардта æмæ, цыфæнды фæуа, сылы бафæндыд, — цæудзæн лымæнмæ, дæу та бакæндзæн æгомыг царæфтыд. Гъемæ мæн царæфтыд фæкодта. Уæд мæ усы уæхстыл бакодтон æмæ йæ æрдæгфыхæй бахордтон. Уыныс, мæ фырттæ мæн бастæй дарынц. Хорз бакæнис, райхал мæ, стæй мæ фырттæй мæ маст райсин. Ды мæ гæнахы сæрмæ схиз. Уыдон иумæ зындзысты æмæ-иу фатфæдис æртæ хатты сæ размæ фехс, стæй сæрибар уыдзынæ.

Нагъуы зæронд уæйыджы йæ бастæй суадзы, гæнахы сæрмæ схызти, хъахъхъæны. Уæд суыдта рыг сыстгæ æмæ дзуры зæронд уæйыгмæ:

— Æбузылд [7] хабар мæ хъустыл уайы!

— Уæдæ сын сæ размæ фатфæдис æртæ хатты ауадз.

Нагъуы фатфæдис æртæ хатты ауадзы, сæмбæлынц авд уæйыджы раз, уыдон ратындзынц. Зæронд уæйыг сæм рацæуы стыр дзамбыхимæ [8]. Йæ фырттимæ схæцы, дзамбыхæй сæ кæй фæцæф кæны, уый авд мусуаты фæстæмæ фæтæхы. Авд æфсымæры æртыхстысты сæ фыдыл. Нагъуы сæм кæсы: фырттæ сæ фыдмæ дæндагæй лæбурдтой, фыд та йæ фырттæм лæбурдта дæндагæй. Кæрæдзи фыдтæ стонынц æмæ сæ хомæй хæрынц. Зæронд уæйыгæн йе стæгдар сзынди. Нагъуы уый куы федта, уæд æрхызти, йæ бæхыл абадт æмæ зæгъы:

— Адон кæрæдзи афтæ кæм хæрынц, уым мæн дæр хæрдзысты æмæ лидзон.

Нагъуы ралыгъди. Зæронд уæйыгæн ма йе стæгдар аззади, уыйонг æй бахсыдтой, сæхицæн та се стджытæ разындысты, стæй æрхауынц æмæ мæлынц. Сæ иу зæгъы:

— Ох, нæ фыд, хъæбулхор!

Уый йæ сæр дурыл ныццæвы æмæ амæлы. Иннæтæ дæр æй бафæзмыдтой æмæ бабын сты, сæ фыды стæгдарыл ныххаудтой.

Нагъуы æрыздæхти сæхимæ, цы федта, уый радзырдта Ахуыйы каистæн. Уыдон зæгъынц:

— Æлгъыст уыдысты Хуыцауæй уыцы авд æфсымæры, æппынфæстаг се сæфт æрцыди æмæ сæ уæйгуыты мыггаг дæр фервæзти.

Нагъуы дæр нал цыди балцыты, фæлæ æнхъæлмæ касти Ахуымæ.

14. Ахуыйы лæппуты нæмттæ

Царциаты Ахуы-иу йæ лæппутæй искæмæн «цу-ма» куы кодта, уæд-иу æм дзырдта: «Лæппу, дæлæ-ма уый рахæсс», «Лæппу, дæлæ-ма уый æрбадав», «Лæппу, уæлæ-ма уый æрдæтт»…

Иуæн-иу «цу-ма» куы загъта, уæд-иу фондзæй фестадысты сæ бынæттæй, фондз дæр лæппутæ уыдысты.

Иу бон Нагъуы зæгъы:

— Дæ фырттыл нæмттæ сæвæр, нæмттæ.

— Уыдоныл нæмттæ ахæмтæ хъуамæ сæвæрой, — зæгъы Ахуы, — хорзыл сæ чи бафтауа, кæнæ сæ хорздзинад кæй бафæнда.

— Омæ сæ уæд та кæнгæ искуыдæм акæн, ам сæ армадард [1] цы кæныс. Хæдзары сæрой [2] дæхæдæг дæ, чи зоны, сæ исчи хъулан [3] фырт рауайа.

Ахуы сразы ис Нагъуыйы дзырдыл æмæ йæ фырттимæ рараст и. Фæндагыл сæм хур худгæ кодта, мæй кæсгæ. Æрбахæццæ сты иу къуылдымы бынмæ. Ахуы зæгъы:

— Æрулæфæм уал ам.

Æрулæфыдысты. Ахуы хъуыдытæ кæны: «Алкæмæ дæр ис цыдæр миниуæг, цымæ мæ фырттæм та цавæр миниуджытæ ис?» Уæд æй лæппутæ фæрсынц:

— Нæмттæ ныл цæуылнæ ис, нæ фыд?

— Нæмттæ æвæрджытæ дæр уæм фæзындзæни æмæ арфæгæнджытæ дæр.

Уæд кæсынц æмæ æрбацæуынц: зæронд лæг зæронд усимæ, æвзонг лæг æвзонг усимæ æмæ сывæллон. Уыдон дæр æрулæфыдысты æмæ кæсынц Ахуыйы фондз фырты хъæзтытæм. Сæ хъæр ссæуы: «Нæ, æз хистæр дæн», «Нæ, æз дæн хистæр». Афтæмæй абыцæу вæййынц.

Ахуы сæм дзуры:

— Фæйнæ фаты фехсут, æмæ кæй фат цы миниуæгмæ æрцæуа, уымæ гæсгæ уæд йæ ном дæр.

— Æвдисæнæн нын чи уыдзæни? — фæрсынц лæппутæ.

— Æвдисæн скæндзыстæм уæртæ уыцы бæлццæтты.

Ахуы æрбакодта бæлццæтты æвдисæнæн. Лæппутæ сæ фæттæ фехстой æмæ сын Ахуы зæгъы:

— Чи куыд раздæр æрцæуа йæ миниуæгмæ, афтæ йын йæ ном æвдисæнтæ ратдзысты æмæ йын арфæтæ дæр ракæндзысты.

Лæппутæ сæ фæтты фæдыл азгъордтой. Иу лæппуйæн йæ фат сæргæхцы ныффидар ис æмæ йæ афтæмæй æрбахаста. Ахуы зæронд лæгмæ бахатыд:

— Амæн фæу ды фæндонзæгъæг.

Зæронд лæг фат æд сæргæхц райста æмæ лæппуйæн арфæ кæны:

— Суинаг дæ, кады сæр су, кадимæ цæрæг фæу æмæ дæ ном «Суа» хуыйнæд.

Уыйадыл Суа ссис хистæр æфсымæр.

Уалынмæ дыккаг лæппу дæр фæзынд, йæ фат цармыл фæфидар, афтæмæй.

Ахуы зæронд усæн зæгъы:

— Амæн та ды зæгъ дæ фæндондзинад.

Зæронд ус райста фат цармимæ æмæ зæгъы:

— Царм уæлæдарæс у, царм фос дарынц, уыдон фарнхæссæг сты æмæ дæ ном «Фарнæг» хуыйнæд, дыккаг хистæр фæу.

Уыйадыл дыккаг лæппуйы хонын райдыдтой Фарнæг.

Уæдмæ æрбахæццæ ис æртыккаг лæппу дæр, йæ фат æрбахаста сыджыты губаккимæ. Ахуы æвзонг лæгæн зæгъы:

— Амæн та ды фæу фæндонзæгъæг.

Æвзонг лæг райста фат сыджыты губаккимæ æмæ зæгъы:

— Сыджыт адæмы дарæг у. Гъенырмæ дæ тых нæ басасти æмæ дæ ном «Едыссæ» фæуæд, зæхджын æмæ хорджынæй уæд дæ цард.

Уæдæй фæстæмæ æртыккаг лæппу Едыссæ хуынди.

Фæзынд цыппæрæм лæппу дæр, йæ фат дуры сагъд, афтæмæй. Ахуы дзуры æвзонг усæн:

— Амæн та ды фæу фæндонзæгъæг.

Æвзонг ус райста фат дуримæ æмæ зæгъы:

— Нырæй фæстæмæ дурау фидар фæу, хæтгæ-агур цард кæндзынæ æмæ дæ ном уæд «Хæтгар».

Хæтгар цыппæрæм хистæр бацис. Уалынмæ фæзынди фæндзæм лæппу, йæ фат хус хæтæлы фидар, афтæмæй. Хæтæлыл цæхгæр куы хæцыди, уæд æхситт кодта, размæ йыл куы хæцыди, уæд та уасгæ кодта. Ахуы сывæллонæн зæгъы:

— Амæн та ды фæу фæндонзæгъæг.

Сывæллон фат райста хус хæтæлимæ æмæ зæгъы:

— Кæстæр æфсымæр фæу иннæтæн, кæстæр адджын куыд у, уымæй фæцæр семæ дæ ном «Уадæг» хуыйнæд, дæ цагъд уадындзæй уæд, дæ зард дæ хъæлæсæй, адæмы зæрдæтæн æхсызгондзинад дæтт нырæй фæстæмæ.

Фæндзæм æфсымæры ном Уадæг баци.

Ахуы зæгъы:

— Уæ, мæ хорзæмбæлджытæ, ахæм хорздзинæдты фæстæ фысым стæм.

Уыдон зæгъынц:

— Мах стæм ахæм адæм, ды кæй зоныс æмæ ды кæй нал зоныс, ацы хатт сæмбæлдыстæм æмæ дæм фысым дæр æркæндзыстæм, диссæгтæ фæстæдæр сты.

15. Ахуыйы фырттæн лæвæрттæ

Ахуы æмæ йæ фырттæ иуахæмы рацæуынц иумæ. Амбæлынц сыл зæронд лæг, зæронд ус, æрыгон лæг, æрыгон ус æмæ бæгънæг лæппу. Ахуы йæ мид-зæрдæйы дзуры:

— Оххай, адон хуызæн адæм ма кæддæр федтон.

Нал сæ хъуыды кодта. Кæрæдзийæн салам радтой, æрбадтысты иумæ, ныхас сын бацайдагъ ис. Зæронд лæг дзуры Ахуымæ:

— Тылег [1] лæг мæ ма ранхъæл, фæлæ адон дæ фырттæ сты?

— Мæ фырттæ сты, — зæгъы Ахуы.

— Хуыцау дын сæ зынданæй [2] бахизæд, фæлæ æнæус сты? — фæрсы зæронд ус.

— Нырма æнæус сты, — зæгъы та Ахуы.

— Мæ арфæ мын сынг бузныгмæ [3] ма айс, хорз лæг, — зæгъы æрыгон лæг, — фæлæ сын цардæмбæлттæ хъæуы.

— Мæхи дæр бæргæ фæнды, — зæгъы Ахуы, — лæг цъус цæры.

— Хуыцау сын пысмел [4] сылы къах ма раттæд, — зæгъы æрыгон ус, — фæлæ сын амонды къах фæуæд.

— Лæппуты амондæн æз хос бæргæ зонын, — зæгъы бæгънæг лæппу, — фæлæ сын лæвæрттæ хъæудзæни каисты ’рдыгæй.

— Амонды хос куы зонис, — зæгъы Ахуы, — уæд уал дæ уæлæ дарæс скæнис.

— Мæ дарæсы сконд дæуыл баст у.

— Гæр, дæ разы азымджын цæмæй дæн?

Уæд зæронд лæг зæгъы:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æви нал зоныс, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ хистæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон.

— Цы хорзы мын цæуыс?

Зæронд лæг æй дурты цæндмæ бакодта Ахуыйы æмæ дуртæ базмæлыдысты, стæй бæхдзоджи [5] фестадысты дуртæ. Зæронд лæг зæгъы:

— Уæртæ зыгъар бæхы бар сæ уадз, уый дын сæ æркæндзæни уæхимæ. Уый дын мæ лæвар.

Ахуы дисы бацыди. Зæронд ус æм дзуры:

— Ахуы, куыд тагъд мæ ферох кодтай, дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ амонæн æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон.

— Цы хорзы мын цæуыс?

Зæронд ус Ахуыйы уискъутæртæм бакодта. Къутæртæ базмæлыдысты, стæй фосдзоджи [6] фестадысты, сæ цуры дзуарка [7] сæгъы ауыдтой æмæ зæронд ус зæгъы:

— Дзуаркайы бар уадз фосдзоджийы, уый дын сæ уæхимæ æркæндзæни. Гъе уый дын мæ лæвар.

Ахуы ноджы дисы тынгдæр бацыдис. Уæд æм æрыгон лæг бацыди æмæ йæм дзуры:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ астæуккаг æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон.

— Цы хорзы мын цæуыс?

Æрыгон лæг æй нæудзарм фæзтæм бакодта, нæудзарм фæзтæ сæхимидæг базмæлыдысты æмæ хоры быдыртæ фестадысты. Æрыгон лæг зæгъы:

— Гъе уыдон дын мæ лæвар, сæ хъахъхъæнæг дæхæдæг у.

Ахуы ныддис кодта, уæдæ нæудзарм фæзтæ хоры быдыртæ куыд фестадысты. Уæд æм æрыгон ус бацыдис æмæ йын зæгъы:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, де ’нæном æнгуылдзæй мын дон куы дардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хорзы цæуын.

— Цы хорзы мын цæуыс?

Æрыгон ус Ахуыйы бакодта сау дурмæ. Дур йæхимидæг базмæлыди æмæ диссаджы цирхъ фестади, æрыгон ус æм дзуры:

— Гъе уый дын мæ лæвар, æхсæв æрттивгæ кæндзæни, боны дын дæ фыдгулы маргæ кæндзæни.

Ахуы тынгдæр ныддис кодта, дур цирхъ куыд фестади, ууыл. Бацыдис æм бæгънæг лæппу æмæ дзуры:

— Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын ды дæ кæстæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон.

— Цы хорзы мын цæуыс?

— Ам мæм фæлæуу, — загъта бæгънæг лæппу æмæ азгъордта, æрбакодта фондз рæсугъд чызджы, кæсæнтæ сæм нæ уыди. Бæгънæг лæппу дарæсы февзæрди æмæ зæгъы:

— Адон сты мæ фыдыхотæ, æвзонг лæг æмæ ус сты мæ мад æмæ мæ фыд, зæронд ус æмæ лæг та мæ фыды ныййарджытæ сты. Мах стæм иу бинонтæ. Еугуыппартæй тарстыстæм ацы чызджытæн, ныр дæумæ куы цæрой, уæд сын тас нал уыдзæни уыдонæй. Гъе уый дын мæ лæвар.

Ахуы тынг джитæнтæ кодта, фæцин сыл кодта æмæ зæгъы:

— Уæ лæвæрттæ хорз сты, фæлæ ныр мæ фырттæ чызджытыл куыд фидаудзысты, уый дæр мын зæгъут?

Лæппу зæгъы:

— Алкæмæн ис йæхи миниуæг, чызджытæ уын сæхæдæг амондзысты.

— Хорз, уæдæ сæ сфæлварæм.

Чызджытæй иу рацыди размæ æмæ зæгъы:

— Уæртæ уыцы хъæды иухатт мæ кæрдæн [8] аззади, чи мын æй раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн.

Ахуыйы фондз фырты хъæдмæ ауадысты, рацагур-бацагур систой æмæ йæ Суа ссардта, æрбахаста йæ. Ахуы зæгъы:

— Уæдæ ды фæу Суайы бинойнаг.

Дыккаг чызг рахызти æмæ зæгъы:

— Уæртæ уыцы пыхсыты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ æрбахæсса, уый уыдзынæн.

Цыппар лæппуйы адугъ кодтой, Фарнæг æй ссардта æмæ йæ æрбахаста, Ахуы зæгъы:

— Ды та Фарнæджы бинойнаг фæу.

Æртыккаг чызг рацыди æмæ зæгъы:

— Дæлæ уыцы хæмпæлты иухатт мæ кæрдæн ферох и, чи йæ раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн.

Æртæ лæппуйы азгъордтой, рацагур-бацагур фæкодтой æмæ йæ Едыссæ ссардта. Ахуы зæгъы:

— Ды та Едыссæйы бинойнаг фæу.

Цыппæрæймаг чызг рахызти æмæ зæгъы:

— Уæлæ уыцы къутæрты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ раздæр æрхæсса, уый уыдзынæн.

Дыууæ лæппуйы азгъордтой, рацагуырдтой йæ æмæ йæ Хæтгар ссардта, æрбаскъæфта йæ æмæ Ахуы зæгъы:

— Ды та Хæтгары бинойнаг фæу.

Уæд иннæ чызг рахызти æмæ зæгъы:

— Мæнæй никуы ницы ферох и, фæлæ мæ кæд исчи йæхи хоны, уæд æз та уый уыдзынæн.

Ахуы зæгъы:

— Уæдæ ды та мæ кæстæр фырт Уадæджы бинойнаг фæу.

16. Ахуыйы мæлæт

Еугуыппартæ сæ маст нæ уагътой Царциатæн. Тынгдæр смæсты сты уый тыххæй, æмæ сæ хистæр мард кæй æрцыди.

Ахуы зыдта, еугуыппартæ йæ нæ ныууадздзысты, уый.

Иу рæстæджы еугуыппартæ зæдæ-зæдæтæй [1] æрымбырд сты æмæ рабырстой Царциатæм. Ахуы зæгъы йæ усæн:

— Акæн сывæллæтты æмæ дæ цæгатмæ цæугæ, адон мæ бар уæд. Мæ хо дæр ацæуæд демæ.

Авдбынатон гæнахы авдæрдæм фатæхсæнтæ скодта Ахуы, æрбахизæны йæ цилхъимæ æрбадтис.

Еугуыппартæ уыйбæрц бирæйæ æрбафсæрстой, æмæ сæ кæроныл цæст не ’ххæсти. Ахуы сæ æрбауагъта хæстæгмæ, авдæрдыгæй фæттæ ауадзы, дуары æрбацæуæны сыл цилхъæй схæцыди. Еугуыппарты сæртæ гуыртæй тахтысты, тæгъзы зæйау сæ туг фæстæмæ ласта. Ницы тых ардтой Ахуыйы марынæн. Уæд дын быруйыл уасинтæ авæрдтой æмæ хæрдмæ бырыдысты. Ахуы уасиныл ахæцы æмæ та афæлдæхынц.

Авд боны фæхæцыди Ахуы еугуыппартимæ, фат æм нал баззади. Бамбæрста йæ фæстаджы бон æмæ сфæнд кодта æргомæй рацæуын. Дуары фегом кæны æмæ сыл цилхъæй ралæууыди, фæлæ чъылдымæрдыгæй чидæр сбырыди æмæ сусæг æхст арцæй Ахуыйы фæкодта. Ахуы дæр базыр-зыр кодта. Йæ тæвдæй ма райдыдта хæцын. Хъæды æхсæнты йæ чъылдым ахаста, размæ хæцгæ кодта, фæстæмæ та цæугæ. Иу бæрзондмæ схæццæ ис æмæ дурты цур æрбынат кæны, фæстаг хæст ма скæны, фæлæ арцы цæф риссын байдыдта. Арцы сисын нæ фæрæзта æмæ йæ туг æнæвгъауæй акалдис, йæ тыхтæ æрсастысты æмæ йæ сæры бахаста дурмæ. Дурыл йæ сæры фырыцæф фæкодта. Дардмæ ма фехста йæ цилхъы, стæй уæд йæ уды систа.

Ахуы кæм амарди, уым сындзын арт скодтой еугуыппартæ æмæ дзы Ахуыйы басыгътой. Уыйадыл абон дæр уыцы бæрзонд Ахуыйы бынат хуыйны, кæнæ ма йæ хонынц Ахуыбат [2] дæр.

Сындзыты арты тæф сæмбæлди Нагъуыллæйыл, дуармæ рауади æмæ Ахуыйы цилхъ йæ размæ æрхауди.

Нагъуыллæ бамбæрста Ахуыйы хабар æмæ зæгъы йæ чындзæн:

— Ме ’фсымæры хабар хорз нал у, хъуамæ йæм фæцæуон бæрæггæнæг.

Чындз зæгъы:

— Ма ацу, уæд æз дæр демæ цæуын.

Гуымир уæйгуытæ загътой:

— Уæдæ мах дæр уемæ цæуæм.

Нагъуыллæ æмæ йæ чындз йæ фондз фыртимæ, æртæ гуымир æфсымæры, сæ мад æмæ сæ фыдимæ, рацыдысты æмæ æрæнцадысты Ахуыйы скæнгæ авдбынатон стыр гæнахы.

Еугуыппарты мæрдтæй нал уыди бацæуæн.

Нагъуыллæ зæгъы:

— Æз хъуамæ мæрдты æхсæн ссарон ме ’фсымæры марды.

Йемæ æртæ гуымир уæйыджы рацыдысты æмæ йын йæ иу къабаз сыгъдоны ссардтой. Ахуыйæн ма йæ иу къабаз æнæсыгъдæй аззади, уымæй базыдтой Ахуыйы сæфты. Уым зæппадз скодтой, сыгъдоны дзы бавæрдтой æмæ цонджы къабазы та зæппадзы дуарыл хъилæвæрд ныккодтой.

Афтæ фæцис Ахуыйы цард.

17. Царциаты Нагъуæ

Царциатæй иу хæдзары райгуырдис чызг æмæ йæ схуыдтой Нагъуæ. Нагъуæ ахæм рæсугъд уыди æмæ дзы хур æмæ мæйтæ кастысты. Нагъуæ схъомыл ис, фæлæ йæ йæ фыд Цæрдзо никæмæн лæвæрдта чындзы.

Нагъуæ зæгъы йæ фыдæн:

— Ауадз мæ æртæ боны æмгъуыдмæ балцы.

Цæрдзо йæ ауагъта. Цæуы Нагъуæ æмæ йыл æнусон цъити залты митимæ кæм æрæнцади, уым æрулæфыди. Иуахæмы арвы дуар фегом вæййы æмæ бæстæ лæсæнтæ кодта. Нагъуæ нæ фæтарсти, фæлæ йæ цыд дæр нæ уадзы. Бахæццæ ис цъитидоны тæдзæнмæ. Уым цъитийы сæрыл ауыдта дыууæ лæппуйы. Уыдон та уыдысты хъæдласæны [1] цæрæг уæйыг Быраны фаззон фырттæ: Хъалтан æмæ Быртан. Дыууæ фаззоны тæвд кодтой æмæ цъитидонмæ сæ дзыхтæ сарæзтой æмæ йæ дадтой, стæй та-иу цъитийы тъæпæн ихфæзыл уæхсгуыпп [2] кодтой, куы та цъитийы фæзгъæртæ [3] скъуыдтой æмæ сæ кæрæдзийыл цавтой.

Уæд та лæппутæ Быраны фазæттæ Хъалтан æмæ Быртан иуахæмы ихфæзгъæртæ кæрæдзийыл ныххуырстой. Ихтæ лыстæг пырх æмæ къæрттытæй фæхаудтой æмæ дзы иу къæртт Нагъуæйы ныхыл сæмбæлди.

Нагъуæ фæхъæр кодта:

— Амардтат мæ!

Фазæттæ фæсæццæ сты, [4] ауыдтой Нагъуæйы æмæ йæм æруадысты. Нагъуæйыл фæхæцыдысты, сыстын æй кодтой, фæрсынц æй:

— Кæцæй цæуыс?

— Царциатæй цæуын.

— Уæдæ иумæ азилæм.

Ацыдысты. Уæд хохы къахырыл саг ралыгъди æмæ йæ æмæхст фæкодтой æртæйæ. Саг коммæ асхъиудта æмæ йæм уыдон уырдæм æрцыдысты. Федтой йæ. Хъалтаны фат сæмбæлди саджы раззаг галиу къахы сæфтæгыл, быртаны фат сæмбæлди саджы фæстаг галиу къахы сæфтæгыл. Нагъуæйы фат сæмбæлди саджы тæккæ ныхыл. Кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой дыууæ фаззоны:

— Ацы саг Царциаты у, махæй йæ уый хуыздæр фæцæф кодта.

Саг баззади Нагъуæйæн. Кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ Нагъуæ сæхимæ æрцыди, лæппутæ та — сæхимæ.

Дыккаг бон Быранæн йæ фырттæ зæгъынц:

— Царциатæй чызг федтам æмæ йæ хъуамæ нæ иу æрхона.

Фыд зæгъы:

— Царциатæ зындзырд сты æмæ уын не сразы уыдзысты.

— Ууыл мах дзурдзыстæм.

Быраны дыууæ фаззоны æрцыдысты Царциатæм æмæ Цæрдзойæн зæгъынц:

— Дæ чызджы нын хъуамæ раттай.

Нагъуæйы фыд Цæрдзой загъта:

— Йæхи йын бафæрсут, сымах дыууæ стут, уый та иу, цы зæгъа чызг, ууыл разы дæн.

Дыууæ усгуры Нагъуæйы фæрсынц:

— Махæй кæмæн бакомдзынæ?

— Тахой хъугомы [5] стыр хохæй рагæпп ласут æмæ дарддæр чи ахауа, уымæн бакомдзынæн.

Хъалтан æмæ Быртан Тахойхъугомы стыр хохмæ сбырыдысты. Хъалтан фыццаг рагæпп ласта æмæ æрдузы фæзæн йæ астæумæ æввахс сæмбæлдис æмæ ма ныр дæр дзыхъхъæй лæууы. Быртан рагæпп ласта æмæ ивазны бæрц раздæр сæмбæлдис. Уый бынат дæр дзыхъхъæй баззадис. Уæд сæм Нагъуæ дзуры:

— Фæзы фаллаг кæронмæ уæ ничи ахауди сымахæй. Цæй усгуртæ ис, æз зонын ахæм усгуры, дарддæр чи агæпп ласы.

Уыдон зæгъынц:

— Уæдæ ма йæ рагæпп кæнын кæн.

Нагъуæ, Царциатæй æппæты мæгуырдæр чи уыди, уый ракодта æмæ зæгъы:

— Мæн уæйгуыты усгуртæ æнæхæсгæ нæ фæуыдзысты, фæлæ ма ды рагæпп кæн.

Царциаты æппæты мæгуырдæр Тахойхъугомы бæрзæндæй рагæпп ласта æмæ уæйгуытæ кæм фæдзыхъхъытæ кодтой, уыдон сæрты дæр атахти, æртæ ивазны æддæдæр сæмбæлдис, фæлæ йæ зæнгтæ зæххы асагъдысты. Хæрдмæ ма йæхи бæргæ фехста, фæлæ йæ ныхы дурмæ бахаста æмæ дзыхъмард фæцис.

Уый фенгæйæ Царциатæ æмæ уæйгуытæ хорзау нал фесты. Усгуртæ аздæхтысты. Царциатæ сæ марды бавæрдтой, фæлæ хæрам кастæй уæйгуытæм.

Уæйгуытæ зыдтой сæ адзал æмæ сæхи хъахъхъæнынæн амал агуырдтой.

18. Царциатæ æмæ уæйгуытæ

Царциаты сыхы райгуырди æрдхæрæны рæсугъд чызг. Чызг та ахæм уыди, æмæ йæ цæстытæй æртытæ сыгъди, йæ дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, йæ цæсгомы рухсмæ хур ныгуылгæ кодта. Чызг хуынди Нагъуыллæ. Хъомыл кодта чызг, æмæ ахæм рауади: чызджыты рæсугъдтыл уымæн абарæн нæ уыди, се ’хсæн стъалыйау æрттивгæ кодта. Лæппутыл æй абарстаис, æмæ уыдонæй хæрзконддæр, уындджындæр æмæ хъаруджындæр уыди. Нæ уыди Нагъуыллæйæн æмбал нæ арæхстæй, нæ фезмæлдæй, нæ æгъдау раттынæй.

Иуахæмы Царциатæм фынгыл бадт фесты уæйгуыты фæсивæд дæр. Царциатæ хъабахъ æрæвæрдтой æмæ фæтдзæф [1] райдыдтой. Бæстæ фæтты æхситтæй кæмттæ нæрыдысты, сырдтæ хуынчъытæм лыгъдысты, мæргътæ æдас бынæтты æмбæхстысты. Ничи цæф кодта хъабахъы: нæ Царциаты фондз сыхæй исчи, нæ уæйгуытæй.

Царциаты хистæртæ загътой:

— Царциаты номыл кадæй цы ис, уый уæд уыцы адæймаджы, хъабахъ чи фæцæф кæна.

Никæй бон баци хъабахъы фæцæф кæнын.

Нагъуыллæ бацыди æмæ хистæртæн сæркъул [2] акодта, стæй зæгъы:

— Бар мын раттут иу фат фехсынæн.

Царциаты хистæртæ сразы сты.

Нагъуыллæ йæ астæу æлхъывд-æлвæст æрбакодта, фат æрдыныл акодта, ныхъхъавыди æмæ суагъта фаты.

Фат атахти æмæ хъабахъы йемæ фæхаста. Дæлæсыхы Царциаты гæсæныл [3] сæмбæлди. Гæсæны дуртæй уæллаг тæлийы [4] дуртæ фæхаста фат йемæ.

Нагъуыллæйы хъуыддагыл ныццин кодтой Царциатæ æмæ йын радтой Царциатæ кады ном.

Нагъуыллæ кады номыл цæрын байдыдта Царциаты æхсæн. Уæйгуытæм хардзау касти, сылгоймаг сæ куыд амбылдта, зæгъгæ.

У æд та дыккаг хъабахъ æрæвæрдтой ногæй Царциатæ. Бæстæ та фатæхситт ссис. Кæмттæ нæрыдысты ногæй, фæлæ та хъабахъы ничи фæцæф кодта: нæ фондз сыхаг Царциатæ, нæ уæйгуытæ.

Нагъуыллæ дыккаг хатт бацыди Царциаты хистæртæм. Сæркъул та сæм бакодта æмæ зæгъы:

— Иу æхсты бар-ма мын раттут.

Бар та йын радтой æмæ фат афидар кодта æрдыныл. Фехста хъабахъы æмæ фат хъабахъы фæхаста, дæлæсыхы Царциаты гæсæныл та сæмбæлди æмæ дуртæй дыккаг тæлийы дуртæ фæхаста фат йемæ.

Царциатæ Нагъуыллæйæ ныббуц сты, æмæ загътой:

— Царциаты номыл æгъдауæн цы ис, уымæй хайджын у.

Нагъуыллæ кадджын, æгъдауджыныл нымад æрцыди.

Дывæр тæлмау [5] æркасти уæйгуытæм Нагъуыллæйы хъуыддаг.

Нагъуыллæ та цинæй мардис.

Фæстæдæр та Царциатæ æртыккаг хатт дæр хъабахъ æрæвæрдтой, загътой афтæ:

— Гъе уый чи фæцæф кæна, ууыл æрцæуæд, Царциатæн номыл цы баззади, уый.

Ногæй та фæтдзæф райдыдтой фондз сыхæй Царциатæ, иннæ ’рдыгæй — уæйгуытæ, фæлæ та хъабахъы ничи цæф кодта.

Нагъуыллæ æртыккаг хатт Царциаты хистæртæм сæркъул акæны æмæ зæгъы:

— Æххæст ма мын ацы æхсты бар дæр раттут.

Царциаты хистæртæ бар радтой Нагъуыллæйæн æртыккаг хатт дæр.

Нагъуыллæ дæр та фат æрдыныл авæры, ныхъхъавыди æмæ фат æхситгæнгæ атахти. Фат хъабахъы йемæ ахаста æмæ та дæлæсыхы Царциаты гæсæныл сæмбæлди, æртыккаг тæлийы дуртæ фæхаста.

Нагъуыллæ ссис нымад кадджыныл, æгъдауцжыныл, стæй номджыныл дæр.

Куыннæ та уыдаид хъыг утæппæт фæсивæдæн, фæлæ сæ бон ницы уыди. Царциаты цæсты Нагъуыллæ фæкадджындæр ис æмæ йæ койы йеддæмæ æндæр кой нал уыдис.

Тæлмау та æркастис фæсивæдмæ, уæлдайдæр — уæйгуытæм. Ацы хабар Нагъуыллæ бамбæрста, сæхимæ азгъоры, йæхи гæрзифтонг акæны æппæтæй, бæхыл абады æмæ фæстæмæ бадзуры Царциаты хистæртæм:

— Аипп ма уæд мæ ныхас, фæлæ уе стæн, бар мын куы раттиккат, абон мæнмæ хæлæг чи кæны, уыцы фæсивæдæй йæхи кадджын, æгъдауджын æмæ номджын чи хоны, уыдон мемæ куы бавзариккой. Æммыст, кæд æппын нæ, уæддæр дзы иу донхæссæджы [6] куы равзарин мæхицæн.

Царциаты хистæртæ ныддис кодтой, стæй фæсивæдмæ дзурынц:

— Зæгъут-ма, чи ис уе ’хсæн ахæм гуырд, йæ ныфс Нагъуыллæимæ чи бавзара.

Фондзæй Царциатæй фæхицæн сты, дыууæйæ та — уæйгуытæй. Авд барæджы, амæй-ай хуыздæр, ралæууыдысты Царциаты хистæрты раз. Нагъуыллæ хистæрæн зæгъы:

— Ахæм хæснæгтæ скæнут, амæй-ай фыддæр æмæ зындæр куыд уа.

Царциаты хистæртæ загътой:

— Æртæ хæснаджы кæнæм, фæлæ сæ иууыл мах раттæм, уый æгъдау нæ дæтты. Иу уæд махæй, иу — Донбеттыртæй, иннæ зæдтæй.

Нагъуыллæ сразы ис æмæ скуывта:

— О, ме сфæлдисæг, кæд мæ истæмæн скодтай, уæд зæдтæй ам исчи цы февзæра.

Куывд уæларвмæ фехъуысти. Хуыцау фæрсы зæдты:

— Чи уæ ацæудзæни Царциатæм иу хæснаг раттыны тыххæй?

Зæдтæ загътой:

— Махæй ничи ацæудзæн, Царциатæ нæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ нæхи худинаджы бын нæ кæнæм.

Хуыцау уæд фæрсы дауджыты:

— Уæд та сымахæй исчи ацæуæд.

Дауджытæ зæгъынц:

— Махæй дæр ничи ацæудзæни, сæ сæрмæ нæ нæ хæссынц, сæ цæсты нæ ахадæм æмæ нæхи не ’гад кæнæм.

Хуыцау та фæрсы дзуæртты дæр:

— Сымахæй дæр ничи ацæудзæни?

Дзуæрттæ загътой:

— Махæй дæр ничи ацæудзæни, Царциатæн æлгъаг стæм, хынджылæг нæ кæнынц, нæ номыл нуазæн никуы рауадзынц.

Хуыцау ноджы фæрсы:

— Уæдæ кæй фервитæм?

Зæдтæ загътой:

— Уастырджийы арвитæм, уый зæхмæ арæхдæр æфты.

Уастырджи уым нæ уыди. Уæд фæдис æм фæкодтой æмæ уым февзæрди. Хуыцау æмæ иннæтæ загътой сæ фæндон Уастырджийæн. Уастырджи уæлдай нал загъта, балæууыди Царциаты æмбырды.

Уæд Донбеттыртæй дæр æрбакодтой Хъара Донбеттыры.

Царциаты хистæртæ фæрсынц Нагъуыллæйы:

— Куыд дæ фæнды, Нагъуыллæ?

— Æз уын загътон мæ ныхасы. Мæнмæ хæлæгæй чи мæлы, уыдон бавзарæд мемæ.

Царциаты хистæртæ зæгъынц ногæй:

— Уастырджи æмæ Хъара Донбеттыр, фæйнæ хæснаджы нæ фæстæ сымахæн лæвæрд ис. Хæснаг та хъуамæ амæй-ай зындæр, амæй-ай фыддæр уа авд барæгæн. Царциатæ сты фондзæй, дыууæ — уæйгуытæй. Чи рамбула, уый цы зæгъа, ууыл разы стæм. Мах хæснаг лæвæрд у ахæм: уæлæ Хъугомы рагъыл цы стыр фæтæн ис, уырдыгæй æнæ ахаугæйæ йæ бæхыл чи раскъæра, гъе, уый амбулдзæни. Дугъ уæд хохы тигъ-тигъ.

Авд барæгæй Хъугомы фæтæнмæ ссыдысты æмæ рауагътой дугъы, семæ Нагъуыллæ дæр. Барджытæй Нагъуыллæ иуы æрыййæфта æмæ йæ тæссар цæф фæкодта. Барæг асхъиудта, æмæ кæм ахауд, уый абон дæр «Тæссар» хуыйны, иннæйы къуыбырты æрыййæфта, уый дæр фæцæф кодта æмæ къуыбыртыл атылди. Уыйадыл уый та — «Къуыбырджын». [7] Æртыккаджы æрыййæфта лæзгъæрыл, скъуырдта йæ æмæ уый дæр фесхъиудта. Уыйадыл уый та «Лæзгъæр» [8] схуыдтой. Цыппæрæмы дон нучы цыд кæм кæны, уым æрыййæфта. Уый дæр та скъуырдта æмæ нучы асхъиудта. Уыйадыл уый та «Доннук» [9] схуыдтой. Фæндзæмы чысыл дарддæр æрыййæфта, саргъæй йæ фелвæста Нагъуыллæ æмæ йæ рагъмæ баппæрста. Саргъы бадтау сæмбæлди къуылдымыл. Уыйадыл уый та «Саргъау» [10] схуыдтой. Æхсæзæмы раййæфта хæристы цур. Хæрисы сæрмæ йæ баппæрста. Уыйадыл уый та «Хæрисгом» [11] хуыйны. Æвдæмы чысыл дæлдæр æрыййæфта æмæ йæ саргъæй фелвæста. Цырты сагъд æй зæххыл асагъта йæ уæрджыты онг. Уыйадыл уыцы бынат та «Цыртысæр» [12] хонынц.

Нагъуыллæ фæразæй ис Царциаты ныхасмæ йæ бæхыл. Уæдмæ иннæтæ дæр цæфтæ æмæ сæргуыбырæй æрхæццæ сты.

Дыккаг хæснаг лæвæрдта Уастырджи æмæ зæгъы:

— Фæйнæ галы раттæм авд барæгмæ, иу та — Нагъуыллæмæ. Галы тагъддæр чи бастигъа, чи йæ сфыца æмæ йæ æнæхъæнæй фынгыл чи авæра, уый рамбулдзæни.

Фæлæбурдтой фæйнæ галы стигъынмæ. Цалынмæ авдæй стигъгæ кодтой, уæдмæ Нагъуыллæ галы бауæларт кодта. Суг бандзæрста, æмæ галы мард рафыхти. Авдæй сæ галты уæларт æвæрд куы кодтой, æмæ къодах сугтæ куы калдтой, уæдмæ Нагъуыллæ йæ галы къодах фых акодта æмæ йæ Царциаты хистæрты раз æрæвæрдта. Уыйадыл уыцы бынат «Къодахджын» [13] хуыйны.

Рамбылдта та Нагъуыллæ. Æртыккаг хæснаг Хъара Донбеттырæн лæвæрд уыди. Уый загъта:

— Æз æрæвæрдзынæн рагъыл кæфгæр, [14] кæй фатæхстæй разила йæ бынаты, уый рамбылдта.

Хъара Донбеттыр кæфгæр æрæвæрдта рагъыл. Цæст æй гæзæмæ æвзæрста, афтæ. Райдыдтой йæ æхсын. Никæй æхстæн разылди. Уæд æй Нагъуыллæ фехста, кæфгæры зæрдæйы фат иннæрдæм ахызти æмæ кæфгæр разылди. Нагъуыллæ та ацы хатт дæр рамбылдта. Царциатæ стыр кад скодтой Нагъуыллæйæн æмæ йыл номы рæгъ рауагътой. Нагъуыллæ сæ райста номы нуазæн æмæ сын раарфæ кодта.

19. Уæйгуыты уæрмытæ

Царциаты Нагъуыллæ фыд рæсугъд уыдис. Раст, цыма алæмæт тынтыл рахъомыл ис, ахæм уыд, кæнæ маргъы æхсырæй хаст уыди, ахæм уыд йæ бакаст.

Уæйгуытæй дыууæйæ Нагъуылллæйы фыдуарзт бакодтой. Зæгъынц Царциатæн уæйгуытæ:

— Нагъуыллæйы нын раттут.

Царциатæ зæгъынц:

— Нагъуыллæ иу у, йæ курджытæ та дыууæ сты, кæмæн æй раттæм?

— Кæй равзара махæй, уымæн.

Царциатæ зæгъынц Нагъуыллæйæн:

— Уæйгуытæ нæ нал уадзынц æмæ ды та цы зæгъыс?

Нагъуыллæ зæгъы:

— Хуыздæр сæ чи фесгуыха æмæ мæ зæрдæмæ кæй хъазт хуыздæр фæцæуа, уымæн ком ратдзынæн.

Царциатæ уæйгуытæн зæгъынц:

— Кæй сгуыхтдзинад фæцæуа Нагъуыллæйы зæрдæмæ, уымæн ком ратдзæни.

Банысан кодтой хъазæн бон. Уæдмæ хъазæн бон дæр ралæууыди. Æрымбырд сты Царциатæ, æрцыдысты уæйгуытæ дæр. Зæхх сæ нæ урæдта, уыйас адæм æрымбырд ис.

Уæйгуыты усгуртæ сæхи рацарæзтой. Царциатæ стыр хъазт сарæзтой æмæ симдыл ныххæцыдысты. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æнæрлæугæйæ симдтой. Дыууæ усгурæй иу дæр нæ бафæллад, иу дæр дзы йæхи нæ равдыста фæлмæцыдæй. Уæд Царциатæ загътой:

— Ныр та цæуынæй бафæлварут.

Дыууæ усгуры Царциаты калак хъæуыл [1] цæуын райдыдтой, кæм хæрдмæ, кæм уырдыгмæ. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы æнæ æрулæфгæйæ фæцыдысты. Ничи та сæ баци фæлладгъуыз.

Уæд та сын Царциатæ зæгъынц:

— Хуыздæр миниуæг уæ чи ’рхæсса, уый æмбулдзæни æмæ Нагъуыллæйы уымæн ратдзыстæм.

Дыууæ усгуры фæйнæрдæм ацыдысты, иу хурыскæсæнмæ, иннæ хурныгуылæнмæ. Цыдысты фæйнæ æртæ боны æмæ фæйнæ æртæ æхсæвы. Сæ иу бахаудта сохъхъыр зæронд гуымирмæ. Бадзырдта йæм:

— Уæ, мæ фыдыхай, уазæг нæ исыс?

Сохъхъыр зæронд гуымир æм дзуры:

— Дæ амонд фесæфа, фыды номæй мæм куыннæ æрбадзырдтаис, уæд дæ мæ цæст байсæрстаин. Рахиз ныр, чи дæ, уый зæгъ.

Фыццаг усгур зæгъы:

— Фыдæбойнаджы рæсугъд чызг равзæрди Царциатæм, ахæмæн æй дæттынц, хуыздæр миниуæг чи æрхæсса æмæ уый тыххæй цæуын, фæлæ кæм ссарон уыцы миниуæг, уый нæ зонын.

Сохъхъыр зæронд гуымир æм дзуры:

— Фыдæбон кæныс дæхицæн, мæнæ æз цæмæн сохъхъыр дæн. Æз дæр уарзтон Нагъуыллæйы, ацы фæндагыл бафтыдтæн, фæлæ мын ницы бантыст. Нагъуыллæмæ Хуыцауы комы тæфæй хай ис. Нагъуыллæйы уарзы хохы бадæг фыййау. Диссæгтæ æмæ миниуджытæ уымæ сты. Æз æм бафтыдтæн. Уый мæ райста. Кусарт æрбакодта æмæ иу хæрынкъа йæ дзыппæй систа, зæгъы хæрынкъайæн: «Дæхæдæг зоныс!» Хæрынкъа дæр йе ’взæгты фегом кодта, цæсты фæныкъуылдмæ кусæрттаджы бауæларт кодта. Æз мæ мид-зæрдæйы загътон: «Æммыст, ацы хæрынкъа мæ куы уаид». Хæрынкъа мын мæ хъуыдыты бамбæрста æмæ фесхъиудта, мæ цæсты мын скъахта, стæй йе ’взæгты бахгæдта æмæ хохы бадæг фыййауы дзыппы смидæг ис. Мæ фысым дæр хабар фембæрста, æрбакасти мæм, стæй мæ афарста: «Кæд дæ цард давæггагæй нæу?» Зæгъын: «Нæу!» Уый та зæгъы: «Уæдæ дæ мид-зæрдæйы мæ хæрынкъамæ кæм бабæллыдтæ, уым хъуыддагæн нæ бæздзынæ», æмæ мæ раздæхта. Уæдæй абонмæ дæн ам. Бирæ диссæгтæ ис хохы бадæг фыййаумæ. Ныр мæхи сохъхъырæй равдисон, уый та сæрмæ нæ хæссын. Фæлæ куы бахауай уымæ, уæд-иу дис мацæуыл бакæн, уæд дыл мæ ми æрцæудзæни.

Араст и дарддæр, йæхи хорз куы федта, уæд фыццаг усгур уæйыг.

Хохы бадæг фыййаумæ бахæццæ ис сæхимæ, загъта æмæ йæм æрфысым кодта. Хохы бадæг фыййау та кусарт æрбакодта æмæ йæ хæрынкъа систа, стæй зæгъы: «Дæхæдæг зоныс!» Хæрынкъа кусартмæ йе ’взæгты фелвæста, астыгъта йæ, ауæнгтæ йæ кодта, бауæларт æй кодта, йе ’взæгты кæрæдзийыл ахафта æмæ цæхæр ракалдтой, уыйадыл сугтæ ссыгъдысты æмæ фыццаг усгур уæйыгмæ диссаг фæкасти æмæ йæ мид-зæрдæйы бадис кодта: «Ай цы хæрынкъа у, сугтæ афтæ чи ссудзын кодта». Хæрынкъа та бамбæрста усгур уæйыджы хъуыды. Фесхъиудта æмæ йын йæ галиу хъусы фæсаджил кодта. Хохы бадæг фыййау зæгъы уæйыгæн:

— Бадис кодтай мæ хæрынкъайы митыл, æндæра дын диссагæй диссагдæр фенын кодтаин.

Сæргуыбырæй раздæхти фыццаг усгур фæстæмæ. Дыккаг усгур уæйыг дæр бафтыд сохъхъыр зæронд гуымирмæ. Бадзырдта йæм:

— Мæ фыдыхай, уазæг нæ исыс? Уый йæм радзырдта:

— Дæ амонд бахæр, мæ цæстыл дæ байсæрстаин, фыды номæй мæм куынæ бадзырдтаис, уæд. Ныр рахиз мидæмæ, кæцæй цæуыс, кæнæ кæдæм у дæ фæндаг.

Дыккаг усгур уæйыг зæгъы:

— Царциаты мыггаджы райгуырдис фыдбойнаджы чызг. Ахæмæн комы: хуыздæр миниуæг æм чи æрхæсса.

Сохъхъыр зæронд гуымир дзуры:

— Дæ размæ ма иу уыдис ам. Уый дæр дæ хуызæн дзырдта. Фæлæ фыдæбойнаг фæци, æвæццæгæн, нырма фæстæмæ нæ зыны. Æз дæр уарзтон уыцы фыдæбойнаг гуырды æмæ мæм кæсыс: диссаджы миниуæг агургæйæ хохы бадæг фыййаумæ бахаудтон æмæ йын йæ хæрынкъайыл бадис кодтон. Уыйадыл мæ цæстæй æнæ цæст фæдæн. Йæ хæрынкъа æппæт миниуджытæ аразы æмæ куы бадис кæнай, уæд сахъатджынæй раздæхдзынæ.

— Уæдæ мын фæндаг ацамон, æз цæуон хохы бадæг фыййаумæ.

— Фæндаг æм ис уæлæты дæр, фæлæ æввахсдæр у дæлæты.

Дыккаг усгур уæйыг дæлæты ацыди æмæ бахæццæ хохы бадæг фыййаумæ. Дзуры йæм:

— Фысымуатмæ уазæг нæ уадзут хæдзармæ? Хохы бадæг фыййау æм радзырдта:

— Мидæмæ.

Дыккаг усгур дæр та бацыди.

Фысым, хохы бадæг фыййау, кусарт æрбакæнын кодта. Хæрынкъа кусарты астигъта, ауæнгтæ йæ кодта, бауæларт æй кодта, арт бандзæрста, фынг авæрдта, æмæ агæй фынгмæ хæйттæ æппæрста. Фæдис кодта дыккаг усгур дæр хæрынкъайыл æмæ хæрынкъа фесхъиудта, дыккагусгурæн йæ рахиз хъусы фæсаджил кодта æмæ йæм фысым дзуры:

— Мæ хæрынкъайыл бадис кодтай, уагæры ме ’ннæ диссæгтæ куы зонис.

Рацыди сæргуыбырæй æмæ рахæццæ ис сохъхъыр зæронд гуымирмæ. Уæдмæ фыццаг усгур дæр æрбахæццæ. Усгуртæ сæ кæрæдзи фенгæйæ зæгътой, зæгъгæ, мæ схъæр кæнæм нæ худинаг, фæлтау радзурæм цы диссаг федтам, уыцы хæрынкъайы.

Афтæ бакодтой.

Усгуртæн Нагъуыллæ зæгъы:

— Уæдæ уæд та гæпп ракæнут.

Дыууæ уæйыджы, дыууæ усгуры стыр фæтæнæй [2] гæпп байдыдтой æрдузы фæзмæ [3] æмæ сæ æмбæрц уæрмытæ ныккодтой. Хохы бадæг фыййау уый куы базыдта, уæд йæхи иу æхст фæкодта дыууæйы фæстæ, йæхи фехста, уыдон куыд сыстадысты, афтæ сæ йæ быны акодта æмæ сын сæ уачъитæ сыскъуыдта. Уыйадыл фесæфтысты дыууæ усгур уæйыджы. Уæд Царциатæ фæцыдысты æмæ Нагъуыллæйы æрхуы мæсыджы бакодтой æмæ хохы бадæг фыййауы къухты нал бафтыди.

Нагъуыллæйы амарды фæстæ хохы бадæг фыййау йæхи хохæй фехста æмæ комы рæбын ныппырх и. Афтæ фесæфти хохы бадæг фыййау дæр.

20. Нагъуыллæйы мæлæт

Ахуыйы амард Нагъуыллæйæн афтæ зын уыди, æмæ бонæй-бонмæ фыдхуыз æмæ цола кæнын [1] байдыдта. Гуымир æртæ æфсымæр уæйыджы йæ фæрсынц:

— Йæ, нæ хо, бонæй-бонмæ фыдхуыз æмæ цола кæныс, æви дын кæд хъыг у, мах де ’фсымæры хæдзары кæй цæрæм, уый?

— Уый хъыгаг нæу, хъыгаг уый у, ме ’фсымæры туг ист нæу, æмæ цы бакæнон.

— Махæн цы зæгъай, уый бакæндзыстæм.

— Уæдæ бакæнæм афтæ, — зæгъы та Нагъуыллæ, — нæхи бацæттæ кæнæм фат æхсынæй, арц цæвынæй, кардæй хæцынæй. Уæд нын æнцондæр уыдзæни.

Сразы вæййынц æртæ гуымир уæйыг æфсымæры æмæ сæхи байдыдтой цæттæ кæнын. Нал æхсæв, нал бон æвзæрстой. Сæ фæттæ нысанмæ æхсгæйæ æрвнæрдау кодтой. Сарæзтой цилхъытæ æмæ-иу хуры цæстмæ тæмæнтæ скалдтой, скодтой æрцытæ æмæ-иу сæ атахт уарийы æхситт кодта.

Уæд сæм Хур минæвар рарвыста æмæ загътой Нагъуыллæйæн:

— Уæ цилхъыты зынджытæ сихсийут æмæ сæ сойы сæвдулут.

Уыдон стыр кæфты æрцахстой, сой сæ рауагътой, сæ цилхъытæ зынджы сихсийын кодтой æмæ сæ кæфты сойы нытътъыстой. Сыгъдæг болат фестадысты сæ цилхъытæ.

Иу бон рараст сты еугуыппартæм хæцынмæ, Ахуы кæм амарди, уыцы бынатмæ схæццæ сты. Уыцы рæстæджы æнхъæл нæ уыдысты Нагъуыллæйы фæзынынæн. Нагъуыллæ фат фæдисы суагъта. Еугуыппартæ базыдтой фаты йæ хъæрæй æмæ загътой:

— Ис ма Царциатæй змæлæг. Уæйгуытæ нын никуыдæм ирвæзынц, фæлæ быныскъуыд Царциаты фæкæнæм. Еугуыппартæ афтæ бакодтой. Сæхи рауагътой Нагъуыллæйыл. Нагъуыллæйæн æртæ гуымир æфсымæры æххуыс кодтой æмæ бацайдагъ ахъаззаг хæст. Уæйгуытæ Нагъуыллæйы куы федтой, уæд загътой:

— Махæн ныр рæстæг ис еугуыппартимæ хæцынæн.

Уæйгуытæ чызгæфсад сарæзтой, Нагъуыллæмæ сæ барвыстой æххуысæн, сæхæдæг та æртæ гуымир æфсымæр уæйыджы фарс фæхæцыдысты.

Райдыдтой мæлæтдзаг тох еугуыппартимæ. Дыууæрдыгæй дæр фæцагъды ис бирæтæ.

Уæд Хур йæ тынтæ ныззылдта еугуыппартæм æмæ сæ тæвды мæстæй мардта. Еугуыппартæ аходæн афонтæм дзæвгар цагъды фесты, фæлæ æртæ гуымир æфсымæртæй дæр иу амарди. Æмбисбонтæм фыддæр цагъды фесты еугуыппартæ, фæлæ та æртæ гуымир æфсымæр уæйгуытæй дыккаг дæр дзыхъмард фæци. Хурæрныкъуылды онг еугуыппартæ бæлвырд къаддæр фесты, фæлæ та æртæ гуымир уæйыг æфсымæртæй æртыккаг дæр фæмард ис.

Баззади Нагъуыллæ йæ чызг æмбæлттимæ, хæцын райдыдтой тынгдæр. Нагъуыллæйы æмбæлттæ иу ададжы фæуынгæг сты. Еугуыппартæ сыл æртыхсæгау кодтой æмæ суынгæг сты. Чызгæфсадæй дзæвгар нал аирвæзти, чи мард фæци, чи цæф. Иунæгæй аззади Нагъуыллæ. Йæ цилхъ цыхты карст кодта еугуыппарты, стæй фæтыхсти. Къаннæг фæзы онг ма адагæй разгъордта æмæ скуывта:

— Уæ, ме сфæлдисæг, цавддур цы фестон ацы ран.

Йæ куывд æрцыди Нагъуыллæйæн, дур фестади хъилгомау. Абон дæр уыцы дур хуыйны «Хъилдур» [2] æмæ уæйгуыты чызджытæ цы ададжы фæцагъды сты, уый та хуыйны «Чызджыты адаг» [3]. Абон дæр ма Ахуы цы бынаты амарди, уый цуры ацы нæмттæ дæр нæ фесæфтысты.

 

21. Нагъуыллæйы мæлæт (вариант)

Нагъуыллæ дæр Царциатæй уыди.

Уый ахæм чызг рацыди:

Тыхæй йæ ныхмæ ничи лæууыди,

Ныфсджын æм йæ ныфс никуы бахаста,

Тыхджыны тыхы ницæмæ дардта.

Хуыцауы комы тæфæй хайджын уыди,

Хурау йæ фенд адджын уыди,

Донау йæ фенд цæссыгау ирдæй зынди,

Зæххæй дæр арфæгонд уыди.

Нагъуыллæйæн хорз æфсымæр уыди, Ахуы, зæгъгæ.

Уый нæ ауæрста Царциаты знæгтыл цæгъдынæй.

Еугуыппартæ æмæ гуымир уæйгуытæ

Уый асайдтой хæцгæ-хæцгæ, гурæй-гурмæ,

фæтыхсын æй кодтой иу бæрзонды сæрмæ.

Æмæ йæ сындзын арты басауæвзалы кодтой.

Йæ фæстæ йæ хо зæххыл нал цыди.

Нагъуыллæ йæхи гæрзифтонг скæны

æмæ ралæууыд йе ’фсымæры марджытыл.

Кæй арцыл иста, кæй фатæй æхста, кæй кардæй мардта.

Иу февнæлдæй-иу æвдай фæтымбыл сты,

Иу ахæм та дзы цæфтæ-иу фесты.

Нал уыди кæрон мæрдтæ æмæ цæфтæн.

Туджы лæсæнтæй бæстæ малтæ [1], култæ [2] кодта.

Бирæты дзы базонæн нал уыд,

Бирæтæн сæ гуыртыл æрдæг сæртæ уыд,

Бирæтæн та сæ сæртæ гуыртæй фæхицæн сты.

Кæмæн цонг нал уыд, кæмæн йæ зæнг фæхаудта.

Кæмæн йæ риуæй йæ туг схъызти.

Ахæм стыр хæст нæма фендæуыд.

Нагъуыллæйы хæстмæ сылтæ кастысты уæйгуыты бæстæй,

Сæ кæрæдзи мидæг тæрхæттæ кодтой,

сæ иутæ загътой: «Ныр мах цы бадæм,

Нæ лæгтæн зæгъæм, нæ гæрзтæ райсæм.

Еугуыппартæ, стæй гуымиртæ мах знæгтæ дæр сты.

Уыдон Царциаты бындзагъд куы фæкæной,

Уæд райсом боны махмæ тых хæсдзысты.

Фæлтау Нагъуыллæйæн æххуыс бакæнæм.

Бирæ фæдзырдтой, бирæ ныхас кодтой.

Иу зондмæ æппындæр нæма æрцыдысты.

Уæйгуыты сыхы æфсымæртæ царди,

уыдон йеддæмæ ничи рацыди.

Уæйгуытæ дын, уæд, чызгæфсад скодтой,

Нæлгоймаджы дарæсы сæхи сфæлыстой,

Æнæнхъæлæджы Нагъуыллæйы раз балæууыдысты.

Уæйгуыты æртæ æфсымæры дæр хæстмæ рацыдысты.

Дарддæр та кодтой сæ хæсты кæрон.

Еугуыппартæ æмæ гуымиртæ кæцæй æмбæрстой,

Ай Царциаты фарс исчи фæуыдзæн.

Чызгæфсæдтæй дын, уæд, барызтысты,

Сæ чъылдыммæ та æртæ уæйыг æфсымæры æрбалæууыдысты.

Чъылдым цæфтæ сæ хъæбæр фæкодтой.

Бон-сауизæрмæ фæхæцыдысты,

Æртæ уæйыг æфсымæртæй иу хæсты фæхъуыди.

Дыккаг боны та Хур йæ был ныддардта,

Бæстæ ныррухс и, хæст та бацайдагъ.

Кæрон нæ уыди утæппæт мæрдтæн,

Нæ куымдтой сæттын чызгæфсæдтæ дæр.

Æртæ æфсымæрæй ма цы дыууæ аззад, уыдон фыддæр

хæст фæцырын кодтой.

Уым еугуыппарты мæрдтæй рæдзæгъдтæ скодтой.

Гуымир уæйгуытæ мæрдтæй дæр кæритæ скодтой.

Дыккаг бон изæрмæ сæ хæст нæ банцад,

Дыууæ уæйыг æфсымæрæй та сæ иу уым аззад.

Талынгтæм æввахс хæст ныссабыр ис.

Æрбалæууыди æртыккаг бон дæр.

Æмæ та сæ хæст бæрæг фертывæр.

Нагъуыллæимæ йæ чызгæмбæлттæ

Нал бацауæрстой æппын сæхиуыл.

Æртæ уæйыг æфсымæрæй цы иу ма баззад,

Уый æртывæр хæцын æнæвгъау систа.

Дыууæ боны дæргъы цæйбæрц фæцагъта,

Уый æртыккаг боны иунæгæй фæцагъта,

Фæлæ та изæрмил куыддæр æркодта,

Афтæ уыцы æфсымæр дæр йæ уды систа.

Уый алдзæн чызгæфсад æртæ боны дæргъы,

Иу фат нал фехстой æфсымæрты номæн.

Сæхи бацæттæ кодтой дарддæры хæстмæ,

Æртæ боны фæстæ æвдæм бон разылд.

Æгас уæйгуыты лæгтæ ныхас та кодтой:

— Ай нæ сылгоймæгтæ æхсæз боны сæ тугтæ калынц,

Махæн не знæгтæй рæдзæгъдтæ марынц.

Уæд мах цæмæн стæм ам, цæуылнæ хæцæм?

Æви нæ сæртыл худты бæсты кæрдæнтæ [3] ’ркæнæм.

Æгад сæм æркаст ацы дзырд уæйгуытæм.

Цалынмæ уыдон æфсад арæзтой,

Цалынмæ уыдон хæцынмæ сæхи цæттæ кодтой,

Уæдмæ та Нагъуыллæ йæ чызгæфсадимæ

Сцæттæ кодта йæхи хæцынмæ.

Бирæ нал баззади еугуыппартæй ныр,

Бирæ фæхъуыди гуымирты ’фсæдтæй дæр.

Сыхырнайау уыд Нагъуыллæйы буар.

Йæхи ма фæзмæ цæрдæг аппары,

Фæлæ йæ сусæгæй иу гуымир бацæвы.

Ныззыр-зыр кодтой чызгæн йе уæнгтæ,

Фемæхст дын сты уым тугæй йæ дадзинтæ,

Нал сæ урæдта ныр баст, нæ ком раздæр.

Фегуыппæг дын ис Нагъуыллæ, мæгуыр,

Æмæ скувы: «О, ме скæнæг, кæм дæ!

Ам мæ фестын кæн ды хъил дур тагъддæр».

Хъилдур дын фесты Нагъуыллæ фæзы.

Уæйгуытæ чызджытæ иу ададжы мидæг,

Ныр æртымбыл сты, нæй сын ахизæн.

Сæ дæллаг фæрсты еугуыппартæ сты,

Сæ уæллаг фæрсты — гуымирты æфсад.

Куынæг сæ кæнынц, уыдон дæр цæгъдынц.

Æнæнхъæлæджы уæйгуытæ мæнæ,

Цæрдæг фæзынынц æмæ хæсты бацæуынц.

Чъылдым цæф фесты еугуыппартæ ныр,

Бынтон цагъды кодтой гумиртæ дæр уым.

Фæсырдтой уæйгуытæ, чи та аззади тыхджын гуымиртæй,

Фæтардтой дардмæ еугуыппартæй дæр ма, уым чи аззади.

Уæдæй фæстæмæ ацы ададжы

Схуыдтой адæм «Чызджыты адаг».

Йæ дæллаг кæрон цыртæй ныр дæр ма

Лæууы æнæзмæлгæ Нагъуыллæ-Хъилдур.

Кæд а бæсты искуы, мыййаг, ацæуай,

Афæрсут-иу, уæд, чызджыты адаг кæцырдыгæй ис.

Кæнæ кæм лæууы Хъилдур та, зæгъгæ.

IV. АХУЫЙЫ ФОНДЗ ФЫРТЫ ÆМÆ ЦАРЦИАТЫ ФОНДЗ СЫХЫ

22. Царциаты сыхтæ

Æртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæгъы йæ фыртæн иу бон:

— Нæ цæрæнбыууæттæ фондзырдыгæй ис схизæн. Ныр лæгтæ дæр стут æмæ фондз раны æрбынат кæнут. Фыдбылыз уæм кæцырдыгæй цæуа, уый-иу зондзыстут æмæ уын тыхгæнæг тых нæ фæраздзæни.

Ахуыйы фырттæй хистæр Суа уыд. Уый æрлæууыди уæллаг комы сæр æмæ æрбиноныг ис, йæ ног цæрæны.

Дыккаг фырт Фарнæг дæллаг комы æрбиноныг ис, æртыккаг фырт Едысо астæу комы æрбиноныг ис, цыппæрæм фырт Хæтгар цæгат комы æрбиноныг, фæндзæм фырт, сæ кæстæр, Хъæлæг та хуссар комы æрбиноныг ис.

Сæ мад баззади йæ зæронд ныййарджытимæ.

Цыдысты бонтæ, цыдис рæстæг дæр. Сæ цард уыд цуанæй æмæ цардамал кодтой Царциатæ.

Уæд иу бон сæ мады ныййаджытæ рарынчын сты. Бирæ нал ахастой, амардысты, уыдон уæлгъæд сæхи мад дæр амарди. Фондз æфсымæрæй скодтой се ’ртæ зианы кадыл бавæрын. Суа зæгъы иннæ æфсымæртæн:

— Абон хъуамæ макæй бахъыгдарæм. Махæн саубон у, исчи кæд бырса æмæ нæ цæва, уæддæр мацы сдзурæм нæ мæрдты тыххæй.

Ацы ныхæсты рæстæджы чысыл Донбеттыр уым февзæрыди, хъуыста Суайы ныхæстæм. Азгъордта æмæ рафæзмыдта Донбеттæртæн ацы дзырдты.

Донбеттыртæ дын куыннæ ныццин кæниккой.

Царциатæ сæ мæрдтæн зæппадз скодтой, бавæрдтой сæ мæрдты æмæ рацæйцыдысты. Раст сæ уыцы афон Донбеттыртæ раййæфтой. Худтысты Царциатыл, фæлæ уыдон сыбыртт нæ кодтой. Иууыл тынгдæр сыл худти тыппыр Донбеттыр.

Царциаты мыхъхъытæ кодтой, сынæгæй сæ цавтой, куы сыл дуртæ дæр æхстой, куы та сыл цъыфтæ пырх кодтой. Уæддæр сæ иу сыбыртт никæмæй цыди, иу ныхас дæр сæ ничи сдзырдта. Æгомыг æмæ цымæ дзурын дæр нæ зонынц, сæхи афтæ дардтой Царциатæ. Бæргæ сæм мæсты кодтой, фæлæ сæ нæ фæндыди сæ ныхас сайын. Боны суанг хурныгуылæнмæ сæ фæхынджылæг кодтой. Хурныгуылды тыппыр Донбеттыр зæгъы:

— Адагыл сæ сифтындзæм æмæ сыл нæ чызджыты сæвæрæм, уадз æмæ сыл тезгъо кæной.

Афтæ бакодтой.

Царциаты фондзæй адагыл сифтыгътой. Донбеттырты чызджытæ сындзæй ехсытæ сарæзтой æмæ Царциаты галты тард кодтой. Фæрæзтой Царциатæ, уæдæ цы уыдаид.

Уæд ноджы тыппыр Донбеттыр зæгъы:

— Хицæн адæгтыл сæ сифтындзут, кæннод нæ чызджытæ се ’ппæт иу адагыл нæ цæуынц.

Хицæн фондз ададжы æрбаластой, Царциатæй алкæй дæр иу адагыл сифтыгътой æмæ алы адагыл дæр чызг сæвæрдтой.

Тыппыр Донбеттыры чызг Суайы адагыл бадт фæци.

Чызджытæ та сындзын ехсытæй рацæфтæ кодтой Царциаты æмæ сæ аскъæрдтой. Царциатæ куыддæр фæдæрддзæф сты Донбеттыртæй, афтæ Суа йе ’фсымæртæн зæгъы:

— Луаны [1] фæзмæ цæут, уæдмæ бон дæр кæндзæн æмæ ма нын ацы хуылыдз сыдзтæ кæдæм ивæрзынц.

Царциатæ иу дугъ акодтой æмæ сæ Донбеттырты чызджытæ уромын дæр нал фæрæзтой. Луаны фæзмæ ныххæццæ сты, уæдмæ бон дæр æрбацис. Уым Царциатæ сæ кæрæдзи бæттæнтæ адæгтæй феуæгъд кодтой. Донбеттырты чызджытæн се ’рдиаг ссыди.

Суа сæм дзуры:

— Уæдæ мах галты тард куы кодтат, уæд цымæ цы ’нхъæл уыдыстут.

Донбеттыртæ бамбæрстой се ’намонддзинад. Лæгъстæ ма кодтой, фæлæ сæ Царциатæ иннæ абонмæ нал рауагътой, цæрдзæф [2] сæ фæкодтой, æмæ ма сæ уадултыл цæппузыртæй сæ цæссыг уади.

Донбеттыртæ се ’намонддзинад базыдтой æмæ тыппыр Донбеттыры æрцахстой æмæ зæгъынц:

— Дæ аххосæй фенамонд стæм.

Уый зæгъы:

— Мæхи чызг дæр цæрдзæф у Царциатæй.

Царциатæ Донбеттырты чызджытимæ рацыдысты Луаны фæзæй, схæцыдысты Донбеттыртыл æмæ сæ саубын над фæкодтой.

Донбеттыртæ лæгъстæ байдыдтой:

— Нæмгæ нæ мауал кæнут, нæ азымы исæм нæхимæ, фæлтау бафидауæм.

Царциатæ сразы сты æмæ фидыды алдзæн Донбеттыртæ сæ чызджыты хæстæгиуæджы охыл Царциатæн ныууагътой. Стыр чындзæхсæв дæр ма скодтой.

Царциатæ фондзæй сбинонджынтæ сты. Донбеттыртæ та сын зынаргъ лæвæрттæ ракодтой, афтæмæй.

Фыццаг къуыри ралæууыди æмæ иу къуырийы мидæг алы райсомы Суайæн лæппу гуырдис. Уыйадыл Суайæн авд фырты иу къуыри мидæг йæ хæдзары хъазын байдыдтой.

Дыккаг къуыри ралæууыди æмæ къуырийы дæргъы Едысойæн дæр изæры лæппу гуырди. Иу къуырийы мидæг йæ хæдзары авд фырты хъазыдысты. Æртыккаг къуырийы астæу Хæтгарæн дæр иу фырт фæзынди боны.

Цыппæрæм къуырийы та Хъæлæгæнфæзынди иу фырт æмбисæхсæвты.

Фæндзæм къуыри ралæууыд. Фарнæджы ус тæппалгъ [3] байдыдта. Æхсæзæм къуыриты та хъæрзын байдыдта, йæ гуырдты арын афон уыди, фæлæ ус арын нæ фæрæзта.

Фарнæгмæ йæ ус дзуры æвдæм къуыриты:

— Æз арын нæ фæразын, фæлæ мын мæ базыджы бын бакъæртт кæн æмæ дæхион уырдыгæй райс. Фарнæг йæ усы базыджы бын бакъæртт ласта æмæ райста цæхæр кæлгæ уырдыгæй лæппу. Уыйадыл æй схуыдтой Базыг.

Фарнæгмæ йæ ус дзуры:

— Дыккаг æнхъæлцау дæр йæ фæстæ ис.

Фарнæг та бавнæлдта æмæ дыккаг гуырды дæр райста. Уый та схуыдта Æмбазыг.

Æфсымæртæй алчидæр йæ цæрæны æрбынат кодта йæ бинонтимæ æмæ царди царды дзæбæхæй. Афтæ Царциатæ баисты фондз сыхы. Хъæлæгæн ницы уыд зæнæгæй.

23. Царциаты Суа æмæ Нарты Уырызмæг

Царциаты Суа ахæм рауади æмæ йыл царды, нæ кадæй, нæ номæй, нæ зардæй, нæ кафтæй исчи тых кодта.

Йæ ном дардыл айхъуысти Суайæн. Дыууæ адæймаджы-иу истæуыл куы дзырдтой, уæд Суа цæрайæ сомы кодтой.

Царциаты астæу Суайы ном бæрæг уыди. Йæхицæн авдбынатон мæсыг уыди, авдбынатон та гæнах.

Царди Суа Хуыцауы цардæй номдзыд æмæ кадджынæй. Йæ бон куывдæн æрвыста, йе ’хсæв та — чындзæхсæвæн.

Суайы ном айхъуысти Царциаты фондз сыхыл. Йæ фæллой авд комы нæ цыдысты, уый бæрц æм фос уыди. Иу комы бирæ бæхты Дзоджитæ [1] уыдысты, иннæ комы йæ емылыкк [2] бæхтæ хæцыдысты, æртыккаг комы йæ хуыскъаг хъомвосы дардта, цыппæрæм комы хъуццыты рæгъæуттæ, фæндзæм комы сатæг сау лыстæг фосæй бацæуæн нæ уыди.

Царди Суа, йæ бирæ дæлдзæгтимæ [3]. Хуыцауæй арфæгонд уыди, зæххы фарнæй хайджын уыди.

Фæсхох Нарты Уырызмæг кадджын æмæ номджын уыди, æмбал ын нæ уыди. Фехъуыста Царциаты Суайы кой. Иу бон æнкъардæй мæсты тъæпп æркодта йæ къæлæтджыны йæхи æмæ къæлæтджыны къæхтæ ныцъцъил сты. Йæ ус Сатана йæ фæрсы:

— Цы кæныс, зæронд, чи дын смаст кодта?

Уырызмæг зæгъы:

— Ацы цардæй амæлын хуыздæр у, не ’фсин. Зæххыл диссæгтæ ис æмæ сæ æз та зонгæ нæ кæнын. Циу мæ цард, кæнæ мæ бон. Афтæмæй куы амæлон, уæд мæрдты дæр мæхи хæрдзынæн æмæ ма цы бакæнон?

— Уагæры цы фехъуыстай ахæмæй, ды кæй нæ зоныс. Дæхи сау хæрдæй цæмæн марыс. Хæтæнты хæтыс, цауæнты цæуыс, æмæ йын куынникуы фембæлдтæ?

— Нæ мæ бамбæрстай, — зæгъы та Уырызмæг, — мæ маст цæуыл у, уый ничи æмбары.

— Зæгъай, стæй цы хуыздæр гæнæн уа, уый бакæндзыстæм.

Уырызмæг зæгъы:

— Æз фехъуыстон Царциаты Суайы кой. Кæмдæр йæ бирæ фæллæйттæн ныккæнæн нæй, уымæй уазæгуарз зæххыл нæй, æмæ мæ катай ууыл у, уый кæй нæ зонын.

— О, зæронд, уый кой æз дæр фехъуыстон, фæлæ нæ зонын, кæм цæры, кæдæм æм ис фæндаг.

— Фæцу Донбеттыртæм æмæ йæ, чи зоны, уыдон зоной.

— Нæ, зæронд, дæуæй тынгдæр фефсæрмы уыдзысты, дæхæдæг ацу, хорз дæр ма дæ фендзысты.

Уырызмæг араст и Донбеттыртæм. Донбеттыртæ йын уырдыг ныллæууыдысты, лæггад кæнынц, зæххыл дæр æй нæ уагътой. Кæфджын къæлæтджыныл [4] æй æрбадын кодтой, тохъхъыл æрбаргæвстой, æртыкъахыг ын йæ разы авæрдтой. Донбеттыр ракуывта, радта нуазæн Уырызмæгмæ. Уырызмæг нуазæн райста, фæлæ хъыпп-сыпп дзыхæй нæ сæппæрста. Фæрсынц æй:

— Цæуылнæ кувыс, Уырызмæг, æви нæм кæд истæуыл фæхъыг дæ?

Уырызмæг зæгъы:

— Бузныг уæ лæггадæй, хъыг уæм цæмæн хъуамæ уон, лæггады лæггад мæнæн куы кæнут, фæлæ мæ зæрдæйы æндæр маст ис.

— Уагæры циу?

— Зæгъин æй бæргæ, фæлæ тæрсын, куы нæ мын æй зæгъат, уæд мæт мард акæндзынæн.

— Кæд махæй кæнгæ у, уæд дын ницы бахæлæг кæндзыстæм.

— Сымахæй кæнгæ нæ, фæлæ тæккæ аразгæ у. Æрыхъуыстон Царциаты Суайы кой. Дисæн æй хæссынц æмæ уый куы нæ фенон, уæд мæ цард ницы у.

Донбеттырты хистæр зæгъы:

— Фыдæбоны фæндаг равзæрстай, Уырызмæг, зындзæуæн æм у.

— Зынтæй нæ фæтæрсдзынæн, æрмæст мын фæндаг бацамонут.

Хистæр Донбеттыр зæгъы:

— Уæдæ мæ кæд нал уадзыс, Уырызмæг, уæд мæм хъус. Райсомы куыддæр хур скæса æмæ авд ивазны бæрц арвыл суайа, афтæ раздæр цы хохыл сæмбæла, уымæ дæ хъус дар æмæ дæ фæндаг æнæцудгæ уырдæм сараз, стæй дæ зонд æмæ дæхæдæг, амæй-ай фыддæр митæ дыл цæудзæни, кæд нæ фæтæрсай, уæд бахæццæ уыдзынæ Царциаты Суайы бæстæм. Ныр уал дæхи хорз фен.

Уырызмæг арфæтæ ракодта Донбеттыртæн, йæхи хорз федта æмæ сæхимæ æрцыди.

Сатана фæрсы:

— Æ, зæронд, цы бадæ?

— Фæрæствæндаг дæн, не ’фсин, фæлæ мæ ныр ацæттæ кæн æмæ æз цæуон.

Сатана къуыри фæцæттæ кодта Уырызмæджы балцмæ, æмæ араст и.

Цæуы Уырызмæг йæ дард хæтæны, райсомы хур авд ивазны бæрц арвыл куы суади, уæд раздæр цы хохыл сæмбæлди, уымæ йæ ных ратгæйæ.

Бирæ фæцыди æви цъус, уый йæхæдæг зоны, фæлæ йыл иу ран æрталынги. Уырызмæг йæ бæхы къæбæлбаст акодта, къæбæр ахордта æмæ саргъы базыл йæ сæр æруагъта. Уайтагъд афынæй ис. Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ фехъуысти цавæрдæр цъæхснаг хъыллист. Уырызмæг æй нæ бамбæрста, фæлæ йæ бæх ныммыр-мыр кодта æмæ Уырызмæг фехъал ис. Бæхыл саргъ баппæрста, абадтис ыл æмæ хъыллист кæцæй фехъусти, уыцырдæм ацæуы. Иу æрхы былмæ бахæццæ сты. Бæх æрлæууыди æмæ зæгъы:

— Уырызмæг, афтæ цæугæйæ нын нал у.

— Уæдæ куыд ацæуон? — фæрсы бæхы Уырызмæг.

— Ды мæ тынг цæв. Иу ран арт судздзæн, арты æвзæгтæ арвмæ фæцыдысты, æз бахъавдзынæн æмæ афтæ æвзæгтæ куы фæныллæг уой, уæд йæ сæрты агæпп кæндзынæн, кæннод æз дæр сæфт, æмæ ды дæр арты фæнык фестдзынæ.

Уырызмæг байхъуыста йæ бæхмæ. Ахъаззаг цæф фæкодта. Бæх атахти фатау. Арты æвзæгтæ куыд фæныллæг сты, уæд бæх арты сæрты йæхи иу æхст фæкодта, йæ фæстаг сæфтæджыты тъæпæнтæ цъус асыгъдысты, афтæ агæпп ласта æмæ доны бамидæг ис. Бæх зæгъы:

— Ныр уал дæхи æруадз боны цъæхтæм.

Уырызмæг дон анызта æмæ афынæй ис. Афтæ тарф фынæй аци, æмæ йæм марæг куы ’рбацыдаид, уæддæр æй нæ базыдтаид. Бæх йæ цурæй дард нæ цыди.

Бон дзир-дзур [5] байдыдта, афтæ йæ бæх Уырызмæджы сыхъал кодта æмæ араст сты, цæуынц дарддæр.

Иу ран та сыл æрталынг ис. Уырызмæг йæ бæхы къæбæлбаст акодта, къæбæр дæр ахордта æмæ саргъы базыл афынæй ис. Фæсæмбисæхсæв уыдаид, афтæ та цъæхахст фехъуысти. Бæх ныммыр-мыр кодта æмæ Уырызмæг дæр фехъал ис. Абадти бæхыл æмæ араст и. Æндæр адагмæ бахæццæ ис æмæ та бæх æрлæууыди, дзуры Уырызмæгмæ:

— Афтæ цæугæйæ нын нæу.

— Цы хабар та у?

— Нæ разы фæндагыл дыууæрдыгæй фарс бабадтысты цавæрдæр бадджытæ. Ныр афтæ тынг цæв, æмæ дæ цæстытæй цæхæртæ куыд акæла, афтæ куы нæ аирвæзæм, уæд сæфт нæ дыууæ дæр.

Уырызмæг та бæхы афтæ тынг ныццавта, æмæ йæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой. Бæх фатау атахти æмæ йæ раззаг къæхты фæкъæдзгæнæнты сæрмæ фатфындзтæ сæмбæлдысты æмæ иу доны цуры февзæрдысты. Бæх зæгъы:

— Æрулæф, Уырызмæг, тас нын нал у.

Уырызмæг та дон анызта æмæ афынæй.

Бон дзир-дзур кодта, афтæ бæх фехъал кæны Уырызмæджы æмæ та араст сты сæ фæндагыл. Бон-изæрмæ фæцыдысты æмæ та сыл ноджы æрталынг. Уырызмæг та йæ бæхы къæбæлбаст бакодта, къæбæр бахордта æмæ саргъы базыл афынæй ис. Раст та æмбисæхсæв куы сси, афтæ ногæй цъæхахст фехъуысти. Бæх та ацы хатт дæр ныммыр-мыр кодта æмæ Уырызмæг фехъал ис. Абадт бæхыл æмæ цæуы. Иу æрхы былмæ бахæццæ ис æмæ бæх æрлæууыди, стæй зæгъы:

— Афтæ цæугæйæ та нал у, Уырызмæг.

— Цы та ’рцыди? — фæрсы Уырызмæг.

— Афтæ тынг мæ цæв æмæ дæ ехсы къæрцц æрвнæрдау куыд уа. Ардыгæй ма кæд аирвæзæм, уæд рæствæндаг фæуыдзыстæм, кæннод ды дæр сæфт æмæ æз дæр.

Уырызмæг бæхы ахæм цæф фæкодта æмæ арвы нæрдау бæстæ ныррызти. Бæх иу сæррæт акодта æмæ тыхсæлтæгтæ [6] бæхы къудийыл атыхстысты æмæ йын йæ къудийы аскъуыдтой. Бæх цæугæ доны был балæууыд æмæ дзуры Уырызмæгмæ:

— Аулæф, ныр нын тас нал у.

Уырызмæг афынæй, йæ хуыр-хуыр ссыди. Бон та дзир-дзур кодта, афтæ бæх райхъал кодта Уырызмæджы æмæ араст сты.

Цæуынц сæ фæндагыл. Иу коммæ бахаудтой æмæ бæстæ гуыбар-гуыбур ссис, арвмæ рыг бæстæ бамбæрзта. Уырызмæг дис кæны æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, ай цы диссаг у.

Бæх æм дзуры:

— Уыдон, ды кæдæм цæуыс, уый бæхтæ сты. Тæфæй нæ базыдтой æмæ бæстæ сæ сæрыл систой, уыдон рыг сбадти.

Дарддæр цæуынц. Диссаг коммæ ныххæццæ сты æмæ бæстæ зæвæтдзагъд [7] кæны æмæ сæ цæхæр акæлы.

Уырызмæг та зæгъы:

— О, ме скæнæг, ай та цы диссаг у?

Бæх та йæм дзуры:

— Уый, мах кæмæ цæуæм, уый емылыччытæ зæвæттæй кæрæдзи цæвынц æмæ цæхæр калынц сæ цæфтæй.

Араст и Уырызмæг дарддæр. Æртыккаг коммæ ныххæццæ сты. Комы уæззау гуыппытæ цæуы. Уырызмæг та зæгъы:

— О, ме скæнæг, ай та циу?

Бæх та ноджы дзуры:

— Уый, кæмæ цæуæм, уый хуыскъаг фос сты.

Араст та сты дарддæр æмæ цыппæрæм коммæ ныххæццæ сты. Бæстæ уаст ссис, æмæ ком арыдта. Уырызмæг та дзуры:

— О, ме скæнæг, ай та цавæр уаст у? Йæ бæх та йæм дзуры:

— Уый, кæмæ цæуæм, уый хъугрæгъæуттæ сты.

Цæуынц та дарддæр. Фæндзæм коммæ ныххæццæ сты. Акастысты комы æмæ сау змæлæгæй бæстæ байдзаг и. Уырызмæг та зæгъы ныр дæр:

— О, ме скæнæг, адон та цы уой?

Йæ бæх дæр та дзуры:

— Уый, кæмæ цæуæм, уый лыстæг сау фос сты.

Араст та сты æмæ æхсæзæм коммæ ныххæццæ сты. Акасти коммæ Уырызмæг æмæ ком урс змæлæгæй æмбæз-бæз кæны. Зæгъы Уырызмæг:

— О, ме скæнæг, ай та цавæр диссаг уа, æгас ком урс змæлæгæй куы байдзаг вæййы!?

Бæх та йæм дзуры ацы хатт дæр:

— Уыдон, кæмæ цæуæм, уый урс фосы дзугтæ сты. Дарддæр цæуынц, ныххæццæ сты æвдæм коммæ. Бæстæ гуыпп æмæ гуымсытæй байдзаг и. Уырызмæг ноджыдæр зæгъы:

— О, ме скæнæг, уый та цавæр хæсты хъæр у?

Бæх та дзуры:

— Уый, кæмæ цæуæм, уый хуыскъаг фырыты гуыппытæ сты.

Цæуынц æмæ иу быдырмæ ахæццæ ис Уырызмæг. Акасти дардыл. Æрбазындис æм дардыл зынд хæдзæрттæ æмæ арвмæ чи хæццæ кодта, ахæм мæсгуытæ. Хур акъул и, фæлæ хæдзæрттæ стъалытау æрттывтой. Æрталынгтæ ис, афтæ ныххæццæ стыр быруты цурмæ. Бырутæ афтæ бæрзонд амад уыдысты, æмæ сæ сæрмæ кæсгæйæ лæгæн йæ худ рахаудаид йæ сæрæй. Мæсгуытæ афтæ уæлиау уыдысты, æмæ сыл сæ цъуппытæ феныны тыххæй уæлгоммæ зæххыл æрхуыссын хъуыди. Алырдыгæй уыдысты лæггадгæнджытæ. Уырызмæг сæм æввахс бацыдис æмæ зæгъы:

— Уе ’зæр хорз уа, хорз адæм!

— Хорз дæ хай, бæлццон, — зæгъынц лæггадгæнджытæ, бæлвырд ардыгæй нæ дæ, кæнæ та дардæй цæуæг дæ?

— Дардæй цæуын.

— Уæд кæйонг?

— Фæнды мæ Царциаты фенын.

— Ам иууылдæр Царциатæ сты, фондз сыхæй. Уырызмæг та зæгъы:

— Нæ, мæ хуртæ, мæн Царциатæ се ’ппæт нæ хъæуынц.

— Уæдæ дæ чи хъæуы?

— Суа мæ хъæуы.

Иу лæггадгæнæг азгъордта æмæ зæгъы Суайæн:

— Æнахуыр уазæг дæм æрцыди, Суа, æмæ дæумæ кæсы.

— Уæлджинтæй [8] кæд у?

— Ахæм миниуæгæй йæм ницы ис.

— Уæд та дæлджинтæй [9] у?

— Ахæм хуыз дæр ын нæй.

— Уæд та сыхаг исчи у?

— Сыхаг дæр нæу, йæ бакаст нæртоны хуызæн у, йæ ныхас зондджыны хуызæн.

— Уазæгдонмæ йæ акæнут, æз мæхи æрцæттæ кæнон. Уырызмæджы уазæгдонмæ акодтой дыууæ лæггадгæнæджы æмæ зæгъынц:

— Хæдзары хицау ныртæккæ рацæудзæни.

Уалынмæ уазæгдонмæ Суа æрбахызти. Тинты кæрц йæ уæлæ, йæ фæдджитыл ын хæцынц лæггадгæнджытæ. Уырызмæгæн арфæ ракæны æмæ пылыстæг къæлæтджыныл æрбады. Фæрсы Уырызмæджы:

— Кæцон дæ? Кæцæй цæуыс?

Уырызмæг зæгъы:

— Нæртон лæг дæн, Нарты бæстаг дæн.

— О, о, Нарты хъусын æз.

— Æз Уырызмæг дæн, Нарты хистæр.

— Нæртон лæг мæнмæ фыдвæндæгтыл æрхаудзæн, — зæгъы Суа, — йæ бæхыл-ма йын фенут.

Лæггадгæнджытæй иу ауади, чысыл фæстæдæр æрбауади æмæ зæгъы:

— Бæхыл къуди нæй, раззаг къæхтæ — фатдзæфтæ, фæстаг сæфтæджытæ — артсыгъдтæ. [10] Бæхы бон стын нал у æмæ хуыссы стурау.

— Уæдæ уый æцæг нæртон лæг у.

Суа та фæрсы:

— Зæгъ-ма, Уырызмæг, чи уæм у кадджындæр?

— Æз мæхæдæг, фехъуыстон дæ хорз кой æмæ мæ бафæндыди базонын æцæг куыд дзурынц дæуæй, ахæм дæ, æви мæ кæд сайгæ кæнынц, уый аххосæй æрхаудтæн ардæм.

Суа бахудти æмæ зæгъы:

— Сом азилдзыстæм, Уырызмæг, абон уал баулæф.

Уырызмæджы хорз фенынц æмæ дыккаг бонмæ йæ къах дæр нал атылдта, ахæм фынæй баци.

Дыккаг бон Суа аходæн сцæттæ кæнын кодта, фынг æрæвæрдта æмæ Уырызмæгмæ бадзырдта:

— Аходæн хæрыны афон у, нæртон лæг!

Уырызмæг лæппуйы сæррæт фæкодта, йæ дарæсмæ æркасти æмæ уыдон хуызæн дарæс хуыдт хуысар [11] хъуымацæй.

Уырызмæг зæгъы:

— Мæхи дарæсы мын раттут фæстæмæ.

Суа зæгъы:

— Уыдон дæр дард не сты, фæлæ уал дæ разы цы ис, уыдон скæн.

Уырызмæг хуысар дарæс скæны æмæ Суайы ныхмæ æртыкъахыг фарсмæ æрбады.

Уырызмæджы Суа хынцын байдыдта æмæ сихор афонмæ фæбадтысты. Суа зæгъы йæ дæлдзæгтæн [12]:

— Уазæджы бæх ацæттæ кæнут æмæ азилæм.

Дæлдзæгтæ зæгъынц:

— Бæхы фæстаг сæфтджытæй сыстæн нæй.

Суа зæгъы:

— Бæхы мыдза [13] над ныккæнут арыхъызмæстимæ [14], мах къахæй дæр азилдзыстæм. Не ’рцыдмæ фынг нодзæг [15] скæнут.

Суа æмæ Уырызмæг ацыдысты къахæй. Цасдæр фæзылдысты. Уырызмæг кæсы Суайы бæстæм æмæ дис кæны.

Изæрты æрцыдысты, ног та рабадынц æмæ карз нуæзт хъарм хæринагимæ дзаг фынгимæ хъауынц. Уырызмæг дис кæны Суайыл æмæ йæ хæрын фæурæдта. Суа йæ фæрсы:

— Цы кодтай, нæртон лæг, цавæр хъуыдыты ацыдтæ?

— Цы кæнон, Суа, ныр дыккаг бон ам дæн æмæ дын йе кæстæр нæй, йе бинонтæ, куы нæ сæ уынын.

— Æмæ сымахмæ уазæг куы вæййы, уæд кæстæртæ æмæ бинонтæ кæм вæййынц?

— Уазæгæн лæггад фæкæнынц.

— Махмæ дæр афтæ у, фæлæ багæдзæ кæн, уыдон фенын дæр рæстæг фæуыдзæн.

Уырызмæг ницыуал загъта æмæ та фынг дарддæр кодта.

Афтæ алы бон фынг ногæй-ногмæ ивта алы хæринаг, алы нуазинагæй. Рацыди къуыри æмæ Уырызмæг йæ бæстæм æрымысыди. Суа йæ бамбæрста æмæ зæгъы:

— Гъе, нæртон лæг, бæлвырд æрымысыдтæ дæ бæстæм?

Уырызмæг дзуры:

— Зæххыл бадын мæ нæ уадзыс, уый хатын, фæлæ Нарты æхсæн иу зæронд усы ныууагътон æмæ мыл мæт мæрдтæ кæндзæн.

Суа та йæ дæлдзæгтæн зæгъы:

— Уазæджы арæвдз хъæуы.

Уырызмæгæн йæ бæхы болат цæфхæдтæ йæ уæлæ, афтæмæй æрбакодтой. Уырызмæг йæ бæхыл фæдызæрдыг ис æмæ зæгъы:

— Ай кæсæнау æрттивгæ куы кæны.

Суа хæррæгъ саргъ гæбæрхæрд бæхыл сæвæрдта, сбадтис ыл, Уырызмæг та йæхи бæхыл æмæ хъуыды кæны: «Ай цавæр лæг у, йæ бæхты дзоджыты диссаджы бæхтæ куы уыди, уæд ахæм бæхыл цæмæн цæудзæн.

Уæд Суайы ус рацыди æмæ Уырызмæджы фæсарц тыхтон абаста, стæй зæгъы:

— Фæндараст у, нæртон лæг, ацы тыхтон Сатанамæ радт.

Уырдыгæй цæуынц дыууæ лæджы. Фыццаг коммæ ныццæуынц æмæ Суа йæ фыццаг фыртæн зæгъы:

— Авд авды.

Нæ бамбæрста Уырызмæг, циу авд авды æмæ та цæуынц. Дыккаг коммы та йæ дыккаг фыртæн загъта:

— Авд авды.

Суайæн авд фырты уыдис æмæ алы комы дæр дзырдта «авд авды». Æвдæм комæй ахызтысты æмæ иу доны былмæ ныххызтысты. Суа йæ бæхы къудийæ æртæ хъисы ратыдта æмæ сæ æрхы ныппæрста. Тæхсæлгæтæ æртæ хъисыл кæрæдзи ныцавтой æмæ фæтары сты. Уырызмæг зæгъы:

— Ам, Суа, мæ бæхы къуди аскъуыди, æрбакæс-ма йæм.

Уырызмæг йæ бæхы къудимæ ацамыдта, фæлæ уæдмæ бæхæн йæ къуди йæ уæлæ фестади æмæ Уырызмæг фефсæрмы ис. Суа йæм дзуры:

— Ма тыхс, нæртон лæг, афтæ дæр вæййы.

Цæуынц дарддæр. Дыккаг æрхмæ бахæццæ сты. Суа бæхы раззаг къæхтæн фæкъæдзгæнæнты сæрмæ мидæгæрдыгæй сæрдасæндзæфтæ фæкодта. Уырызмæг та зæгъы:

— Ам мæ бæхы раззаг къæхты фæкъæдзгæнæнты сæрмæ фатдзæфтæй нысан сты, фен-ма сæ. Суа та ракасти, фæлæ уæдмæ уыцы бынæттæ æнæхъуын бикътæй аззадысты æмæ та Уырызмæг джихæй аззади.

Суа зæгъы:

— Ницы кæны, нæртон лæг, базондзынæ аххосаг.

Араст сты æмæ æртыккаг æрхмæ бахæццæ сты. Суа æрхызти æмæ йæ бæхы цæфхад бафидар кодта. Уырызмæг та зæгъы:

— Ам мæ бæхы фæстаг сæфтæджытæ басыгъдысты, фен-ма сæ, Суа.

Суа ракасти, фæлæ уæдмæ сæфтæджытæ дзыхъхъынног фестадысты æмæ та Уырызмæг хорзау нал фæци.

Суа бахудти æмæ зæгъы:

— Хъус мæм, Уырызмæг. Хуыцауы зондæй мæнмæ касти æртæ фыдбылызы ахæм дзырдæй: цалынмæ сыл нæртон лæг нæ рахиза, уæдмæ уыдонæй уыдтæн æлгъыст. Æрбакæс-ма: демæ рацыдтæн гæбæрхæрд бæхыл æмæ цыхуызæн фестади мæ быны, кæнæ мæ саргъ, кæнæ мæ уидон. Амæй фæстæмæ бæхæн балцы цæугæйæ йæ къуди тыхт уæд, æртæ хъисæй фæстæмæ æмæ фыдбылыз уыцы æртæ хъисыл цæуæд. Бæх амæй фæстæмæ лæджы ирвæзынгæнæг фæуæд æмæ йæ къæхты нуæрттæ та æвдисæнæн баззайæд. Бæх бæлцуаты цæугæйæ æдзæфхад макуы уæд.

Æрулæфыдысты уым æмæ хорз сæхи федтой цæугæдоны был, стæй та араст сты.

Уырызмæг зæгъы:

— Аздæх Суа, авд æфцæгæй мæ рахизын кодтай, ныр цæудзынæн.

Суа загъта:

— Авд æфцæгæй алчи дæр мæ фырты бар уыд. Федтай уыдоны дæр. Ныр стæм æфцæгæй та дæу мæхæдæг ахизын кæнон.

Цæуынц стæм хохыл. Уырызмæг тынг сдойны ис. Дон та æввахс нæ уыд. Уырызмæг тыхсы æмæ зæгъы:

— Оххай, ныр иу доны хъуыртт.

— Ууыл ма тыхс, — загъта Суа.

Арц дурбыны фæцафта æмæ дзы уазал дон ракалд. Уырызмæг дзы йæхи æрыхсадта, анызта æмæ зæгъы:

— Ох, зæрдæйæн цæй æхсызгон дæ. Абонæй фæстæмæ ацы дон, Суа, дæ номыл уæд, æмæ хуыннæд Суадон. Фæндаггонæн йæ дойны сæттæд.

Уырдыгæй рацыд суадоны ном.

Цæуынц. Бирæ сæ нал хъуди æфцæджы сæрмæ, афтæ та Уырызмæг сдойны ис æмæ зæгъы:

— Ох, цæй дойны та сдæн.

Суа йæм дзуры:

— Ма тыхс, Уырызмæг, исты хос та уыдзæн.

Суа та йæ арц дуры хъæбысы фæцавта æмæ дзы дон сырхæй ракалд, хæрдмæ фыцæгау кодта. Уырызмæг дзы бынызта æмæ зæгъы:

— Ох, ме уæнгты цæй тынг ацыди, хæрдæн æххуыс у, нуæзты сафы. Ацы донæн дæр сæфæн мауал уæд æмæ хуыйнæд, Суа, дæ номыл Суар, уадз, адæм зонæд, Суайы аргæ дон у, уый.

Уæдæй баззади суары ном.

Схæццæ сты æфцæджы сæрмæ. Уырызмæг кæсы хуыскъаг фысвос авд хатты авдсæдæ сæры йæ разы лæууынц. Суайы хистæр фырт сæ цуры æмæ зæгъы Уырызмæгæн:

— Адон дын лæвар, æз Суайы хистæр фырт дæн.

Уырызмæг акæсы æмæ авд хатты авдсæдæ сæры урс фосы дзугтæ лæууынц. Суайы дыккаг фырт сæ цуры, зæгъы Уырызмæгæн:

— Адон дæр дын лæвар, æз Суайы дыккаг фырт дæн.

Акасти ноджы Уырызмæг æмæ авд хатты авдсæдæ сау фосы дзугтæ йæ разы. Суайы æртыккаг фырт сæ цуры, зæгъы Уырызмæгæн:

— Адон дæр дæу сты, æз Суайы æртыккаг фырт дæн. Уырызмæг та акасти æмæ авд хатты авдсæдæ сæр хъуджы йæ размæ. Сæ цуры ис Суайы цыппæрæм фырт, Уырызмæгмæ дзуры:

— Адон дæр ма дæу сты, æз Суайы цыппæрæм фырт дæн.

Ноджы та акасти Уырызмæг æмæ та йæ размæ авд хатты авдсæдæ сæры хуыскъаг стуры йæ разы, сæ цуры ис Суайы фæндзæм фырт, дзуры Уырызмæгмæ:

— Адон дæр дæу сты, Уырызмæг, æз Суайы фæндзæм фырт дæн.

Дарддæр акасти Уырызмæг æмæ авд хатты авдсæдæ сæры бæхты емылыччытæ йæ разы, сæ цуры Суайы æхсæзæм фырт. Дзуры Уырызмæгмæ:

— Адон дæр дæу сты, нæртон лæг, æз Суайы æхсæзæм фырт дæн.

Ноджы акасти Уырызмæг, фены авд хатты авдсæдæ сæры бæхы дзоджытæ, сæ цуры Суайы æвдæм фырт, уый дæр та дзуры Уырызмæгмæ:

— Адон дæр ма дæу сты, Уырызмæг, æз Суайы æвдæм фырт дæн.

Уæд Суа йæ диссаджы бæхæй æрхизы æмæ зæгъы Уырызмæгæн:

— Мæ номыл та ацы бæх алас, дæ фосы дын уый куы нæ ныттæра Нартæм, уæд дын ныппырх уыдзысты.

Æфцæджы сæр Царциаты Суа йæ авд фыртимæ хъæбыстæ фæкодтой Нарты Уырызмæгæн æмæ Уырызмæг рараст и. Суайы бæх фосы рæгъæутты размæ тæры, Уырызмæг дæр æвæлмæцгæ сæ фæдыл цæуы. Æрæввахс сты Нарты бæстæм. Фосы комы тæф æртæх æвæрдта æртæ Нартыл, иннæрдыгæй рыг сыстади æмæ Нартæ рыджы бын кодтой. Уæд Нартæ зæгъынц:

— Цыдæр тыхгæнæг нæм æрцæуы.

Уырызмæг хъæумæ куы æрæввахс и, уæд фосы баурæдта. Суайы бæх сæ алыварс уарийы тахт кодта æмæ сæм æввахс никæй уагъта.

Уырызмæг сæхимæ бæхыл баскъардта æмæ Сатанамæ дзуры:

— Ам дæ, æфсин, цы?

Сатана йæм рауайы æмæ дзуры:

— Удæгас ма дæ?

— Куыд уыныс, афтæ. Айхуызæн балцы никуыма ацыдтæн. Акæс Суайы лæвæрттæм, мæнæ дæуæн та тыхтон Суайы усæй.

Уырызмæг Сатанамæ тыхтон баппæрста. Сатана райхæлдта тыхтон æмæ йæ мидæг разынди хуыд фæлыст уый бæрц, æртæ Нарты цас уыдысты.

Дыккаг бон Уырызмæджы æрцыд Нартыл ахъæр и. Уырызмæг Суайы лæвар дзугтæ Нартыл æмхуызон байуæрста, йæхи хайæ та сын стыр куывд скодта. Иу абонæй сæ иннæ абонмæ фæхыгъта æмæ Уырызмæг Нарты цæсты Суайы скадджын кодта.

24. Царциаты хистæр

Царциаты Ахуыйы зæнæг — Суа, Фарнæг, Едысо, Хæтгар æмæ Хъæлæг ралæгтæ сты æмæ фондз сыхы баисты. Фондз сыхы адæм нал фидыдтой æмæ загътой:

— Нæхицæн скæнæм хистæр.

Кæй равзарой, ууыл уыди сæ ныхас. Алы сых дæр хъавыди, уыдонæй хистæр уа, уымæ. Нал фидыдтой æмæ кæрæдзи цæгъдынмæ æрцыдысты. Уæд Царциаты фондз сыхæй Суа æмæ Едысо тыхджындæр уыдысты, сæ цæуæт дæр фылдæр уыдысты æмæ загътой уыдон:

— Фондз сыхы нæхиуыл байуарæм, фæлæ куыд, фæйнæ дыууæ сыхы фæстæ ма иу сых не ’хсæн дзырддаг у.

Едысо зæгъы:

— Мах афтæмæй нæ бафидаудзыстæм, фæлтау нæ фæттæ фехсæм, хуыздæр миниуæгимæ сæ чи æрыздæха, уый уæд Царциаты хистæр.

Фондз æфсымæрæй фондзырдæм фехстой сæ фæттæ. Суайы фат атахти æмæ Æхсæртæггаты сыхы, Уырызмæджы уæлкъæсæр ныссагъди. Нарты Уырызмæг пылыстæг сынтæгыл хуыссыди. Йæ хæдзар ныдздзелау [1] кодта æмæ йæ бынатæй фестади, фæрсы Сатанайы:

— Уый цы уыди, уæдæ?

Сатана зæгъы:

— Нæ уæлкъæсæр ныссагъди кæйдæр фат æмæ йæ фен дæхæдæг.

Уырызмæг фатмæ æркасти æмæ зæгъы:

— Ай Царциаты Суайы фат у, æмæ йæ цы хъæудзæн.

— Æнæфæцæугæ дын нæй, зæронд, — загъта Сатана, кæнæ хорзы нысан у, кæнæ фыды нысан.

Уырызмæг рафтыдта Суайы фаты, йæ бæхы сифтыгъта æмæ араст ис Царциатæм.

Дыккаг фат фехста Фарнæг æмæ сæмбæлди уæллаг Нарты Бурæфарнæджы хæдзары уæлкъæсæрыл. Бурæфарнæг сихор кодта æмæ йæ хæринæгтæ зæхмæ æркалдысты. Дзуры йæ усмæ:

— Уæдæ цы хабар уа?

— Нæ зонын, нæ уæлкъæсæрыл ныссагъди кæйдæр фат.

Бурæфарнæг æм æркасти æмæ загъта:

— Ай Царциаты Фарнæджы фаты хуызæн у, цыдæр ыл æрцыди.

— Бабæрæг æй хъæуы, — зæгъы Бурæфарнæджы ус йæ лæгæн.

Бурæфарнæг дæр фаты рафтыдта, йæ бæхыл сбадти æмæ араст и Царциатæм.

Едысо фехста æртыккаг фаг æмæ дæллаг Нарты Алæджы хæдзары уæлкъæсæрыл сæмбæлди. Хæдзар ныдздзелау кодта. Алæг цыдæр куыста æмæ дзуры йæ усмæ:

— Уæдæ цæй дзелау ныккодта нæ хæдзар?

Ус зæгъы:

— Кæйдæр фат сæмбæлди уæлкъæсæрыл.

Алæг фаты федта æмæ зæгъы:

— Ай Царциаты Едысойы фат у æмæ йæ цы хъæудзæни мæнæй.

— Фæцу йæм, — загъта йæ ус, — æмæ йæ базондзынæ.

Алæг йæ бæхы сифтыгъта, фаты сæфтыдта æмæ араст и Царциаты ’рдæм.

Хæтгар дæр фехста йæ фаты. Фат атахти судзгæ-уыраугæ. Нарты Батырадз дзуæрттимæ хæцыди æмæ йæ фæсхъусы ныссагъди. Фæлæбурдта йæм, æркасти фатмæ æмæ загъта:

— Ай Царциаты Хæтгары фат у, æмæ мæнæй цы агурæг уыдзæн, фæцæуын æм хъæуы.

Фæраст и Царциаты ’рдæм.

Уæд Хъæлæджы фат дæр атахти æмæ сæмбæлди хохы сæры, Нарты Ацæмæз уым улæфыди æмæ йæ зæвæты фæныхсти. Ацæмæз фесхъиуæгау кодта æмæ æркасти фатмæ, зæгъы:

— Ай Царциаты Хъæлæджы фат куы у, цы йыл æрцыдаид? Айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ фæраст и Царциатæм.

Уалынмæ Нартæ кæрæдзи баййæфтой, алчидæр загъта, цæмæ цæуы Царциатæм, уый.

Æрцыдысты Нартæ фондзæй — Уырызмæг, Бурæфарнæг, Алæг, Батырадз æмæ Ацæмæз Царциатæм. Царциатæ уыдысты сæ ныхасы æмæ та хистæриуæгыл ныхас кодтой. Нартæ сæм æрхæццæ сты æмæ загътой:

— Фарн уæ ныхасы!

— Фæрнæйдзаг ут, Нарты сæргуыппыртæ!

— Фатфæдис нæм фервыстат æмæ уымæн æрцыдыстæм.

— Хорз бакодтат, — зæгъынц Царциатæ, — мах стæм сымахмæ хъусæг, хистæр æвзарæм æмæ нæ фидауæм.

Уырызмæг зæгъы:

— Цæмæй уый равзарæм, уый тыххæй нын уе ’хсæны аг не ’хсæн æрæвæрут раздæр.

Царциатæ æхсæны аг дардтой. Йæ мидæг гал фыхтой æмæ загътой:

— Æхсæны сыхы гал фыцæм æхсæны аджы. Уырызмæг Нартæн зæгъы:

— Алчи уæ иу хай сисæд.

Фыцгæ агмæ Ацæмæз февналдта æмæ сгуы фелвæста. Уырызмæг зæгъы:

— Царциаты Хъæлæг кæстæриуæг фод Царциаты хистæрæн.

Батырадзы рад æрхауди, февналдта фыцгæ агмæ æмæ агъд фелвæста. Уырызмæг зæгъы:

— Царциаты хистæртæ æгъдау зонгæй фидар уæнт нырæй фæстæмæ.

Алæг февналдта агмæ æмæ æфцæг фелваста. Уырызмæг зæгъы:

— Царциаты Едысо Царциатæн æфцæгау баст уæд æмæ æртыккаг хистæр бауæд.

Бурæфарнæг æхсидгæ агмæ февналдта æмæ бæрзæй фелваста. Уырызмæг та зæгъы:

— Царциаты Фарнæг уæд Царциатæн бæрзæйау фидар æмæ абонæй фæстæмæ дыккаг хистæрæн баззайæд.

Уæд Нартæ Уырызмæгæн зæгъынц:

— Дæхæдæг дæр сис хай.

Уырызмæг февналдта фыцгæ агмæ æмæ галы сæр фелвæста, стæй зæгъы:

— Царциаты Суа уæд Царциаты сæр нырæй фæстæмæ. Ницыуал загътой Царциатæ Уырызмæджы ныхасыл. Нартæн фынг æрæвæрдтой, фæлæ Нартæй нæ нуазинагмæ исчи æвналдта, нæ хойрагæй исты хъаудта. Царциатæ фæрсынц:

— Цæуылнæ исты исут? Уыдон загътой:

— Нартæм ис æгъдау, кæд æххæст æрцæудзæн, уæд æвналæм фынгмæ, кæннод нæ цыд дæр сæфт, нæхæдæг та уе ’хсæн æгад.

— Зæгъут æй.

— Мах цы хистæртæ равзæрстам, уыдонæй алчи йæ миниуæг Нарты хуызæн равдисæд. Сразы сты Царциатæ.

Суа, Фарнæг, Едысо, Хæтгар, Хъæлæг сбадтысты бæхтыл æмæ сæ хъуамæ арвитоæ, уæд [?].

— Хуыцау, Суайы бæх кæм фæкъуылых уа.

Уырызмæджы ныхас Суайы бæхыл æрцыдис. Суайы бæх афтæ къуылых ссис, æмæ размæ йæ бон къах исын дæр нал уыд. Уырызмæг загъта:

— Уæ, Суа! Мæнæ дын мæ бæх, ууыл ацу, дæхи бæх дæ искуы ныууадздзæни.

Ничи базыдта иннæ Нартæй Уырызмæджы хин. Цæуынц фондзæй Царциатæ, æрмæст Уырызмæджы бæхыл цæуы Суа. Иу бон фæцыдысты æмæ дыккаг бон Уырызмæг скуывта:

— Хуыцау, Царциаты фондз барæгыл ахæм мит рауадз æмæ авд азы мит иу бон цы ’руара.

Царциаты барджытыл æцæгдæр арв сасæст и. Мит сыл уарын байдыдта æмæ æд уæлбæхæй сæ сæрты акалдис. Суа æмбæрста, ай Уырызмæджы фæнд у, уый.

Зæгъы йе ’мбæлттæн:

— Æз мæ хистæриуæгад [2] дæттын уымæн, фæндаг чи акæна æмæ мæ ранмæ чи фæкæна.

Суайы æмбæлттæй ничи йæ ныфс бахаста. Хъæлæг æм бадзырдта:

— Æз кæстæриуæг кæндзынæн фæлтау, æмæ нын дæхæдæг фæндаг акæн, ам миты бын сæфыны бæсты мæ мæлæт мæхи бæстыл æрцæуæд.

Суа йæхи фæразæй кодта. Уырызмæджы бæх разæй лæгæрды. Ныффутт кæны миты æмæ йæ авд ивазны бæрц йæ разæй фæхæссы. Аивæрстысты [3] уырдыгæй. Цæуынц та дарддæр, уæд Нарты Уырызмæг скуывта:

— Хуыцау, авд азы хъызт иу бонмæ рауадз Царциаты бæлццæттыл.

Уырызмæджы ныхас та æрцыди. Царциатыл ахæм хъызт сыстади æмæ сæ хæлæфты мизыныл фесты. Бабукъ сты сæ сæргътыл, сæ бæхтæ ныкъкъæдзтæ сты. Суа дзуры:

— Чи нæ фервæзын кæна ацы уазалæй, уый фæуæд хистæр иуæг.

Хæтгар зæгъы:

— Цы нæ мæстæй марыс, Суа, кæд исты дæ бон у, уæд дын æз кæстæрæн уыдзынæн æмæ нæ фервæзын кæн.

Суа та æмбæрста, Уырызмæджы зонд у, уый. Зæгъы йе ’мбæлттæн:

— Тымбыл кæрæдзимæ æрбацæут.

Царциатæ æрбатымбыл сты. Уырызмæджы бæх сæ алыварс зилдух байдыдта æмæ тæвд кодта, уыцы тæвдæй Царциатæ схъарм сты æмæ та фервæзтысты. Цæуынц дарддæр иннæ боны. Ноджы та Уырызмæг скуывта:

— Хуыцау, ахæм уард рауадз æмæ бæстæ лæсæнтæ куыд кæна.

Æцæгдæр, ахæм уарын рацыди æмæ хæхтæ лæсæнтæ байдыдтой. Царциатæ лæсæны астæу бахаудтой æмæ сын ацæуæн нал уыди. Суа та зæгъы:

— Мæн хистæриуæг нал хъæуы, дæттын мæ хистæриуæг ахæмæн, ацы лæсæнæй мæ чи фервæзын кæна.

Едысо нæ фæлæууыди æмæ зæгъы:

— Æз æртыккаг хистæрæй дæр æввæрсын, æрмæст мæ, Суа, хъуа ды фервæзын кæнай.

Суа æмбæрста, ацы ми дæр та Нарты Уырызмæджы у, уый. Йæ бæхы разæй ауагъта. Бæх йæ болат цæфхæдтæй лæсæны цъыкк ласта æмæ лæсæн авд мусуаты фæйнæрдæм пырх кодта. Аивæрстысты уырдыгæй дæр. Цæуынц та дарддæр. Уæд ноджы Уырызмæг скуывта:

— Хуыцау, ахæм донивылд рауадз, æмæ Царциаты барджытæн ахицæн куыннæ уал уа.

Æрцыдис та ацы хатт дæр Уырызмæджы ныхас. Царциатыл ахæм ивылд рацыди æмæ сахъарайы [4] астæу аззадысты. Дон кодта фылдæрæй фылдæр. Ласта хæхтæ æмæ къæдзæхтæ, кæрæдзийыл сæ хаста. Суа зæгъы:

— Ардыгæй мæ чи аирвæзын кæна, уый фæуæд мæ хистæриуæгдзинад.

Фарнæг æм нал фæлæууыди æмæ зæгъы:

— Цы ма нæ мæстæй марыс, хистæриуæг дæуæн радтам æмæ нæ ивæрзын [5] дæр акæн, æз дыккаг хистæрæй дæр ныллæудзынæн.

Суа та йæхицæн дзырдта, зæгъгæ, ацы ми дæр Уырызмæджы фæндæй у. Йæ бæхы доны батардта. Уæд Донбеттыртæ базыдтой Уырызмæджы бæхы æмæ загътой:

— Нæ хæрæфырты бæхы æд барæг æмæ æд барджытæ фервæзын кæнæм.

Доны фæхуыскъ кодтой æмæ Суа æд æмбæлттæ уыцы фарс фестадысты. Араст та сты сæ фæндагыл. Уæд сыл гуымир уæйгуытæ амбæлдысты. Суа йæхицæн дæр фæтарсти. Бæх æй бамбæрста æмæ ныууасыди. Бæхы уаст Уырызмæджы хъустыл æруади æмæ скуывта:

— Хуыцау, бон сæ мачи сæттæд, æхсæв тыхгæнджытыл фынæй хæцæд.

Æцæгдæр афтæ рауади. Гуымиртæ схæцыдысты Царциатимæ. Ничи сæ састи. Изæрырдæм сæ хæст ныууагътой. Дыууæрдыгæй дæр æрулæфыдысты. Уырызмæджы бæх зæгъы Суайæн:

— Хуысгæйæ нæу, Суа.

Суа йе ’мбæлттæн загъта:

— Улæфут уал, æз азилон гуымиртыл.

— Мах де уазæг, Суа, аирвæзын нæ кæн, æмæ дын дæ номæн кувдзыстæм.

Суа Уырызмæджы бæхыл азылди. Гуымиртæ уыдысты фынæй. Суа сæ арцдзæфтæ фæкодта, сæ фæллой сын ратардта æмæ зæгъы йе ’мбæлттæн:

— Цæуæм нæхимæ.

Уыдон дæр фестадысты. Æрцыдысты Царциатæм æмæ Нарты Уырызмæгæн загътой:

— Дæ зонд авд хуыздæры фæуæд, Суайы хистæр кæй скодтай, уый руаджы мах дæр фервæзтыстæм.

Стыр куывд скодтой Царциатæ Нартæн. Стыр лæвæрттимæ сæ рарвыстой æмæ рацыдысты сæхи бæстæм.

Царциаты Суа хистæриуæгæй баззади Царциатæн йæ амæлæты бонмæ.

25. Фæрнлæг æмæ йæ фырттæ

Царциаты фондз сыхы уыдысты, фондз сыхы дæр æфсымæрты цæуæтæй уыдысты. Фондз сыхæн сæ хуыздæртæй иу Фæрнлæг уыди. Фарны гуырд уыди, фарны боны æмæ йæ афтæ рахуыдтой Царциатæ.

Фæрнлæг йæ лæджы ранмæ рахæццæ ис, уæд йæ мад амарди. Сфæнд кодта йæ мады кадджынæй бавæрын. Фондз сыхæй Фæрнлæджы зианыл маст кодтой, сæ хуыздæр æмæ сæ кадджындæр уый уыдис. Тых æмæ хъаруйы хицау уыди Фæрнлæг. Бавæрдтой Фæрнлæджы мады Царциатæ æмæ Фæрнлæг зæгъы:

— Мæн чи нымайы, уый иу бон йæхиуыл фæхæцæд, ма дæр тых кæнынмæ ацæуæд, ма дæр маст исынмæ. Кæд нæ исчи хъыгдара, уæддæр уал уромæм.

Фæрнлæг кæфты фыдæй хæрнæг кодта æмæ дзы Донбеттыртæ æрхуынды ферох сты.

Донбеттыртæ мæсты кодтой æмæ загътой:

— Царциатæ мах не ’рхъуыды кодтой æмæ сын ныббаринаг нæу.

Уæд дын Царциатæм æрбаминæвар кодта Донбеттырты хистæр:

— Мах ферох кодтат æмæ уын баринаг нæу.

Фæрнлæг загъта:

— Царциатæ ам ницы сты аххосджын, аххосджын уæд æз дæн. Мемæ дзурут, цы фæнды кæнут, фæлæ абон Царциаты мады æвæрæн бон у æмæ уæм дзурынхъом не стæм.

Уый фехъуыстой Донбеттыртæ.

Донбеттыртæ уæд худын байдыдтой æмæ загътой:

— Фесæфат, Царциатæ, сæ зæронд хæррæгъ амарди, уыйадыл йæ ныгæнæн боны никæмæ дзурынц.

Донбеттырты хистæр зæгъы:

— Абон хъуамæ Царциатæй фаг хынджылæг фæкæнæм.

Æрбакодта алчидæр Донбеттыртæй йæ чызджы, лазæгтыл [1] сæ сæвæрдтой, лазæгтыл Царциаты сифтыгътой æмæ сæ тырты сындзытæй цавтой. Бæхты ифтыгъдау цыдысты Царциатæ. Царциаты чызджытæ скъæфтой æмæ сæ æрхæццæ кодтой сæ хъазæн фæзмæ. Уым Царциатæ чызджыты цæрдзæфгæ [2] фæкодтой, стæй сæ бонмæ нал ауагътой. Донбеттырты чызджытæ фæхудинаг сты, уый Донбеттыртæ куы бамбæрстой, уæд сæм тæлм [3] æркасти. Æнæ бафидæуыны хос нал уыди æмæ бафидыдтой.

Донбеттырты чызджытæ бакъæйттæ кодтой Царциатæ.

Фæрнлæджы ус дзы фæцис Донбеттырты хистæры чызг.

Фæрнлæджы ус тырæнхъæлцау [4] баци æмæ зæгъы:

— Мæ афон у, мæнæ уый.

— Кæд мын хъулджын [5] гуырд рацæуа, уæд фидауын дæ фыдимæ, кæннод уын уæ мыггаджы быны цагъд фæкæндзынæн.

Ус æм дзуры:

— Хъулджынтæ дыууæ сты æмæ кæрæдзийæн бар нæ дæттынц, нæ æз раздæр райгуырон, нæ æз.

— Уый та цы уæлдай у, чи фæнды сæ райгуырæд раздæр.

— Уæлдай дзы ис, куы рахъомыл уой, уæд сæ алкæй хистæрдзинад фæнддзæни æмæ сын хылмæ цæудзæни. Фæлтау мæнæ мæ базыджы бын бакъæртт кæн æмæ дзы раздæр кæуыл фæхæст уай, уый райс æмæ хистæр дæр уый уæд. Дыккаг хатт кæй райсай, уый та кæстæр уæд.

Фæрнлæг йæ усы базыджы бын бакъæртт кодта æмæ дзы иу гуырды цæхæр калгæ райста — уыйадыл æй схуыдтой Базыг. Дыккаг æвнæлд бакодта, райста дыккаг гуырды — уый дæр цæхæр калгæ, уый та схуыдтой Æмбазыг.

Фæрнлæг стыр куывд скодта йæ фазæттæн. Æрхуыдта уæд Донбеттырты дæр æмæ йæ усы фыд, хистæр Донбеттыры дæр. Стыр куывды Фæрнлæг рауагъта фыццаг куывд æмæ зæгъы:

— Мæ фыртты хъæбулы хаст афæдзмæ чи скæна, уымæн мæнæ мæ сыгъзæрин нуазæн, æмæ йæ ныфс чи хæссы, уый йæ айсæд.

Хистæр Донбеттыр акасти, йæ ныфс ничи хаста æмæ уæд сыстади. Фæрнлæгмæ дзуры:

— Дæ фыццаг сыгъзæрин нуазæн мæн у, æз сæ скæндзынæн хъæбулы хаст.

Райсы хистæр Донбеттыр нуазæны, арфæ ракодта, анызта йæ æмæ нуазæн та йæхимæ нывæрдта.

Фæрæгъытæ кодтой. Фæрнлæг райста дыккаг сыгъзæрин нуазæны йедзагæй æмæ зæгъы:

— Ацы нуазæн та айсæд уыцы лæг, кæцы мæ фыртты мын иу афæдзмæ хъаны хаст чи скæна.

Хистæр Донбеттыр та акастис æмæ куы ничи стади, уæд зæгъы:

— Уыцы нуазæн дæр мæн у, сæ дыккаг æз дæр схæсдзынæн хъаны хастæй.

Райста нуазæн, ануæзта йæ æмæ та уый дæр йæхимæ нывæрдта. Цыдысты та рæгъытæ. Уæд Фæрнлæг æртыккаг сыгъзæрин нуазæн байдзаг кæнын кодта æмæ зæгъы:

— Ацы æртыккаг сыгъзæрин нуазæны та ахæм лæгæн дæттын, кæцы мæ фыртты хъаны бæрны цæуы.

Хистæр Донбеттыр та ацы хатт дæр йæ цæст ахаста бадты адæмыл, куы ничи стади, уæд зæгъы:

— Фæрнлæг, уыцы нуазæн дæр мæн у, æз дæ фыртты хъаны бæрны цæуын æмæ æртыккаг æз дæр нæ рауаддзынæн дæ фыртты мæхицæй.

Райста æртыккаг сыгъзæрин нуазæны хистæр Донбеттыр, арфæ ракодта, анызта йæ æмæ йæ нывæрдта йæхимæ уый дæр.

Куывд цыди дарддæр. Уый фæстæ æрхуынды адæм арфæтæ кодтой Фæрнлæгæн, йæ фыртты тыххæй æмæ фæцыдысты. Баззади ма дзы хистæр Донбеттыр. Фæрнлæг æм дзуры:

— Ныр мах тугхæстæг стæм демæ, абонæй фæстæмæ дын ис мæ хæдзармæ фæндаг.

Лæвæрттæ ракæны хистæр Донбеттырæн. Йæ фыртты йын лæвæрттимæ акæны æмæ хистæр Донбеттыр фæцыди сæхимæ.

Рацыди афæдз. Фæрнлæгæн йæ ус зæгъы:

— Афæдз рацыдис æмæ афон у мæ цæгаты бабæрæг кæнын.

Фæрнлæг зæгъы:

— Раст дæ, «нæ» дын нæ зæгъын, фæлæ иу азмæ ацæуæн нæй: дæ фыдмæ нæ хъæбултæ хæссынмæ сты афæдзы æмгъуыдмæ, æндæра дын æмбарын дæ хъуыдыйы.

Ус дæр ницыуал загъта. Рацыди афæдз дæр æмæ та Фæрнлæгæн йæ ус загъта:

— Ныр мæ уæддæр ауадз.

Фæрнлæг та загъта:

— Ныр дæр дын ацæуæн нæма ис, нæ хъæбултæ дæ фыдмæ хъаны номыл лæвæрд сты.

Ус дæр та ницыуал загъта æмæ та рацыди ноджыдæр иу афæдз. Фæрнлæджы та йæ ус нæ уадзы:

— Гъеныр мæ уæддæр ауадз.

Фæрнлæг дæр та зæгъы:

— Дæ фыдæй æфсæрмы кæнын, нæ хъæбулты хъаны бæрн дæ фыдмæ лæвæрд у, æмæ зæгъдзæни, цыма бæрæггæнæг цæуыс.

Рацыди та иу аз æмæ та Фæрнлæджы нал уадзы йæ ус:

— Ныр дæ æртыккаг хатт мæхи курын мæ цæгатмæ æмæ мын разыйы дзуапп нæ зæгъыс. Цасфæнды мæ уромай, уæддæр ацæудзынæн.

Фæрнлæг зæгъы:

— Бар дæхи, фæлæ мæ нырмæ нæ фæндыди. Ацу.

Йæхи сцæттæ кодта Фæрнлæджы ус, бирæ лæвæрттæ æмæ йæ Фæрнлæг доны былмæ рафæндараст кодта. Уым кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ Донбеттырты чызг доны смидæг ис. Фæрнлæг ма донмæ касти, фæлæ уый нал зынди.

Фæрнлæг сæхимæ нæ тагъд кодта, фæлæ цуаны ацыди. Хохыл федта саг æмæ йæм фæхъавыди. Уæд саг æвиппайды фесхъиудта æмæ коммæ ныттылди. Фæрнлæг æм раздæр æрхæццæ ис æмæ кæсы сагмæ. Чысыл фæстæдæр дыууæ лæппуйы йæ разы февзæрдысты æмæ йын дардæй салам загътой.

Фæрнлæг сын се уæнгты кондмæ бакасти. Уыдысты фидаргондтæ, хъамбулдзаст æмæ хæдæфсарм лæппутæ. Йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты æмæ йæхимидæг загъта: «Тæхуды мæ фырттæ дæр адон хуызæн куы рауаиккой».

Фæрнлæг лæппутæм дзуры:

— Цæмæ кæсут, мæнæ саджы мард æмæ дзы физонджытæ акæнут.

Лæппутæ загътой:

— Дæ фарн, дæ фарн, фæлæ æнæ хистæры бавнæлдæй мах не ’вналæм.

Фæрнлæг бахудти æмæ зæгъы:

— Амондджын кæстæртæ стут сымах, бар уын дæттын.

Дыууæ лæппуйы саджы мардмæ февналынц. Иу уысмæ йын йæ царм фæхицæн кодтой, арт бакодтой æмæ физонджытæ суанцъы [6] сагъд акодтой. Уадидæгæн ацæттæ сты. Иннæ фондз дихы скодтой. Уæд Фæрнлæг хъуыды кæны: «Цæмæн кæнынц фондз дихы саджы марды, ам æртæйæ фылдæр куынæ стæм. Цæй, уæд та уал сæм бакæсон». Физонджытæ ацæттæ сты, æрбадтысты хæрыныл, сæхи хорз федтой, стæй лæппутæ зæгъынц Фæрнлæгæн:

— Ацы фондз дихы байуар, хистæр ды дæ.

Фæрнлæг зæгъы:

— Куыд зыны, афтæмæй саджы сымах амардтат, стигъгæ æмæ дзы физонджытæ дæр сымах скодтат, уæдæ фысым дæр ныр сымах стут æмæ йæ дих дæр акæнут. Уазæг искæй хæдзары йæхи хицау нæ фæкæны.

Лæппутæ загътой:

— Уæдæ фыццаг хай дæуæн, куыд хистæр, афтæ. Дыккаг хай дæр дæуæн, де ’мбæлæггаг. Æртыккаг хай дæр дæуæн, Царциатыл цæудзынæ æмæ нын уым фыд ис, уымæ йæ бадæтдзынæ. Цыппæрæм хай дæр дæуæн: Царциатæм цæугæйæ, уым мад ныууагътам, æмæ йæ уымæ ратдзынæ. А фæндзæм хай та мах уæд, фæндагыл ныл уæд та сыдæй мæлæг амбæлд.

Фæрнлæг ацы ныхæстæм фæдурдзæфау ис æмæ фæрсы:

— Ныххатыр кæнут лæппутæ, фæлæ сымах Царциатæй кæцыйы фырттæ стут?

Лæппутæ загътой:

— Нæ фыд Царциаты Фæрнлæг у, нæ мад та хистæр Донбеттыры чызг у.

— Уæдæ мæ хъæбултæ стут, æз Фæрнлæг мæхæдæг дæн.

Уым кæрæдзийыл фæцин кодтой. Уæд лæппутæ сæ мады æрфарстой. Фæрнлæг зæгъы:

— Уæ мад йæ цæгатмæ фæцæуы.

— Иунæгæй, æви искæимæ?

— Чи йæ хъæуы, афонмæ ныхæццæ ис.

Лæппутæ кæрæдзимæ бакастысты, стæй загътой:

— Нæ мады цæгатмæ Донбеттыртæ мæсты сты. Мах йæ фыдмæ ацæуæм, кæннод ыл исты фыдбылыз æрцæудзæни. Дæуæй та хатыр уал курæм æмæ фæндараст фæу.

Фæрнлæг раздæхти Царциатæм.

Лæппутæ азгъордтой сæ мады фæстæ æмæ сæ мады фыдмæ æрхæццæ сты. Фæрсынц æй:

— Нæ мад нæма æрцыди?

Хистæр Донбеттыр зæгъы:

— Нæма.

— Уæдæ йыл цыдæр сæмбæлди, — æмæ радзырдтой сæ мады тыххæй цы фехъуыстой сæ фыд Фæрнлæгæй, уый.

Донбеттырты хистæр фæдфæдис [7] фæкодта йæ хæрæфырттимæ. Ссардтой лæппутæ сæ мады, йæ гомтæ риу, риутыл уырдхæфсытæ [8] æхсыр дæйынц, йæ цæнгтæй хæрдмæ баст, бынæй къæхтæм сындз арт цæуы æмæ удхарæй мæлы. Донбеттырты хистæр зæгъы:

— Уæртæ уæ мад, сæфы кæйдæр амыдæй.

Лæппутæ базгъордтой, фæлыг кодтой бæттæнты æмæ йæ æристой. Тарæхсад [9] æй акæнынц æмæ йæ фæрсынц:

— Цы кодтай, æна?

Мад дзуры:

— Фыдæбон фæуæд, мæн бацамонæг. Чидæр мæ бацамыдта мæ фыды знæгтæн æмæ мыл фыдвæндаг бафтыди.

Донбеттырты хистæр зæгъы йæ хæрæфырттæн:

— Æз мæ чызджы кæнын, фæлæ ме знаг та уæртæ уыцы гæнахы бады, фыдæбон мын кæны цæрæнбонты. Кæд уæм Царциатæй исты фарн ис, уæд мын уымæй мæ маст сисут, мæн бон та уый басæттын нæу.

Хистæр Донбеттыр йæ чызджы акæны сæхимæ. Дыууæ лæппуйы амынд гæнахмæ бацыдысты æмæ бахъæр кодтой:

— Фысым, æддæмæ нæм ракæс!

Фысым æрвгæнæн [10] фæзылдта æмæ гæнахы иу фарс рафæлдæхти. Дыууæ лæппуйы фæсвæд алæууыдысты. Дыккаг хъæр та бакодта:

— Æддæмæ ракæс, мах цы хъавæм дæ гæнахы дуртæй!

Уæд та дыккаг æрвгæнæны бакодта, цæхæр ракалди, бæстæ ссыгъди. Лæппутæ та фæйнæрдæм алæууынц æмæ æртыккаг хатт бахъæр кодтой:

— Махæн уазал нæу, зынджытæй цы хъавæм, æддæмæ нæм ракæс.

Æртыккаг хатт дын фысым æрвгæнæн бакодта æмæ æхсидгæ дон ракалдта. Лæппутæ та фæстæ фæлæууыдысты æмæ ноджы бадзырдтой:

— Мах нæхи найгæ нæ кæнæм, æддæмæ ракæс, науæд дæм тыхæй фæцæуæм.

Фысым уыди авдсæрон, иу сæррæт ракодта, лæппутæ йемæ схæцыдысты. Уый еугуыппарты хистæр уыди. Лæппутæ йæ тæлмдзæф фæкодтой æмæ еугуыппар йæ уды систа.

Уырдыгæй ацыдысты æмæ сæ мады æрвадæлтæм ныццыдысты. Донбеттырты хистæр куыннæ ныццин кодтаид йæ хæрæфыртты фесгуыхтыл.

Уæдæй баззади, зæгъгæ, хæрæфырт тугисæг у.

26. Фарнæг æмæ Удхæссæджы фембæлд

Царциаты Фарнæг ахæм бонджын разындис æмæ йæ ис, йæ бонæн бакæнæн нал уыдис. Йæ ном арвы нæрдау ахъæр ис. Йæ кой хуры рухсау апырх ис. Чи у фосджын, уый у бонджын. Фарнæг дæр раст ахæм уыдис. Йæ фосрæгъæуттæ дардыл уыдысты. Рæстæгæй-рæстæгмæ сыл-иу азылди. Рæгъаугæстæ семæ Фарнæджы тыххæй кæфджынæг [1] бандон хастой. Фарнæг-иу куы фæзындаид, уæд æй ууыл бадын кодтой. Хæссынæн рæуæг уыдис, бадынæн — фæлмæн.

Иу бон Фарнæг йæ рæгъæуттæ уынæг зылдис æмæ уыны диссаг: быценаг [2] адæм мард рахæссынц æмæ сыл Фарнæг амбæлди. Æгъдау сын радта æмæ быцентæй иу лæджы фæрсы:

— Ацы мард цавæр у, сылгоймаг æви нæлгоймаг?

— Нæлгоймаг у, — зæгъы быценон лæг.

— Гæр, æмæ нæлгоймаг дæр мæлы?

— Мæлы, мæлы! Нæ уыныс, мæнæ нæлгоймаджы мард хæссæм, уый?

— Оххай, æмæ уæдæ мæлæтæн цæсгом нал ис?

— Кæм ма ис цæсгом? Мæлæт дурæй фидардæр у, хивæнд, æдзæсгом.

Фарнæг араст и дарддæр, йæ уæнгтæ ныууæззау сты марды тыххæй, хъуыдытæ кæны: уæдæ нæлгоймаг низæй куыд хъуамæ амæла; гæнæн ис исчи йæ амара, дон æй фæласа, фурды бахауа, фæлæ низæй та куыд? Уымæй цæй мæлæн ис?

Мæлæты бардуаг, удхæссæг æм касти æмæ Фарнæджы ’рдæм ракодта йæ фæндаг, кæрæдзийыл амбæлынц. Удхæссæг æм дзуры:

— Дæ фæндаг раст уа, Фарнæг!

— Дæ хъуыддаг раст уæд дæуæн дæр, — зæгъы йын Фарнæг.

— Цæуыл хъуыды кæныс афтæ тынг? — афарста йæ Удхæссæг.

— Куыннæ хъуыды кæнон, — зæгъы фарнæг, — абон быценон адæм мард рацæйхастой, йæ низæй, дам, амард. Дисы бацыдтæн: а, искæй къухæй мæлæн ис, мæлæн ис донластæй дæр, фурды бахауынæй дæр, айнæгæй рахаугæйæ дæр, фæлæ низæй нæлгоймаг куыд хъуамæ амæла?

— Кæй уд дын ахæссон, — фæрсы Удхæссæг, — цæмæй йæ фенай, кæцы рынчыны зоныс?

— Рынчынтæй фылдæр цы ис, фæлæ рынчын мæлæтмæ цы бар дары? Дæлæ уыцы хъæуы иу æрыгон чызг æмæ лæппу рынчынтæ сты. Кæрæдзи рагæй уарзтой æмæ ныр фæрынчын сты, уый тыххæй куыд хъуамæ амæлой. Æз искæй уды бархæссæг нæ дæн, абоны хъуыддаджы фæстæ бамбæрстон, мæхи уд дæр мæн кæй нæу. Кæй уд дæ фæнды, уый уд ахæсс.

— Уæдæ мын мæ бæхыл фæхæц, — зæгъы Удхæссæг, — ды цы чызг æмæ лæппуйы кой кæныс, æз уыдон удтæ рахæсдзынæн.

Фарнæг Удхæссæджы бæхыл хæцы, Удхæссæг та уыцы чызг æмæ лæппумæ фæцыди. Фарнæджы зæрдæмæ Удхæссæджы бæх фæцыди æмæ зæгъы:

— Удхæссæг уадз, удтæ хæсса, æз та йын йæ бæх фæкæнон мæхицæн.

Фарнæг йæхи бæхæй æрхызти, бæласы цонгыл æй абаста æмæ Удхæссæджы бæхыл сбадти. А ныр ацæуа, афтæ Удхæссæг фæзынди, уыцы æрыгон чызг æмæ лæппуйы мардæй æрхаста. Удхæссæг Фарнæгмæ дзуры:

— Мæ бæх давынмæ мын хъавыдтæ? Дæхи бæх бæтгæ куы бакодтай.

Фарнæг фефсæрмы ис, бакасти чызг æмæ лæппуйы мæрдтæм æмæ зæгъы:

— Хатырæй уæд, фæлæ бабæллыдтæн дæ бæхмæ, зæгъын ыл æз не сфидаудзынæн, уый тыххæй йыл абадтæн.

Удхæссæг ныххудти æмæ зæгъы:

— Мæ бæхыл никуы ацыдтæ, мæнæ дын ехс æмæ йыл ауай, цы фенай, уый мын зæгъдзынæ, куы ’рцæуай, уæд.

Фарнæг удхæссæгæй ехс райста, бæхмæ йæ февзыста. Удхæссæджы бæх дымгæйау атахти арвы кæрæтты. Фарнæг алцæмæ дæр цырд касти æмæ бынатмæ æрхæццæ, æрхызти бæхæй. Удхæссæг æй фæрсы:

— Зæгъ-ма, Фарнæг, цытæ федтай?

— О, ме скæнæг дуне, — зæгъы Фарнæг, — цы диссаг у дуне. Зæхх у карчы айкау тымбыл, йæ уæлæ цæрын, æмæ мæм афтæмæй та стыр касти, арвыл тæхгæйæ та — гыццыл. Цæмæн афтæ у? Æмбæхсæн дзы никуы ис.

— О, уæдæ куыд лидзынмæ хъавыдтæ мæнæй, мæ бæх мын куы аластаис, уæд? — фæрсы йæ Удхæссæг, — ныр цу дæ фæндагыл, мæлæты рады хыгъд арæзт у. Кæй рад æрцæуа, æз уый уды фæхæссын. Фæлæ мæлæт у алы хуызы, æмæ кæмæн куыд фыст у, уымæй йын фæхицæн нæй. Ацы чызг æмæ лæппу тухæн кодтой сæ низæй æмæ сын сæ удтæ дæр уымæн хæссын. Æвзæрæй никуы ницы сарæзтой, фæлæ сæ рады мæлæт æрцыдис æмæ сын мæнæ сæ удтæ хæссын. Зæхх тымбыл уымæн у, æмæ цасфæнды фæцæуай, уæддæр дæ фыццаг бынатмæ æрцæудзынæ æмæ ма уæд давын та цы у?

— Уæдæ мæ мæлæт та кæд уыдзæнис? — фæрсы Фарнæг.

— Уый сусæггад у. Уымæн зæгъæн нæй. Уæд мæсты кæмæ дæ, уыдоны раздæр фæцæгъддзынæ, дæ маст сæ райсдзынæ, стæй дæм дæ цард диссаг нал фæкæсдзæни. Лæг хъуамæ маст дæр æмбара æмæ цин дæр.

— Уæд та мын уый зæгъ: мæ усæй, мæнæй чи раздæр мæлдзæн?

— Уый та уæхиуыл баст у, — зæгъы Удхæссæг, — усæн маст куы кæнай, уæд ус раздæр амæлдзæни. Усæн кад кæныс, уæд та лæг раздæр мæлы. Афтæ у цард.

Удхæссæг ацыди, ахаста йемæ чызг æмæ лæппуйы мæрдтæ. Фарнæг дæр бабæрæг кодта йæ рæгъæуттæ æмæ рацæйцыд. Йæ иу рæгъаугæс хъæр кæны:

— Фæдис, мæ рæгъау мын дæлимон фæтæры!

Фарнæг фæлæууыди, акасти фæйнæрдæм. Дæлимон доны сæрты багæпп кодта, фæлæ йæ дзабыр цъымарайы аззади. Дзабыр ахæм уыдис æмæ дзы фондзыссæдз лæджы бацыдаиккой. Фарнæджы рæгъаугæстæ фæдисы рацыдысты, Фарнæг йæхæдæг дæр. Уæд сыл талдзы къæвда рацыди. Фарнæг æд фыййæуттæ, æд фос дæлимоны дзабыры бацыдысты. Дзабыр донæй дзаг кодта æмæ сæ дон йæ сæрмæ иста фосæй, адæмæй. Фарнæг зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, ай цы у, дзабыры хуылфы куы хуыдуг кæнæм?!

Уæд иу чызг разгъоры æмæ хъæр кæны:

— Баххуыс мын кæнут, дæлимон мæ ахсы!

Фарнæг чызджы дзабыры хуылфæй систа, чызг йæ сæрбæттæн райхæлдта, цыппарырдæм æй айтыгъта æмæ къæвда дзабырмæ нал цыди. Дæлимон иу къæдзæхы сæрæй касти. Фарнæг дзабыры фындз фæхуынкъ кодта æмæ къæвда дон ууылты акалди, дæлимоны раласта æмæ бабын ис. Фарнæг чызгмæ дзуры:

— Къæвдайы уардæй нæ фервæзын кодтай дæ сæрбæттæны фæрцы æмæ дын цы хорзы бацæуон?

— Сымах та мæн дæлимонæй аирвæзын кодтат, — зæгъы чызг, тыххæй мæ йæхицæн кодта, цы хорзы уын бацæуон?

— Уæдæ кæд афтæ у, — зæгъы Фарнæг, — уæд мæ хистæр рæгъаугæс æнæус у æмæ йæ бинойнаг бау.

Чызг дæр уæлдай ницыуал загъта. Фарнæг сын стыр чындзæхсæв скодта чызг æмæ рæгъаугæсæн иу абонæй иннæ абонмæ æмæ царды дзæбæхæй цæргæйæ баззадысты. Хорздзинад дыууæрдæм у: де ’нæ уарзæгыл фæхæцыд талæу [3], сæрбахъуыды боны — дæ хæрзгæнæгæн йæ фарсмæ балæуу.

Афтæ сæмбæлди Фарнæг Удхæссæгыл, фæлæ ма уæддæр хъуыды кодта: лæг амæлы, фæлæ йæ фарн баззайы.

27. Фарнæджы мæлæт

Фарнæг Царциаты æхсæн кад æмæ радæй фæцарди. Ныр базæронд и æмæ йæ бафæндыди йæ фыртты арæхстдзинад базонын, сæхи æнæ сæ фыд сæ бон бауыдзæн дарын, уый. Иу бон рарынчын ис, фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Нæ зонын, нæ зонын, фæлæ уын ныр куы амæлон, уæд мæ куыд ныгæндзыстут?

— Куыд нын бацамонай, афтæ, — зæгъынц ын йæ фырттæ.

Фарнæг рабадæгау кодта, йæ чъылдыммæ быцæу нывæрзæн сæвæрдта, йæ фырттæ йæ уæлхъус лæууынц æмæ зæгъы:

— Уæдæ хъусут мæ амындтæм. Æз уыдтæн балцы, иу æдзæрæг бæстæм ахаудтæн, кæсын æмæ фурд йæхи сырх дары. Æххормаг дæр сдæн, зæгъгæ, исты куы ахæрин, хæринагæй дæр мæм ницы уыди. Ауыдтон, цыдæр мард хуыссы. Загътон: ам мæн чи фендзæн, цæй йæ къæдзил ын афыцон. Къæдзилыл арт акодтон. Уый куыддæр æнахъинонау базмæлыд, йæ къæдзилæй мæ фехста, йæхæдæг фурды смидæг æмæ фурд тынгдæр ныссырх и. Æз атахтæн æмæ нæ дуары раз мæ фæртт фæцыдис. Уый уыдис стыр кæф. Куы амæлон, уæд мын уый фыдæй чи схæрнæг кæндзæни?

— Æз! — фæхъæр кодта хистæр фырт.

— Хорз, фæлæ мын раздæр радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæг ногæй дзуры:

— Уæдæ мæ дыккаг амынд та у ахæм: уыдтæн та балцы, сæххормаг дæн. Иу æдзæрæг бынатмæ ахаудтæн. Федтон уым хъуаз [1] хизгæ. Йæ æхсыр йæ фæздонæй мызти, смондаг дæн йе ’хсырмæ. Æхсыр адагыл згъордта æмæ дзы иу ус гуымбыл ахста. Зæгъын, уыцы усæй цыхт ракурон, фæцæй йæм цыдтæн, фæлæ мæ хъуаз йæ дзыхæй фелвæста, ныззыввыт мæ ласта æмæ мæ цæлхъ нæ хæдзары размæ фæцыди. Мæ æххормагдзинад дæр мæ байрох. Уыцы хъуазы гуымбылæй мын чи схæрнæг кæндзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта дыккаг лæппу.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Ногæй дзуры Фарнæг:

— Ме ’ртыккаг амынд та у: уыдтæн та балцы, иу хохмæ бахаудтæн, кæсын — иудзонгон хуым кæны. Дыууæ лæджы йын къæлуа [2] змæнтынц, доны бæсты хыссæйыл сæ туг бауадзынц. Уæд сæ иу хыссæйыл дон акодта, туг æм фаг кæй нал уыди, уый тыххæй. Лæгхор æй ауыдта æмæ йын йæ туг ацъырдта, марды фехста æддæмæ. Иннæ лæг æм луæрст къæлуа авæрдта, иудзонгон дзы ахордта, стæй афынæй. Æз уæхст стæвд кодтон, иудзонгоны цæстыты йæ фæтъыстон. Уый афтæ тынг ныббогъ кодта æмæ мæ йæ комы дымгæ рахаста. Лæг мæм кæсгæйæ баззади. Нæ хæдзары цур сæмбæлдтæн, ехх, уыцы къæлуайæ мын чи схæрнæг кæндзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта æртыккаг лæппу.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ дæ балцы хабар раздæр, — зæгъы Фарнæг.

Фарнæг та дзуры:

— Уæдæ ме ’ннæ амынд та у ахæм: уыдтæн та балцы, бахаудтæн лæгхормæ. Уый йæ мадæн цыдæр дардта, смондаг æм дæн, дойны дæр мын уыди. Лæгхор къус иуварс æрæвæрдта, æз æм бауадтæн. Къусы бын чысыл аззади нуæзтæй, мæ дзыхыл æй сдардтон. Лæгхоры мад мæ ауыдта, ме ’фцæгготæй мæ ныззыввыт ласта æмæ нæ хæдзары раз æрхаудтæн. Уый нуæзта æлутон æмæ мын дзы чи самал кæндзæни мæ хæрнæгæн?

— Æз! — фæхъæр кодта цыппæрæм лæппу.

— Хорз, фенæм, — зæгъы Фарнæг, — фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Ногæй та Фарнæг зæгъы:

— Уæдæ ма мæм ахæм амынд дæр ис: уыдтæн та балцы æмæ арв æрбасасæста, бæстæ ихуазал ссис, фыдтымыгъ скодта, зæхх салди. Цы ма фæуыдаин, уый нал зыдтон. Суыдтон саджы хуыссæн, уым саджы лæппын уыди, мæ хъæбысмæ йæ систон. Йæ мад æрбацыди, æхсыр ын дардта, мæнæн дæр авæрдта йе ’хсырæй. Бынтон бахъарм дæн. Мæ хид калди. Райсомы сыстадтæн æмæ мæ саг Царциаты хъæусæр уæзæгмæ æрхаста. Бузныг ын загътон. Ныр куы амæлон, уæд мын уыцы саджы хъуынæй мæ ингæны къултæ чи сараздзæни, цæмæй мын мæрдты бæсты хъарм уа?

— Æз! — фæхъæр кодта фæндзæм лæппу.

— Хорз, фендзынæн дæ, фæлæ мын раздæр радзурдзынæ дæ балцы хабар.

Фарнæг алæууыди æмæ та зæгъы:

— Уæдæ ма мæм ахæм амынд дæр ис: балцы та уыдтæн, бахаудтæн фысгæсмæ. Фысгæсы уæрыччытæ хъазгæ рацæйцыдысты сæ мæдтимæ. Иу урс уæрыкк дзы уæззау цыдис, йæ мад æм дзуры: «Тагъддæр рацу, уæд та нæ хицаумæ уазæг ис æмæ кусæрттагæн дæ разæй искæй аргæвддзæн». Уæрыкк дзуры: «Фысымы бæркад æз дæн, кæд мæн аргæвда, уæд-иу мын мæ туг дурдзæджындзы бын ауадзæд, стæй йын йæ фосмæ æфтаудзынæн мæрдты бæстæйæ». Æз æххормаг дæр сдæн. Фысгæс мæ суазæг кодта, уыцы уæрыччы мын аргæвста, йæ туджы йын дурдзæджындзы бын ауадзын кодтон æмæ — йæ фосыл фылдæр фос æфтыди. Уæрыччы фыд бауæларт кодтам æмæ уыйонг ныннæрсти, æгас комы адæмæн дæр сфаг уыдаид. Куы амæлон, уæд мын уыцы фысгæсы фосæй хæрнæгæн иу уæрыкк чи æркæндзæни?

— Æз! — фæхъæр кодта æхсæзæм лæппу.

— Хорз, фенæм дæ, фæлæ-иу раздæр дæ балцы хабар радзур.

Фарнæг сулæфыди æмæ та зæгъы:

— Ис ма мæм иу ахæм амынд: балцы та уыдтæн, иу доны былмæ бахæццæ дæн. Чидæр хъæр кæны фаллаг былæй: «Доныл мæ ахæсс!» Фæтæригъæд ын кодтон, балæгæрстон доны, кæсын æмæ хæрз къаннæг лæг. Сæвæрдтон æй ме ’ккой æмæ йæ рахастон, фæлæ æккойæ нал хизы зæхмæ. Фæрсын æй: «Рахиз зæхмæ, цы дын кодтон æвзæрæй?» Уый зæгъы: «Ныффæлдис мæ æмæ ахизон». Æз æй фæрсын: «Бæх нæ дæ, куыд дæ ныффæлдисон?» Уый зæгъы: «Дæхицæн мæ ныффæлдис». Гæнæн мын нал уыд æмæ дзурын: «Нæма æгас дæн, фæлæ куы амæлон, уæд дæ мæ фырттæ мæнæн ныффæлдисдзысты». Нал фидыдтам. Уæд æй хуыссæг æрцахста, афынæй æмæ йæ ме ’ккойæ сабыр райстон, зæххыл æй æрæвæрдтон, кард æм ныддардтон, уый бæх фестади, узæлынтæ мыл систа. Гъе, уыцы бæхы мын чи ныффæлдисдзæн?

— Æз! — фæхъæр кодта æвдæм фырт.

— Хорз, фæлæ мын радзурдзынæ раздæр дæ балцы хабар.

Дыккаг бон дæр та Фарнæг фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Мæхи хорз нал хатын, фæлæ ма мæ удæгасæй куы фенин, сымахæй мын чи цы ныфс радта, уый куыд сæххæст кодта. О, мæ хистæр хъæбул, дæ рад у, фæцу æмæ мын уыцы кæфы фыдæй æрхæсс.

Хистæр лæппу йæ бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Цæуын æз балцы, рæствæндаг мæ кæн, цæмæй кæфы фыд баст уа фæсарцы.

Араст и хистæр лæппу, бирæ фæцыди, бахæццæ изæрырдæм иу хъæумæ, уыны диссаг: иу бери [3] мыдыбындзытæ нымайы, иу ын дзы нæ зыны, Фæлвæра дзы хуым кæны. Бери йемæ схыл ис, фæбынæй æмæ хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый.

Лæппу Фæлвæрайы фæхибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорзы дын бацæуон?

— Кæфы фыд мæ хъæуы, Сырх фурды чи цæры, ахæм кæфы фыд.

Бафидауын кодта берийы Фæлвæраимæ. Уæд бери адугъ кодта æмæ æнæхъæн кæф æрбахаста. Лæппу йын раарфæ кодта æмæ йæ хæдзармæ раздæхти кæфимæ, радзырдта Фарнæгæн, кæф ын куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— Оххай, ме сфæлдисæг, мæ фыццаг фырт ме знаг Фæлвæрайы кæд бафидауын кодта, уæд мæ амæлæты фæстæ базондзæнис цæрын æнæ мæн.

Фæбузныг дзы æмæ йæ дыккаг фыртæн зæгъы:

— Фæцу æмæ мын, цы хъуазы федтон, уый æхсырæй ахст гуымбыл æрхæсс.

Дыккаг лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, дæумæ æз кувын! Мæ къухты бафтау, мæ фыды тыххæй цы гуымбыл курын.

Араст и лæппу, иу хъомгæсмæ бахауди, уый гуымбыл ахста, фæлæ йын-иу йæ гуымбылы Фæлвæра ахордта. Хъомгæс стыхсти. Уый уыди берийы хъомгæс. Уæд бери æмæ Фæлвæра схыл сты æмæ бери фæбынæй ис, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый!

Фарнæджы дыккаг лæппу Фæлвæрайы рахибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорздзинад агурыс?

— Хъуазы æхсырæй ахст гуымбыл мын радт.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта, стæй гуымбыл райста æмæ сæхимæ æрцыдис. Фарнæгæн радзырдта, гуымбыл куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— Оххай, ме скæнæг! Мæ дыккаг фырт дæр ме знаг Фæлвæраимæ ссардта æвзаг æмæ мæ амæлæты фæстæ базондзæни цæрын адæмимæ.

Фарнæг уымæй дæр фæбузныг ис æмæ йе ’ртыккаг лæппуйæн зæгъы:

— Фæцу æмæ мын æрхæсс, цы къæлуайы кой кодтон, уымæй.

Æртыккаг лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг, зæрдыл цы лæууа мæ фыды фæдзæхст, цæмæй æрхæссон уымæн къæлуа.

Араст и йæ фæндагыл, уыны диссаг: адæм иу ран бадынц, дих кæнынц кæрдзын æмæ дзы иуы хай нæ фæцис. Иу карк хоры æфсир рацæйхаста, бери йæ рацахста, æфсиры байста, йе ’рмтты æхсæн æй рассадта æмæ дзы къæлуа акодта. Хай кæй нæ фæци кæрдзынæй, уымæн æй авæрдта, фæлæ йын æй Фæлвæра байста. Бериимæ та схыл сты æмæ бери фæбынæй ис. Хъæр кæны бери:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый.

Фарнæджы æртыккаг лæппу Фæлвæрайы рахибар кодта æмæ бери фервæзти, фæрсы лæппуйы:

— Цы хорзы дын бацæуон?

— Армыдзаг къæлуа мæ хъæуы.

Лæппу бери æмæ Фæлвæрайы бафидауын кодта, уæд ын бери дзæкъулы дзаг къæлуа радта. Лæппу сæхимæ æрцыди æмæ йæ фыдæн радзырдта, къæлуа куыд самал кодта, уый. Фарнæг дзы фæбузныг ис æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Ацы лæппу дæр хылгæнджыты кæм бафидауын кодта, уым æнæ мæн цæрын базондзæни адæмимæ.

Фарнæг фæдзырдта йæ цыппæрæм фыртмæ æмæ йын зæгъы:

— Фæцу æмæ мын æлутон нуæзт æрхæсс.

Цыппæрæм лæппу дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Мæ цыд — æнусон ма уæд æлгъыстаг, мæ къухы бафтæд хойраг — æлутон.

Цæуы лæппу йæ фæндагыл, иу ран диссаг уыны: хуымгæнæг галæй хуым кæны. Гал куы сдойны вæййы, уæд ын хуымгæнæг æлутон адары æмæ гал йæ фæллад ницæмæ уал фæдары. Фæлвæра сæм фæзынди æмæ æлутон байсы хуымгæнæгæй. Уый бери ауыны æмæ Фæлвæраимæ схыл вæййы. Бери фæбынæй ис æмæ та хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы дома, уый.

Фарнæджы цыппæрæм лæппу Фæлвæрайы рахибар кæны æмæ бери фервæзти. Бери лæппуйы фæрсы:

— Цы дын раттон?

— Къусы дзаг æлутон мын ратт.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта æмæ тъæпæнæджы дзаг æлутон йæ фыдмæ æрхаста, радзырдта йын, куыд йæ къухы бафтыди, уый. Фыд дæр дзы фæбузныг и æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг, амæ дæр мæ зæрдæ нал æхсайдзæни мæ амæлæты фæстæ, ме знаг Фæлвæраимæ ссардта æвзаг.

Фæдзырдта Фарнæг фæндзæм фыртмæ, афтæ йын зæгъы:

— Фæцу, цы сагæй дын дзырдтон, уый хъуынæй мын æрхæсс.

Фæндзæм лæппу бæх сифтыгъта æмæ дзуры:

— О, ме скæнæг, мæ фæндаг даргъ у, зын, фæлæ мын бафтау мæ къухтæм фæлмæн саджы хъуын.

Цæуы фæндзæм лæппу, схъызыди йыл æмæ уыны: саджы лæппын уазалы гæв-гæв кæны, залиаг калм æм æрбабыры. Бери калмы нæ уадзы саджы лæппынмæ. Уæд Фæлвæра фæзынди æмæ бериимæ схыл сты. Бери фæбынæй æмæ хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн дæттын, цы кура, уый. Фæндзæм лæппу Фæлвæрайы иуырдæм акодта, калмы скъуыхтæ кодта, бери дæр фервæзти æмæ дзуры лæппумæ:

— Цы хорз дын ракæнон?

— Мæн хъæуы саджы хъуын армы дзаг.

Лæппу Фæлвæра æмæ берийы бафидауын кодта. Бери ауади æмæ калмы мардыл арт бакодта. Тæф сагыл сæмбæлди æмæ уым февзæрди. Йæ лæппыны удæгасæй куы федта, уæд сцин кодта. Бери сагмæ дзуры:

— Ацы лæппуйы руаджы фервæзти дæ лæппын, армы дзаг æй хъæуы саджы хъуын.

Саг йæхи ралвынын кодта æмæ лæппу дæлармы бæрц саджы хъуын йæ фыдмæ æрхаста. Радзырдта, куыд æй ссардта, уый. Фарнæг дæр та фæцин кодта æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Хорз у знаджы марын, фæлæ йын æмбарын хъæуы йæ ми дæр. Амæ дæр мæ зæрдæ нал æхсайдзæни мæ амæлæты фæстæ.

Фæдзырдта Фарнæг йæ æхсæзæм фыртмæ, зæгъы йын:

— Де ’фсымæртæ расгуыхтысты, фæлæ ма мын ды дæр уæрыччы хъус куы ’ркæнис æххæст.

Æхсæзæм фырт дæр бæх сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Мæ зæрдæ у рыст. Фæлæ хъуамæ æркæнон мæ фыды тыххæй иу чысыл уæрыкк.

Араст и йæ фæндагыл лæппу, бирæ фæцыдис, бахауд фысгæсмæ. Фысгæс æмæ Фæлвæра цæуылдæр быцæу кодтой. Фысгæс хъул ныкъкъуырдта æмæ берийы хъæбысы абадти. Бери фестади, фысгæсмæ æрхæццæ ис, Фæлвæраимæ схыл сты æмæ та бери фæбынæй ис, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый! Æхсæзæм лæппу Фæлвæрайы иуырдæм акодта æмæ бери сыстади. Фæрсы лæппуйы:

— Цы хорз мæ агурыс?

— Иу уæрыччы хъус мæ хъæуы.

Лæппу бери æмæ Фæлвæрайы бафидауын кодта, стæй урс уæрыкк райста, æрцыдис йæ фыдмæ æмæ йын радзырдта, уæрыкк куыд ссардта, уый. Фарнæг зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Бынтон æвæстаг мæ нæ кæныс. Ме знаг Фæлвæраимæ æвзаг чи ссардта, уый æнæ мæн дæр цæрдзæни.

Фæбузныг и уыцы лæппуйæ дæр Фарнæг æмæ дзуры йе ’вдæм фыртмæ:

— Фæцу, хъæбул, цы бæхы кой дын кодтон, уый мын æркæн.

Кæстæр лæппу йæ бæхы сифтыгъта æмæ зæгъы:

— О, ме скæнæг! Цы у мæ байраг, куы нæ ссарон мæ фыды номыл иу бæхы байраг.

Араст и йæ фæндагыл, иу ран уыны ахæм хабар: адæм куывды сты æмæ дзы цæуы бæхдугъ. Дугъы сты берийы фырт æмæ Фæлвæра дæр. Берийы фырт разæй кæнын байдыдта, уæд Фæлвæра цæхгæр фæзылдта йæ бæхы æмæ берийы фырт бæхæй ахауди. Бери йæхи нал баурæдта æмæ Фæлвæраимæ схыл ис. Бери та ныр дæр фæбынæй, хъæр кæны:

— Чи мæ фервæзын кæна, уымæн ратдзынæн, цы кура, уый!

Фарнæджы кæстæр лæппу Фæлвæрайы раиуварс кодта. Бери фервæзти æмæ фæрсы лæппуйы:

— Цы дæ хъæуы мæнæй?

— Дæ бæх мын радт, мæхион æнæфæразгæ у.

Уыцы лæппу та бафидауын кодта бери æмæ Фæлвæрайы æмæ бæх райста. Сæхимæ æрцыдис, йæ фыдæн радзырдта, бæхы куыд самал кодта, уый. Фарнæг зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Мæ фыртты тых базыдтон, ме знагмæ дæр ссардта фæндаг, цæрдзæни æнæ мæн. Ме скæнæг, фæлдисгæ мæ куыд ракодтай, афтæ мæ маргæ дæр акæн.

Фæдзырдта ма йæ фырттæм æмæ сын зæгъы:

— Æз амæлдзынæн, фæлæ æз цы фарнæй цардтæн, уый уæ къухæй ма ахауæд.

Уæ фыды фарн хæссут кадимæ. Мæнæн бери уыдис мæ хуыздæр хæлар, мæ зондæй-иу фæбынæй, уый уыдтат. Мæн фæндыди уæ арæхстдзинад базонын. Уе ’фтиаг фæллæйттæ та амонынц: кæф — хъæздыг царды нысан, гуымбыл — фосджын уæвын, къæлуа — хорджын уæвын, æлутон — нуæзтæй уæздандзинад æвдисын, саджы хъуын — бинонты хъарм цард, уæрыкк — уазæгуарз æмæ æгъдау дæттын, бæх — хæдзар барæгджын уæвын æмæ-иу фæлдыст уæд мæлæты бон нæлгоймагæн. Мæ амарды фæстæ ацы авд миниуæгæй цух ма уæд мæ хæдзар.

Фарнæг амарди. Царциатæ йыл æрымбырд сты, æгъдау ын лæвæрдтой. Æрцыдысты йæм уæларв цæрджытæ, Донбеттыртæ дæр æмæ йын алчи дæр æгъдау лæвæрдта. Аларды зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ фырттыл бафтыд де стыр фарн æмæ дæ хъæздыгдзинад.

Донбеттыр зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ фырттыл бафтыд кæфты фарндзинад, донау дæ фæндаг сыгъдæг æхсырау, дæ кæстæрты цард — адджын.

Уацилла зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ хæдзарвæндаг хорæй уæд бонджын, сæ ном та — номджын.

Тутыр зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ кæстæртæн нуæзт уæд æлутон æмæ сæ ном та — æнусон.

Æфсати зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ урс уæрыкк уæд æргæвст дæ номæн, дæ кæстæртæн та — амондæн.

Фæлвæра зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, æвзæр æвзæрæй нæ фыстæуы, фæлæ мæм быцæу кодтай, дæ фырттæ афтæ кæм расгуыхтысты, уым нæ хæрамдзинад мауал уæд, бирæ дын цæрæд, саджы хъуынау хъарм уæд.

Уастырджи зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, амæй фæстæмæ дæ кæстæртæ бæхджын æмæ барæгджын фæуæд, чи сæ фæхъæуа, уымæн та-иу бæх фæлдисгæ уæд.

Бери зæгъы:

— Рухсаг у, Фарнæг, нæ зыдтон, ай дæ фырттæ сты æмæ мæ ме знагимæ уыдон бафидауын кодтой авд хатты. Авд хатты амындæй зонд чи нæ базона, уый сæфт у, дæ кæстæрты ном уæд кадимæ, сæ балцы цыд — фарнимæ.

Царциатæ зæппадз сарæзтой Фарнæгæн, бæх ын ныффæлдыстой æмæ йæ бавæрдтой. Фарнæджы фыртты лæггадæй уазджытæ тынг фæбузныг сты, арфæтæ сын фæкодтой ноджы æмæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.

Афтæ фæцис Царциаты фондз æфсымæрæй дыккаджы цард.

28. Хæтгар æмæ йæ фырттæ

Хæтгар Царциатæй уыди, иу бон цуаны ацыди æмæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæтгар дæр йæ фæстæ æрцыди. Йæхицæн скодта физонæг æмæ хæрыныл æрбадти. Хæтгар фæстаг комдзаг куы кодта, уæд æм ныхъхъæр чындæуыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы!

Хæтгар йæ къух æруагъта, комдзагыл хæцы æмæ фæйнæрдæм кæсы. Хъуыды кæны: «Чи мæм дзуры, ам куы ничи ис, уæд?» Систа комдзаг, а ныр æй ахæра, афтæ та хъæр фæцыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы.

Йæ къухы та æруагъта, ногæй акасти, фæлæ та никæй уыны. Систа та дзыхмæ фæстаг хайы æмæ та æртыккаг хатт хъæр фæцыди:

— Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы, мæн хъæуы!

Хæтгар æм дзуры:

— Чи дæ, рацу æмæ бахæр.

— Фæуром дæхи æмæ уал мусонг æркæн.

Хæтгар мусонг ацарæзта, сагдзармæй йæ æрæмбæрзта æмæ банхъæлмæ касти. Хур дæр аныгъуылди, фæлæ йæм цæуæг нæй. Сфæнд кодта сæхимæ рацæуын. А ныр рацæуа, афтæ та хъусы:

— Хæтгар, кæдæм цæуыс, фæлæуу мæм!

— Абондæргъы дæм кæсын, фæлæ чи дæ, æргом мæм цæуылнæ цæуыс? Мæнæн та талынг кæны æмæ мын зын цæуæн уыдзæни.

— Талынджы цæуын æдасдæр у знагæй, æмæ фæлæуу. Бынтон æрталынги. Уæд хох фегом ис æмæ дзы рухс ракалдис.

Уырдыгæй дзырдæуы:

— Хæтгар, мидæмæ рахиз.

Хæтгар уырдæм бацыди æмæ зæгъы:

— Фарн а бынаты.

— Фæрнæйдзаг у, æрбад бандоныл, — ахæм ныхас æм райхъуысти.

Хæтгар акасти, фæлæ никæй уыны.

— Сбад Хæтгар! — райхъуысти та ныхас.

Хæтгар æрбадтис. Кæсы: хæдзар уыди диссаг, авгæй къуымтæ, цæхæртæ калдтой астæрдтытæ.

Дзурæг та фæрсы:

— Хæтгар, мæ хай цы фæци?

— Мæхимæ.

— Фынгыл æй æрæвæр.

Хæтгар физонæджы хай æртыкъахыг фынгыл æрæвæрдта. Уæд мидæггаг уатæй разынди сылгоймаг, бурбын сæрыхъуынтæ быд дыууæ фæлтæрæй, сæрыл бæрцау бадынц. Размæ рахызти. Хай систа æмæ йæ ахордта. Уый фæстæ тæмæнтæ скалдта. Сылгоймаджы дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, ныхæй стъалытæ зынди æмæ йын йæ развæндаг рухс кодта. Никуы федта Хæтгар ахæм диссаг, дурдзавдау аззадис йæ бадæны, аджихтæ ис. Сылгоймаг та дзуры:

— Цæуыл хъуыды кæныс, Хæтгар, æви мæ цард дæ зæрдæмæ нæ цæуы?

— Цæугæ та куыннæ кæны, фæлæ айонг рацардтæн æмæ айхуызон фæлыст æмæ фæлындзгонд хæдзарæй нырмæ никуы федтон.

— Ныр ма цы рацардтæ æмæ цы федтаис, исты дыл фæдджи ивазджытæ [1] куыннæ сбирæ ис.

Сылгоймаг æрхаста хæрд уæд, нуæзт уæд. Райдыдтой хæрын æмæ нуазын, сæ сæры дæр цæуын байдыдта æмæ хуыссын афон æрцис. Хæтгарæн уат æркодта сылгоймаг, йæхæдæг иннæ хатæнмæ бахызти. Йæ дарæс раласта, уæгъд æркæнгæ [2] ма фæуагъта йæхиуыл сылгоймаджы буар æркæнгæйæ афтæ тынг зынди æмæ цымæ бæгънæгæй лæууы, ахæм.

Сылгоймаг æрхуыссыди. Хæтгарыл хуыссæг нал хæцыди æмæ рафт-бафт кодта. Сфæнд кодта йæ цуры æрхуыссын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста æмæ ныуулæфыди, «офф», зæгъгæ.

— Цы кæныс, Хæтгар, цæуыл улæфыс, — афарста сылгоймаг.

— Ницы, афтæ, — загъта Хæтгар.

— Уæдæ схуысс, дæ амонд цы уа, уый уыдзæни.

Хæтгар æрхуыссыди. Сылгоймаг дæр æрфынæй ис. Хæтгар нал фæлæууыди æмæ сылгоймаджы фарсмæ абырыди, фæцæрдзæф æй кодта.

Сылгоймаг æм дзуры:

— Цы ми бакодтай, Хæтгар?

Уый зæгъы:

— Мæ бон дæм нал уыди кæсын æмæ мын ныббар.

— Цы ма дын барон, фæкæ мæ ныр дæ бæстæм. Рацыдысты иумæ талынджы. Цæуынц мæйдары. Сылгоймаджы ныхы стъалыйæ рухс кæлы æмæ сæ развæндагыл æдæрсгæ цæуынц.

Хæтгар йæ саджы марды дæр раккой кодта. Царциатæм æрхæццæ сты æмæ цæгат сыхæй хуссармæ сылгоймаджы ныхы стъалы боны хуызæн кодта. Хæтгар фæрсы:

— Ныр мемæ рацыдтæ, фæлæ дæ номæй куы нæ зонын, уæд мæ Царциатæ куы фæрсой, уæд сын цы зæгъон?

— Æз дæн Хуыцауы хæрæфырт Таусæрухс.

Хæтгар бакодта йæ хæдзармæ Таусæрухсы. Таусæрухс хуыйын байдыдта дарæс æмæ Царциаты сыхы ахæм нал баззади, йæ фæлысты æмбисæхсæвæй райсом боны цъæхмæ кæмæн не сцæттæ кодта.

Райсом куыддæр бон дзир-дзур кодта, афтæ Таусæрухс зæгъы Хæтгарæн:

— Царциатæн сæ фæлысты байуар.

Æхсæвыцæстæй Хæтгар зилын байдыдта æмæ алкæмæн дæр йæ фæлысты радта.

Уæд Царциатæ æрымбырд сты æмæ зæгъынц Хæтгарæн:

— Нæ чындзы нын фенын кæн.

Хæтгар Таусæрухсы ракæны. Царциатæ дзы ныббузныг сты æмæ загътой:

— Ахæм чындз кæм у, уым йæ номыл мæсыг саразæм. Царциатæ фидар мæсыг райдыдтой аразын Таусæрухсы тыххæй. Мæсыг сырæзти æмæ йæ схуыдтой Таусæрухсы мæсыг. Йæ фæстæ куывд ныззылдтой æмæ кад кодтой Таусæрухсæн.

Цыдысты бонтæ, афæдзтæ, Хæтгар æмæ Таусæрухсæн райгуырди дыууæ фаззоны, дыууæ лæппуйы. Дыууæ дæр уыдысты бурхил æмæ уæнгджын, схуыдтой лæппуты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Афтæ та сæ уымæн схуыдтой, æмæ æмхуызон бур рауадысты. Рæзыдысты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Бон рæзыдысты къуыри бæрц, къуыри — мæйдзыд кодтой, мæй — афæдздзыд. Бахъомыл сты. Сæ лæджы ранмæ рацыдысты.

Иу заманы дыууæ æфсымæры цуаны фæцыдысты тар хъæдмæ, ницæуыл хæст кодтой. Уыцы рæстæджы зылын гуыбын еугуыппартæ æрбафсæрстой Царциатæм. Ницы уал сæм уагътой. Царциатæн сæ хæстхъомтæ балцы уыдысты. Æнхъæл нæ уыдысты, искуы сæ бæстæмæ бырсдзæн, уый. Царциаты адæмы цæгъдынтæ систой еугуыппартæ. Хæтгар зæронд баци, йæ рæсугъд ус Таусæрухсимæ мæсыгмæ бацыдысты, сæхиуыл дуæрттæ рахгæдтой æмæ сыл уырдыгæй райдыдтой хæцын. Еугуыппарты мæрдты тугæй дон фестади Царциаты сых. Ницы фæрæзтой мæсыджы сисынæн.

Уæд мæсыгмæ уасинтæ æвæрын байдыдтой. Фæлæ сæ Хæтгар æмæ Таусæрухс цагътой дывæр фыддæрæй.

Бурæберд æмæ Бурæнæг загътой:

— Нæ фæстæ Царциатæй цыдæр хæсты хъæр цæуы.

Ратындзыдтой æмæ æрхæццæ сты. Райдыдтой æртывæр хæст еугуыппартимæ. Зылын гуыбын æмæ æрдæгцъындæ уæвæг еугуыппартæ фыддæр митæ байдыдтой. Мæсыджы ракалдтой, уым фесты Хæтгар æмæ йæ ус дæр.

Бурæберд æмæ Бурæнæг уый куы федтой, уæд та фыддæр цæф ныккодтой сæхи се знæгтыл, еугуыппартыл. Æнæхъæн къуыри фæхæцыдысты, æнæхъæн къуыри не ’рулæфыдысты, стæй сæхæдæг дæр фæмард сты.

Еугуыппартæ цы ссардтой, уый семæ ахастой. Царциаты цæрæнуæттыл арт бафтыдтой, кæй та тыххæй фæккодтой, фæлæ Царциатæн сæ хæстхъомтæ фæзындысты. Уæд еугуыппартæ лидзынмæ фесты. Цыдæртæ ма сæм бафтыди, афтæмæй сæхи бæстæм фæлыгъдысты.

Афтæ фесæфти Царциатæн сæ иу сых, Хæтгар кæм царди, уый.

29. Хæтгары бинонты сæфт

Хæтгар иугæндзон хæтæнты хатти, иуахæмы та фæцыди кæдæмдæр æмæ йын йе ’рцыдмæ Тутыры номыл галы адавдæуыд. Давгæ йæ Тутыр йæхæдæг акодта. Æртæ гуымир æфсымæры йын зонгæ уыдысты, уыдонмæ галы ныккодта æмæ сын зæгъы:

— Ацы гал мæ номыл нывонд у. Хæтгар мын æй байста æмæ йæ хъахъхъæнут.

Хæтгар йæ хæтæнæй æрцæйцыди æмæ йыл йæ галы давды хабар сæмбæлди. Фæмаст кодта бæргæ, исдуг йæхи æрсабыр кодта æмæ та ногæй хæтæнты ацыд, фырмæстæй йæ разы чи фæвæййы, уыдоныл йæ тых бакалы. Стæры цæуыны размæ йæ усы бафæдзæхста:

— Ме ’рцыдмæ мæ авд фыртмæ дæ хъус дар, тагъд дæм зындзынæн.

Хæтгар араст и, йæхицæн зæгъы:

— Ныр цæугæ кæнын, фæлæ кæдæм? Уæд та мыл исты æрцыди, уæд мæ кæм агурдзысты Царциатæ, кæнæ мæ фырттæ? Ехх, цæуон уæддæр! Цард æмæ мæлæт кæрæдзи сурынц, уыдон фыдæхæй зæххон адæм та сырх зынгæй судзынц.

Цас мæ мард дарддæр уа, уыйас хуыздæр.

Цæуы Хæтгар æмæ уыны диссаг: æртæ гуымир æфсымæры бадынц, ныхас кæнынц æмæ ныхас быцæумæ цæуы, сæ иу зæгъы:

— Цымæ айк раздæр фæзынди æви карк?

Иннæ зæгъы:

— Цымæ дон раздæр фæзынди æви зæхх?

Æртыккаг зæгъы:

— Цымæ бон раздæр фæзынди æви æхсæв?

Сæ фæрстытæн сæхæдæг дзуапп дæттынц, фæлæ нæ фидауынц: чи дзырдта айк раздæр фæзынди, фæлæ йæ уæд чи æрæфтыдта; чи дзырдта зæхх раздæр фæзынди, фæлæ йæм уæд дон чи рауагъта; чи дзырдта бон раздæр фæзынди, фæлæ уæд æхсæв кæцæй æрхастæуыди?

Хæтгар сæм бацыди æмæ уымæн сæ быцæуы хабар ракодтой. Хæтгар сæ фæрсы:

— Æз æй куы базонон уæ фарсты, уæд мын цы ратдзыстут?

— Ратдзыстæм дын Тутыры номыл нывонд цы гал уыди, уый. Авд ивазны йæ дæргъ у, æртæ ивазны — йæ уæрх.

Хæтгар ахъуыды кодта, зæгъгæ, Тутыры номыл нывонд гал мæнмæ куы уыдис, уæд æй адонмæ чи æркодта? Фæрсы сæ:

— Мæ мады æрвадæлтæй стут, фæлæ-ма зæгъут, нывонд галы уæм чи æркодта?

— Тутыр йæхæдæг, — зæгъынц гуымиртæ.

— Хорз уæдæ, æлутон нуæзт бакæнæм нырма æмæ уæ быцæу цæуыл у, уый дæр базондзыстæм.

Нуазæнтæ систой, æгæр куы нуæзтой, уæд иу гуымир зæгъы:

— Нозт фыдбылыз у, дуне бахæрдзæн, уый æдзæсгомæй арвы дуар дæр сæрæй бакæндзæн.

Дыккаг гуымир дæр зæгъы:

— Нуæзтæй иу сыкъа — цардæн у фæдзæхст, дыккаг та — арфæ, фæлæ æртыккаг — æрхæсдзæн мæлæт.

Æртыккаг гуымир зæгъы:

— Фыццаг сыкъа у зæрдæйыл хæцæг, дыккаг — расыгæн, а æртыккаг та — фыдбылыз хæссæг.

Хæтгар сæм уæд дзуры:

— Æлутонæй расыг кæны зындонмæ: цыфæнды кæнай, нæ бакæсдзæни дæ зонд, дæ коммæ.

Нал фидыдтой гуымиртæ, барасыг сты. Хæтгар сæ ноджы кæрæдзийыл ардауы, иуæн зæгъы: «ды раст дæ», стæй иннæмæн зæгъы: «нæ, ды дæ раст». Уый фæстæ æртыккагæн зæгъы: «Нæ, ды бынтон раст дæ». Уæд сæ иу фæзæгъы гуымиртæй:

— Ау, рæдийын?

Дыккаг дæр бакæны:

— Æмæ æз рæдийын?

Æртыккаг дæр фæзæгъы:

— Æгæр, æз кæм рæдийын?

Уыйадыл æртæ гуымиры схыл сты æмæ кæрæдзи амардтой. Хæтгар дзы иуы хъустæ ралыг кодта æмæ сæ иннæйы дзыхы батъыста. Дыккаджы фындз ралыг кодта æмæ йæ æртыккаджы дзыхы бавæрдта.

Хæтгар сыл фæхудти, ныууагъта сæ, йæ галы ракодта æмæ Царциатæм рацыд. Царциаты донуадзæны тæвд гал доны æрхуыссыди æмæ дон ныццауæзта. Царциатæ фæфæдис сты. Уынынц сæ дондзæуæны Хæтгары гал ныххуыссыди. Царциатæ зæгъынц:

— Дæ галы акæн, Хæтгар, дон сцад ис æмæ нæ ласдзæни.

Хæтгар сæм дзуры:

— Нуæзтджын дæн æмæ мын æхсыр бадарут.

— Ныр дын цалынмæ æхсыр хæссæм, уæдмæ Царциатæ донласт фæуыдзысты. Иу сыхы нæ фесафтай дæ усы аххосæй, ныр та нæ дæ галы аххосæй сафыс?

Хæтгар фæмæсты, галы сыкъатæм фæлæбурдта, дон ракалди æмæ Царциаты раласта. Царциатæ йæм дзурынц:

— Фервæзын нæ кæн, Хæтгар, нæ хъуццытæ дын ратдзыстæм æмæ бануаз æхсыр, цас дæ хъæуы, уыйас.

Хæтгар галы йæ сыкъатæй фелвæста, зæххыл æй фæкодта æмæ ауæрм ис, дон уæрммæ калди æмæ йæ тых фæсасти. Дыккаг ран æй ныццавта галы æмæ ног уæрмæй зæхх аззади, уæд доны тых тынгдæр æрсасти. Æртыккаг ран дæр галы зæххыл ныццавта æмæ та зæхх ауæрм ис, доны тых бынтон асасти. Царциатæ зæгъынц:

— Хæтгары тыххæй та сæфтыстæм, исты йын бакæнæм.

Маммийы бафарстой æмæ сын уый загъта:

— Йæхимæ йын ма февналут, ницы йын кæндзыстут, фæлæ фондз сыхы стут, алы сых дæр ын йæ лæппутæй иуы амарæд.

Царциатæм уый хорз фæндон фæкасти. Хæтгар йæ галы сæргæвста æмæ йæ усæн зæгъы:

— Цæуын балцы, ацы гал уал уын фаг уыдзæни.

Хæтгар фæцыди хæтæны. Царциаты фыццаг сых бацыдысты æмæ Хæтгары авд фыртæй иуы ракодтой æмæ йæ цардæгасæй къæдзæхыл бабастой. Лæппу йæ уд уым систа, амарди. Уæд дыккаг сых дæр бацыдысты Хæтгары хæдзармæ æмæ дыккаг лæппуйы рахастой, иу бæласыл æй сауыгътой, æмæ йæ уд уым систа. Æртыккаг сых дæр бацыдысты, Хæтгары зæнæгæй иуы ракодтой, хохы цъуппыл æй бабастой æмæ уый дæр йæ уд уым систа. Цыппæрæм сых дæр иу лæппуйы рахастой, иу айнæгыл æй байтыгътой æмæ уым амарди. Фæндзæм сых бацыдысты æмæ ракодтой Хæтгары фырттæй иуы æмæ йæ доны был дурты бын бакодтой, уым амарди. Уæд фондз сыхы дзурынц Маммимæ:

— Хæтгары зæнæгæй иуы ды дæр исты фæкæн, кæннод азым махыл бады.

Мамми дæр Хæтгары зæнæгæй иуы рахаста, цады йæ ныппæрста æмæ уым амарди. Хæтгарæн ма баззади иунæг лæппу Хæтæго. Царциатæ Хæтгары усы бафæдзæхстой:

— Дæ лæгæн исты куы зæгъай, уæд дæ амардзыстæм. Куы дæ фæрса йæ цæуæтæй, уæд-иу зæгъ: «Дæ агурынмæ фæцыдысты æмæ нырма нæ зынынц».

Усæн дæр цы йæ бон уыди æмæ сразы ис, зыдта Царциаты фыдмитæ.

Уалынмæ Царциатæ æрцыдысты æмæ Хæтгар дæр семæ. Хæтгар сæхимæ бауади, фæрсы йæ усы:

— Мæ зæнæг кæм сты? Цы хуызæн мæм кæсыс, нæ дын кæуыны уынд ис, нæ худыны уынд, нæ æнкъарддзинады уынд.

— Дæ зæнæг дæ агурæг фæцыдысты, кæд дзы исчи фесæфти, уæд кæудзынæн; кæд дзы исчи уæззау раны ис, уæд æнкъард кæндзынæн; кæд ма дзы исчи æгас у, уæд худдзынæн.

Хæтгар ницыуал загъта, зæгъгæ, фæзындзысты мæ фырттæ. Баизæр и, уæддæр нæ зындысты Хæтгары æхсæз фырты. Уæд Хæтæго дзуры йæ фыдмæ:

— Дæ фыртты мауал агур. Царциаты фондз сыхæй ам чи уыди, уыдонæй сæ агур.

Хæтгар йæ усы рабырста, уæхст стæвд кодта æмæ йын æй йе ’взагыл сæвæрдта, фæрсы йæ:

— Тагъд мын зæгъ, кæм сты мæ фырттæ!?

Ус мæлæтæй фæтарсти æмæ зæгъы:

— Царциатæ фæйнæ сыхæй фæйнæ фырты акодтой, иуы та дзы Мамми акодта, мæн бафæдзæхстой, мацы сдзурон, кæннод мын рахастой тæрхон — мæлæт. Агур сæ уыдонæй.

Хæтгар Царициатыл ныхъхъæр кодта:

— Мæ фыртты мын цы фæкодтат, уый зæгъут, кæннод уæ мæ маст авд хатты фылдæрæй сисдзынæн!

Царциатæ се ’гас аххосджын нæ уыдысты, иутæ дзы Хæтгаримæ уыдысты æмæ уыимæ æрцыдысты, бынаты чи уыд, аххосджын уыдон уыдысты. Уæд Хæтгармæ Мамми дзуры:

— Царциаты тæссаг фæндагыл ацу æмæ дыл дæ фырттæ æмбæлдзысты.

Хæтгар цæуы иу къæдзæхы бынты æмæ йæм зарæг райхъуысти:

Уæлæ къæдзæхыл хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Хæтгар къæдзæхмæ фæкасти æмæ уæлæ йæ мард фырт зары. Æриста йæ, йæ сæр нынкъуыста, йæ фырт ма йæм сдзырдта:

— Худинагхæссæг вæййы æгæнон. Йæ ном дæр сафы, адæмы ’хсæн та уыдзæн æнæном.

Хæтгар йæхимæ худинагæй æркасти, йæ фырты æрæвæрдта иу ран æмæ хъæды фæцæуы, мæстæй тъæппытæ хаугæ. Уæд та йæм зарæг æрыхъуыст:

Хъæды сæрмæ мын хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Хæтгар иу бæласы сæрмæ фæкасти æмæ йæ дыккаг фырты базыдта, æриста йæ бæласæй, йæ фырт æм дзуры:

— Дæ намыс сафыс, — нæ дæ уæд раст лæг, дæ цæсгом чъизи, æмæ дæ æвзæрæн хæсдзысты адæм.

Хæтгар йæхимæ æдзæсгом æркасти, йæ фырты иннæйы цур æрæвæрдта. Цæуы та дард дæр хохыл, фехъуыст æм зарæг:

Хохы цъуппыл хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Хæтгар фæкасти, хохы цъуппыл — йæ æртыккаг фырт, æриста йæ æмæ йæм йæ мард фырт дзуры:

— Дæ фыдгулыл у уæлæхох, зон йæ, куыддæр фæтыхсай, фæтых дыл уыдзæн йæхæдæг зондæй.

Хæтгар уыцы ныхæстæм йæхимæ æнæзонд æркаст, æрæвæрдта иннæты цур уый дæр æмæ фæцæуы айнæджы бынты, фехъусы та зарæг:

Айнæджы фарсмæ хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Хæтгар фæзылди айнæгмæ, суыдта йæ цыппæрæм фырты, æриста йæ, фырт æм мардæй дзуры:

— Гæды дзырд рæгъмæ ничи хæссы, чи йыл баууæнда, уый йæхи сæрæн маст дæр æрхæссы.

Хæтгар ахъуыды кодта, зæгъгæ, гæды дзырды аххосæй фесæфтысты мæ зæнæг. Уый дæр иннæты цур æрæвæрдта æмæ доны былтыл араст и. Фехъусы та зарæг:

Мæнæ доны был хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Хæтгар тынг смæсты ис, йæ сæр батылдта æмæ йæ фæндзæм фырты иннæты цур æрæвæрдта. Уый дæр æм дзуры:

— Мæнгард лæгæн-иу йæ дзыхы арф фæд ныууадзы сау калм, æмæ свæййы дзыллæты сафæг.

Хæтгар йæхимæ мæнгард æркасти, калмыл йæхи абарста. Фæцæуы цады былтыл, фехъусы та зарæг:

Уæ цады фарсмæ хъæдур хор,

Махæн Хæтгар — хъæбулхор.

Фæкасти цадмæ Хæтгар æмæ йæ æхсæзæм фырты уырдыгæй мардæй райсы. Мард фырт æм дзуры:

— Æцæг лæг тохы нæ сæтты сомы, тæппуд лæгæн та судзгæ разайы цъутхал йæ комы.

Ам дæр та Хæтгар йæхимæ тæппуд æркасти, йæхи æцæг лæгыл нал банымадта, уыцы фырты дæр иннæты цур æрæвæрдта. Маст сыл кæны æмæ фæрсы йæхи: «Ау, мæ фырттæ Царциатæн цы кодтой? Цавæр æнæзæгъ [1] хабар мыл сæмбæлди? Æгæр, афтæ рæдийын?» Зондæй бацæуын хъæуы Царциатæм, уымæн æмæ «Дыууæ уды ’хсæн „ау“ дæр хылы хос, æдылыимæ зæндджын лæг никуы аскъæрдзæн хизмæ йæ дзуг фос».

Рахæссы Хæтгар йæ æхсæз фырты мардæй æмæ йæ усы ауыны йæ дзыккутæй бастæй. Фæрсы йæхи Хæтгар: «Ай та ма цы кодта?» Æриста усы дæр æмæ рацыд сæхимæ, æрæвæрдта сæ иу ран Ныхасы æмæ фæрсы Царциаты:

— Зæгъут мын, чи уыди аххосджын мæ фырттæ æмæ мæ усы марды, кæннод мын авд хатты туг бафидут.

Царциатæн гæнæн нал уыдис æмæ Маммимæ бацыдысты, ныззоныгыл æм кодтой, зæгъынц ын:

— Мах дæ фыд, дæ мады уазæг, сæфæм Хæтгарæй. Ацы хатт нæ фервæзын кæн, кæннод нæ авд хатты фервæзын кæн, кæннод нæ авд хатты сисдзæн туг.

Мамми ныхасмæ рацыдис, мæрдтæм бакасти æмæ Хæтгармæ дзуры:

— Адон Царциаты къухæй мард не сты.

— Уæдæ кæй къухæй мард сты? — афарста Хæтгар.

— Дæ мард фыртты куы æмбырд кодтай, уæд дын ницы загътой?

— Загътой, — зæгъы Хæтгар, — мæ фыццаг фырт дзырдта: худинагхæссæг æгæнон у; дыккаг фырт дзырдта: намыс сафæг лæг нæу; æртыккаг дзырдта: фыдгулыл уæлæхох хъæуы; цыппæрæм дзырдта: гæды дзырдмæ хъусын нæ хъæуы; фæндзæм фырт дзырдта: мæнгард лæг калм у; æхсæзæм дзырдта: тæппудæй лæг хъуамæ ма цæра. Сæ зарæджы мæ хъæбулхор хуыдтой.

— Омæ дын раст дзырдтой, — зæгъы Мамми, — аххосджын сæ мад уыд, æгæнон уыд, намыс сафæг, уæлæхох кодта дæуыл, гæды ныхас дын кодта, калмы æвзагæй дæм дзырдта, тæппуд дæ хуыдта. Лæппутæ ма дын сæ зæрдæйæ амыдтой хъæдур хор, æртыдтаис æй кæнæ къæдзæхы, кæнæ хъæды, кæнæ къуыппыл, кæнæ айнæджы цур, кæнæ донбыл, кæнæ цады цур, уæд дæ фырттæ фервæзтаиккой. Ды уый нæ бакодтай, æмæ амардысты. Дæ ус йæхицæн фæтарсти æмæ йæ дзыккутæй йæхи æрцауыгъта. Ам Царциатæ аххосджын цæмæй сты?

Хæтгар ницыуал загъта, зæппадзы бавæрдта йе ’хсæз фырты æмæ йæ усы та зæппадзы сæрыл хъенæй сæвæрдта. Цы иунæг фырт ма йын баззади, уый хуынди Хæтæго. Царциатæ та Маммийы фæрцы аирвæзтысты.

Цæры Хæтгар йæ иунæг фырт Хæтæгоимæ. Уымæн ус æркодта Донбеттыртæй. Хæтгар æддæмæ нал касти, зæронды хуыз райста йæ бинонты фæстæ. Хæтæго арæх цуаны цыди йæ фыдау, куы та хæтæнты хатти.

Хæтæго иуахæмы фæцыди хæтæны. Иу хохыл суыдта саг, æстдæссион уыд, сурынтæ йæ систа, фехста йæ фатæй. Саг фæцæф и, фæлæ аирвæзти. Хæтæго йæ тугвæдыл цыди æмæ бахауди иу лæгæтмæ. Хъуыды кæны: бацæуид лæгæтмæ æмæ уæд та исты фыдбылызыл сæмбæлди, ма бацæуа æмæ уый та худинаг, тæппуды нысан у, чи йæ базона, уый йыл худдзæни. Зæгъы:

— Æнæ пайда лæг — уæлдай уаргъ хæссын. Хъару кæмæ нæй, уый цы баххуыс уа дæ уды тæссæн?

Алæууыди цасдæр, стæй байхъуыста лæгæтмæ æмæ дзы хъæрзын цæуы. Хæтæго фæныфсджын ис, фæфидар æмæ зæгъы: «Цæй, бацæуон!» Бацыди лæгæты хуылфмæ, уыны дуар, бакодта йæ къахæй, бахызти мидæмæ æмæ мæнæ иу ус хуыссы сынтæгыл, хъæрзы. Хæтæго йæм дзуры:

— Цæуыл хъæрзыс, мæ хойы хай?

— Дæ хойы фæндиаг у, фæлæ Хæтгары фырт Хæтæгойыл йæ мад йæ рустæ фæтона, уый мæ фехста æмæ мæлын. Æз Царциатæм уынынмæ цыдтæн, фехъуыстон: сæ иу сых байсæфти æмæ саджы хуызы цыдтæн. Хæтæго та мæн æхсгæ фæкодта.

Хæтæго хорзау нæ фæци, фæлæ зæгъы:

— Оххай, уæдæ мæ хо куы дæ, нæ дæ базыдтон, æз Хæтæго дæн. Мæнæн мад нал ис, нал дæр — æфсымæртæ, нæдæр мын хо ис, фæлæ дын ницы хос ис де сдзæбæх кæнынæн?

— Бæргæ мын ис, хъуазы æхсыр мæ куы уаид, уæд фервæзин.

Хæтæго лæгæтæй рагæпп ласта, хъæды смидæг ис, иу хъуазы рацахста, йæ фæдыл æй раласта лæгæтмæ. Дзуры рынчынмæ:

— Мæнæ дын хъуаз.

Ус хъуазы радыгъта, хъарм æхсыр ацымдта æмæ фервæзти. Хъуазы ауагътой æмæ сæ кæрæдзийыл фæцин кодтой. Хæтæго йæ фæрсы:

— Цæмæн иунæг дæ, кæнæ дын лæг нæ уыди, кæнæ — зæнæг?

— Лæг мын бæргæ уыди, — зæгъы ус, — иухатт цуаны уыди æмæ амардта сагтæ, йæ фæндаг уыди Уарппы бæрзæндыл. Уым дауджытæ бадтысты, мæ лæгæн йæ сагты байстой. Уый сæ нæ лæвæрдта æмæ фæхыл сты, уæлдайдæр Тутыр, æмæ мын мæ лæджы сæ арты баппæрстой, физонæджы сыгъд бакодта, уæдæй нырмæ дæн иунæг. Мæ лæджы тыххæй мæхи саг уымæн фестын кодтон, сфæлмæцыдтæн мæ цардæй, зæгъын, Царциатæм фæцæуон æмæ ныр зоныс, цы мыл æрцыдис, уый.

— Уæдæ æз дауджытæй дæ лæджы туг райсон, — зæгъы Хæтæго.

— Иунæгæй цæуæн дын нæй, раздæр фен дæ фыды, уый дын зæгъдзæн, цы дæ хъæуы аразын, уый. Дæ усы дæр-иу демæ акæн, феххуыс дын уыдзæни.

Хæтæго сæхимæ æрцыди, йæ фыдæн зæгъы:

— Æз Царциаты идæдз усы федтон лæгæты цæргæ, хъуамæ йын йæ лæджы туг райсон бардуæгтæй, тынгдæр Тутырæй, æмæ ма дæу афæрсынмæ æрцыдтæн, афтæ мын загъта Царциаты идæдз.

— Раст дын загъта, — загъта Хæтгар, — уымæн йæ лæджы бардуæгтæ амардтой бæлвырд. Дæ мады кæрдæн дæ цонгыл бабæдт æмæ дын мады зæрдæйы ныфс дæтдзæн. Мæ хотых райс æмæ дын дæ фыды тых дæтдзæн, дæ усы демæ акæн æмæ дын дæ хъару фылдæр кæндзæн, уæд басæтдзынæ бардуæгты.

Хæтæго райста йæ фыды хотых, йæ мады кæрдæн йæ цонгыл æрбаста æмæ йæ усы, Донбеттырты чызджы, йемæ акодта Уарппы бæрзæндмæ. Бардуæгтæ уым тымбылæй уыдысты. Тутыр ауыдта Хæтæгойы æмæ зæгъы:

— Чидæр нæм ссæуы, йæ мады кæрдæн йæ цонгыл тыхт, йæ фыды хотых йæ армы, йемæ Донбеттырты чызг.

Бардуæгтæ хъуыдытæ кодтой, уæдæ чи уыдзæни, зæгъгæ, банхъæлмæ кастысты. Уæдмæ Хæтæго схæццæ ис æмæ дзуры бардуæгтæм:

— Сымах ацы арты кæй сиахсы басыгътат?

— Никæй басыгътам, — зæгъынц уыдон.

— Басыгътат, мæ хо идæдзæй бады.

Райдыдта сæ цæгъдын Хæтæго. Хæтæгойыл исчи тас куы æрцæйуадзы, уæд Донбеттыры чызг ныцъцъæхахст ласы æмæ уый дурдзавдæй аззайы, афтæмæй сæ æмбис фæкодта. Сæ сæры къуыдыртæ сын Уарппы бæрзæндæй бынмæ тылдта æмæ сæ зæппадзы размæ æмбырд кодта. Хæтгар сæ уыдта æмæ цинæй марди, йæ фырт Хæтæго афтæ кæй басгуыхти, ууыл. Бардуæгтæй иу Чырчы [2] хуынди, лæгæт арæзт ын уыди æмæ бардуæгтæ уырдæм сæхи бакалдтой. Бахизæныуæззау дуртæ ныффæлдæхтой. Хæтæго сæ пырхытæ систа. Уацилла сæм касти æмæ Хуыцауæн зæгъы:

— Кæнæ Хæтæгойы амар, кæнæ де ’мсæр бардуæгты фервæзын кæн, бынысæфт кæнынц.

Хуыцау смæсты ис Хæтæгомæ. Хох рафæлдæхта æмæ Хæтæго йæ быны фæцис. Уæд Хæтæгойы ус ныцъцъæхахст кодта, Хуыцау дзы фæтарсти æмæ агæпп ласта. Хæтæгойы ус йæ цæгат — Донбеттыртæм фæуади æмæ сæм дзуры:

— Уæ, бынысæфт фæуат! Хæрынæй цæрынмæ кæй фæрцы цардтæн, уыцы Хæтæгойыл Хуыцау хох рафæлдæхта æмæ йæ фервæзын кæнут.

Донбеттыртæ рафæдис кодтой. Бардуæгтæ Хæтæгойы марды нæ лæвæрдтой, æгас къуыри фæратухæн-батухæн кодтой. Уæд сыл æрталынги æмæ æрулæфыдысты, Добеттыртæ талынджы Хæтæгойы марды рахастой, фæмаст ыл кодтой æмæ йæ бавæрдтой йе ’фсымæрты зæппадзы. Бардуæгтæ нæ базыдтой Хæтæгойы Добеттыртæ куыд ахастой, уый, æмæ кæрæдзи фæрсынц:

— Хæтæгойы мард хохы бын куы ис, уæд Царциатæ кæй æвæрынц сæ зæппадзы?

Хуыцау сын зæгъы:

— Царциатæ ахæм адæм сты, сæ мард искуы нæ ныууадздзысты, Хæтæгойы марды хохы бынæй ахастой.

Уæд Хæтæго мардæй рагæпп ласта æмæ зæппадзы бахизæны хæлиу ныллæууыди, зæгъы:

— Нæ бахиздзынæн зæппадзмæ, уадз хурмæ сау кæнон, цалынмæ мын бардуæгтæй иуы нæ ныффæлдисат Бардуæгтæ сæм кæсынц æмæ дзурынц:

— Цымæ, цæуыл тухæн кæнынц Царциатæ, сæ марды цæуылнæ бавæрынц?

— Æз æй базондзынæн, — зæгъы Тутыр, — æз сæм бакæсон.

Тутыр Царциатæм фæраст и. Донбеттыртæ йæ ауыдтой æмæ йæ æрцахстой, Хæтæгойæн æй ныффæлдыстой, стæй Хæтæго зæппадзмæ йæхæдæг бахызти. Тутыр фæлдыстæй раздæхти фæстæмæ, ныггуыбыр кодта йæхи, ссыди бардуæгтæм æмæ сын зæгъы:

— Цы не ’мбæлы, ахæм ми мын бакодтой Царциатæ, ныффæлдыстой мæ Хæтæгойæн.

Хуыцау зæгъы:

— Уæдæ абонæй фæстæмæ фæткæн уæд мардæн фæлдисындзинад. Дæуæн та, Тутыр, нырæй фæстæмæ дæ боны кусарт мауал чындæуæд, фæлдыст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй.

Æцæгдæр Тутыры бон кусарт ничиуал кæны ныр дæр.

30. Хæтгары мард

Хæтгар базæронд йе стыр мæстыты фæстæ. Æддæмæ дæр нал хызти. Уæд Мамми гуымиртæн загъта:

— Уæ, фесæфат, гуымиртæ, Хæтгар базæронд ис, сæрæн нал у, амарут æй æмæ уæ уæд Царциатæ ныууадздзысты цæрын.

— Куыд æй амарæм, Царциатæ йæ цуры сты? — фæрсынц гуымиртæ.

— Уый ахæм лæг у, æмæ йын зæрондæй дæр стæры æнæцæугæ нæй, йæ разы бабадут.

Æцæгæйдæр зæронды хуыз райста Хæтгар, стæры арæх нал цыди, нал ын зæнæг баззади, нал æм ус касти, фæлмæцыди æмæ йе ’фсымæртæн зæгъы:

— Æгæр фæлмæцын, ме ’фсымæртæ, цæрдтæй мæрдтæм хæстæгдæр лæууын, фæлæ ма иу хатт цæуын стæры, мæхи уæддæр аирхæфсон, мæ мид-зæрдæйы мауал тыхсон.

Сразы сты йе ’фсымæртæ.

Хæтгар иу бон сыстади æмæ дард кæдæмдæр фæцыди, кæдæм фæцыди, уый Царциатæ зонгæ дæр нæ бакодтой. Гуымиртæ хъуыддаг базыдтой æмæ барвыстой Царциатæм.

— Уæ фыдæлтæ нæ фыдæлтæн афæдзæй-афæдзмæ хъан фидæг уыдысты. Ныр авд азы рацыди æмæ «а-ма» куы ницæмæй кæнут, уæд цы хабар у?

Царциатæ зæгъынц:

— Мах хъан никæмæн фыстам, нæдæр бафиддзыстæм. Лæвар хай никæмæн дæттæм.

Гуымиртæ та зæгъынц:

— Хъуыддагыл быцæу — рæстæджы фæндаг. Уæ зæрдыл дарут: уе сæфты сахат у махæн хæснаг.

Царциатæ сæм уæддæр нæ байхъуыстой æмæ гуымиртæ тынг смæсты сты, дыккаг хатт та сæм барвыстой:

— Кæд хъан нæ фидут, уæд нын хæдзарæн чызг раттут.

— Æнæхъæуæг чызг махмæ нæй, — зæгъынц Царциатæ, — нæдæр нæм æппаринаг чызг ис.

Гуымиртæн сæ маст сæхсысти, смæсты сты. Маммийы фæрсынц:

— Царциатæй нæ маст куыд сисæм?

— Сæ тыхджындæр Хæтгар у, — зæгъы Мамми, — уый уал амарут. Стæры ис, ныр тагъд зындзæни фæстæмæ, йæ разы бабадут æмæ йæ амардзыстут.

Гуымиртæ хины нуæзт Маммийæ райстой æмæ Хæтгары разы бабадтысты.

Иу бон Хæтгар фæзыны рæгъæуттимæ, скъæры сæ размæ. Гуымиртæ йыл цинимæ сæмбæлдысты, дзурынц æм:

— О, бирæ цæрай нæ хæрæфырт, зæрондæй дæр ма фос чи скодта. Куыдтæ нын цæрыс? Абад не ’хсæн æмæ басихор кæн немæ.

Хæтгар се ’хсæн рабадти æмæ йын гуымиртæ хины нуæзт дарын байдыдтой, цæстмæ æппæлд дзы кодтой. Хæтгар цадæггай расыг кодта, йæ зæрдæ схъæлдзæг и æмæ зæгъы гуымиртæн:

— Мæнæй уе уонджы тас ис æмæ мæ уымæн æппæлут, кæнæ та мын цæстмæ митæ кæнут барæй, фыдæлтæ-иу дзырдтой: чи кæмæй тæрсы, уымæй æппæлы, цæстмæхъус ныхас æндæры цæстмæ уымæн фæкæны.

Гуымиртæ зæгъынц:

— Уанцон нæу, нæ хæрæфырт, нæ зоныс ахæм ныхас: йæ хистæры цур цæстми чи кæны, уый у æнæууæнк, йæ бафхæрæджы зæвæттæ стæры. Мах ахæм адæм не стæм æмæ дын тауистæ [1] нæ кæндзыстæм.

Хæтгар зæгъы:

— Цæстмæхъус ныхас — фыдбылыз хæссæг, рæстаг ныхас та къæбиц дзаг кæны, у фарнæгджын фæззæг.

Гуымиртæй иу Фыдæгъуыз хуынди, сæ ардауæг дæр тынгдæр уый уыдис, дзуры Хæтгармæ:

— Рагон æмбисонд дын ракæнон, æви æрыгон?

— Рагон æмбисæндтæ мæхицæй фылдæр чи зоны, кæд мын кæныс, уæд æрыгон.

— Иухатт фыны федтон, — зæгъы Фыдæгъуыз, — цыма хъамылы хуы хуыссыди, уæлæмæ дзы нал стади. Йæ хицау æм ныццыди, фæрсы хуыйы: «Рахиз æддæмæ, æргæвдгæ дæ кæнын». Хуы зæгъы: «Дæхæдæг мæм æрбахиз æмæ мæ акæн». Цымæ цы амоны ай?

— Сымах хуытæ стут мæ разы æмæ хъамылы хуыссут, æз дæн уæ хицау æмæ уæ æргæвддзынæн.

Гуымиртæ нал суагътой Хæтгары дзурын, ныррасыг æй кодтой. Хæтгар расыгæй æрфынæй æмæ йæ гуымиртæ сбастой, куырдадзмæ йæ фынæйæ баластой. Йæ сæр ын куырдадзы æртгоммæ бадардтой, куынц сдымдтой æмæ Хæтгары сæр арты басыгъд. Йæ гуыр ын, æртæ фæндаджы кæм хицæн кодтой, уым, лæууæгау, сæвæрдтой. Хæтгары гуыр-иу чи федта, уый-иу дзырдта:

— Цымæ чи уыдзæни ацы æнæсæр лæг? Цавæр йæ сæр бахордта? Гуыры бæсты раздæр йæ сæр бавæрдтаид.

Царциатæ дæр-иу æй федтой æмæ иу хатт зæгъынц:

— Ай Хæтгары мард ма уа, фæлæ йæ сæр цы фæци, чи у йæ марæг?

Суа зæндджын лæг уыди, фат хæрдмæ фехста æмæ зæгъы:

— О, ме сфæлдисæг! Кæд ай Хæтгары гуыр у, уæд йæхимидæг æртæ зылды æркæнæд. Фыдми йын кæм бачындæуыди, уым та мæ фат сæмбæлæд.

Хæтгары гуыр йæхимидæг æртæ зылды æркодта. Фат æхситгæнгæ атахти æмæ гуымирты куырдадзы уæлкъæсæр сæмбæлди. Суа йæ фаты тахтмæ касти гæсæнæй, бамбæрста хъуыддаг. Йæ уæлæ скъуыд дзабыртæ æмæ бызгъуыр дарæс скодта, стæй гуымирты куырдадзмæ фæцыди.

Гумирты куырд кусы, цæгъды иу æфсæн хъæсдарæгыл æмæ дзуры:

— Уæ, дæ бинонтæ амæлой, цавæр хъæбæр æфсæн дæ, уас [2] Царциаты Хæтгары марæг фæуай.

Суа, мæгуыр лæджы дарæсы мидæг уæвгæйæ, дзуры куырдмæ:

— Дæ хорзæхæй, ацы куырд, иу туас-ма мын рацæгъд, дардæй цæуын æмæ мæ дзабыртæ арæхсон, ныппырхытæ сты.

Куырд æм бакæстытæ кодта, фæлæ йæ нæ базыдта, ай Суа у, уый. Туас ын ацарæзта, Суамæ йæ радта æмæ Суа йæ дзабыр рæхсыныл схæцыди æмæ фæрсы куырды:

— Дæ хорзæхæй, ацы куырд, цæйдæр Хæтгары кой кодтай, æмæ чи у?

— Уымæй мæ ма бафарстаис, — зæгъы куырд, — иу хæрæг цыдæр уыди. Ацы æфсæны хицау гуымирты Фыдæгъуыз у, уый Хæтгары сæр ацы æртгомы басыгъта, йæ рæгъау ын йæхицæн атардта, йæ гуыры та йын, æртæ фæндаджы кæм хицæн кæнынц, уым, лæууæгау, сæвæрдта. Цы нæ ис, мыййаг, ууылты куы цæуай, уæд-иу æм бакæс.

Куырд куынцгоммæ куы фæзылди, зынгдзæгъдæн куы скодта, уæд Суа æмбæхст цилхъ фæцъортт ласта æмæ куырды къубал бæрзæйы ’рдыгæй атæхын кодта, стæй зæгъы:

— Хæрæг дæр уыдтæ æмæ куыдз дæр. Ме ’фсымæры марджытæй уыдтæ æмæ йыл хæц.

Куырды сæр слыг кодта Суа, фатыл æй абаста æмæ йæ фехста гуымиртæм. Куырды гуыр Суа барданы [3] мидæг рахаста. Гуымиртæ йæ ауынынц æмæ дзурынц:

— Уæ, бабын уат Царциатæ, сæ мардæн сæр нæй, афтид гуыры куыд ныгæндзыстут.

— Сымах бабын уат, йæ марды æнæгуырæй чи ныгæндзæни.

Гуымиртæ фæсæццæд [4] сты. Сæ куырдадзмæ бауадысты æмæ сæ куырд уым нал ис. Уæд иу гуымир сæ куырды сæр фатыл æрбахаста æмæ зæгъы:

— Мæнæ нæ куырды сæр нын æнæгуырæй мæрдтæ сæхимæ нæ райсдзысты, Царциатæй йын йæ гуыр райсæм.

Уæд гуымиртæ Царциатæм ныббырстой æмæ сæ кæрæдзийæ бирæ фæцагътой. Гуымиртæй-иу чи фæмарды ис, ууыл æлæндон кодтой æмæ та-иу сæ мард раудæгас. Суа хабар базыдта, æлæндоныл фæнык акодта æмæ мæрдтæ нал æгас кодтой. Гуымиртæ цагъды райдыдтой æмæ лидзынмæ фесты, сæ куырды сæр дæр сæ æрбайрох ис, фæлæ сын сæ фæстæ сæ куырды гуыр фехстой æмæ уый скъæфыныл фесты.

Царциатæ гуымирты куырды сæр Хæтгары бæрзæйыл бандæгътой æмæ йæ зæппадзы бавæрдтой. Гуымиртæ та сæ куырдæн æлыгæй сæр скодтой æмæ йæ уыдон дæр баныгæдтой.

Иу бон гуымиртæ Царциаты зæппадзы цур фæцæйцыдысты æмæ сæм сæ куырды сæр дзуры:

— Уæхи айсут, æз Хæтгары гуырыл сагъд дæн æмæ мæ йæхицæй нæ уадзы фæхицæн кæнын, фынæй у, куыддæр райхъал уа, афтæ уæ фæцæгъддзæни.

Гуымиртæ фæтарстысты æмæ лидзынмæ фесты мæстджынæй.

31. Едыса æмæ зылындзых Еугар

Царциаты Едыса йæ рæгъау фæцæйтардта хизынмæ. Кæсы æмæ зылындзых Еугар дæр йæ рæгъауты раскъардта. Еугар рагæй хъуыста Едысайы ном, фæлæ йæ цæсгомæй нæ зыдта. Хъавгæ та йæм уæвгæ кодта.

Едыса сау хъæды кæрон баурæдта йæ рæгъауты, Еугар та хъæды бын.

Еугар Едысайы куы федта, уæд æм æрбацæйцыди. Едыса лидзын йæ сæрмæ не схаста, фæлæ йæ тарст дæр нæ равдыста.

Еугар ахæм уыди, цæстытæ сасиры йæстæ, дæндæгтæ дуæртты йæстæ, цæнгтæ аххæрджыты стæвдæн, зæнгтæ дурдзæджындзы хуызæн.

Æрбацыди Едысмæ Еугар æмæ йæ фæрсы:

— Чи дæ, ам мæ бæстæйы цы ми кæныс?

— Рæгъаугæс дæн, — загъта Едыса йæхицæй.

— Æмæ кæй рæгъау хизыс?

— Царциаты Едысайы.

— Ау æмæ уый æз рагæй куы агурын, йæ хæдзар мын бацамон.

— Хъæумæ куы ныххæццæ уай, уæд дзы уымæй бæрзонддæр хæдзар никæмæн ис. Райсом хур куыддæр æрбакæса, афтæ раздæр цы хæдзарыл сæмбæла, уым цæры Едыса.

Еугар та зæгъы:

— Уæдæ мын райсоммæ мæ рæгъаумæ дæр дæ хъус фæдар, стæй дын æмбис ратдзынæн.

— О, фæдардзынæн, — загъта Едыса æмæ Еугар араст и Царциаты ’рдæм.

Едыса бирæ нæ фæкасти, Еугары хæдзары дуармæ балæууыди æмæ бадзырдта:

— Еугар, ам дæ цы?

Хъæрмæ Еугары ус ракасти æмæ зæгъы:

— Еугар рæгъауимæ ис, фæлæ рахиз, уæдмæ уый дæр зындзæни.

Едыса бахызти мидæмæ. Пылыстæг къæлæтджыныл рабадти, фæйнæрдæм йæ цæст ахаста æмæ суыдта фæндыр къулыл.

Еугары ус фынг авæрдта Едысайы раз, фæлæ Едыса ницæмæ æвналдта. Уæд æй ус фæрсы:

— Уазæг, цæуылнæ истæмæ æвналыс?

Едыса загъта:

— Æз ахæм адæмы мыггаг дæн, мæ цуры чи нæ уа, уæд нæ февналдзынæн. Иунæгæй хæрын хуыснæджы хъуыддаг у.

Ус йæ цуры æрбадт, фæлæ та Едыса нæ хæры. Фæрсы та йæ:

— Цæуылнæ хæрыс ныр та?

— Уымæн æмæ нуæзтæй кæмæ фæсидон, чи ацахода мæ нуазæнæй, ахæмæй ам никæй уынын.

— Æз ацаходдзынæн, — загъта Еугары ус Едысайæн.

Ус нуазæнтæ æркодта, фæлæ та Едыса нæ исы нуазæны. Ус та йæ ноджыдæр фæрсы:

— Цæй, ныр та цæуылнæ нуазыс?

— Уæлæ къулыл цы фæндыр ис, уымæй мын кæд цæгъдыны бар ратдзынæ, фæйнæ æртæ нуазæны куы ануазæм, уый фæстæ, уæд хæргæ дæр æмæ нуазгæ дæр бакæндзынæн.

Ус загъта:

— Уый мæ фыды номыл дарын, фæлæ дзы цæгъдын ничи зоны.

— Æз дзы ацæгъддзынæн, — загъта Едыса.

Фæйнæ æртæ нуазæны анызтой. Едыса фæндыры райста æмæ дзы райдыдта цæгъдын афтæ:

 

Иунæг мæгуыр у,

Цæмæй мæгуыр у, гъей?

Тар хъæд йæ хæдзар,

Сау дур — нывæрзæн, гъей.

Кæрдæг — йæ гобан,

Сыфтæр — йæ хъæццул, гъей.

Æфсымæр нæ зоны,

Хо дæр ын нал и, гъей.

Хъæды сау халон

Тæригъæддаг у, гъей.

Иунæг æрвылбон

Мæлинаг дæр у, гъей.

Нæй йæм фæкæсæг,

Нæй йыл фæкæуæг, гъей.

Хъæуæй иппæрд у,

Цардæй дзæгъæл у, гъей.

Мæнæн мæ фæндаг,

Сæфæнты адаг, гъей.

Æз ууыл цæудзынæн,

Дзæгъæл мæлдзынæн, гъей.

Мæ мард уæд — холы,

Алчидæр зоны, гъей.

 

Ацы ныхæстæм Еугары усы зæрдæ бахъарм ис æмæ Едысайыл бахаудта. Едыса йæ æрчъицын кодта æмæ йæ фæрсы:

— Цæмæн дын уыди мæ цагъд хъыг?

Ус зæгъы:

— Дæ кадæг мын мæ зæрдыл æрбалæууын кодта мæ фыды. Ацы зылындзых Еугар мæн тыххæй аскъæфта. Мæ фыд мæн агургæйæ иунæгæй хатти, цардæй фæдзæгъæл, кæсæг æм нал уыд æмæ дзæгъæл мард кæмдæр фæкодта. Сырдтæн холыйаг фæци. Мæ зæрдæ суынгæг уый тыххæй.

— Ау, кæд афтæ у, уæд Еугаримæ цæргæ та куыд кæныс?

— Цы кæнон, уæдæ, æрвылæхсæв расыг вæййы, йæ уæлхъус фæлæууын, стæй мæ сбæгънæг кæны, расыгæй мæ бæгънæгæй къуыбылойау хынджылæг кæны. Куы мæ цыппæртыл цæуын кæны, куы мæ фæласы дзыккутæй, гъе уый дын мæ цард.

— Æмæ йын йæ мæлæт нæ зоныс?

— Нæ зонын.

— Уæдæ мæм хъус. Еугар куы ’рцæуа, уæд æм худгæйæ ракæс. Æз бамбæхсдзынæн æмæ уæм хъусдзынæн. Дæу фæрсдзæни, цæмæн хъæлдзæг дæ ацы хатт. Ды йын зæгъдзынæ, зæгъгæ, мын дæу йеддæмæ никуы ничи ис, æмæ йæ ракъахдзынæ йæ мæлæт цæмæй у, уый.

Уыйадыл Едыса æхсæв Еугары усы фарсмæ æркъул кодтой, райсомы та йæ рæгъауты бæрæггæнæг ацыди.

Еугар ныццыди Царциатæм. Райсомы хур раздæр цы хæдзарыл сæмбæлди, уырдæм бацыдис æмæ бахъæр кодта:

— Едыса, æддæмæ мæм ракæс!

Хъæрмæ цары æмæ къулты сагтæ æрызгъæлдысты, стæй йæм Едысайы ус Донбеттырон рауади æмæ зæгъы:

— Чи дæ?

— Æз Еугар дæн, Едыса ам ис?

— Ам нæй, рæгъауимæ ис сау хъæды.

— Ау æмæ мæ уæдæ сайгæ фæкодта?

— Ахæм нæу, сайгæ чи фæкæна, — зæгъы та Донбеттырон.

Еугар иу тахт ракодта Сау хъæдмæ. Æрцыдис, фæлæ Едыса бамбæхсти. Загъта Едыса йæхицæн: «Ауыл зондæй куы нæ фæтых уон, уæд ын тыхæй ницы бакæндзынæн».

Еугар сау хъæды бамидæг и, аракæс-бакæс кодта, фæлæ не ссардта Едысайы. Едысайы фосæй авд стуры амыртт-мыртт кодта. Банхъæлмæ кастис, фæлæ Едыса нæ зынди. Изæры Едысайы рæгъауы æмæ йæхи рæгъауы дæр Еугар йæхимæ æртардта. Еугармæ йæ ус худгæ рауади æмæ йæм дзуры:

— У, дæ нывонд фæуон, цæй бирæ фос æртардтай.

Еугар фæджих ис æмæ зæгъы:

— Куы никуы дæ федтон афтæ дзургæ, уæд ныр цы кодтай?

— Мæ зæрдæ дæ барухс и, уыйас фæллойæ æмæ куыннæ бахудон.

— Уæдæ ахсæв куывд кæнын.

Авд стуры æрбавгæрста, уæларты сæ бавæрдта. Уæдмæ æрталынги. Еугарыл ус тыхстытæ кæны, хъæбыстæ йæ кæны.

Уæд фыд систой, фынгтæ равæрдтой, йæ усы та рабæгънæг кодта æмæ дзы къуыбылойау хъазы. Ус æм дзуры:

— Гъе уыйас дæ уарзын, æмæ тæхуды куы зонин, дæ уд кæм ис, уый, уæд æй бæмбæджы тыхтæй дарин.

Еугар зæгъы:

— Мæнæн мæлæн нæй. Æз амæлдзынæн мæхи аххосæй æрмæст.

— Дæхи аххосæй куыд амæлдзынæ, уый никуыма уыди.

— Мæнæн ис мæлæт ахæм хуызы: мæ фæттæ мын æртæйы сырх зынг куы скæнай æмæ сæ мæ мицъырайы куы стулай, уæд фыдхъæбæр ныууыдзынæн. Гъе уыцы æртæ фатæй у мæ мæлæт, фæлæ æз мæ мицъыра доны бакалын, кæнæ хур бынаты амизын, цæмæй асур уа, уый тыххæй.

Еугары уæд йæ ус тынгдæр хъæбыстæ байдыдта бæгънæгæй, нуазæнтæ йæм авæры æмæ йæм зилы.

Еугар арасыг ис æмæ иумæ æрхуыссыдысты. Уадидæгæн йæ хуыр-хуыр ссыди.

Едыса уыдта ацы митæ, йæхи барæй нæ равдыста. Уæд Еугармæ мизын æрцыди æмæ йæм ус къæрта бадардта æмæ йын зæгъы:

— Гъе уым ахуыпп кæн, æз æй акалдзынæн, тæгъзы уард кæны æмæ дæ уазал бацæудзæни.

Еугар йæ усыл баууæндыди, къæртайы амызта. Ус æй амбæхста æмæ æндæр къæртайæ дуармæ дон акалдта. Сусæгæй æртæ фаты авæрдта Едысамæ. Едыса фæтты сырхзынг скодта æмæ сæ Еугары доныхуыппы стылдта æмæ æндон фидар фестадысты. Уый фæстæ иу фат æрдыныл афидар кодта æмæ Еугармæ дзуры Едыса:

— Уæлæмæ сыст, хæрæг!

Еугар фæтæррæст ласта, уæдмæ йæ Едыса бахста æмæ фат Еугары риуы амидæг ис. Еугар ныззыр-зыр кодта. Уæд та йæ дыккаг хатт фехста æмæ æрхаудта. Æртыккаг хатт æй фехста æмæ йæ уд систа. Еугар амардис.

Йæ фæстæ ус Едысайæн лæвæрттæ ракодта, кадимæ йæ рарвыста æмæ йæ цæгатмæ фæцыди.

Едыса йæ рæгъау æмæ æндæр фæллæйттимæ раздæхти æмæ сæхимæ Царциатæм æрцыди. Æрымбырд сты Едысайыл Царциатæ, кад ын кодтой.

Едыса йе ’фтиаг фосæй Царциатæн стыр куывдтæ фæкодта къуырийæ-къуыримæ. Царциатæ дæр æввонг фосæй сæ ком уагътой, Едысайы лæвæрттæй æмæ æфтиæгтæй хайджын уыдысты æнæхъæн Царциатæ, æмæ Едысайы ном кадæн хастой.

32. Едыссæ æмæ Еухæр

Царциаты Едыссæ иу бон тар хъæдæй рацæйцыди. Уынæр ыл ссыди æмæ фæйнæрдæм айхъуыста, йæ хъустæ фæгæмæл кодта цæмæдæр. Кæсы: уæртæ иу ивæзтдзых лæг, саджы мард йæ разы, арт кæны, суанцъыйыл [1] аг сæвæрдта æмæ дзы саджы фыдæй фыцы. Райста камчыри [2], скалы дзы фынчытæ; райсы фыдис æмæ дзы саджы фыд сызмæнты; райсы куысси æмæ басæй ахуыпп кæны, уый фæстæ азары:

 

Камчыри æмæ фыдис,

Иумæ у сæ цæдис,

Куысси сын æмбал у.

Камчыри — хуынчъытæ,

Фелвасы фынчытæ.

Уымæн уый æгъдау у.

Фыдис у æд сиутæ,

Сисы фыд æд фиутæ.

Фынгыл сæ æвæры.

Куысси та тæвд басы

Авæры мæ разы,

Æз дæр дзы ныфсæдын.

 

Едыссæ йæм кæсы, лæг саджы нард фыдтæ давы йæхицæй, тæвдæй сæ йæ дзыхы бакалы æмæ сæ йæ комы къулты ’хсæн раппар-баппар райдайы, æууилгæ сæ нæ кæны, æнæхъæнæй сæ аныхъуыры. Уый фæстæ хъалацы [3] дзаг мацъа [4] ануазы сусæгæй, скафы æмæ басмæ бахъуызы, ахуыпп дзы кæны æмæ æнцад абады. Едыссæ йæм нал фæлæууыди æмæ йæ фæрсы:

— Дæ саджы мард давгæ куы кæныс, мæнæн дæр ма дзы авæр.

— Æмæ ды чи дæ? — афарста йæ ивæзтдзых лæг, — цæмæ мæм æрбахъуызыдтæ?

— Чи дæн, уымæй мæ цы фæрсыс, уазæгуаты дæм цæуын æмæ мын фысым фæу.

 

Мæ ном у Еухæр æмæ мæнæн

Мæ уагахастæй бæстæ ридауы [5],

Æргом дын дзурын.

Гæды ныхас-иу хъæдбын фидауы.

 

Едыссæ дæр æм дзуры:

 

Гæды ныхæстæ давæг фæкæны,

Фæлæ фæуынгæг,

Уæд фырфæсмонæй хъæлæг фæкæуы.

 

— Ау, æмæ ды давгæ нæ кæныс? — афарста йæ Еухæр.

— Æз давгæ никуы фæкæнын, — зæгъы Едыссæ.

Æрбадтысты иумæ, бахордтой саджы фыдæй æмæ Еухæр зæгъы:

— Цæй, нæ райсомы хардз дæр сфыцæм.

— Фысым ды дæ, — зæгъы Едыссæ, — куыд дæ фæнды, афтæ кæн.

Сфыхтой райсомы хардз æмæ æрфынæй сты. Еухæр райсом раджы фестади æмæ йæм Едыссæ сусæгæй кæсы: Еухæр саджы фыд иу хæрд акодта, камчыри, фыдис æмæ куысси адæларм кодта æмæ фæцæуы. Едыссæ йæм дзуры:

— Фæлæуу, кæд цæуæм, уæд иумæ. Ам мæ цæмæн уадзыс.

— Цы дæм лæууон, кæрæдзи рæстмæ нæ базыдтам æмæ мæм уазæгуаты куыд цæуыс? Æви æддæс [6] дæ адæмæй?

— Æддæс нæ дæн, фæлæ Царциаты Едыссæ дæн, ды та кæй фырт дæ?

— Æз дæн Еугары фырт Еухæр.

— Ау, æмæ зылындзых Еугармæ уазæг никуы уыди?

Еухæрæн хъыг уыдис дзырд «зылындзых», йæ мигæнæнтæ æрæвæрдта æмæ Едыссæмæ дзуры:

— Кæй фыды хоныс зылындзых?

— Дæ фыды! — фæхъæр кодта Едыссæ.

Хылмæ сын асайдта. Еухæр камчыри фелвæста, нырриуыгъта дзы Едыссæйы, фæлæ Едыссæ камчырийы хуынчъыты йе ’нгуылдзтæ фæтъыста æмæ йæ байста. Уæд Еухæр фыдис раскъæфта, фæлæ йын уый дæр байста. Еухæр куысси фелвæста æмæ дзы Едыссæйы сæр ныццавта. Куысси Едыссæйы сæрыл фæфидар ис. Едыссæ куысси йæ сæрæй фелвæста, Еухæры рацахста, йæ къубал ын слыг кодта æмæ сæр ратылдта. Еухæры сæр сæхæдзармæ æртылди, кæрты йæ фыд Еугар бадти къæлæтджыныл æмæ йæ размæ батылди æмæ дзуры сæры къуыдыр:

— Еды… Еды… Еды…

— Æнæрай фæу, кæд цы «еды, еды» кæныс, — зæгъы Еугар.

Æркасти сæры къуыдырмæ æмæ разынди йæ фырт Еухæр.

Сæры къуыдыр фæстæмæ ратылди æмæ йæ фæстæ цæуынтæ систа, йæ цирхъ æй æрбайрох. Æрбаййæфта Едыссæйы физонæггæнгæ. Еугар æй фæрсы:

— Мæ фырты мын ды амардтай?!

— Йæхæдæг амардта йæхи, — зæгъы Едыссæ, — давæг уыди, йæ хæринаг давгæйæ хордта.

— Хуыцау, кæд æцæг афтæ уыди, уæд мæ лæппуйы гуыр растæгау кæнæд.

Еухæры буар æцæгæй растæгау кодта æмæ Едыссæ зæгъы:

— Уыныс, æз раст дзырдтон. Давæджы цонг лыг кæнын хъæуы.

Едыссæ Еухæры рахиз цонг ралыг кодта. Еугары бон не ссис йемæ схæцын.

Зыдта, æнæхотых кæй у, уый. Едыссæ Еугарæн бахæрын кодта Еухæры сæр æмæ йын зæгъы:

— Мæ хистæр кæм дæ, уым дын бахæрын кодтон дæ фырты сæр, нырæй фæстæмæ фæткæн баззайæд хистæрты раз фынгыл кусарты сæр æрæвæрын.

Едыссæ рахаста Еухæры цонг йемæ, æрцыди Царциатæм æмæ йæ зæппадзы сæр сæвæрдта. Еугар мæстджынæй баззади Едыссæмæ æмæ архайдта йæ фырты маст райсыныл, цыдысты йыл бонтæ, цалынмæ йæхи сæфт не ’рцыди.

33. Хъæлæджы мард

Царциаты Хъæлæг стæры уыди. Ницы зыдта æмæ Царциатæм рацæйцыди. Йæ размæ гуымиртæй авдæй февзæрдысты. Æрцахстой Хъæлæджы, æркодтой йæ сæ куырдадзмæ æмæ загътой:

— Царциатæ ныл хæдзарæн хъан куыннæ радтой, уæд дын дæ сæр лыг кæнæм.

Хъæлæг зæгъы:

— Царциатæ хъан хæсджын никæмæн сты.

Хъæлæджы райдыдтой кардæй цæвын, фæлæ дзы æрду дæр нæ алыг ис. Гуымиртæ къулбадæг усы бафарстой:

— Хъæлæджы марæм æмæ йыл нæ тых кæнæм, авд галы дын дæттæм æмæ нын йæ амарынæн исты бацамон.

Къулбадæг ус авд галы лæварæн райста, ронг скодта, стæй дзы хины хос ауагъта æмæ зæгъы гуымиртæн:

— Дойны йын куы уа, уæд-иу ын ацы хины ронг бадарут.

Гуымиртæ Хъæлæгæн цæхджын хæринаг бадардтой. Хъæлæг фæддойны ссис æмæ йын хины ронг бадардтой. Хъæлæг тарф фынæй бацис, стæй сын къулбадæг ус зæгъы:

— Гъеныр уæ цыргъæгты сырхзынг скæнут æмæ йын æй йе ’ргæвдæныл сæвæрут, уый фæд ныууадздзæни, стæй йын гъе уыцы фæдыл цыргъаг ауадзут, æндæр ын мæлæт ницæмæй ис.

Гуымиртæ афтæ сарæзтой. Ралыг кодтой Хъæлæджы сæры æмæ йæ фехстой Царциатæм. Йæ гуыры та йын куырдадзы хъæсдарæджы хæд бынмæ баныгæдтой.

Хъæлæджы сæр атахти æмæ Царциаты ныхасы сæмбæлди. Царциатæ æркастысты æмæ загътой:

— Ай Хъæлæджы сæры куыдыры хуызæн у.

Суа загъта:

— Ауыл хинæй рацыдысты, фæлæ йæ марæг чи уыдзæни, уый та базонын хъæуы.

Царциатæ Суайы ныхасыл ницы уæлдай загътой, фæлæ агурынтæ систой.

Суа иу райсомраджы фат хурыскæсæнмæ фехста хуры скастмæ æмæ загъта:

— Хурты хурзæрин, кæд мæ истæмæн скодтай, уæд ме ’фсымæр Хъæлæг кæм амарди, уым мæ фат цъæх арт суадзæд.

Фат атахти, гуымирты куырдадзы сæрыл сæмбæлди æмæ цъæх арт суагъта.

Царциатæн гæсæн уыди, Суа уырдыгæй касти, бамбæрста гуымиры куырдадзы кæй æрцыди Хъæлæджы мард, уый.

Суа хъомгæсы дарæс скодта æмæ араст и куырдадзмæ. Авд гуымиры хъæсдарæгыл куыстой æмæ иу фæйнæ цæфы хъæсдарæгыл куы ’ркодтой, уæд загътой:

— Авд дæлдзæхы ныххау, Хъæлæг.

Хъомгæс гуымиртæм бадзырдта:

— Фæрнæй кусат.

— Фæрнæйдзаг у, хъомгæс, кæдæм уайыс?

— Мæ хъомтæ хурæрцæвæн хохыл фæуагътон, æмæ мын иу туас ацаразут, мæ фадбæрцытæй фæсæлттæ зынынц.

Гуымиртæн Суа радта туасаг. Туасаг уыди зындзæгъдæн. Уæд сæм Суа ногæй дзуры:

— Иу туас сæфт у, авд туасы мын дзы саразут.

Гуымиртæ не ’мбæрстой Суайы сусæг ми. Тыхамæлттæй йын авд туасы сарæзтой æмæ хъæсдарæгмæ дзырдтой алы туасы сарæзты фæстæ:

— Авд дæлдзæхмæ ныххау, Хъæлæг, кæд куыд хъæбæр туасаг дæ.

Радтой йæм авд туасы. Суа та сæ фæрсы:

— Туастæ бæргæ хорз сарæзтат, фæлæ мын сæ фæлдисгæ та цавæр Хъæлæгæн ныккодтат?

Гуымиртæ зæгъынц:

— Царциатæй иу дзæгъæл хæрæг уыдис æмæ йын йæ сæр акъуырдтам, йæ гуыры та йын хъæсдарæджы бын бакодтам æмæ нын уæддæр зын кæны, цалынмæ йæ нæ ныффæлдисæм, уæдмæ.

Суа сын бузныг загъта, рахызти æддæмæ куырдадзæй, авд фаты бырынкъыл дæр туастæ басагъта æмæ сæм баздæхти. Дзуры сæм:

— Гумиртæ, раст слæуут, зæндтæ уын бацамонон.

Уыдон ныххудтысты. Дыккаг хатт та сæм дзуры:

— Слæуут раст, гумиртæ.

Фыддæр ныххудтысты. Суайæн йæ маст рахсысти. Йæ хъомгæсы дарæс феппæрста æмæ зæгъы:

— Гъеныр дæр нæ кæсут коммæ?

Гуымиртæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой:

— Ай Суа куы у.

— Суа дæн, мæ мад, мæ фыдыстæн.

Фæттæ сыл суагъта æмæ гуымиртæ дзыхъмард фесты.

Суа сын сæ къубæлтты слыгтæ кодта. Хъæсдарæджы бынæй систа йе ’фсымæр Хъæлæджы гуыры æмæ гуымирты гуырты уым ныппæрста. Стæй рацыди Царциатæм. Царциатæ Хъæлæджы марды бавæрдтой кадимæ. Суа дыккаг бон гуымирты сæрты фехста гуымирты сыхмæ фæтты фындзтыл.

Гуымиртæ куывды бадтысты æмæ авд сæры дæр хистæрты разы сæмбæлдысты. Гуымиртæ зæгъынц:

— Ай нæ авд куы бабын ис.

Базыдтой сæ марæджы æмæ Царциатимæ хæст бацайдагъ и. Царциатæ сæ æмбис фæкодтой. Гуымиртæн гæнæн нал уыди æмæ ма сæ чи баззадис, уыдон сæ сæр кæдæмдæр фесæфтой. Сæ бæстæ та баззадис Царциатæн.

34. Уадæджы амард

Хуыцау фæсидтис йе ’мсæртæм æмæ сæм дзуры:

— Царциатæ хорз нæ бакодтой, не ’мвынг чи бадти, не ’мсæр чи уыди, уыцы мæликк æлдары рамардтой не ’вастæй, уыимæ ма фæцагътой еугуыппарты дæр æмæ сын æй куыд ныббарæм?

Тутыр Царциатæм маст хаста, дзуры Хуыцаумæ:

— Мах бардуæгтæ стæм, нæ фарс чи вæййы, уый Царциатæ амарынц, сæ тыхджынтæй бирæ нал ис, фæлæ ма æххæст Уадæджы куы амарын кæниккам, уæд Царциатæ махмæ лæгъстæмæ цæудзысты, уымæн æмæ сæм фидар кæстæр нал уыдзæн.

— Дæ фæнд хорз у, фæлæ Уадæджы æрцахсын зын у.

— Уадæг балцыты арæх цæуын райдыдта, — зæгъы Тутыр, сау гуымирыл æй бафтауæм, уый йын хос кæндзæн. О, фæлæ йæ размæ фæцæуæм.

Тутыры дзырдтыл бардуæгтæ сразы сты æмæ Уадæджы размæ фæцыдысты. Уадæг ницы зыдта, рацæйцыди балцы æмæ йыл бардуæгтæ амбæлынц.

— Кæйонг цæуыс, Уадæг?

— Кæйонг уыны цæст, уыйонг.

— Цæст дардыл уыны, — зæгъынц бардуæгтæ, — фæлæ дæ мадырвадæлтæй сæ иу, сау гуымир сау комы цæрæг у, æмæ уый фыдраны ис, уый куы суадзис, уæд дæ мах дæр æмæ де ’фсымæр Суа дæр фæбузныг уаиккам.

— Уæдæ йæм æз цæуын, — зæгъы Уадæг, æмæ фæраст и сау коммæ. Цæуы æмæ уыны диссаг: сау гуымир у бæстытæ, йæ къæхтыл тымбыл дур баст, йæ цæнгтыл ставд хъæд баст, йæ астæу айнæгмæ æлхъывд. Уадæг æй фæрсы:

— Цы кæныс, мæ мадырвад?

— Дæ мад дæ хурæй бафсæдæд, — зæгъы сау гуымир, — æз Изел [1] Хуыцауæй æлгъыст дæн, ам мæ ныббаста, фезмæлæн мын нæй. Ноджы мыл Джамиды [2] сардыдта æмæ мæ йæ маст исы. Цъегъо донæй [3] мæ фæлдисы, ихын хæлццæттæ [4] мыл ныссылынц. Мæнæн уыдис хорз ус, лæг йæ буары йæхи уыдта, йæ дзыккутыл-иу дымгæ куы ’рбадымдта, уæд алы ’взагæй суасыдаиккой, йæ ном Амазан, хæдзары сыгъдæг агар [5]. Изел хуыцау мын æй тыхæй иста, нæ йæ лæвæрдтон æмæ мыл цы ’рцыд, уымæ æрбакæс. Мæ цилхъ къæдзæхы тигъыл баст, йæ бынмæ йын арт бакæн. Арты æвзæгтæ цилхъмæ хæццæ кæндзысты, бæттæнтæ судздзысты æмæ цилхъ æд рæхыс æрхаудзæн. Сис æй, мæ бæттæнтæ мын алыгтæ кæн æмæ дын уыцы хорздзинад мæхиуыл нæ ныууадздзынæн.

— Баххуыс дын кæндзынæн, — зæгъы Уадæг, — фæлæ, мыййаг, куы амæлон, уæд мын мæ мард Суамæ фæхæццæ кæн, ам куыннæ баззайон, афтæ.

Уадæг цилхъы бынмæ арт скодта, арты æвзæгтæ карды бæттæнтæм æххæсстысты æмæ бæттæнтæ ссыгъдысты. Цилхъ æд рæхыс æрхаудта. Уадæг æй систа. Цилхъы кæрддзæмæй фæцъогъа кодта [6] æмæ Уадæджы дзых йæ дзоныгъыл æрбалыг кодта. Цилхъ фесхъиудта æмæ сау гуымиры дзыхы фæмидæг ис. Сау гуымир цилхъы йæ дæндæгтæй рацахста, бæттæнтæ æрбалыгтæ кодта, феуæгъд и, Уадæгмæ бауади, фæлæ уæдмæ уый уыди мард.

Сау гуымир ныккатай кодта æмæ зæгъы:

— Сау æрдиаг ныккæндзæн Суа йе ’фсымæрыл, фæлæ йæм æнæцæугæ дæр нæй.

Сау гуымир Уадæджы мард Царциаты калакмæ æрхаста, Суамæ тæфæрфæсгæнгæ бацыди æмæ йын зæгъы:

— Мæ хæрæфырт мæн тыххæй кæм бабын, уый тыххæй йæ уадындз фæстагæттæн баззайæд, фæлæ йын йæ маст Джамидæй сисдзынæн.

Уадæджы зæппадзы бавæрдтой. Сау гуымир фæцыди Джамидмæ. Уыны иу ран: Джамид ракæны Амазаны, усы сбæгънæг кодта æмæ йæ хæрдмæ æппары, тухæнæй йæ мары. Сау гуымир сæхсæсти ныоффытæ кодта, ауыдта йæ Джамид, Амазаны аскъæфта, фидары йæ смидæг кæны æмæ æфсæн дуæрттæ ныхгæдта. Сау гуымир æфсæн дуæрттæ ратыдта æмæ Джамиды йæ ронбастыл æрбалыг кодта. Джамиды марды астæуæй уæлæмæ Уадæджы зæппадзыл цыртæн ныссагъта, астæуæй дæлæмæ та йæхи дуармæ ныссагъта Джамиды марды æмæ дзы бадæн скодта. Сау гуымир тынг мысыди Уадæджы, йæхи нывондæн куыд æрхаста йæ мадырвады сæрыл. Сау гуымир йæхицæн йæ усы удæгасæй ныффæлдыста, стæй Амазаны сæр ралыг кодта, йæ риуыл æй æрцауыгъта, уый фæстæ йæ сæр ныффæртт ласта дурыл æмæ мардæй æрхауди сау гуымир. Уæдæй баззади: хæрæфырт тугисæг у, зæгъгæ. Гъе, уымæн баззади ахæм æмбисонд: «Цы лæг бинонтæ скæна, уымæй хæрæфырт гуыры. Хæрæфырт та йæ маст фæисы тугæй».

V. ЦАРЦИАТЫ КÆСТÆРТÆ

35. Хæтгары фырт Хæтæго

Царциаты Хæтгарæн иу фырт уыди Донбеттырты чызгæй æмæ йыл ном сæвæрдтой Хæтæго. Хæтæго ралæг и æмæ йæ цард фылдæр æрвыста хæтæны.

Иу бон та хæтæны уыди Хæтæго æмæ рацæуы. Иу ран саджы суыдта æмæ йæ фехста. Саг фæцæф и, фæлæ алыгъд. Хæтæго йæ тугвæдыл араст и æмæ бахаудта иу лæгæтмæ. Лæгæтæй цыди хъæрзын. Хæтæго лæгæтмæ бацыди. Исдуг лæгæт Хæтæгомæ фæкасти талынг, фæлæ куыд арфдæр цыди лæгæтмæ, афтæ йæм рухс тынгдæр цыдис. Æппынфæстаг Хæтæго бацыди лæгæтмæ æмæ федта уым хъæрзгæ иу усы.

Хæтæго йæ фæрсы:

— Цы кæныс, мæ хойы хай?

— Фыдæбон фæуæд Хæтгары фырт Хæтæго. Æз Царциатæн сæ уындмæ цыдтæн, уый та мæ æхсгæ фæкодта.

— Æмæ дын сдзæбæхгæнæн нал ис?

— Хъуазы æхсыр хъармæй куы ануазин, уæд сдзæбæх уаин.

Хæтæго цуаны ацыди, хъуаз æрцахста, æрдыгъта йæ, йе ’хсырæй йын адардта усæн æмæ фервæзти.

Хæтæго та фæрсы усы:

— Чи дæ, цæмæн дæ иунæг, кæнæ чызгæй кæмæй дæ?

— Æз дæн Царциатæй. Хуыцау æмæ зæдтæ амардтой мæ лæджы, уый фæстæ баззадтæн иунæгæй.

— Уæдæ æз мæ сиахсы туг хъуамæ райсон.

— Иунæгæй ма ацу, Хæтæго, иунæг — æфсад нæу. Кæнæ куы цæуай, уæд-иу дæ мады фен.

Хæтæго ацыдис æмæ зæгъы йæ мадæн:

— Æз цæуын Хуыцау æмæ йæ хъузонтæм. Мæн хъæуы мады ныфс æмæ фыды тых. Мæ хойæн йæ лæг хуыцæутты къухæй мард у, æмæ уый туг райсон.

— Дæ мад дæ фæхъхъау фæуа. Дæ фыд æгас нал у, йæ тых ис йæ гæрзты. Райс сæ дæхимæ, æмæ цу, æз дæ æййафдзынæн, дæ ныфсæн ныфс уыдзынæн æмæ дын сæттæн нæ уыдзæн.

Хæтæго райста йæ фыды гæрзтæ, йæ тыхмæ тых æрбафтыд. Цæуы ныфсджынæй. Хуыцæуттæ Уарппы сæрыл бадтысты æмæ сæм комкоммæ ацыди. Йæ мад Донбеттырон, йæ фæстæ араст. Хуыцæуттæм Хæтæго куыд æввахс кодта, афтæ йæ ныфс тынгæй-тынгдæр кодта, фæлæ нæ зыдта йæ мад йæ фæстæ ис, уый.

Хæтæго смидæг ис знæт сырдау хуыцæуттæм. Райдыдта сæ цъыгъгъыттæ кæнын, къуыхтæ кæнын, цæгъдын.

Хуыцæуттæ сæргуыртæ кодтой. Сæры къуыдыртæ Уарппы бæрзæндæй бынмæ тылдысты дуртау, сæ тугты лæсæнтæй адгуытæ дзаг кодтой æмæ ивылд донау згъордтой бынмæ. Хуыцæуттæ фæтыхстысты æмæ Чырты [1] лæгæтмæ сæхи бакалдтой. Сæхиуыл рахгæдтой хохы йас дуæрттæ æмæ Хæтæго æддейæ аззадис. Хæтæго хъæбæр дойнаг дуртæ срæмудзы æмæ сæ дуæрттыл ныххуырсы. Бацъил вæййынц дуæртты къæйтæ. Бафсæры уырдæм, йæ мад цыд йæ фæдыл æмæ йын йæ ныфс тыхджындæр кодта. Тыхджындæр фæци йæ хæст. Хуыцæуттæ æрдæг фесты. Уæд Хуыцау хох рафæлдахы æмæ Хæтæго йæ быны фæци. Донбеттырон уый фенгæйæ Чырты лæгæтмæ йæхи байста. Стынг ис хæст Донбеттырæй хуыцæутты æхсæн. Мад йæ фырт Хæтæгойы иста, хуыцæуттæ та йæ дæтгæ нæ кодтой. Афтæ фæхæцыди æнæхъæн къуырийы дæргъы.

Хуыцæуттæ нæ лæвæрдтой Хæтæгойы марды. Донбеттыр та йæ фырты марды иста. Æхсæвы æрæнцади сæ хæст. Донбеттыр Хæтæгойы мардмæ бахъуызыд æмæ йæ радавта.

Æрхаста йæ Царциатæм æмæ стыр зæппадз скодтой, уым бавæрдтой Хæтæгойы марды æмæ йæ мад дæр йæ уд систа, æмæ уый дæр уым бавæрдтой.

36. Царциаты Лока

Царциаты Фарнæджы зæнæгæй иу Лока хуынди. Хибарæй царди, хæдзар дæр ма йын куы уыдаид, иу дæрæнгъауы [1] царди. Фарнæгæй Лока раджы ферох, ис ма йын ахæм фырт æви нæ. Лока йæхицæн æддæ цард кодта хъæуæй. Царциаты ныхасмæ нæ цыди, сæ уынаффæйы никуы уыди, æгæрыстæмæй йæ фæныкгуыз рахуыдтой. Фæкæс æмæ та уæлæ Лока йæ къæриты [2] кæцыдæр сыхæй æрцæуы йæ дæрæнгъаумæ. Фос æм нæ уыд æмæ Царциатæ дис кодтой, цæмæй цæры Лока. Се ’хсæн æмбисондæн баззади:

— Локайы цард у хур æмæ донæй, йæ цард æрвиты æнæ стурæй, фæлæ фæндонæй.

Лока никæй хъыгдардта, никæй æфхæргæ кодта. Исчи йæ куы фарстаид йæ цардæй, уæд-иу дзырдта:

— Мæ рад дæр уыдзæни.

Царциатæй бирæтæй Лока ферох ис. Иу бон Фарнæджы фæрсынц Царциатæ:

— Уæдæ дын Лока та куыд у, Лока?

— О, уый кой ма кæнут, — зæгъы сын Фарнæг, — æнæныгæд мард æмæ æнæмард удæгас у. Æгад мæ кæны æмæ ма мæнæй цæй фарны лæг ис.

Фарнæгмæ тынг хъыг касти Локайы ми. Сфæнд кодта йæ сафын. Иу бон æм дзуры:

— Сугтæ ласын æмæ мæм фæкæс.

Араст сты хъæдмæ. Фарнæг хины нуæзт йемæ ахаста, хъæды кæрон æрбадынц æмæ йын дзы бануазын кодта. Лока афынæй вæййы. Фарнæг æй иу стыр бæласмæ ныббаста, йæхæдæг рацæуы.

Уæд Лока райхъал ис, йæхи айвæзта, уыны — бæласмæ у баст. Бæлас æд уидæгтæ стоны, йæ фæдыл æй ласæгау ракодта æмæ Фарнæгмæ дзуры:

— Мæнæ дæ уисойаг бæлас.

Фарнæг Нагъуыимæ ракæсынц æмæ зæгъы:

— Оххай, ай дзы бынтон куы ницы æнхъæл уыдтæн æмæ бæлас æд уидæгтæ йæ фæдыл куы æрласта.

Нагъуымæ фæкомкоммæ сты, дзургæ ницы скодтой æмæ Лока йæ хæдзармæ бацыди.

Фарнæг та йæм дыккаг хатт дзуры:

— Уарппы бынæй мын хæдзар рахæссинаг ис æмæ мæм фæкæс.

Араст та сты иумæ Уарппы бынмæ. Локайы та хины нуæзтæй фæрасыг кæны Фарнæг æмæ йæ ставд æндзæлмттæйарæзт хæдзарыл бабæтты, йæхæдæг раздæхти.

Лока æрфынæй, фæлæ куы райхъал, уæд йæхи айвæзта, фены — хъæдын хæдзармæ у баст, Лока йæ раласта йæ фæстæ æмæ та Фарнæгмæ бадзырдта:

— Мæнæ, дæ уисойæ цы хæдзар сæрфдзынæ, уый.

Хъæрмæ та Фарнæг æмæ Нагъуы рауадысты. Фарнæг зæгъы:

— О, ме скæнæг! Амæ тых куы нæ уаид, уæд ма ахæм хæдзар йæ фæдыл исчи ласы?!

Нагъуы æмæ Лока та кæрæдзимæ бакастысты æмæ Нагъуы мидбылхудт бакæны.

Лока та сæхимæ ацæуы. Æртыккаг хатт дæр Локамæ фæдзуры Фарнæг æмæ йын зæгъы:

— Фурды был мæ фосрæгъау хизынц. Иу кæф сæ йе ’взагæй рацахсы æмæ уый марынмæ фæцæуæм.

Ацæуынц иумæ, фæлæ та ацы хатт дæр Локайæн Фарнæг бануазын кæны хины нуæзт æмæ Лока бафынæй вæййы. Ныууадзы йæ фурды был æмæ рацæуы Фарнæг. Уæд Локамæ кæф æрбабырыди, йе ’взагæй йын йæ къахыл фæхæст и, фехъал вæййы, фæлæ йæ уæдмæ кæф аныхъуыры. Лока кард фелвæста æмæ кæфы лыгтæ кæнын систа. Кæф æм дзуры:

— Ма мæ амар, мæ фындзæй дæ раппардзынæн!

— Йе, хæрæг цыдæр, исчи мæ кæфы лукъа хона.

— Уæд та дæ мæ дзыхæй раппардзынæн.

— Æмæ мæ исчи кæфы омдзæг хона.

— Уæд та дæ амиздзынæн.

— Ау, æмæ мæ дæ мицъыра хоной.

Лока кæфы зæрдæ слыгтæ кодта æмæ кæф мардæй донбылыл æрхауди. Лока кæфы рахиз фарс æрлыг кодта æмæ уырдыгæй рабырыди. Кæфы фындзы хуынчъы уæрдæхдзых [3] акодта, æрхаста йæ Фарнæгмæ æмæ йæм бадзырдта:

— Мæнæ дын дæ сихойраг æрхастон.

Хъæрмæ Фарнæг æмæ Нагъуы ракæсынц. Нагъуы йæм хъæлдзæггъуыз равдисы, Фарнæг та зæгъы:

— Оххай, ай цавæр тыхы хицау у, цæуылнæ йæхи æргом кæны.

Кæфмæ æркæсынц, дисы бахауынц æмæ Фарнæг фæрсы Локайы:

— Ахæм тыхы хицау кæм дæ, уым дæхи цæмæн æгад кæныс?

— Бæргæ не ’гад кæнин, дæ фыдыхойы мын куы раттис, уæд.

— Уæу-уа, уый æбузылд [4] куы уыдзæн, Царциатæ мыл куы худдзысты. Иннæмæй йæ курджытæ куы ис хохы бадæг фыййау æмæ уæйыг, уыдон дæуæн Нагъуыйы кæм ратдзысты.

— Уыдонимæ æз фидаудзынæн.

Фехъуыстой хохы бадæг фыййау æмæ уæйыг, Нагъуыйыл Лока дзуры, уый. Иу бон сæ дыууæтæ дæр рацæуынц скъæфæг. Лока донбыл хуыссыди, уыдон æй уым æрбаййафынц. Хохы бадæг фыййау æм дзуры:

— Ды мæ разæй Нагъуыйы куыд хæссыс? Кæд æй æз уарзын, зæгъ-ма, уæд раздæр мæн цæуылнæ фæрсыс?

Уæд уæйыг дæр Локамæ дзуры:

— Нагъуыимæ мах стæм лымæнтæ, нæ фæндон иу у, уæд мын куыд хæссыс мæ сæр æвзæрмæ?

Лока сæм дзуры:

— Кæд бавзардзыстут уæ тых мæ разы, æргом уын зæгъын: Нагъуыйы раттон — уыдзынæн разы.

Хохы бадæг фыййау æмæ уæйыг уæд кæрæдзимæ февналынц, æрмдзæфæй — нæрсынц, уæхскдзæфæй — мæлынц. Иу сæ иннæуыл нæ тых кæны. Хохы бадæг фыййау кард фелвæста, уæйыджы цæсты йæ фæтъыссы æмæ йын йæ гагуы сæппары. Уæйыг дæр кард фелвасы æмæ хохы бадæг фыййауы был ныллыг кæны. Сæ дыууæ дæр цæфтæй фæцæуынц нысан бынатмæ æмæ сæхи дзæбæх кæныныл схæцыдысты. Уæдæй ардæм Нагъуыйыл сдзурæг нал фæцис, Лока та Нагъуымæ æнхъæлмæ касти.

37. Базыг æмæ Æмбазыджы райгуырд

Нагъуы æруæззау ис æмæ Ахуыйы фырттæн зæгъы:

— Уæхи уал аирхæфсут, ма мæм кæсут, мæхæдæг мæхицæн хос кæндзынæн.

Ахуыйы фондз фырты сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Нагъуы хъæрзынтæ систа æмæ катай кæны. Уæд æм гуыбынæй йæ гуыринæгтæ дзурынц:

— Цы хъæрзыс, исты дын мадгуырдæй [1] куыннæ райгуырдзыстæм.

— Уæдæ куыд гуырдзыстут? — фæрсы сæ Нагъуы.

— Нæхи куыд фæнда, афтæ.

Нагъуыйы гуыбыны дыууæ гуыринаджы хыл кæнынц. Сæ иу зæгъы:

— Æз хъуамæ раздæр райгуырон.

Иннæ зæгъы:

— Нæ, æз хъуамæ райгуырон раздæр.

Нал фидыдтой. Уæд та сæм Нагъуы дзуры:

— Ныр кæдмæ афтæ хыл кæндзыстут æмæ мæ тухæнæй мардзыстут. Кæй уæ кæцæй фæнды, уырдыгæй рахизæд æмæ уæ фервæзон.

Гуыринæгтæй иу базыджы бынмæ сбырыди, уырдыгæй йæ сæр радардта æмæ зæгъы:

— Уæ, мæнæ дуне цы рухс у, æз та талынджы хъуырдухæн кодтон!

Рахызт базыджы бынæй æмæ йæ Нагъуы уый тыххæй схуыдта Базыг. Уæд иннæ гуырд дæр йæ сæр базыджы бынæй радардта æмæ дзуры:

— Уæххай, ай дуне æцæг рухс куы у, уæд талынджы цы бадтæн.

Рахызти уый дæр базыджы бынæй. Нагъуы уый та схуыдта Æмбазыг. Царциатыл айхъуысти, хæрæфырттæ сын кæй райгуырди, уый.

Нагъуыйæн арфæгæнæг систы æмæ цин кодтой.

Сау хохы гуымир царди, уый Царциатæм æрæрвыста:

— Гуырдтæ цæринаг уæнт, фæлæ мын Нагъуыйы усæн куы раттиккат, уæд уын уæ хæрæфыртты дæр схæсдзынæн.

Царциатæ не сразы сты. Гуымир мæсты кодта. Йæ цæстытæ къуай [2] уыдысты, сфæнд кодта Нагъуыйы аскъæфын. Царциатæ йæ æмбæрстой æмæ Нагъуыйæн зæгъынц:

— Сау хохы гуымир дæу нæ ныууаддзæни æмæ цы бакæнæм, мах балцы куы фæцæуæм, уæд.

— Ма мын тæрсут, фæлæ цæут балцы.

Царциатæ балцы фæцыдысты. Сау гуымир хабар базыдта æмæ фыдбылызы ус Маммимæ фæзыны, бадзырдта йæм:

— Уæ, мæ мады хай, Мамми, баххуыс мын кæн Нагъуыйы аскъæфын.

— Уæ, дæ мад дæ хурæй бафсæда, кæцы дæ?

— Сау хохы гуымир бæргæ дæн.

— Нагъуыйы расайдзынæн, — зæгъы Мамми, — æмæ йæ аскъæф.

Мамми Нагъуыйы дуæрттыл базылди, дзуры: «Пыф-пыф, ам аллон-биллоны тæф куы цæуы, уæд дзы Царциатæ куыд фæразынц?»

Нагъуы йæ размæ рауади æмæ йемæ ныхасыл схæцыди. Гуымир йæхи Нагъуыйыл ныццавта æмæ йæ аскъæфта.

Фарнæджы фырттæй сæ иу Лока уыд магуса лæг, фæлæ тыхы бикъ. Уый хабар фембæрста. Базыг æмæ Æмбазыджы йæхимæ акодта. Æрмахуыр бирæгъ æм уыдис æмæ йын Лока зæгъы:

— Цалынмæ дын æз зæгъон, уæдмæ адонæн дæ дзидзитæ дар, кæннод дæ амардзынæн æд лæппынтæ.

Бирæгъ йæ лæппынтæн тарсти æмæ дыууæ лæппуйæн дзидзи дардта.

Иу изæр Царциатæ æрыздæхтысты. Нал арынц Нагъуыйы, нал йæ фыртты. Фæцагуырдтой сæ, фæлæ ницы ссардтой æмæ катай кæнынц. Лока сын зæгъы:

— Сымах уыдон не ссардзыстут, макуыдæмуал ацæут, исчи та уын тых бакæндзæни, фæлтау мæн ауадзут. Мæнæн ус нæй, сывæллæттæ дæр нæй, кæд сæ æз ссарин.

Фарнæг зæгъы:

— Ауадзæм-ма йæ, кæддæр ын йæ тых æвзæрстон, кæд исты саразид.

— Ацæуæд, — зæгъынц Царциатæ, — кæд исты ссара, уæд ын ратдзыстæм нæ фыдыхойы усæн.

Араст и Лока бæхыл Нагъуыйы агурæг. Гуымир зæдæ [?] æмбалы ракодта æмæ сын зæгъы:

— Нагъуыйы раскъæфтон æмæ мын нæ разы кæны. Багъдайы [3] ауындзæнмæ йæ фæкæнæм, уый мæлæтæй фæтæрсдзæни æмæ мын кæд сразы уаид. Кæннод Царциатæ цъиувæдисонæй куы рацæуой, уæд нæ фæцæгъддзысты.

Гуымир æмæ йе ’мбæлттæ Нагъуыйы Багъдайы ауындзæнмæ кæнынц. Уæд Лока иу хъæугæронмæ бахæццæ ис. Кæсы: иу ус дон фæхæссы къуыстилы, æрдæгвæндагыл æй акалдта æмæ зæгъы:

— Ус фæлмæн буар, у бæмбæджы пух, лæгджы асайы, уымæн æм кæнынц лæгтæ афтæ дугъ. Æмæ уый чи аразы, уый фæлдыст уæд.

Раздæхти ус, йæ къуыстил та байдзаг кодта æмæ рацæуы. Æрдæгвæндагыл та йæ акалы æмæ зæгъы:

— Ус цæстынгасæй ласы хирдæм, лæгыл ацахуыр, уæд æрхуысдзæни раст йæ дæлфæдтæм. Æмæ уый чи аразы, уый дæр фæлдыст уæд.

Æртыккаг хатт дæр та уыцы ус раздæхы йæ къуыстилимæ, байдзаг æй кæны донæй, фæлæ та йæ æрдæгвæндагыл акалы æмæ зæгъы:

— Ус дыргъы бæлас, уый — йæ миниуæг, уымæй равзæрынц адджын хъæбултæ, царды дидинæг. Æмæ йæ хъæбулты чи ныууадзы, уый дæр фæлдыст уæд.

Лока йæм нал фæлæууыд æмæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, ацы ус, дæ ныхæстæм хъуыстон æмæ мæ зæрдæйыл арф æмбæлдысты.

Ус зæгъы:

— Сылгоймаг æлгъыст у æвдиуæй, сывæллонджын ус ма искæй фæстæ куы ацæуа, уæд уый йæ сывæллæтты тæригъæды цæуы. Ам иу усы гуымиртæ фæкæнынц Багъдайы ауындзæнмæ, афтæмæй та сывæллонджын у, æлгъитгæ дæр æй уымæн кæнын.

— Бахатыр кæн, хорз ус, — зæгъы Лока, — махмæ дæр ахæм ми æрцыди, уæвгæ уым сылгоймаджы тыхыскъæфт фæчынди æмæ уый агурæг цæуын. Чердæм цыдысты гуымиртæ?

— Хурыскæсæны ’рдæм.

Лока усæн бузныг загъта æмæ хурыскæсæны ’рдæм фæраст и. Цæуы, фæлæ хъуыдытæ дæр кæны: кæд, мыййаг, бирæ сты, уæд сын иунæгæй цы бакæндзæни. Кæсы, иу ран гуымиртæ улæфыдысты, æхсæвæр хордтой. Хæринагæй Нагъуыйы былтæ сæрдгæ кодтой, хæргæ та йæ сæхæдæг кодтой. Фæсхæрд æрулæфыдысты, афынæй сты. Нагъуы Локайы ауыны, сабыр æм дзуры:

— Хъус-ма, Лока! Мæн кæнынц Багъдайы ауындзæнмæ. Аздæх фæстæмæ, Царциатæм мæ дыууæ фырты, уыдонæн дыджыкæ [4] ссарут, уæд байрæздзысты цырд æмæ сæ рарвитут тагъддæр, кæннод монг [5] мард акæндзынæн. Кæд æгас баззайон, уæд нæ цард сиу кæндзыстæм. Ныр цæугæ, цалынмæ нæ райхъал сты.

Лока йæ бæхыл абадти æмæ фездæхти. Æрцыди Царциатæм æмæ радзырдта, цы федта, уый. Царциатæ ныккатай кодтой æмæ зæгъынц:

— Ныр кæм ссарæм дыджыкæ усы?

— Мæ мадмæ æрвылкъуыри æхсыр æрцæуы, — зæгъы Лока, уымæй сæ схæссæм.

Царциатæ сразы сты. Лока, Базыг æмæ Æмбазыджы ракодта цардбæллон хуызы, йæ мады æхсыр сын дардта. Базыг зæгъы:

— Оххай, куыд адджын дæ, мады æхсыр, сырды æхсыр æндæр ад кæны.

Æмбазыг дæр зæгъы:

— Оххай, цæй тайн [?] дæ, мады æхсыр, тых æмæ ныфс куы дæттыс, уæд цæмæн дадтон сырды æхсыр.

Царциатæ бамбæрстой, Лока сын бирæгъы æхсыр дардта, уый. Фæбузныг дзы сты. Къуыри рацыди æмæ дыууæ æфсымæры хæстхъом систы. Лока сæм дзуры:

— Ныр цомут мемæ уæ мады агурæг.

Араст сты æртæйæ, Лока æмæ дыууæ лæппуйы. Бирæ фæцыдысты Багъдайы ’рдæм. Гуымириты бынаты онг æрхæццæ сты, фæлæ сæ уым ничиуал уыди, æрмæст ма æртсыгътæ [6] фæздæг калдтой. Лока лæппутæн зæгъы:

— Гуымиртæ æрæджы дæр ма ам уыдысты, сæ æртсыгътæ нырма фæздæг калынц, фæлæ ам фæндаг дыдихæй [7] цæуы. Кæцыйыл ацæуæм?

Лæппутæ зæгъынц:

— Ды фæлтæрд дæ, Лока. Мах нырма емылыччытæ стæм, цæуæнтæ хуыздæр зоныс. Ды иу фæндагыл ацу, мах иннæуыл. Гуымириты чи фена, уый-иу фатфæдисон рарвитæд.

Лока иу фæндагыл араст и, лæппутæ дыккаг фæндагыл. Цæуынц æмæ Лока ауыны гуымириты. Йæ фат фехста лæппутæм æмæ сæ тæккæ раз сæмбæлди. Лæппутæ фездæхынц æмæ Локайы фæстæ фæцæуынц, æрбаййæфтой йæ. Гуымиритæ Багъдайы ауындзæны онг бахæццæ сты. Уым уыди цад, Нагъуы сæм дзуры:

— О, мæ тæригъæд фæхæссат, гуымиритæ. Мæрдтæм мæ куы ’рвитут, уæд мæ гаппар [8] змæстæй куыд ныгæндзыстут? Чысыл мæхи доны сæхсон.

Гуымиритæ сразы сты. Нагъуы йæ дарæс фелвасы, йæ буар цæхæртæ скалы, йæ риукъуыбыртæй хуртæ æмæ мæйтæ кæсынц. Гуымири йæм фæкомкоммæ ис æмæ фæуадзыг и, иннæтæ дæр хæлиудзыхæй аззадысты æмæ сын сæ дзыхты бындзытæ гуыз-гуыз кодтой.

Лока æмæ дыууæ лæппуйы дæр феввахс сты. Нагъуы сæ ауыдта æмæ зæгъы:

— Уæууау, ай мæ гомæй куы феной, уæд цы зæгъдзысты, сæ зæрдæ мæм фехсайдзæн.

Нагъуы йæ дарæс акодта, гуымири æмæ йе ’мбæлттæ дæр æрчъицыдтой. Гуымири дзуры Нагъуымæ:

— Дæ удæгас мын цы ракодта, уый мын дæ мард нæ ракодтаид, уымæн фæдзурынц афтæ: «Сылы чи уарзы, уый у æлгъыстаг. Куы йæ бафæнда, фæкæндзæни дæу бынтон фыдвæндаг».

Нагъуы дæр зæгъы:

— Сылы дæр лæг хъæуы. Алы лæг лæг нæу. Дæуæй цæй лæг ис, айонг мæ æркодтай æмæ мын дæ бон ницы саразын баци, мæнгæй нæ акæнынц: «Лæг сылы ’взагæй фыдбылыз тауы, æмæ æргомæй адæмы уæлдай ингæнмæ хауы». Ныр дæхæдæг дæр ингæнмæ хаудзынæ, æнæсæрæн куы дæ. Цæй хæцæг лæг дæ, тæрсгæ чи кæны, бахъуыды сахат æцæг адæймаг мæлгæ фæкæны.

Уыцы ныхæстæм гуымири фæхъæр кæны йе ’мбæлттæм:

— Æрцауындзут æй!

Гуымиритæ Нагъуыйыл куыд ныххæцыдысты, афтæ сæ Лока æмæ дыууæ лæппуйы æртæрдыгæй ныццавтой, цæгъдынтæ сæ систой æмæ бабын сты. Къуай гуымиры æрцахстой æмæ рацыдысты. Царциатæм æрцыдысты æмæ сыл фæцин кодтой. Царциатæ Нагъуыйы Локайæн усæн радтой, Базыг æмæ Æмбазыджы та семæ æрцæрын кодтой. Лока къуай гуымирийæн лазæг [9] сарæзта, уым æй сифтыгъта æмæ дзы суг ласта. Иу сугласæны гуымири йæхи былæй аппæрста æмæ ныммарди. Уыйадыл гумиритæ Царциатæм хæрам хастой.

VI. ЦАРЦИАТЫ ЗНÆГТÆ

38. Маммийы райгуырд

Уæд дын дæлимонты чызг сагъуыдис [1] Царциатæм цæуын æмæ сæ мæстæй мардта. Ахуы-иу æй фæсырдта, фæлæ-иу Ахуыйы тынгдæр мæстæй марын райдыдта: куы йæм йе ’взаг æрластаид, куы йæ хъыгдардтаид, æмæ йын æнцой нæ лæвæрдта.

Иуахæмы та фæзынди дæлимонты чызг, бæласы бын слæууыди æмæ кæсы Ахуымæ. Бæласы сæр бадти иу сих æмæ чызгмæ дзуры:

— Цавæр каст кæныс Царциатæм?

— Ахуыйы уарзын æмæ мæм нæ кæсы.

— Куыд дæм кæса, кæд æмæ йæ мæстæй марыс, де ’взаг æм æрласыс, — зæгъы сих, — исчи афтæ кæны.

Сих ныххудти:

— Ма-аа-ми!

Ахуы афтæ фенхъæлдта, сих ууыл ныххудти æмæ йæм дзуры:

— Мамми дарæг дæ мауал уæд, кæд цæуыл худыс, дæ бынмæ дæлимонты чызг ис, æмæ уыимæ айтæ-уйтæ фæкæнут, уый дын мæ ныхас.

Сих уыйадыл бæласы сæрæй æргæпп кодта æмæ дæлимонты чызгыл ныххæцыди. Чызг ныхъхъыллист кодта æмæ суры йæхицæй сихы. Ахуы сæм кæсы æмæ сыл худæгæй мæлы. Сих дæлимонты чызгмæ дзуры:

— О, мæхи мамы.

Дæлимонты чызг æм дзуры:

— Мамми дæр дæхæдæг æмæ алцы дæр.

Уæд сыл Ахуы дур фехста. Дур цыдæр фæцис, сих бæласмæ сгæпп ласта, дæлимонты чызг та сæхимæ æрцыди, йæ мадмæ бауади æмæ дур йæ тæккæ раз сæмбæлди. Мад йæ чызджы фæрсы:

— Ацы дур та кæцæй æрхауди?

Чызг радзырдта, цы йыл æрцыди Ахуыйы æлгъыстæй сихимæ, уый. Мад зæгъы:

— Сихы мæм æркæн.

Чызг сихы æркодта, чызджы мад æм дзуры:

— Фæцу Царциатæм, зæгъ Ахуыйæн: «Дæу аххосæй мæ чызг батырæнхъæлцау [2] ис æмæ йын уæлæуыл цæрыны бар ратт».

Сих Ахуымæ æрцыди æмæ йын дæлимонты чызджы мады ныхæстæ рафæзмыдта. Уæд Ахуы зæгъы:

— Ту, адæмæй æлгъыст фæу, цы сих дæ, кæд дæ дæлимонтæм æрвитгæ нæ фæкодтон, се ’лгъыст дæ баййафæд, цæрæнбонты де смаг куыд кæла!

Ахуыйы æлгъыст сихыл æрцыдис, фæсырдта йæ. Сих дæр, йæ тæф калгæ, дæлимонтæм æрцыд. Дæлимонты чызг æм дзуры:

— Цавæр тæф калгæ æрцыдтæ?

— Ахуы мæ ралгъыста.

— Уæ, амæлай, цы сих дæ, кæд мæ фыдбылызæн нæ райгуырдтæ, ныр мын гуырдз гуырдзæни æмæ цы бакæнон?

Сих æм тамакойы авæрдта æмæ йын зæгъы:

— Зынæй дын куы гуыра, уæд-иу ацы сыф дæ армы дзыхъхъы аууæрд, æууæрст дæ фындзы хуынчъы атъысс æмæ дын æнцонæй райгуырдзæни гуырдз.

Тамакойы сыф райста дæлимонты чызг æмæ йæ хъæрзын ссыди. Гуырдзы гуырын кæны, фæлæ уый гуыбынæй нæ комы. Дзуры гуыринаг гуыбынæй:

— Дæ гуыбынæй нæ ахиздзынæн, цалынмæ мын Царциатæ бар нæ радтой сæ бæстыл цæрынæн, уæдмæ.

— О, рахиз уал, стæй дын исты хос уыдзæни.

— Нæ ахиздзынæн.

Уæд дæлимонты чызг йæ мадмæ фæдзырдта. Уымæ чызг радта тамакойы сыф. Мад æй æрыууæрста æмæ дзы йæ чызджы фындзы хуынчъы атъыста. Чызг æрыхснырста: «Æттыры маммы!»

Гуырдз гуыбыны нал фæлæууыди æмæ рагæпп кодта. Уый уыдис чызг æмæ йыл Мамми сæвæрдтой ном.

Мамми йæ мадæн зæгъы:

— Царциатæй зæххы хай райс цæрынæн.

Дæлимонты чызг Маммийы йæ хъæбысы акодта, Ахуымæ ссыди æмæ зæгъы:

— Ацы гуырдз дæу аххосæй райгуырд, кæнæ йæ хъомыл скæн, кæнæ мын цæрыны бар ратт Царциаты зæххыл.

— Уæртæ авд æфцæджы фалейæ ис лæгæт, — зæгъы Ахуы, уырдæм фæцу æмæ дзы цæр.

Дæлимонты чызг уырдæм фæцыди, хъомыл кодта Маммийы. Куы байрæзти, уæд-иу Ахуыйы фæллойæ адавта æмæ æнæбæркад кодта йæ цард Ахуыйæн, бæргæ йæ æмбæрста, фæлæ сылгоймагимæ чи хæцы, мæнг нæ акæнынц: «Сыл куы фæтыхсы, уæд цу гуыбырæй, уый ма дæ уарздзæн мæнг ныхас æмæ фæлмæн гуыбынæй».

Мамми уыдис бынтон фыдуынд, йæ фындз маргъы фындзы хуызæн, йæ иу ссыр — размæ, иннæ — фæстæмæ хæцыд, йæ иу дæндаг — роцъойы сæрмæ, иннæ дæндаг — уадулы ’рдæм. Фыдуынддæр скæнæн нæ уыди.

Иу бон Мамми фæрсы дæлимонты чызджы:

— Ацы лæгæты цæмæн цæрæм?

— Дæхæдæг æй фæстæдæр базондзынæ, ныр та мæ адыл нæ дæн, мæлдзынæн, куы бахъомыл уай, уæд Царциатæй мæ маст райс, мæ цард уыдон аххосæй фесæфти, дæ зæрдыл дар ахæм æмбисонд: «Зон, арцы рæхуыст бынтон нæу риссаг, фервæздзынæ дзы, фæлæ сылы ’взаджы цæф у тæссаг æмæ риссаг».

Уыйадыл дæлимонты чызг амарди. Мамми йæ баныгæдта. Уæд йæхицæн зæгъы Мамми:

— Фæцæуон Царциатæм, базонон сæ, чи сты?

Рараст и Царциатæм. Ахуы уыдис цуаны, Нагъуы — хæдзары. Мамми йæм дзуры:

— Цæй, хъултæй ахъазæм.

— Дæлæмæ фæуайай, кæд лæппутæ не стæм, хъулæй уыдон фæхъазынц, — загъта Нагъуы.

Нагъуы рахаста Ахуыйы хъултæ, суылдта сæ æмæ хъул цыг абадти. Мамми суылдта — уымæн та фыр абадти. Дыккаг хатт Нагъуы суылдта — фæхс ын абадти, Маммийæн та тæу абадти. Æртыккаг суылдæн Нагъуыйы хъул хъен абадти. Мамми суылдта æмæ йын сах абадти. Мамми рамбылдта хъултæ, æххуыс ын сих кодта сусæгæй. Систа хъултæ Мамми æмæ рацæуы. Ахуы дæр æрхæццæ ис сырды мардимæ, фæрсы Нагъуыйы:

— Чи у, чи ацы маргъыбырынкъ?

— Æз дæр æй фыццаг хатт уынын.

Ахуы бамбæрста, уый сих æмæ дæлимонты чызгæй райгуыргæ кæй у, æмæ зæгъы йæ хойæн:

— Хорз уаид, дæхиуыл æй куы нæ ахуыр кæнис.

— Æмæ нын цы хъом у, уадз æмæ цæуа, уæддæр иунæг стæм æмæ уымæй куы тыхсæм.

Ахуы дæр ницыуал загъта, сырды мардæй физонджытæ скодтой, бахордтой, стæй баулæфыдысты.

39. Царциаты рæдыд

Царциатæ сфæнд кодтой сæ рагон знæгтæ еугуыппартæй сæ маст сисын. Цæгъдгæ дæр дзы фæкодтой, зайгæ дæр ма дзы бакодта. Царциатæн сæ зондджындæр Суа уыди, уымæн авд фырты уыди. Кæстæр чындз ын рæсугъд уыди æмæ нæ зыдтой, еугуыппартæй ма сæм исчи тых кæнынмæ æрбацæудзæни, уый.

Æнæхъæн цалдæр сыхæй афæндараст сты сæ рагон знæгтæм. Уæд еугуыппартæ дæр сфæнд кодтой Царциатæм ныббырсын. Царциатæ иу фæндагыл ацыдысты еугуыппартæм. Еугуыппартæ та æндæр фæндагыл араст сты Царциатæм. Иуахæмы еугуыппартæм ныфсæрстой Царциатæ, фæлæ хæстхъомæй никæй ныййафтой æмæ æрбынат кодтой еугуыппарты бæстæйы. Бон галтæ æргæвдын кодтой, изæр — хъуццытæ.

Еугуыппартæ дæр иу заманы æрхæццæ сты Царциаты бæстæм. Сæ фосы сын цагътой æнауæрдонæй, стæй загътой:

— Сæ хæзнатæ сын ахæссæм.

Царциатæн сæ хæзнатыл разылдысты еугуыппартæ æмæ семæ акодтой Суайы кæстæр чындзы уацары. Се ’рцыдмæ Царциатæ фыддæрæн еугуыппарты хойраг хыссæйæн фесты, сæ хуымилиаг нуæзтæн, сæ фос — физонæгæн æмæ фыд расыг фесты. Афтæмæй ныффынæйтæ сты.

Еугуыппартæ æрхæццæ сты æд хæзнатæ æмæ Суайы чындзимæ. Суайы чындз базыдта Царциаты æмæ а ныр ныхъхъæр кæна, афтæ йæ авд ивазны æрфæн уæрмы ауагътой. Еугуыппартæ фынæй Царциаты се ’рдын бастæй кæрæдзимæ бабастой, змæлын сын куыннæ уыдаид, уый фæстæ райстой дзæккортæ æмæ сыл ралæууыдысты.

Царциатæ схъиудтытæ байдыдтой, бирæ сæ мæлгæ акодта, бирæ сæ цæфтæ фæци, бирæмæ та цæф нæ хъардта. Цас сæ надтаиккой, фæлæ Царциатæ сыхъал сты, сæхиуыл ахæцыдысты, фæлæ сæ уæнгтæ баст уыдысты æмæ сæ бон ницы уыди.

Суайы чындз бамбæрста хъуыддаг æмæ схизыныл архайдта. Уæд Суайы цилхъ фесхъиудта æмæ уæрмы ныммидæг и. Суайы чындз æй фелвæста, къахæвæрæнтæ акодта æмæ абырыди. Бахъуызыди сусæгæй. Царциаты бæстыты лыгтæ райдыдта æмæ сæ уагъта. Еугуыппартæ йæ ауыдтой æмæ йыл сæхи ныццавтой. Суайы чындз сыл цилхъæй ралæууыди æмæ сæ цæфтæ-гуыртæ систа. Еугуыппарты тæртты туджы зæй ласта. Уæд Царциатæй чи баззади, уыдон хæцын байдыдтой еугуыппартимæ, мыггаг сæ нал уагътой æмæ сæхи фидæрттæм истой.

Иу миниуæг уыди еугуыппартæм: къуыри фынæй кодтой, къуыри фынæй нæ зыдтой. Сæ фынæйы афон ралæууыди къуырийы фæстæ. Уæлхъæдæй [1] фынæй кодтой. Уæд сæ ныхбынты какон сындзытæй сыгътой еугуыппартæ, цæмæй ма фынæй кæной, фæлæ сын уый дæр нал феххуыс кодта. Бафынæйтæ сты æмæ фæцагъды сты. Царциатæ сын сæ фæллой ратæлæт кодтой æмæ ма сæ æгас чи уыди, уыдоны бабастой, стæй сæ ныууагътой. Сæ мæрдтæ хурмæ ныссау сты, се ’гæстæ куы райхъал сты, уæд уæнгбастæй сæ бон ницы уыди æмæ загътой:

— Кæрæдзи суадзæм.

Архайдтой, фæлæ сын уымæй ницы уади. Уæд дуртыл сæхи хафын байдыдтой, сæ риуты туг цыхцырæгтæй ныллæууыди, афтæмæй сыл фыдхъыст скодта, гом риуæй сыл мит уарыди æмæ ходза хуырмæ [2] сæхи æппæрстой. Ходза хуырыл лæсæн ракалди æмæ йæ быны фесты. Еугуыппартæ бабын сты, хъырттызмæлæг сæ нал баззади.

Царциатæ уый куы базыдтой, уæд сын сæ цæрæнтыл арт бафтыдтой æмæ куывдтæ кодтой.

40. Сугъты сæфт

Сугътæ стыр æмæ бирæ мыггаг уыдысты. Сæ фыдуагдзинад æмæ сæ фыдракæндæн кæрон нæ уыди.

Сугътæ лæбурæг дæр уыдысты. Фæйнæрдæм тыдтой æмæ бырстой. Хæстон адæм цас уыдысты, уый бæрц та магуса дæр уыдысты. Иугæндзон истой тыхæй. Исæкæй фæллойæ — сойбыл, хи фæллой та сæхимæ нæ уыд.

Нал фæрæзтой Сугътæй, нал уæйгуытæ, нал Царциатæ. Уæйгуытæ сын дзабырхор æмæ сугласæг уыдысты. Сæхицæн бынат нал ардтой сæ фервæзынæн. Сугътæ цинæй мардысты уæйгуыты фæллой æвæлмæцгæ кæй хæрынц, ууыл.

Иуахæмы Сугътæ æрымбырд сты æмæ загътой:

— Царциатæ ма нæ дæлбар куы уаиккой, уæд нæ цард Хуыцауы цардæй ацæуид.

Ацы хъуыддагыл сæ тынгдæр ардыдта Сугъты дывзагон Сæууа. Сæууа рагæй дæр Сугътæн фыдбылызæн гуырд уыди æмæ фыдбылызы базыртæ сагъта Сугътыл.

Иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдта афтæ:

— Бын бауа Сугъты мыггаг, а уæйгуытæ, дæ дæлдæртæ, уыдон дæр æфсад сты, дыккаг æфсад — Сугътæ сæхæдæг, Царциаты хæлиудзыхтæ æмæ хъуымыздæйтæй ма цæмæй тæрсæм.

Арæх хъуыстой Сæууайы ныхæстæ Сугътæ. Иу хатт нæ байхъуыстой, фæлæ загътой:

— Махæй Царциатæ ницы дарынц æмæ сæ ныууадзæм.

Уæд-иу Сæууа сæрра ис. Дыккаг хатт дæр сæ куы ардыдта, уæд та-иу загътой:

— Ныууадзæм Царциаты, æнæуый дæр сæ нæ фаг исæм.

Æртыккаг хатт дæр та ахæм ныхас æрхаугæйæ Сугътæ дзырдтой:

— Уæйгуыты хуызæн сæ, хъæлæкк, ма бакæнæм, цынæ ис, дыууæтæ февварс уæвгæйæ махæн тых дæр ракæндзысты.

Сæууа-иу уæд дзырдта:

— Уæйгуытæн мах цы зæгъæм, ууыл разы уыдзысты, нæхæдæг та сæ фарс уыдзыстæм.

Фыдбылыз уыди Сугъты Сæууа, фыдбылыз уыди йе ’взаг дæр, фыдбылызæй фесæфтысты Сугътæ дæр.

Рафæнд ластой: Царциаты фæцæгъдой. Уæд сæм нырвыстой:

— Царциатæ, нæ зæххыл цæут, уæ фæндаг махыл у æмæ нын нæхион раттут.

Царциатæ дæр æнæрцæф уыдысты æмæ загътой:

— Афтæ дæр нæ хъыгдарут, фæлæ ма «нæхион» цæмæй зæгъут, уый æххæстæй не ’мбарæм.

— «Нæхион» та уый у, æмæ нын кæнæ а бæстæй фæцæут, кæнæ та уæйгуытау нæ дæлбар ут. Мах уæздандæр стæм æмæ уæ нæ сæрмæ кæй хæссæм, ууыл дæр хъæцут.

— Уæ уæздан уæхи уæд, фæлæ мах дæр адæм стæм, нæ сæрмæ уæ æцæг кæй хæссæм, ууыл хъæцут æмæ уæ фыдмитæ ныууадзут.

Сæууайæн æхсызгон уыдысты ахæм ныхæстæ æмæ Сугъты ноджы цырындæр кодта. Æхсæв нал зыдта, бон æнцад нал бадти, артыл хус æхсидавтæ куыд æндзарай, афтæ уыдон куыд цырын судзой, раст афтæ йе ’взагæй карста æмæ цырын кодта Сугъты.

Иу бон æрæмбырд сты Сугътæ æмæ загътой:

— Кæд сæ куынæг кæнæм, уæд афтæ, цæмæй сæ къах атилæг дæр мауал уа.

Фæсидтысты Сугътæ уæйгуытæм æмæ сын зæгъынц.

— Фарслас уын мах уыдзыстæм æмæ нын Царциаты фæцæгъдут. Царциаты бæстæ мах куы фæуа, уæд сымахæн та уæ бар уæхи уыдзæни, цæрут уæхи бар, мах уæ нал хъыгдардзыстæм.

Уæйгуытæ æнæуый дæр зыгъуыммæ уыдысты æмæ ноджы фыддæр фесты. Хæст самадтой Царциатимæ. Уæд Уæйгуыты хистæр Беро уыди, уый фæрсынц Царциатæ:

— Немæ цæуыл хæцут, куыннæ уæ хъыгдарæм Сугътау, фæлтау нæм фæкæсут æмæ Сугъты фæцæгъдæм, стæй сæ сымах дæр ивæрст [1] æмæ мах дæр.

Беро уæйгуытæн зæгъы:

— Уæ, гормонтæ фæуат. Мах Сугътæ сæ быны скодтой æмæ ма нæхи уыдон тыххæй Царциатæн цæмæн цæгъдын кæнæм, фæлтау Царциатæн баххуыс кæнæм æмæ сæ мах дæр фервæзæм, кæдмæ сын сæ бынтæ хæрдзыстæм.

Уæйгуытæ сæ хистæр Беромæ байхъуыстой. Царциатæ сын зæгъынц:

— Хъæдтæ фæкæнут, цæгъдгæ сæ самайут, цалынмæ уын зæгъæм, уæдмæ.

Уæйгуытæ хæхты хъæд цæгъдын байдыдтой, хъæдласæн кодтой стыр комæй, уый тыххæй ма абон дæр Хъæдласæн [2] хуыйны, цагъдтой йæ, амадтой йæ, ныхас нæ кодтой, афтæмæй.

Сугътæ уыдтой æмæ фæрсынц Беройы:

— Цæмæн уæ хъæуы уыйбæрц хъæд ласын?

Беро зæндджын лæг уыди æмæ сын зæгъы:

— Царциаты нын цæгъдын кæнут æмæ сын тыххæй ницы бакæндзыстæм, фæлтау сыл хинæй рацæудзыстæм. Сæ хъæутыл сын суг рæдзæгъдтæ скæндзыстæм, арт сыл бафтаудзыстæм, цæмæй сын лидзæн мауал уа, стæй сæ басæттын у æнцон.

Нæ бамбæрстой Беройы хъуыды Сугътæ, ай сын сæхимæ афтæ хъавынц, уый, æмæ уæйгуытæн номы куывд скодтой. Уым фыднуæзт фæкодтой, стæй ныффынæй сты.

Беро æмбисæхсæвты Царциатæн фехъусын кодта, афон у, зæгъгæ.

Уæйгуытæ хъæд ластой, Царциатæ та йæ Сугъты хæдзæрттыл амадтой. Æгас Сугъты хъæуыл авд ивазны хъæдсуг самадтой, стæй йыл авдырдыгæй арт бандзæрстой.

Хъæдсуг ныггуыпп ласта æмæ йæ арт мигътыл амбæлди. Хуыцау æмæ зæдтæ загътой:

— Цыдæр сыгъды тæф цæуы Сугътæй, æмæ цы уыдзæни?

Уæд уыджы рарвыстой æмæ йын бафæдзæхстой:

— Базон нын, цы ’рцыди Сугътыл.

Уыг ратахти æмби-æмбисæхсæвты æмæ федта: Сугъты хъæуыл арт сирвæзти æмæ арты хай фесты.

Уыг атахти, Хуыцауы къæсæрæй бауасыди:

— У-у-у!

Хуыцау æм радзырдта:

— Кæуинаг дæ сæр, кæд цæуыл кæуыс, зæгъ, цы ’рцыди?

— Сугътæ хъæдсугты зынджы бын фесты æмæ фæцагъды сты, змæлæг сæ нал ис.

— Уæдæ Сугъты цагъд баззайæд сау æмбисондæн æмæ ды та сæ кæуæджы хай фæу, æндæр сыл кæуæг нæй æмæ æнæ цæссыгæй мæрдтæм куы бацæуой, уæд тæригъæддаг уыдзысты.

Уæдæй фæстæмæ Сугъты куынæг баззади æмбисондæн: Сугъты цагъды фесты. Уæдæй фæстæмæ уыг та æхсæвыгон уасы: у-у-у!

Царциатæ æмæ уæйгуытæ фервæзтысты Сугътæй, кæд сæ кæрæдзимæ хæрам уыдысты, уæддæр.

41. Гуымиртимæ хæст

Царциатæм гуымиртæ æрбарвыстой:

— Уæ фыдæлтæ нæ фыдæлтæн афæдзæй-афæдзмæ хъан фидæг уыдысты æмæ ныр авд азы дæргъы нæ хъаны хай нæ уынæм æмæ нын сæ бафидут.

Царциатæ загътой:

— Мах хъан никæмæн фыстам, нæдæр фидæм, нæдæр фиддзыстæм, нæ фыдæлтæ дæр афтæ уыдысты æмæ нæхæдæг дæр афтæ уыдзыстæм.

Смæсты сты гуымиртæ æмæ загътой:

— Кæд нæ фидут, уæд нын авд хъаны бæсты хæдзарæн чызг ратдзыстут.

Нæ та сразы сты Царциатæ уыцы ныхасыл дæр. Уæд Царциаты Хъæлæг Ахуыйы кæстæр фырт уыдис, кæмдæр хæтæнты хатти æмæ æрцæйцыди сæхимæ. Гуымиртæ йæ разы бабадтысты æмæ йæ æнæнхъæлæджы æрцахстой. Гуымиртæ йæ сæ куырдадзмæ бакодтой, уым уæрм скъахтой, йæ сæры йын акъуырдтой æмæ йын йæ гуыры уыцы уæрмы ныппæрстой, стæй йыл сыджыт ныккалдтой. Хъæлæгæн йæ сæры æмæ йæ русты булкъдаст ныккодтой [1], стæй йæ фаты фындзыл бабастой æмæ йæ Царциаты сыхмæ фехстой. Сæр астæу сыхы сæмбæлди. Æркастысты Царциатæ æмæ загътой:

— Ай Хъæлæг уа, æмæ йыл нæ сæрыхъуын ис, нæ рихи, нæ боцъо, уæд цы кодта, кæнæ чи у йæ марæг, кæнæ кæм ис йæ гуыр та?

Царциатæ зилынтæ систой æмæ йæ фæцагуырдтой, никуы йæ ардтой.

Царциаты зондджындæр Суа уыдис, уый фат фехста хурыскæсæны ’рдæм æмæ загъта:

— Хуыцау, ме ’фсымæры мард кæм ис, уырдæм мын фæндаг бацамон.

Хур йæ был сдардта æмæ гуымирты сыхыл сæмбæлди.

Уæд Суа зæгъы:

— Хъæлæг кæд амарди, уæддæр гуымирты сыхы.

Царциатæ дард нал агуырдтой, фæлæ зылдысты гуымирты алыварс. Суа сæры къуыдыры милмæ æрывардта, фат æм фæдардта æмæ зæгъы:

— Кæд ме ’фсымæр Хъæлæг дæ, уæд дыл ацы фат сæмбæлæд æмæ дæ гуыр кæм ис, уым æртæ хатты æрзил.

Суа фатæй сæры къуыдыры фехста, фат сæры къуыдырыл сæмбæлди æмæ сæры къуыдыр атылди, Гуымиртæ куырдадзы раз æртæ зылды æркодта.

Суа йæм касти гæсæны [2] сæрæй, ауыдта сæры къуыдыры гуымирты куырдадзы раз æртæ зылды куыд æркодта, уый. Бамбæрста хъуыддаг æмæ æрхъуыды кодта фæндæй базонын алцыдæр.

Суа йæхи мæгуыр лæджы арæзт скодта, йæ кард буарæй хæдонæхсæн атъыста æмæ араст ис гуымирты куырдадзмæ, чысыл згъæры къæрттимæ.

Гуымирты куырд кусы, хъæсдарæджы æрцæвы æмæ та фæзæгъы:

— Царциаты Хъæлæджы гуыр кæрдæн фæуай, кæд куыд зын цæгъдæн дæ.

Уыцы рæстæджы йæм бацæуы Суа мæгуыр лæджы хуызы æмæ йæм дзуры:

— Фæрнæй кусай, гуымирты куырд!

— Фарнхæссæг дæ Хуыцау фæкæнæд, мæгуыр лæг!

— Дæ куыстæй дæ иппæрд кæнын, фæлæ дард бæлццон дæн, мæ дзабыртæ фæхуынчъытæ сты, æз ын сæ арæхсон æмæ мын ацы згъæрæй иу туас куы рацæгъдис, стыр бузныг дæ уаин.

Гуымирты куырд æркасти, згъæртæ æртгомы [3] баппæрста, куынцы йыл сдымдта, сырх зынг сси згъæр æмæ йæ хъæсдарæгыл цæгъды. Куырд згъæрæй туасваг фæлыг кæнынмæ хъавыди. Уæд æм Суа дзуры:

— Дардæй цæуын, зæгъгæ, дын куы загътон. Лыг дзы ма ракæн, лæдзæджы бæсты йæ мæ къухы айсдзынæн.

Гуымирты куырд лæдзæггонд рацагъта згъæрæй, йæ фындз туасы хуызæн. Доны йæ атылдта æмæ стæй зæгъы:

— Ох, Царциаты Хъæлæджы гуыр кæрдæн фæуай, кæд куыд зын цæгъдæн згъæр дæ.

Суа райста йæ туас лæдзæг æмæ куырды афарста:

— А кусгæ мын хорз бакодтай, фæлæ ма Царциаты Хъæлæг та чи уыди, мæ туасы кæмæн фæлдисыс?

— Иу хæрæг цыдæр уыди, дæ разы, кæм лæууыс, уым æмбийы æнæсæрæй.

— Искуы ма гуыр æнæсæр дæр вæййы?

— Йæ сæры йын ацы хъæсдарæгыл акъуырдтам, стæй йæ Царциатæм дастæй фехстам.

Уыцы ныхæстæм Суа йæ кард фелвæста æмæ зæгъы:

— Æ, хæрæг цыдæр, уæдæ ды мæн æцæг мæгуыр лæг æнхъæлдтай.

Рариуыгъта куырды, йæ сæры йын ракъуырдта. Йе ’фсымæры сæры æмæ гуыры систа. Уæрмы та куырды гуыры ныппæрста æмæ йыл æвзалытæ бакалдта. Куырды сæры сдаста Суа æмæ йæ гуымирты сыхы астæумæ фехста. Суа йе ’фсымæры марды рахаста. Æвдадз зæппадз сарæзта, уым æй бавæрдта.

Царциатыл гуымиртæ худтысты æмæ загътой:

— Сæ марды æнæ гуырæй ныгæнынц, гуыры зулчъытæ хæрынц.

Царциатæ загътой:

— Чи зоны, уыцы гуыры бæсты гуымирты мыггагæй искæй гуыр ис.

Ацы ныхæстæм гуымиртæ сæры къуыдырмæ æркастысты æмæ загътой:

— Ай нæ куырды сæр куы у.

Уæрмы ракъахтой, федтой æмæ гуымирты куырды гуыр.

Смæсты сты гуымиртæ. Сæ куырдадзы систой æмæ йæ æндæр ран скодтой, фæлæ маст сæ зæрдæты хастой.

Уæд гуымиртæ иу бон Царциатæм ныббырстой. Гуымиртæй-иу чи фæцагъды ис, уый та изæр æгас кодта.

Суа бахъахъхъæдта гуымирты. Гуымиртæ сæ марды æлæндоны [4] æхсадтой æмæ та-иу раудæгас сты.

Уæд Царциатæ æлæндоны фæнык калдтой æмæ сын нал æгас кодтой гуымиртæн сæ мæрдтæ.

Уыйадыл Царциатæ гуымиртыл стых сты æмæ сæ фæтардтой сæ бæстæй, кæй та маргæ акодтой.

Царциатæ фервæзтысты гуымиртæй æмæ та æрсабыр сты.

42. Гуымирты Фыдæгъызы мард

Гуымиртæ фыдырмыци [1] адæм уыдысты. Чи сæ бахъыгдардтаид, уымæн æппын нæ барстой. Мæсты уыдысты Царциатæм æмæ сын куыд батых кæной, ууыл хъуыды кодтой.

Иу бон æрæмбырд сты гуымиртæ, ныхас кодтой. Мамми сæ цурты фæцæйцыди æмæ гуымиртæ зæгъынц:

— Цæй, Маммийы бафæрсæм.

Фæдзырдтой Маммимæ æмæ йын зæгъынц:

— Нæ куырды нын Царциатæ амардтой, фæлæ йæ сæр Царциаты зæппадзы ис, куыд æй рахæссæм?

Мамми зæгъы:

— Бацæут иу изæр зæппадзмæ, Царциатæ уæ куыннæ базоной, æмæ йæ рахæссут.

Гуымиртæ иу изæр цатфæдисонæй [2] рацыдысты Царциатæм æмæ зæппадзмæ бахæстæг сты. Уым сыл хъылма смаг сæмбæлди, сæ куырды гуыр æмбыди æмæ сæ бынджиныг [3] кодта. Гуымирты зыгъуыммæ кодта Фыдæгъыз, зæгъынц ын гуымиртæ:

— Нæ куырды гуыр æмбийын бауадзæм, кæннод бынджиныг кæнæм æмæ сæфæм.

Фыдæгъыз нæ разы кодта, коммæ нæ касти æмæ зæгъы:

— Кæнæ нæ маст райсæм, кæнæ нын нæ куырды сæр райсæнт Царциатæ сæхæдæг.

Мамми сæм хæстæг бацыди æмæ зæгъы:

— Уæ, цагъды фæуат, гуымиртæ, Царциатæ уæ нæ рæгъмæ хæссынц, нæ уæ ракæсын уадзынц, нæ уын аргъ кæнынц, уæд цæмæй хуыздæр сты сымахæй. Сæ тыхджындæр Хæтгар уыди æмæ амарди, кæмæй ма тæрсут?

— Хæтгарæн тынгдæр йæ мардæй тæрсæм, — зæгъынц гуымиртæ, — йæ мард гуырыл нæ куырды сæр ис сагъд æмæ нæ уый куы байсафа. Нæ куырды марды гуыр смаг кæны æмæ нæ цæуын нæ уадзы зæппадзмæ.

Гуымиртæ сæ куырды марды гуыр хæссынмæ бацыдысты, куыддæр æй райстой зæппадзæй, афтæ куырды сæр ныхъхъæр кодта зæппадзы хуылфæй:

— Ма йæ ахæссут!

Хъæрмæ Хæтгары гуыр фехъал ис æмæ фæрсы куырды сæры:

— Кæй фæхастæуы?

— Гуымиртæ мын мæ мард гуыры фæхæссынц, — зæгъы куырды сæр, — æмæ уыдонмæ дзурын, ма йæ ахæссой.

Царциатæ хъæр фехъуыстой æмæ сæ иу зæгъы:

— Нæ зæппадзæй хъæр цæуы, цы уыдзæни?

Рафæдис кодтой Царциатæ, гуымирты сæййæфтой зæппадзы размæ æмæ сæ фæрсынц:

— Ам нæ зæппадзы раз цæмæн стут?

— Нæ куырды сæр хъуамæ ахæссæм.

— Æнæ мах фæндонæй йæ куыд хæссут?

Загъд-замана сын сытынг ис æмæ сыл Царциатæ схæцыдысты. Царциаты хъæр Хæтгар зæппадзмæ фехъуыста, рагæпп сæм кодта, йæ уæлæ гуымирты куырды сæр, цæгъдынтæ систа гуымирты. Гуымиртæ йæм дзурынц:

— Æгæр нæ ма фæцæгъд, Хæтгар, нæ хæрæфырт куы дæ.

— Хæрæфыртæн дæр æгъдау хъæуы æмæ сымахмæ уый нæй, мæрдтæй мæ кæм растын кодтат, уым уæ хъæуы фæцæгъдын, никуы фехъуыстат: «Марды хъыгдарæг фыдбылыз хæссы, æмæ-иу зонæд: ахæм фыдбылыз йæхимæ кæсы».

— Мах аххосджынтæ не ’ппæт не стæм, — зæгъынц гуымиртæ, — Фыдæгъыз нæ сардыдта.

Уыцы ныхæстæм Царциатæ Фыдæгъызы æрцахстой. Фыдæгъыз лæбурынтæ систа Хæтгармæ, цæмæй йын йæ гуырæй гуымирты куырды сæр ратона, фæлæ Хæтгар сæрыл къухæй ныххæцыди æмæ йæ атонын нæ уагъта. Сæр иу ран нал лæууыди, уæд æй Хæтгар нæмынтæ систа. Хæтгары ус афтæ фенхъæлдта, Хæтгар йæхи сæр нæмы æмæ ус йæ рустæм февнæлдта, тонынтæ сæ систа, куы та сæ тъæппытæ кодта. Уый фенгæйæ, Царциатæн сæ лæгтæ сæ сæртæ лæдзгуытæй къуыппытæ систой. Хæтгар се ’ппæты дæр фембæрста æмæ дзуры мардæй:

— О, Царциатæ! Æз уæ цæстæй нал уынын, нал мæ базыдтат, æз Хæтгар дæн, гуымирты куырды сæр мæ гуырыл сагъд у æмæ уый нæмын. Ныр мыл афтæ кæм фæрыстыстут, уым амæй фæстæмæ фæткæн баззайæд: устытæ-иу иронвæндаг кæнæнт, сæ рустæ тонгæйæ, марды рæстæджы, лæгтæ та-иу сæ сæртæ лæдзгуытæй хойæнт. Ныр ацæут æмæ Фыдæгъызæй мæ маст сисут, цæмæй мæ мæрдты бæсты гуымирты куырды мард æнцой уадза. Куырды гуыр бахæрын кæнут Фыдæгъызæн, иннæ гуымирты ауадзут. Мæрдтæм чи ацæуы, уымæн бар нæй уæлиуон цæрæджы бафхæра, фæлæ мæн тыххæй бафхæрут Фыдæгъызы.

Хæтгар зæппадзмæ бахызти, йæ уæлæ сагъд гуымирты куырды сæр, афтæмæй. Царциатæ Фыдæгъызæн гуымирты куырды тæфгæнаг гуыр бахæрын кодтой. Фыдæгъыз ноджыдæр сфыдхуыз ис. Царциаты митæ, Хуыцау æмæ йе ’мсæртæ уыдтой, хъыг сын уыдис æмæ тынг смæсты сты Царциатæм. Царциатæ зæгъынц:

— Фыдæгъыз ныр æфсæст у, мæрдтæм æй æххормагæй не ’рвитæм, хохæй йæ аппарæм, кæнæ йæ хохы сæр басудзæм.

Царциатæ Фыдæгъызы иу стыр хохы сæрмæ скодтой. Уым арт бакодтой æмæ йæм Фыдæгъызы бадардтой. Фыдæгъыз удæгасæй арты цъыс-цъыс райдыдта, афтæмæй йæ басыгътой. Хох фыдхуызтæ кодта, йæ сыгъдон кæуылты апырх ис, уыйонг кæрдæг нал рахæцыди. Хох ныффыдгъуызтæ ис æмæ йæ уый тыххæй Фыдгъуызы хох [4] хонынц ныр дæр ма.

Афтæ бабын ис Фыдæгъыз.

43. Цъыбырттæ

Цъыбырттæ фалæ цардысты æмæ фыдуаг рацыдысты. Арт æмæ сын фæнык нал уыди. Кусгæ нæ кодтой, фæлæ алцыдæр тыхæй истой.

Цъыбырттæ Хуырымтимæ нæ фидыдтой. Зæххы фæдыл æмæ кæрæдзийæн знæгтæ уыдысты.

Цъыбырттæ дзырдтой:

— Нæ зæххыл цæрут æмæ нын кæд хай нæ дæттут, уæд сыстут æмæ фæцæут.

Хуырымтæ загътой:

— Зæхх махæн нæ фыдæлтæй у æмæ уын цæй хай бафидæм.

Хуырымтæн гæнæн нал уыди æмæ чызг лæвар бакодтой Бигъуылатæн, стæй сын загътой:

— Мах уе уазæг, Цъыбырттæй нæ фервæзын кæнут, æмæ уын стыр куывд дæр ма скæндзыстæм, уæ номыл дзуардзыт [1] фæкæн дзыстæм.

Бигъуылатæ сразы сты. Бигъуылатæ зæгъынц сæхицæн:

— Цъыбыртты Царциатыл сардауæм. Уадз, кæрæдзи фæцæгъдой, стæй сæ зæхх, сæ бæстæ мах бауыдзæни.

Уыйадыл Цъыбырттæн зæгъынц:

— Хуырымтимæ уæ цы хæцинаг ис, уæ зæхх уын Царциатæ байстой æмæ йæ уыдонæй æрцагурут, кæд адæм стут, уæд.

Цъыбырттæ раздæр Царциатимæ хæлар цардысты æмæ сæм барвыстой:

— Æвыд уæ фæкæнæм, æви фыдвæд, уый нын зæгъут.

Царциатæ загътой:

— Цæуыл у уæ ныхас, Цъыбырттæ, куы нæ уæ æмбарæм?

— Куыннæ нæ æмбарут, нæ зæххы нын уæхи бакодтат æмæ уæхи æнæзонæг скодтат барæй. Афтæ зæгъынц Бигъуылатæ: Хуырымтæ æмæ Цъыбырттæ сымахæй цæмæй дæлдæр сты.

— Уæ, ма уæ уырнæд, чидæр уæ сайы æмæ сайды фæстаг фæсмойнаг у, фæсмойнаг та æвæдмæ цæуы.

Нал уагътой Цъыбырттæ Царциаты æмæ сын тох бацайдагъ и. Æхсæв-иу зæдæ-зæдæ хъахъхъæнджытæ баурæдтой, афтæмæй кæрæдзийæн тых нæ ардтой. Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ къулбадæг усæн гал радтой æмæ зæгъынц:

— Исты хос скæн, цæмæй кæрæдзийы фæцæгъдой Цъыбырттæ æмæ Царциатæ.

Къулбадæг ус Цъыбыртты раз дурыл нывæрдта ныуазæнтæ. Йæ мидæг ын сæг ауагъта, афтæмæй.

Райсомы та Царциатæ æмæ Цъыбырттæн тох стынг ис. Хур сæм ныккасти æмæ дыууæ ’рдыгæй дæр тыхстысты. Изæрырдæм афтæ тынг сдойны æмæ сфæлмæцыдысты æмæ сæ бон улæфын дæр нал уыди. Уæд се ’хсæн хъил [2] æрсагътой æмæ сæ тох ныууагътой. Цъыбырттæ дурын федтой æмæ йæ зыд нуæзт бакодтой, сæ хæдзæрттæм дзæбæхæй æрцыдысты, фæлæ сæ нуæзт сæ сæрты бацыди æмæ сæ уæттæй сыстын сæ бон нал уыди.

Царциатæн хæрзгæнæг фæцис. Æхсæвыгон Цъыбырттæм бахъуызыдысты, кæрддзæфтæ [3] сæ фæкодтой æмæ сыл арт бафтыдтой.

Цъыбырттæ басаусыгъд сты.

Дыккаг бон Бигъуылатæ æмæ Хуырымты сыхты цъиутæ цъыбыртт-цъыбыртт байдыдтой. Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ кæрæдзи фæрсынц:

— Куы нæ уал ныл цæуы нал фаты æхситт, нал карды цæф, уæд цы ’рцыди. Цъиутæ та цъыбыртт-цъыбыртт систой.

Бигъуылатæ зæгъынц:

— Бæлвырд Цъыбырттыл цыдæр æрцыди, цъиутæ дæр æй дзурынц.

Фатфæдисонæй фæцыдысты Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ Цъыбырттæм. Акастысты æмæ сæ хъырттызмæлæг дæр нал ис, сæ цæрæнтæ сау сыгъд бакодтой.

Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ бæрц-бæрцæй æрымбырд сты æмæ загътой:

— Царциаты фæсурæм, цæмæн фæкодтой мыггагыскъуыд Цъыбыртты.

Барвыстой Царциатæм:

— Цъыбырттæй хъырттызмæлæг куы нæуал ис, уæд сын æвæстаг цæмæн фæкодтат сæ мыггаджы?

Уыдон загътой:

— Сæ мыггаг цы аккаг уыди, уыцы аккагæй баззайдзæни. Цъыбырттæ уыдысты, æмæ Цъыбыртты сыгъд бакодтой.

Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ сæ фыды фæфылдæр кодтой Царциатæн æмæ сæм барвыстой:

— Цъыбыртты фæцагътат æмæ уын æй барæм, æрмæст сæ зæхх, сæ дон уыдзæни мах.

Царциатæ зæгъынц:

— Тугæй зæхх байстам æмæ уын æй куыд раттæм?

— Уæдæ кæд афтæ у, уæд уын ам цæрыны бынат нал ис.

Æргомæй, сусæгæй Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ знагиуæг кодтой Царциатæн. Царциатæ нал фæрæзтой æмæ уыдонимæ дæр стох кодтой. Бæрц-бæрцмæ Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ фылдæр уыдысты, Царциаты сыхтæм лæбурдтой æмæ сын нал фос уагътой, нал сын хор уагътой. Бирæ фæцагъды ис Царциатæй, сæхæдæг дæр бирæ фæцагътой Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæй, фæлæ сын хуыздæр гæнæн нал уыдис æмæ фæлыгъдысты Царциатæ.

Бигъуылатæ æмæ Хуырымтæ цинæй мардысты, зæхх сын баззади, зæгъгæ.

Иу бон Хуырымтæм Бигъуылатæ барвыстой:

— Дзуардзыт нæ дарут, æмæ йæ цæуылнæ æххæст кæнут?

Хуырымтæ загътой:

— Уайых фæуат, Бигъуылатæ, куыд нын кæнын кæнут дзуардзыт, мах фæрцы уæ зæхх фæцис æмæ нæ бузныг цæуылнæ стут, чызг дæр ма уын куы радтам.

Нал фидыдтой дыууæ мыггаджы. Кæрæдзи кæм æййæфтой, уым марынæй нæ ауæрстой.

Иу бон кæрæдзимæ æргом рацыдысты æмæ бынысæфт фæкодтой сæ кæрæдзи, хъырттызмæлæг сæ нал баззадис дыууæрдыгæй. Æмбисонд дæр ма баззади: «Бигъуылаты æмæ Хуырымты сæфт фæкæнæд дæ балгъитæг».

44. Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ

Царциаты æмæ Цъыбыртты æхсæн зæххы тыххæй дзырд рауад.

Æвзæрст лæгтæ уыдысты Цъыбыртты Гæнгæл, Уæнгæл æмæ Æртхутæг, Царциаты лæгтæ уыдысты Сайдвæстаг æмæ Зæрдæсырх.

Лæгтæ тæрхоны сбадтысты се ’хсæн дзырддаджы тыххæй.

Уæд Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ сфæнд кодтой, Цъыбырттæ æмæ Царциатæ сæ кæрæдзи куыд фæцагътаиккой, афтæ. Къулбадæг усæн гæртам радтой, æмæ ус бавдæлдис æмæ хин æмæ кæлæнæй ронджы дурын тæрхоны лæгты астæу нывæрдтой.

Лæгтæ дзы доны ’фсон банызтой, æмæ сын ницыуал баззади хæрам тæрхоны зонды йеддæмæ. Раздæхтысты сæ ныхæстæ галиумæ.

Царциатæн æмбарæджы хай бакодтой.

Афтæмæй сын Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ фидис кæнын байдыдтой Царциатæн, зæгъгæ, нæм Цъыбырттæй дæлдæр мыггаг нæй, æмæ уын уыдон дæр хай нæ бакодтой.

Царциатæм фидис тæлммæ [1] кæсын байдыдта.

Хуырымтæ æмæ сæм Бигъуылатæ хахуыр æвзаг хæссын байдыдтой, — зæгъгæ, схæцут, Цъыбыртты фесафут, æмæ уын бынтон сæ зæхх баззайдзæн.

Царциатæ Цъыбырттæм æхсæвыгон фынæйæ бахъавыдысты æмæ сыл арт бандзæрстой. «Цъыбыртты сыгъд» сæ бакодтой.

Бæстæ баззади Царциатæн.

Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ Царциатæм æруырдыг сты æмæ сын загътой:

— Чи уын радта уый бæрц бар, æмæ сæ афтæ быныскъуыд акæнат?»

Царциатæ загътой:

— Бынтон сæ нæ аскъуыдтам, сæ кой ма баззад.

Хуырымтæ æмæ Бигъуылатæ загътой:

— Хорз уæдæ, кæд сæ ном баззад, уæд уæ цæгъдгæ нæ кæнæм. Фæлæ сæ цы ном баззад?

— Уæртæ сыгъды уæлдай — æртхутæг. Уый номæн æгъгъæд нæу?

— Цæгъдгæ уæ уæдæ нæ кæнæм. Фæлæ уыл хицæн тæрхон кæнæм. Бынæттон царды бæсты уыл цæугæцард æвæрæм. Ацыт [2] æмæ цæрддзу кæнут. Ам уын цæрæн нал ис.

Цы фæрæз уыди?! Царциатæ ацыдысты.

Цæугæцардæй куы сфæлмæцыдысты, уæд Хуырымтæм æмæ Бигъуылатæм арвыстой минæвар:

— Цы ми кæнут, — тугæй бæстæ байстам æмæ нын цæрынæн бынат нал дæттут!

Уыдон сæм æртхъирæнтæ арвыстой:

— Абонæй фæстæмæ ма уæ кой дæр куы фехъусæм, уæд уæ бынтондæр ныццæгъддзыстæм.

Кой дæр нал скодтой Царциатæ сæ бæстыл. Царциатæ абон дæр цæрддзу кæнынц, цигантæ уыдон сты.

Дыууæты бæстæ дæр Хуырымты æмæ Бигъуылаты къухы баззадис.

Уыдон быцæу кæнын байдыдтой: сæ иу дæр афтæ — «бæстæ мæн у», — æмæ иннæ дæр. Уæд кæрæдзийæн загътой:

— Уæдæ нæ мæнг чи дзуры, уый фыд усы ’лгъыст баййафæд! Сæ тæрхон фæстагмæ къулбадæг усмæ æрхауди. Къулбадæг ус сын сæ астæу ноджы дурын ныууагъта æмæ загъта:

— Амæй фылдæр чи бануаза, бæстæ уымæн баззайæд!

Фæзыд ыл кодтой æмæ сæрра сты дыууæтæ дæр, æмæ кæрæдзийыл хæст расидтысты дон æмæ зынгæй: алчидæр йæхи хъуамæ доны стылдтаид æмæ алкæуыл дæр зынг бафтыдтаид.

Къулбадæг ус уый куы базыдта, ай афтæмæй нæ фæцагъды уыдзысты, уæд доныл ронг ауагъта. Дон фæтæген фестади. Афтæмæй сыл зынг куы бафтыдтой, уæд цырын сыгъд кодтой, æхсидгæ зынг æппаргæйæ.

Гъе уыцы æгъдауæй сæ мыггаг аскъуыд Хуырымтæн æмæ Бигъуылатæн.

VII. ЦАРЦИАТЫ МИТÆ

45. Царциаты куывд

Царциатæ куывд кæнын æрымысыдысты æмæ йæм фæцæттæ кодтой авд къуырийы. Хæстæг-хион нал ныууагътой, кæмæ нæ фæдзырдтой.

Сæ куывдмæ хуынд уыдысты уæйгуытæ дæр, дæлимонтæ дæр, зæдтæ дæр.

Авд къуыримæ алчи йæхи цæттæ кодта.

Къуыри ма хъуыди куывдмæ, афтæ та фидиуæг фехъусын кодта:

— Царциаты куывды бон æрцæуы, нæ фехъуыстон мачи зæгъæд, Царциаты стыр куывдмæ æрцæуæд!

Ралæууыд куывды бон æмæ Царциатæм чыртæ-чыртæй цæуынц уæларвæй, дæларвæй, алырдыгæй. Уыйас хонгæ адæм æрымбырди æмæ сæ зæхх дæр нæ урæдта.

Рабадтысты дывæлдах бадтæй авд рæнхъы афтæ æмæ сæ кæрæттыл цæст нал хæцыдис. Куывд йæ тæмæны бацыдис, куывды адæм: уазæгæй, фысымæй, се ’ппæт дæр бахъæлдзæг сты.

Царциатæ зæгъынц:

— Æвæрæм æртæ хæснаджы, чи амбула, уый номæн рæгъ рацæуæд.

Се ’ппæт дæр сразы сты æмæ Царциатæ загътой:

— Хъабахъ уал фехсæм.

Хъабахъ æхсыны тыххæй равзæрстой æртæ лæджы. Иу Царциаты Суайы, иннæ — Уациллайы, æртыккаг — Донбеттыры.

Хъабахъ æхстой афтæ: иу æхст — уæлмигътæм, дыккаг зæххыл авæрдтой, æртыккаг — доны хъуамæ ленк кæна хъабахъ, афтæмæй.

Сæ хъабахъ хæрдмæ, мигътæм сæппæрстой æртæ æхсæджы. Суа, Уацилла æмæ Донбеттыр иуварс алæууыдысты. Хъабахъ куы ’ртахтис, уæд æй æмæхст фæкодтой æмæ йыл Уациллайы фат сæмбæлди. Хъабахъ æд фат æрхауди æмæ федтой: хъабахъ у Уациллайы.

Хъабахъы фæцæфы тыххæй Уацилла æмæ æрвон цæрджытæн кады рæгъ рауагътой æмæ сын сыгъзæрин нуазæнты карз нуæзт рахастой.

Абадтысты цасдæр æмæ загътой Царциатæ:

— Дыккаг хъабахъ дæр фехсæм.

Сразы вæййынц æмæ та æртæ æвзæрст лæджы фæхицæн сты. Хъабахъы нывæрдтой лæджы сæрыл.

Уацилла нæ бауæндыди æмæ фат сæрдзыдты ауагъта. Донбеттыр дæр нæ бауæндыди æмæ фат иувæрсты ауагъта. Суа фехста æмæ хъабахъы астæу фат фæмидæг ис.

Суайæн кад кæныныл фесты иууылдæр. Рауагътой та сыгъзæрин нуазæнты карз нуæзт æмæ Царциаты, куыд зæххон цæрджыты, скадджын кодтой æмæ Суайæн дæр.

Фæбадтысты та цасдæр æмæ та Царциатæ ногæй æрбадзырдтой:

— Æртыккаг хъабахъ авæрæм.

Хъабахъ доны баппæрстой æмæ аленк кодта. Æртæ æвзæрст адæймаджы: Уацилла, Суа æмæ Донбеттыр фехстой сæ фæттæй хъабахъы доны хуылфмæ. Чысыл фæстæдæр хъабахъы æрбахастой æмæ фæцæф и ацы хатт та Донбеттыры фатæй.

Ногæй та сыгъзæрин нуазæнты рауагътой рæгъытæ Донбеттыр æмæ иннæты кады номыл.

Банызтой, бахордтой. Уæд Царциатæ загътой:

— Нæ фынг иу уæд уемæ.

Стæй райдыдтой кафын. Ныххæцыдысты симдыл. Ничи æмбылдта Царциаты. Уыцы стыр бадты алыварс Царциатæй алчидæр авд зылды къахфындзтыл æркодта. Кафгæйæ уæларвон цæрджытæ хæрдмæ схъиудтой, доны цæрджытæ бынмæ хаудтой. Царциатæ сæ се ’хсæн бакодтой æмæ сæ нæ хауын уагътой, нæ схъиуын. Кафт дæр та фæцис æмæ ногæй фынгтыл рабадтысты.

Царциаты æрхонгæ адæм тынг батæвд сты æмæ сыл зарынмæ фæкъæртт сты. Уæларв цæрджытæ зарыдысты æмæ сыл сырдтæ æмæ мæргътæ худтысты. Доны цæрджытæ ныззарыдысты æмæ сырдтæ, стæй мæргътæ нынкъард сты.

Уæд Царциатæ ныззарыдысты, сырдтæ сæм æввахс æрбацыдысты хъусынмæ, кæлмытæ хуынчъытæй рабырыдысты, дæттæ сæ хъырныдтой, мæргътæ сæ сæрмæ тахтысты, хъуыстой уым Царциаты зарджытæм. Бæлæстæ сæхи бæрзонддæр систой, цæугæдæттæ дзагдæрæй цыдысты, хур сæм йæ цæстæнгас скодта, мигътæ хæхты сæртæй кастысты æмæ æгас æрдз райхъал и.

Фæцис та зард дæр æмæ ногæй рæгъытæ райдыдтой цæуын фынгтыл. Не ’мбæрстой Царциаты хин ми нæ уæларв цæрджытæ, нæ Донбеттыртæ. Къуыри ахаста куывд. Къуырийы дæргъы Царциатæ стырæй — чысылмæ, усæй — лæгæй, лæггад кодтой се ’рхонгæ адæмæн. Зæххыл сæ бадын нæ уагътой. Царциатæ сæхиуыл ауæрстой: кæм æфсонæй-æфсонмæ, кæм æндæр исты хуызы.

Къуыри сæххæст и æмæ та Царциатæ загътой:

— Абон нæ фæхицæнгæнæн бон у æмæ бануазæм быцæуы нуæзтæй.

Царциатæ æвдгæйттæ анызтой, афтæ алкæмæ дæр авæрдтой æмæ сау расыг систы се ’ппæт дæр.

Уæларв цæрджытæ ма Донбеттыртимæ хыл дæр æрхъавыдысты. Уæд Царциатæ хины нуæзт бадардтой фæстаг хатт сæ æрхонгæ адæмæн æмæ сын лæвæрттæ кодтой. Æрхонгæ адæм арфæтæгæнæг систы Царциатæн. Царциаты сыхтæй куы рахызтысты, уæд æрхонгæ адæм хæудтытæ байдыдтой.

Царциатæм бирæ æнæус лæппутæ уыдис. Уыцы æнæус лæппутæ, се ’рхонгæ адæм цы чызджытимæ æрцыдысты, уыдоны сæхицæн бакъаддæртæ кодтой. Чи уæларвон чызг акодта йæхицæн, чи Донбеттырты чызджы. Афтæмæй Царциаты фæсивæдæй иу æнæус нал баззадис. Бамбæрстой ма æрхонгæ адæм Царциаты хин, фæлæ байрæджы ис. Бирæтæ мæствæлдæгъдæй фæцыдысты, бирæтæ та фидаугæ бакодтой.

Афтæ уыди Царциаты æрхуынд.

46. Царциаты симæндон къæдзæх

Царциатæй сæ бон зонгæйæ, уæйгуытæ æрымысыдысты фидар саразын. Нæ æхсæв, нæ бон æнцой зыдтой. Дур ласæн æмæ дур тулæн кодтой. Уæд Хуыцаумæ скуывтой æмæ зæгъынц:

— Хуыцау, кæд нæ истæмæн скодтай, уæд нын хонгæ дур рауадз.

Сæ куывд Хуыцаумæ фехъуысти æмæ хохыл къахыр фегом ис, уырдыгæй сау дуртæ тæвдæй кæлын байдыдтой. Уæйгуытæ сæ тæвдыл саст кодтой æмæ зылд [1] арæзтой. Зылд та ахæм уыдис æмæ ма ныр дæр уæртæ æмбисондæн хæссынц уый. Зылд, кæнæ йæ хонынц Уæйгуыты галуан дæр. Æмбисонд та уымæй у æмæ тæвд дуртæ куыд бырыдысты, афтæ сæ карстой æмæ сæ æвæрдтой сисамадæй. Дуртæн сæ дæргъ дыууæ ивазны, сæ бæрзæнд иу ивазны бæрзæндæн уыдис. Уæйгуытæ уыцы зылд арæзтой афæдзæй-афæдзмæ, хъæр æй нæ кодтой, кæнæ йæ цалдæн аразынц, кæмæйæ кæмæн аразынц. Уæйгуытæй иу Хæлоб хуынди æмæ йын Царциатæм лымæн царди. Хæлоб афæдзбалцы уыдис æмæ нæ зыдта зылд аразынц уæйгуытæ, уый. Иуахæмы Хæлоб фæзынди æмæ раздæр йæ лымæнмæ æрфысым кодта. Уæд Царциатæ Хæлобы лымæнæн хæдзарæн гал ныббастой, зæгъгæ ма, базон уæйгуыты уыцы зылд цæмæн хъæуы, уый. Хæлобы лымæн ныфс бавæрдта æмæ Хæлобæн радзырдта уæйгуыты зылды хабар.

Дыккаг бон Хæлоб сæхимæ æрцыди, йæ усæй базыдта Хæлоб, зылд Царциаты ныхмæ аразынц, уый. Иуахæмы та Хæлоб Царциатæм уыдис йæ лымæнмæ. Радзырдта йæ лымæнæн зылды тыххæй, зæгъгæ, йæ Царциаты ныхмæ кæй аразынц. Хæлобы лымæн Царциатæн фехъусын кодта, зылд сын сæ ныхмæ аразынц, уый. Царциатæ смæсты сты æмæ загътой:

— Фæцæгъдæм сæ.

Зæгъгæ бæргæ кодтой, фæлæ æргом нæма цыдысты. Уæд Царциатæй иу зæронд лæг зæгъы:

— Æргомæй куы рацæуæм сæ ныхмæ, уæд нæ æнæууæнк схондзысты, фæлтау чызг-фæсивæды Хъæдласæны фæзмæ арвитæм хæрзкондæй хъазынтæ. Уæйгуытæ сæм нæ фæлæудзысты æнæ исты сдзургæ æмæ нын фадат фæуыдзæн нæ чызджыты мастмæ уæйгуыты скуынæгæн.

Царциатæ байхъуыстой æмæ чызджыты хорз арæзт скодтой, стæй сæ Хъæлласæны стыр фæзмæ арвыстой хъазынмæ.

Царциаты чызджытæ уым хъазт сарæзтой æмæ сæм уæйгуыты фæсивæд нал фæлæууыдысты. Сæ хъазтмæ сæм бацыдысты æмæ сыл худтысты.

Царциаты чызг-фæсивæд сæм дзурынц:

— Кæд ахæм саггуырдтæ стут, уæд ма уæ чызг-фæсивæд скафын кæнут, фæлæ уын тъæпæнæджыты [2] хуызæттæ сты æмæ уын тъетаты [3] бырд кæнынц æмæ гъе уыдоныл худут.

Хъыг уыдысты ацы ныхæстæ уæйгуытæн æмæ загътой:

— Кæд мах чызджытæ, сымах куыд дзурут, афтæ сты, уæд ма сымах та цы хуызæн стут, хъамылы хуытау уæ сыдзтæ хуылыдзæй куы хæссут иугæндзон [4] æмæ уал гъе уыдоны ссур кæнут.

Царциаты чызг-фæсивæд сæ хъазт ныууагътой æмæ сæхимæ Царциатæм æрцыдысты. Рахабар кодтой сæ ныхæсты. Уæд та Царциаты чызг-фæсивæдæн Царциатæ зæгъынц:

— Кæлдым къодæхтæ æрымбырд кæнут дæлæ æрдузы [5] цады былмæ, арт сыл бакæнут, уыдон сау сыгъд кæндзысты, уæхæдæг та æрдузы симд саразут. Уæйгуытæ нæ фæлæудзысты арт æмæ хъазтмæ, кæнæ æмткæй цæудзысты, кæнæ искæй æрвитдзысты æмæ уын уæ маст райсдзыстæм.

Афтæ бакодтой Царциаты чызджытæ. Кæлдым къодæхтыл арт бакодтой æмæ сæ фæздæг калди. Уæйгуытæ дис кодтой, зæгъæ, Царциатæй уый кæй фæздæг цæуы, кæнæ цæуыл кафынц уыйбæрц. Сфæнд кодтой йæ базонын æмæ рарвыстой сæ кæстæртæй бæрæггæнæг.

Базыдтой кæстæртæ æмæ аздæхтысты уæйгуыты бæрæггæнджытæ æмæ загътой:

— Сæ сыдзæгтæ цæмæй ссур кæной, уый тыххæй æртытæ скодтой æмæ кафынц.

Уæйгуытæй иу фæрсы:

— Лæппу-фæсивæд дæр уым уыдысты?

— Лæппутæй дзы ничи уыди, иууылдæр чызг-фæсивæд уыдысты.

— Уæдæ уыдонмæ цыдæр фæнд ис.

Уæд та Царциатæ фехъуыстой уæйгуыты ныхæстæ æмæ загътой:

— Уыдон нæ нал ныууадздзысты, фæлæ семæ схæцæм.

Царциатæй иу зæронд зæгъы:

— Доны был сыгъдæнæгæн [6] уæрмытæ скъахæм. Дзæнхъа урс дурæй сæ байдзаг кæнæм æмæ сæ басудзæм, стæй чъырæнтæ [7] скæнæм раздæр.

Царциатæ афтæ бакодтой. Донбыл уæрмытæ скодтой, урс дзæнхъа фæластой, стæй сæ самадтой уæрмыты æмæ сыгъдæнæг сарæзтой. Чъырæнтæ арæзтой.

Уæйгуытæ загътой:

— Дыууæ хатты Царциатыл фæхудтыстæм, фæхудæм сыл æртыккаг хатт дæр.

Иу бон уæйгуытæ сæ чызджыты æрдузы фæзмæ рарвыстой. Уæд сын Царциатæ сæ дæлвæччитæ се ’фцæгготтæм бабастой æмæ сæ афтæмæй ауагътой. сæхæдæг усæй, лæгæй æрдузы сæрмæ тъæпæн къæдзæхыл симд сарæзтой æмæ худæгæй мардысты.

Уæйгуытæ сæ сылгоймæгты гомсыдзтæй куы федтой, уæд фæрсынц Царциаты:

— Цæмæн афтæ бакодтат?

Царциатæ симæндон къæдзæхыл [8] симдтой æмæ худтысты. Стæй сын чидæр зæгъы:

— Се ’рбадæнтæ их уазал кодтой æмæ уын сæм хуры бауагътам, кæннод сæ зæнæгдæртæ фæсахъат уыдзысты æмæ уын хъыбылтæ нал ныййардзысты.

Маст бахастой уæйгуытæ. Æндæр хатт Царциаты фæсивæдæй цалдæр хъæдтæ ласынтæ уыдысты. Уæйгуытæ сæ æрцахстой æмæ сын сæхи галты бынаты сифтыгътой æмæ сыл хъæдтæ ластой. Уæд Царциатæ алæбурдтой æмæ сын хæст бацайдагъ и. Уæйгуытæн Хуыцау хæрзиуæггæнæг уыд. Скуывтой Хуыцаумæ:

— Хуыцау, кæд нæ истæмæн скодтай, уæд Царциаты бын зæхх ныххауæд.

Сæ куывд æрцыди, зæхх фегом ис хъæлæсы хуызæн æмæ Царциатæй бирæ уым ныккалдис, фæлæ дзы уæйгуытæн сæхицæй дæр бирæ фесæфти. Уыйадыл æй Хъæлæсау [9] хонынц.

Царциатæй ма чи аззади, уыдон сæхи донбылмæ райстой, хæцгæ-хæцгæ рацыдысты. Донбылмæ хохы рагъмæ хæцгæ фæцыдысты. Уым уæйгуытæ бихъуырæйттæ байдыдтой, уæд бæрцæй ралæбурдтой уæйгуытæ æмæ Царциаты æхсæн фесты, скуывтой:

— Хуыцау, дуртæ нæ фестын кæн, цæмæй ма бахауæм адон къухмæ.

Уыцы уæйгуыты бæрц кæрæдзийыл андæгъдысты æмæ къæдзæх фестадысты. Уый тыххæй йæ Бихъхъуырау къæдзæх [10] хонынц. Царциатæ рахастой уæйгуыты фæллой, сæ фæзы стыр куывд скодтой, сæ къæдзæхыл симд ногæй сарæзтой æмæ уæйгуытæй сæ маст систой.

47. Бардуæгтимæ фæбыцæу

Уæд иуахæмы бардуæгтæ Уарппы бæрзондæй кастысты. Уыдон уыдысты: Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгон. Æнхъæлмæ кастысты Алардымæ, Сафамæ æмæ Рыныбардуагмæ. Уыцы рæстæджы Царциаты фондз æфсымæры: Суа, Едыссæ, Фарнæг, Хæтгар æмæ Уадæг балцы фæцæйцыдысты.

Тутыр зæгъы:

— Царциатæ фондз æфсымæрæй рацæуынц, цæй æмæ сæ ахынджылæг кæнæм.

— Уастырджи сæ фарс у, — зæгъы Æфсати, — æмæ сын ницы ракæндзыстæм.

— Цалынмæ Уастырджи зына, — зæгъы Тутыр, — уæдмæ уал сæ мæстæй амардзыстæм.

Уæд Галæгон йæ сарагъы [1] хъуынтæ писийыл асæрфы, галиу къухæй сæ райвæзта æмæ сæ йæ къахкъухтыл æрбаста, стæй æрдын систа æмæ фæндырдзагъд кæны. Царциатæ фæсæццæ сты, сæ ныхасæй фæдиджæ [2] сты, сæ сарагътæ батылдтой æмæ дисы бацæуынц. Суа зæндджын лæг уыди, зæгъы йе ’фсымæртæн:

— Уынут, бардуæгтæ цæл-минас кæнынц, æмæ махыл та мæнгард æмæ фыдхинæй цæуынц. Хъуамæ Æфсатийы фосæй байсон.

Едыссæ дæр зæгъы:

— Уацилла дæр хæты æрврæтты [3], кæд æй бафæнда, кæннод хæринаг мæнæн нæ дæтты.

Фарнæг дæр зæгъы:

— Куы нæ фæнæмон æз Фæлвæрайы, кæннод йе ’вастæй мæ фосы дзугтæй зæрдæ нæ райы.

Хæтгар зæгъы:

— Тутыр — къуымæлдуц, гуыппытæгæнæг, мæ маст дзы сисон, кæннод байсæфтæн бынтон æд зæнæг.

Уадæг дæр зæгъы:

— Афтæ кæм цæгъды Галæгон зæххыл, уым хъуа скæнон йæ сарагъ хъуынтæй мæхицæн фæндыр.

Царциатæ иу дагъмæ [4] бацыдысты æмæ фенынц рæгъаугæстæ, хизы бардуæгтæн нывонд фос. Дзурынц рæгъаугæсмæ:

— Дæ фос бирæ, рæгъаугæс! Дардæй цæуæг стæм æмæ нæ хорз фен.

— О, уæ цæрæнбонтæ бирæ уой, — зæгъы рæгъаугæс, — æмæ нывонд фос куы хизын, нывонд фос æвæджиаг [5] вæййы.

— Уагæры кæйты сты дæ фос?

— Хуыцау æмæ Уастырджийы, Æфсати æмæ Уациллайы, Фæлвæра æмæ Тутыры, Галæгон æмæ Алардыйы, Сафа æмæ Рыныбардуаджы.

Суа зæгъы:

— Хуыцау æмæ Уастырджийы фосмæ нæй февналæн. Аларды уæрыкхъус у, Сафа — бынаты хицау, Рыныбардуаг — мæрдтæм фæндарастгæнæг. Уыдон уæттæм не ’вналæм, фæлæ иннæ фондз бардуаджы нывонд фосы бахæрын хъæуы.

— Уæ, Ахирман [6] уыл йæ цæхæр ныккала, — зæгъы рæгъаугæс, исчи ма бардуаджы нывонд кусæрттаг хæры?

— Махæн Ормаздæ [7] æххуысгæнæг у æмæ нæхи малгъа [8] нæ кæнæм.

— Тыхæй цы кæнут, уый кæнут, — зæгъы та хъомгæс, — фæлæ уын мæ барвæндонæй кусæрттаг раттын мæ бон нæу.

Уæд Царциатæ æрцахсынц Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгоны номыл нывонд фосы, иннæты ратардта рæгъаугæс æмæ бардуæгтæм барвыста:

— Уæ нывонд фосæй Царциатæ фондз æрцахстой, иннæты аскъæрут!

Уæд Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгон сæ номыл нывонд фосмæ Царциатæм æрцыдысты. Уастырджи, Алырды, Сафа æмæ Рыныбардуаг сæ фосы бафснайдтой, æмæ Уастырджи зæгъы:

— Царциатæ нывонд фосы аргæвстой æмæ нæм кувынц, цæмæй сыл сæмбæлæм.

Хуыцау зæгъы:

— Æз зæххон адæмимæ нæ фæбадын, кæд сæ фæдзæхсын, уæддæр. Цæут сæм уæхæдæг æмæ уе ’мбæлтты ракæндзыстут уемæ.

Уастырджи, Аларды, Сафа, Рыныбардуаг Царциатæм рараст сты. Се ’рцыдмæ Æфсати æмæ йе ’мбæлттæ Царциатæм бахæццæ сты. Æфсати сæм дзуры:

— Уæ, уайых фæуат, Царциатæ! Мæ номыл нывонд кусæрттаджы куыд аргæвстат, æппын уæ мæнæй ницыуал хъуыди.

Суа зæгъы Æфсатийæн:

— Мæ цæхх, мæ кæрдзын хæларæй фæдæттын, алчи мыл уый тыххæй джитæнтæ [9] фæкæны, фæлæ мын дæ цæст иу кусæрттаг никуы бауарзта, уый тыххæй дæ мæхицæн сугласæг æмæ æртгæнæгæй уромын.

Æфсати баззади Суамæ кусæгæй. Едыссæ зæгъы Уациллайæн:

— Æз дæумæ рагæй мæсты дæн. Хоры куыст кæнын æмæ дæ кæд бафæнды, кæннод мæ хортæ бампылын кæныс, кæнæ сæ их ныццæгъды. Ныр дæ хъуамæ хуымгæнæг æмæ хуымласæг скæнон мæ дзыгуын галтыл.

Уацилла баззади кусæгæй Едыссæмæ.

Фарнæг зæгъы:

— Рагæй дæм мæсты дæн, Фæлвæра, æз фосы куыст кæнын. Кæд дæу бафæнды, уæд мæ фос дыгæйттæ ныййарынц, кæннод та иугай хæдмæлтæ, кувынæн чи нæ бæззы, ахæмтæ. Ныр мын рæгъаугæс æмæ уæлыгæсæй кусдзынæ.

Фæлвæра дæр кусæгæй баззади Фарнæгмæ.

Хæтгар зæгъы Тутырæн:

— Ды мемæ гуыппытæй фæхъазыс дæ боны. Тутыры хъулæй [10] дæ цæст кæмæн фæуарзы, уымæн æхсæзгæйттæ фæдарыс, иннæтæн — ницы æмæ сыл фæхудыс. Дæ нывонд галы нæ аргæвстон, фæлæ мын кусдзынæ къуымæлдуцæг æмæ хыссæгæнæгæй мæ масты тыххæй.

Тутыр дæр кусгæйæ баззади Хæтгармæ.

Уæд Уадæг зæгъы Галæгонæн:

— Ды дæ сарагъы хъуынтæй фæндыр цагътай æмæ дын сæ ныр адæмæн фæндыр скæнон, амæй фæстæмæ лæджы сæр даст уæд æмæ уымæй фидауæд, кæнæ та кары заманы сæрыхъуын ивзигæ [?] кæнæд.

Галæгоны сæр радаста Уадæг æмæ дзы фæндыр скодта æмæ йæ схуыдтой хуыйы сæр, ома Галæгоны сæр хуыйы сæры хуызæн у. Галæгон Уадæгмæ баззади донхæссæг æмæ хæдзарсæрфæгæй. Ахст бардуæгтæ хъуыды кодтой æмæ дзырдтой: «Ай ныл цы ’рцыди, мах нæ нывонд фосы агурæг æрцыдыстæм, адон та нæ сæхицæн кусæг скодтой. Хуыцау нын æй нæ ныббардзæни. Æвæццæгæн сæ хынджылæгмæ кæй хъавыдыстæм, уый бамбæрстой æмæ нын ахæм ми дæр уымæн бакодтой. Хуыцауы раз фидиссаг фестæм æмæ йæ цурты ныр æвидиугæ [11] цæудзыстæм, уæдæ æбузыдæй [12] дæр ницы сарæзтам. Зын нын у азымбылæй [13] цæуын. Ам бынтон рæтдзæстытæ [14] куы кæнæм! О, иунæг Митрæ [15], не ’гъдау нын халæг ма уæд!»

Тухæн кæнынц бардуæгтæ Царциатæм. Уæд фæзындысты Уастырджи, Аларды, Сафа æмæ Рыныбардуаг. Царциатæ бардуæгты фос аргæвстой æмæ минас кодтой. Уастырджииты куы федтой, уæд уырдыг слæууыдысты, æрбадын сæ кодтой. Уастырджи æмæ йе ’мбæлттæ уынынц Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгоны тухæн. Уастырджи зæгъы:

— Фарн уæм дзурæд, Царциатæ, бардуæгтæй хорз фæхынджылæг кодтат, фæлæ сæ ныр суадзут, мæ хатыр сын фæкæнут æмæ уын фарсхæцæг уыдзынæн.

Царциатæ ницы сдзырдтой. Сафа дæр зæгъы:

— О, кадджын Царциатæ! Бардуæгтæй хорз хынджылæг фæкодтат æмæ сæ тыххæй ауадзут, уæ бынат уын уый тыххæй хъæздыг кæндзынæн.

Царциатæ та ницы загътой. Уæд Аларды зæгъы:

Кадылмæлгæ стут, Царциатæ, бардуæгтæй дæр сымах хынджылæг фæкодтат, æмæ сæ ныр ауадзут мæн тыххæй, хуыз сæ нал ис, æмæ уын уæ кæстæрты фыдбылызæй хиздзынæн.

Уæддæр та ницы сдзырдтой Царциатæ. Рыныбардуаг сын зæгъы:

— Уæ ном хъуыст у, Царциатæ, мæ хатырæй суадзут бардуæгты, уæртæ мæлæтдзаг хуыз райстой æмæ уæ низæй хъахъхъæндзынæн. Кæд искуы сæфат, уæддæр дзы мæ аххосæй ницы уыдзæн.

Царциатæ ныхъхъуыды кодтой, сæ кæрæдзи фарстой, цы бакæнæм, зæгъгæ.

Суа зæгъы:

— Махыл Хуыцау ныр рахæтдзæни, диуты ныл бафтаудзæни, каджиты [16] ныл сардаудзæни, æрмæст нын Уастырджи уыдзæни фарсхæцæг, Сафа не ’фсадæг, Алардыйы фæдзæхст нæ сабитæ уыдзысты æмæ Рыныбардуаг та махмæ низ нæ уаддзæни. Ауадзæм ахæст бардуæгты.

Уастырджи зæгъы ахæст бардуæгтæй:

— Адон ныр цæрдтæй мæрдтæм хæстæгдæр сты, сæ къæхтыл нал лæууынц æмæ сæ Хуыцаумæ чи фæкæндзæни.

Царциатæ фæдзырдтой сæ хæрæфырттæм Базыг æмæ Æмбазыгмæ, уыдон бæрн сæ бакодтой æмæ сæ уыдон Хуыцаумæ фæхæццæ кодтой. Хуыцау сæ фыдхуызæй куы федта, бардуаджыты, уæд сын зæгъы:

— Чи уæ æркодта, уыдонæй уæ маст уæддæр сисут.

Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгон февнæлдтой дыууæ æфсымæрмæ, Базыг æмæ Æмбазыгмæ æмæ сæ арты афизонæг кодтой уæхстытыл. Сæ фыд сын бахордтой æмæ æрулæфыдысты. Уастырджи хъуыддаг бамбæрста æмæ зæгъы:

— Махæн дæр ныр цæуын афон у, Хуыцау нæм æнхъæлмæ кæсдзæн.

Царциатæн арфæтæ ракодтой æмæ рацыдысты. Уæларвы ма сæййæфтой Базыг æмæ Æмбазыджы стæгдартæ. Уастырджи зæгъы:

— Уанцон хæрд нæ уыди, стæг куыдз дæр куы нæуал хæры. Хуыцау, ай дæ зонд уыди, ды сфæнд кодтай Царциаты сафын, æгæр карз фæндон сын хæссыс.

— Уæдæ амæй фæстæмæ адæм кæрæдзи дзыхы ныхасæй хæрæнт, — зæгъы Хуыцау, — фидауæн сын мауал уæд, æмæ сæ сæфты фæндагыл ныллæууæнт Царциатæ, сæ ном та æмбисондæн баззайæд.

Фыдæлгъыст фыдми у. Царциатæ Хуыцауæй æлгъыстаг фесты æмæ сыл рахатти, Æфсати, Уацилла, Фæлвæра, Тутыр æмæ Галæгоны аххосæй.

Афтæ фæбыцæу сты бардуæгтимæ Царциатæ æмæ сын сæ ном аргæ дæр нал кодтой Царциатæ. Сæ сæфт дæр уыцы быцæуы æрцыдис Царциатæн.

48. Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты

Царциатыл Хуыцау рахаттис æмæ сæ уæлæмæ сыстын дæр нал уагъта. Сæ хуыссæнты хуыссыдысты æмæ хъæрзыдтой. Къуыри æртæ боны æнæниз уыдысты, цыппар боны рынчын кодтой. Нартæ сæм арæх цыдысты æмæ дзырдтой:

— Тæригъæд сты мæлынæн, исты хос сын хъæуы.

Нартæ фервыстой алырдæм, чи цы хос зоны Царциатæн, уый йæ зæгъæд, Нартæй айсдзæни стыр лæвар.

Ничи йæ ныфс бахаста.

Нартæ стыр куывд скодтой æмæ сæ лæвар æрæвæрдтой. Саргъы бæх æд уидон, æд саргъ, нымæт дæр йемæ.

Бæх Мысыры [1] бæсты хаст уыди. Сынты базыртау сау йæ буар, къаннæг сæр, æлвæст гуыр æмæ рæсугъд. Куывды уыцы бæхмæ алкæй цæстытæ дæр сæхи тыдтой. Бæхæй цæстытæ разылдаис, уый адæймаджы къухты не ’фтыди.

Нартæй иу чызг дард мой скодта, уымæ дæр фехъуысти Нарты фæнд. Нарты чызг йæ лæппумæ фæсидти æмæ йын зæгъы:

— Абоны бонæй дæуæн бадгæйæ нæу, лæппу.

Лæппу йæ фæрсы:

— Уæдæ цы кæнон?

— Нартæ стыр лæвар кæнынц: саргъы бæх æд уидон, æд саргъ, æд нымæт, куывд скодтой æмæ лæварæн ахæмæн дæттынц, Царциатæн ма хос чи скæна, мæлæтыл лæуд сты, къуыри æртæ боны сæрæн вæййынц, цыппар боны та мæлгæ кæнынц. Уыдон сдзæбæхæн хос ничи зоны мæнæй дарддæр, æмæ йæ ды хъуамæ саразай.

— Куыд æй саразон?

— Нарты куывдмæ ацу, зæгъ сын: «Хос сын æз скæнин, Царциатæ фондзыссæдзæй мемæ куы рацæуиккой, уæд». Уыдон сразы уыдзысты. Сæ сæрæнтæй фондзыссæдз равзардзысты. Ды сæ акæн демæ Мысыры бæстæм. Мысыры зæхх пайдайы хос у, фондзыссæдзæй фондзыссæдз уаргъы алы бынатæй сисдзысты, рахæссæд æй æмæ йæ сæ бæстыл байуарæд, стæй алæмæты зæхх фестдзæни, сæ фервæзт дæр уæд æрцæудзæни. Кæм-иу срынчын уой фæндагыл, уым сæм сæууæлдæф уадз, æндæр ницы.

Нарты хæрæфырт абадти бæхыл æмæ рацыди Нартæм. Дардæй æрбазынди тыдджыты йасæй. Йæ бæхы цæфхæдты бынæй зæхх гæппæлтæй хæрдмæ хаудта æмæ Нартыл æмбæлдысты. Нартæ зæгъынц:

— Ай цы диссаг у, искуы ма хурбоны сыджыт æруаргæ дæр æрцыдис?

Сатана сæм дзуры:

— Уый уын Хуыцау уæ куывды фехъуыста æмæ уæм æрвиты æххуысгæнæджы, фæлæ йæм фыд ма сдзурут, фæлæ йæ бафæрсут, чи у æмæ цы бавæййы Нартæн, уымæй.

Чысыл фæстæдæр тыдджыйы йас далысы бæрцæй æрбазынди æмæ ахæм дымгæ сыстади, æмæ Нарты бæлæстæ фæлдæхтысты.

Нартæ та зæгъынц:

— Ай та циу?

Сатана зæгъы:

— Уыцы æххуысгæнæг бæхыл æрбацæуы æмæ бæхы фындзы хуынчъыты дымгæ у. Фыдæй йæм мачи сдзурæд, æрмæст æй бафæрсдзыстут, чи у, кæнæ Нартæн цы бахæссы, уымæй.

Рацыди та чысыл рæстæг. Далысы йас барæг дыгæрдыджы йасæй æрбацыди, Нарты хъустæ бакъуырма сты, ахæм гуыртгуырт цыдис.

Нартæ та ацы хатт дæр зæгъынц:

— Цавæр гуыртт-гуыртт у, нæ хъустæ куыннæ уал хъусынц, уæд?

Сатана та зæгъы:

— Хуыцауы æрбарвитгæ æххуысгæнæг æрбахæццæ кæны æмæ йæ бæхы къæхджы гуыртт-гуыртт у, фæлæ йæм фыдæй мацы сдзурут, æрмæст æй бафæрсут кæцæй цæуы æмæ цы бавæййаг у Нартæн.

Уалынмæ Нарты хæрæфырт æрбахæццæ ис æмæ бæхæй цæрдæг æргæпп ласта, æгъдауæй салам радта куывды адæмæн:

— Фарн уæ куывды уæд, Нартæ!

Нартæ кæрæдзи хъусы дзурынц:

— Амæ не ’нгæсæй цыдæр ис, фæлæ йæ куыннæ зонæм, чи у, кæцон у, уæд мах цæмæй зоны?

Фæстаг хатт зæгъынц:

— Фæрнæйдзаг уай, лæппу, æмæ нæм хорзæн цыд фæуай.

Йæ бæхы йын айстой, æрбастой йæ, стæй йæ æрбадын кодтой. Уырызмæг уазæгæн æмбæлæггаг ануазын кодта, рæвдауæн цæстæнгасæй йæм Нартæ ракастысты æмæ йæхимидæг хъуыды кæны: «Уагæры мæ куы зониккой, æз Нарты хæрæфырт дæн, уæд та мæм куыд кæсиккой?»

Иу рæгъ та рацыди, Уырызмæг сыстади æмæ зæгъы:

— Мах хæрд æмæ нуæзт мондаджы тыххæй нæ кæнæм ацы куывды. Ацы куывд у Царциаты намысы тыххæй. Уыдонæн чи баххуыс кæна сæ тыхсты, уый айсæд нæ лæвар, стæй Царциатæм скæндзыстæм сæ ивæрзынгæнджыты номæй цыты куывд. Мæ нуазæн айсæд уыцы гуырд, йæ ныфс чи хæссы Царциаты фервæзын кæнынмæ.

Нарты хæрæфырт йæ цæст ахаста куывды бадджытыл. Куы ничи стади, уæд æрæджиау сыстадис йæ бынатæй Нарты хæрæфырт æмæ бацыдис Уырызмæгмæ, райста нуазæны æмæ зæгъы:

— Дæ нуазæн бирæ уæд, цытджын хистæр, æз дæн æрхауæггаг. Æз фехъуыстон уæ куывды сæр цæуыл у, уый дæр æмæ уæм фæзындтæн.

Хæмыц æм дзуры:

— Хатыр бакæн, уазæг, фæлæ ахæм хъуыддаджы дæ ныфс кæм хæссыс, уым нын дæхи дæр бацамон. Лæг хъуамæ йæ хæрзгæнæджы зона.

Нарты хæрæфырт зæгъы:

— Уый раст зæгъыс, аипп мæхимæ дæр хауы, фæлæ æз æрцыдтæн, Нартæй иу чызджы дæрддаг мой скодта, æмæ уый амындæй.

Нартæ зæгъынц:

— Уæдæ нæ ахæм дæрддаг мой чи скодта?

Бурæфарнæг зæгъы:

— Æз æй æмбарын, ныр уазæг кæмæй зæгъы, уый.

— Чи у, кæмæй зæгъы?

Бурæфарнæг дзуры:

— Мæ фыды хо дæрддаг мойгонд у. Айонг рахъомыл уон æмæ йæ нырма никуы бабæрæг кодтон, æвæццæгæн, уый лæппу у нæ уазæг æмæ уæд нæхи цард хæрæфырт у.

Фæрсынц лæппуйы:

— Нартæй дæ цы чызг рарвыста, уый цы хуыйны, зæгъ-ма?

Нарты хæрæфырт зæгъы:

— Йæ ном у Мадыма.

Бурæфарнæг сыстади йæ бынатæй æмæ ныхъхъæбыс кодта йæ хæрæфырты, стæй зæгъы:

— Уæдæ ды нæ хæрæфырт дæ. Хатыр бакæн, кæй уæ никуы бабæрæг кодтон, уый тыххæй.

Нартæ химидызмæлд бакодтой, арфæтæ райдыдтой сæ хæрæфыртæн, сбуц æй кодтой, стæй Нарты хæрæфырт зæгъы:

— Гъеныр мын фондзыссæдз лæджы Царциатæй мемæ фæбалц кæнут.

Нартæ зæгъынц:

— Фæлæуу, афтæмæй нæ фервитæм адæмы мах.

— Уæдæ куыдæй фервитут?

— Мах æмæ Царциатæм ис иу æгъдау. Искуыдæм цæугæйæ, раздæр æртæ хъуыддаджы сæххæст кæнæм.

Нарты хæрæфырт фæрсы:

— Цавæр хъуыддæгтæ сты?

Нартæ загътой:

— Раздæр нæм кафгæ фæкæнынц.

Ныххæцыдысты симдыл. Нартæн сæ иу кæроны сæ хæрæфырт æрхæцыд, иннæ кæроныл та Царциатæ ныххæцыдысты. Симгæ-симын Нарты хæрæфырты Нартæ æмæ Царциатæ фæйнæрдæм айвазынц, фæлæ йыл йæ кафты фæкъуыхцы кæной, уый сæ бон нæ бацис. Сæ хæрæфырт-иу сæ кæрæдзимæ йæ цонгты тыххæй æнгом æрбалхъывта. Фæцис сæ симд æмæ Нартæй иу зæгъы:

— Уæллæй-и, лæггаг у, фæлæ ма дын дæ зардмæ дæр байхъусæм.

Нартæ æмæ Царциатæ хъырнгæ кодтой, хæрæфырт та заргæ. Цасфæнды нæ хъырныдтой уыдон, уæддæр Нарты хæрæфырты хъæлæс тынгдæр хъуыстис. Ныууагътой зарын æмæ Нартæй æндæр лæг зæгъы Нарты хæрæфыртæн:

— Хорз арæхсыс, фæлæ хъазгæ та куыд кæныс, уый нын зæгъ.

Нарты хæрæфырт зæгъы:

— Фенгæйæ у.

Тымбыл дойнаг дуртæ æрбатылдтой Нартæ æмæ Царциатæ. Хæрæфыртмæ сæ радыгай æхстой, уый сæ иугай æхста æмæ сæ фæстæмæ æппæрста, иу дуры дæр зæхмæ не ’руагъта æмæ та сыл стых и. Ныууагътой дурæй хъазын дæр. Бурæфарнæг зæгъы уæд:

— Хорз арæхсыс, нæ хæрæфырт, ауадзын æй хъæуы.

Царциатæй фондзыссæдз барæджы равзæрстой æмæ сæ Нарты хæрæфыртимæ баиу кодтой. Нарты хæрæфырт йæ фæндаг скодта Мысыры бæстæм. Фæцыдысты бирæ бонты æмæ бирæ æхсæвты. Иу ран Царциаты рынчыны рæстæг æрцыди æмæ сæ бæхтыл сæ сæртæ æруагътой. Нарты хæрæфырт сæ ауыдта, цæрдæг æргæпп кодта йæ бæхæй. Дзалайæ хуыссæнтæ акодта зæххыл æмæ Царциаты æрулæфын кодта. Æнæхъæн цыппар боны сæ фæхыгъта сырды фыдæй Нарты хæрæфырт.

Сдзæбæх сты Царциатæ æмæ та араст сты Нарты хæрæфыртимæ мысыры бæстæм. Æппынфæстаг ныххæццæ сты æмæ та Царциатæн сæ рынчыны рæстæг æрцыдис. Срынчынтæ сты. Нарты хæрæфырт фондзыссæдз уаргъы скодта Мысыры сыджытæй, цуан кодта æмæ Царциаты хыгъта сырды фыдæй. Царциаты бынты бакодта хурсыфтæ. [2] Алы лæгæн дæр иу сыф йæ быны, иу йæ уæлæ. Фæзылдис сæм æнæхъæн цыппар боны. Сдзæбæх та сты Царциатæ æмæ рараст сты фæстæмæ сæ бæстæм. Рахæссынц Мысыры сыджытæй фондзыссæдз бæх уаргъы. Иу ран æрулæфынц талынджы. Фæлмæцыд уыдысты æмæ æрфынæйтæ сты. Уæд сæм залиаг калм æрбабырыди æмæ сæ хъуамæ аныхъуырдтаид. Нарты хæрæфыртæн йæ бæх ныммыр-мыр кодта. Нарты хæрæфырт фехъал и æмæ ауыдта залиаг калмы. Хæцынтæ систа йемæ æмæ йæ амардта. Калмы мард буар ма йæ тæвдæй змæлыди, йæ къæдзилæй ратъæпп ласта æмæ Царциаты иууылдæр сыхъал кодта. Царциатæ кæрæдзимæ бакастысты.

Нарты хæрæфырт сæм дзуры:

— Тæрсгæ ма кæнут, мард у калм.

Царциатæ зæгъынц:

— Кæй дæ, уымæн æнæнизæй фæцæр, æвæццæгæн, фынæй дæр нæ бакодтай?

— Калмимæ хæцгæ кодтон.

— Зыны дыл.

Сыстадысты æмæ та цæуынц. Иу доныл сæ хъуыди рахизын. Сæ бæхтæ батардтой доны, уæд сæм доны хуылфæй дзырдæуы:

— Дон ма змæнтут.

Нарты хæрæфырт сæм дзуры:

— Ды донæн уæлыйæ дæ, мах — дæлыйæ, чердæм æй змæнтæм.

— Уæддæр дон — мæ дон у.

— Омæ дзы немæ ницы хæссæм.

— Уæ бæхтæ дзы сæ къæхты ныхсадтой.

— Уый та махмæ нæ хауы.

Сурмæ ахызтысты, афтæ Царциаты бæхтæ æррынчын сты. Царциатæ скатай сты. Нарты хæрæфырт фæрсы, донæй йæм чи дзырдта, уый:

— Æддæмæ мæм рахиз.

— Цы дæм хизон?

— Нæ бæхтæн нын хос скæн.

— Куы сбон уа, уæд.

Æрбабони æмæ кæсынц, цы доны æрбахызтысты, уый разынди туг. Æрхы сæр рæбынæй бады иу стыр гуымир уæйыг. Арц йæ ныхмæ дары æмæ туг кæлы æнæхъæн комы дзаг. Нарты хæрæфырт æй фæрсы:

— Цы кæныс? Цæуыл дæхи марыс? Кæнæ чи дæ?

Гуымир зæгъы:

— Æз дæн Гуымирты гуымир. Мысыры мæликк мын мæ чызджы раскъæфта æмæ йæ разы бадын, йæ фæндаг ауылты у, фæлæ уæхæдæг чи стут?

Нарты хæрæфырт зæгъы:

— Æз мæхæдæг Нарты хæрæфырт дæн, мæнæ ме ’мбæлттæ та Царциатæ сты.

— Æмæ ма Царциатæй змæлæг дæр ис?

— Ис, фæлæ мæнг змæлæг сты, кæд сæ бæстыл Мысыры зæххы сыджытæй байзæрой, уæд сын уый æвдадзы хос уыдзæни æмæ фервæздзысты, кæннод фесæфдзысты.

— Кæд афтæ у, уæд дзы цæуылнæ хæссут?

— Фондзыссæдз бæхуаргъы дзы хæссæм.

Гуымир уæйыг та зæгъы:

— Уæдæ хорз, æз уын æввахсдæр рæтты фæндаг бацамондзынæн, æрмæст уæ иу чысыл мæ цуры фæлæууæд.

Гуымир уæйыг Царциаты бафтыдта иу комыл æмæ зæгъы:

— Ацы комыл цæут, мацæмæй тæрсут, уе ’мбал дæр уæ тагъд баййафдзæни.

Царциатæ комы араст сты гуымир уæйыг таНарты хæрæфыртæн зæгъы:

— Мæ хъусы-ма ныхъхъæр кæн.

Нарты хæрæфырт гуымиры хъусы ныхъхъæр кодта. Уæд уый йæ сæр банкъуыста æмæ зæгъы:

— Ницы.

— Цæмæн зæгъыс? — фæрсы Нарты хæрæфырт.

— Нарты тугæй дæм бирæ нæй.

— Куы уын загътон, æз сæ хæрæфырт дæн.

— Уæдæ уымæн афтæ дæ, мæ хъæлæсы-ма мын дæ кардæй цæв.

Нарты хæрæфырт Гуымирты гуымиры хъæлæсы ныццавта, кард фæстæмæ фесхъиудта æмæ та зæгъы:

— Ехх, цæй тынг цæвыс, фæлæ куыд фæриссыс дæхæдæг, æппын дæ æхсынчъы тых дæр куы нæ ис. Уæд та мын арцæй мæ тыл ныццæв.

Нарты хæрæфырт гуымиры тыл ныццавта. Уæд гуымир зæгъы:

— О, ныр гæнæн ис æмæ дæ бамбарон. Хъус мæм, Нарты хæрæфырт: æз цасдæр бадын ам æмæ мæ хуыссæг æрцахста. Мæ туг мæ фæцыди, уый хъуамæ æрымбырд кæнон, уый тыххæй мæн хъæуы афынæй кæнын. Ды хъахъхъæн. Мæ чызджы мын чи аскъæфта, уый куы æрбацæйцæуа, уæд мæ сыхъал кæн, стæй дæ æз де ’мбæлттæм фæхæццæ кæндзынæн.

— Цæмæй базондзынæн дæ чызджы? — афарста Нарты хæрæфырт.

— Мæ чызг ахæм у, æмæ кæд кæугæ кæна, уæд йæ цæссыгтæ зæххыл цæппузыртæй æмбæлдзысты æмæ дуртæ фæддзысты, кæд худгæ кæна, уæд дуртæ сæхимидæг зилдзысты.

Гуымирты гуымир æрфынæй ис, Нарты хæрæфырт æй хъахъхъæны. Дзæвгар фæхъахъхъæдта Нарты хæрæфырт. Æхсæв-бонмæ дæр лæууыди. Уæд бон æрбахæстæг ис æмæ кæуын æрбайхъуысти, уый Гуымирты гуымиры чызджы раскъæфтæуыдис. Чызджы цæссыг дуртыл сæмбæлы æмæ дур афады. Базыдта Нарты хæрæфырт хъуыддаджы. Арц систа æмæ йæ Гуымирты гуымиры тылы ныццавта. Гуымир йæхи аныхта, фæлæ хъал не ссис. Дыккаг цæф æй ныккодта æмæ ныффутт ласта, æндæр нæ райхъал ис. Æртыккаг цæф æй ныккодта. Гуымир фехъал, йæ цæстытæ аууæрста, фæрсы Нарты хæрæфырты:

— Фæцæуынц?

— Нæма, фæлæ сын сæ бæрджытæ хъусын æмæ уынын.

— Раст зæгъыс, Нарты хæрæфырт, рацæуы скъæфæг, фæлæ цы нæ вæййы, лæг амæлын дæр зоны, уæд дын уадзын къухдарæн. Мæ иунæг чызг дæу фæуæд.

Нарты хæрæфырт райста къухдарæн æмæ фæсвæд алæууыд. Уæд æрбазынди скъæфæг. Гуымирты гуымир кæсы æмæ чызг кæуы. Скъæфæджы размæ фæци, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, хæцынтæ райдыдтой, кæрæдзи уачъитыл аркъауæхстæй ныххæцыдысты æмæ сæ дыууæ дæр амардысты. Чызг кæуын байдыдта. Нарты хæрæфырт æм бирæ фæкасти, стæй бацыд чызгмæ æмæ зæгъы:

— Айс дæ фыды лæвар, — æмæ йæм бадардта къухдарæн.

Чызг къухдарæны базыдта, Нарты хæрæфыртæн зæгъы:

— Искуы скодтай удыбæстæ искæмæн?

— Кæмæн скодтон æмæ кæнын, уыдон нæ разæй сты, фендзынæ сæ.

— Уæдæ мæ Хуыцау дæуæн загъта, фæлæ мæ фыды марды цы фæкæнон?

Нарты хæрæфырт дуртæ æрбатымбыл кодта, зæппадз ацарæзта æмæ Гуымирты гуымиры уым бавæрдта. Чызджы чи раскъæфта, уый та йын йæ разы цыртæн ныссагъта.

Нарты хæрæфырт ракодта чызджы, Царциаты æрбаййæфта хаудтæй зæххыл, сæ рынчын афон та уыдис. Нарты хæрæфырт зæгъы чызгæн:

— Донæй сæм зил, æз та сын исты рацагурон.

Цуаны азгъордта Нарты хæрæфырт, сырдтæ амардта, физонджытæ акодта æмæ сын бахæрын кодта.

Нарты хæрæфырты фæрцы та Царциатæ расæрæн сты. Цæуынц сæхимæ. Нарты хæрæфырт чызгæн фæдзырдта йæ фæндаджы хъуыддаг. Уæд чызг зæгъы:

— Гъеныр мæ уырны, удыбæстæгæнæг кæй дæ æмæ уый тыххæй фыдæбон кæй кæныс, уый.

Цæуынц Царциатæ, цæуы Нарты хæрæфырт дæр чызгимæ. Дзæвгар фæцыдысты æмæ иу калак хъæумæ æрхаудтой. Уыцы хъæуы ахæм адæм цардысты: сæ бæстыл цæуæг сæ кæд амбылдтаид æртæ хатты, уæд ын æртывæр лæвæрттæ кодтой, кæд цæуæг йæхæдæг фембылд уыдаид, уæд уымæй æмбæлæггаг агуырдтой æртывæрæй. Хъæуы цæрджытæ Нарты хæрæфырт æмæ Царциатыл зæрдиагæй сæмбæлдысты. Фынгтæ сын сæ размæ, фæндагмæ рахастой, æмæ сæ хыгътой. Хорз сæ федтой, стæй калак хъæуы хистæр фæрсы æрцæуджыты:

— Кафын уæ нæ фæнды?

— Цæуылнæ, æфсæст гуыбын кафын, кæнæ зарын, кæнæ хъазын агуры.

Нарты хæрæфыртæн иу зæронд йæ хъусы дзуры:

— Кыс, кыс, чысыл мæ фæсаууонмæ рауай.

Нарты хæрæфырт хи хъуыдыйы æфсон рауади. Уæд æй зæронд ус фæрсы:

— Чи дæ? Кæцæй дæ?

— Дæн Нарты хæрæфырт.

— О, дæ фæхъхъау фæуон. Нарты хистæр мемæ лымæн уыди. Фæдзæхсын дæ кафтмæ, йе зардмæ кæнæ хъазтмæ куы цæуай, уæд-иу цæуæд уе ’ппæты тыххæй æмæ хуыздæр азарут, ма фæсайды ут.

Нарты хæрæфырт бузныг загъта усæн. Рацыди йе ’мбæлттæм. Уæд ныххæцыдысты кафтыл. Калак хъæуы цæрджытæ сæ хуыздæртæй дыууæйы равзæрстой. Нарты хæрæфырт та Царциаты номæй рацыди кафынмæ. Дыууæ кафæджы æхсæн ныххæцыди. Уыдон æй сайæн-майæнтæй æлхъывдтытæ кодтой. Нарты хæрæфырт, цыма сæ хъуыды дæр нæ кодта, уыйау йæ сæр бæрзонд дардта. Сæ къæхтыл сын-иу фæлæууыди æмæ сын сæ къахкъухты сдондæппалтæ кодта. Дондæппалтæ аскъуыдысты æмæ скъуылыхтæ сты. Калак хъæу сæ кафджыты къулыхæй куы федтой, уæд загътой:

— Фембылды стæм.

Фæци кафт. Ныр та дыууæ къалосджын лæппуйы равзæрстой хъæу зарынтæ. Нарты хæрæфырт сæ астæу ныллæууыди. Уыдон ныззарыдысты Нарты хæрæфырты хъусты, фæлæ сæ хъуыды дæр не ’ркодта. Уæд Нарты хæрæфырт ныццæлхъ ласта куы иуы, куы иннæйы хъæлæсы æмæ сæ хъусты тæгтæ фæкъуырма сты. Нарты хæрæфырт-иу йæ зард ныллæг куы æруагъта, уæд-иу уыдон та сæ хъырндæй фæдзæгъæл сты. Калак хъæуы адæм та зæгъынц:

— Фембылды та стæм.

Зард дæр фæцис æмæ хъазыныл ныллæууыдысты. Нарты хæрæфырт йæхæдæг, калак хъæуы адæмæй авд бæдæйнаджы [3] кæрæдзимæ дойнаг дуртæ æхстой. Нарты хæрæфырт, авдæй цас дуртæ æппæрстой, уыдоны ахста æмæ сæ цырд фæстæмæ аппæрста. Дур дуры æййафта æмæ калак хъæуы лæппутæ нал арæхстысты дурты æхсынмæ æмæ сын зæхмæ хаудтой. Калак хъæуы адæм та загътой.

— Ноджы та фембылды стæм.

Калак хъæуы хистæр зæгъы:

— Фембылды стæм æмæ уын æртывæр лæвар кæнæм. Нарты лæг рæгъауæн — къæбæлдзыг уæлдзæрмттæ худтæн. Сæ ус рæгъауæн — хуысар хъуымац разкъæрттытæн [4] æмæ сæ сывæллæттæн мах номæй — зæлдаг сгæллад хъуымац хæдæттæн.

Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырт сын арфæ ракодта æмæ рацыдысты. Бирæ фæцыдысты сæ фæндагыл, уый бæрц дæр сæ нал хъуыди æрхæццæмæ, афтæ та Царциатæ рарынчын сты. Нарты хæрæфырт æмæ чызг та сæм зилын байдыдтой, цалдæр боны сæ æнæркастæй нæ ныууагътой, æмæ та фæсæрæн сты. Араст та сты æмæ цæуынц. Хур асадæн [5] кодта, уæд æрхæццæ сты Нартæм. Нартæ скад кодтой Царциатæ æмæ сæ хæрæфыртæн. Мысыры сыджыты байзæрстой, уæд сæ бæстыл Царциатæ. Сæ хистæртæй иу Суа хуынди. Суа сæ суадæтты цур байзæрста сыджытæй æмæ дзы суæрттæ равзæрди, уæдæй фæстæмæ Царциатæ суæрттæ нуæзтой.

Царциатæн æлутоны хос фæцис Мысырæй æрхæсгæ сыджыт, сæ хуымтæ уæлдай æфсир уагътой, сæ уыгæрдæнтæ хуыздæр зайын райдыдтой. Уæдæй фæстæмæ та Царциатæ фæсæрæн сты æмæ нал рынчын кодтой.

Нартæм æрхастой хуынтæ Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырты номыл скодтой стыр куывд. Нартæ дæр сæ хæрæфыртæй куыннæ ныббузныг уыдаиккой æмæ Нарты хæрæфырт Нарты адæмæн цы лæвæрттæ æрхаста калак хъæуæй, уыдон ын йæхицæн балæвар кодтой. Стыр чындзæхсæв дæр ма йын скодтой æмæ йæ кадимæ лæвар бæх æд саргъ, æд идон, æд нымæт арвыстой йæ бæстæм.

Зæгъынц, зæгъгæ, Едысы дæр Мысыры сыджыт ис æмæ дзы бирæ суæрттæ уымæн ис.

49. Царциаты митæ

Царциатæ фыдуаг митыл сагъуыдысты. Нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуары мысыдысты, нал зæххон цæрджытæм хъуыстой. Ахæм никæйуал ныууагътой, тых кæмæн нæ бакодтой. Алчи дæр сæм мæсты райдыдта æмæ бадзырдтой:

— Царциаты сагсур лæппутæн усаг мачиуал раттæд.

Нал Донбеттыртæ, нал æрвон цæрджытæ, нал зæххон адæм — ничиуал сын лæвæрдта чызг чындзæн. Царциатæ усгур кæмæ бацыдаиккой, уыдон-иу сыл сæхи асчъил кодтой, рæстмæ сæм нал кастысты, былысчъилтæ сыл кодтой. Царциатæ бæргæ мæсты кодтой. Уæд иуахæмы сæ ныхасы æрæмбырд сты æмæ дзурынц:

— Нæ мыггаг скъуыйдзæни, чызг нын чындзæн ничиуал дæтты. Цы ма стæм, уыдон дæр кæдмæ цæрдзыстæм, нæ фæстаг хынджылæгмæ цæудзæни. Исты нæ æрхъуыды хъæуы.

Суа зæндджын лæг уыди, афтæ зæгъы:

— Фыдмитæ æгæр фæкодтам æмæ нын æй нæ барынц. Хуыцау нæм смæсты ис, рахатти ныл, фæлæ зынг зæгъынæй ком нæ судзы. Цæмæй нæ гаччы сбадæм, уый тыххæй гæды ныхас нæ хъæуы. Зонут, гæды ныхасæй нæй уаг ссарæн. Зæрдыл æй дарут: рæстаджы ныхас дæу тагъд ссардзæн.

Едыссæ дæр зæгъы:

— Гæды ныхас мах нæ хъæуы, уымæй хъуыддаг нæ рæзы, сæфты нысан у. Гæды дзырд рæгъмæ ничи фæхæссы, сæфты нысан у. Чи йыл баууæнда, уый маст æрхæссы.

Хæтгар дæр загъта:

— Мамми йæхицæн куы ницы зоны, ма йæ бафæрсæм. Фæлтау æй уадзут, кæнæм ыл хъоды.

Фарнæг дæр æрбаппæрста йæ ныхас:

— Маммийы уадзут, хъæрзæд йæ низты, не сафæг уый у. Æрхъуыды кæнæм нæхæдæг исты.

Уадæг дæр нал фæлæууыди æмæ зæгъы:

— Æз уæ кæстæр кæм дæн, уым зæгъын мæ фæнд: нæхи бынтондæр уæздан скæнæм, фæсмон кæй кæнæм, уый æфсонæн сæ куывдмæ æрхонæм.

Уадæджы фæндон сæ зæрдæмæ фæцыди Царциатæн æмæ зæгъынц:

— Фехъусын кæнæм уæларвмæ, Донбеттыртæн, зæххон цæрджытæм: фæсмон кæнæм не ’взæрдзинæдтыл, нæ къух сыл исæм æмæ уый тыххæй куывд кæнæм къуырийы дæргъы æмæ нæм æрцæуæд чызгæй, лæппуйæ. Хорз сæ фæхынцдзыстæм, дисæн нæ куыд ахæссой. Хъабахъ сын фехсын кæндзыстæм, стæй нын сæхæдæг дæтдзысты чызджытæ.

Æрымысыдысты Царциатæ куывд кæнын. Авд къуырийы сæхи фæцæттæ кодтой, нал искæмæ бырстой, нал лæбургæ кодтой, нал тыхæй цыдысты, нæ хъыг искæй бадардтой, никæмæ мæсты кодтой. Сæ дзуары ном дæр ссардтой, Хуыцауæн дæр йæ ном ардтой, къæссавæлдæхт [1] фесты. Дис сыл кодтой, стæй фехъусын кодтой Царциатæ:

— Куывд кæнæм æмæ нæм æрцæут хионæй, хицонæй, æмбалæй, хæларæй, хæрамæй, никæй бахъыгдардзыстæм.

Арвы нæрдау ахъæр и Царциаты æрхуынд. Алчи йæхи цæттæ кодта куывдмæ. Ралæууыди куывды бон. Алырдыгæй сæм цæуынтæ систой. Уыйбæрц куывдон адæм æрæмбырди Царциатæм æмæ сæ зæхх тыххæй урæдта. Царциатæ алкæуыл дæр æмбæлдысты кад æмæ радæй, цин кодтой уазджытыл, æмбæлдысты сыл худгæйæ, хъæбыстæ сæ кодтой. Фæйнæрдыгæй арфæтæ цыдысты. Æрхонгæ адæм дывæлдæхтæй [2] рабадтысты, Царциатæ сæм хæлар цæстæй ракастысты æмæ уазджытæ сæхи хъæлдзæгæй дардтой.

Суа кувæг уыди, сыстади æмæ зæгъы:

— Ацы куывды æвæрæм æртæ хуызы хъабахъ: иу — хæрдмæ, иннæ — донмæ, æртыккаг — лæджы сæрмæ. Хъабахъ чи рамбула, уый номыл уыдзæни гаджидау æмæ лæвæрттæ.

Æрхонгæ адæм базмæлыдысты. Уæларвон цæрджытæ хъабахъæхсæгæй равзæрстой Уациллайы. Донмæ æхсæгæй равзæрстой гыццыл Чехы, зæххон адæм та равзæрстой Царциаты хæрæфырт Хуройы.

Фыццаг хъабахъ фехстой хæрдмæ. Уацилла йæм ныхъхъавыди, фехста йæ, фæцæф æй кодта. Уациллайы номыл рацыди гаджидау æмæ райста лæвæрттæ.

Дыккаг хъабахъ фурдмæ баппæрстой. Хъабахъы фурды уылæнтæ раппар-баппар систой, Чех æй фехста æмæ йæ фæцæф кодта. Уый номыл дæр гаджидау рацыди, райста лæвæрттæ дæр.

Æртыккаг хъабахъ уыдис лæджы сæрмæ. Хæтгар йæ сæрыл айк æрæвæрдта æмæ дзуры:

— Йæ ныфс чи хæссы, уый йæ фехсæд.

Иууылдæр ныссабыр сты уазæгæй, фысымæй. Царциаты хæрæфырт Хуро рахызти размæ æмæ йæм ныхъхъавыди. Фехста йæ, айк фæтахти Хæтгары сæрæй. Лæгæн ницы уыди. Дис сæм фæкасти Хуройы æхст, гаджидаутæ йæ номыл рацыдысты æмæ райста лæвæрттæ. Уазджытæ хъуыды кæнынц: «Царциатæ нын цыдæр хин ми кæнынц».

Уæд Уацилла систа нуазæн æмæ зæгъы:

— Царциатæ, мах абон бузныг стæм уæ хорздзинадæй. Абон куывдмæ махæй цы сылыстджытæ æрцыдис, уыдонæн бар ис равзарой сæхицæн Царциаты лæппутæй къайæгтæ. Царциатæ кæд фыдмитæ кæнынц, уæд бæзгæ дæр кæнынц.

Царциатæ Уациллайæ фæбузныг сты æмæ бирæтæ сæхицæн къайæгтæ сæвзæрстой. Уæд Чех сыстади æмæ зæгъы:

— Царциатæ фыдмитæ бирæ фæкодтой æмæ сын барст уæд сæ абоны æгъдауæй. Донбеттыртæй мемæ цы сылыстæг рацыди, уыдонæн бар ис æмæ сæхицæн равзарой къайæгтæ Царциаты фæсивæдæй.

Уымæй дæр та Царциатæ фæбузныг сты.

Зæххон цæрджытæй иу гуымиры сыстади æмæ зæгъы:

— Фыдбылыз митæ фæкодтой Царциатæ, фæлæ сын барст уæд сæ абоны æгъдауы тыххæй. Немæ махæн цы сылыстæг чызджытæ æрцыди, уыдонæн бар ис æмæ равзарой сæхицæн къайæгтæ Царциаты фæсивæдæй.

Уымæй дæр та фæбузныг сты Царциатæ æмæ алчи йæхицæн къайаг ссардта.

Уæд Царциаты куывд æхсæны чындзæхсæвмæ рахызти, æнæхъæн къуыри сын ахаста æрхонгæ адæмæн. Кафт æмæ зардæй бæстæ сæ сæрыл хастой. Æрвон цæрджыты зарджытæм мæргътæ кафынтæ систой, алы æвзагæй уасыдысты. Зæххон цæрджыты зарджытæм та сырдтæ гæппытæ систой фырцинæй. Донбеттырты зарджытæм та кæфтæ хæрдмæ схъиудтытæ кодтой æмæ цины хæлбурцъытæ уагътой. Царциатæн сæхи зардмæ цъититæ тайгæ кодтой, хуыскъ бæлæстæ сыфтæр æппæрстой, зæхх дидинæг фестади.

Рацыди къуыри. Царциатæ æвдгай нуазæнтæ рауагътой сæ уазджытыл, бæстæ цинты ныгъуылди, кæрæдзийæн хъæбыстæ æмæ пъатæгæнæг систы, стæй уазджытæ сæ хæдзæрттæм фæцыдысты.

Дыккаг бон уæларвы цæрджытæ сæ куывдонты фæрсынц:

— Уæдæ нæ чызджытæ кæм сты?

Куывдонтæ зæгъынц:

— Царциатæм чындзы фæцыдысты.

Фурды цæрджытæ дæр сæ куывдонты фæрсынц:

— Нæ чызджытæ нын цы фæкодтат?

Куывдонтæ зæгъынц:

— Царциаты лæппутæй смæйттæ кодтой.

Зæххон цæрджытæ дæр фæрсынц:

— Нæ чызджытæ цы фесты?

Куывдонтæ зæгъынц:

— Дæлæ Царциаты чындзытæ баисты.

Уæд се ’ппæт дæр бамбæрстой, Царциатæ сыл хинæй рацыдысты, уый. Сæ бон исты зæгъын дæр нал уыди, сæ чызджытæ тырдзæфтæ уыдысты æмæ бафидыдтой Царциатимæ, схæлар та сты, фæстагмæ уыцы хæлары уыдзæни сæ сæфт Царциатæн дæр.

50. Царциаты фæндиæгтæ сæ кæстæртæн

Иуахæмы Царциаты хистæртæ сæ Ныхасы бадынц. Сæ иутæ дзурынц:

— Хуыцау ныл йæ фыдæх калы æмæ сæфдзыстæм, фæлæ ма нæ кæд исчи баззайа, уæд сын нæ фæндиæгтæ уадзæм æмæ нын нæ ном мысдзысты.

Æндæртæ зæгъынц:

— Хуыцау ныл рахаттис, уый хорз æмбарæм, фæлæ нæ кæстæртæй исчи зайдзæнис æмæ сын нæ фæндийæгтæ раттæм.

Царциатæ сæ кæстæртæм фæдзырдтой сæ Ныхасмæ. Суа сыстади æмæ зæгъы:

— О, кæстæртæ, бирæ æмæ уæрæх цы уат, уый уын фестæд Суайы сæр. Хуыцау рахатти махыл, нал нын бары, фæлæ ма сымахæй исчи зайдзæни æмæ-иу нæ фæндиагæй цæрут. Мæ фæндиаг у сымахæн ахæм: нæ хорздзинадыл фидар-иу хæцут, æмæ Царциаты сæрбахъуыды боны уæ фæстæ кæнут. Чи уæ хæссы йæ ныфс, уый айсæд мæнæ мæ бæрзы къалиу йæхимæ, уым ис мæ хорздзинад.

Иу кæстæр рахызти размæ, райста Суайы бæрзы къалиу æмæ зæгъы:

— Уæ сæрыл махæн кадимæ мæлын у стыр хорзæх, цæмæй сымахау базонæм цæрын.

Уæд Едыссæ дæр дзуры:

— Царциаты кæстæртæ! Нывонд уын мæ сæр фæуæд, цард кæстæртæй фидауы. Махыл Хуыцау рахатти, фæлæ уын мæ фæллой хæлар кæнын сымахæн, цæмæй кæстæртæ куы уой æфсæст нæ уарзтæй, наиб-иу фæуæд, фæлæ-иу хатут, кæй сæфæм рæстæй. Мах хорзæн чи мыса, уый айсæд мæ кæфой, уым ис мæ хорздзинад.

Дыккаг кæстæр райста Едыссæйы кæфой æмæ зæгъы:

— Хуыцау нæ бары, фыдæх йæхæдæг, фæлæ æмбарæд, йæ ныхмæ сыстдзæн нæ зæххон зæнæг.

Сыстади Хæтгар æмæ зæгъы:

— Уæ, Царциаты кæстæртæ, уæ сæрылхаст фæуæд мæ сæр. Хуыцауæн æз нæ барстон, нæдæр æй уарзтон. Царциатæм уыдтæн æз фыццаг фæдисон æмæ фæдисы фыццаг цы лæг фæцæуы, уый сæрыл хаст у, судзгæ бæллæхтæ уый сæрыл цæуы. Ахæм уæ кæцы уыдзæн, уый айсæд мæ фарсылдарæн кард.

Царциатæй æртыккаг кæстæр бацыдис æмæ райста Хæтгары фарсдарæн кард. Æрбаста йæхиуыл æмæ зæгъы:

— Фыдбон, фыдхъызтæн вæййы кæрон дæр, зонут, хистæртæ, нывонд уыдзыстæм сымахау мах дæр.

Фарнæг рахызти æмæ зæгъы:

— О, Царциаты кæстæртæ, фарн уæм бадзурæд, фæлæ Хуыцау махыл рахæтыд, мах кæд сæфдзыстæм, уæддæр ма сымахæй исчи зайдзæни æмæ нæ мысдзыстут. Фарны æвзагæй уæм фæдзырдæуæд, фæлæ ис нын иу Хуыцау — зынданы [1] суадон, йæ ном æлгъыстаг, мах бабын кæндзæн фыдæхы афон. Мæ фæндиагдзинад сымахæн у, — уат кадджын æмæ цыты лæгтæ, уымæ йæ ныфс чи хæссы, уый айсæд мæ лæдзæг.

Цыппæрæм кæстæр бацыди, райста Фарнæджы къухæй лæдзæг æмæ раарфæ кодта:

— Мæстджын лæг царды — карз æмæ азар, æфхæрды фæстæ дæхи дæр бахиз, ссар дæ хæдзар, æмæ нæхи нæ бабын кæндзыстæм.

Уадæг сыстади æмæ зæгъы:

— О, Царциаты кæстæртæ! Фылдæрæй-фылдæр цы кæнат, уый уын мæ сæр фестæд, фæлæ мах, Царциатæ, кафгæ æмæ заргæйæ цыдыстæм нæ дунейы, нæ ном нын хорзæй мысут-иу, чи ма баззайа не сæфты фæстæ, уыдон. Хуыцау ныл рахаттис, сафыны фæнд нæ скодта йæ зынгæй æмæ дзы курæм: Хуыцау, кæд сафыс ныр мах дæ зынгæй, уæд тагъддæр, цæмæй бынтон фесæфæм нæ царды зынтæй. Нæ ном уæ чи мыса, махау чи зара æмæ кафа, уымæн мæнæ мæ хус хæтæл. Чи йæ айса, уымæн мæ хорз фæндиæгтæ.

Фæндзæм кæстæр бацыд, райста хус хæтæл, стæй зæгъы:

— Хуыцау, дæ номæн фыццаг нуазæн, дыккаг нæхи у, а æртыккаджы хæларæн нуазæм. Уæ ном уын хæларæн мысдзыстæм.

Царциаты хистæртæ та зæгъынц:

— Нæ кæстæртæ нæ цæмæй мысой, уый тыххæй æмбисæндтæ ныууадзæм.

Суа зæгъы:

— Æз ахæм æмбисонд уадзын: нæ фæстагæттæ нæ ном хъусæнт, фæлæ чи стæм, уый мауал зонæнт.

Едыссæ зæгъы:

— Æз та уадзын ахæм æмбисонд: нæ мыггаг диссагæн хæссинаг фæуæд, фæлæ чи стæм, уый зонæг нæ мауал уæд.

Фарнæг зæгъы:

— Æз та уадзын ахæм æмбисонд: Царциаты ном уæд æнæмæлгæ, фæлæ чи стæм, уый та — æнæзонгæ.

Хæтгар зæгъы:

— Æз та афтæ зæгъын: æмбисондхæссæн фæуæд нæ мыггаг, цæмæй бынтон ма фесæфа нæ фæстаг.

Уадæг зæгъы:

— Мæн та афтæ фæнды: таурæгътæ ныл цæгъдæнт нæ кæстæртæ, фæлæ нын нæхи зонæг ма уæд.

Царциатæ афтæтæ куы дзырдтой, уæд сæ кæстæртæ та лæвæрттæ сæ хæдзæрттæм рахастой.

Дыккаг бон та Царциатæ сæ Ныхасы сты æмæ сæ кæстæртæ зæгъынц:

— А лæвæрттæ райстам, фæлæ сын сæ миниуæг куы нæ зонæм, уæд нæ цæмæн хъæуынц?

Бæрз къалиу цы лæппу райста, уый йæ хæдзары фæскъул æрсагъта æмæ зæгъы:

— Æппарын дæ мæ цæст нæ уарзы, фæлæ гъе уым бæрз бæласы номæй баззай.

Бæрзы къалиу хæрдмæ сбырыди, рабæлас ис æмæ дзуры лæппумæ:

— Уæ, Царциаты кæстæр, дæ кæрты астæу мæ куы ныссагътаис, уæд дæ хæдзар кусæрттагæй байдзаг уыдаид. Хорз æмæ мæ дард не ’рсагътай дæ хæдзармæ, дæлæ акæс, кусæрттæгтæ дæм сæхи къахæй æрбацæуынц æмæ-иу физонджытæн мæ къалиуæй спайда кæн, уæд дæ физонджытæ хæрзаддæр уыдзысты.

Лæппу хорзау нал фæцис, бæрз бæласыл атыхстис, фæфæсмон кодта æмæ хатыр ракуырдта.

Кæфой цы кæстæр айста, уый фæсмусонгмæ бацыди æмæ кæфойы уым баппæрста, стæй зæгъы:

— Аппарын дæ мæ цæст нæ уарзы, фæлæ фæсмусонджы лæуу.

Кæфой йæхи батылдта æмæ дзуры:

— Уæ, Царциаты кæстæр, мусонджы астæу мæ куы ’рæвæрдтаис, уæд дæ хæдзар хорæй байдзаг уыдаид, хорз у, æмæ мæ дард нæ аппæрстай, бакæс дæ гонтæм, фенай цас хор сæ ис, уый.

Уæд лæппу хорзау нал фæцис, кæфойы ахъæбыс кодта, йæ гонты хорæй дзагæй куы федта, уæд хатыр ракуырдта кæфойæ æмæ йæ цæджындзыл сауыгъта.

Фарсдарæн кард цы кæстæр райста, уый кард дард фехста, зæгъгæ, мæ цæмæн хъæуы. Кард атахти, иу саджы ныхыл сæмбæлди æмæ саг лæппуйы размæ æд кард æртылди.

Кард дзуры:

— Уæ, Царциаты кæстæр, афтæ мæ куы нæ фехстаис, уæд дын дæ кæрты саджы мæрдтæй байдзаг кодтаин, цуаны цæугæйæ дæ фарсыл баст хъуамæ уыдаин æмæ æфтиагджын кодтаис. Ныр уал ацы саджы мардæй физонджытæ кæн.

Ацы лæппу дæр фæфæсмон кодта, хатыр кардæй ракуырдта æмæ йæ йæ роныл æрбаста, уæдæй баззади кард роныл бастæй хæссын.

Цыппæрæм лæппу лæдзæг фæскъулмæ баппæрста æмæ зæгъы:

— Цы кæнын ацы хус лæдзæгæй, цы мын ратдзæни, кæй хъæуы?

Фæскъулмæ йæ баппæрста, уæд æм лæдзæг радзырдта:

— Гъе, лæппу, фæскъулмæ мæ куы нæ баппæрстаис, уæд дын дæ кад уæлхохмæ систаин. Зæххыл дæ ном ахъæр уыдаид, хорз у, æмæ мæ дард нæ аппæрстай, уый тыххæй дын мæ цæст уарзы дзырдарæхст æмæ зонд: туджджынты фидауæг фæу, хъæуы сæр су.

Лæппу фæфæсмон кодта, лæдзæджы æрбахъæбыс кодта æмæ йе уæнг фæрæуæгдæр ис. Хатыр дзы ракуырдта. Уымæ алырдыгæй цыдысты хатæг бафидауыны тыххæй æмæ-иу йæ лæдзæджимæ цыди, йæ фæллад ын сæфта, йæ удæн ын æнцой лæвæрдта.

Царциаты фæндзæм кæстæр рахаста йæ хус хæтæл æмæ зæгъы:

— Цы кæнын ацы хус хæтæлæй, фæлæ йæ мæ цæст аппарын нæ уарзы, фæлтау æй цæндыл æрсадзон, уадз æмæ уым уа.

Хус хæтæлы Царциаты кæстæр цæндыл æрсагъта. Иу сæгъ æм февнæлдта æмæ хæтæлы цъупп стыдта, хæтæл фæндырау сцагъта. Лæппу йæм джихæй кæсгæйæ баззади. Сæгъы асырдта. Уæд æм хæтæл дзуры:

— Гъе, Царциаты кæстæр, цæндыл мæ куы нæ ’рсагътаис, фæлæ мæ дæ цæхæрадоны куы ’рсагътаис, уæд дын дæ хæдзар хъæлдзæгдзинадæй байдзаг кодтаин. Уæддæр сæгъы кæй атардтай, уымæй бузныг.

Царциаты лæппу дзы хатыр ракуырдта, хус хæтæлæй уадындз сарæзта æмæ дзы æрцагъта. Зæххыл змæлæг цы уыди: сырдæй, маргъæй — се ’ппæт дæр кафæг систы, сæ зард нæрыди. Царциатæ дæр æм ныхъхъуыстой. Уæд Царциаты хистæртæ фæрсынц сæ кæстæрты:

— Цæй, куыд уæм кæсынц нæ лæвæрттæ?

— Тынг хорз, — зæгъынц Царциаты кæстæртæ, — амæй фæстæмæ фæуæд фæткæн:

Хистæры ном хорзæн чи ары,

Уымæ-иу кæсæд,

Цыма йын хистæр сыгъзæрин тауы.

Ныййарджыты хъомыл — арвмæ фæндаг у,

Цу йыл æдæрсгæ,

Кад сын скæнай, уый та дæ бар у.

Хъомылгæнæгæн у йе ’цæгдзинад дæуыл аудын,

Цæмæй дзы райсай дæ сомбон цинад.

VIII. КЪАУКЪАЗ ÆМÆ НАРТИЙЫ ЦОТ

51. Царциатæ

Æз уын радзурдзынæн кадæг ирон адæмы фæзынды æмæ Нарты фыдбылызты тыххæй.

Раджы æмæ раджы, иттæг раджы уыдис ахæм адæм, æмæ сæ ном хуынди Царциатæ. Абон дæр ма æмбисондæн баззадис ирон адæмы æхсæн Царциаты æмбисæндтæ, сæ фесæфт, ирон адæмы фæзынд æмæ сæ фыдæбæттæ.

Царциатæ уыдысты бирæ адæм, фондзсæдæ мин хатты минтæм æххæстысты. Хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахиз фарс æмæ йæ галиу фарс — иудадзыг уыдис Царциаты къухы æмæ дзы Царциатæ цардысты. Зæххы тымбылæн йæ хуыздæр чи уыдис, уый уыди Царциаты къухы. Уыдон ныууагътой нæмттæ дæр. Стыр дæттæ абон дæр ма уыдоны номыл сты, Царциатæ цы нæмттæ радтой, уыдон хæссынц абон дæр ма стæмтæй фæстæмæ.

Царциатæ дзырдтой уыцы æвзагыл, абон цы ’взагыл дзурынц ирæттæ, фæлæ хуындысты Царциатæ.

Абон дæр ма ирон адæммæ дзырдæн баззадис: «Мæнæ Царциаты диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ», дам. Царциатæ уыдысты фыдæбоны æмæ фыдбылызы адæм. Бирæ цъаммар æгъдæуттæ уыди Царциатæм: се ’хсæн лæг æмæ ус нæ уыдис, мад йæ лæппуимæ задис, хо йе ’фсымæримæ, фыд йæ чызгимæ. Фосау æрвыстой хъуыддаг.

Уыцы рæстæджы Царциатæн се ’намонддзинад ноджы уый дæр уыдис, æмæ лæджы фыд кæй хордтой.

Канд Царциатæм нæ, фæлæ сæ алыварс чи уыдис, уыцы æндæр адæмтæм дæр уыди ацы æгъдау — хордтой лæджы фыд.

Уæд ахæм рæстæг уыдис.

Царциатæ, сæ бон цас уыди, уымæй стыр доны былтæм архайдтой æмæ иудадзыг доны былтыл цардысты, уымæн æмæ сæ царды уагмæ гæсгæ доны был æнцондæр уыдис цæрæн; ноджыдæр уымæн, æмæ уæды рæстæджы фæндæгтæ нæ уыдис, æмæ сын доныл æнцондæр уыдис иу ранæй иннæ ранмæ бæлæгътæй цæуын.

Кæд-иу ранæй-ран фæндæгты хуызæн исты уыдис, уæд уыцы фæндæгтæ тар хъæды æхсæн цыдысты æмæ тæссаг уыдис сырдтæй: бирæгъ дæр бирæ уыдис уыцы рæстæджы.

Царциатæ-иу гыццыл дæтты былтыл дæр-иу цардысты. Цæугæдон-иу кæм нæ уыдис, уым-иу Царциатæ ардтой дынджыр цадтæ æмæ-иу уыдоны цур дæр цардысты, нуазгæ дæр-иу уымæй кодтой, кæнæ-иу дынджыр суадæтты цур дæр цардысты.

Царциатæ дæр зыдтой ахæм суадæттæ, адæймаджы чи дзæбæх кæны низтæй, хъарм суадæттæ дæр сæм уыдис, суартæ.

Царциатæ кувæндæттæ нæ зыдтой, нæдæр сын Хуыцау уыдис, нæдæр сын зæдтæ уыдысты. Царциатæн уыдысты æрмæст Табутæ.

Табу уыдис лæг. Мыййаг, æй адæм не ’взæрстой табуйæ, фæлæ тыхджын чи уыдис, фондз-æхсæз лæгмæ быцæуы чи фæллæууыдаид, ахæм тыхджын лæг-иу уыдис Табу. Ахæм тыхджын лæг йæ тыхы руаджы-иу стабу кодта йæхи.

Алы Табуйæн дæр уыдис йæхи адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæй, йæхи зылд. Уæд хъæутæ нæ уыдис, пырхытæ уыдысты.

Царциаты адæм сæхи Табуйæн хъуамæ-иу лæгъстæ кодтаиккой æмæ кусарт кодтаиккой.

Уыдысты-иу ахæм Табутæ, сæ адæмимæ иу ран чи цардысты, зыдтой сæ зæххытæ, сæ адæмты кусын кодтой æмæ афтæмæй цардысты. Ацы адæм, иу ран чи цардысты, нæ рацу-бацу кодтой иу ранæй иннæ ранмæ, уыдонæн уыдис фылдæр каубыд хæдзæрттæ. Сæ сæртыл хæдзæрттæн калдтой хос, стæй цъыф æмæ хæдзары сæрыл астæуæй уагъд-иу уыдис хуынкъ, фæздæг цæуынæн.

Уыдысты ахæм Табутæ дæр, иу ран чи нæ цардысты, нæ лæууыдысты, цæугæ табутæ, арæх ивтой сæ царды бынæттæ æмæ сæ адæмы дæр семæ ракæ-бакæ кодтой. Уыдон сæ адæмимæ тындзыдысты ахæм рæттæм, кæм нырма лæджы къах æвæрд нæма уыдис, кæм нырма ничи цардис æмæ уым алцыппæт дæр бирæ уыдис — мæнæу, дыргъ бирæ кæм задис.

Цæугæ Царциатæ зымæгон сыджыты бын, ныккæндты-иу цардысты, тыгуыргонд сын-иу уыдис, хъæугонд. Сæ табутæ дæр-иу сыджыты бын цардысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, табутæ хуыздæр цæрæн бынæтты мидæг-иу цардысты. Сæрдыгон та-иу æддæ уыдысты.

Иу дзæвгар-иу куы баззадысты ацы ран, уæд цæугæ табутæ сæхи æндæр ранмæ-иу истой.

Уыцы рæстæджы, Царциатæ кæм цардысты, уым хъæддаг сырд дæр бирæ уыдис — арс, бирæгъ æмæ уыдон Царциаты хъыгдардтой: сæхи дæр æмæ мидахуыр цы фос дардтой — гал, хъуг, сæгъ, дзыгъуын [1], теуа, бæх — уыдон дæр-иу хордтой.

Царциаты цæрæн рæтты бирæ уыдис ноджыдæр хъæддаг хуы, сæгуыт, саг, дзæбидыр, хъæддаг сæгъ.

Царциатæ куыйтæ дæр дардтой бирæ, уæд фыдызгъæл бирæ уыдис.

Табутæ сæхæдæг нæ куыстой, иудадзыг сæ адæмы æккойы бадтысты, змæлын сæ кодтой, кусын сæ кодтой.

Табутæ сæ адæмы хæсджын-иу кодтой, хæдзары фос, лæгимæ цы фос фидыдта — гал, бæх, теуа, мæргътæ алыхуызон фылдæрæй-фылдæр куыд кодтаиккой.

Ацы фæллойтæ иууылдæр табуты хъуыдысты, уыдон сæ хордтой. Сæ цæрмттæй та арæзтой дарæстæ: зымæгон æнæлопойæ, æмæ лопойæ та дардтой сæрдыгон, астæуæй уæраджы онг.

Сæ адæмæн-иу табутæ хъæды сырдтæ дæр марын кодтой æмæ сæ цæрмттæ та æмбырдæй сæхицæн æрбахæссын-иу кодтой.

Цуанмæ-иу куы ацыдысты Царциатæ, уæд сæ разæй цыдис-иу сæ табу. Сырдыл йæ алыварс-иу æртыхстысты æмæ-иу æй лæдзгуытæй мардтой.

Царциатæ кæм цардысты, уыцы бæстæты алцыппæт дæр задис, дыргъ зæгъæм — фæткъуы, кæрдо, сæнæфсир дæр, афтæ мæнæу, хор, уæлдайдæр æфсиртæй.

Уæды заманы кæрдæгау-иу задис мæнæу.

Цæхæрадон уæды рæстæджы ничи зыдта. Афтæ, цыдæриддæр задис дыргъæй — иууылдæр задис хъæды. Иу ныхасæй, алы дыргъ, цыдæриддæр уыдис, уый уыдис иууылдæр хъæддаг.

Цы хæлцаг-иу ссардтой Царциатæ — мæнæу, зæгъæм, хор, зæгъæм — уыдон Царциатæ дард рæттæй бæлæгътæй-иу ластой сæ хæдзæрттæм.

Мæнæуы хъуыдыдæй, хоры хъуыдыдæй Царциатæ чъинатæ арæзтой, артыл-иу æй бадардтой, ацарыдтой йæ æмæ-иу æй афтæмæй хордтой. Чъинатæ табуйæн дæр æмæ сæ бинонтæн дæр-иу хастой æмæ афтæ лæггад кодтой уыдонæн.

Хус мæнæу, хор згъæлстой æмæ зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой. Хъæды цъæрттæ стыгътой, уыдонæй мигæнæнтæ бастой, къæртатæ дæр арæзтой æмæ уыдоны мидæг зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой.

Ацы хæринæгтæй дæр Царциатæ сæ фылдæр табутæн-иу хастой. Дыргътæ дæр-иу хастой табутæн. Иу ныхасæй, Царциатæ цы дзæбæх-иу ссардтой, уый-иу табутæн хастой.

Иуæй-иу ран Царциатæ афтæ дæр-иу арæзтой, æмæ зымæджы хæлцæй цы мæнæу, цы хор сын-иу баззадис иннæ æрцыдмæ, уый-иу апырх кодтой сыджыты уæлæ, хъæдын лæдзджытæй-иу бассæстой сыджыты.

Иу кæцыдæр табу-иу куы джиз дардта иннæ зылды Царциаты адæмы, уæд-иу ацы æндæр зылды адæм йæхи табуйы-иу æрбахуыдта æмæ йын-иу хъаст кодта:

— Мæнæ ацы æмæ ацы табу йæхæдæг æмæ йæ адæм мах хъыгдарынц, нæ сывæллæтты, нæ устыты, нæхи нын скъæфынц æмæ нæ хæрынц.

Чи хъаст кодта, уыцы Царциаты адæмы-иу сæ табу æрæмбырд кодта æмæ-иу алæбурдта, чи сæ-иу джиз дардта, уыцы табумæ.

Афтæ-иу фæхыл сты: фыццаг-иу табутæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, стæй, чи-иу фæтых ис, уыцы табу иннæ табуйы адæмы йæхи-иу фæкодта æмæ ноджыдæр уымæн йæ сывæллæтты дæр-иу бахордта. Кæд-иу йæ адæм нæ састис, уæд-иу уымæн йæ адæмы дæр-иу бахордтой. Фæбынæй табуйы та-иу уæрмы мидæг ныппæрстой æмæ-иу уым стонгæй амардис. Йæ адæм та фæтыхджын табуйæн-иу загътой:

— Мах дæ уазæг, мах ницы сайæм, мах сæрра кодта нæ табу. Мах дæр амæй фæстæмæ дæуæн кувдзыстæм, дæуæн нæ кувинаг дæтдзыстæм æмæ дæуæн лæггад кæндзыстæм.

Рæстæг-иу уыдис Царциатæн, æмæ уыцы рæстæджы, табуйы æнцойбон, дам, хъуамæ-иу сæхи табуйы æрбакодтаиккой æмæ уымæн кусæрттагæн лæджы-иу хъуамæ аргæвстаиккой, ма, дам, нæм фæхъыг уа нæ табу.

Ацы æнцойбоны рæстæджы Царциатæ сæхи табуйæн ноджы сывæллæтты дæр-иу лæвæрдтой хæрынæн. Уæд æгас тыгуыры Царциатæ табуйæн йæ разы-иу æрæмбырд сты æмæ заргæ-кафгæ табуйæн афтæ-иу дзырдтой:

 

«Ой, йæ рынтæ бахæрæм

Нæ бæрзонд табуйæн,

Бæрзондыл нын чи бады,

Нæ разæй нын чи цæуы,

Мах чи хъахъхъæны

Алы фыдбылызæй,

Алы æнаккагдзинадæй

Мах чи хизы.

Барст ын уæд

Æмæ хæлар ын йæхицæн,

Нæ табуйæн нывонд чи у!»

 

Æмæ сывæллон дæр табуйы раз рацу-бацу кодта.

Царциаты æхсæн æнамонддзинæдтæ афтæ бонæй-бонмæ цыдысты, фæлæ Царциатæн иттæгдæр амонд уый уыдис, æмæ уыдон иттæг дæсны адæм уыдысты.

Кæд Царциатæм аразæнгарз уыйас нæ уыдис æмæ сæм цы уыдис, уый дæр рæстмæ нæ уыдис, уæддæр-иу Царциатæ дынджыр бæлас æд уидæгтæ зынджы æххуысæй фелвæстой-иу сыджытæй, йæ астæуыл-иу алыг кодтой ноджыдæр зынджы æххуысæй, стæй йæ хуылфмæ-иу арт бандзæрстой æмæ скъуырф-иу æй кодтой, æмæ афтæмæй-иу бæлæгъ сарæзтой. Йæ мидæг-иу бацыдис ацы бæлæгъæн дыууисæдз-æртиссæдз лæджы.

Царциатæ сæхи арæзт бæлæгътæ-иу ластой æндæр адæмтæм æмæ сæ-иу уым адæймæгтыл ивтой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæ адæймæгты кæнæ сывæллæтты иууыл хæрынæн-иу не ’рбакодтой. Иуæй-иутæн зæнæг-иу нæ уыдис æмæ сывæллон йæ зæрдæмæ-иу куы фæцыдис, уæд-иу йæхицæн сывæллон, куыд йæхи зæнæг, афтæ-иу æй схъомыл кодта æмæ-иу йæ лæппу хуындис.

Царциатæм канд иунæг ацы дæсныдзинад нæ уыдис. Бирæ æндæр æмæ æндæр дæсныдзинæдтæ уыдис уыдонмæ: цармæй дзаумæттæ кæнын, æмпъузын. Ацы хъуыддаджы мидæг дæр дæсны уыдысты иттæг.

Уæды рæстæджы Царциатæм хæцæнгæрзтæ нæ уыдис æмæ уыдон хъæбæр хъæды лæдзджытæ зынджы æххуысæй-иу сцыргъ кодтой æмæ афтæмæй æрцытæ арæзтой.

Иу дæсныдзинад сæм Царциатæм ноджы уыдис уый, æмæ уыдон доны бын бонцæуыттæ цыдысты. Цыдæриддæр кæсаг-иу уыдис доны мидæг, дынджыр кæсаг, кæцыйы хъуыдис доны бын амарын, кæннод доны бын кæсаг йæхæдæг амардтаид лæджы, ахæм дынджыр кæсаджы-иу Царциатæ цыргъ уæхсты æмхасæн доны бын сæхæдæг-иу амардтой, æмæ-иу æй уæлæмæ сластой.

Азтæ цыдысты, рæстæг цыдис, æмæ Царциатæ куыд æфсæн мигæнæнтæм дæр хызтысты, куыд хæцæнгæрзтæм, афтæ гæрзтæм дæр. Ахызтысты афтæ сыджыты мигæнæнтæм дæр хъуырæуттæм, дурынтæм, цъæчитæм æмæ æндæртæм.

Царциатæм ноджыдæр уыдис сыджытæй агтæ æмæ-иу сæ мидæг фыхтой мæнæу, хор, куыд сæхицæн, афтæ уæлдайдæр табуйæн.

Царциатæ фыдызгъæл хомæй дæр хордтой, уæлдайдæр кæсаджы.

Хъæдын гарз аразынмæ дæр ахызтысты Царциатæ, куыд хæдзар аразынмæ, куыд хидтæ аразынмæ æмæ æндæртæ.

Ацы дæсныдзинæдтæм Царциатæ сæхи алæвардтой иттæг хорз, фæлæ се ’намонддзинад уый уыдис, æмæ се ’хсæн фыдбылыздзинад æмæ цъаммардзинад тыхджын æмæ тыхджындæр кæй байдыдта. Афтæмæй цыдис бирæ æмæ бирæ рæстæг.

52. Къаукъаз æмæ Нарти

Ацы замана дуджы Царциатæй иу лæппу равзæрдис, уыдис домбай лæппу, уæйыг лæппу, ссæдз-дæс æмæ ссæдз лæджы йын ницы ракодтаиккой уымæн. Фыццаг æм куы кастысты ацы лæппумæ, у æд æй æнхъæлдтой тыхджын табу æмæ хъуыды кодтой, иннæ табутæ сын куыд фыдæбон кæнынц адæмæн, уый дæр сын афтæ фыдæбон кæндзæни, тæрдзæни сæ æмæ уымæ гæсгæ уымæн дæр-иу нывондæн сывæллон хастой, фæлæ уый сын-иу дзырдта:

— Æз табу нæ дæн, æз лæджы фыд нæ хæрын, хъуамæ цæрой сывæллæттæ, алы цъаммардзинад хъуамæ аппарæм Царциаты адæмы æхсæнæй, хъуамæ мачи хæра лæджы фыд.

Ацы лæппуйы ныхæстæ-иу чи фехъуыста, алчидæр йæ разы-иу æрхауди зонгуытыл, кувгæ дæр ын-иу кодта æмæ йын-иу дзырдта:

— Æз дæр дын уыдзынæн сывæллæтты хъахъхъæныны мидæг æмбал, æз цæттæ дæн, кæд дæ фæнды — зынджы мæ баппар.

Ацы домбай лæппу æмæ иу чызг, уый дæр Царциатæй, кæрæдзийы бауарзтой.

Кæсай ацы Царциаты диссæгтæм.

Ацы дыууæ адæймаджы разы нæ кодтой Царциаты æгъдæуттыл, уыдоны цард æмæ уагыл, уыдон кæрæдзи кæй хордтой, ууыл, табутæ сын кæй уыдис æмæ уыдон сæ кæрæдзийы сын кæй цæгъдын кодтой, цардуаджы тыххæй, хæринаджы тыххæй; фыдбылыз фылдæр æмæ фылдæр кæй кодта се ’хсæны, хъомы цард кæй кодтой, уыдæтты тыххæй.

Сфæнд кодтой ацы дыууæ адæймаджы Царциаты цъаммардзинæдты ныхмæ тох кæнын.

Лæппу æмæ чызг сфæнд кодтой исчердæм, фидар ранмæ алидзын æмæ уырдыгæй тох кæнын.

Рацыдысты æмæ ихдоны сæрмæ, æфцæджы æхсæн, фидар ран сæхицæн бынат ссардтой, быууат сарæзтой, цæмæй уырдыгæй сæ хъуыддаг куыд аразтаиккой.

Лæппу æмæ чызг куы æрцардысты хицæнæй, уалынмæ чызг басывæрджын ис, уæд лæппу баздæхтис æмæ чызгæн рахъæр кодта цы хъуыдытæ йæм уыдис, уыдон, æмæ зæгъы чызгæн:

— Амæй фæстæмæ ды хъуамæ нæ артæй ничердæм ахицæн уай, уымæн æмæ дæуæн сывæллон куы райгуыра, уæд ды нæ сывæллоны хъуамæ хъахъхъæнай Царциаты фыдбылызтæй, уый тыххæй хуындзынæ Нарти. Æз та хъуамæ уон хъæугæс æмæ хъуамæ дзуапп радтон æгас Царциатæн, хъуамæ карз тох кæнон Царциаты цъаммар æгъдæутты ныхмæ, табуты ныхмæ, сæ фыдбылызты ныхмæ, се ’гъдæутты ныхмæ æмæ сæ хъуамæ фесафон. Уый тыххæй амæй фæстæмæ æз хуындзынæн Къаукъаз [1].

Уæды рæстæджы Царциаты æхсæн нæмттæ нæма уыдис.

Къаукъаз æфцæджыты, ихдоны сæрмæ йæхи куы сфидар кодта, царды уагæй, уæд байдыдта дзурын, хæстæг æм чи цардысты, уыцы адæмæн:

— Хъуамæ сæ цъаммар митæ ныууадзой нæ табутæ, адæмы æз хъуамæ суæгъд кæнон табутæй æмæ сæ царды уагыл слæууын кæнон, хъуамæ мауал уа, хъуамæ ахауа Царциаты ’хсæнæй адæймаджы хæрын, хъуамæ табутæ фесæфой Царциаты æхсæнæй, цæмæй уæ цард фæхуыздæр уа.

Ай тыххæй Къаукъазы æввахс цы адæм цардис, алчидæр цин кодта æмæ лæгъстæ кодта, сæ зонгуытыл лæууыдысты йæ разы Къаукъазæн æмæ йын дзырдтой:

— Кæд, Къаукъаз, ды уый сæххæст кæндзынæ, уæд цыдæриддæр нын бахæсджын кæнай, мах цæттæ стæм сæххæст кæныныл.

Къаукъаз сын загъта:

— Уæдæ хъуамæ уа сымахæн иу фæтк: цыдæриддæр стут, æрбацæут мæм æмæ уын æз уæ хъуыртыл къæлæттæ бакæндзынæн. Уый уыдзæнис уæ нысан. Амæй фæстæмæ хæсджын уыдзыстут, зилат Царциаты адæмы ’хсæн æмæ сын дзурат: Мах, дам, стæм Къаукъазы фæтæг [2], æмæ хъуамæ ахсæм табуты æмæ, дам, сæ хъуамæ кæнæм Къаукъазмæ.

Къаукъазы æвварс-иу чи хæцыдис, уыдон Къаукъаз йæхимæ æрбаввахс кодта æмæ сæ-иу схæсджын кодта иннæ табуты адæмтæм дæр, сæ табуты сусæгæй куыд сын дзурой Къаукъазы фæндтæ. Бынтон-иу кæуыл баууæндыдис Къуакъаз, уыдонæн-иу лæвæрдта нысæнттæ, къæлæттæ — уыдон-иу къæлæтджынтæ хуындысты.

Иу ныхасæй, къæлæтджынтæ уыдысты, иууыл æввахс чи лæууыдис Къаукъазмæ, фылдæр кæуыл æууæндыдис йæхæдæг Къаукъаз, иууыл зæрдиагæй чи архайдта Къаукъазы фæндæттыл, ахæм адæм.

Къаукъазмæ æввахс чи цардис, уыцы Царциаты адæмтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр базыдтой Къаукъазы фæндтæ æмæ ацы фæндтæ сæ табутæй сусæг дардтой, фæлæ уæддæр цыдысты Къаукъазы фæрсынмæ, куыд, дам, зæгъгæ, фæцæрæм лæджы фыд æнæ хæргæйæ, фæлæ сын Къаукъаз амыдта хорз царды раст æгъдæуттæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Къаукъазы фæндтæ Царциаты æхсæн куыд фылдæр хæлиу кодтой, афтæ фылдæр æмæ фылдæр Царциаты адæм цинтæ кæнгæйæ цыдысты æмæ къæлæтджынтæн дзырдтой:

— Баххуыс нын кæнут, мах дæр уемæ цæттæ стæм, уæ бон цы у, уымæй табуты ахсут.

Ацы хъæр, ацы ныхас тагъд æмæ тагъддæр куы пырх кодта Царциаты адæмы æхсæн æмæ табутæ иугæр къæлæтджынты нысæнттæ куы федтой æмæ уыдоны фæнд куы базыдтой, уæд уыдон дæр сæхи цæттæ кæнын байдыдтой.

Байдыдтой ахсын табуты, фæлæ замана уый уыдис, æмæ табу-иу йæхи афтæ сфидар кодта, æмæ йæ адæмы дæр-иу ничердæм уагъта, тыхджын сæ хъахъхъæдта. Уæддæр бирæтæ-иу ахъуызыдысты сæ табутæй æмæ сæ-иу уыдоны дæр къæлæтджынтæ Къаукъазмæ кодтой.

Уыцы Царциаты адæмæн, къæлæтджынтыл-иу чи баууæндыдис æмæ сæ табутæй-иу чи ралыгъдис, уыдонæн Къаукъаз дзырдта: Сымах абонæй фæстæмæ уыдзыстут уæлæсинтæ æмæ дæлæсинтæ.

Уæлæсинтæ уыдысты къæлæтджынтæй дæлдæр, дæлæсинтæ та уæлæсинтæй дæлдæр. Уæлæсинтыл уыдис фылдæр æууæнк, канд дæлæсинтæй. Уæлæсинтæн æмæ дæлæсинтæн ахæм ныфсытæ-иу æвæрдта Къаукъаз: иу табуйы чи æрбакæндзæнис, уыцы зылды адæм суыдзысты къæлæтджынтæ. Иу ныхасæй, уæлæсинтæ æмæ дæлæсинтæ цыдысты, ахстой æмæ мардтой сæ табуты æмæ сæ Къаукъаз уыдоны хизын кодта къæлæтджынтæм. Чи-иу куыд сгуыхтис, уый-иу кæнæ къæлæтджын ссис, кæнæ та — уæлæсин. Уыди-иу афтæ дæр æмæ кæд дæлæсин дзæбæх фесгуыхтис, уæд уый дæр комкоммæ къæлæтджын ссис. Иу ныхасæй, лæвæрдта сын хуызтæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Къаукъазы амындтæ ног æгъдæутты тыххæй бирæ зылдты афтæ дард айхъуыст æмæ алчидæр зæрдиагæй æххуыс кодта Къаукъазæн æмæ йе ’ууæнккæгтæн къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн æмæ дæлæсинтæн.

Къаукъазы фæндтæ кæд æвиппайды хæлиу кодтой Царциаты æхсæн, фæлæ афтæ æвиппайды дæр нæ, уымæн æмæ куыд дзырдтам, бирæ адæм уыдысты Царциатæ — хурыскæсæнæй йæ ныгуылæны онг, йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсы ’рдæм иуыл Царциатæ цардысты, фондзсæдæ мин хатт минтæй уæлдай уыдысты.

Къаукъазы тох табуты ныхмæ цыдис сæдæ азты, сæдæ азты, Къаукъазы фæндтæ иууылдæр не сфидар сты Царциаты æхсæн.

Табуты, кæцытимæ къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн æмæ дæлæсинтæн бирæ тох-иу сæ бахъуыдис æмæ кæцы табутæ-иу сæхи нæ лæвæрдтой, уыцы табуты Къаукъазмæ æгасæй-иу æрбакодтой æмæ уæд Къаукъаз йæ адæмæн-иу загъта:

— Йæ сæр ын бахуыйут, уæрмы йæ ныппарут æмæ йæ хъахъхъæнут, цалынмæ уым ма амæла.

Айхуызæн табуйæн йæ сæрыл цæфхады йас æрхуыйы гæппæл-иу бахуыдта [3] Къаукъаз, æрхуы зæгæлтæ-иу ныкъкъуырдта æмæ-иу æй стæй уæрмы ныппæрстой, цалынмæ амардаид, уалынмæ-иу уым уыдис.

Къаукъаз сарæзта зæппадзтæ, цæмæй алчидæр йæ мард уырдæм куыд хастаид. Алы бинонтæн йæхи зæппадз уыдис. Къæлæтджынтæ сæ хъус-иу дардтой, кастысты, цæмæй алчи йæ марды уым куыд бавæрдтаид, цæмæй йæ хицау ма бахордтаид йæхи марды.

Куы-иу рабæрæг ис, мард зæппадзы нал ис, уæд-иу къæлæтджынтæ марды хицауы-иу йæхи ныппæрстой зæппадзы мидæг æмæ уый уæд удæгасæй хъуамæ амардаид.

Кæд та-иу рабæрæг ис, марды бирæгъ аскъæфта, уæд раздæр-иу лæгтæ бацыдысты зæппадзмæ æмæ-иу иронвæндаг кодтой æмæ-иу æддейæ мидæмæ дзырдтой: гъе, рацу, ныр дæ рæстдзинад рабæрæг ис, æмæ зылын нæ дæ, кæд-иу нæ рацыдис, уæд та-иу устытæ æрбацыдысты æмæ-иу хъарæг кодтой, афтæ-иу хъарæг кодтой, æмæ цыфæнды мæллæг-иу уыдаид æххормагæй, уæддæр-иу йæ зæрдæмæ бахъардта устыты иронвæндаг æмæ-иу тыххæй-фыдæй рабырыдис зæппадзæй. Бирæтæн-иу сæ бон нал уыдис рацæуын сæ зæппадзæй, фæлæ адæм уыдоны дæр-иу рахастой зæппадзæй æмæ сæ-иу чи фæдзæбæх ис, чи та-иу амардис.

Къаукъазæн æввахс цы Царциатæ цардис, уыдоны æхсæн тагъд фесæфтис Царциаты цъаммар хъуыддæгтæ. Адон сæ табуты дæр аскъуыдтой, адæм дзырдтой:

— Чи у уыцы лæг, ахæм дзæбæх æгъдæуттæ чи æрымысыдис? Нæ цæстæй нын фенын кæнут, мах цæттæ стæм уымæн æххуыс кæнынмæ.

Кæд Къаукъазы адæм бырстой табуты ныхмæ, уæддæр табуты адæмæй бирæ нæ цагъдысты, уымæн æмæ куыддæриддæр-иу айхъуыстис Къаукъазы фæндтæ, уæд табуты адæмтæй бирæтæ-иу сæхи къæлæтджынты ’рдæм истой æмæ сæ табуты дæр мардтой. Сæ зæрдæмæ-иу цыдис Къаукъазы фæндтæ.

Табутæ æмæ сæ адæм-иу куы лыгъдысты, уæд фæдæг хъæнджынты-иу аппæрстой хъæдты, къудзиты бын та сывæллæтты æппæрстой, йæ бон кæмæн нæ уыдис, æмæ йæ бон дугъ кæнын кæмæн нæ уыдис, ахæм гыццыл сывæллæтты. Стæй-иу сæ Къаукъазы æфсад фæстейы куы сырдта Царциаты, уæд хъомыл сывæллæттæ та-иу сæ куы федтой лæбурджыты, æмæ хъусгонд дæр сын куы уыдис — къæлæтджынтæ, дам, сывæллæтты нæ хæрынц, уæд сæм ацы сывæллæттæ хъæдмæ-иу сæхæдæг рацыдысты къæлæтджынтæм.

Уæд къæлæтджынтæ бæлæстæ-иу ракодтой, сæ уæлæ къабузтæ-иу æрæвæрдтой æмæ сæ уæлæ сывæллæтты лæгдыхæй-иу сластой уыцы ранмæ, фос, сæгъ, фыс кæмыты-иу уыдис.

Ацы фосы сæхимæ-иу æрцахуыр кодтой, чырыстон фосы [4] та-иу бынтондæр æрбахæдзарон кодтой, кæцыты сын бирæ уыдис, æмæ афтæ хъомыл кодтой ацы ард сывæллæтты.

Бонтæ цыдысты, мæйтæ цыдысты æмæ æгас Царциатыл тагъддæр æмæ тагъддæр хъуысын байдыдта: уый хуызæн лæг разындис, лæджы хæрын чи нæ уадзы, æмæ ахæм хъуыддаг, дам-иу, чи аразы, уымæн, дам-иу, йæ сæр æрхуыйæ бахуыйы æмæ йæ уæрмы æппары.

Бирæ табу-иу уыдис æмæ-иу куы фехъуыста Къаукъазы æгъдæуттæ, уæд йæхи къахæй-иу æрбацыдис Къаукъазмæ, æрзоныг-иу кодта йæ разы æмæ йын-иу загъта:

— Дæ рын бахæрон, Къаукъаз, æз дæр разы дæн де ’гъдæуттыл цæуынæн æмæ мын радт куыст де ’гъдæуттæм гæсгæ, æмæ æз дæр афтæ кусдзынæн, архайдзынæн, де ’гъдæуттыл цæудзынæн, дзырд дын дæттын, Къаукъаз.

Уæд Къаукъаз ацы табуйæн афтæ-иу загъта:

— Ацу адæммæ, архай не ’гъдæуттæм гæсгæ, дæ хъус дар къæлæтджынтæм, уæлæсинтæм, дæлæсинтæм æмæ кæд исчи рацæуынмæ бахъава, æмæ не ’гъдæуттæ хала, кæнæ та сусæгæй байдайа лæджы фыд хæрын, уæд уайтагъд хъусын кæн махæн, къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн.

Афтæмæй-иу, мæ хур, байдыдтой кусын ацы табутæ.

Ноджы тагъд æмæ тагъд, ноджы дард æмæ дард, æгас Царциаты æхсæн айхъуыстис Къаукъазы æгъдæуттæ. Цин кодтой æмæ йæм æрвыстой лæгтæ, де ’гъдæуттыл, дам, Къаукъаз, нæ сæртæ æвæрæм, табутæ, дам, мах сурæм, марæм, дам, сæ. Мах дæр, дам, айс къæлæтджынты, уæлæсинты æмæ дæлæсинты æхсæн, æмæ Царциаты æхсæн цард æмæ уаг фылдæр сфидар кæнæм.

Смæллæг сты табуты æгъдæуттæ.

Цыдысты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ бæлæгътыл доны мидæг æмæ хъусын кодтой æгас Царциаты адæмтæн:

— Ахæм лæг, дам, фæзынд, йæ ном Къаукъаз, дам, кæмæн у, æмæ, дам, чи рауагъта æгъдау — лæджы, сывæллон хæрæн нал, цъаммар хъуыддæгтæн, дам, бынат нал ис, мад, дам, хъуамæ зона йæ фырты, хо йе ’фсымæры.

Ацы стыр хъуыддаг хъуыстис æмæ хъуыстис суанг Царциаты цæрæн бæстæты кæрæттæм.

53. Ирон

Къаукъазæн лæппу райгуырдис, кæцыйæн йæ ном схуыдта Ирон.

Цыдæриддæр уыдысты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ, алкæмæн загъта:

— Абонæй фæстæмæ не ’гъдæуттыл чи цæуа, уый хуындзæнис ирон æмæ иуыл хондзысты сæхи мæ лæппутæ иронтæ, куыд Нартийы цот.

Уый ус Нарти хуындис.

Рацыдис та рæстæг æмæ Къаукъазæн райгуырдис дыккаг лæппу дæр, кæцыйæн радта ном Къив.

Хъомыл байдыдта ацы лæппутæ.

Табуты кой сæфын байдыдта.

Цыдысты мæйтæ æмæ азтæ.

Æгас Царциатæ, цыдæриддæр уыдысты, цыдысты æмæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн:

— Мах дæр дæ фыццаг лæппуйы номыл иронтæ стæм ныр, мах аппæрстам Царциаты æгъдæуттæ.

Къаукъаз æнæнхъæлæджы стыхджын ис.

Къаукъаз æмæ Нартийæн та райгуырдис æртыккаг лæппу. Йæ ном та радтой Гæрæм.

Цыдысты йæм хурыскæсæнæй, хурныгуылæнæй, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй цыдæриддæр уыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой Къаукъазæн:

— Де ’гъдæуттæ иттæг хорз сты æмæ сæ мах исæм. Мах дæр иууылдæр стæм иронтæ, дæ хистæр лæппу ирон куыд у дæ зæрдиаг, мах дæр афтæ айс.

Рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ.

Иу ныхасæй, Царциаты адæмæн нал ис уромæн. Иуыл цыдысты куыд иу фарсæй, афтæ иннæ фарсæй Къаукъазмæ, Дзауы комыл, Дзæуæджы комыл, бæхвæндагыл.

Абон дæр ма Къаукъазы æгъдæуттæм гæсгæ баззадысты номæн ирон адæмы æхсæн Дзæуæджы хъæу, Дзауы ком. Се ’хсæн уыдис бæхы фæндаг, уымæн æмæ дзæуæджытæ цыдысты Къаукъазмæ.

Нартийæн та райгуырдис цыппæрæм лæппу — йæ ном та Гуыдзи.

Къаукъаз афтæ сфидар ис æмæ йæхæдæг зилын байдыдта, куыд йæхи цæстæй федтаид, хъуыддаг куыд уыдис, дзырдта сын — лæг хæрæн нал ис, цъаммардзинад хъуамæ фесафат.

Райгуырди та лæппу Къаукъазæн, йæ ном та — Æрмæг.

Ирон — хистæр лæппу — кæд нырма æнæхъомыл у, фæлæ афтæ дæсны у, æмæ Къаукъазæй бирæ хъадджын [1] нæу зондæй, кæд нырма лæппулæг у, уæддæр йæ къæлæтджынтæ, йæ уæлæсинтæ, йæ дæлæсинтæ фылдæрæй-фылдæр байдыдтой, стыр зæрдиагæй архайынц æмæ кусынц Къаукъазы æгъдæутты тыххæй.

Къаукъазæн йæ цæст кæйонг æххæстис, уыдон дзæбæх сфидар кодта.

Цæуын байдыдтой бæлæгътæй дæттыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æмæ æвналын байдыдтой æддæты дæр.

Къаукъазæн та лæппу райгуырдис. Уымæн та йæ ном радтой Уырси. Къаукъаз йæ хистæр лæппуйы, Ироны, арвыста къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ иумæ уыцы табуты ныхмæ, кæцытæ нырма сæхи нæ радтой Къаукъазæн, æмæ сæ адæмы тыххæй хæцын кæнынц Къаукъазы æгъдæутты ныхмæ.

Ирон йæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ байдыдта бырсын уыцы фарс табутыл, кæдæм æй арвыста йæ фыд. Уый æдде та Ирон уым хъуамæ сфидар кодтаид Къаукъазы æгъдæуттæ.

Кæд табутæ тыххæй урæдтой сæ адæмы æмæ сæ тыххæй хæцын кодтой Ироны ныхмæ, уæддæр Царциаты адæм-иу куы базыдтой, цæй тыххæй хæцы Ирон æмæ цы æгъдæуттæ хъуамæ æрхæсса, уæд-иу мингай лыгъдысты табутæй æмæ сæхи лæвæрдтой Иронæн, нал сæ фæндыди хæцын табуты æвварс.

Царциатыл айхъуыстис хъæр, иууылдæр бирæ рæттыл сæ табуты Царциатæ сæхæдæг дæр, дам, цæгъдынц.

Лæмæгъ кодта табуты тых. Уымæ гæсгæ иттæг тагъд лыгъдысты табутæй Царциаты адæм, æмæ Ироны тыхтимæ лæууыдысты. Иронтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ тыхджын æмæ тыхджындæр кодтой.

Къаукъаз Царциатимæ тохы мидæг уæлахиз куы кодта, адæймаджы хæрын куы сафта, адæмæн куы дзырдта: амæй фæстæмæ, дам, адæймаджы фыд хæрæн, дам, хъуамæ мауал уа, ног æгъдæуттæ, дам, хъуамæ æрæвæрæм, зæгъгæ, уæд ацы дзæбæх фæндтæ куы хъуыстой иннæ адæмтæ, уæд уыдон дæр цыдысты Къаукъазмæ æмæ йын дзырдтой:

— Мах дæр айс дæ лæппу Ироны номыл, куыд дæ хъæбултæ, мах дæр иронтæ уыдзыстæм.

Ноджы рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ.

Райгуырдис та лæппу Къаукъазæн, Дайран та йæ ном.

Къаукъазы лæппутæй чи хъомыл кодтой, уыдон афтæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн:

— Ауадз нæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ, Царциаты басæттынмæ.

Бонæй-бонмæ размæ цæуынц иронтæ æмæ сæ тых фылдæр æмæ фылдæрдæр кæны.

Къæлæтджынты, уæлæсинты æмæ дæлæсинты къухты кæцы Царциатæ хауынц, уыдон нал дзурынц мах, ома, Царциатæй стæм, иууылдæр дзурынц:

— Мах, дам, иронтæ стæм, мах, дам, Къаукъазы лæппутæ стæм.

Къаукъазæн, цалынмæ йæ лæппутæ нæма рахъомыл сты, уалынмæ уый нырма афтæ дæрдтæм нæ цæуы, нырма тæрсы йæ цотæн, мачи сæ адава.

Йæ урс бæхыл сбады Къаукъаз. Дзæуæджы хъæуы ’рдæм дæр акæсы, Дзауы комы ’рдæм дæр акæсы. Уый зоны: уыдон сты Царциаты кæмттæ.

Къаукъаз-иу касти йæ бæхы хъустæм æмæ йын-иу бæх хъустæ разил-базил кодта. Уыцырдæм-иу адардта йæ хъус, кæцы ’рдыгæй уыди табутимæ тыхджындæр хæст. Уымæй-иу базыдта Къаукъаз, кæцырдыгæй фылдæр æххуыс хъæуы. Бæхы хъус ын-иу амыдта.

Иу лæппу та райгуырдис Къаукъазæн. Ном ын радта Апха. Нарти — сывæллæтты хицау, цырддзæстæй кæсы сывæллæттæм æмæ сæм иттæг хорз зилы.

Кæд сывæллæттæ нырма æнахъомыл сты, уæддæр сæ фыды тагъд-тагъдæй афæрсынц:

— Нæ æрвыст æфсымæртæ кæм сты? Чи зоны, æххуыс сын хъæуы, уæд мах дæр цæттæ стæм, ма тыхс, нæ фыд Къаукъаз, кæд мах нырма æнахъомыл стæм, уæддæр де знæгтæн ницы ауадздзыстæм, æгас Царциаты мах сирон кæндзыстæм.

Йæ лæппуты æрвиты хæстмæ Царциаты табуты ныхмæ. Арвыста та Къивы хурыскæсæны фарсы ’рдæм, йемæ та йын Къаукъаз радта тыхтæ: къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты.

Уыцы рæстæджы хæцæнгæрзтæ ахæм нæ уыдысты, гъеныр цы хуызæн сты, фæлæ уыдысты лæдзджытæ, дуртæ.

Дынджырдæр уæрмытæ-иу скъахтой, сæхуыдтæг-иу дард бамбæхстысты, бæлæстæ-иу акалдтой æмæ-иу сыфтæртæ уæрмытыл бамбæрзтой.

Куы-иу бахæццæ сты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ Царциатæм, уæд-иу фæстæмæ ралыгъдысты æмæ-иу сæ фæдыл расайдтой Царциаты æд табутæ æмæ-иу афтæмæй уæрмыты нызгъæлыдысты.

Уыцы ран-иу цы Царциатæ баззадысты, уæрмыты-иу чи хаудысты, уыдонæн сæ тых-иу фæлæмæгъ æмæ сæ-иу къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æнцонтæй-иу бырстой, ахстой-иу сæ.

Уыди-иу афтæ дæр, æмæ уыдон, чи-иу баззадысты, уыдон сæ хылæй сæхæдæг цыдысты къæлæтджынтæм æмæ сын-иу лæгъстæ кодтой:

— Ма нæ амарут, мах дæр иронтæ стæм, мах дæр Къаукъазы лæппутæ стæм.

Ацыдис азтæ æмæ та Нартийæн лæппу райгуырдис Лæгкъиз.

Мингæйттæй лидзынц Царциатæ Къаукъазы къæлæтджынтæм, уæлæсинтæм, дæлæсинтæм, лæгъстæ сын кæнынц:

— Айсут нæ уе ’хсæн, нæ тыхтæ сиу кæнæм æмæ иумæ хæцæм табуты ныхмæ. Никæй уал фæнды Царциаты табутимæ цæрын.

Царциатæ цыдæриддæр уыдысты, куыд дзырдтам, иудадзыгдæр цардысты доны былтыл. Ницæуыл фæлмæцыдысты хæринагыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ.

Царциатæ доны мидæг куыд кæсаг, афтæ рацу-бацу-иу кодтой æмæ донæн йæхимидæг кæсæгты мардтой æмæ дзæбæх минас кодтой. Къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты стонгæй нæ уагътой.

Рацыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Нартийæн та райгуырдис лæппу — Лази.

Кæд нырма лæппутæ æнæхъомыл сты, уæддæр зондæй тынг æххæст сты æмæ Къаукъаз æрвиты хурныгуылæны ’рдæм ноджы иу лæппуйы — Гæрæмы.

Къаукъаз йæ æфцджытыл [2] рацу-бацу кæны уæлбæхыл, йæ бæхы хъустæм кæсы. Цыма бæх амоны, кæм иттæгдæр хæст ис æмæ зындзинад ис. Къаукъазæн уыцы бæх комкоммæ амоны, кæм иттæгдæр хæст ис, кæм дзы хъæуы баххуыс кæнын. Кæд æвзагæй нæ дзуры бæх, уæддæр йæ хъустæй афтæ амоны, цыма Къаукъаз сахуыр ис йæ нысæнттæм æмæ æмбары бæх цы амоны. Уыцырдæм Къаукъаз цæттæ кæны æхсæвæй-бонæй.

Рацыди та рæстæг æмæ та Къаукъаз ноджы æрвиты хуры ныгуылæны рахизфарсы ’рдæм Гуыдзийы æмæ Æрмæджы.

Ацыди та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъаз æмæ Нартийæн лæппу та райгуырдис. Ацы лæппуйæн та Къаукъаз æмæ Нарти ном радтой Мангол.

Кæд нырма нæма рахъомыл сты Уырси æмæ Дайран, уæддæр æрбацыдысты сæ фыд Къаукъазмæ æмæ йын загътой:

— Ауадз мах дæр, не ’фсымæртæн баххуыс кæнæм. Ратт нын къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты æмæ цæуæм не ’фсымæртæн æххуыс кæнынмæ. Æмæ иумæйагæй басæттæм не знæгты: табуты æмæ Царциаты.

Къаукъаз сæ арвыста хурыскæсæны ’рдæм.

Рæзынц кæстæр æфсымæртæ. Цæттæ кæнынц сæхи æхсæвæй-бонæй. Уаты улæфынц æмæ мæт кæнынц — не ’фсымæртæ, дам, тынг зын хъуыддаджы сты æмæ, дам, мах ам адджынæй фынæй кæнæм.

Кæд нæма рахъомыл сты, уæддæр Къаукъаз ноджы арвыста хурныгуылæны ’рдæм дыууæ лæппуйы — Апхайы æмæ Лæгкъизы.

Ацыдысты та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн æмæ Нартийæн райгуырдис та лæппу, кæцыйæн ном радтой Фарсу.

54. Иронтæ

Царциаты табутæ иннæ æддагон адæмтимæ лымæн байдыдтой, куы фæуынгæджы сты, уæд.

Къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ бонæй-бонмæ уæлдай кæнынц æмæ æлхъивынц табуты се ’мдзæхдонтимæ.

Хорз чи сгуыхынц уæлæсинтæй æмæ дæлæсинтæй, уыдон Къаукъаз комкоммæ къæлæтджынтæм схизын кæны, ирон ном сын дæтты. Иронтæ къæлæтджынтæй уæлдæр уыдысты. Иу ныхасæй, чи-иу фесгуыхт къæлæтджынтæй, уæлæсинтæй, дæлæсинтæй, уыдон-иу фæстагмæ иронтæ-иу систы.

Йæ хъуыды Къаукъазæн уый уыдис, æмæ фæстагмæ Царциаты ном хъуамæ фесæфа, иууылдæр хъуамæ иронтæ суыдаиккой.

Табутæ-иу кæй æрцахстой æмæ-иу хъаст кæуыл цыдис, цыма ацы табу хыл кæны Къаукъазы размæ, уый æдде ма лæджы фыд дæр хордта, уыцы табу-иу æрбакодтой Къаукъазмæ æмæ-иу йæ сæрыл тæнæг æрхуыйы нысан бахуыдтой æмæ-иу æй уæрмы ныппæрстой.

Къаукъазæн арфæтæ кæнынц æмæ йын дзурынц:

— Ныр дæ æгъдæуттæй нæ сывæллæттæм нæ бон у æмæ æдасæй кæсæм. Ныр сæ скъæфæг ничиуал уыдзæнис, ничиуал сæ хæрдзæни.

Цыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн та лæппу райгуырдис, Пъорту та йæ ном.

Хуры ныгуылæны галиу фарсæй дзырд æрцыдис, куыд уым æххуыс хъæуы. Къаукъаз та дыууæ лæппуйы уырдæм арвыста Лазийы æмæ Манголы.

Айхъуыстис, ома, хурныгуылæны йæ рахизфарсы, йæ галиу фарсы цыдæриддæр зæххытæ сты, уым ахаудис Царциаты хъуыддæгтæ æмæ фæзындысты иронтæ æмæ уыдон кæй фæтыхджын сты.

Къаукъазмæ ласынц дарæсæн цæрмттæ, лæгуынæй æмæ хъуынджынæй, уыдонимæ алы хæринаг: хост нартхор, хост мæнæу хæрынæн, фыдызгъæл фосы, фысы, сырды, саджы, хуыйы æмæ цыдæриддæр хъæуы, хъуынджын цæрмттæ — зымæгонæн, лопо цæрмттæ — сæрдыгонæн. Иу ныхасæй, къахыдарæс, æрчъитæ, къогъодзитæ, къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн алцыппæтæн хæссынц. Сæ къухы цыдæриддæр æфты хæринаг, урсаг уа æви æнæуый хæринаг, иууылдæр къæлæтджынтæн, дæлæсинтæн æмæ уæлæсинтæн хæссынц; теуатыл, бæхтыл, дзыгуынтыл — хурыскæсæнæй йæ рахиз фарсæй æмæ йæ галиу фарсæй, ноджы хурныгуылæны рахиз фарсæй æмæ йæ галиу фарсæй ласынц Дзауы комыл, Дайраны комыл, Дзæуджыхъæуыл.

Бæхы фæндаг сæхгæдис-иу айас теуатæй, бæхтæй, дзыгуынтæй; бæхы фæндаг иуыл-иу сæхгæдтой фæллойтæ.

Фæсивæд цыдысты сæхæдæг æмæ йын лæгъстæ кодтой:

— Мах дæр арвит къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ, кæд сын æххуыс хъæуы хæсты. Мах дæр амæй фæстæмæ иронтæ стæм æмæ дæ лæппутæ стæм. Мах разы стæм дæуæн баххуыс кæныныл, цæмæй лæгхор адæмæн, Царциатæн, сæ кой цæрæнбонты куыд фесæфа.

Цыдысты та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн та лæппу райгуырдис. Ацы рæстæджы уымæн ном радтой Кæджи.

Ацыппæт адæмимæ хуры ныгуылæны ’рдæм æрвиты иу лæппуйы та — Фарсуйы.

Бавнæлдтой стыр дæттыл хидтæ аразынмæ. Сæ уæлæ цæуынц къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ, æнцон сын у фæсте Царциаты табуты сурын [1].

Къаукъаз кæй иста йæхимæ, уыдонæн лæвæрдта нæмттæ, къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ æмæ дæлæсинтæ, иу ныхасæй сын лæвæрдта хуызтæ.

Уæлæсинты, дæлæсинты, куы-иу фесгуыхтысты, уæд-иу уыдоны хизын кодтой къæлæтджынтæм.

Царциаты адæмæй чи задысты фæсте æмæ сæ къухы чи æфтыдысты, уыдон-иу кæугæйæ-иу дзырдтой:

— Мах дæр абонæй фæстæмæ стæм иронтæ æмæ уыдзыстæм Къаукъазы лæппутæ.

Фæзындис дынджыр агтæ, фыцæн агтæ, арæзт уыдысты æрхуыйæ. Фенцон ис хæринаг аразын. Кæнæ уæдмæ къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ иуыл физонæг арæзтой.

Рацыдысты азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъаз æмæ Нартийæн райгуырдис лæппу, кæцыйæн ном радтой Алгъуыз.

Къаукъазмæ та алырдыгæй ноджы цæуы лæвæрттæ. Хæссынц ын цæрмттæ, къахыдарæс, сæрды дарæсæн лопо царм æмæ хъуынджын цæрмттæ — зымæгонæн. Адæмæн æхсызгон у æмæ афтæ аразынц, цæмæй къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ æмæ дæлæсинтæ мацæмæй схъуаг уой æмæ цырддæр, фидардæр хæцой æмæ тых кæной табуты адæмтыл, Царциатыл.

Айæппæт фæллойæн æфтауцтæ аразынц, Къаукъаз сын куыд амоны, афтæ. Дзауы комы рæзы æфтауцгæ, Дзæуджыхъæуы рæзы æфтауцгæ, Дайраны комы рæзы æфтауцгæ. Хъæдæрмæгæй аразынц æфтауцтæ, цæмæй ма бамбийой къахыдзаума, уæлæдарæс, хæринаг.

Ацы æфтауцтæ аразынц куыд хæдзаргонд, аразынц айхуызæн æфтауцтæ алы ран æмæ адон Къаукъазæн сты, куыд фидар бындуртæ, хурыскæсæны ’рдыгæй, хурныгуылæны ’рдыгæй, йæ рахизфарсы ’рдыгæй, йæ галиу фарсырдыгæй.

Тынг дæсны кусæг сты иронтæ, æмæ тынг зæрдиагæй дæсны кусджытæ кусынц.

Æрвитынц та ног æххуыстæ къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн. Алы æххуыстимæ Къаукъаз арвиты та йæ æртындæсæм лæппуйы, Пъортуйы.

Къаукъазмæ дзырд хæссынц, зæгъгæ, къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ афтæ хъæбатыр хæцынц, æмæ табутæ лидзынц сæ адæмтимæ, цартиатимæ, цæст сыл нæ хæцы. Ацы æгъдауæн хидтæ тынг æххуыс кæнынц къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн æмæ уыдон бонæй æмæ æхсæвæй хидтæ аразынц, цæмæй сæ æнцонæй дæр æййафой табуты сæ Царциаты адæмимæ æмæ сын æнцондæр уа сæ ахсын.

Æрæмбырд та ис минтæ сгуыхт лæппутæ, сæхи иронтæ чи схуыдта. Æрæмбырд сты æххуыс кæнынæн къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн.

— Мах дæ лæппутæ стæм æмæ дæ лæппутæн æххуыс кæнынмæ цæуæм, — дзурынц Къаукъазæн.

Ацы рæстæджы та Нартийæн æмæ Къаукъазæн лæппу райгуырди, Дзæхи та йæ ном.

Ацы æфсæдтимæ, ног иронтимæ та Къаукъаз радта йæ дыууæ лæппуйы. Адон ныр кæд нырма æнахъомыл сты, уæддæр сæ Къаукъаз нæ уромы. Лæппутæ сæхæдæг тырнынц æмæ уромæг дæр сæ нал ис. Афтæ цырдæй цæуынц се ’фсымæртæн æххуыс кæнынмæ.

Уыцы нæуæг адæм, сæхи иронтæ чи схуыдта, Къаукъаз та уыдонæн радта къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты нæмттæ æмæ арвыста семæ йæхи дыууæ лæппуйы Кæджийы æмæ Алгъуызы.

Адон арвыста æххуыс кæнынмæ уыцырдæм, кæцырдыгæй дзырдхæсджытæ ныхас хастой Къаукъазмæ, ома, дам, уым æмæ уым хъæуы æххуыс кæнын.

Дзырдхæсджытæ цæуынц æмæ Къаукъазмæ хæссынц дзырд — табутæ æмæ сæ æмдзу адæм Царциатæ, дам, уыйонг смæллæг сты, æмæ, дам, лидзынц къуыппытæм, æфцæджытæм. Хизынц æфцæджытæм æмæ сæхи, дам, æппарынц къæдзæхтæй. Табуты адæм сæхи дæттынц къæлæтджынтæн, уæлæсинтæн, дæлæсинтæн, сæ разы кæугæйæ:

— Ма нæ амарут, табутæ лидзынц, мах дæр иронтæ стæм, Къаукъазы лæппутæ.

Ацыдысты та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн æмæ Нартийæн райгуырдис лæппу, Алæг та йæ ном.

Æххуыс цæуы алырдыгæй ноджы. Æфтауцытæ та дзаг кæны куыд хæрдæй, афтæ дарæсæй. Зымæгон дарæс — хицæн, сæрдыгон дарæс — хицæн. Æфтауцыты бадынц бийджытæ. Куыд сæрдыгон цæрмттæй, афтæ зымæгон цæрмттæй бийынц пысултæ, афтæ къахыдарæс дæр бийынц, рæхсынц. Æрвитынц хæсты быдырмæ, хæхтæм дарæс, къахыдарæсæй, уæлæдарæсæй, хæринагæй теуатыл, дзыгуынтыл, бæхтыл.

Рацыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ, æмæ та Нарти æмæ Къаукъазæн райгуырдис лæппу Хæзар.

Ирон фæсивæд кафынц, зарынц, сæ къæхтыл нал лæууынц фырцинæй.

Къаукъаз сын ахæм æгъдæуттæ сарæзта, æмæ сæ цот фылдæрæй-фылдæр кæндзæнис Царциатæн æдасæй. Зæххы цъар сæ сæртыл исынц къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ фырцинæй — Царциатæ рæхджы скуынæг уыдзысты, зæгъгæ.

Рацыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ та йæ дыууæ фырты æрвиты Къаукъаз хæстмæ. Адон сты Дзæхи æмæ Алæг. Адонæн семæ æрвиты амæй-ай хуыздæр лæппуты — ирон фæсивæды. Æрвиты сын семæ хæринаг, дарæс, цы рæстæгæн сæ цы бахъæуа, уый бæрц.

Дзырд хæссынц дзырдхæсджытæ:

— Иттæг дард стæм, фæлæ табутæ никуал зынынц. Æддагон адæмты арæнтæм бахæццæ стæм. Фæрсынц нæ уыдоны адæм: «Цы æгъдæуттæ рæзы Къаукъазмæ?»

— Махæн не ’гъдæуттæ фыццагæй дæр сты æмæ лæг лæджы фыд хъуамæ мауал бахæра. Мах сæ цæгъдæм лæджы æфхæрджыты, сæ хистæрты, нæ сыл ауæрдæм, кæм сæ арæм æмæ ахсæм, уым сын сæ сæртыл æрхуытæ хуыйæм, уæрмыты сæ æппарæм æмæ сæ сыдæй марæм. Æддагон адæмæн ацы ныхæстæ иттæг æхсызгон уыдис æмæ нын арфæтæ кодтой.

Кæстæр лæппу кæд нырма æнахъомыл у, уæддæр куры Къаукъазæй:

— Арвит мæ, ме ’фсымæртæн баххуыс кæнон, Царциатимæ хæст хъуамæ мæныл адих уа.

Къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ сцæттæ кодта Къаукъаз йæ кæстæр лæппуйы æмæ йæ арвыста хæстмæ.

Дзырдхæсджытимæ хæссынц бонæй-бонмæ, райсомæй-изæрмæ, куыд хурыскæсæнæй, афтæ хурныгуылæнæй, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй табутæ æд Царциатæ никуал сты, æмæ сæ ном дæр фесæфтис. Кæд ма иуæй-иу рæтты ма исчи баззадис, уыдонимæ дæр тох цæуы.

Иу ныхасæй Царциатæ фесæфтысты æмæ иууылдæр иронтæ систы.

Къаукъазы тох табуты ныхмæ цыдис сæдæ азты, сæдæ азты, цалынмæ Къаукъазы фæндтæ иууылдæр нæ сфидар сты Царциаты æхсæн.

Азтæ ацыдис, мæйтæ ацыдис, бонтæ ацыдис, æмæ хæсты быдырæй раздæхтис Къаукъазы хистæр лæппу Ирон.

Йæ фыдæн дзуры Ирон:

— Арфæ ракæн хурæн — йе скæсæнæй, йæ ныгуылæнмæ, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй, иууылдæр иронтæ сты, Царциатæн сæ табутимæ кой дæр никуал ис æмæ иууылдæр бындзагъд систы. Ды, мæ фыд, Къаукъаз, мæ мад Нарти, базæронд стут æмæ уæ ныр дзæгъæл нал ныууаддзынæн. Нæ фæсивæд кæмыты æмбæлынц æддагон адæмтимæ, æддагон адæмтæ сæ фæрсынц: «Цы дзинад уæм ис, цæй тыххæй цæгъдут ацы адæмы?» Уыдон сын дзурынц: «Уымæн æмæ лæджы фыд хæрын хъуамæ мауал уа, хъуамæ сывæллон рæза æдасæй, хъуамæ хъомыл кæна, хъуамæ ног æгъдæуттæ æрæвæрæм, хъуамæ лæгхордзинад фесæфа æрмæст махмæ нæ, фæлæ сымахмæ дæр æрæвæрæм айхуызæн æгъдæуттæ».

Æддагон адæм иттæг бацин кодтой æмæ чи фехъуыста ацы ныхæстæ, лидзын байдыдтой иронтæм, Къаукъазмæ.

Æддагон адæм, нæ алыварс чи сты, уыдон дæр куы базыдтой, ахæм æгъдæуттæ кæй æрхаудис, лæджы хæрын кæй нал хъуамæ уа, уæд сæ хистæртимæ тох байдыдтой, цæмæй лæгхордзинад мауал уыдаид æмæ ног æгъдæуттыл хъуамæ уыдон дæр байдайой цæрын сæрибарæй.

Табутæй фервæзтысты Ирыстоны.

Къаукъаз йе ’стдæс лæппумæ æрдзырдта, фæстæмæ сæ хæдзармæ æркодта, сарæзта æстдæс фæлысты нысантæ — иуыл æртын æхсæз æмæ сын загъта:

— Сымах æрвитын æгас Ирыстоны хъахъхъæнынмæ. Ацæут хурыскæсæны ’рдæм, йæ рахизфарсы ’рдæм, йæ галиуфарсы ’рдæм, хурныгуылæны ’рдæм, йæ рахизфарсы ’рдæм, йæ галиуфарсы ’рдæм. Дæттын уын бынæттæ, æрвитын уæ бынæттæм. Уæ бынæтты хъуамæ ирон фæсивæдæй æфсад саразат, кусгæ дæр хъуамæ кæной ацы æфсæдтæ æмæ хъахъхъæнгæ дæр хъуамæ кæной йæ алыварс. Абонæй фæстæмæ нал уыдзысты нæдæр къæлæтджынтæ, нæдæр уæлæсинтæ, нæдæр дæлæсинтæ. Дæттын уын æгъдауæн æмæ фæткæн: аразут зæппадзтæ — хæдзары цал удгоймаджы уыдзæн, уал. Афтæ саразут зæппадз, æмæ лæгбæрц куыд уа зæппадзы æрхуыссæнтæ. Бинонты цал райгуыра, уал ног зæппадзы сарæзтæуа. Галиудзинад чи кæна, уыдон удæгасæй хъуамæ ныххизой зæппадзмæ æмæ афтæ хъуамæ амæлой. Кæд зæппадзы чи бахауди, уымæн фæстагмæ рæстдзинад разына, уæд зæрæдты бакæнут æмæ уыдон сын хъуамæ зæгъой: «Тæрхонмæ гæсгæ ды зылын дæ, рахиз зæппадзæй æмæ адæмы æхсæн æрзил, бакус, куыд иннæтæ». Кæд зæрæдты ныхасмæ нæ æрцæуа, уæд сылгоймæгтæй саразут иронвæндаг æмæ уыдон хъарæджы рæстæджы дзурдзысты: «Ды мæлæтæн æвгъау дæ, ды бахаудтæ зынджы хуымæтæджы, цæрынхъуаг дæ, рахиз æмæ дæ адæмимæ, ирон адæмимæ цы дзырд радтай Къаукъазæн — æз дæн ирон, зæгъгæ, æмæ хъуамæ цæрон ирон дзыллæимæ Къаукъазы æгъдæуттыл. Хъуамæ рахизай». Кæд та сын нæ рахиза, уæд та йæм ноджы иронвæндаг кæнынц зæронд лæгтимæ æмæ йын лæгъзтæ кæнынц.

Кæд йæ бон нал у æмæ уыйонг ахауди, уæд æм æрвитынц фæсивæды æмæ йæ рахæссынц æддæмæ æмæ йын æххуыс кæнынц, кæд ма, дам, раздæха. Кæннод, кæд амæла, уæд фæстæмæ зæппадзы æвæрынц.

Иу ныхасæй, Къаукъаз йæ лæппуты адих кодта æгас Ирыстоныл, хæйттæ сын радта, æгас Ирыстоны байуæрста йе ’стдæс лæппуйæн.

Алы ран, Къаукъазы лæппутæ кæм сты, уым Къаукъазы лæппутæн æвзæрст лæгтæ чи сты, æууæнкджын лæгтæ æмæ уыдоны расидтмæ чи нæ байхъуса, уыдон дæр хъуамæ зæппадзы ныххауой.

Кæд йæхæдæг, æвзæрст лæг, æууæнкджын лæг исты галиудзинад сараза Ирыстонæн, уæд Къаукъазы лæппутæн йæ фыдæй бар ис æмæ ахæм æвзæрст æууæнкджын лæджы дæр ныппара зæппадзы.

Къаукъаз цы æстдæс фæлыст нысæнттæ сарæзта йе ’стдæс лæппуйæи, уыдонæй алы фæлыстæй иутæ ныууагъта йæхимæ, иннæтæ радта лæппутæн æмæ сын загъта: «Уый уын нысæнттæ, ахæссут, иутæ сымах уæнт, иннæтæ — мæнмæ. Исты зындзинады куы ныххауат, уæд мын ацы нысан æрвитут æууæнкджын лæгимæ æмæ уæ уæд æз базондзынæн, кæцы лæппу бахауд зындзинады. Кæд уæм цин, хорздзинад уа, уæддæр мын хъусын кæнут. Хистæр лæппу Ирон, Къаукъаз куы базæронд, уæд хæдзары баззадис.

Æхсæв æмæ бон рæзынц хъæутæ, сахартæ. Æгас Ирыстоны уыцы хорздзинæдтæ, дæсныдзинæдтæ, кæцытæ уыдис Царциаты адæмтæн, баззадис æгас Ирыстоны: хæдзар аразыны дæсныдзинад, бæлæгътæ аразыны дæсныдзинад. Æфсæйнаг аразындзинад дæр фæзынд Къаукъазæн. Ацы дæсныдзинады фæрцы æхсæвæй-райсоммæ фæзынын байдайы сахартæ æмæ хъæутæ.

Хъусынц ацы хорз æгъдæуттæ æмæ куыстытæ Ирыстонæй æддæдæр цы адæмтæ цæрынц, уыдон æмæ сæм цæуынц Къаукъазы æрвыст лæппутæм æмæ сæ курынц:

— Æрцæрæм мах дæр ам. Мах дæр фæнды иронтæ суæвын, мах дæр фæнды уе ’гъдæуттыл цæрын, мах дæр фæнды нæ сывæллæтты схъомыл кæнын, куыд иронтæ.

Цæвиттон хъуыддагæй, махæй æддæдæр уыдысты иннæ адæмтæм хистæртæ, кæцытæн сæ нæмттæ уыдис Къамбиз æмæ Псаманит [2]. Псаманитæн уыдис цъусдæр адæм æмæ уыдис иу лæппуйы хицау. Къамбизæн та зæнæг нæ уыдис, уæд æрæмысыдис Къамбиз æмæ Псаманитмæ уазæгуаты бацыдис, кæд, дам, мын йæ лæппуйы аргæвдид, уыцы хъуыдыйæ. Псаманит Къамбизæн иттæг хорз бафысым ис, фæлæ йын йæ иунæг лæппуйы уæддæр нæ аргæвста. Къамбиз куы аздæхтис, уæд бартхъирæн кодта:

— Ды мын хорз фысымдзинад нæ радтай мæнæн, зæгъгæ, гъеныр æз дын схос кæндзынæн, дæ лæппуйы дын мæхæдæг аргæвддзынæн.

Ирыстонæн йæ ном куыннæ айхъуыстис æддагон адæмтæм дæр æмæ сæ хистæрты онг дæр, ома, Ирыстоны адæмы æргæвдæн, дам, нал ис.

Уымæ гæсгæ Псаманит стардта йæ лæппуйæн йемæ йæ фæллой, цыдæриддæр уыдис, сæвæрдта теуатыл, дзыгуынтыл, бæхтыл æмæ йæ лæппуимæ рарвыста, уыцырдыгæй æввахсдæр чи уыдис, Къаукъазы уыцы фыртмæ æмæ йын лæппу загъта:

— Курын дæ, уый дын мæ фыды фæллой, цыдæриддæр у, уый дын мæ адæм. Сымах стут æстдæс æфсымæры æмæ мæн дæр айсут нудæсæм æфсымæрæн. Мæ фыды фæллой цыдæриддæр у, уыдон дæр сымахмæ хæссын. Къамбиз нæм æрцыдис æмæ хъуамæ мæ фыдæн мæн аргæвдын кодтаид, куыд уазæгæн.

Къаукъазы лæппу йæхи æууæнк лæгæн радта йæ нысан æмæ Псаманиты лæппуйæн загъта:

— Ацу мæ фыдмæ æмæ акæн демæ ацы лæппуйы дæр, фæллой ам баззайæд.

Йæ фыдæн ныстыдта [?]: «Йæ адæмтæ дæр мæнмæ радта. Гъеныр дын цы аскъуыддзаг кæна мæ фыд, ууыл баззайдзæн».

Æрцыдысты Къаукъазмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ сæрæй йын акуывта лæппу, йæ зонгуытыл æрлæууыди, балæгъстæ кодта, загъта йын:

— Дæуæн ис æстдæс лæппуйы æмæ дæ курын, мæн дæр айсай нудæсæм лæппуйæн.

Ноджы йын радзырдта, цæй тыххæй ралыгъдис хæдзарæй, радзырдта йын Къамбизы хъуыддаг.

Къаукъазæн ацы хъæстытæ куы ракодта лæппу, уæд ын Къаукъаз загъта:

— Исын дæ, ды уыдзынæ мæнæн нудæсæм лæппу, дæ ном уыдзæнис Саулæг. Æрвитын дæ мæнæ мæ лæппумæ йæ нысанимæ фæстæмæ, цæмæй Псаманиты адæмы йæхимæ æрбакæна, йæ адæмы йын Иры фæсивæдимæ схæццæ кæна, Къамбизы ныппырх кæна, йæхи йын æрцахса Къамбизæн æмæ мын ардæм æрхæццæ кæна.

Цалынмæ уыдон ныххæццæ уыдаиккой Къаукъазы лæппумæ, уалынмæ Къамбиз базыдта Псаманиты лæппу кæй ацыдис Ирыстонмæ, Къаукъазмæ хъаст кæнынмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Къамбиз схæцыдис æмæ йæхи доны баппæрста.

Ацы æппæт адæм, Иры фæсивæд æмæ Псаманиты адæм куы балæбурдтой Къамбизы адæммæ, уæд уыдон загътой:

— Къамбиз нал ис, фæлæ мах нæхи дæттæм Къаукъазы адæмæн. Махæн тынг æхсызгон у, уæ къухы кæй бахаудыстæм æмæ уе ’гъдæуттыл кæй цæрдзыстæм. Махæн æхсызгон у, Къамбиз йæхи доны кæй баппæрста.

Уæд Къаукъазы лæппу йæхимæ райста Къамбизы æмæ Псамаииты адæмты æмæ сын хистæрæн баурæдта Саулæджы. Уыдон дæр уыцы æгъдæуттыл баурæдта, цы ’гъдæуттæ йын Къаукъазæй дзырдгонд уыдис.

Рацыди та рæстæг. Къаукъаз иттæг смæллæг ис, рацарди фондзсæдæ азы, фæлæ йæ лæппу Ирон, кæд уый дæр базæронд ис, уæддæр йæ фыды фæдзæхстытæ йæ бон у нырма æххæст кæна.

Амардис Къаукъаз.

Рацыдысты та бирæ азтæ, мæйтæ, бонтæ. Нарти дæр амардис. Ирон архайы. Нартийы цот сбирæ сты, мæ хур. Бирæ цот сын баззадис.

Ирон дæр амардис.

Рацыдысты та бирæ азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазы лæппутæ дæр иууылдæр фæмардысты рæстæгæй-рæстæгмæ, фæлæ сæ цот, Нартийы цот, баззадис. Уыдон сбирæ сты. Абон дæр ма Ирыстоны хъуысы Нарты цот бирæ кæй уыдысты, уый.

Нартийы цотæй разæй чи ацыдаид, схистæр уыдаид Ирыстоны, уый уыдис Гуыдар.

Гуыдар афтæ арæзта Ирыстоны æмæ куыд Къаукъаз. Цыдæриддæр æгъдæуттæ фæлтау ныууагъта, уыдоныл фидар хæцыди Гуыдар. Кæд æмæ Къаукъаз æфсæнгарз кусæндæттæ, хъæдæрмæджы кусæндæттæ, пысулы кусæндæттæ арæзта, уæд Гуыдар уымæй уæлдæр ницы сарæзта.

Хистæрдзинад кодта Гуыдар. Алырдæм цыдис Гуыдар æмæ афтæмæй хистæрдзинад кодта. Гуыдармæ дæр афтæ цыдысты, куыд Къаукъазмæ, айсут нæ, зæгъгæ, Ирыстонмæ. Мах дæр, зæгъгæ, сымах æгъдæуттыл архайдзыстæм. Ныр ма, дам, махмæ афтæ рæхджы нæ фесæфдзæнис лæгхордзинад æмæ нæ мах фæнды нæ сывæллæтты, нæ цот рахъомыл кæнæм, куыд иронтæ.

55. Басыл æмæ Олгъа

Нарты фæсивæдæй иу усæн райгуырдис лæппу. Уыцы усæн мой нæ уыдис. Ацы рæстæджы, Гуыдары хистæрдзинады рæстæджы, уыдис иу ус, йæ ном Тæраз.

Алы фисынæй йæм цыдысты, фарстой йæ зонд. Кæд дæсны нæ уыдис Тæраз, уæддæр алцыппæт дæр хорз амыдта.

Тæразмæ бацыдис уыцы ус æмæ йын загъта:

— Нарты цотæй иу лæг мын тыхми бакодта æмæ мын лæппу райгуырдис. Нæдæр мæ фæнды зæппадзы бахауын, нæдæр мæ фæнды мæ лæппуйы амарон. Дæумæ æрбацыдтæн. Цы мын баххуыс кæндзынæ, цы мын бацамондзынæ?

— Æрбахæсс мæм дæ сывæллоны, хъуамæ йæ басгарон, мæ барæнæй йæ сбарон.

Ус æхсæвыгон сусæгæй æрбахаста йæ сывæллоны Тæразмæ.

Барæны уæлæ сæвæрдта Тæраз ацы сывæллоны, Тæразæй рауын-бауын фæкодта ацы сывæллоны æмæ йын усæн дзуры:

— Дæ сывæллон диссаджы лæгдæр хъуамæ рацæуа. Уый тыххæй хъуамæ сархайæм, сывæллон цæмæй удæгасæй баззайа æмæ рахъомыл уа.

Уыцы рæстæджы æндæр сыхы иу усæн йæ лæппу амардис, мард сывæллоны йас уыдис æмæ йын зæгъы Тæраз усæн:

— Сом уыцы гыццыл лæппуйы мард сæхи зæппадзмæ бахæсдзысты. Дыккаг бон йæ мады зæрдæ нæ фæлæудзæнис æмæ иттæг раджы кæугæ бацæудзæнис зæппадзмæ. Цалынмæ уый нæма бацæуа, уалынмæ ды хъуамæ схæцай æмæ бацæуай уыцы зæппадзмæ, æмæ уыцы мард сывæллоны уыдон мидæг батух æмæ уым æрæвæр дæ сывæллон. Мард сывæллоны та ахæсс исчердæм хъæдмæ, уым баныгæн, куыд ницы йæ скъаха, арф. Дæ хъус дар дардæй. Ацы хъуыддаг ды хъуамæ саразай уалынмæ, цалынмæ уыцы ус нæма бацыдис зæппадзмæ æмæ хъуамæ дæ хъус дарай цы аразы, цы ми кæны, уыцы ус.

Марды мад бацыдис æцæгдæр иттæг раджы, зæппадзы уæлхъус кæуы мидæмæ. Мидæгæй йæм сывæллоны кæуын райхъуыстис. Ус йæхи баппæрста зæппадзмæ. Кæсы æмæ сывæллон кæуы. Фелвæста йæ цæй мидæг уыдис тыхт, уыимæ æмæ уыны сывæллон куыд тыхт уыди, афтæ уыдон мидæг тыхт уыдис ноджыдæр.

Чи амардис, уыцы сывæллоны ном хуындис Басыл.

Хъуыстгонд уыдис уыцы фисынæн Тæразы хъуыддæгтæ æмæ зондджындзинад.

Араст ис ус æд сывæллон æмæ Тæразмæ ныццыдис:

— Дæ хорзæхæй, Тæраз, зæгъ мын: ацы сывæллон мæн у æви нæ? Ды мын раст зæгъдзынæ. Мæ сывæллон знон мардæй бавæрдтон зæппадзы æмæ абон райсомæй бацыдтæн æмæ кæугæйæ баййæфтон ацы сывæллоны æмæ мын зæгъ раст: мæн у ацы сывæллон æви нæ?

Тæраз ын загъта:

— Ды нырма афтæ нæ базæронд дæ æмæ дæ сæры зонд ацæуа. Лæппу дæу у, кæй зæгъын æй хъæуы. Бакæс-ма иудадзыг дæ хуызæн куы у цæстæй, æрфыгæй. Гъа ныр ма мæ хъæуы, хъуамæ басмудон дæ дзидзитæм æмæ сывæллонмæ дæр.

Тæраз смуды сывæллонмæ дæр æмæ усы дзидзитæм дæр.

— Ацы хорз ус, мыййаг, ды смаг не ’мбудыс, уæ дыууæ дæр иу буары смаг кæнут. Дæ лæппуйæн йæ ном цы хуыйны?

Мад ын дзуры:

— Мæ лæппу хуыйны Басыл.

— Барæныл мын æй æрæвæр.

Стæй йæ къухтæм æй систа Тæраз сывæллоны æмæ загъта усæн:

— Мæнæ хорз ус, дæ лæппу Ирыстоны хуыздæр лæг ралæудзæнис, фæлæ йæм дзæбæх базил. Дæ бон цы уа, мацæуыл ын бацауæрд. Айхуызæн гуырдтытæ Ирыстоны афтæ арæх нæ гуырынц, фæлæ дæ бон циу, уымæй йæм дæ хъус æрдар. Куыд хъомыл кæна, афтæ мæнæн дæр хъусын кæн, дзæбæх у, æнæниз у, рынчын у, уæддæр мын хъусын кæн.

Ус сывæллоны ныхъхъæбыстæ кодта, апъатæ йын кодта æмæ йæ ахаста йæ хæдзармæ.

Æрбацыдис йæ æцæг мад æмæ йын дзуры Тæразæн:

— Дæ рын бахæрон, цы бацис, цы хуызæн у мæ лæппу?

— Дæ лæппуйы æз дзæбæх федтон, сбарстон æй. Уый рацæудзæнис Ирыстоны аргъ лæг. Йæ нæуæг мадæн æй бауарзын кодтон. Бауырныдта йæ æцæгдæр, ай йæ хъæбул у, уый, фæлæ уый сывæллоны афтæ арф хъуамæ баныгæнай æмæ никæцæй разына.

— Ма тæрс, Тæраз, дæ рын бахæрон. Æз дæ разы зоныгыл кæнын, ацы дзæбæхдзинад кæй аразыс сылгоймагæн æмæ Ирыстонæн. Уыцы сывæллон ахæм ран бавæрдтон, æмæ хæхтæ куы ракæлой, уæддæр ничи базондзæнис, уымæн æмæ цалынмæ хæхтæ ракæлой, уалынмæ сывæллон дæр йæхæдæг сыджыт уыдзæнис.

— Мады зæрдæ сывæллонæн иттæг адджын у. Æз ын загътон, куыд-иу æрбацæуа уыцы ус арæх мæнмæ æмæ мын хъусын кæна, куыд уыдзæнис сывæллон. Куы дын-иу дæм хъусын кæнон, уæд-иу æрбацу, куыд уазæг æмæ-иу дæ сывæллонмæ дæр бакæс. Дæ бон у, дæ къухмæ дæр æй сисай, куыд уазæг æмæ йыл бацин кæнай.

Лæппу рæзы, кæд исчи рæзы азтæй, уæд уый мæйтæй æмæ къуыритæй рæзы, уыйас.

Рацыдис рæстæг, азтæ æмæ лæппу ссис фынддæсазыккон, хъазынхъом ссис йе ’мгæрттимæ.

Басыл йе ’мбæлттимæ фылдæр уарзта хъæлæй хъазын.

Басыл рæзы, дынджыр кæны, æстдæсазхъом ссис. Хъæлæй хъазыдис. Йæ хъæл ныкъкъуырц кодта æмæ хъæл атылдис æмæ иу чызджы къахыл сæмбæлдис.

— Ай, дæлæ лæппу, де схæссæг мауал схæссæд æндæр, мæ къах мын асастай. Кæд уый хуызæн сгуыхт дæ, уæд цыппар æмæ ссæдз цæугæдæтты уыцы фарс хурыскæсæны рахиз фарс цы мæсыг ис, уым мæсыджы мидæг ахæсты бады Гуыдарæн рæсугъд чызг Олгъа, кæцыдæр Гуыдарæн усæн нæ бакуымдта. Кæд дæуæн уыйас дæ бон у, æмæ ахæм сгуыхт дæ, уæд уый дæхицæн усæн æркæн, — загъта чызг Басылæн.

Гуыдарæн йæ ус раджы амардис, нырма лæппу уыдис, афтæмæй. Гуыдарыл цæуы дыууæсæдæ азы. Олгъайыл та æхсæрдæс азы. Мæгуыр мады æмæ фыды чызг уыдис Олгъа, Нарты цотæй æмæ Гуыдарæн усæн нæ бакуымдта.

Олгъа афтæ рæсугъд уыдис, æмæ æхсæвыгон-иу куы ракастаид æддæмæ, уæд бæстæ ныррухс-иу, куыд хурæй, æмæ алыварс чидæриддæр цардысты, иууылдæр-иу райхъал сты æмæ-иу базыдтой, хорздзинад кæй ницы ис: Олгъамæ кæнæ скъæфджытæ æрбацыдысты, кæнæ тынбиджытæ, уымæн æмæ Гуыдар афтæ фидарæй дардта æмæ ахæм хъхъхъæнджытæ уыдис йæ мæсыджы алывæрсты, æмæ Олгъа хуымæтæджы нæ ракастаид дуармæ.

Олгъайæн йæ фыдæй йын баззадис иу нысан байраг, байраджы æддæ ма йын ноджы баззад диссаджы æрттиваг нысан æрдæг мæйы хуызæн.

Олгъайы фыд куы мардис, уæд ын афтæ загъта:

— Мæ чызг, уадзæм дын ацы байраджы æмæ ацы æрдæгмæйы хуызæн нысан, кæцыдæр хурау æрттивы. Мой куы скæнай, мæ чызг, уæд ацы нысан дæ мой йæ рахиз риуыл æддейæ бахуыйæд æмæ йæ уæлæ уæд, цалынмæ удæгас уа.

Ацы байраг та æнæмæнгæй дæр хъуамæ акæнай дæ моймæ æмæ хъуамæ бæхæн сбæззын кæнат. Цалынмæ удæгас уат, уалынмæ йæ ма ныууадзут. Уый дæр хъуамæ сымахимæ амæла.

Уыцы æхсæв Басыл схуыссыдис, ныддаргъ сты йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ, цыма æгас дæс азы хуыссы, афтæ.

Райсом сыстадис æмæ йæ мадæн загъта:

— Нана, æз дард фæндагыл цæуын æмæ æрæгмæ куы здæхон, уæд маст ма кæн.

— Цы? Дардмæ цæуыс? — Йæ мад ын дисгæнгæйæ загъта, — æмæ дæ чи æрвиты? Гуыдар дæ, мыййаг, исчердæм æрвиты?

— Нæ, нана, нæ, Гуыдар мæ ничердæм æрвиты. Мæнæн мæхи сæрмагонд хъуыддаг ис æмæ уый тыххæй цæуын.

Араст Басыл, фæцæуы. Йæ мад йæ фæстæ рацыд æмæ кæуы, йæ фисхъæд къухтæй йæ цæссыгтæ сæрфы. Басыл ын дзуры:

— Ма ку, нана, аздæх хæдзармæ, æз цы хъуыддаджы тыххæй цæуын, уый дæуæн дæр æхсызгон уыдзæнис.

Басыл араст æмæ фæцæуы. Йæ мад баздæхт фæстæмæ æмæ гуым-гуым кæны йæхицæн:

— Нырма цы кæнон, куыд цæрдзынæн? Сывæллон схъомыл кодтон æмæ, гъе, ныр схæцыдис æмæ цæуы. Кæдæм цæуы, ницы йын зонын. Афтæ зæгъон: усгур цæуы исчердæм, уæд нырма æнахъомыл у. Иуыл ыл цæуы ссæдз азы, æндæр нæ. Цæй, йæ амонд хорз уæд. Цæмæдæриддæр цæуы — йæ амонд хорз æмæ ифтонг уæд, æмæ йын хæлар уæд мæ дзидзийы хуыпп, — æмæ ус йæ дзидзитыл хæцы.

Басыл цæуы. Кæм бæлæгътыл, фурдтыл æмæ стыр цæугæдæттыл дæр. Кæм дæттæ нæй, уым бæхтыл.

Фæнымадта Басыл цыппар æмæ ссæдз дынджыр цæугæдоны. Бахæццæ ис цалдæр боны фæстæ хурыскæсæнæн йæ рахиз фарсы ’рдæм стыр цæугæдоны былмæ.

Дæ бон нæу фалæмæ ахизай, кæд дæм Гуыдарæй нæ уа нысан. Гуыдар дæр, куыд Къаукъаз, куы-иу арвыста искæй хъуыддагмæ, уæд ын-иу йæ нысан лæвæрдта.

Æрфарстой Басылы доны былы чи лæууыдысты, уыцы бæлæгъты хъахъхъæнджытæ:

— Чи дæ, цавæр дæ, кæй æрвыст дæ?

Басыл сын загъта:

— Æз дæн мæгуыр лæг, рацыдтæн æмæ мæ фæнды иттæг хорз бакусон бæлæгъы уæлæ.

Æмæ иннæтæ йæ фæрсынц:

— Кæд дæ афтæ фæндыдис, уæд нæ хистæрæй, Гуыдарæй, нысан цæмæн нæ рахастай?

— Гуыдар дард ис æмæ æз та ам æввахс дæн æмæ цалынмæ Гуыдармæ ныццыдаин, æз æххормагæй амардаин.

Уый размæ бонты цалынмæ Басыл уырдæм бацыдаид, уалынмæ сын-иу дзæбæх бæлæгъ скъæрæг амардис.

Бæлæгъы кусджытæ лæппуйы бафæлвæрдтой æмæ загътой:

— Кæд æм Гуыдарæй нысан нæй, уæддæр куыд зыны — лæппу иттæг хорз зоны бæлæгъимæ архайын æмæ хорз бакусдзæнис.

Айстой Басылы сæхимæ кусынмæ. Фалæрдæм хизы æмæ ацырдæм дæр арæхсы, хорз нæ, фæлæ уæлдайдæр хорз.

Басыл куысты-иу куы вæййы, уæд-иу мæсыджы алыварс рацу-бацу кæны æмæ хъахъхъæны, бæрæг кæны, куыд бацæуа, кæцæй йæм ис бацæуæн æмæ куыд æнцондæр уыдзæнис мæсыгмæ бацæуын.

Басылы рæхджы бæлæгъты хистæрæй снысан кодтой, фæлæ Басылы хистæрдзинады мæт нæй. Уыйонг уымæн йæ хъуыдыйы ис — рæсугъд Олгъа йæ къухы куыд бахауид.

Цæуынц бонтæ, мæйтæ, азтæ æмæ Басыл бирæ хорздзинад æмæ нывæзт сбæрæг кодта. Фæлæ йе ’намонддзинад уый у, æмæ бæлæгътæ изæрæй нал кусынц æмæ æхсæвыгон бæлæгътæ-иу бауромынц мæсыджы ’рдыгæй æмæ сын хъахъхъæнджытæ вæййы, мачи сæ аласа, мачи сæ суадза, ма сызмæлой.

Алы бæлæгъæн дæр йæ хъахъхъæнæг хицæнæй уыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, Басыл иттæг хорз сбæрæг кодта йæ фæнд.

Басыл мæсыджы хъахъхъæнджыты, Олгъайы хъахъхъæнджыты куыд сбæрæг кодта, афтæ сбæрæг кодта мæсыджы дуæрттæ дæр, уымæн æмæ дуæрттæ-иу куы бакодтой, уæд хъинц-хъинц кодтой æмæ æгас адæм, хъахъхъæнджытæ æмæ иннæ адæм дæр, мæсыджы алыварс чи цардысты, уыдон райхъал-иу сты.

Басылы къухы бафтыдис дæс барæны сой, уæрдæхтæ [1]. Уæрдæхтæ йæ хъæуынц хъахъхъæнджыты бæттынæн.

Æмбисæхсæв куы ссис, уæд Басыл йæ куыстыл ныллæууыдис. Мæсыгæн йæ алыварс ис фондз хъахъхъæнæджы. Басыл йæхи баппæрста хъахъхъæнæгмæ, сбаста йын йæ къухтæ, йæ къæхтæ уæрдæхтæй.

Хъахъхъæнджытæ кæрæдзимæ дæрддзæф кæй лæууыдысты, афтæмæй ницы зонынц сæ кæрæдзийы ахсыны хъуыддагæн. Дыккаг хъахъхъæнæгыл дæр афтæмæй йæхи баппæрста æмæ уый дæр афтæ тагъдæй бабаста къахæй, къухæй. Сæ дыууæйы иумæ сбаста æмæ сын дзуры:

— Ма сыбыртт кæнут, æндæра доны уæ афтæ бастæй баппардзынæн.

Æртыккаджы дæр афтæ бабаста уæрдæхæй — къахæй æмæ къухæй. Дыууæ æмбалмæ йæ æрбахаста æмæ йæ уыдоныл бабаста, æмæ уымæ дæр афтæ бартхъирæн кодта.

Цыппæрæммæ дæр афтæ бахъуызыдис æмæ уый дæр бабаста, æрбакодта йæ æртæ баст æмбалмæ. Уый дæр уыдоныл бабаста æмæ йын загъта:

— Ма сыбыртт кæнут, æндæра уæ иууылдæр доны баппардзынæн.

Фæндзæммæ дæр бахъуызыдис, йæхи йыл баппæрста, сбаста йæ уæрдæхæй, æрбаласта йæ йе ’мбæлттæм, бабаста уыдоныл æмæ уымæ дæр бартхъирæн кодта:

— Ма сыбыртт кæнут, æндæра уа доны баппардзынæн æмæ уым ныххуыдуг уыдзыстут.

Басыл сойæ байсæрста дуары зилæнтæ, ома, ма схъинц-хъинц кæна. Баст хъахъхъæнджыты, нæ баууæндыди йæ бæстытыл, мæсыджы кæртмæ баласта æмæ сæ фидар бабаста дынджыр зæронд бæласыл, кæцыдæр уыдис мæсыджы кæрты.

— Æгас цу, мæ амонд, — загъта Басыл чызгæн. — Æгъгъæд дын у ам ахæсты бадын, цæугæ!

— Чи дæ, цавæр дæ, кæцæй æрбатахтæ, чи дæ æрбауагъта ардæм, æви фæцагътай уыцы æппæт хъахъхъæнджыты, кæй тæригъæды бацыдтæ?

— Æз никæй тæригъæды бацыдтæн, æз никæй нæ амардтон, æз мæхи адæмæн сфæхъау [?] кодтон, мæ бон цы бауа, уымæй сын хъуамæ баахъаз кæнон æмæ зæрондмæ хъуамæ уон хосæн адæмæн. Кæс-ма дæхæдæг, ауал азы ахæсты бадыс, æмæ мæхи ауæлдай кодтон æмæ дæу хъуамæ фервæзын кæнон ацы ахæстæй. Нырма ды дæр сонт чызг дæ æмæ æз дæр нырма сонт лæппу дæн. Фæлæ мæм уыйас зонд ис, æмæ хъуамæ адæмæн балæггад кæнæм æз дæр æмæ ды дæр иу зондæй, иу къухæй, иу фæндæй.

— Фæлæуу-ма, уæдæ, мæнæн мæ фыд иу байраг ныууагъта, ныр уый дæр хъомыл у махау æмæ уый дæр бафæрсæм.

Бæхмæ бацыдис чызг Олгъа æмæ йын зæгъы:

— Æрбацыдис мæм лæппулæг, нæ хъахъхъæнджыты иудадзыгдæр басаста.

Байраг дзуры:

— Уæдæ цæттæ кæн дæхи, ардæм чи ’рбацыди, уый мæнæн барæгæн дæр сбæздзæнис æмæ дæуæн дæр мойæн. Гъеныр æрæджы мауал кæнут.

Чызг йæ фыдæй йын цы саргъ баззадис, уый рахаста. Ифтындзы Басыл байраджы.

Цалынмæ уый байраджы ифтыгъта, уæдмæ йын чызг рахаста, йæ фыд ын цы ныууагъта, уыцы нысан, æмæ йæ риуыл хуыйы. Ныррухс кодта талынг мæсыджы уыцы нысан, хурæй фыддæр.

Ацы ’рттывдмæ цыма змæлын байдыдтой адæм, фæлæ чызг нысан батыхта цармæй хисæрфæны æмæ йæхи дæр бамбарзта кæрцæй, цæмæй сæ рухс мауал цæуа.

Бæхы раластой мæсыгæй, йæ уæлæ сбадтысты. Цыма змæлын байдыдтой адæм дæр, базыдтой сæ. Доны был ныллæууыдысты æмæ сын гæнæн нал уыдис. Бæлæгъгæстæ дæр сæ базыдтой.

Уæд сын бæх зæгъы:

— Ма тæрсут, чызджы рон æрбадарут мæ фындзы хуынчъытæм.

Чызджы рон бадардта Басыл бæхы фындзмæ. Бæх ныххуыррытт кодта æмæ фæндаг фестади доны уæлæ.

Басыл йæ астæумæ куы бахæццæ ис, уæд ныхъхъæр кодта:

— Абонæй фæстæмæ ацы ахизæн у Рон [2].

Агæпп ластой уыцы фарсмæ, фæлæ фæдис схъæр сты. Бæх сын дзуры:

— Ма тæрсут, фæстæмæ ма кæсут, уыдон мах нæ раййафдзысты. Бæх гæпп кæны хохæй-хохмæ, быдырæй-быдырмæ, фæлæ хъусы фæдис тыхджынæй-тыхджындæр кæны. Фæдис уыди доны былы цæрджытæй, кæцытæн уыдис сæ хистæртæ (хъахъхъæнджытæ) Нарты цæуæтæй.

Бæх цæуы æмæ цæуы. Уæд сын бæх дзуры:

— Ма тæрсут.

Къаукъазы æфцæджытæ куы разындысты, уæд сын бæх ноджы дзуры:

— Доныл раст фæндаг.

Басыл æмæ Олгъа сæхи æрбаппæрстой Къаукъазы фидæрттæм. Уым æрхызтысты рæстæгмæ.

Гуыдар уарзта Хъырымы цæрын æмæ уым уыдис.

Гуыдарæн йæ зæрдæ аскъуыдис æмæ фæмардис, Олгъайы раскъæфт куы фехъуыста, уæд.

Гуыдарæн ноджы йæ зæрдæ уымæн аскъуыдис, æмæ уый дзæбæх зыдта Басыл лæппулæг кæй уыдис, адæм æй фылдæр кæй уарзынц æмæ, дам, мæн, Гуыдары, раппардзысты æмæ, дам, Басылы бауромдзысты Ирыстоны хистæрæй.

Йæхæдæг, уæлдæр куыд загътам, аразæндæттæ ницы фæуæлдæр кодта Ирыстоны.

Ноджы уымæн аскъуыдис Гуыдарæн йæ зæрдæ, æмæ йын загътой:

— Басыл, дам, Къаукъазы фидæрттæ æрцахста.

Басыл æрцахста Къаукъазы фидæрттæ æмæ уым æрцардис. Йæхи та расидтис хистæрæй Ирыстоны. Йæхицæн бинонтæн та расидтис рæсугъд Олгъайы.

Йæ фыццаг бонтæй Басыл разылдис адæмтыл, сбæрæг кодта, чи цы кусын зоны — æлвисын, хуыйын, тын уафын, æфсæнгарз аразын, кусæнгарз алыхуызон — æхсæвæй-бонæй бæрæг кодта.

Гуыдары рæстæджы иттæг фæстиау баззадис Ирыстон.

Басыл сарæзта кусæндæттæ — тын уафыны, кæрдтæ аразыны. Дзæбæх хæдзæрттæ аразын дæр байдыдта. Иу ныхасæй, Басыл тыхджын сфидар кодта Ирыстоны.

Басыл йæ нысан æрдæг мæйы хуызæн нысан, æхсæвæй-бонæй йæ рухс кæмæн калди, уый йæ риуыл дары, уымæй-иу базыдтой, Басыл, дам, æрбацæуы.

Олгъа æмæ Басыл цыма арвæй æртахтысты æмæ уырдыгæй æрхастой семæ айхуызæн цæттæдзинад алы куыстæн.

Олгъа йæ алыварс тымбыл кæны, бонæй-бонмæ фылдæр æмæ фылдæр кæны къуымбилæлвисджыты. Басыл цæуы æмæ амоны алцы куыст æфсæнгуыст, мигæнæн, куыд мидæггон мигæнæн, афтæ хæстон мигæнæнтæ аразын дæр, æрцытæ, кæрдтæ, хуымæтæджы кæрдтæ. Уæд нырма æхсаргæрдтæ нæ уыдис.

Ирыстоны алы фисынæй цæуынц кусджытæ æмæ сын лæгъстæ кæнынц:

— Айсут, дам, нæ кусæгæй. Мах дæр, дам, уын баххуыс кæндзыстæм паддзахадæн. Усæй æмæ лæгæй иууылдæр цыдысты.

Иттæг тагъд айхъуыстис алы ран — хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсмæ — ома, дам, Ирыстоны уый хуызæн дæсныдзинад, дам, кæнынц æмæ, дам, тагъд Иры тынæй сæхи æмбæрзын хъом систы. Алы раны дæр, иу кæронæй иннæ кæронмæ, тын уафджытæ фесты. Уый онг тын уафынц æмæ се ’вæрæнтæ аразынмæ дæр не ’ххæссынц. Фос бирæ, къуымбил бирæ, алцыппæт дæр, бæндæн дæр байдыдтой бийын. Ацы хъуыддагæн сæ амонæг у рæсугъд Олгъа æгас Ирыстоны сылгоймæгтæн.

Басыл йæ кусæндæтты афтæ бирæ аразы зæххы кусæн мигæнæнтæ æмæ зæххы куыст адæмæн бирæ фенцондæр ис.

Кæд сын разæй уыдис Царциатæй баззайгæ фыййаг, кæнæ цыргъ хъил, цæмæй-иу къахтой зæхх, ныр та сын уымæн фæзынди æфсæйнаг къахæнтæ, фæрæттæ: хуымты кусынц, тауынц. Сæ разæй цæуы Басыл. Куыд хуыздæр, куыд дзæбæхдæр æрзайдзæнис мæнæу, хор, нартхор. Садзы афтæ дыргъхæссæг бæлæстæ дæр æмæ адон æввахс куыд уой адæмтæм. Хъæутæ аразы, адæм кæрæдзимæ хæстæг куыд уой. Дынджыр хъæутæ, гыццыл хъæутæ, кæм куыд хъæуы, цæмæй адæм æввахс куыд цæрой кæрæдзимæ æмæ æххуыс куыд кæной кæрæдзийæн мидхъуыддæгты æмæ знæгты ныхмæ дæр, дзуапп дæттын сæ бон куыд уа знæгтæн.

Цалдæр азы рацыдис æмæ уыйонг хойраг æрцыдис Ирыстоны æмæ нæм æндæр паддзæхтæ цыдысты ивынмæ, цы нæ сæм уыдаид, уымæй. Уыййеддæмæ, æндæр паддзахæдты адæмтæ дис кодтой Ирыстоны тынуафæнты æмæ къахæй-къухмæ фæсмын дарæсыл. Афтæ фæлыст уыдысты Ирыстоны.

Афтæ уыдис, æмæ цармы дарæс дæр нæ аппæрста Басыл.

Рацыдысты цалдæр азтæ æмæ бæмбæджы тынтæм дæр ахызтысты, кæцы кусæндæттæ Гуыдары рæстæджы бафынæй сты. Рæзы дзы æрхуы, фæйнæг, бийынц ’фсæйнагæй, æрхуыйæ хæдæттæ, аразынц æфсæйнагæй, æрхуыйæ худтæ, уæлæдарæстæ.

Уыдон цæттæ кодта зæнгтæн, кæнæ мид-знæгтæ куы фæзыной, кæнæ æддаг знæгтæ, уыдонимæ тохæн цæттæ куыд уа. Иу ныхасæй, цыдæриддæр хъæутæ рæзы, гыццыл уа æви дынджыр, алы хъæуты бийы æфсæйнагæй хæдæттæ, худтæ, цæттæ дары йæхимид знæгтæн æмæ æддæ знæгтæн, дзуапп сын куыд радта. Лидзынц æддагон паддзæхтæй адæмтæ æмæ цæуынц махмæ, Ирыстонмæ æмæ лæгъстæ кæнынц: мах дæр, зæгъы, айсут æмæ ацы ран цардæй мах дæр, дам, бафсæдæм, мах дæр, дам, базонæм сымах хуызæн куыст.

Рæзынц стыр хъæутæ, æхсæвæй-райсоммæ куы акæсай, уæд хъæутæ ацарæзы. Сæ фылдæр хъæутæ доны былтыл. Стонгдзинад ферох ис адæмæй. Адæм дзурынц:

— Махæн нæ фыд Басыл, нæ мад та рæсугъд Олгъа, уыдон нын бирæ фæцæрæнт. Кувын дæр базыдтой æмæ нын нæ худинаг бамбæрстой æмæ нæм я  стыхджын кодтой.

Кæд ма Къаукъазы Царциатæ хъомы цардау цардысты, уæд ныр та намысы цард æрхастой Басыл æмæ рæсугъд Олгъа.

Басыл йæхи цæттæ дары мид-знæгтæм, уымæн æмæ уæддæр æм мæт ис, нæ сыл æууæнды, куыд мидадæмыл дæр, афтæ æддагон адæмыл дæр.

Басыл ахуыр кæны æгас Ирыстоны адæмы ирон кæрдзын кæнын æмæ алырдæм сæ æрвиты, цæмæй алырдыгæй фæныктæ æмæ чъизитæ ма уой сæ кæрдзынтæ æмæ дзæбæх кæной. Ацы хъуыддаджы тыххæй Ирыстоны Басылы нысан айстой æмæ уый хуызæн кæрдзын кодтой, куыд æрдæг мæйы хуызæн æмæ кæрдзынæн ном радтой — Басылы кæрдзын, дам.

Тутырты дыццæджы уый хуызæн кæрдзынтæ иу скæнынц, Басылы номы тыххæй. Йæ ном уыцы кæрдзынæн — Басыл. Басыл ирон лæгæн сфæлдыста ирон нуæзт — ирон бæгæны аразын.

Тутырты рæмысыдис Басыл хъазт, хъæлæй хъазт, кафт, зард аразын. Иу ныхасæй дæр, алы кафт, алцы зард, алцы хъазт иууылдæр Басыл æрбахаста Ирыстонмæ.

Адæм нал зонынц фырцинæй цы кæной.

Басыл, æгас Ирыстоны хистæр, семæ хъазы хъæлæй, тохсийæ, семæ зары, семæ кафы. Иу ныхасæй дæр, Басыл, ирон адæмæн алыхуызон куыстытæ амоны, афтæ сæ алы хъазтæ, алы миты хъуыддагыл сæ рæвдз кæны, уæлдайдæр та рæсугъд Олгъа. Алы куысты мидæг, алы хъазты мидæг алырдæм зынынц æмæ æрттивынц Басылы нысан æмæ Олгъайы рæсугъддзинад. Сæ бæх дæр сын дзуры:

— Иттæг уæззау архайут, иттæг уæззау кусут, æндæра айхуызæн куыстытæй æмæ амындтытæй уæ цæрæн бонтæ сцыбыр кæндзыстут.

Дардыл хъуысы Басылы æмæ рæсугъд Олгъайы ном. Минтæй сæм цæуынц æмæ курынц, куыд сæ айса Басыл.

Хъæдæй сын дыргъы бæлæстæ ласын кæны æмæ сæ хъæуты алыварс садзын кæны, цæмæй сæ рæгъæды афоны сырдты къухы ма бахауой æмæ адæм пайда кæной.

Ахæм сырдтæ, куыд хуы, куыд арс, дыргъы бæлæстæ цъæл кæнынц, сафынц сæ æмæ адæм æнæпайда зайынц. Басыл дæр æмæ рæсугъд Олгъа дæр нæ рох кæнынц сæ кусæндæттæ, сæ гарзаразæнтæ, сæ тынуафæнтæ дæр. Уыцырдæм дæр тынг архайынц. Бирæты ахуыр кæнынц æмæ цæуынц æгас Ирыстоны, йæ иу кæронæй иннæмæ сæ æрвитынц.

Нæ арæнтæй æддæдæр чи цæрынц, уыдон хистæртæ æрвитынц, цæуынц сæхæдæг дæр, хæссынц нæм къуымбил, бæмбæг. Ирыстоны дæр зыдтой бæмбæг, фæлæ йæ пайда кæнын нæ зыдтой, цалынмæ Олгъа æмæ Басыл не ’рбацыдысты. Къуымбил æмæ бæмбæг ивынц тынтыл, хъуымацыл. Иу тыныл дæсгай барæнтæ бæмбæг дæттынц. Æхсæвæй-бонæй нæ уафджытæ уафынц. Кæд æхсæв талынг вæййы, уæд-иу артытæ ссудзынц æмæ-иу æхсæвыгæтты дæр кусынц, нæ сæ фæнды баулæфын, афтæ зæрдиагæй æмæ цинæй кусынц ирон адæм.

Рацыдис цалдæр азтæ, мæйтæ, æмæ Басыл æмæ рæсугъд Олгъа æппæтæй сфидар кодтой Ирыстоны: куыд хæцæнгарзæй, дарæсæй, хæринагæй. Нал дзы фендзынæ Ирыстоны бæгънæг адæймаджы, чысылæй, стырæй — иууылдæр куыд къахыдарæсæй — къогъодзи, æрчъи, цъар, — афтæ уæлæйы дарæсæй сифтонг сты. Басыл æмæ Олгъа аразын байдыдтой, цæмæй ирон сылгоймагæн йæ дарæсы хатт ирон хуыз уыдаид: йæ риуыл æфтаугæ æгънæджытæ, йæ сæрыл рæсугъд къоппы хуызæн сæрыл кæнинаг.

Сызгъæрин дæр фæзындис Ирыстоны.

Басыл æмæ Олгъа аразын байдыдтой фидæрттæ, цæмæй адæм алы улæфты боны сæхи ирхæфстаиккой. Иу ныхасæй дæр, алы улæфты æнцойбоны-иу куы сцагътой дыууадæстæнон фæндыртæ, уæд-иу лæг афтæ æнхъæлдтаид, уæларвы адæм ис æмæ уыдон зарынц æмæ кафынц.

Уый æдде ма Басыл Иры фæсивæдæн сарæзта дугъ, кæцыйæ уыдон дæр сæхи ирхæфстаиккой.

Кæд Царциаты рæстæджы æвзæр арæзт бæлæгътæ уыдис, уæд Басыл уый хуызæн сыгъдæг рæсугъд æмæ рæуæгтæ-иу сарæзта æмæ фурды мидæг-иу бабаста дыууæ-æртæ бæлæгъы иумæ æмæ афтæ скъæрдта. Иугæйттæй-иу уагъта чысыл дæтты, дыууæтæ та — дынджыр дæтты, æртыгæйттæ та фурды мидæг-иу ацарæзта кæрæдзийыл.

Алырдыгæй йæм цыдысты Басылмæ Ирыстоны æддæдæр цæрджытæ æмæ йын лæгъстæ кодтой, рауæй, дам, нын кæн дæ бæлæгътæ.

Сбонджын ис иттæг Ирыстон, фæлæ Басылæн йæ хорз зонд амонæг бæх рарынчын ис æмæ амардис.

Бирæ хъынцъым фæкодта Басыл, æгас Ирыстоныл дæр айхъуыстис, фæлæ Басыл радта ныфс йæхицæн, æгайтма хорз сахуыр сты, дам, мæ ирон адæм, ницы, дам, кæны, мæхæдæг, дам, сархайдзынæн.

Бирæ азтæ фæкуыста Басыл Ирыстонæн, фæлæггад кодта, æхсæвæй-бонæй нæ бафæлладис, фæлæ сын зæнæг нæ рацыдис Басылæн æмæ рæсугъд Олгъайæн.

Уымæй Басыл цин кодта, æхсызгон кодта, æмæ йæ адæмæй иунæг лæг дæр, иунæг сылгоймаг дæр йæ рæстæджы зæппадзы нæ бахауди.

Афтæ хорз куыстой, афтæ хорз рæзтис æхсæвæй-бонæй хъæутæ, æмæ Басыл йæхæдæг зылдис адæмыл æмæ сын бузныг дзырдта.

Ирыстоны арæнтæй æддæдæр цæрджытæ хистæртæ дæр цыдысты æмæ куырдтой Басылæй: æфсæдтæ нын радт, Басыл, мингæйттæ, кæд мах дæр, знæгтæ нын ис, басæттиккам уыдоны æмæ дæ адæмау хорз цæриккам. Дæуæн ис хорз хæцджытæ, æрхæсдзыстæм дын бæмбæг, къуымбил, сызгъæрин æмæ алцыппæт уый бæсты дын ратдзыстæм.

Басыл сын загъта:

— Мæ адæм цæттæ сты алцыппæтæй, тыхджын сты, ахæм тыхджын æфсад æгас дунейыл нæй. Ме ’фсæддонтæн ницы фæфидар уыдзæнис зæххы чъылдымыл, фæлæ мидæгæй мæнæн мæхицæн мæ адæм нырма ноджы хъуаг сты мидцардæй, хъуамæ сæххæст кæнæм.

Басыл тыхджын рынчын рацис. Йæ усæн, рæсугъд Олгъайæн, фæдзæхсы:

— Мыййаг, куы амæлон, уæд Ирыстоны дзæгъæлæй ма ныууадз.

Олгъа загъта:

— Æз дæуæн бирæ хатты дзырдтон: дæхиуыл фæцауæрд, фæлæ ды нæ бацауæрстай нæдæр дæхиуыл, нæдæр мæныл. Кæд Ирыстонæн стыр пайда радтæм, уæддæр нырма афтæ зæрæдтæ не стæм, æмæ нæ Ирыстоны дзæгъæлæй ныууадзæм.

Басыл амарди.

Айхъуыстис æппæт Ирыстоныл æмæ ницыуал зонынц. Хъæутæ æмбырд кæнынц. Сæрбæгънæгæй сылгоймæгтæ цæуынц æмæ иронвæндаг кæнынц сæ кæрæдзимæ. Алы хъæуы дæр сау хуыз сахуырстой сæ бæмбæгæй тынтæ, хæдзæрттыл, бæлæстыл æрцауыгътой ацы тынтæ. Ай у Ирыстоны саударæн нысан.

Фондзсæдæ хатт мин минтæ цæрæг Ирыстон æнæхъæнæй баззадысты æнæнизæй æмæ сидзæрæй.

Ирыстонмæ хæстæг цы адæм цардысты, уыдон дæр афтæ скодтой сау дарæс Басылы мардыл.

Кæд Басыл тыхджын уыдис, уæддæр никæй дæр тæрсын кодта, æмæ никæмæ дæр хæцгæ кодта æмæ уымæн æй уарзтой иннæ адæмтæ дæр.

Басылы быныгæдтой Къаукъазы æмæ Нартийы фарс Къаукъазы фидæртты.

Басылы фæстæ Олгъа расидтис йæхи Ирыстоны хистæрæй. Йæ фыды æрттиваг нысан, йæ фыдæй йын цы баззадис, Басылы фæстæ йæхæдæг Олгъа бакодта йæ риуыл.

Ирыстоны кæрæттæй, Ирыстоны астæутæй цæуынц æмæ æрвитынц зондджын æмæ зондджын ус æмæ лæджы æмæ йын арфæ кæнынц Олгъайæн, æмæ йын ныфсытæ дæттынц:

— Амæй фæстæмæ ноджыдæр алы хъуыддæгтæ хуыздæр æмæ хуыздæр æххæст кæндзыстæм дæуæн. Кæд Басыл амардис, уæддæр мах хорз баххуыс кæндзыстæм дæуæн. Махæн бирæ ис Басылы ахуырдзинад æмæ бирæ баххуыс кæндзыстæм алы куыстæн дæр Ирыстоны.

Ирыстоны æддæдæр цыдæриддæр хистæртæ уыдысты, уыдон дæр æрвыстой сæ лæгтæ Олгъамæ, æмæ йын арфæтæ кæнынц:

— Мах дынджыр бузныг стæм Басылæй-уыйхуызæн зæндджын цард кæй кодта, уый махæн дæр пайда уыдис æмæ махæн дæр æнцон уыдис. Мах ныфс ис, æмæ ды дæр афтæ цæудзынæ уыцы æгъдæуттыл, цы æгъдæуттыл цыдис Басыл. Æмæ махæн дæр нæ бон цы уа, уый дæуæн нæ бацауæрддзыстæм.

Олгъа йæ адæмыл зылдис æмæ сæ фæдзæхста:

— Зылындзинад, æвзæрдзинад мацы саразут. Мæ бон цы уа, уымæй архайдзынæн, æмæ Басыл цы кусæндæттæ ныууагъта æмæ æгъдæуттæ, уыдон фæхуыздæр кæнæм уемæ иумæ.

Цыдысты азтæ, цыдысты мæйтæ æмæ кусæндæттæй алыхуызон дзаума цæуын бонæй-бонмæ фылдæр æмæ хуыздæр цы кодта, уыййеддæмæ хъаджджын ницы кодта Басылы фæстæ Олгъайы руаджы.

Ирыстоны ахæм цæстæй кастысты Олгъамæ, афтæ йæ уарзтой æмæ сын Олгъа куы загътаид: иууылдæр, адæм, уæхи фурды бакалут, уæддæр фæсте ничи æрлæууыдаид.

Олгъамæ дзырд райхъуыстис — хурыскæсæнырдыгæй стыр доны былтыл хъуагдзинад ис.

Олгъа сын загъта:

— Бæлæгътæ æрæвæрут Ихдоныл.

Йæ уæлæ гæрзтæ скодта, йæ нысан йæ уæлæ æрттивы Басылы мæлæты фæстæ. Сбадтысты, йемæ чи цыдис, йæ дæлдæртæ, æмæ Къуырма донмæ æрхæццæ сты. Къуырма доныл ноджы сæм баиу ис цалдæр бæлæгъы æфсæдтæй. Фурдмæ æрхæццæ сты. Фæндагыл алы ран сыл æмбæлынц бæлæгътимæ цæттæ æфсæдтæ.

Стыр донмæ бахæццæ сты. Дзæвгар йе ’рдæджы онг куы бахæццæ сты, уæд Олгъайы бæлæгъ цæуылдæр сæмбæлдис.

Олгъа йæ дæллæгтимæ фæдæлдон сты, фæлæ доны мидæг уæды адæм тынг арæхст уыдысты, куыд кæсæгтæ, æмæ бакалдысты донмæ. Олгъайы ма удæгасæй баскъæфтой доны уырмæ [3]. Олгъа ма сын иу цалдæр ныхасы сфæрæзта æмæ загъта сын:

— Къаукъазы фидæрттæй, Нартийы фидæрттæй, Басылы фидæрттæй уæхи ма сисут. Ноджы сыл фидарæй æмæ фидарæй хæцут, æндæра фесæфдзыстут.

Адон куы загъта Олгъа, уæд амардис. Бирæ фæкуыдтой, йемæ чи уыдис, уыдон æмæ хъарджытæ кодтой:

— Нæ мад Олгъа, æнæ дæу ма цы кæндзыстæм. Чи ма нын уыдзæн мад ивæг, фæлæ мах иудадзыг кæугæ нæ кæндзыстæм. Æрмæст абон стæм хъыгдард, фæлæ дæ номыл Ирыстон зарджытæ кæндзæн йæ цæрæнбонты. Абонæй фæстæмæ хуры скæсæны стыр дон уыдзæнис нæ мад Олгъа.

Абон дæр ма хуыйны уыцы дон нæ мад Олгъа.

Олгъайыл афтæ-иу зарыдысты:

 

Рæсугъд Олгъа хурыскæсæнæй,

Стыр донæй Рахъуыста хъуагдзинад;

Къаукъазы æфцджытæй ракастис

Æгас Ирыстонмæ —

Æмæ хурау ныррухс кодта æгас Ирыстон,

Зарджытæ кæндзыстæм дæ номыл, рæсугъд Олгъа,

Рæсугъд Олгъа бæлæгътæ Ихдоныл æрæвæрын кодта,

Йемæ сбадын кодта йе ’ууæнк хæстæджыты,

Дардыл æрзылдис, дард фæндаг банымадта,

Йæ мæлæт æрхаста хуры скæсæны

Стыр донмæ,

Кæцыдæр хуыйны абон дæр рæсугъд

Олгъа. [4]

Цалдæр боны, цалдæр мæйы рацыдис, æмæ ацы зарæг айхъуыстис, ахæлиу æгас Ирыстоныл.

Усæй æмæ лæгæй иууылдæр зарыдысты ацы зарæг кæуыны бæсты, Олгъайы номыл, цæмæй Олгъайы ном макуы фесæфтаид Ирыстоны.

56. Нартийы цот

Рацыдис цалдæр мæйы. Фæзынди сын хистæрæн Нарджы Уырызмæг æмæ йæ ус та Сатана. Уырызмæг схистæр ис Ирыстоны.

Кæд Уырызмæг зондджын уыдис, уæд йæ ус Сатана дæс хатты зондджындæр уыдис Уырызмæгæй.

Рацыдис цасдæр рæстæг æмæ Сатанайæн лæппу райгуырдис, фæлæ ном раттын сæ бон нæ бацис — амардис сывæллон.

Нарты Уырызмæг хурыскæсæнмæ йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсмæ арвыста адæмы алы хъæутæм æмæ сын загъта:

— Мæ лæппу амардис æнæ номæй, цæмæй номджын суа, уый тыххæй сæдæ сæдæйы лыстæг къах, сæдæ сæдæйы та стуртæ аргæвдут алы хъæуы. Дугътæ рауадзут, бæхтæ ныффæлдисут, бæхы фæдыл æрзилут, Барастырмæ арвитут, цæмæй ме ’нæном лæппуйæн дуар бакæна, мæрдты дуар æмæ йæ бауадза, æмæ йæ бацæрын кæна, кæм æй хъæуы, уым.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы уæззау хæст иттæг фæзынди Ирыстоныл. Сатана йæ разы лæууыди æмæ йын лæгъстæ кодта:

— Ай хуызæн митæ ма кæн, Уырызмæг. Фесæфдзæнис нæ Ирыстон. Иннæтæ дæр байдайдзысты ахæм хъуыддæгтæ æмæ Ирыстоны ницыуал баззайдзæн.

Уырызмæг йæхæдæг ахæм цæлуарзаг уыдис, æмæ бон æмæ æхсæвы иудадзыг цæл кодта. Аразын кодта ирон бæгæны. Кæд æй Сатана нæ уагъта, уæд-иу ын Уырызмæг дзырдта:

— Æнцад бад дæхицæн, Сатана. Сылгоймагæн йæ сæры хил даргъ у, йæ зонд та — цыбыр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Нарты Уырызмæг йæ адæмимæ цардысты иттæг хъæздыг цардæй. Бирæ фæллойтæ скодта, бирæ фæллойтæ ныууагъта Басыл æмæ уымæй.

Уырызмæг иттæг хорз зыдта, хъæздыг адæм æм кæй ис, уый, æмæ-иу раздæр лæгтæ арвыста уыцы хъæумæ, кæдæм-иу цыд æмæ хæсджын кодта хъæуты:

— Хъуамæ ацы рæтты æрзилон æмæ мын æрцæттæ кæнут куывд, бæгæны, кусæрттæгтæ, кæннод додой мын уæ сæр кæны.

Сатанайæн-иу загъта:

— Цом-иу мемæ, фен нæ адæмы, базон сæ.

Фæлæ Сатана карз ныхасæй-иу ын дзырдта:

— Сæфдзыстæм айхуызæн дæ хъуыддæгтæй, адæм смæгуыр уыдзысты æмæ мах дæр фесæфдзыстæм. Ахæм хъуыддæгтæм æз нæ цæуын.

Уырызмæгмæ цыдысты, Ирыстоны æддæдæр цы адæмтæ цардысты, уыдон æмæ æфсад куырдтой Уырызмæгæй:

— Ратт нын æфсад æмæ уын мах сызгъæрин ратдзыстæм (уæды рæстæджы сызгъæрин уыдис сыфтæры хуызæн). Махæн знæгтæ бирæ ис нырма не ’хсæны æмæ нæ алыварс. Уый тыххæй нæ хъæуы дзæбæх æфсад, дæумæ та ис тыхджын цæттæ æфсад.

Радта æфсад Уырызмæг иннæ адæмтæн, бирæ мин хатт минтæ æмæ сын загъта:

— Мæ арæнтæм æввахс ма цæут æмæ уæ цы хъæуы, иууылдæр уын ме ’фсад сараздзæнис.

Æфсад уыдис бæхджын, къахджын. Сæ уæлæ уыдис æфсæйнаг худтæ, æфсæйнаг быд хæдæттæ, куыд æрхуыйæ, афтæ æфсæйнагæй, æфсæйнаг æрцытæ лæдзæджы цъуппыл арæзт. Уыцы рæстæджы дæр Ирыстоны хуызæн цæттæ ничи уыдис айхуызæн гæрзтæй.

Рацыдис азтæ æмæ Нарты Уырызмæг амарди. Баззадис Сатана, Уырызмæджы гæрзтæ æриста, йæ уæлæ скодта æмæ загъта:

— Абонæй фæстæмæ Уырызмæджы хъуыддæгтæ æмæ æгъдæуттæ æз хъуамæ æххæст кæнон.

Батрадз, Хæмыц æмæ Сырдон слæууыдысты æмæ йын загътой:

— Мах стæм Нарты цот æмæ хъуамæ уа Батрадз хицаудзинадгæнæг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Сатанаимæ сбыцæу сты. Кæм æртæ лæджы, æмæ кæм иу ус.

Бирæ тохы фæстæ басастой æмæ Сатанайы нал бауагътой хистæрдзинадмæ æмæ Батрадзы баурæдтой хистæрæй Ирыстоны.

Сатана фырмæстæй рарынчын ис, ирон адæм сæфынц, зæгъгæ.

Амардис Сатана.

Кæд æмæ-иу Уырызмæг æрвыста адæммæ, æрцæттæ мын кæнут-иу хæрд, нозт, фæцæуын уæм, зæгъгæ, уæд Батрадз та хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсы онг, иу ныхасæй дæр, фондзсæдæ хатт мин хатт минты бæрц ирон адæммæ æрвыста æмæ сæ хæсджын кодта:

— Мæ хæдзары алы бон, æхсæвæй-бонæй хъуамæ уа куывдтæ æмæ мын хæссут хойраг, нозт. Ацы æгъдау чи нæ араза, уыдонæн æз сæ фæллойтæ иууылдæр байсдзынæн, сæ хæдзæрттæ сын басуддзынæн, сæхи сын фæцæгъддзынæн.

Старстысты Ирыстоны чидæриддæр уыдысты æмæ æххæст кодтой Батрадзы расидт.

Куыд Уырызмæгмæ цыдысты æддагон адæмтæ æмæ дзы æфсæдтæ куырдтой, афтæ Батрадзмæ дæр цыдысты фылдæрæй-фылдæр æмæ сын Батрадз сцæттæ-иу кодта къахы æфсад, бæхы æфсад, сцæттæ сын-иу кодта гæрзтæ, уыцы рæстæджы цы гæрзтæ уыдис, ахæм, æмæ сын къахæфсад мин хатт минты онг лæвæрдта сызгъæринтыл. Æддагон адæмтæн сæхимидæг уыдис змæстытæ æмæ сæ æфсад уымæн хъуыдис.

Уыдон дæр Батрадзы æфсад, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзæрдзинад нæ кодтой, Батрадзæн йæ коммæ кастысты æмæ цыдысты æддагон адæмæн æххуырсты.

Батрадз йæ кæнон кодта. Æхсæвы æмæ бон цæл кодта. Йæ адæм мæгуыр кæнын байдыдтой. Йæ бон кæмæн уыдис, уыдон Ирыстонæй байдыдтой лидзын æндæр адæмтæм.

Мæллæг кæнын байдыдта Ирыстон, уымæн æмæ цы зондджын адæм уыдис, дзæбæх кусын чи зыдта, хъæбатыр, зондджын чи уыдис, иууылдæр æддæмæ хъуызыдысты мин хатты минтæй æхсæвæй-бонæй.

Фæрæз кæмæн нæ уыдис алидзынæн æмæ Батрадзы коммæ чи нæ касти, уыдоны Батрадз зæппадзты æмæ уæрмыты æппæрста удæгасæй.

Батрадз цыдис йе ’фсæдтимæ æмæ нæ ауæрста йæ хъæутыл, афтæ æддагон быцæуады хъæутыл дæр. Скъæфта фæллой хæрынæн.

Батрадзмæ скомкоммæ сты Нарты Хæмыц æмæ Нарты Сырдон.

Хæмыц æмæ Сырдон нæ куырдтой Батрадзæй хорздзинæдтæ, фæлæ йын дзырдтой:

— Ды дæхицæн скъæфыс айас фæллой æмæ махæн хай нæ кæныс. Айæппæт фæсивæд æддагон хистæртæн æрвитыс æххуырстæй. Мах æппын ницæмæ дарыс.

Ацы быцæудзинады Батрадз фæрынчын.

Азтæ, мæйтæ ацыдис æмæ Батрадз фæсадис æмæ амард.

Баныгæдтой Батрадзы, хорз хистытæ йын фæкодтой, бирæ сæдæтæ йын фергæвстой, бирæ бæхтæ йын ныффæлдыстой.

Батрадзы мæлæты фæстæ сæхи расидтысты Ирыстоны хистæрæй Хæмыц æмæ Сырдон. Уыдонæй иууылдæр ферох Къаукъазы æгъдæуттæ, Басылы æгъдæуттæ æмæ сæ арæзтытæ. Счъизи кодтой Ирыстоны цы æфсæрмдзинад уыдис, цы хорздзинад уыдис, цыдæриддæр хорз баззадис Къаукъазæй æмæ Басылæй, уыдон. Устыты скъæфтой, тыххæй хæцыдысты устытыл, лæппу-фæсивæды кæрæдзийæн цæгъдын кодтой.

Ирыстоны айхъуыстис — Царциатæ, дам, райгас сты. Хæмыц æмæ Сырдон, дам, сæ æгас кодтой Царциаты. Хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ, йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсмæ иууылдæр ацы ныхас айхъуыстис.

Ацы ныхас айхъуыстис æддагон хистæртæм дæр, кæцытæ Ирыстонæй цы хорз адæм, цы хорз кусæг лыгъдысты, уыдоныл æмбæлдысты æмæ сæ сæхимæ кодтой, сæхимæ сæ истой цингæнгæйæ.

Уырызмæг, Батрадз, Хæмыц æмæ Сырдон Ирыстон схуыдтой Нарт, раивтой йæ ном Ирыстонæн. Сфæндыди сæ Ирыстоны Нарт схуыдтаиккой. Уыдон æууæнк-иу лæвæрдтой сæхи Нарт-иу чи схуыдта, уыдонæн.

Смæллæг сты, Къаукъаз цы кусæндæттæ ныууагъта, уыдон, Басыл æмæ Олгъа уыдоны фæстæ цы кусæнгæрзтæ сарæзтой, уыдоны куыст фæмæллæг ис, слæмæгъ ис. Кусджытæ лыгъдысты. Бирæ рæтты кусæндæттæ иууылдæр ныллæууыдысты.

Дыдтагон [?] адæмтæм дæр айхъуыстис, Ирыстоны Царциаты æгъдæуттæ райстой Хæмыц æмæ Сырдон, дам.

Хæмыц æмæ Сырдон хыл байдыдтой, Къаукъаз цы нысæнттæ ныууагъта, йæ лæппуты куы ’рвыста æмæ сын цы нысæнттæ радта, уыцы нысæнтты тыххæй.

— Æрдæг мæнæн, æрдæг та — дæуæн, — дзырдта Сырдон Хæмыцæн.

Хæмыц нæ лæвæрдта æмæ зæгъы Сырдонæн:

— Æз хистæр дæн æмæ æз ме ’взæрст лæгты хъуамæ арвитон æмæ мæ уыдонæн хъæуынц.

Азтæ цыдысты, Хæмыц æмæ Сырдоны хыл уæддæр нæ састис.

Хурыскæсæнæй хурныгуылæнмæ, йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсы онг Ирыстоны æрдæг бахаудис æддаг адæмты хистæрты къухы. Уый æдде ма мидæгæй чи баззадис, лидзынц æддæмæ æмæ сæхи дæттынц æддагон адæмты хистæртæм, сæхи уыдонимæ иу кæнынц.

Уый æдде ма мин хатт минтæ ирон хæстон адæм, хæстæн цæттæ адæм æд гарз, æд бæх, æд хæстон дзаума, куыд æххуырст хæстонтæ, уыдон дæр уым баззадысты, уымæн æмæ фæндаг сын нал уыдис фæстæмæ раздæхынæн.

Ирыстоны цыдæриддæр гæрзтæ, цæрæнгæрзты аразæнтæ æмæ бæлæгътæ уыдис, Къаукъазы æмæ Басылы фæстæ цыдæриддæр баззадысты, уыдон иууылдæр æндæр адæмты къухы бахаудысты.

Æддагон знæгтæ, иронты чи сæттынц, уыдон бонæй-бонмæ хуыздæр кæнынц сæ гæрзтæй æмæ хæсты хъаруйæ.

Хæмыц æмæ Сырдон сæ хылæй не ’нцайынц. Сæ иу дæр йе ’фсæдты раз лæууы æмæ иннæ дæр йе ’фсæдты раз, æмæ афтæмæй хыл кæнынц гæрзтæй æмæ æддагон адæмæн, знæгтæй ай æххуыс у. Мидæгæй дæр хыл, æмæ æддейы дæр.

Систой Иры знæгтæ Ирыстоны ацы хорз бæстæтæ, быдыртæ, дæттæ — уыдон сæ къухмæ систой, байстой сæ.

Сæхи хонынц Нарты Хæмыц, Нарты Сырдон, фæлæ уыдон аразынц сæ кæрæдзиимæ хылæй Ирыстоны знæгты хъуыддæгтæ. Нал æнцайынц. Уый онг дæр бирæ нал баззадис Ирыстонæй. Бирæ знæгты къухы бахаудис.

Æхсæвæй-бонæй, лæгæй-усæй, сывæллонæй лидзынц Ирыстонæй æддæмæ сæхи бафæдзæхсыны тыххæй знæгты хистæртæм, цæмæй ма фæцагъды уой æххормагæй.

Бирæ мин хатты минтæй Ирыстоны адæм иумæ-иу куы лыгъдысты, æмæ сæ фæндагыл цыдæриддæр хъæумæ-иу бахæццæ сты, уыцы хъæуы бындзарæй-иу бахордтой, æмæ уыдон дæр-иу афтидæй баззадысты æмæ-иу адон дæр ай фæстæ афтæ-иу лыгъдысты.

Дыдтагон адæм дæр, куыд Къаукъазы рæстæджы, се ’гъдæуттæ куы раивтой, лæджы хæрын дæр куы аивтой, æмæ се ’гъдæуттæ афтæ схорз кодтой, куыд Ирыстоны Къаукъазы æмæ Басылы рæстæджы, фæлæ ай фæстæ Уырызмæг, Батрадз, Хæмыц æмæ Сырдон цъаммар хъуыддæгтæ аразын куы байдыдтой, адæмæн сæ фæллой тыххæй куы истой, тыххæй сын нозт куы аразын кодтой, тыххæй сын бирæ фос куы цæгъдын кодтой, æхсæвæй-бонæй минас, цæл куы кодтой, адæмы дæр афтæ куы смæгуыр кодтой, æмæ уыдон фырæххормагæй лæджы фыд хæрын дæр куы байдыдтой, уæд куыд мидæг адæм, афтæ æддагон адæм дæр дзырдтой:

— Мæнæ Царциаты æмбисæндтæ æмæ диссæгтæ, Царциаты æгъдæуттæ, дам, фæстæмæ æрцыдысты.

Амæ гæсгæ Нартимæ тох байдыдтой куыд мидæг адæм, афтæ æддагон адæм дæр æмæ сæ цагътой.

Стæй цалдæр сæдæ азты æддагон адæмтæ иронтимæ куы хæцыдысты, уæд-иу чи загъта, мах, дам, иронтæ стæм, æмæ, дам, лидзæм Нартæй, уыдон-иу уагътой, фæндаг сын лæвæрдтой, Нартæм та æвнæлдтой æмæ сæ цагътой.

Ирыстоны знæгтæ Нарты адæмæй бирæ фылдæр фæцагътой, канд иронты.

Нарт сæхи чи хуыдта, уыдонæн сæ хъæутæ сын сыгътой, сæхи та бындзарæй сæ цагътой.

Хуры скæсæнæй, йæ ныгуылæнæй, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй, алы æндæр хуызæн адæмтæй æрцæуæггаг знæгтæ алырдыгæй хæцынц Ирыстонимæ, алчи сæ тона кæны.

Ирыстоны адæм фæстагмæ сæхи Къаукъазы фидæртты сфидар кодтой. Уым иууылдæр зын стонг æййафынц, фæлæ кæд Ирыстоны уый онг гæрзтæ нал ис, уæддæр Къаукъазы къæдзæхтæй дуртæ тулынц æмæ афтæ цæгъдынц знæгты. Æрбайсынц сæ фидæрттæм æввахс, стæй сыл фидæрттæй дуртæ ныккалынц, цæгъдынц сæ æмæ сæ гæрзтæ исынц.

Къаукъазы фидæртты мидæг чи бадынц — иууылдæр сыдæй скъуыйгæ кæнынц.

Кæд ма дзы быдырты фæллойгæнæг адæм ис, уæд уый фæстæ, куы асайынц знæгты æмæ сæ дуртæй куы цæгъдынц, быдыры адæммæ лæбурынц æмæ сын сæ фæллой исынц æмæ хæссынц къæдзæхты фидæрттæм, цæмæй æххормагæй ма скъуыйой.

Ацы хæстыты сæдæ азты цыдысты, фæлæ æрцыдис ахæм дуг, æмæ Ирыстоны алыварс цæрæг цы адæм басастой Ирыстоны, уыдоны æгъдæуттæ фендæр сты, фæсабырдæр сты, нал лæбурынц, фæлæ уæддæр Ирыстоны адæм Къаукъазы хæхтыл хъæбатыр лæууынц æмæ Къаукъазы фидæрттæ басæттын никæмæн уадзынц.

57. Хана

Нарты цæуæтæй иу, Чæрдæмха йæ ном, хорз хæцæг, хъæбатыр лæг уыдис æмæ æфсæдтимæ хистæрæй æрвыст уыдис, æддагон адæмтæм цы æфсæдтæ æххуырстæй ацыдысты, уыдонимæ йæ Хæмыц арвыста хистæрæй.

Чæрдæмхайæн баззадис ус Хана.

Хана бакасти æмæ йæ бамбæрста, Ирыстон кæй сæфы, Хæмыц æмæ Сырдон уыйас бирæ кæрæдзиимæ кæй хæцынц, уый фыдæй.

Хана уый дæр базыдта, бирæ хорз хæцджытæ æндæр паддзахæдтæм æххуырстæй кæй радтой, уый дæр сбæрæг кодта Хана, йæ мой Чæрдæмха кæй нал æрыздæхдзæнис Ирыстонмæ.

Фæндаг ын нал ис Ханайæн. Уый баздæхтис æмæ сфæнд кодта Хæмыцимæ æмæ Сырдонимæ тох байдайын.

Хана скодта йæ уæлæ æфсæн, хæцæн пысултæ, йæ къухы арц, йæ фарсыл хуымæтæджы кард (уыцы рæстæджы нæ уыдис дзæбæх хæцæн кæрдтæ), йæ сæрыл æфсæйнаг худ æмæ иу рæстæджы куы уыдис, æмæ Хæмыц æмæ Сырдон удæй-удмæ кæрæдзиимæ куы хæцыдысты, уæд сæм Хана багæпп кодта ацы дыууæ адæймагимæ — Ирыстоны кæй тыххæй сæфы, æмæ семæ байдыдта удæй-удмæ хæцын. Нырма Хæмыцимæ, фæрæхуыста йæ арцæй æмæ йæ амардта. Стæй багæпп кодта Сырдонмæ, уыимæ дæр схæцыдис æмæ Сырдоны дæр амардта æмæ Къаукъазы нысæнттæ йæ къухмæ райста.

Ацы нысæнттимæ Хана æрбацыди Къаукъазы уæлмæрдмæ, Басылы уæлмæрдмæ, Нартийы уæлмæрдмæ æмæ сæ уæлмæрдыл скуыдта æмæ схъарæг кодта:

— Сымах бирæ сарæзтат Ирыстонæн. Бирæ, уæ арæзт цы уыдис, уыдон Нарты адæм фесæфтой. Ирыстоны адæмы æмæ уæ куыстытæ иууылдæр ныппæрстой тæригъæддзинады. Ракæсут-ма, арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ уæ арæзт Ирыстон цы уынгæгдзинады бахаудис. Хæцынц æмæ уæ уæлмæрдмæ æрбахæццæ ис знаг, фæлæ знагæн нæ ныууадздзынæн уæ уæлмæрдты æмæ уæ нысæнттæ дæр, куыд нæ ауагътон æмæ куыд байстон уыдон Хæмыцæй æмæ Сырдонæй. Уæ нысæнттæ ницæй тыххæй никæмæн ауадздзынæн, цалынмæ æз удæгас дæн. Ирыстон кæд баззадис цъус, уæддæр æнæсаст у, уымæй уын дзырд дæттын Къаукъазы, Басылы æмæ Нартийы уæлмæрдтыл. Уæ, нæ номдзыд Къаукъаз, нæ цытджын Басыл, нæ мадæлон мад Нарти! Кæд уæ ирон адæм сæ тынг зын хæстыты мидæг уый онг фесæфтысты, æмæ кæд фыццаг хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахиз фарсæй йæ галиу фарсы онг иронтæ цардысты, уæд ныр æрмæст Къаукъазы æфцæджытыл баззадысты иронтæ хордзенау ауыгъдæй.

IX. ЦАРЦИАТЫ СÆФТ

58. Царциаты сæфт

Царциатæ ахæм рауадысты æмæ нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуарæн куывтой, сæхиуыл фæхæцыдысты. Никæмæн баргæ кодтой, никæй нымайгæ кодтой. Хуыцау сæм æрæрвыста:

— Цы кæнут, Царциатæ, цæмæн фыдæх хæссут, æви уын æрхъуыдыйы аккаг дæр нал дæн?

Царциатæ загътой:

— Мах нæхицæн Хуыцау дæр стæм, мах нæхицæн æппæт дæр стæм, бирæ хорздзинадæй нын хай ницы бакодтат, уæ хорздзинады тæххæй махæй дывæр хорздзинад фæхъæуы. Искуы нын уæхи иу хатт уæддæр куы равдисиккат.

Хуыцаумæ хъыг фæкастысты Царциаты ныхæсты æмæ сын фыддæрагæн митæ байдыдта. Сæ бæх байраг нал ардта, сæ хъуг рæуæд нал ардта, сæ фысæн уæрыкк нал цыди, сæ дугъонтæ дугъы нал фæрæзтой, иуыл сын кæлгæ кодтой.

Царциатæ зæгъынц:

— Атæппæт Хуыцауы фæндæттæ сты. Цыфæнды нын кæнæд, ма басæттæм, цалынмæ нын йæхи иу æвдыст нæ ракæна, уæдмæ.

Хуыцау та фыдохдзинад æмæ йæ азардзинад фæфылдæр кодта. Царциатæн фос цæуæт кæнын куы нæуал уагъта, уæд Царциатæ фыддæр бырсын байдыдтой, фос никæмæн уагътой, истой тыхæй æмæ се ’ххормагдзинады сафтой.

Уæд та Хуыцау дæтты басур кодта, ома Царциатæ дойныйæ мæлдзысты, ома кæд басæттиккой. Уымæй дæр та ницы рауад. Загътой Царциатæ:

— Цыфыддæр митæ кæнæд Хуыцау, ма басæттæм.

Царциатæ доны бæсты туг нуазын байдыдтой æмæ сырх уадул кæнын райдыдтой, сæхи доныхуыппы та сæ фосæн лæвæрдтой.

Хуыцаумæ та ацы хъуыддаг дæр æркасти хъыг æмæ сын сæ хуымты æхсæв кæрдинаг кодта, боны та цъæх æвзар уагътой.

Царциатæ загътой:

— Дыууæ хатты Хуыцауы бон нæ баци нæ басæттын, ма басæттæм ныр дæр.

Саджил фатфындзтæ [1] аразын байдыдтой æмæ-иу æхсæвыгон сæ хуымтæм рацыдысты Царциатæ, саджил фатфындзтæй æфсиртæ æхстой æмæ уымæй цардысты.

Хуыцауы бон та æртыккаг хатт дæр нæ бацис Царциаты басæттын. Уæд сыл стыр азар скæнын кодта, азар Царциатыл низ бафтыдта æмæ Царциатæн сæ устытæ ницы аххосæй сывæллон нал ардтой, ныххуысчъытæ сты.

Царциатæ тынгдæр смæсты сты. Хуыцауы ныхмæ сæ дуæрттæ бæрзонд скодтой, зæгъгæ, кæннод Хуыцау зæгъдзæни, нæ хæдзæрттæм цæугæйæ æмæ нæ хæдзæрттæй цæугæйæ нæ сæр Хуыцауæн фæгуыбыр кæнæм æмæ йæхицæй ныббуц уыдзæни.

Хуыцаумæ уый фыддæр хъыг æркасти. Царциатыл рын бафтыдта, уæддæр нæ састысты. Рынимæ дæр хæцыдысты. Уæд сыл Зынджы бардуаджы бафтыдта ноджы æмæ сыл уый арт суагъта. Царциатæн сæ фылдæр басыгъди. Сæ бон цалынмæ уыди, уæдмæ æвæрдтой мæрдты сæ зæппæдзты, фæлæ зæппæдзтæ мардæй байдзаг сты.

Царциатæ ингæнтæ къахын байдыдтой. Бонæй æвæрдтой къæй, фæрстæм дæр афтæ, уæлийæ дæр къæй, стæй та уый уæлæ дæр мард йæ алывæрсты къæйтæ æвæрдтой, æмæ та уый уæлæ дæр къæй æвæрд, афтæмæй-иу иу ингæны дæс-фынддæс зианы кæрæдзи уæлæ æвæрдтой, се ’хсæн къæйтæ уыдаид, цыдис [2].

Боны фæстагмæ Царциатæн сæ бон ныгæнын нал уыдис æмæ-иу мæрдты фæрсæвæрд [3] акодтой, стæй сыл иу фæлтæр сыджыт æркалдтаиккой æмæ та ногæй мæрдты фæрсæвæрд ракодтаиккой æмæ та сыджыты фæлтæр ногæй, афтæ хуызы се ’ннæ æрдæг ныгæд цыди Царциатæн [4].

Чи ма сæ баззади, уыдон уæддæр нæ састысты. Уæд сыл зæхх фегом ис Хуыцауы зондæй æмæ сыл стыр лæсæн рацыди [5]. Лæсæн тæвд лами æмæ тæвд дуртæ йæ разæй ласта. Чи ма уыди Царциатæй, уыдоны лæсæны быны кодта. Сæ мыггаг аскъуыди Царциатæн. Фæйнæрдæм ма лыгъдысты, фæлæ сыл тæвд дон лами сыджытимæ калдис æмæ куынæг кодтой, мыггагыскъуыд фесты Царциатæ. Цалдæрæй ма аирвæзтысты Царциатæ. Уыдон уыдысты Едыса æмæ йæ авд фырты. Едысайы авд фырты иу ададжы куыд лыгъдысты, афтæ сыл дуртæ ракалдысты æмæ фесæфтысты. Уыйадыл уыцы ададжы схуыдтой «Лигдонат» [6], ома лидзæг æфсымæрты бынат. Едыса аззади иуварс æмæ загъта:

— Мах сæфæм, фæлæ нæ ном ам баззайæд. Уыйадыл Едыса кæдæм балыгъди, уыцы тъæпæн бынаты схуыдтой Едысайы номыл — Едыс [7], ныртæккæ Едыс цы хъæу ис, уыцы бынат.

Фесæфтысты уыйадыл Царциатæ. Хуыцау сын йæхи уæддæр нæ равдыста, сæ ном баззади Едысы хъæуы. Ныр дæр сæ цæрæн бынат «калактæ» [8] хуыйнынц.

59. Царциаты сæфт (вариант)

Царциатæ Едысы калачы [1] цардысты. Уыдон уыдысты уæйгуытæ æмæ Нарты рæстæджы. Царциатæ тынг фыдуаг уыдысты. Хæцыдысты Нарт æмæ уæйгуытимæ. Хæтæнтæм сæм хæцынмæ цыдысты. Уæйгуытæ цардысты Едысы уæллаг фарс, Царциатæ та Едысы къуылдымыл.

Нарт æмæ уæйгуытæ Хуыцауимæ лымæн уыдысты, сæ ныфс нæ хастой Царциатимæ хæцын æмæ æдзухæй куывтой Хуыцаумæ:

— Хуыцау, Царциаты фесаф!

Нæ фæндыди Хуыцауы Царциаты фесафын, фæлæ уыдон афтæ фыдуаг рауадысты æмæ Хуыцауы дæр ферох кодтой, сæ дзуæрттæн дæр ныууагътой. Уæд дзуæрттæй, Хуыцауы номыл чи уыд, уыдон дæр Хуыцаумæ хъаст кодтой Царциаты тыххæй, зæгъгæ, мах дæр ферох кодтой.

Уыйадыл Хуыцау смæсты ис Царциатæм.

Царциатæм нал хор, нал хос зайын кодта. Хос-иу куы ныккарстой, уæд сын-иу æй дымгæ фæхастаид.

Царциатæ уæд сæ гутон æфсæнæй раивтой зæххы бындзарыл дæр къæхтæй æмæ сæ бырст фæйнæрдæм фæтынгдæр кодтой. Сæ уæлкъæсæртæ бæрзонд скодтой, кæннæуæд, дам, Хуыцау æнхъæл уыдзæн сæ сæрæй мæнæн кувынц, зæгъгæ.

Хуыцау тынгдæр смæсты ис æмæ сæ бынтон сæфыны фæнд скодта. Хъуг сын рæуæд нал ардта, фыс — уæрыкк, сæ хуымтæ бон цъæх æвзар уагътой, æхсæв та кæрдинаг кодтой.

Царциаты хистæр Едысо хуынди, уый зæгъта:

— Мах сæфты къахыл лæууæм, фæлæ ам нæ ном баззайæд.

Уыйадыл Едысы хъæу баззади Едысойæ, ома Царциаты номæй. Уæд Царциатæ хæсгарды хуызæн саджил æфсæйнаг дардтой фаты бырынкъыл æмæ-иу æй фехстой хоры æфсиры. Гъе уый-иу цы алвыдта хоры æфсирæй, уымæй цардысты.

Царциатæ сæ фосы хæрд фесты æмæ сыдæй скъуыйын байдыдтой. Чи ма сæ аззади, уыдоныл та мит ныууарыд æмæ сæ фесæфта.

Афтæмæй Царциатæй змæлæг нал баззади. Абон дæр цъитийæ лæууынц. Царциатæн ма сæ хæдзæртты систæ Царциаты уæзæгыл лæууынц пырхытæ æмæ кæлдтытæй. Сæ мæрдтæ дæр сæ уæзæгыл ныгæд сты. Куы сæ къахтой, уæд дзы разыны Царциаты стæгдартимæ сæ сылгоймæгты бирæ фæрдгуытæ, усы къухдарæнтæ, бурæй цонджы сахсæнтæ.

Царциатæ Хуыцауы ницæй сæфт сты. Едысæгтæн-иу хур рæстæг куы хаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скъахтой æмæ-иу уæд æнæскъæвдайæн хос нæ уыди.

60. Царциатæ куыд фесæфтысты (вариант)

Царциатæ Едысы калачы цардысты. Ныр дæр ма сæ хæдзæртты систæ Царциаты уæзæгыл амадæй лæууынц, сæ мæрдтæ дæр уым ныгæд сты æмæ сæ куы скъахынц, уæд дзы разыны фæрдгуытæ, усы къухдарæнтæ, бурæй цонджы сахсæнтæ, æндæр сæм ахæм ницы зыны.

Цардысты Нарт æмæ уæйгуыты рæстæджы. Нарт фæсхох уыдысты, уæйгуытæ та ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы [1] цур ис «Уæйгуыты галуан».

Уыдысты тынг фыдуаг адæм. Хæцыдысты Нарт æмæ уæйгуытимæ, хæтæнмæ сæм хæцынмæ цыдысты. Царциатæ афтæ фыдуаг æмæ тыхджын уыдысты æмæ Хуыцауы дæр ницæмæ дардтой, кувгæ дæр ын нал кодтой. Сæ къæсæртæ бæрзонд скодтой, кæннод, зæгъгæ, Хуыцау афтæ зæгъдзæн: «Сæ сæрæй мын кувынц». Нарт æмæ уæйгуытæ та Хуыцаумæ хъаст кодтой, куывтой йæм: «Хуыцау, Царциаты фесаф».

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу æй Хуыцауы æфсон кодтой æмæ-иу Царциатæ тыхджындæр бырсын райдыдтой. Сæ гутон уыдис æфсæн, хæцыдысты фат æмæ æрдынæй. Сæ кусæнгарз дæр уыд æфсæн, æмæ сæ фыдуагдзинад нæ уагътой. Уæд сыл Хуыцау сафыны фæнд скодта æмæ Царциатæн хор нал зади, хъуг сын рæуæд нал ардта, фыс-уæрыкк, сæ хуымтæ-иу бон цъæх æвзар уагътой, æхсæв та-иу кæрдинаг уыдысты. Царциатæ хæсгарды хуызæн саджил æфсæйнаг дардтой фаты бырынкъыл æмæ-иу уый цы алвыдтаид хоры æфсирæй, уымæй цардысты.

Уæд сæ фос æргæвдын райдыдтой æмæ сын хæрд фесты æмæ сыдæй аскъуыдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та мит ныууарыд, æмæ сæ уый фесæфта. Царциатæй иу Едысо хуындис. Уый загъта: «Мах сæфæм, фæлæ ма нæ ном баззайæд» æмæ Едыс баззад Царциаты номæй. Уый фæстæ фесæфтысты, змæлæг сæ нал баззад. Уæдæй фæстæмæ бæрзонд хæхтыл мит нал батад æмæ абон дæр цъитийæ лæууы.

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скъахтой æмæ йын уæд æнæкъæвда нæ уыд, ома Хуыцауæн уый хъыг вæййы.

Уæйгуытæ æрцахстой Царциаты уæзæг æмæ фезнаг сты Нартимæ. Уæйгуыты хистæр Хъамбар уыди, уымæн йæ усы аскъæфтой Нарт иу фынæйы афон. Уæйгуытæ хæтæны ацыдысты æмæ дыууæ хохы Схсæн Нарты размæ бабадтысты. Фæлæ уæйгуытыл цыдæр æнамонды фынæй бахæцыд æмæ-иу иу мæй фынæй баисты, иу мæй та фынæй нæ зыдтой. Сæ фынæй афон æрцыд æмæ афынæй сты. Нарт сæ базыдтой æмæ рахъуызыдысты. Уæйгуытæ раздæхтысты фæстæмæ æмæ сыл низ сыстади. Чи ма дзы баззад, уыдон бафынæй сты. Сæ хъал кæныны рæстæг æрцыд, фæлæ нал райхъал сты æмæ фесæфтысты. Сæ мæрдты сын Царциаты мæрдтыл баныгæдтой, иннæтæ та хурмæ ныссау сты.

Нарт Хъамбары усы сæ хистæр — Хуройæн радтой усæн. Афтæ фесæфтысты уæйгуытæ æмæ Царциатæ. Се стæгдар ма сын ссарынц Царциаты мæрдты къахгæйæ.

ФИППАИНÆГТÆ

Царциаты таурæгътæ хицæн чиныгæй цæуынц фыццаг хатт. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æмбырдгондмæ дæр таурæгътæн се ’ппæт хаст не ’рцыдысты.

Чиныджы таурæгътæ лæвæрд цæуынц, цы ’взагыл фыст æрцыдысты, уымæ нæ бавналгæйæ.

Алы таурæгъмæ дæр лæвæрд цæуы фиппаинæгтæ: кæцæй ист у, йæ радзурæг æмæ йæ ныффыссæг чи у, кæм ма рацыди мыхуыры.

Фиппаинæгты цы æнæзонгæ дзырдтæ æмбæлы, уыдонæн сæ фылдæр хай æмбарынгонд цæуынц, таурæгъгæнджытæ, кæнæ сæ таурæгъгæнджытæй чи ныффыста, уыдоны тæфсиргондмæ гæсгæ. Дзырдæмбарынгæнæн тексты фæстæ (Б.Д.) кæнæ (С.У.) кæм лæууы, уый нысан кæны: Беджызаты Дудармæ кæнæ Цабаты Уасомæ гæсгæ тæфсиргонд, æмбарынгонд.

I. ЦАРЦИАТЫ РАВЗÆРД

  1. Царциаты равзæрд.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп. 1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата — 1–11 ф. Радзырдта йæ Мæхъиты Дауит 27/VIII.1960 азы Дзауы районы, Чиниаты хъæуы цæрæг, 63-аздзыд æнахуыргонд зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, Герасимы фырт.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1989 аз, №1,49–51 ф.

1 Къæрта — хъæдын ведра.

2 Цæрддзæуæн — ома, сæ цæрæнбонты æнæрлæугæйæ цæуынц.

3 Уазуддзæф — ома, уазалгомау дымгæ, уазал тафс.

4 Æдзæф бандон — цавæрдæр бандон, ахæм бандон уыд Хуыцауæн. Ууыл-иу чи æрбадтаид, уый цæугæ нал кодта, фæлæ бар дæттæг уыди. (Б.Д.)

  1. Царциаты равзæрды кадæг (вариант)

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата — 13–23 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар Герасимы фырт Едысы хъæуы. Кадæг кодта хъисын фæндырæй Беджызаты Гæмсыр, Едысы цæрæг, 76-аздзыд.

1 Замды кард — хуыцæуттæ кæй дардтой, ахæм кард.

2 Аргъæныдон — гыццыл аргъуыд дон, уыд сыгъдæджы тыххæй. Кадæггæнæг æй уæд сыгъдæггæнæн дон хоны.

3 Къахонтæ — кусæрттæгтæ (цуанæтты æвзагыл).

4 Цолхъ — хуыцæуттæ цы мигæнæнтæй нуæзтой дон, уый (Б.Д).

5 Тæхой — Хуыцауы цумагæнæг (Б.Д.).

6 Донæг — ома, дон.

7 Къуыбарæг — сыджыты тымбылæг.

8 Къæдзæг — къæйдур.

II. ЦÆРДДЗОЙ ÆМÆ БОНВÆРНОН

  1. Царциаты Цæрддзой.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 24–34 ф. Радзырдта йæ Мæхъиты Дауит 27/VIII–1960 азы, Челиаты хъæуæй, Дзауы районы, æнахуыргонд лæг, 63-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, Герасимы фырт.

1 Дзæла — даргъ кæрдæджы мыггаг, бийынц дзы хæхбæсты мæкъулы бæндæнтæ.

2 Нымдгæнгæ — ома, æфсæрмы гæнгæ.

3 Тæппалгъ — ома, рæсыд гуыбын.

4 Æртæбæкк и — ома, нытътъæпæн и, йæхи нылхъывта æндзæр.

5 Æртысгæн — зынджытæ исæн дзаума. Вæййы æфсæйнагæй арæзт, фæлæ таурæгъы та хъæдæй конд у.

6 Тæрфы æхсад — хæрз æхсад.

7 Сæрæн — æгъдаумæ гæсгæ афтæ фæсномыгæй дзырдтой лæгæй.

8 Талыйагау — ома, талайау, бæласы ног къалиуау.

9 Æфсæрмæг — æфсæрм кæнын искæй раз.

  1. Цæрцойы кадæг.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, Едысы хъæуккаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудур Герасимы фырт.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1989 аз, №1, 52–54. ф.

1 Дзала — даргъ кæрдæджы мыггаг, бийынц дзы хосбæндæнтæ.

2 Цъæнуд — цады былтыл рæзæг хъамылгæрдæг.

3 Тæрфæхсад — хæрзæхсад.

4 Бастуаг — лæгыл-иу кæм баталынг, уыцы бынат.

  1. Уæларвон зынг.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 35–43 ф. Радзырдта йæ Мæхъиты Дауит, 63-аздзыд, 27/VIII — 1960 азы, Челиаты хъæуæй, Дзауы районæй, æнахуыр зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар Герасимы фырт.

Ацы таурæгъы вариант мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1989 аз, №1, 54–57 ф. Йæ сæргонд — «Цæрцойы мæлæт». Радзырдта йæ Мæхъиты Дауыт. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Журналы мыхуыргонд таурæгъы ис гыццыл хицæндзинæдтæ. «Цæрддзо» журналы варианты фыст у «Цæрцо», еугуыппарты хистæрæн дæр фæзыны ном — Хъамбар. Цирхъ æмæ фатфындзтæ журналы варианты Цæрцо йæхæдæг нæ кæны, фæлæ йын саразы уæларвон Сафа. Къухфысты варианты Бонвæрнон зæппадз саразын Хуыцауæй ракуры, журналы та зæппадз Хур æмæ Мæй саразынц.

1 Уарпп — хохы ном, арæх æмбæлы ирон таурæгъты æмæ аргъæутты. Дыгуронау афтæ хуыдтой нырыккон Эльбрусы хох.

2 Хæтæлæг — кæсæнцæст.

3 Фæмилдзых кæнын — ома, чысыл исты ахæрын.

4 Фæтигъ уыдзæн — ома, смæсты уыдзæн, йæ зæрдæ фæхуддзæн.

5 Фатфындз — фаты бырынкъ.

  1. Уæларвон зынг (вариант)

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 44–48 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, Едысы хъæуы цæрæг, 76 азыккон зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Гæмсæр цагъта хъисын фæндырыл.

1 Тæлм — ома, хардзау æркасти.

2 Алдзæн — диссаг, намысаг, цæвиттонаг.

III. АХУЫ ÆМÆ НАГЪУЫЛЛÆ

  1. Ахуы æмæ Нагъуыллæ

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 49–56 ф. Радзырдта йæ Мæхъиты Дауит, Челиаты хъæуккаг, 27.08.1960 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1989 аз, №2,56— 57 ф. «Ахуы æмæ Нагъуы» сæргондимæ. Къухфыстимæ рабаргæйæ дзы ис цъус ивддзинæдтæ. Нагъуыллæ журналы фыст цæуы «Нагъуы».

1 Дзæццæг — ома, дæрддзæф æрбадти.

2 Тæппалгъ — рæсыд гуыбын.

3 Сæрон — хæдзары хистæр (Б.Д.).

4 Хъан — ома, искæй сывæллоны схæссын.

5 Уæлæджин — æрвон цæрджытæ. Уæлæджин кодтой — ома æрвон цæрджытыл æй сæмбæлын кодтой.

  1. Хурæмæйы амард.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1939 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фидиуæг, 1989 азы, № 9, 58–59 ф.

1 Æддæс — иппæрд, адæмæй хицæнгонд (Б.Д.).

2 Æнæзгъæ — æнæзонгæ (Б.Д.).

3 Мадар — мадард бæгънæг, зыбыты бæгънæг.

4 Æсуæны райсом — ногæй чи ралæууа, ахæм райсом.

5 Салф — митхалас.

6 Дзуарцыртæвæр — дзуар цырты хуызы (Б.Д.).

  1. Ахуыйы хъæзтытæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 58–71 ф. Радзырдта йæ Сланты Михакъо, 68-аздзыд æнахуыргонд зæронд лæг, Брытъаты Урстуалты хъæу, Дзауы районаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Ацы таурæгъ цъус ивддзинæдтимæ мыхуыргонд уыд: ж. Фидиуæг, 1989 аз, №2, 58–61 ф.

1 Стъæлтæ — ома, стъæлфæнтæ.

2 Фæсæцца — ома, фергъуыйау сты.

3 Æнхъæлæг — ома, чызг æнхъæл (Б.Д.).

4 Тыппæл æхст — ома, портийы æхст (Б.Д.).

5 Дзæгъæлæг — ома, дзæгъæл цæуаг лæг.

6 Къокъоси — цæфæй сæрыл цы къобос, къуыбыс фæзыны, уый.

7 Бынатдзæг — цæрæнбынат, ома, бæстон бæрæгæй, бынæттон цард кæм кæнынц, уый.

  1. Ахуыйы ускуырд.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 73–76 ф. Радзырдта йæ Сланты Михакъо, 68-аздзыд, Брытъаты Урстуалты хъæу, Дзауы районаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

  1. Ахуыйы ускуырд (вариант)

Радзырдта йæ Сланты Михакъо, Брытъаты хъæуы, 1940 азы. Фидиуæг, 1989 аз, №3, 60–65 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

Ацы таурæгъ, иу адæймагæй фыст уæвгæйæ, къухфысты æмæ журналы афтæ цæмæн хицæн кæнынц кæрæдзийæ, уый бæлвырд нæу.

1 Авдиугæ — авд бонцауы (Б.Д.).

2 Æрдзæтæй — сæдæтæй (Б.Д.).

3 Дзидзалæ — хи хурмæ дарын.

4 Лечъыр — хосгæнæг.

5 Умын — уый мын.

6 Фæджирд — цæсты гæй истæмæ ныджджирд кæнын, кæсын.

  1. Ахуы æмæ йæ фырттæ.

Радзырдта йæ Брытъаты хъæуккаг Сланты Иликъо, 02.08.1940. Фидиуæг, 1989, №4, 59–62 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Хъуа — ома, хъуамæ.

2 Аджал — таурæгъгæнæгмæ гæсгæ — еугуыппарты адæм. Æвæццæгæн араббаг æвзагæй æрбайсгæ (араббагау — «даджджал») дзырд, кæцы нысан кæны «иблис». Ацы дзырд ма абарæн ис ирон дзырд «адзал»имæ дæр, кæцы нысан кæны «адæймаджы бонæмгъуыд».

3 Чем — хи адыл нæ уын.

4 Зæвæтдзагъд — къæхтæ химидæг цæгъдын.

5 Цъмæхид — чысыл рахид кæнын (Б.Д.).

6 Диу — фыдгæнæг бардуаг (Б.Д.). Чи зоны, æмæ персайнаг æвзаджы тæваг у.

  1. Нагъуы балцы.

Радзырдта йæ Брытъаты хъæуккаг Сланты Михакъо, 02.08.1940. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фидиуæг, 1989, №4, 56–59 ф.

1 Бæгъа — ома, мæлæты маргъ, ницæйаг.

2 Цаудзыд — фыдбылыз фенæг лæг, царды зындзинад чи бывзæрста, ахæм.

3 Туацъæ — цъыфдзаст, цъыф бынат.

4 Залдзæг — æфсæн хæдон.

5 Сион — сыкъаджын.

6 Ахриман — фыдгæнæг хуыцау (Б.Д.). Ацы ном дæр, æвæццæгæн, ист у «Шахнаме»-йæ. Авестæйы хуыйны «Анхра-Майнью». Зороастрийаг дины у дунейы Фыддзинад, Ахурæ-Маздæйы ныхмæлæууæг.

7 Æбузылд — æвзæрдзинад.

8 Дзамбых — стыр дзæбуг (Б.Д.).

  1. Ахуыйы лæппуты нæмттæ.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1940 азы. Фидиуæг, 1989, №5, 60 61 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Армадард — ома, армы дарын сывæллоны.

2 Сæрой — ам амоны хæдзары хицау, хæдзары хистæр.

3 Хъулан фырт — фидар фырт (Б.Д.).

  1. Ахуыйы фырттæн лæвæрттæ.

Радзырдта йæ Сланты Иликъо, Брытъаты хъæуккаг, 1940 азы. Фидиуæг, 1989 аз, № 5, 63–64 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Тылег — рогдзинад, рæузонд, рæучи.

2 Зындан — фыдæбойнаг бынат, зындон. Ам лæвæрд цæуы персайнаг формæйы æмæ æвдисæг у, персайнаг æвзагæй æрбайсгæ кæй у, уый.

3 Сынг бузныг — хуымæтæджы бузныг (Б.Д.).

4 Пысмел — схъиуд, рогдзинад, рæуыг.

5 Бæхдзоджи — бæхты дзуг, бæхæргъау.

6 Фосдзоджи — фосы дзуг, стурвос, фосæргъау.

7 Дзуарка — пæлæхсар сыкъаджын.

8 Кæрдæн — кæлмæрзæн (Б.Д.).

  1. Ахуыйы мæлæт.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп. 1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 77–80 ф. Радзырдта йæ Сланты Михакъо, 68-аздзыд зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Йæ вариант мыхуыр уыд: Фидиуæг, 1989 азы, № 9, С. 57–58. Радзырдта йæ 147-аздзыд Беджызаты Леуан 1940 азы, Едысаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Журналы мыхуыргонд таурæгъмæ гæсгæ Ахуы æмæ еугуыппарты æхсæн хæст райдыдта æндæр мотивтæм гæсгæ. Къухфысты еугуыппартæ сæ хистæры маст исынц, журналы та еугуыппартæ Ахуы цы галтыл хуым кодта, уыдоны байсинаг сты. Журналы варианты фæзыны ног хъайтар, кæцы феххуыс кæны гуыппырсартæн Ахуыйыл фæуæлахиз уæвыныл. Ног хъайтарæн йæ ном хуыйны Джамшид, кæцы, таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ у «æнæмæлæг уæвæгой, зæххыл цы цæуы, уый чи базоны». «Джамшид» ном ист у зороастрийаг мифологийæ. Авестæйы æмбæлы куыд «Йимæ», «Джамшид» та дзурынц персайнаг æвзагыл. Ирон фольклоры ацы ном никуы æмбæлы. Царциаты таурæгътæм, æвæццæгæн, æрбахауд Фирдоусийы уацмыс «Шахнаме»-йæ. «Шахнаме»-йы Джамшид у Пишдадидты династийæ, Авестæйы та у Вивахвантæйы фырт, паддзах-фыййау, ирайнæгты паддзах «сызгъæрин дуджы».

1 Зæдæ-зæдæтæй — ома, сæдæ-сæдæтæй (Б. Д.).

2 Ахуыбат — ацы бынат ис Урстуалтæм ссæуæны. Таурæгъгæнджытæм гæсгæ у Ахуыйы мæлæн бынат.

  1. Царциаты Нагъуæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 206–211 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан Пепейы фырт, 149-аздзыд зæронд лæг, Едысы хъæуккаг, æнахуыргонд æма куырм. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1939 азы, Едысы хъæуы.

1 Хъæдласæн — у стыр æфцæг æмæ хицæнуат, ис Урстуалты, Едысмæ æввахс, Дзауы районы. Ныр дæр дзы дарынц фос.

2 Уæхсгуыпп — уæхсджытæй хæцын дыууæ лæгæй иумæ (Б.Д.).

3 Цъитийы фæзгъæртæ — ома, ам дзырд цæуы цъитийæ къæрттытæ куыд састой æмæ сæ кæрæдзийыл куыд цавтой, ууыл.

4 Фæсæццы уын — амоны, ома фергъуыйау, фæджих уын.

5 Тахой хъугом — ис Едысы хъæуы тæккæ фарсмæ, у хуымуат æмæ хосгæрсты бынат (Б.Д.).

  1. Царциатæ æмæ уæйгуытæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 124–136 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан Пепейы фырт, 144-аздзыд æнахуыргонд зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, январы мæйы 1938 азы.

1 Фæтдзæф — ома, фатæй æхсын.

2 Сæркъул — ома, сæрæй ныллæг акувын.

3 Гæсæн — таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, бæрзонд амад мæсыджы хуызæн, цы ранæй-иу хæстысты хъахъхъæнджытæ (Б.Д.).

4 Тæли — ома, дуртæй иу рæгъ ауадзын амады мидæг, кæнæ иу фæлтæр самайын, иу рæгъы равæрд дуртæй (Б.Д.).

5 Тæлмау — хардзау, тæлмау кæсын, хардзау фæкæсын.

6 Донхæссæг — ам дзырд цæуы ууыл, ома мæхицæн къайаг куы равзарин.

7 Къуыбырджын — ацы хох ис Едысы хъæуы сæрмæ.

8 Лæзгъæр — кæнæ ма йæ хонынц, «Сæгты лæзгъæр» дæр. Уый дæр ис Едысы хъæуы сæрмæ цы хох рагъ ис, уым. Лæзгъæр нысан кæны, хохы фæхстыл фос цы къахвæндаг саразынц, уый.

9 Доннук — у адаггонд, чысыл дон дзы цæуы, æнæуый та у уыгæрдæн, ис Едысы.

10 Саргъау — ис Едысы Хъугомы чысыл хохы къуылдым.

11 Хæрисгом — уый дæр ис Едысы.

12 Цыртысæр — ныртæккæ дæр хуыйны афтæ, Едысы Хъугомы.

13 Къодахджын — чысыл хох. Ис Едысы, зæгъынц таурæгътæ, зæгъгæ, ам уыд стыр хъæд, фæлæ галтæ æргæвдгæйæ хъæды къодахы цагъд кодтой, артыл сæ æндзæрстой, уыйадыл йæ ном «Къодахджынæй» баззади (Б.Д.).

14 Кæфгæр — цавæрдæр кæсаджы мыггаг.

  1. Уæйгуыты уæрмытæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 139–148 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Дзига, Баийы фырт, 112-аздзыд æнахуыргонд зæронд лæг. Ныффыста йæ 1945 азы Беджызаты Дудар Едысы хъæуы.

Мыхуыр уыд: Фидиуæг, 1989 азы, № 10, 88–90 æмæ 91–94 фф. Журанлы мыхуыр уыдысты ацы таурæгъы дыууæ варианты фæйнæхуызон сæргæндтимæ: «Бихъуыры фырттæ» æмæ «Нагъуыйы усгуртæ». Се ’ртæ дæр иу мотивыл сты. Сæ астæу ис æрмæст цъус хицæндзинæдтæ.

1 Калак хъæу — афтæ хуынди Царциаты хъæу, калак у гуырдзиагау «горæт» (Б.Д.).

2 Стыр фæтæн — ис Едысы хъæуы, хонынц ма йæ Тахойхъугомы фæтæн дæр (Б.Д.).

3 Æрдузы фæз — ис Едысы. Уым сты уæйгуыты уæрмытæ дæр (Б.Д.).

  1. Нагъуыллæйы мæлæт.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 82–86 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, 76-аздзыд зæронд лæг, Едысы цæрæг Урстуалты, Дзауы районаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Цола кæнын — ома, мæллæг хаст сси.

2 Хъилдур — Урстуалты ис адæймаджы хуызæн къæдзæхгонд хъилдур. Йæ сæр асасти, фæлæ иннæ ныр дæр ис. Легендæтæй куыд бæрæг у, уымæ гæсгæ у Нагъуыллæ. Уый йæ адзал куы бызыдта, уæд йæхи дур фестын кодта æмæ баззади йæ ном Хъилдурæй. Ныр дæр ын ис фенæн. Йæ лыггонд къабаз дæр æрæджыты онг йæ уæлæ уыд (Б.Д.).

3 Чызджыты адаг — ис Урстуалты, Царциаты уæзæгæн Хурныгуылæны ’рдыгæй. Легендæтæм гæсгæ ацы ададжы æрцыди чызджытæн стыр хæст еугуыппыртимæ (Б.Д.).

  1. Нагъуыллæйы мæлæт (вариант)

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 88–96 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, 76-аздзыд зæронд лæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Мал — туджы æрмхæрдтæ (Б.Д.); цъыфдзаст фæскъæвда, цæугæдоны арфдæр ран.

2 Кул — къаннæг цад.

3 Кæрдæнтæ — кæлмæрзæнтæ.

IV. АХУЫЙЫ ФОНДЗ ФЫРТЫ ÆМÆ ЦАРЦИАТЫ ФОНДЗ СЫХЫ

  1. Царциаты сыхтæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фолыслор, оп.1, д.438, п. 142. Фолыслорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 97–104 ф. Радзырдта йæ 63-аздзыд Мæхъиты Дауит 27.08.60 азы, Челиатаг, Дзауы районæй.

Ацы таурæгъы æндæр вариант Беджызаты Дудар ныффыста 100-аздзыд Базилæны хъæуккаг Абайты Темболы ныхæстæй 1959 азы. Мыхуыргонд уыд: ж. Фидиуæг, 1989 азы, № 8, 62–65 ф. Журналы мыхуыргонд вариант зынгæ æндæрхуызон у. Къухфысты Царциатæ фондз сыхыл дихгонд æрцыдысты æдасдзинады тыххæй, журналы та ныхас цæуы Ахуыйы фондз фырты цавæр лæвæрттæ райстой зæдтæй, уый тыххæй. Фондз сыхыл та сæ дих кæны Уастырджи. Къухфысты Царциатæ устытæ куыд æрхастой, уыцы мотив та журналы æмбæлы хицæн таурæгъæй, хицæн сæргондимæ «Царциатæ се ’нæсæрæнтæн устытæ куыд æрхастой», мыхуыргонд уыд ж. «Фидиуæг»-ы, 1989 азы, № 8, 65–66 ф. Радзырдта йæ Плиты Агубе 1960 азы, ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Къухфыстимæ абаргæйы дзы æрмæст цъус хицæндзинæдтæ ис.

1 Луаны фæз — цавæрдæр фæз.

2 Цæрдзæф — ома, чындзон чызг лæппумæ (моймæ) куы фæцæуы, уæд чызг нал вæййы, фæлæ лæппуйы ’рдыгæй агайд æрцæуы, фæцæф вæййы, ома, уый нысан фæкæны цæрыны хъуыддаг. Чи зоны, афтæ у, æмæ нæ цард нырæй фæстæмæ нысандзæф стæм æмæ ныр иумæ цæуæд (Б.Д.).

3 Тæппалгъ — ус куы басывæрджын вæййы, уæд уый (Б.Д.).

  1. Царциаты Суа æмæ Нарты Уырызмæг.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп. 1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 149–179 ф. Радзырдта йæ 63-аздзыд æнахуыргонд зæронд лæг Плиты Абе, Науырызы фырт, августы мæйы, 1960 азы, Сырх хъæуы Гудзараты хъæусоветæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, Сырхы хъæуы.

Йæ вариант мыхуыргонд уыд: ж. Фидиуæг, 1990, № 3, 57–66 ф. Беджызаты Леуаны ныхæстæй Беджызаты Дудары фыст.

I Дзоджитæ — дзугтæ, рæгъæуттæ.

2 Емылыкк бæхтæ — фыццаг саргъ кæуыл æвæрынц, ахæм бæхтæ.

3 Дæлдзæг — дæлдæртæ.

4 Кæфджын къæлæтджын — кæфæстæгæй арæзт къæлæтджын.

5 Бон дзир-дзур байдыдта — ома бон рухс кæнын байдыдта.

6 Тыхсæлтæгтæ — бæхы къудийыл чи тыхсы, ахæм зайæгой (Б.Д.).

7 Зæвæтдзагъд — ома, зæвæтæй цæвын.

8 Уæлджинтæ — ома, æрвон цæрджытæ (Б.Д.).

9 Дæлджинтæ — доны цæрджытæ (Б. Д.).

10 Артсыгъдтæ — арты басудзгæтæ.

11 Хуысар хъуымац — зынаргъ зæлдаг, дари хъуымац.

12 Дæлдзæгтæ — фæсдзæуинтæ, дæлбартæ, лæггадгæнджытæ.

13 Мыдза — сæнт æхсад, æрттивгæ куыд кæна (Б.Д.).

14 Арыхъызмæст — цыдæр сапон.

15 Нодзæг — ома, снæуæг кæнын, нæуæгæй æрæвæрын.

  1. Царциаты хистæр.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 305–319 ф. Радзырдта йæ Сланты Бимбол, 64-аздзыд зæронд лæг, Брытъаты хъæу, Дзауы р-н. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Ацы таурæгъы æндæр вариант мыхуыр уыд: Фидиуæг, 1989 азы, №7, 49–53 ф. Радзырдта йæ Сланты Иликъо 1940 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Ныдздзелау кодта — ныззыр-зыр кодта, базмæлыди.

2 Хистæриуæгад — хистæрдзинад.

3 Аивæрстысты — аирвæзтысты. Ам æвæццæгæн таурæгъгæнæджы ныхасы хицæн миниуæг у. Иннæ таурæгъты дæр ма фембæлæн ис мырты бынативд ахæм æгъдауыл.

4 Сахъара — ам таурæгъ ныффыссæг Беджызаты Дудары ныхæстæм гæсгæ нысан кæны сур зæххы хай доны æхсæн, кæнæ сакъадах. Уæвгæ йæ нысан та у «хъил михтæй арæзт хæдзары къул». Ис ма йын æндæр формæтæ дæр: «сахъарали, сахъалари, сахъуарали». Ацы дзырд ис гуырдзиаг æвзаджы дæр æмæ нысан кæны «сæрдыгон æнтæфы фосы дзуг цы бынаты ныууадзынц улæфынмæ».

5 Ивæрзын — ирвæзын. Ацы дзырд дæр, куыд «аивæрстысты», ахæм формæйы арæх æмбæлы Дудар цы таурæгътæ ныффыста, уыдоны. Чи зоны, æмæ рæдыд фыст сты. Фæлæ арæх кæй æмбæлыдысты, уымæ гæсгæ не ’рцыдысты растгонд.

  1. Фæрнлæг æмæ йæ фырттæ (вариант)

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 106–122. Радзырдта йæ Беджызаты Дзига Баийы фырт, æнахуыргонд зæронд лæг, 112-аздзыд, Едысаг, Дзауы районæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1946 азы.

1 Лазæгтæ — адæджы хуызæн дзоныгъ, ахæм-иу Донбеттыртæм уыди, æрмæст лалосты хуызæттæ (Б. Д.).

2 Цæрдзæфтæ — чызг куы нæуал уыд, лæгимæ фæуыны фæстæ (Б.Д.).

3 Тæлм æркæсын — хардзау æркæсын, маст фæкæнын (Б.Д.).

4 Тырæнхъæлцау — ома, базæрдæ æхсаинаг ис, кæнæ басывæрджын ис.

5 Хъулджын гуырд — ома, фидар гуырд, хæсты чи нæ тæрсы, ахæм.

6 Суанцъы — æртыкъахыг, тымбыл, кæцыйыл æрæвæрынц аг.

7 Фæдфæдис — цырдгомау, уыцы уысм, уыцы фæдыл фæдисы ацæуын.

8 Уырдхæфсытæ — ома, уартхæфсытæ (Б.Д.). ,9 Тарæхсад — кæрз æхсад ныккæнын.

10 Æрвгæнæн — дуары хуылфы ’рдыгæй цы хъæдын æхгæнæн ис, уый.

  1. Фарнæг æмæ удхæссæджы фембæлд.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. Радзырдта йæ Абайты Тембол, Хъазбеджы районаг, Базилæны хъæуы цæрæг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, июлы мæйы, 1959 азы.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1990, №11,49–51 ф.

1 Кæфджынæг — кæфы стæгæй арæзт бандон.

2 Быцен — лыстæг адæмы мыггаг.

3 Талæу — артæн низ.

  1. Фарнæджы мæлæт.

Радзырдта йæ 63-аздзыд Кцойты Гæбыла, Хъазбеджы районы Къобы хъæуккаг, 1959 азы, июлы мæйы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

Мыхуыр уыд: Фидиуæг, 1990, № 12, 50–54 ф.

1 Хъуаз — сыл саг.

2 Къæлуа — доныл змæст хъæбæрхоры ссад, мыд æмæ цыхтæй арæзт хæринаг.

3 Бери — моладзан, монах.

  1. Хæтгар æмæ йæ фырттæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 278–287 ф. Радзырдта йæ Бураты Захар (Зака), Къабустаг, Дзауы р-онæй, æнахуыргонд зæронд лæг, 76-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Ацы таурæгъ гыццыл ивддзинæдтимæ мыхуыргонд уыд: Фидиуаг, 1990, № 10, 69–72 ф. «Хæтгар æмæ Таусæрухс» сæргондимæ. Цы хицæндзинæдтæ дзы ис, уымæ гæсгæ йæ схонæн ис къухфысты вариант. Ацы вариант дæр фыст æрцыд Бураты Захары ныхæстæй 1940 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Фæдджи ивазджытæ — ома, сывæллæттæ.

2 Уæгъд æркæнгæ — сылгоймагыл мидæгæй цы хуыссæн хæдон вæййы, уый (Б.Д.).

  1. Хæтгары бинонты сæфт.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, куырм, 149-аздзыд, Едысаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фидиуæг, 1990, № 10, 72–77 ф.

1 Æнæзæгъ — æнæрцæугæ.

2 Чырчы лæгæт — ахæм лæгæт ис Едысы хъæуы, зæгъынц, зæгъгæ, бардуæгтæн арæзт уыди æмбæхсынæн (Б.Д.).

  1. Хæтгары мард.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 149-аздзыд. Фидиуæг, 1990 азы, №10, 77–79 ф.

1 Тауис — исты мастдзинад хæссын (Б.Д.).

2 Уас — ома, уыйас.

3 Бардан — стыр голлаг.

4 Фæсæццæд сты — фæуыргъуыйау сты.

  1. Бдыса æмæ зылындзых Бугар.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 288–298 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан Пепейы фырт, 149-аздзыд, æнахуыргонд зæронд лæг, Едысы хъæуккаг, Дзауы районæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1.01.1939 азы, Едысы хъæуы.

Йæ вариант мыхуыр уыд «Едыссæ æмæ зылындзых Еугар» сæргондимæ ж. «Фидиуæг»-ы, 1991, №2–3, 115–117 ф. Радзырдта йæ Дзукъаты Муссæ, 89-аздзыд, Челиаты хъæуккаг, 1948 азы, августы мæйы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

  1. Бдыссæ æмæ Бухæр.

Радзырдта йæ Бураты Захар (Зака), Къабустаг, Дзауы районæй, æнахуыргонд зæронд лæг, 76-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фидиуæг, 1991, №1, 73–74 ф.

1 Суанцъы — аг цы æртыкъахыгыл æрæвæрынц, уый.

2 Камчыри — агæй фынчытæ исæн хуынчъытæ уидыг.

3 Хъалац — нуазæн кæхц.

4 Мацъа — уæйгуыты нуæзт (Б.Д.).

5 Ридауын — ома, фидауын (Б.Д.).

6 Æддæс — адæмæй иппæрд уæвын (Б.Д.).

  1. Хъæлæджы мард (вариант)

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 271–276 ф. Радзырдта йæ Мæхъиты Дауит, 63-аздзыд æнахуыргонд лæг, Челиаты хъæу, Урстуалты, Дзауы ро-аг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 27.08.1960 азы.

  1. Уадæджы амард.

Тотыраты Лексо, Къабусты хъæуккаг, Дзгуы районæй, 74-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1939 азы. Фидиуæг, 1991, №4–5, 142–143 ф.

1 Изел — æнæзæгъгæ хуыцау (Б.Д.).

2 Джамид — æппæт чи зоны, мæлгæ чи нæ фæкæны, ахæм (Б. Д.). Ирайнаг мифолигийы ахæм ном не ’мбæлы. Персайнаг æвзаджы «джамид» нысан кæны «тыхджын, фидар». Фæлæ, æвæццæгæн, «Джамшид» номы вариант уыдзæн.

3 Цъегъо дон — ихбынæй цæугæ дон.

4 Хæлццæттæ — донæй сырæзгæ ихтæ.

5 Агар — хæстон раздзог, хæдзары та — æфсин (Б.Д).

6 Фæцъогъа кæнын — цыргъаг цырд фелвасын.

V. ЦАРЦИАТЫ КÆСТÆРТÆ

  1. Хæтгары фырт Хæтæго

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 300–304 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Леуан Пепейы фырт, 149-аздзыд, Едысаг, Дзауы р-нæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1.01.1939 азы.

1 Чырты лæгæт — цавæрдæр лæгæт, хуыцæуттæ кæм улæфыдысты, æвæццæгæн ахæм, зæгъы таурæгъгæнæг (Б.Д.).

  1. Царциаты Лока.

Радзырдта йæ Беджызаты Дзига, 91-аздзыд Едысаг, 1948 азы. Фидиуæг, 1989 аз, № 9, 59–61 ф.

1 Дæрæнгъау — сæхъисæй нывæст халагъуд-хæдзар.

2 Къæрит — цæрмттæй хуыд цыбыр кæрц.

3 Уæрдæхдзых — исты йæ фындзæй куы ласай, уæд-иу ыл цы цæстгонд æвæрдтой рахæцыны тыххæй, уый (Б.Д.).

4 Æбузылд — æвзæрдзинад, æнамонддзинад (Б.Д.).

  1. Базыг æмæ Æмбазыджы райгуырд.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, 1939 азы. Фидиуæг, 1989, № 11, 62–64 ф.

1 Мадгуырд — ома æрдзон гуырдæй нæ райгуырдзыстæм.

2 Къуай — цæстытæ фæйнæрдæм куы хæцой, уый.

3 Багъда — цавæрдæр бынат, таурæгъгæнæгмæ гæсгæ, чи зоны, Багдад у (Б.Д.).

4 Дыджыкæ — дзидзийæ хъомылгæнæг искæй сывæллон.

5 Монг — æвирхъау мард.

6 Æртсыгътæ — арты басудзæггæгтæ, сыгъдæттæ.

7 Дыдихæй — дыууæрдæм, фæйнæрдæм.

8 Гаппар — тынг чъизи.

9 Лазæг — нало (Б.Д.). Ленингоры ирæттæ «нало» хонынц «ставд тымбыл бæлас». Æмæ, æвæццæгæн, «лазæг» дæр нысан кæны «бæласы кæлддзæгæй сыфцæй ласæн дзоныгъ».

VI. ЦАРЦИАТЫ ЗНÆГТÆ

  1. Маммийы райгуырд.

Радзырдта йæ Дзукъаты Муссæ, Дæллаг Челиаты хъæуккаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Мыхуыргонд уыди Фидиуæг, 1989, № 2, 61–62 ф.

1 Сагъуыдис — ома, фæцахуыр ис.

2 Батырæнхъæлцау — базæрдæхсаинаг, басывæрджын.

  1. Царциаты рæдыд.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 249–253 ф. Радзырдта йæ Тотыраты Лексо, Къабускаг, Дзауы р-нæй, 74-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Ацы таурæгъæн йæ вариант «Еугуыппырты бабын» сæргондимæ мыхуыргонд уыд ж. «Фидиуæг»-ы, 1991, №1, 70–71 ф. Се ’хсæн ис цъус хицæндзинæдтæ. Журналы лæвæрд таурæгъы фæзыны еугуыппарты хистæр Адай, кæцыйы Царциатæ бæгънæгæй бабастой къæдзæхмæ. Хуыцау ын фæтæригъæд кодта æмæ йæ къæдзæх фестын кодта. Уымæ гæсгæ уыцы къæдзæх йæ номыл баззад — Адайхох.

1 Уæлхъæдæй — ома, лæугæйæ, стгæйæ.

2 Ходза хуыр — Ацы дур у ставд дур, сау, андезиты хуызæн, æвæццæгæн Ходзы хьæуæн йæ алыварс ахæм дур кæй у, йæ ном дæр ходз уымæн хуыйны.

  1. Сугъты сæфт.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д. 438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 254–262 ф. Радзырдта йæ Тотыраты Лексо, 74-аздзыд, Къæбусты цæрæг, Урстуалты, Дзауы р-нæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, 1940 азы.

Ацы таурæгъы вариант «Царциатæ æмæ Сугътæ» сæргондимæ мыхуыргонд уыд ж. «Фидиуæг»-ы, 1991, №4–5, 147–149 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, 76-аздзыд, Едысаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

1 Ивæрст — ома, ирвæзт.

2 Хъæдласæн — у стыр ком стыр хæхтимæ. Кæ ддæр хъæдæй уыд æмæхгæд. Хъæд-иу дзы кæй ластой, уый тыххæй йæ ном Хъæдласæнæй баззади. Ис Едысы (Б.Д.).

  1. Гуымиртимæ хæст.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп. 1, д.438, п. 142. Фолыслорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 263–270 ф. Радзырдта йæ Бураты Захар (Зæка), Къабусты цæрæг, æнахуыргонд, 76-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1940 азы.

1 Булкъдаст — ома, быныл даст.

2 Гæсæн — мæсыджы хуызæн даргъ. Уырдыгæй-иу хъахъхъæдтой (Б.Д.).

3 Æртгом — куырдадзы зынг кæм судзы, уый.

4 Æлæндон — удæгасгæнæн дон.

  1. Гуымирты Фыдæгъызы мард.

Радзырдта йæ Къабусты хъæуккаг Бураты Захар. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Фидиуæг, 1991, № 1, 71–73 ф.

1 Фыдырмыц — фыдзонд, хивæнд, тæппалдзинад (Б.Д.).

2 Цатфæдис — тыхджын фæдис.

3 Бынджиныг — бынысæфт фæуын, фæцагъды уæвын.

4 Фыдгъуызы хох — ис Цæгат Ирыстоны.

  1. Цъыбырттæ.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп. 1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 181–188 ф. Таурæгъ ракодта Тотыраты Лексо, Къабусты хъæуккаг, Дзауы районæй, 74-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар сæрды 1940 азы.

Йæ вариант мыхуыргонд уыд ж. «Фидиуæг»-ы, 1991, №4–5, 149–151 ф. Таурæгъы вариант радзырдта Беджызаты Леуан, 149-аздзыд, Едысаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1940 азы.

1 Дзуардзыт — ома, дзуармæ куывды цæуын Бигъуылаты мыггагæн кад кæныны тыххæй.

2 Хъил — ома, тох уадзынмæ куы хъавыдысты, уæд-иу хъил æрсагътой, чи тох кодта, уыдонæн се ’хсæн.

3 Кæрддзæфтæ — ома, сæ кæрдтæй ныррæхуыстытæ кодтой сæ хуыссæн уæтты æхсæвы.

  1. Царциатæ æмæ Цъыбыртты диссæгтæ.

Радзырдта йæ Наниты Андо, Кировы хъæусоветы Начърепайы хъæуккаг, 1925 азы, мартъийы мæйы. Ныффыста йæ Гæззаты Лади.

Мыхуыр уыд: Хуссар Ирыстоны адæмон уацмыстæ, Цхинвал, 1929 аз, III чиныг, 119–120 ф.; Хуссар Ирыстоны фольклор. Сталинир, 1936 аз, 276–277 ф.; Ирон адæмон аргъæуттæ. III т. Цхинвал, 1962, 50–51 ф.

1 Тæлммæ кæсын — хъыг кæсын.

2 Ацыт — ома ацæут.

VII. ЦАРЦИАТЫ МИТÆ

  1. Царциаты куывд.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 189–196 ф. Радзырдта йæ Тотыраты Лексо, Къабусты хъæуккаг, Дзауы районæй, 74-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар, сæрды 1940 азы.

  1. Царциаты симæндон къæдзæх.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 213–221 ф. Радзырдта йæ Сланты Бимбол, 69-аздзыд, Брытъаты хъæуæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1940 азы.

Ацы таурæгъы вариант, кæцыйы радзырдта 1939 азы Беджызаты Гæмсыр, Едысаг, мыхуыры рацыд ж. «Фидиуæг»ы, 1989 азы, №12, 75–77 ф. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар. Дыууæ таурæгъæн дæр сæ мотив иу у, æрмæст ранæй-рæтты цъус хицæн кæнынц.

1 Зылд кæнæ Уæйгуыты къæдзæх — ис Урстуалты, ныр дæр у стыр фæндаг, йæ иу дуры даргъ дыууæ ивæзыны бæрц у, йæ бæрзæндæ иу ивæзыны бæрц. Хонынц ма йæ «Зылды мæсыг» кæнæ «Уæйгуыты мæсыг». Уæйгуыты мæсыджы тыххæй алвæрсонæй æркастæуыд уацты: Е. Пчелина. «Зилде Машиг», Советская этнография, 1934 г., №3; Гæззаты Лади. «Зылды мæсыг» — Фидиуæг, 1927 аз, № 7–8.

2 Тъæпæнæг — хохы-иу дон хæссынæн дардтой хъæдын мигæнæн, хуыдтой сæ тъæпæнгæнджытæ (Б.Д.).

3 Тъета — у дзоныгъгонд, зымæг сывæллæттæ ахæмтыл фæбырынц (Б.Д.)

4 Иугæндзон — æппынæдзух, иудадзыгдæр.

5 Æрдуз — Едысы хъæумæ æввахс ис стыр фæз (Б.Д.).

6 Сыгъдæнæг — чъыр, чъыр судзæн, æвæццæгæн чъыры рагон ном (Б.Д.).

7 Чъырæн — чъыримæ арæзт гæнæхтæ æмæ мæсгуытæ (Б.Д.).

8 Симæндон къæдзæх — ис Едысы, иу тъæпæн къæдзæх, йæ алыварс у дур æмæ зæгъынц, зæгъгæ, Царциатæ фæуæлахизы фæстæ уым симд арæзтой алы хатт дæр (Б.Д.).

9 Хъæлæсау — уæрмы хуызæн арф зæххы ныххауд. Таурæгътæм гæсгæ ам фесæфтысты Царциатæ æмæ уæйгуытæ сæ хæсты заманы (Б.Д.).

10 Бихъхъуырау къæдзæх — ис Едысы, зæгъынц, зæгъгæ, уæйгуытæ сты, сæхи къæдзæх чи фестын кодта (Б.Д.).

  1. Бардуæгтимæ фæбыцæу.

Радзырдта йæ Беджызаты Гæмсыр, Едысы хъæуккаг, 76-аздзыд, цагъта хъисфæндырæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1939 азы.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1990, № 9, 57–60 ф.

1 Сарагъ — сæр, таурæгъгæнæгмæ гæсгæ.

2 Фæдиджæ — ныхасы фæсабыр (Б.Д.).

3 Æрврæтты — арвы кæрæтты.

4 Дагъ — хох дæргъæрдæм куы вæййы, уый.

5 Æвæджиаг — ома, нæ фæтчы (Б.Д.).

6 Ахирман — фыдгæнæг хуыцау (персайнаг Ахриман, авестæйаг Анхра-Майнью).

7 Ормаздæ — зонддæттæг бардуаг (Б.Д.). Ормаздæ ном ист у персайнаг æвзагæй. Афтæ хъуысын райдыдта нырыккон персайнаг æвзаджы зороастрийаг дины иунæг Хуыцау — Ахурæ-Маздæ. Ирон адæмон таурæгъты æндæр никуы æмбæлы ацы ном.

8 Малгъа — æлгъыст, æгад (Б.Д).

9 Джитæнтæ — диссæгтæ кæнын (Б.Д.). Цæгатаг ирæттæм ацы дзырд нысан кæны «тыхсын, йæхицæн бынат нæ арын».

10 Тутыры хъул — Тутыры дзы фæуилынц, у 6 тигъон: иу фарсыл дзы ницы ис, 2-аг фарсыл — иу тæпп, 3-аг фарсыл — дыууæ тæппы, 4-æм фарсыл — æртæ тæппы, 5-æм фарсыл — цыппар тæппы æмæ 6-æм фарсыл — 6 тæппы. Суилгæйæ хъул кæмæн цал тæппы равдиса, уал бануазы, афтид кæмæн равдиса, уый ницы нуазы (Б.Д.).

11 Æвидиугæ — сæркъулæй цæуын амоны ам (Б.Д.).

12 Æбузыдæй — æвзæрдзинадæй.

13 Азымбылæй — ныхкъуырдæй цыд (Б.Д.).

14 Рæтдзæстытæ — хæфцæстытæ (Б. Д.).

15 Митрæ — æгъдаудæттæг хуыцау (Б. Д). Ацы ном дæр ист у зороастрийаг мифологийæ, кæцымы нысан кæны «бадзырды, ардхæрыны, дунейы æгъдæуттæ хъахъхъæнæджы бардуаг».

16 Каджитæ — лæгимæ нæ фидауæг бардуаг (Б.Д.). Æвæццæгæн растдæр уыдзæн «Каджитæ», ирон адæмон сфæлдыстады арæх цы «Кадзитæ» фембæлы, уыдонимæ сбæттын. Уыимæ, ирон мифологийы ахæм бардуаг никуы æмбæлы. «Кадзитæ» та таурæгътæм гæсгæ сты зæххы бын, денджызы бын цæрæг адæм, дæлимонтæ, зинтæ.

  1. Царциатæ Мысырмæ куыд цыдысты.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 227–248 ф. Радзырдта йæ Сланты Иликъо Джеуæрджийы фырт, æнахуыргонд, 68-аздзыд, Брытъаты хъæуы цæрæг, Дзауы р-нæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1940 азы. Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1990, № 5, 40–48 ф.

1 Мысыр — ныры Египет.

2 Хурсыфтæ — стыр сыфтæ, чи зоны, пальмæтæй загъдæуы (Б.Д.).

3 Бæдæйнаг — æвзыгъд лæппулæг.

4 Разкъæрттытæ — разгæмттæ.

5 Асадæн кæнын — аууон кæнын.

  1. Царциаты митæ.

Радзырдта йæ Къобы хъæуккаг Кцойты Гæбыла, 1959 азы. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1989, №12, 73–75 ф.

1 Къæссавæлдæхт — ома, хойрагæй сæм ницыуал баззад.

2 Дывæлдахæй — дыууæ рæгъæй.

  1. Царциаты фæндийæгтæ сæ кæстæртæн.

Радзырдта йæ Беджызаты Дзига, 91-аздзыд, Едысаг, æнахуыргонд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1947 азы.

Мыхуыр уыд: ж. Фидиуæг, 1990, № 9, 55–57 ф.

1 Зындан — зындон. Ам æмбæлы персайнаг æвзагæй æрбайсгæ формæйы хуызы.

VIII. КЪАУКЪАЗ ÆМÆ НАРТИЙЫ ЦОТ

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.597. Царциатæ. (Материал, собранный Цабаевым В.Г. о легендарном племени) Цабайты Уасо сæ ныффыста 80-аздзыд Томайты Алексейы фырт Матейы ныхæстæй. Мате уыди Гуры районы Скърайы хъæуккаг, царди Тбилисы (амард 1955 азы январы мæйы, 90-аздзыдæй). Уасойы ныхæстæм гæсгæ Мате та сæ фехъуыста Гуыцмæзты Хухуйæ (Гучмазов Хуху — Гнухы хъæуы цæрæгæй, кæцыйыл уыцы рæстæджы цыди 160 азы, æмæ Хуыбиаты Зелойæ, Гуджареты комы бынæттон цæрæгæй.

Ацы таурæгътæ Цабайты Уасомæ фыст сты куыд иу уац. Хицæн сæргæндтыл сæ адих кодта чиныг аразæг æнцондæр кæсынæн. Уыййеддæмæ йæм æвнæлд не ’рцыд æмæ сæ Уасо куыд ныффыста, афтæмæй мыхуыргонд цæуынц.

  1. Царциатæ.

1 Дзыгъуын — къамбец, кадæггæнæг куыд бамбарын кодта.

  1. Къаукъаз æмæ Нарти.

1 Кадæггæнæг фидарæй дзырдта Къаукъаз, ноджыдæр кадæггæнæг дзырдта: Къаукъазы ном арæх уыдис Ирыстоны, æппынæрæджы дæр ма-иу дзырдтой Ирыстоны: «Джеры коймæгтæ, дам, Къаукъазы хъæбултæ сты» (Ц.У.).

2 Фæтæг — ацы ныхас кадæггæнæг æмбарын кодта: «æфсад» кæнæ «пъæлицæ» (Ц.У.).

3 Сæры хуыдты тыххæй ирон этнографийы дæр æма археологийы дæр баззад æвдисæнтæ. Царциаты цыртытæ къахгæйæ бирæтæ-иу ссардтой сæрыгæхцытæ, сæ тенкатыл æрхуы хуыдт, афтæмæй. Ахæм сæрыгæхцыты кой кæны Г.Ф. Чурсин дæр йæ чиныджы «Осетия. Этнографический очерк» [6 ф.].

4 Чырыстон фос — ома, сабыр фос.

  1. Ирон

1 Хъаджджын — хъуаг.

2 Æфцджытыл — æфцæджытыл.

  1. Иронтæ

1 Таурæгъгæнæгмæ гæсгæ, Царциатыл цы æфсæдтæ бырстой, уыдон стырдæр цæугæдæттæй иуы схуыдтой «Стырдон», бирæ Царциатæ кæм фæдæлдон сты, уый та кæй атыппыр, чи аныгъуылд, уыдоны хæлбурцъытæй, уымæ гæсгæ схуыдтой «Тыппырдон». В.Ц.

2 Къамбиз æмæ Псаманит — ацы нæмттæ æцæгæйдæр зындгонд сты историйы. Камбиз, зæгъгæ, ахæм ном зындгонд у историйы куыд персайнаг паддзах VI æнусы нæ дунейы агъоммæ. Псаманит та историйы зындгонд у куыд Псаметих III — Мысыры паддзах, æмæ уый дæр цард VI æнусы нæ д.а. Йæ фæдонтæ та историйы баззадысты Псаманиттæ номыл. Историктæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Камбиз æмæ Псаметих фæбыцæу сты. Рагон фыстытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Камбиз æцæгдæр йæхи амардта. (Кæсут: Кумиставели. Камбиз æмæ Псаманиты фæбыцæу. Журнал «Джеджили», 1901 аз, №2, 61 ф.; Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона. Т. 50, с. 660–661.).

Цымыдиссаг у Псаманиты фыртæн Къаукъаз «Саулæг» ном кæй радта, уый дæр. Мысырæй кæй уыди, уымæ гæсгæ, æнæмæнг, уый Къаукъазы адæмæй саудæр уыди, æмæ йын йæ ном дæр, æвæццæгæн, йæ хуызмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд.

  1. Басыл æмæ Олгъа.

1 Уæрдæх — пыхсæй, уисæй конд ставд бæттæн.

2 Æндæр вариантмæ гæсгæ: Олгъайы рон хид у æмæ алцыппæт дæр цæуы ацы хидыл. (С.У.).

3 Уырм — кадæггæнæг æмбарын кæны куыд «остров».

4 Ацы зарæг, дам, дзуры кадæггæнæг, Ирыстоны æрæджыйы онг дæр уыдис. Ацы аргъау куы дзырдта Гуыцмæзты Хуху, уæддæр, дам, зарыдысты Олгъайы зарæг. Уый тыххæй, дам, зарыдысты, цæмæй Олгъайы ном макуы фесæфтаид Ирыстоны. (С.У.)

IX. ЦАРЦИАТЫ СÆФТ

  1. Царциаты сæфт.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 197–203 ф. Радзырдта йæ Сланты Иликъо Джиуæрджийы фырт, Брытъаты хъæуккаг, Дзауы районы, 74-аздзыд. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар 1940 азы.

1 Саджил фатфындзтæ — ома, ахæм фæттæ, кæцытæ уыдысты саджил.

2 Царциатæй иу хай ныгæд у афтæ: бынæй къæй, фæрстæм — къæйтæ, стæй мард се ’хсæн æмæ йæ къæйæ æрынбæрзынц. Уыцы къæйы сæрыл дæр та мард се ’хсæн æмæ йæ алыварс къæйтæ, стæй та къæйæ æмбæрст æмæ афтæ дарддæр. Алы ингæны афтæмæй дæс кæнæ фылдæр марды ис æвæрд (Б.Д.).

3 Фæрсæвæрд — Царциатæн се ’ннæ хай сты æнæ ингæнæй ныгæд. Фæрсæй фæрстæм-иу равæрдтой мæрдты, стæй сыл иу фæлтæр равæрдтаиккой, стæй та уыдон уæлæ ног фæлтæр æмæ та сыджыт ногæй (Б.Д.).

4 Едысы аргъуан цы къуыппыл æвæрд ис, уый бын иууылдæр у стæгдар Царциаты мæрдтæй.

5 Едысæй Брытъаты хъæуы æхсæн уаддзæг у лæсæн. Ныр ыл хъæд схæцыд. Кæддæр Десы къахыр æмæ Хъелы цады уыд зæхх стынд æмæ лæсæн байдзаг ис Едысæй Брытъаты æхсæн.

6 Лигдонат — ис Едысы хъæуы, зæгъынц таурæгътæ, зæгъгæ, Едысайы авд фырты уым лæсæн ракалди æмæ фесæфтысты авд æфсымæры (Б.Д.).

7 Едыс — Едаса уыд Царциатæй. Царциатæ куы сæфтысты, уæд ма сæ уый хæрз иунæгæй аирвæзти, балыгъди Едысы суары цурмæ, фæлæ йæ авд фырты куы бабын сты, уæд гæнах ацарæзта æмæ йæ гæнахы зæрдæскъуыд фæцис. Уыцы гæнах уыди Беджызаты къухы, уыд æртæ æддæгуæлæ. Фæлæ Беджызатæ удæгасæй бирæгъ куы бастыгътой, уæд аскъуыдысты. Иу ма сæ баззади æмæ йæ уый Мамитæн радта. Уыцы гæнахыл ныр Мамитæ хæдзар сарæзтой (Б.Д.).

8 Калак — гуырдзиаг ном, амоны горæт. Царциаты бынат ныр дæр «Калактæ» хуыйны.

  1. Царциаты сæфт.

ОРФ СОИГСИ, Ф. фольклор, оп.1, д.438, п. 142. Фольклорные записи Д.Г. Бегизова. II Предания о Царциата. — 223–226 ф. Радзырдта йæ Беджызаты Пепейы фырт Леуан, 149-аздзыд, Едысаг, Дзауы р-нæй. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар» 1939 азы.

1 Калак — Едысы уыд стыр хъæутæ Царциатæн. Ныр дæр ма актыты калакский приход фыст сты афтæ архивты дæр. (Б.Д.).

  1. Царциатæ куыд фесæфтысты (вариант)

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан, фысгæ та йæ ныккодта Беджызаты Дудар 1940 азы 29 июлы. ХИЗИИ архивы фольклорон фыстытæ, №53. Мыхуыргонд æрцыд: Ирон адæмон аргъæуттæ. III Т. Цхинвал, 1962. — 48–50 ф. Уæйгуыты мæсыджы тыххæй кæс Е. Пчелина. «Зилде Машиг», Советская этнография, 1934 г., №3 æмæ Гæззаты Ладийы уац «Зылды мæсыг» — Фидиуæг, 1927 аз, № 7–8.

1 Ходз — Едысы сæрмæ иу чысыл хъæу, Стыр Леуахийы райдианы.

[1] ИÆ — Ирон æмбисæндтæ. /Æрæмбырд сæ кодта æмæ чиныг сарæзта Гуытъиаты Хъазыбег./ — Орджоникидзе, 1976.

[2] Дз.Р. — Р.Г. Дзаттиаты. Царциатские памятники: едысское городище и могильники. — Владикавказ, 2006.

[3] Меликсетбеков Л.М. К археологии и этнологии Туальской Осии / Материалы по изучению Грузии. Юго-Осетия. Вып. I. Серия I. Тифлис, 1925. — С. 252–278.

[4] Кокиев Георгий. Склеповые сооружения горной Осетии. Историко-этнографический очерк. Владикавказ, 1928.

[5] Куфтин Б.А. Археологическая маршрутная экспедиция 1945 года в Юго-Осетию и Имеретию. Тбилиси, 1949.

[6] Дзаттиаты Р.Г. Царциатские памятники: едысское городище и могильники. Владикавказ, 2006. — С. 79–90.

[7] Персидско-русский словарь. Т. 1. М., 1970. — С. 465.

[8] Царциатæ. Материал, собранный Цабаевым В.Г. о легендарном племени. // Ф. фольклор, огт. 1, д.597, Инв. № 1088. — С. 1.