БИТАРТЫ Маринæ

Æрцыд ахæм бæрнон рæстæг, æмæ хорз æвзæрæй кæд хъуамæ иртасæм, æмзондæй ног хуызы фашизмы фæдонтыл фæуæлахизмæ не ‘ппæт хъуыдытæ æмæ хъарутæ дæр кæд хъуамæ аздахæм. Æмæ нын æнтысы! «Дзыллæ æмæ æфсад фæхицæнгæнæн нæй!» – ацы хъуыдыйыл æнувыд адæм  уыцы хъуыддагмæ се ‘ххуысы хай хæссынц. Нæ хæстонтæ, хатт сæ цæссыг дæр нæ уромгæйæ, фæкæсынц сывæллæтты фыстæджытæ. Уыдон сын сæ ныфсыл ныфс æфтауынц. Нæ хъахъхъæнджытæ зонынц, рох кæй не сты, адæм сыл сæ ныфс кæй дарынц.

Æмæ нæ лæппутæ сæхи хъæбатырæй æвдисынц. Хъыгагæн, къордæй уыцы рæстаг тохы бацарæфтыд сты. Алкæмæн дæр нæ уым, йæ цырены, ис кæнæ хæстæг-хион, кæнæ – зонгæ, сыхаг. Куы сыздæхынц, уæд дзурынц æрмæстдæр, рæстдзинад нæ фарс кæй у, фашизмæн йæ уидæгтæ бындзарæй сыскъуынын кæй хъæуы, æндæра та ногæй йæ сæр сдардзæн. Уыцы рæстæг нæ либералтæ æмæ пацифисттæ та, компьютерты уæлхъус бадгæйæ, сæхи алцызонæг скодтой æмæ сæ бæсты уынаффæтыл схæцынц…

Æфсæддон операцийы райдайæнæй фæстæмæ мах сидæм нæ Президенты фарс æрлæууынмæ, аразæм акцитæ. Уæдæ æндæр хуызы куыд? Газеты редакцимæ нæм бирæтæ дзырдтой æмæ фыстой, æргътæ уайтагъд хæрдмæ кæй ныццавтой, уый тыххæй. Ноджы ма Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонты маршруткæты цæуыны аргъ дæр схызт, нæхи хойраджы продукттæ дæр фæзынаргъ сты. Гъемæ нæ газеткæсджытæн уавæр æмбарын кодтам, æмæ-иу немæ сразы сты. Фæлварæн рæстæг у, æмæ нæ дзыллæйы тых та бахъуаджы сахат æрбангом уæвыны миниуæджы ис. Нæ адæм, фыдæвзарæнтæ цæй сæраппонд сты, уый куы ‘мбарой, уæд алцæмæн дæр быхсдзысты . Алчидæр йæхи бынаты, йæхимæ бæрнондзинад исгæйæ, рæстзæрдæйæ куы куса, социалон фарстатæ куы иртаса, уæд уый уыдзæн уæзгæ æххуыс нæ Президентæн.

Бирæ ахъуыдыйаг хъæнтæ раргом мобилизацийы рæстæг. Нæ бæстæйы Президент æмæ хъахъхъæнынады министр кæд бæлвырдæй загътой, æфсæддон-хыгъдон дæсныйад æмæ хæстоны фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм адæммæ кæй сидынц, уæддæр регионты хатт сидтысты алкæмæ дæр, уыцы бардзырд нæ хынцгæй. Закъонхалæн æндæр цаутæ дæр уыд. Æфсадмæ ныр кæмæ фæсидтысты, уыдон тохы быдырмæ цæмæн æрвыстой, кæнæ мобилизацимæ чи бахауд, уыдон хъæугæ ифтонггæрзтæ æмæ уæлæдарæс сæхи хардзæй цæмæн æлхæдтой?! «Коммерсанттæн» уыдæттæ æргътыл ноджыдæр схæцыны æфсон фесты. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæ ныхмæ радзырдта, мобилизацимæ бахауджытæн сæ хæрдзты иу хай бафидыны тыххæй Указ бафыста, æмæ фæйнæ 30 мин сомы райстой.

Иннæ къабаз – Уæрæсейы ахуырады «реформæ». Мæ ахуыргæнджытæн се ‘мкусæг куы сдæн, уæд ног стандартты тыххæй дзырдтой, специалисттæ кæнæ цыдæр раст нæ бамбæрстой, кæнæ та чидæр æргом знаггад цыма кæны æнæхъæн паддзахадæн дæр. Абон, уæд зонадон æхсæнады сагъæс чи уыд, уыцы хъуыддæгтыл иууылдæр æргом дзурынц – ерыс зонындзинæдтæ нæ, фæлæ фæлварæнты хорз бæрæггæнæнтæ райсыныл цæуы. Цæстæнгас ахуыргæнæн чингуытæм нæ, фæлæ «ЕГЭ»-йы æмбырдгæндтæм арæзт у, æмæ уыйадыл сывæллæттæ дунейы æмæ сæхи паддзахады истори зыгъуыммæтæй зонынц. Афтæмæй цæй патриотон хъомылад æмæ хæрзæгъдаудзинадыл дзурæн ис? Уæдæ фæстаг 30 азы нæ медицинæйы, ахуырады, зонады ног ирд нæмттæ кæй нæ фæзынд, уый дæр, раст фæндагыл кæй нæ цæуæм, уымæн æвдисæн нæу?!

Дыууæ азы размæ нын коронавирус цы фæлварæн скодта, уый та нын медицинæйы оптимизацийы гæлиртæ равдыста. Ныридæгæн æргом зæгъынц, нæ медицинæ ног фæсарæйнаг домæнтæм гæсгæ дзæгъæлы кæй рацарæзтам. Пандемийы рæстæг сæдæгай адæймæгтæ фервæзтысты æрмæст дохтырты æмæ се ‘ххуысгæнджыты руаджы. Кæнæ маршрутизаци кæй хонынц, уыцы ногдзинад: инфарктимæ дæ хæстæгдæр рынчындонмæ нæ, фæлæ дæсгай километртæ дарддæр æндæр ранмæ ласынц. Ацы рæдыдыл дæр та басастыстæм, фæлæ йæ раст кæнын кæд райдайдзыстæм?

Цалынмæ нæ хæстонтæ тохы быдыры сты, уæдмæ мах дæр хъуамæ нæхиуыл ма ауæрдæм – ивæм нæ зондахаст, кæрæдзимæ хæлардæр зæрдæ дарæм. Сабырдзинадмæ бæллæм, æмæ дзы тагъддæр куыд фæхайджын уæм, уыцы арфæ нæ уæд!

БИТАРТЫ Маринæ,

газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор