ЦЫБЫРТЫ Людвиг

ÆНÆРХЪУЫДЫ НЫХАС КАРЗ БЫЦÆУ САЙЫ

Цалдæр азы размæ Ирон театры нæ зындгонд актер æмæ режиссер Темыраты Дауытæн фæстаг фæндараст куы дзырдтам, уæд ныхасгæнджытæй иу, хуымæтæг адæймаг чи нæ уыд, ахæм, бафиппайдта, нæ республикæйы цæрджыты дыгурон хай цагъары уавæры кæй ис. Уый нæ, фæлæ Цæгат Ирыстоны дыгурæтты бартæ абарста Амырычы резервацийы цæрæг индейæгты уавæримæ. Мæнæн уæд фыр мæстæй мæ дзыхы ныхас дæр нал бадт.

Уыцы хъуыдытæм хæстæг ныхæстæ, не ‘хсæнад нын чи дихтæ кæны, ахæм æргом провокаци фехъуыстон Ирон театры ацы азы 1-æм мартъийы, дыууæ зындгонд фыссæджы, фыд æмæ фырт Малиты Георги æмæ Васойы номарæн изæры дæр. Загъта сæ стыр зонадон «цинтимæ» раздзæуæг суæвынмæ тырнæг адæймаг. Æмæ та сæвзæрдысты фыццаг бакастæй хуымæтæг фарстатæ. Интеллигенты ном хæссын кæй фæнды, уый хъуамæ хъæрæй фæсидыны размæ йæ ныхæстыл хъуыды ма акæна? Хъуамæ ма ‘мбара, кæм æмæ цы дзурын хъæуы, йæ хъуыдытæ куыд азæлдзысты, уый, уæлдайдæр, ныхас нацийы иудзинадыл куы цæуа, уæд? Ахæм адæм хъуамæ ма ‘мбарой, змæст дуджы кæй цæрæм, дунейы геополитикон уавæр тынг вазыгджын кæй у, нæ паддзахады æмæ йемæ нæ чысыл адæмыхатты фидæнæн тæссаг кæй у, уый? Дунейы уавæр нæ не ‘хсæнады æппæт удварны тыхтæ дæр баиу кæнын домы. Æрмæстдæр нæ иудзинад фервæзын кæндзæн æбæллиццаг фидæнæй. Æмæ ахæм рæстæг къæрццæмдзæгъд фехъусын æмæ хи равдисын дæ адæмы ахсджиаг фарстатæй уæлдæр сæвæр, уый куыд бамбаргæ у?!

Æз лингвист нæ дæн, фæлæ бæрæггонд у, ирон адæмы истори иртасджытæ Андрей Шегрен, Всеволод Миллер, æвзагиртасджытæ Юлиус Клапрот, Абайты Васо, Исаты Мæхæмæт, Гуыриаты Тамерлан æмæ иннæтæ дыгурон кæй нымадтой иумæйаг ирон æвзаджы диалекттæй иуыл. Ныртæккæ æндæрхуызон чи дзуры, уыдоны кад наукæйы уæлдæр у?! Цалдæр ахуыргонды – йæ рæстæджы, зæ- гъæм, Георги Ахвледиани, абон – Дзиццойты Юри – ирон æвзаджы æртыккаг диалектыл нымайынц къуыдайраг-дзауаг ныхасыздæхт. Фæлæ, фарст афтæ æвæргæйæ дæр, никæй сæрмæ æрцæудзæн ацы ныхасыздæхт Ирыстоны æртыккаг, хицæн паддзахадон æвзаг схонын. Уæдæ никæд фехъуыстон, æмæ ирон адæмы ирон, хуссайраг кæнæ чысайнаг хай ирон ма уадзой диалект хонын. Æппынфæстаг, дыгурон диалекты (кæнæ æвзаджы – афтæ йæ хоныны ныхмæ дæр нæ дæн) статус хъуамæ æвзарой æнæ хъæлæбайæ республикæйы парламенты æмбырдты, специалистты, æхсæнады хъуыды хынцгæйæ, кæмдæр базарты митингты нæ, фæлæ. Æз дæн, политикон кæнæ æндæр цыдæр пайдайы тыххæй æхсæнад чи змæнты, уыцы адæмы ныхмæ. Мæнмæ гæсгæ нæ ацы фарстайы тыххæй фæдис кæнын нæ хъæуы, уыимæ йæ æдзух фæстæдæрмæ æргъæвын дæр раст нæу. Дызæрдыггаг нæу æндæр хъуыддаг: нæ республикæйы ничи æмæ ницы къуылымпы кæны ирон æвзаджы дыгурон диалекты ахуыры æмæ рæзты хабæрттæ. Диалект йæхæдæг та у нæ адæмы национ хиæмбарынады ахсджиагдæр фæрæзтæй иу.

Цыбырты Людвиг,
историон наукæты доктор, профессор