ХОЗИТЫ Барис

ФИДÆНМÆ МÆНГ САГЪÆСТИМÆ ЦÆУÆН НÆЙ…


Алы адæмы ‘хсæн дæр ис, национ иудзинадыл зæрдæйæ чи нæ тыхсы æмæ йæм йæхи пайдайы цæстæй чи кæсы, ахæмтæ – нацийы бындурæвæрæг дзыллæ æмæ йын йæ хъаймагъ чи хæры, уыцы «тæрхоны лæгтæ». Ахæм къордты архайд алы адæмтæм иухуызон у: æнæраст хъуыддæгтæй исбон скодтой, бæрзонд сбадтысты æмæ сæхицæн радтой бæстæйы фæллойæн хи бакæныны æмæ разамынд дæттыны бар. Уымæ гæсгæ уыцы къордтæм алы хатт дæр вæййы сæ бынтæ бахъахъхъæныны цымыдистæ (фæлмæнæй йæ зæгъæм афтæ). Уыдонæн иумæйагæй ницы ис бæстæ æмæ адæмы лыггæнинаг фарстатимæ. Уымæ гæсгæ сæм нымады никуы уыдзæн цавæрдæр «национ хъуыды». Сæ кæфхъуындарон фæндтæн пайда чи нæ уа, уый ныхмæ уыдзæн сæ тох æппынæдзух дæр.

Сæ исбон æмæ барады фæрцы фæсивæд æмæ æвзонгадимæ хиирхæфсæнтæй сæхицæй тыхстхуыз адæм аразынц. Æмæ уыдон куы «срæгъæд» вæййынц, уæд та сын «национ хъуыдыйы» бæсты баппарынц алыхуызон («патриотон», «динон», «спортивон» кæнæ æндæр исты «-онтæ») хъæзтытæ. Цæмæй нæ адæммæ æцæг патриотон æнкъарæнтæ ма гуырой, уый тыххæй нæ мыхуыры фæрæзтæ, радиохъуысынады уылæнтæ, телеуынынады экрантæ æмæ Интернеты хызæгтæ байдзаг чындæуыд хæрзæгъдаудзинад халæн ницы-мацытæй. Кæй хъæлæс дзы нæ райхъуысдзæн?!. Уыимæ цъыф калынц Фыдыбæстæйы хæсты Стыр Уæлахизыл, раст адæм æмæ патриоттыл. Алыхуызон æдылы, æнæсæрфат, æнæбындур хъуыдытæ парахат кæнынц адæмы ‘хсæн – импери саразын, ног паддзах равзарынæй бæстæ фараст хайыл ныддихтæ кæныны онг. Цыма райсом паддзах куы равзарæм, уæд АИШ æмæ Ныгуылæйнаг бæстæтæ сæ санкцитæ аивдзысты…

Нæ бæстæйæ дины паддзахад кæнæ монархи саразынмæ чи сиды, уыдоны адæмы мæт æппындæр нæй: уыдонæн сæ нысан у дины æххуысæй дзыллæйы æнæразыдзинад иннæрдæм аздахын, цæмæй та раздæрау æууæндын райдайой «фидæны рухс цардыл», Хуыцауы паддзахдзинадыл æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй та цыфæнды дин дæр хъахъхъæны æмæ парахат кæны цагъарад (раб Божий, раба Божья) æмæ уымæ гæсгæ цæуы алы хицауады зæрдæмæ дæр. Фæлæ диссаг та куыд нæу – дунейы цытджын æвзæгты «цагъар» йеддæмæ æндæр дзырд не ссардтой. Æмæ йæ кæд агургæ дæр нæ кодтой, кæд сæ хъæугæ дæр нæ кодта. Ныртæккæ æгас дунейы мидæг дæр динæй разы нал сты. Зæгъæм, Лондоны 1000 чырыстон кувæндонæй 700-мæ æввахс уæйгонд (?!) æрцыдысты: ничиуал сæм цыд, æмæ, хъалон цæмæй фыстаиккой, уый сæм нал уыд. Цæмæн афтæ рауад, зæгъгæ, исчи куы бафæрса, уæд ын дзуапп агурыныл бирæ хъуыды нæ хъæуы – зæххы къори æмæ дун-дуне æмбарыны уагæвæрды æрцыдис стыр ивддзинæдтæ.

Адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ хъуыды кæнынц сæ фидæныл. Уыцы зондахаст дзыллæйы кæны кæрæдзимæ хæстæгдæр æмæ сæ рох кæнын нæ уадзы, адæм кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ тырнын хъæуы, алчидæр йæ лæджыхъæд сæрибарæй кæм æвдиса, ахæм цардыуагмæ. Рæстдзинадыл æууæндын ирон адæмæн сæ туджы ис. Æмæ йæ уымæ гæсгæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын хъæуы. Ивгъуыдмæ нæ цæстæнгас здахгæйæ, мах дисы æфтауынц фыдæлты сæрибармæ тырнындзинад, хъысмæтыл æууæнк æмæ кадмæ бæлгæйæ мæлæтæй нæ тæрсын. Æмæ куыд нæ – мин азты дæргъы сæ царды бындуры æвæрд æрцыдысты æппæтадæмон хæзнатæ. Уыцы зонындзинæдтæ сын гом кодтой сæ удыхъæд, ногæй нывæстой сæ сурæт. Адæймагæн йæ архайд ивы йæ цардыуаг, йæ куысты уаг, йæ цæстæнгас, йæ уынынад. Фæлдзусад æххæст кæны адæймаджы бæллиц æмæ йын уæнгрог кæны йæ уагæвæрд æмæ йæ мидсæрибар.

ХОЗИТЫ Барис,
газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор