МÆ ЗÆРДÆ ДЗАГ У МÆ АДÆМÆН АРФÆТÆЙ
Ирыстон кæдфæнды дæр уыд Кавказы культурон центр. Уый, фыццаджыдæр, нысан кæны, нæ адæм кæй тырныдтой æмæ тырнынц царды дунейы раззагдæртимæ æмдзу кæнын се ʽгъдау, сæ куырыхондзинад, сæ аивад æмæ хъæздыг монон культурæйæ. Лæг, дам, цал æвзаджы зоны, уал адæймаджы у. Уый афтæ у, фæлæ æппæты фыццаг адæймаг хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг, уый фæстæ та иннæ æвзæгтæм адара йæ хъус. Уымæ гæсгæ абон æркæсын хъæуы ирон æвзаджы урочыты хæрзхъæддзинадмæ ахуыргæнæндæтты.
Бинонтæ… Алы паддзахад дæр ныфсджын æмæ фидар у фæрнджын бинонтæй. Сæ иудзинад, кæрæдзи æмбарынад, сæ æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæ æфтауынц базыртæ, сæ алыварс чи ис, уыдоныл дæр æмæ сæ хонынц сæ фæдыл рæсугъд фæндæгтæм. 2024 аз Уæрæсейы Президент Владимир Путин расидт Бинонты азæй. Уый ууыл дзурæг нæу, æмæ уымæй размæ бинонтæн паддзахад аргъ нæ кодта кæнæ сæм къаддæр здæхта йе ‘ргом. Нæ, уый раст нæу! Фæлæ нын дæтты ноджыдæр ма иу фадат сæ бабуц кæнынæн. Афтæмæй нæ Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæййæ æрыгон бинонтæй (25 азы онг) ацы аз фыццаг сывæллон кæмæн райгуыра, уыдонæн лæвæрд цæудзæн 50 мин сомы. Алы ноггуырд сывæллонмæ та æнхъæлмæ кæсы Сæргълæууæджы номæй лæвæрттæ.
Ацы аз хъæздыг у историон цауты юбилейтæй. Уыдон та сты Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 аз, нæ республикæйы сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы 240 аз, нæ республикæйы автономийы 100 аз. Тынг хъазуатонæй цæттæ кæнæм нæхи. Ирыстоны театрты, Культурæйы галуанты уыдзæн сæрмагонд мадзæлттæ. Дзæуджыхъæуы – æртæ сæрмагонд концерты. Къуырийы дæргъы Мæскуыйы уыдзысты Ирыстоны бонтæ. Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артуры æххуысæй та Мæскуыйы метройы уалдзæджы фенæн уыдзæн тематикон поезд Ирыстоны историон цауты нывтимæ.
15 октябры Мæскуыйы Стыр театры уыдзæн ацы ахсджиаг мадзæлттæн сæрæвæрæн концерт. Æхсызгон та куыд нæ у, ацы цауты фæлгæты Ирыстоны иу къуыри Вахтанговы номыл театралон фестиваль нæ театрдзауты кæй бабуц кæндзæн, уый.
Къостайы райгуырды 165 азы юбилей… Цы ма уа уымæй стырдæр бæрæгбон! Алчи дæр нæ архайы ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæджы номæн зæрдиагæй балæггад кæныныл. Марияйы номыл оперæ æмæ балеты театры филиал РЦИ-Аланийы сæвæрдта балет «Фатимæ». Равдисдзыстæм æй Мæскуыйы Стыр театры сценæйы дæр. Куыд иннæ хæттыты, афтæ ацы аз дæр йæ боны стыр бæрæгбон сараздзыстæм поэты райгуырæн хъæу Нары. Æмызмæлд суыдзæн Ирыстон! Афтæ хъуамæ уа кæдфæнды дæр.
Цы мадзæлттæ аразæм, уым алы ран дæр ирдæй равдисын хъæудзæн ирон адæмы арф монон культурæ, сæ миддуне, ирон лæг ирон цæмæй у, уыцы хæзнатæ иууылдæр.
Нæ кæстæртæм, нæ фæсивæдмæ, скъоладзаутæм мæм ис иу курдиат. Ныртæккæ сын цы хорз фадæттæ ис, уыдонæй хъæуы раст спайда кæнын: фылдæр кæсын чингуытæ, журналтæ, цæуын театртæ æмæ музæйтæм… Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу! Æмбаргæ дæр æй нæ бакæндзыстут, азтæ куыд атæхдзысты, уый. Æмæ уæ уæд ацы хабæрттæм, чи зоны, æвдæлгæ дæр мауал ракæна. Уæ монон культурæ хъуамæ уа хъæздыг, денджызау арф. Уымæн та, фыццаджыдæр, абон стыр ахъаз чи фæуыдзæн, уыцы фæрæзтæй иу у литературон журнал «Мах дуг». Фидарæй мæ бон зæгъын у, журнал абон, кæстæрты раст фæндагмæ чи здахы, сæ миддуне сын йæ аив литературон уацмысты руаджы рæсугъддæр чи кæны, уыцы национ хæзна кæй у. Æнæмæнг дзы алчи дæр ссардзæн, йæ зæрдæйыл чи сæмбæлдзæн, ахæм æрмæджытæ. Кæсын культурæ у! Уый кæстæртæн дæтты уды сыгъдæгдзинад. Афтæ мачи макæд зæгъæд: кæй кæстæр у, уый йын дзуапп дæттæд. Сывæллонæй æцæгæлон нæй, иууыдæр нæхи сты!
Ног, 2024 азмæ бакъахдзæф кæнгæйæ, мæ зæрдæ дзаг у мæ адæмæн арфæтæй! Хуыцауæй курын сымахæн æнæниздзинад æмæ бинонты фæрныгад! Абон иууылдæр бæллæм, цæмæй дуне уа сабыр, æмæ нæ кæстæртæ макуы бавзарой зындзинад! Цæмæй зоной раст аргъ кæнын цардæн, нæ хистæртæн, не ‘гъдæуттæн. Фыццаджыдæр та – кæрæдзийæн! Уæд зæххыл махæй амондджындæр æмæ тыхджындæр нæ уыдзæн. Нæ тых – нæ иудзинады!
ПЛАТЫ Альбинæ,
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг