БОРÆТЫ Алан-Сæрмæт

Борæты Алан-Сæрмæт райгуырд Алагиры 2001 азы. Каст фæци Алагиры 2-æм астæуккаг скъола. Йæ чысылæй фæстæмæ йе ‘ргом тынг здахы авиацийы хабæрттæм. Уыимæ иу æмæ дыууæ хатты не ссис уæлахиздзау алыхуызон конкурсты. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ предметтæй тынгдæр йе ‘ргом здæхта литературæ æмæ физикæмæ. Физикæйы предметæй ссис æппæтуæрæсеон конкурс «Ступень в науку»-йы уæлахиздзау дæр.

Йæ ахуыргæнджыты фæндонмæ гæсгæ Алан-Сæрмæт архайдта 5-æм Æппæтуæрæсеон конкурс «Открытый космос»-ы. Йæ фыццаг наукон-фантастикон радзырд «Сон в летнюю ночь или…» мыхуыргонд уыд конкурсы хуыздæр куыстыты чиныджы.

Скъолайы йын ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Фардзинты Кларæ та йын загъта, цæмæй бафæлвара ирон æвзагыл радзырд ныффыссын. Афтæмæй райгуырд йæ уацмыс «Хæрхæмбæлд».

 

ХÆРХÆМБÆЛД

Фантази

Сæрдыгон бон. Хур иннæ бонтау нæ тавта. Хурныгуылдмæ афтæмæй нырма бирæ уыди, фæлæ йæм æз тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæстæн: уарзтон кæсын, хур куыд амбæхсы хæхты æмбонды фæстæ, уымæ. Афтæ мæм фæзыны, цыма уыдон æгомыг къæдзæхтæ не сты, фæлæ уæйгуытæ фынæй кæнынц æмæ цыдæр стыр хъуыддагæй æнхъæлцау сты.

Изæрыгæтты-иу арæх рацыдтæн пысырайы ’хсæн ныгъуылд сæрдыгон мæнгагъуыстыты абадынмæ. Цы фæндаджы был лæууыд, ууыл цæуæг стæм уыд. Мæнгагъуыстытæй хъæды къохмæ згъордта нарæг къахвæндаг, æмæ дзы цыма æмбæхсгæ кодта, уыйау æрбайсæфт. Мæ уарзон бынаты бадгæйæ æмæ тыгъд быдыртæм кæсгæйæ мæм-иу афтæ фæкаст, цыма мæ алыварс диссаджы хæрздæф æмæ алыхуызон æхсызгон мыртæйдзаг фурд айтынг.

Дардæй цы бæлæстæ бæрæг дардтой, уыдоныл-иу зæрæхсид йæ сыгъзæрин тынтæй бæркад армæй куы бакалдта, уæд та мæм-иу афтæ мæ зæрдæ сдзырдта, цыма нывгæнæг уардихуыз четæныл цъæх хъулæттæ акодта.

Дард, æрвгæронæй цы бæстыхæйттæ зынд, уыдон ацы диссаджы æрдзы нывæн цыдæр уæлæмхасæн ахорæнтæ лæвæрдтой.

Гыццыл ма куы уыдтæн, уæд-иу ме ’мбæлттимæ арæх цыдыстæм уыцы агъуыстытæ сгарæг. Бахъомыл стæм, уыцы бæстыхæйттæм нал згъорæм, фæлæ нæ нæ мæнгагъуыст рох нæ кæны: нæ сабибонты зæрдæбын ныхæстæ кæм кодтам, нæхи кæм ирхæфстам…

Абон дæр та мæхи райстон мæ уарзон бынатмæ, цæмæй сыгъдæг уæлдæфæй баулæфон; хæхты уынд та мын æхцондзинад æрхæсса æмæ мын мæ уæззау хъуыдыты уаргъæй иу чысыл айса.

Скъолайы ахуыры фæстаг бонты адæймагæн йæ хъуыдытæ иууылдæр баст вæййынц сæрибар сæрдыгон рæстæгимæ. Мæнгагъуысты бадгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыд ахуыры азы фæстаг бон: уроктæ куыд цыдысты, цы куыстам, цæуылтыл дзырдтам. Фæстаг урок нæм уыд ирон литературæйæ. Ахуыргæнæг нын нымадта, сæрды цы чингуытæ бакæсын хъæудзæн, уыдон. Фæлæ йæм зæрдиагæй нæ хъуыстон. Ме ’ргом ирон æвзаджы уроктæм никуы здæхтон. Мæ зонгæтæй дæр бирæтæ кастысты куыдфæндыйы цæстæй сæ мадæлон æвзагмæ…

Мæ хъуыдыты хал мын фескъуыдта сонт уддзæф. Кæд дымгæ тыхджын нæ уыд, уæддæр бæласы цъæх сыфтæртæй иудзæвгар ратыдта æмæ сæ йæ разæй скодта. Мæ зæрдæ мæм афтæ сдзырдта, цыма мæ сæ фæстæ сайынц. Бирæ фæкастæн сыфтæрты фæстæ, цалынмæ бæлæсты ’хсæн не ’рбайсæфтысты, уæдмæ. Цалынмæ уыдонмæ кастæн, уæдмæ мæ хъуыдытæ фæпырх сты.

Афтæ, ницæуылты æмæ мацæуылты хъуыды кæнгæйæ, сахатырдæджы бæрц фæбадтæн. Уалынмæ мæ хъустыл цыдæр уынæр ауад. Фæкастæн уыцырдæм. Чидæр къалиутыл фæйнæрдæм ахæцыд, æмæ мæ размæ рахызт æнæзонгæ нæлгоймаг. Рæстæмбис кары, фæлæ йæ сæр чысыл фæгæмæх. Цы дзыккутæ ма йын ыл уыд, уыдон фæхалас сты. Даргъ бæзджын рихитæ æмæ цыбыр боцъоты дæр урсытæ фæзынд. Йе стыр гуыбыргомау фындзмæ йын куы фæкомкоммæ дæн, уæд бамбæрстон, мæ разы хохаг лæг кæй ис, уый. Бæрзонд нæ уыд, фæлæ фидæрттæарæзт. Диссаг мæм фæкаст, пыхсыты æмæ къалиуты ’хсæнты рбацæугæйæ, йæ дарæсыл иу къæндзыджы мур дæр нæ уыд.

Хистæры фенгæйæ æз фæгæпп ластон. Уый йæ мидбылты бахудт æмæ мын мæ къух райста. Æрбадт. Мæн дæр йæ фарсмæ æрбадын кодта. Йемæ цæуыл дзырдтаин, уый нæ зыдтон, тыхстæн. Ноджы мæ иу хъуыды æнцад нæ уагъта: «Ардæм æй цы Хуыцау æрбахаста?» Мæ зæрдыл æрбалæууыд, афæдзы размæ-иу цалдæр ацæргæ нæлгоймаджы ардæм шахмæттæй хъазынмæ кæй рацыдысты, фæлæ сæ рагæй нал федтон. «Æвæццæгæн, уыдонæй исчи у», – ахъуыды кодтон æз.

– Æз дæн Арсен, – загъта æнæзонгæ, – Коцойты.

– Æз та – Сæрмæт, – дзуапп ын радтон.

Æз фæуыргъуыйау дæн. Уый та афтæ:

– Кæй агуырдтон, уый ссардтон.

Диссаг мæм фæкастысты йæ ацы ныхæстæ дæр.

– Дæ мыггаг мæм цыдæр зонгæ кæсы, цыма дæ кæмдæр федтон? – загътон æз.

Арсен йæ мидбылты бахудти, фæлæ ницы сдзырдта.

– Афтæ куы загътай, кæй агуырдтон, уый ссардтон, зæгъгæ? Æмæ уый чи у?

– Æз мæхицæн æмдзурæг агуырдтон. Дæу…

Йæ дзуаппытæ дæр æмæ мæм йæхæдæг дæр цыдæр æнахуыр кастысты. Цæмæй мын мæ мидуавæр ма бамбара, уый тыххæй мæхи дард æрвгæронмæ кæсæг скодтон. Стæй та нал фæлæууыдтæн æмæ йæ афарстон:

– Æмæ дæ цæуыл аныхас кæнын фæнды?

– Куыд кæсын, афтæмæй ирон литературæ нывыл нæ зоныс.

– Чи зоны, уымæн, æмæ мæм ницы цымыдисаг кæсынц ирон фысджыты уацмыстæ…

Арсен мæм дисгæнгæ бакаст:

– Æмæ сæ кæй уацмыстæ кастæ?

Йæ хъæлæсыуагæй бæрæг уыд, мæ ныхæстæ йæ зæрдæмæ кæй нæ фæцыдысты. Фефсæрмы дæн, уымæн æмæ ирон фысджытæй никæйы уацмыстæ кастæн. Цы хуыздæр дзуапп ын радтон, уый мæ сæр нал ахста æмæ сфæрæзтон:

– Тынг гыццыл бакастæн.

– Уæдæ дæ зæрдæмæ цæуынц æви нæ цæуынц, уый цæмæй зоныс?

Æз æдзæмæй лæууыдтæн.

– Кæддæр иу фыссæджы зыдтон, – райдыдта Арсен. Стæй йæ ныхас фæуагъта æмæ мæ афарста, байхъусын мæ фæнды æви нæ, уымæй. Æз даргъ таурæгътæм хъусын бæргæ нæ уарзтон, фæлæ хистæрæй фефсæрмы дæн – ноджы уазæг – æмæ мæхи хъусынмæ æрцæттæ кодтон.

– Уæдæ мæ ныхас кæнон, – дард æбæрæг кæдæмдæр кæсгæйæ, рагбонтæ мысын райдыдта уазæг. – Хорз фыссæг уыди æви æвзæр, уымæн æз тæрхонгæнæг нæ дæн. Фæлæ йæ дæсныйад тынг уарзта æмæ йæхиуыл нæ ауæрста фысгæйæ. Райгуырди æмæ схъомыл Джызæлы – фехъуыстаис ды дæр ацы хъæуы кой. Хъæздыг нæ царди, фæлæ йæ цардæй хъаст нæ кодта. Сæ хъæуы скъолайы сахуыр кодта, стæй та – Æрыдоны семинары. Семинары ахуыргæнæгæй базыдта æмæ бауарзта литературæ, йæхæдæг дæр фыссыныл фæлварæнтæ кодта. Ноджы ма хъуыды кæнын, йе ’мбæлттимæ Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ фистæгæй куыд фæцыдысты Къостайы фенынмæ. Къоста чи у, уый дын амонын ма бахъæуæд!

Æз мæхицæй ныббуц дæн æмæ йын сæрæстырæй дзуапп радтон:

– Кæй зæгъын æй хъæуы, зонын æй.

Уый бахудт æмæ дарддæр йæ ныхас нывæзта:

– Фæлæ, хъыгагæн, семинар фæуын йæ къухы нæ бафтыд.

Арсен æрæнкъард, йæ къухтæ йæ уæрджытыл уæззау æвæрд æркодта æмæ арф ныуулæфыд. Æз сцымыдис дæн, дарддæр цы уыд, уый базонынмæ сразæнгард дæн. Цы хабæрттæ дзырдта, уыдонæй йæ хъæлæсыуаг кæйфæнды дæр æрыхъусын кодтаид.

– Уæззау низы азарæй йæ бахъуыди йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхын. Фæлæ, ирон адæм куыд фæзæгъынц, кæмæндæр йæ сины саст фæрæстмæ, зæгъгæ, уымæн дæр йæ хъуыддаг афтæ рауад. Цы уыди, уымæй иууылдæр сфæлдыстады аныгъуылд. Йæ уацмыстæ йын газетты мыхуыр кæнын райдыдтой. Йæ фыруæзданæй йе ’цæг ном дæр никуы бафыста йæ фыстыты бынмæ, фæлæ йæхицæн æрхъуыды кодта фæсномыгтæ: «Хабос», «Ботас», хатгай-иу «А.К.» дæр ныффыста. Стæй, куы фæдзæбæх, уæд райдыдта скъолаты кусын, фæлæ йæ ахуыргæнæджы куыстæй фæсырдтой. Фæстæдæр ацыд Хуссар Ирмæ. Суанг ма Бетъырбухы дæр балæууыд.

– Æмæ йæ цæмæн фæсырдтой йæ куыстæй? – нæ та фæлæууыдтæн æз.

– Уый та дæхæдæг базондзынæ.

– Кæд дæ нæ фæнды, уæд дын æй нæ дзурын кæнын, – сразы дæн йемæ.

Дзурæджы рихиты бын ауыдтон хæлар, фæлмæн мидбылхудт. Йæ цæстытæ хин æрттывд фæкодтой. Цæмæй йыл мæ зæрдæ бынтон ма фæхуда, уый тыххæй ма мын радзырдта, кæй кой кодта, уыцы фыссæг ма цавæр газетты куыста, ирон мæлинаг æгъдæутты ныхмæ куыд тох кодта йæ уацмысты фæрцы, Дзæуджыхъæумæ куыд æрыздæхт, йæ хæрзиуджытæ куыд æмæ цæй тыххæй райста, æмæ ма бирæ цымыдисаг хабæрттæ.

Куыд æрталынг, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтон. Уазæг уæззаугай йæхиуыл схæцыд æмæ загъта, цæуын афон ын кæй у. Йæ ныхæстæ мæм цалынмæ бахъардтой, уæдмæ Арсен къахвæндагыл адард.

– Цы фыссæджы кой кодтай, уый чи уыд?! – ахъæр ма кодтон йæ фæдыл.

– Йæ хабæрттæ дæ зæрдæмæ фæцыдысты?

– Йæ уацмыстæй мæ исты бакæсын æрфæндыд.

– Тагъд æй базондзынæ. Стæй æрмæст уый нæ, фæлæ ма æндæр ирон фысджыты уацмыстæ дæр. Чи зоны, дæхæдæг бацархайдзынæ, науæд та дын æххуысгæнджытæ фæуа.

Æз лæджы фæстæ кастæн æмæ не ’мбæрстон, мæхæдæг куыд базондзынæн, кæй кой кодта, уыцы фыссæджы. Кæнæ уыцы «æндæр æххуысгæнджытæ» чи сты?

Цалынмæ рахъуыды-бахъуыды кодтон æмæ йæ фæстæ уадтæн, уæдмæ уазæг бæлæсты ’хсæн æрбайсæфт, цыма тайгæ акодта. Лæугæйæ аззадтæн: не ’мбæрстон, цы ’рцыди, уый.

Нæ хæдзары къæсæрæй куыддæр бахызтæн, афтæ мæхи ныццавтон ирон литературæйы чиныгыл: цымæ, зæгъын, кæй кой кодта, уыцы Коцойты Арсен у. Чиныг арафæлдах-бафæлдах кодтон æмæ иу къаммæ кæсгæйæ аззадтæн. Мæ цæстытыл не ’ууæндыдтæн:

– Коцойты Арсен, – сдзырдтон мынæг хъæлæсæй, цыма мæ куы фехъуса, уымæй тарстæн, уыйау.

Къамæй мæм каст мæ абоны зонгæ, æрмæст асдæрæй. Бынтон дисы та мæ йæ амæлæты аз бафтыдта. Чиныг иуварс æрæвæрдтон æмæ хъуыдыты ацыдтæн: «Кæд мæ, мыййаг, хур æрæлвæста, æмæ мæ абоны фембæлд мæ цæстытыл ауад?» Иннæмæй та дызæрдыггаг нæ уыд, æцæгæй ныхас Арсенимæ кæй кодтон æмæ мын йæхи царды хабæрттæ кæй фæдзырдта – мæнæ сæ ныр чиныджы дæр бакастæн.

Цалдæр боны афтæ фæхъуырдухæн кодтон, стæй йын райстон йæ уацмыстæ æмæ сæ кæсын райдыдтон.

Уыйбæрц мæ зæрдæмæ фæцыдысты, æмæ дарддæр иннæ фысджыты уацмыстæм дæр бавдæлдтæн. Фæлæ кæддæриддæр райдайын сæ царды хабæрттæй, цыма мæхи уыдонимæ дæр хæрхфембæлдмæ цæттæ кæнын…