ДЗГОЙТЫ Маринæ

КÆСТÆРТЫ ХОНЫНЦ АРГЪÆУТТЫ ДУНЕМÆ

Дзгойты Маринæ каст фæцис ЦИППИ-йы ирон филологийы факультет. 2006 азæй кусы Беслæны 5-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг-хъомылгæнæгæй. Æмдзæвгæтæ æмæ aргъæуттæ фыссын райдыдта æртæ азы размæ.

Ирон аив дзырдæй Маринæ зæрдæскъæфт кæны йæ чысыл хъомылгæнинæгты.

Æрæджы чингуыты рауагъдад «Ир»-ы рухс федта æрыгон фысджыты аргъæутты æмбырдгонд «Аргъау-биргъау». Арæзт у РЦИ-Аланийы Фæсивæды хъуыддæгты комитеты цур æфсæддон-патриотон хъомылады центры хъæппæрисæй. Уыцы сфæлдыстадон ерысты Маринæйы аргъау бацахста фыццаг бынат!

– Аргъæуттæ æмæ æмдзæвгæтæ фыссын мæ хъуыдыйы рагæй уыд. Мæ фыццаг уацмыстæн аргъгæнджытæ уыдысты сывæллæттæ. Сæ зæрдæмæ кæй фæцыдысты, уый мæ ноджы тынгдæр сразæнгард кодта сфæлдыстадон куыстмæ. Уæлахиздзауы ном та мæ уæлдай ныфс бауагъта. Цæттæ кæнын ног уацмыстæ конкурсмæ, – зæгъы Маринæ.

Рæствæндаг уæд уæдæ Маринæ сфæлдыстады æрфытæ æмæ бæрзæндтæм, йæ хъайтартæ сывæллæтты æвæсмон зондыл æфтауæнт кæддæриддæр!

ДЗГОЙТЫ Маринæ

АЦЫРУХС ÆМÆ МÆЛДЗЫГ

 

1

Раджыма-раджы царди иу æлдар. Уыдис ын æртæ фырты. Домбай æмæ хъаруджын. Уыдис ма æлдарæн иу цъæхдзаст чызг Ацырухс. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кастысты. Йæ цыллæ хъуымбыл дзыкку хæццæ кодта раст йæ фадхъултæм. Нарæгастæу æмæ гуырвидауц. Уый хуызæн рæсугъд хъæлæс æнæхъæн хохбæсты никæмæн уыд. Раст булæмаргъы зард кодта алы райсом дæр, чызджытимæ доны былмæ цæугæйæ. Тынг бирæ курджытæ йæ уыд, фæлæ йæ æлдар никæмæн аккаг кодта.

Æлдар арæх цыд цуаны йæ фырттимæ. Иуахæмы та фæраст сты. Мит тъыфылæй уарын райдыдта. «Афтæ хуыздæр дæр ма у, – загъта æлдар, – кæд нæ сырдтæ нæ иртасиккой».

Тымыгъ миты къуыбылæйттæ тъыфылгай зæхмæ æппæрста. Хъæд урс-урсид фестад. Цæвæг марæджы нал æвзæрста. Æлдарæн йæ къах миты фæсагъд, æмæ йæ йæхæдæг дæр нæ бамбæрста, куыд фæдзæгъæл. Хæцæнгарз миты аныгъуылд. Ахæм тымыгъы ма йæ чи ссардзæн?

Бæстыл цъиуызмæлæг – нал. Кæцæйдæр бирæгъты ниуын ссыд. Æлдар, йæ царды кæрон æрцыд, уый бæмбæрста. Йæ дуг йæ цæстытыл ауад. Ницæуыл фæсмон кодта. Хорз фæцард. Æрмæст… Ацырухс. «Тæхуды, фæстаг хатт ма йæ фен, дæ хъæбысы йæ акæн. Куыд уыдзæн мæ чызг æнæ мæн? Нæй, мæнæн мæлæн нæй нырма!» – скарста лæг. Бирæгъты ниуд хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Раст уыцы рæстæг æлдарæн йæ къæхты бын зæхх фæцыдæр, æмæ лæг миты аивгъуыдта.

 

2

Йæ цæстытæй куы ракаст, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма мæрдты бæсты ис. Рухсы цъыртт никуыцæй калд. «Мæнæ цы диссаг у, кæд амардтæн, уæд мæ фæрстæ та, цымæ, цæмæн риссынц?» – дис кодта лæг. Фезмæлынмæ куыд хъавыд, афтæ фембæрста, йæ къухтæ æмæ къæхтæ баст кæй сты.

Раст уыцы тæккæ афон кæцæйдæр цыдæр æнахуыр богъ фæцыд. Лæгæты æлдары уæлхъус фестад уæйыг. Æлдар ныззыр-зыр кодта, фыр тæссæй йæ цæстытæ ахгæдта æмæ та сæ байгом кодта, кæд фын уынын, зæгъгæ. Ахæм удхæссæг аргъæутты дæр нæ уыд. Уæйыг арт æндзарын райдыдта стыр аджы бын, æмæ лæгæт фæрухс. Уыцы рæстæг кæцæйдæр мæлдзыг рабырыд. Уый тынг диссаг фæкаст æлдармæ, уымæн æмæ раст хъомыл мысты йас уыд уыцы мæлдзыг.

– Уæ, хорз лæг, ныртæккæ дæ сфыддзæн æмæ дæ бахæрдзæн ацы уæйыг.

– Фервæзын мæ кæн, æмæ дын дæ цыфæнды фæндон дæр сæххæст кæндзынæн! – лæгъстæмæ фæци æлдар. – Æлдары дзырд дын дæттын!

Мæлдзыг хæстæгдæр бабырыд æмæ бæндæн бахсыдта. Æлдарæн йæ къухтæ æмæ къæхтæ феуæгъд сты, æмæ сындæггай абырыд лæгæтæй мæлдзыгимæ.

– Ныр мæ де уæхскыл сæвæр æмæ лидзгæ! – загъта мæлдзыг.

Лидзынтæ райдыдтой. Уæйыг тагъд фембæрста, йæ амæттаг кæй алыгъд, уый æмæ йæ фæдыл ацагайдта. Æййафын æй куы райдыдта, уæд мæлдзыг дзуры æлдармæ:

– Тулдз бæласы бынмæ балидз, æз ын балæгъстæ кæндзынæн!

Тулдз бæлас сæ æрæмбæрзта йæ сыфтæй, æмæ уæйыг йæ иувæрсты аивгъуыдта. Лæг та лидзынмæ фæци, уæдæ цы. Уæйыг хъæд æмæ быдыртыл иу зылд æркодта æмæ та æййафын райдыдта æлдары. Уæд та мæлдзыг дымгæйæн лæгъстæмæ фæци.

Уайтагъд сыстад диссаджы дымгæ æмæ уæйыджы быдыры иннæ кæронмæ баппæрста. Раздæрæй тынгдæр згъорын райдыдта фыр мæстæй уæйыг. «Ницы йыл тых кæны, мæ кæрон æрхæццæ», – ахъуыды кодта йæхинымæр æлдар. Мæлдзыг æм дзуры:

– Ма тыхс, ме ‘мбæлттæ нæ сæрмæ дзæгъæлы нæ фестадысты!

Æлдар уæлæмæ скаст æмæ уыны: æртæ цъиусуры зилдух кæнынц.

Уæйыг æлдары рацахса, зæгъгæ, афтæ цъиусуртæ фаттау ныццавтой сæхи уæйыгыл, йæ цæстытæ йын акъахтой, æмæ уæйыг йæ зонгуытыл æрхауд.

Афтæ мæлдзыг æлдары мæлæтæй фервæзын кодта.

 

3

Æлдар куы фесæфт, уæд æй бирæ фæцагуырдтой йæ цот, хъæубæстæ. Чызг фæрынчын фыр мæтæй. Фыды æгасæй куы федтой, уæд бинонты цинæн кæрон нал уыд! Авд боны æмæ авд æхсæвы æвæрдтой цины фынгтæ, адæм кафыдысты æмæ зарыдысты æлдары хæдзары. Æрмæст уыдон куы ныххæлиу сты, уæд радзырдта æлдар, чи у йæ ирвæзынгæнæг, æмæ сын æй равдыста. Æлдары фырттæ æрлæууыдысты мæлдзыджы раз æмæ йын раарфæ кодтой.

– Ныр афон æрцыд дæ фæнд раргом кæнынæн, цæмæй дын бафидон дæ хорздзинад. Цы дæ фæнды, уый ракур! – загъта хъæлдзæгæй æлдар.

– Хорз бинонтæ дын и, æлдар. Дæ чызг та мæ зæрдæйы ныххауд, куыддæр æй федтон, афтæ. Дæ чызджы мын ратт!

Смæсты сты бинонтæ, фæлæ гæнæн нæй. Æлдар радта ныхас мæлдзыгæн. Афтæ мæлдзыг сси æлдары сиахс.

Бонтæ цæуынц. Чызг бирæ цæссыг фæкалдта – кæй фæнды мæлдзыгмæ мой кæнын? Уæлдайдæр та, Ацырухсы хуызæн рæсугъд чызг куы уа, уæд.

Рæстæджытæ-афонтæ кæрæдзи ивтой, æмæ ахæм заман æрцыд, æмæ æнæ кæрæдзи хæргæ дæр кæд нал кодтой. Иу райсом та чызг йæхи куыд цæттæ кодта царæдонмæ цæуынмæ, афтæ йæм мæлдзыг дзуры:

– Абон хæдзары лæуу. Иннæ чызджытæн дæр зæгъ, цыдæр бæллæх æрцæудзæн, мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры.

Нæ байхъуыста чызг мæлдзыгмæ, сыхаг чызджытимæ ацыд. Мæлдзыг сæ фæдыл ахъуызыд, уæдæ ма цы кодтаид.

Куыддæр доны былмæ бахæццæ сты, афтæ сæм къудзитæй дынджыр калм рабырыд. Чызджытæ фыр тæссæй сагъдауæй аззадысты, разæй та лæууыд Ацырухс. Калм æм фæлæбура, зæгъгæ, афтæ йыл мæлдзыг йæхи ныццавта. Бирæ фæтох кодтой. Уалынмæ калм мардæй æрхауд, фæлæ ма йæ бон сси мæлдзыгыл дæндагæй фæхæцын. Ацырухс ныккуыдта æмæ йæм базгъордта. Мæлдзыг нал улæфыд. Чызджытæ йæ кæугæйæ ахастой хæдзармæ. Бинонтæ тынг фæхъыг сты, йæхи сын тынг бауарзын кодта хæларзæрдæ, цыргъзонд мæлдзыг. Æнæхъæн хъæу дæр фæфæдис.

Ацырухс агъуысты мæлдзыгимæ куы аззад, уæд дын агъуыст ныррухс. Ацырухс иуцасдæр уынгæ дæр ницыуал кодта. Йæхимæ куы ‘рцыд, уæд кæсы, æмæ мæлдзыджы бынаты хуыссы диссаджы лæппу, раст саджы фисынтыл амад. Чызг фестъæлфыд. Лæппу бацыд чызгмæ мидбылхудгæ:

– Ма тæрс, Ацырухс. Æз дæн Мæлдзыг. Кæлæнгæнæг ус мæ ралгъыста, уымæн æмæ йын йæ фыдцъылыз фырты мæлдзыг хуыдтон. Бирæ азты фыстон уыцы тæригъæд. Бамбæрстон мæ рæдыд, фендæрхуызон дæн. Цæмæй фæстæмæ суон адæймаг, уый тыххæй мæ хъуамæ мæлдзыгæй бауарзтаид æмбисонды рæсугъд чызг, науæд мæлдзыгæй мæ царды бонтæ арвыстаин. Дæу куы федтон, уæд дæ æнæкæрон уарзтæй бауарзтон, фæлæ мæ нæ уырныдта, дæуæн дæр дæ бон кæй суыдзæн мæн афтæ бауарзын. Ныр кæлæнгæнæг усы хинтæн кæрон æрцыд! – æмæ йæ хъæбысы ныттыгъта чызджы.

Ныццин кодта чызг дæр. Иумæ рацыдысты адæммæ. Фараст боны æмæ фараст æхсæвы чындзæхсæв фæкодтой Мæлдзыг æмæ Æлдары чызгæн. Арвыл хур æмæ мæйау фидыдтой иумæ. Сæ фæндыры зæлтæ сын Хуыцау дæр хъуыста…