КЪÆБЫСТЫ Зæринæ Хъазæн чындз

Къæбысты Вилены чызг Зæринæ райгуырди горæт Цхинвалы 1990 азы 12 январы. 

2007 азы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд бацыд Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты журналистикæйы факультетмæ æмæ 2012 азы сси йæ сырх дипломджын рауæгъдон.

У Хуссар Ирыстоны Адæмон сфæлдыстады республикон центры директоры хæдивæг.

 

Къæбысты Зæринæ

ХЪАЗÆН ЧЫНДЗ

Новеллæ

Уазал боныхъæдтæ кодта. Дæргъвæтин зымæг æрбалæууыд, фæлæ нырма йæ тыхы нæ бацыд, æрмæст бæрæгæй зыны, тагъд йæ бартæ йæхимæ кæй райсдзæн æмæ та цалдæр мæйы кæй æлдариуæг кæндзæн.

Ацы изæр дæр та хъызт уазал у, арвмæ куы скæсай, уæд у æнахуыр сыгъдæг æмæ цъæх-цъæхид, раст дзы цыма адæймаг айдæнау йæхи уыны. Уазал дымгæ æрбадымы æмæ цæсгомыл куыддæр æхсызгонæй сæмбæлы.

Сындæг къахдзæфтæй цæуын горæты уынгты. Кæд бынтон зæрдæзæгъгæ нæу боныхъæд, уæддæр ахæм зымæгон изæрты уæлдæф уæлдай сыгъдæгдæр вæййы. Мæ къухтæ мæ дзыппыты арф тъыст, афтæмæй цæуын æмæ мæхицæн хъуыдытæ кæнын… Цы уæлдай у, уæвгæ та, рудзынджы æдде цы рæстæг ис: сæрдыгон æнтæф у, æви зымæгон хъызт у… сæйраг у, адæймагæн йæ зæрдæйы равг цавæр у, цы ис хорзæй йæ царды, цæмæн кæны стыр аргъ, цавæр адæм ис йæ алыварс… Хъуыдытæ… Фæндаджы был цы бирæуæладзыгон хæдзар лæууыд, уый раз куыд фестадтæн, уый нæ фæхатыдтон. Хæдзарæн йæ алыварс æндæр ахæм бæстыхæйттæ нæ уыд, уымæ гæсгæ уыцы сæрбæзондæй лæууыд йæхицæн. Кæцыдæр рудзгуытæй дзы кæлы ирд рухс, кæцыдæртæй – лæмæгъдæр, аннæтæ та сты саудалынг, цыма сæ цæргæ дæр ничи кæны; иутæн – рудзынгæмбæрзæнтæ, рæсугъд цæхæркалгæ, аннæтæн – æгъуыз, цыма сыл рæстæг йæ уæззау фæд ныууагъта. Ракæс -бакæс кæнын хæдзармæ, стæй æвиппайды мæ сæр бынмæ æруагътон, мæ къæхты бынмæ æркастæн æмæ бахудтæн, уыцы рæстæг мæхимæ худæг фæкастæн: лæууын æмæ цавæрдæр æнæсæрфат хъуыдытæ кæнын. Æдде бакæсгæйæ, куыд алыхуызон сты фатертæ, афтæ, æвæццæгæн, алы æмæ алыхуызон у, чи сæ цæры, уыцы адæмы цард… Фæйнæхуызон сурæттæ, хъысмæттæ…

Кæсын æмæ уалынджы фæкомкоммæ дæн, гом рудзынгыл цы цæхæртæкалгæ хъазæн чындз лæууыд, уымæ. Уый афтæ рæсугъд уыд, цыма йæ мидæг æцæг уд бацыд. Йæ рахиз къух уæлæмæ даргæйæ, йæ мидбылхудгæйæ, бæрзондæй уырдыгмæ фæлгæсы адæммæ, цыма сын «уæ бон хорз» зæгъы æмæ сæ раст фæндагыл фæндараст кæны. Кæсын æм, мæ цæст дзы хицæн кæнын нал комы. Афтæ æцæгхуыз у, æмæ мæм цыма рудзынгæй кæсы æнæзонгæ рæсугъд чызг. Мæхимæ та худæг фæкастæн, цыма чысыл саби дæн, уыйау лæууын æмæ йæм æдзынæг кæсын. Æниу, цы дзы ис диссагæй, нæ царды алцæмæн дæр нысаниуæг ис… Цымæ, рудзынгыл æвæрд цæмæн ис, цымæ ма йыл мæн йеддæмæ искæй цæст æрхæцыд? Кукла сæрбæрзондæй цы хæдзарæй фæлгæсыд, уыцы хæдзар æдде бакæсгæйæ зынд иууыл райдзастдæр æмæ амондджындæр. Нæ зонын, цæмæн, фæлæ мæм мæ миддуне афтæ дзырдта, цыма уым цард æхсиды, цыма уыцы бинонтæ иууылдæр сты цардæфсæст. Æгайтма, æгайтма, ахæм адæм сæ ахастæй иннæ адæмыл дæр царды базыртæ басадзынц. Ахæм цардуарзаг адæмы ‘хсæн адæймаг йæхи фенкъары æнахуыр цардбæллон. Ахæм хъуыдытимæ фенкъуыстæн мæ бынатæй æмæ сындæг къахдзæфтæй фæцæуын. Цæуын, æмæ та мæ къæхтæ арф миты аныгъуылынц. Мæнæ цы диссаг ис: цас рæстæг фæлæууыдтæн ацы хæдзары раз, æмæ йæ хатгæ дæр нæ фæкодтон, мит куыд ныууарыд, уый. Мæхимæ æркастæн, æмæ мæ сау уæлæдарæс урс-урсид адардта. Мит мæ уæлæйæ æрцагътон, æмæ æваст мæ хъустыл ауад ирон фæндыры уæзбын цагъд. Мæ цыд фæурæдтон æмæ фæстæмæ мæ хъус адардтон. Мæнæ цы диссаг… Уыцы хæдзарæй хъуысынц фæндыры зæлтæ. Мæ мидбынаты æнцад лæууын æмæ хъусын. Фæлмæн музыкæйы зæлтæ мæ хæссынц дард кæдæмдæр. Фæндыры цагъд тынгæй-тынгдæр кæны, æмæ изæр уыцы цагъдмæ раст цыма ныррухс, царды цыдæриддæр æвзæрдзинадæй ис, уыдон цыма уыцы уысм æрбайсæфтысты иууылдæр. Бирæ алыхуызон цæгъдтытæ фехъуыстон, фæлæ ‘вдисæн цы фæндыры цагъдæн фæдæн мæнæ ныр, уый бынтон æндæр у, уый диссаг у. Сагъдæй баззадтæн, дарддæр ма акъахдзæф кæнон, уый нал фæразын. Бамыр ис фæндыры цагъд, фæлæ мæ хъустыл нырма дæр йæ зæлтæ уайынц. Райсоммæ куы цæгъдид уыцы фæндыр, уæд мыл сбон уаид ам, уынджы лæугæйæ, уымæ хъусгæйæ. Араст дæн мæ фæндагыл, æмæ мæм афтæ дзырдта мæ зæрдæ, цыма мæ фæндараст кæнынц уыцы фæндыры диссаджы зæлтæ. Хæдзармæ бацæугæйæ, æрхуыссыдтæн мæ сынтæгыл, мæ цæстыты раз та февзæрд уыцы хъазæн чындз, мæ хъустыл та ауадысты уыцы кæлæнгæнæг музыкæйы зæлтæ. Уыцы ‘хсæвæй хъæлдзæгдæр мæ зæрдæйы уаг никуыма уыд. Бафынæй дæн рæсугъд æмæ цардбæллон хъуыдытимæ.

Райсомæй куыстмæ мæ фæндаг уыцы хæдзары рæзты акодтон. Дардæй та уыцы рудзгуытæм скастæн, кукла та мын салам радта, æмæ та райхъуыстысты дысоны фæндыры зæлтæ. Ныр бамбæрстон, куыд хорз у, исчи амондджын куы вæййы… Куысты бон йæ кæронмæ цыд, ныр мын æнцой нал дæтты иу хъуыды: чи цæры уыцы хæдзары, чи у уыцы диссаджы фæндырдзæгъдæг? Æризæр. Дардмæ та мыл сæмбæлдысты музыкæйы æхцон зæлтæ. Ныр уый уыд бынтон æндæр мелоди, цардмæ ноджы тыхджындæр разæнгардгæнæг. Лæууын æмæ та хъусын. Тæхуды, рудзынгæмбæрзæны аууонæй уæддæр куы разынис, куы дæ фенин, чи у ахæм къухты хицау. Уыцы фæндыр мæ удæн цас æхцондзинад хаста, уый кæронмæ æмбаргæ дæр нæ кодтон. Афтæ, фыццаг изæрæй фæстæмæ, уыцы уынг ссис, æдзух кæуылты цыдтæн, ахæм фæндаг. Уыйбæрц уарзон мын систы уыцы уынг, уыцы фæндаг, уыцы рудзгуытæ, уыцы фæндырдзæгъдæджы къухтæ…

Иу бон куы уыд, уæд та цадæггай, хъуыдытæгæнгæ, рацæуын мæ уарзон хæдзары рæзты. Хæрдмæ скастæн, æмæ мæнæ цы ныв уынын: уыцы рудзынджы раз лæууы æвзонг чызг æмæ куклайы лæгъзытæ кæны, афтæмæй йемæ сындæг хъæлæсæй ныхас кæны. Чызджы цæстæнгас æваст мæ цæстæнгасыл аныдзæвд, уый фефсæрмы æмæ рудзынгæмбæрзæны фæстæ амбæхст. Дарддæр цæуын. Æрбахæццæ дæн нæхимæ, бандоныл æрбадтæн. Нал æмæ мæ нал цух кæны уыцы чызджы фæлгонц.

Алы райсом дæр, иннæ хæттытау, куыстмæ цæугæйæ, мæ фæндаг ракæнын йæ хæдзары рæзты, кæд та рудзынджы раз лæууид æмæ та æддæмæ фæлгæсид. Цы чызг разындтæ, дæ хорзæхæй, цы тых дæ ис, æппындæр мæ хъуыдыйæ куыннæ хицæн кæныс, æмæ ма дæ зонгæ дæр куы кæнин! Куы сбон вæййы, уæд та ногæй фæбæллын æхсæвмæ, цæмæй та сбон уа æмæ та мæхицæн ныфсытæ авæрон, кæд та йæ дардмæ фенин, зæгъгæ.

Бонтæ уайынц, мæйтæ тындзынц, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма мæ цард иу бынаты æрлæууыд æмæ размæ нал æнкъуысы, æрмæст ма йæ æнæзонгæ чызджы фенын фæнды, æндæр а дунейыл цымыдисагæй ницыуал ис.

Диссаг у: ис ахæм адæймæгтæ, æмæ сæ бирæтæ нæ хъæуы, цæмæй царды сæхи амондджыныл нымайой. Æвæццæгæн, æз дæр хауын уыцы ахæмтæм. Уыцы æнæзонгæ чызгыл хъуыды кæнгæйæ, мæхи æнкъарын тынг амондджынæй.

Куыд нæ федтон алыхуызон чызджытæ, дыууиссæдз азы чысыл не сты, фæлæ нырмæ мæ зæрдæйы арфы никуы сæвзæрд стыр уарзт. Ныр та цыма рагæй æрбынат кодта уым æмæ цæрæнбонты уыцы уарзтæй цæрын, афтæ у.

Афтæмæй та, царды гуыргъахъхъ фæндæгтыл чи рацыд, уый дæн, фæлæ мур дæр ницы аразын, цæмæй, фыццаг фендæй мæ зæрдæ ихы къæрттау кæй фендæй атад, уыцы чызгæн раргом кæнон мæ уды рæбинагдæр æнкъарæнтæ.

Куыд æвзæр дæ, æнæныфсхаст адæймаг, уæлдайдæр та –нæлгоймаг!

Мæ куыст фæкæнын, ме’ мкусджытимæ фæныхас кæнын, фæлæ мæ сæры та зилдух фæкæнынц уыцы чызгимæ баст хъуыдытæ. Афтæ хъизæмарæй æрвитын мæ бонтæ.

Зонын, уыцы чызг мæ дзæвгар кæстæр кæй у, фæлæ, уарзты зынгæй куы судзай, уæд азтæн цы нысаниуæг ис. Йæ царды хабæрттæйын æз æппындæр ницы зонын, кæд ын цардæмбал æмæ сывæллæттæ ис, уæддæр æз ахæмтæн ницы зонын. Сæйрагдæр уый у, мæ зæрдæйы кæй сæвзæрд стыр æнкъарæн æмæ уыцы æнкъарæны фæрцы кæй цæрын. Цæрын, о, фæлæ цы у ахæм цард?!

…Уалдзыгон хъарм æхсæв. Бæстæ æмыр, раст цыма цард йæ цæуынæй æрлæууыд. Райхъал дæн мæ хуыссæны – æхсæвы æртæ сахаты. Бæрцæй, æвæццæгæн, цалдæр уысм афынæй дæн. Сыстадтæн, ме уæнгтæ цавæрдæр хъарм тых банкъардтой, рудзынджы цурмæ бацыдтæн. Дуне алæмæттаг æмæ сабыр уыд. Рухсы цъыртт никæцæй калд.

Мæ къухтæ мæ риуыл дзуарæвæрд скодтон, афтæмæй лæууын æмæ та хъуыдыты аныгъуылдтæн… Куыд æмбисонд у адæймаджы сконд. Никуы уыдтæн æнхъæл, æмæ ахæм уарзты цæхæры бахауон. Судзын, судзын æмæ мæ сæрæн ницы хос арын.

Мæ къæхтæ мæ фæстæ ласгæ, дуар бакодтон, рахызтæн æддæмæ æмæ цæуын æдзæрæг уынгты иунæгæй, æмбæлæг мыл нæй, æмбисæхсæв кæй агурын, чи мыл хъуама амбæла?! Æппындæр тыхы мур нæ хатын мæхимæ, афтæмæй бахæццæ дæн бæрзонд хæдзары размæ. Зæрдæбынæй сулæфыдтæн æмæ мæ уарзон рудзгуытæм скастæн. Уыцы уысм ме уæнгтæ банкъардтой цавæрдæр тых. Хæдзары раз цы даргъ бандон уыд, ууыл уæззаугай мæхи æруагътон. Бон цъæхтæ кодта… æрбалæууыд ног бон. Уыцы рæстæджы мæм фæкаст, цыма ацы бандоныл бадтæн цæрæнбонты. Скастæн та рудзгуытæм æмæ хорзау нал фæдæн. Бирæ рæстæг-иу цы кукламæ кастæн, æхцондзинад-иу кæмæй истон, мæ уарзон чызджы мын чи мысын кодта, уый ныр нал уыд йæ бæрæг бынаты. Мæ зæрдæ уайтагъд фехсайдта, мæ бынатæй фæгæпп кодтон æмæ мæ мидбынаты дыууæрдæм кæнын. Кæсын, æмæ кæртмæ рахызт иу ацæргæ сылгоймаг. Мæ фыр тыхстæй йæм мæхи баппæрстон, салам ын радтон æмæ йæ куыддæрты æрфарстон уыцы чызгæй. Сылгоймаг дзураг нæ разынд, йæ ныхас конд уыд, бæлвырдæй, æртæ цыбыр хъуыдыйадæй, фæлæ уыцы ныхас цыма æнæхъæнæй дæр афыста уыцы чызджы цард. Æрбакæстытæ мæм кодта æмæ загъта: «Диссаджы уды сконды хицау… Ахæмтæ сæ фыды къонаты нæ фæстиат кæнынц. Ахаста йæ туркаг ирон».

Кæсын сылгоймагмæ, цыдæртæ ма мæ зæгъын фæнды, фæлæ ме ‘взаг нал амоны, байгомыг дæн уыцы уысм, мæ сæр ма фæсмоны тылд бакодтон æмæ, горæты астæу куыд февзæрдтæн, уымæн ницы бамбæрстон. Мæ сæры бынтондæр ницыуал хъуыдытæ уыд, афтæ мæм каст, цыма мидæгæй афтид дæн, нал дæн адæймаг. Æрттивгæ райсом уыд, бон йæ тыхы цыд, мæныл та бæстæ баталынг. Нал бæззын адæймагæн.