ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ: «Æнусы æмгар. Кировыхъæуы 100 азы кадæн»

ÆНУСЫ ÆМГАР

Кировыхъæуы 100 азы кадæн

Уац

Фыдæлты уæзæг – сызгъæрин ахстон,
Нæ хъомыс махæн – дæ нæртон тавсæй.
Нæ уарзон Киров, Бухарин, Къардиу,
Нæ куыст, нæ ахуыр – дæ ном, дæ кадæн.

КЪАДЗАТЫ Станислав

 

ХЪÆУ ÆМÆ ЙÆ АДÆМ

Хъæуы истори… Уый бæлвырд-бæстонæй райхалын бæрнон хъуыддаг у, фæлæ йæ ма басгар, уый раст нæу фæстагæтты раз. Уыдон хъуамæ зоной, хъæу кæй рæзы йæ адæмы хъысмæтæй. Кæй фæрцы æмæ кæд равзæрд? Чи уыд йæ бындурæвæрæг, чи дзы уыд фыццаг æрцæрæг? Абон кæмæй у сæрыстыр хъæубæстæ?

Ацы фарстатæ мын фæстаг азты æнцой нæ дæттынц. Цас æмæ цас базонæн ис, азфысты сыфтæ иу иннæйы фæдыл куы фæлдахай, æндахы къуыбылойау ын йæ истори райхалыныл куы архайай, уæд. Уæлдайдæр, азтæ сæ пæлæз куы æрытауынц, хистæрты фæлтæр се ‘нусон бынатмæ куы ацæуы, уæд адæймаг фæсмойнаг фæвæййы. Абоны фæлтæрты та, æнусы дæргъы хъæубæсты цы историон цымыдисаг хабæрттæ цыд, уыдонимæ зонгæ кæнын æмæ сын сæ сæ размæ рахæссын не ‘ппæты хæс у.

Цæуылнæ хъуамæ зоной Къардиу-Бухарин-Кировыхъæуы кæстæртæ, сæдæ азы размæ сын царды рухс чи фенын кодта, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты знаджы ныхмæ карз тохы рæстæг карды комыл цæуæгау цардæй мæлæты арæныл чи цыд æмæ лæгдзинад чи ‘вдыста, хъазуатон фæллойы фæрцы ног цард чи арæзта, уыдоны цыты нæмттæ? Æрфæны фæдау нæ куырыхон хистæрты нæмттæ рæзгæ фæлтæрæн сты рухс фидæнмæрæствæндаг амонæг, æмæ сæ нæ зæрдыл дарын у не стырдæр хæс.

Сихъоты Алыксандр (Мишкæ) – зынгзæрдæ революционер, Туаты Хадзымæт – æрдзæй курдиатæй хайджын адæймаг, Хъайтмазты Виссарион (Бесо), Моурауты Лексо, Дарчиты дыууæ æфсымæры Гришæ æмæ Антъон – уыдон æмæ иннæты нæмттæ абон бирæтæ нал зонынц, афтæмæй та цæрæн бынатæн Къардиуы зæххытæ равзæрстой. Туаты Хадзымæтмæ цыппар къласы йеддæмæ ахуыр нæ уыд, гæзæмæ йæ къух æрфыссын дæр нæ зыдта, фæлæ ног цæрæн бынаты электростанцæ æмæ куырой арæзт æрцыдысты йæ схемæтæм гæсгæ.

Сихъоты Мишкæ та техникон документацитæ æмæ проекттæ уæды Къардиуы хъæуæй дарддæр сарæзта Къостайы, Нарты, Фарны æмæ æндæр хъæутæн дæр. Суанг ма, Мæскуыйы Хæххон-инженерон академийы ахуыр кæнгæйæ дæр, разамынд лæвæрдта уæдмæ Бухарины хъæу суæвæг партион организацийæн. Мишкæ академи каст фæуыны фæстæ куыста Садоны æрзæткъахæны. Геологон-сгарæг парти – ГРП-йæн разамонæгæй куы куыста, уæд дæр йæ райгуырæн хъæу нæ рох кодта, алы æхсæнадон хъуыддагмæ дæр хаста йе ‘ххуысы хай…

 

ФЫЦЦАГ ЦÆРДЖЫТÆ

1922 азы хицауады бардзырдмæ гæсгæ уалдзæджы мæйты хæхты цъассытæй Æрхондонæн йæ галиуварс 300 хæдзарæн лæвæрд æрцыдис зæхх. Ног цæрæн бынат уыд æдзæрæг, пыхсджын. Схуыдтой йæ Къардиу. Ам æрбынæттон сты Зруг, Мамысон, Зæрæмæг æмæ Цъæйы цæрджытæ. Цæгат Ирыстоны облæсты æххæсткомы уынаффæмæ гæсгæ бардзырд бындуронæй æххæстгонд æрцыд 1922 азы 5 майы (фæндон бахаста Бутаты Хъазыбег газет «Правда»-йы рауагъды æмæ Карл Марксы райгуырды боны кадæн).

Хæхбæсты цъассытæй фыццаг рацыдысты нæлгоймаг фæсивæд. Цæрæн бынæттæн къахтой уæрмытæ, сæ къултæ æмæ зæххыл хуыссæн бынæттæн хъармдæрæн тыдтой, сæ алыварс цы цъыхырытæ задис, уыдонæй, нывæрзæнтæн та – хъæмпы цъуппытæ. Куыдзæгты Валодяйы мысинæгты афтæ амынд ис: «Лидзæг адæмæн хæдзæрттæ аразынæн уыдис тынгкъуындæг фадæттæ. Хъæдмæ цæуын хъуыд дардмæ. Абырджытæ арæх кæй уыд, уымæ гæсгæ Дзуарыхъæуы хъæдмæ æдæрсгæ ацæуын ничи уæндыд – сæ бæхтæ-иу сын байстой.

Фæлæ цæрын хъуыд, æмæ сабыргай аразын райдыдтой кауын хæдзæрттæ, сæрдгæ та сæ кодтой хъомы фаджысæй кæнæ æлыгæй. Хæдзæртты сæртæ æмбæрзт цыдысты хъæмпæй, гæдыйыдымæгæй. Пецты фæздæгцæуæн хæтæлтæ тасмачъийæ кæй уыдысты, уый тыххæй-иу арæх зынг сирвæзт хæдзæрттыл. Хуыздæр уыдаид ныггæндтæ аразын. Фæлæ уымæн дæр фадат нæ уыдис. Дыууæ белгомы-иу куы ныкъкъахтой, уæд-иу дон схъардта. Фæлæ, лæг амалæн у, фæзæгъынц. Хъæуыбын кæройнаг хæдзæрттæй чысыл дарддæр уыдис стыр обау. Цъæхойты Къола бавдæлд æмæ ацы обауы хуылф бакъахта æмæ дзы цæрæн бынат сарæзта. Фæстæдæр æй Баситы Михал дæр бафæзмыдта, æмæ ацы дыууæ хæдзары æдыхст уыдысты зæххы уымæлдзинадæй.

Дыккаг æмæ æртыккаг азты хохæгтæн самандурæй арæзт хæ- дзæрттæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Зыгуым ластой Æрыдонæй».
Цæрæн хæдзæрттæ куыд рæвдз кодтой, афтæ бинонтæ сабыргай лыгъдысты хæхбæсты уынгæг уавæртæй æмæ быдыры цъæхнæуу фæзтыл уæрæх сулæфыдысты, кæд райдианты сæ цæрæн уавæртæ бынтон зæрдæйы фæндиаг нæ уыдысты, уæддæр.

Хъæубæсты фыццаг цæрджытæ уыдысты Магкаты Антъо, Хъайтмазты Томай, Рæмонты Бечи, Сихъоты Габо, Цъæхойты Къола, Хозиты Лекса, Гаджиты Барис æмæ иннæтæ.

Мамысонгомæй: Дарчитæ, Добатæ, Сидахътæ, Челдытæ, Рæмонтæ, Моураутæ, Боцитæ, Айлартæ, Гæцойтæ, Къадзатæ, Кучитæ, Токтæ, Гайтæ, Суантæ.

Цъæйæ: Баситæ, Абайтæ, Марзойтæ, Дзалатæ, Гогатæ.
Зæрæмæгæй: Сихъотæ, Хъайтмазтæ, Абойтæ, Магкатæ, Дзо- цъитæ, Мурастæ, Ногъайтæ, Дзанайтæ, Куыдзæгтæ, Туатæ, Мамиатæ, Балатæ, Гаджитæ, Цæргæстæ;

Зругæй: Хозитæ, Бирæгътæ, Козатæ, Таугазтæ, Бырнацтæ.

Цæгат-ныгуылæн хайы æрцардысты зæрæмæггæгтæ, хуссар-ныгуылæн хайы – зруггæгтæ, хуссар-скæсæн хайы – мамысон, цæгат-скæсæн хай бацис Цъæйæ ралидзджыты.

Хозиты Ясоны бинонтæ дæр уыдысты Къардиуы хъæуы фыццаг æрцæрджытæй. Ясон уыд дзырддзæугæ лæг (поэт Хозиты Яковы фыд). Куыста ревкомы. Уды фарн, æгъдау æмæ уæздандзинадыл ахуыр кодта æрмæст йæхи кæстæрты нæ, фæлæ хъæубæсты фæсивæды дæр. Адæм ын кодтой стыр аргъ æмæ йæ равзæрстой хъæусоветы хицауæй.

1922 азы хъæуы арæзт æрцыд фæскомцæдисонты къорд. Фыццæгты рæнхъыты уыдысты Хъайтмазты Михал, Сихъоты Габо, Туаты Георги, Хъайтмазты Бесо, Туаты Гиго, Козаты Сафонка, Мамиаты Естъа, Мурасты Виссарион, Цъæхойты Матвей, Гаджиты Барис. Разамынд сын лæвæрдтой партионтæ Сихъоты Михал, Цъæхойты Къола, Дарчиты Антъо, Моурауты Лексо æмæ иннæтæ.

Къардиуы цæрджытæн уæззау рæстæджытæ скодта, хъæу- уон-хæдзарадон коллективизацийы азтæм сæхи куы цæттæ кодтой, уæд. Кæд се ‘хсæн кулактæ нæ уыд, уæддæр йæ цæрæг бинонтæм уыд бæхтæ, галтæ, гутонтæ, похцитæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Уымæ гæсгæ сæ уавæртæ бæллиццаг нæ уыдысты.

Хъæубæсты цæрæгдæртыл нымад уыдысты Дзанайты, Суанты, Добаты, Сидахъты мыггæгтæ.

«Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ æрмæстдæр Цæргæс- ты Уасилы хæдзар амад уыдис агуыридурæй. Йе ‘рвадæлтæн Дзæуджыхъæуы уыдис дурфыцæн завод, æмæ йæм уыдон фæкастысты арæзтадон æрмæджытæ самал кæнынмæ», – фыста Куыдзæгты Валодя газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл.

Хæдзæртты арæзтадæй уæлдай ма кировыхъæуккæгтæ тыхс- тысты нуазыны доныл дæр. Цъайтæ уæлæнгай кæй къахтой, уый тыххæй сæм къæвдадæттæ лæдæрстысты, æмæ ахæм доныл чи барвæссыдаид. Фæлæ хохæгтæ уымæн дæр мадзæлттæ агуырдтой. Хъæуы ныгуылæн хайы чи цард, уыдон дон хастой Майрæмададжы цæугæдонæй, иннæ цæрджытæ та Æрхоны донæй къанау рауагътой хъæуы астæуты, æмæ цæрджытæ ацы тыхст дæр сарæзтой.

Суг æмæ хъæдæрмæг ластой Дзуарыхъæуы хъæдæй. Фыццаг кæрк- уасæнты-иу сæ бæхтæ аифтыгътой æмæ-иу фæцагайдтой хъæдмæ, цæмæй рухсæй раздæхой фæстæмæ. Æхсæв хъæды баззайын тæссаг уыдис бирæгътæй, уæдæ абырджытæ дæр нæ ауæрстой хъæддзауты стигъыныл.

Хохæгтæ быдырты цы зындзинæдтыл сæмбæлдысты, уыдонæй ма иу уыдис, алыхуызон низтæй кæй рынчынтæ кодтой. Стырæй-чысылмæ-иу арæх æруатон сты тæфсæгæй. Бирæ сывæллæттæ мардысты дзуарæй, гуыбыннизæй, æндæр хæцгæ низтæй.

Адæмæн нывыл хæдзæрттæ нæма уыд, уæд сын куыд хъуамæ уыдаид фидар скъæттæ. Абырджытæ ацы хъуыддаг зыдтой æмæ æхсæвыгæтты давтой кусæг фос, уæлдайдæр сидзæргæсты бæхтæ. Искæй бæх-иу куы адавтой, уæд-иу райсомæй адæм æрæмбырд сты, кæй бæх адавдæуыд уый кæртмæ, æмæ сидзæргæс æмæ йæ сывæллæтты тæригъæд хъардтой давджытæн.

Ахæм рæстæджы æнæбæх хæдзæртты ирвæзын кодтой æрхонкæйаг хъазахъхъæгтæ. Цалдæргай бæхтæ сæм уыдис, æмæ-иу фæкæсинаг бинонтæн сæ зæхх бахуым кодтой, похцийæ-иу æй баластой, суанг ма-иу æй таугæ дæр бакодтой. Уæдæ тыллæг æфснайыны рæстæг дæр кæрæдзи зæрдæхудты нæ цыдысты.

Уыцы рæстæджы алкæмæ дæр зæхх уыдис фаг. Алы удгоймагмæ дæр хаудта гектар, æмæ уыцы тъæпæнты æмбис куыстгонд куы цыдаид, уæддæр бинонтæн уыдысты цæрыны фаг. Æнæбæх хæдзæрттæ та цæмæй фылдæр ма кæной, уый тыххæй Сихъоты Алыксандр фæсидтис хъæуы партион æмæ фæсивæдон организацитæм æмæ сын загъта: «Мах афтæ æнцад куы бадæм, абырджытæ нын нæ мæгуыртæ æмæ сидзæрты бæхтæ куы давой, уæд нæ цæй хъæу рауайдзæн?» Дыккаг бон партион организаци æмбырд сарæзта. Хъæуы фæсивæд дæр æм хуынд æрцыдысты, æмæ бауынаффæ кодтой хъахъхъæнæг къордтæ саразын. Афтæмæй «Рог кавалери» хъахъхъæнын райдыдта хъæумæ бацæуæнтæ æмæ рацæуæнтæ.

Уæдæй фæстæмæ бæхтæ нал давтой. Адæм арфæ кодтой Сихъоты Алыксандрæн. 1926 азы Советон хицауад алы æнæбæх хæдзарæн дæр æфстау радта дæс туманы кусæг фос балхæнынæн, æмæ хъæуы мæгуыр цæрджытæ сæхиуыл фæхæцыдысты.

Адæм кæд бирæ зындзинæдтæ æвзæрстой, уæддæр сæ зæрдæты уыдис стыр ныфс. Хъæуккæгтæ стырæй-чысылæй кæрæдзиимæ цардысты хæларæй. Мæгуыр лæг кæнæ-иу сидзæргæс ус хæдзар куы арæзта, уæд-иу йæ алыварс цæрджытæ зиуы æрæмбырд сты. Иу хуыцаубоны-иу хæдзарæн йæ къултæ самадтой, иннæ хуыцаубоны та-иу ын йæ сæр æрæхгæдтой. Кæд хъæуы цæрджытæн сæ фадæттæ хорз нæ уыдысты, уæддæр 23-аздзыдæй фæстæмæ лæппутæй æнæ усæй ничи бадт.

 

НОГ ЦАРДАРÆЗТ

1929 азы хъæуы сарæзтой колхоз. Ног рацарæзты рæстæг хъæу дих кодта дыууæ колхозыл: йæ иу хай хуынд «Индустри», иннæ æрдæг хаста Хетæгкаты Къостайы ном. Сæрдартæй равзæрстой Тедеты Алексийы æмæ Добаты Дауыты.

Алы азты колхозæн дæсны сæрдариуæг фæкодтой Хъайтмазты Къоста (15 азы дæргъы), Гаджиты Матвей, Козаты Спъиридон, Абойты Лавренти (Сихъоты Сардойы сиахс), Суанты Аба, Хъайтмазты Бесо, Туаты Гиго, Козаты Сафонка, Куыдзæгты Костя, Къозонты Къоста (уыд Ногирæй).

Колхозон арæзтад куы райдыдта, уæд адæм фæтызмæг сты. Æнæууæнчы цæстæй акастысты кæрæдзимæ. Кæй кулак схуыдтой, кæй – хъæздыг цæрæг, кæй рæстæмбис цæрæг, кæуыл та мæгуыры гакк сфидыдта. Фæлæ хъæуы уыдис хъæддых партион æмæ фæскомцæдисон организацитæ, æмæ сæ уæнгтæ адæмæн æмбарын кодтой ног царды нысантæ. Козаты Сафонка уæды рæстæджы уыдис хъæуы разамонæг æмæ хурмæ хаста кулакты митæ.

Хъæуы партион организацийы рæнхъыты уыдысты, советон цардарæзт фидар кæныныл æнувыдæй чи архайдта, ахæм куырыхон лæгтæ, йæ сæргъы – Сихъоты Алыксандр. Уый лæмбынæг касти алы партион уæнджы архайдмæ дæр æмæ сын лæвæрдта хъæугæ амынддзинæдтæ.

Партион организацийы æвзыгъд коммунисттæ уыдысты: Туаты Хасæхъо – фыццаг дунеон хæсты архайæг, Георгийы дзуары æххæст кавалер; ахæм хорзæхтæ уыд Куыдзæгты Соброн æмæ Никъаламæ дæр. Хъæуы кадджындæр лæгтыл нымад уыдысты Туаты Хадзымæт æмæ Гæдули, Дарчиты Антъон æмæ Григол, Хозиты Додти æмæ Ясон, Хозиты Никъала (уыд ревкомы уæнг, фæстæдæр Æрыдоны райкомы секретарь) æмæ Федя, Суанты Аба, Кучиты Гæстæн, Си- хъоты Дафа, Абайты Цопан, Дзалаты Уасил æмæ иннæтæ.

Туаты Хадзымæт куыста колхозы арæзтадон бригады бригадирæй. Йæ разамындæй арæзт æрцыдысты колхозы бæхдæттæ, хъомдæттæ, силосы уæрмытæ, куырой. Уæдæ Кировыхъæуæй раздæр Цæгат Ирыстоны электрон станцæ арæзт никуы æрцыд, æмæ уый дæр уыдис Хадзымæт æмæ йæ хъобайнаг æрдхорд Баймæтаты Цыппуйы разамындæй.

Уый уыд афтæ. 1934 азы хохы цъассытæй æрлидзæг адæм иумæ- йагæй бавнæлдтой, Бухарин йæ амæлæты размæ сæ курдиатмæ гæсгæ цы электростанцæйы комплект сæрвыста, уый аразынмæ. Цыбыр рæстæгмæ хъæуы цæрджытæ сæ цæстытæй федтой ар- гъæутты диссаг – электрон рухс. Хъыгагæн, хæсты рæстæджы, немыц хъæумæ куы ‘рбабырстой, уæд æй ныппырх кодтой, фæлæ 1948 азы хъæуы цæрджыты хъæппæрисæй ногæй Туацъæйы суадон æмæ Терчы дæттыл цалцæггонд æрцыд сæ электростанцæ (уыцы рæстæг электрон тыхæн æхца фидын нæ хъуыд, уыд лæвар. Станцæйы та хъахъхъæнæгæй куыста Абайты Алыксандры хистæр фырт Зауыр).

1926 азы хъæумæ æрвыст æрцыдис фыццаг трактор «Фордзон». Трактор скъæрынмæ цæрджытæй ничи арæхст, фæлæ фæлварын хъуыд, æмæ ацы хъуыддаджы сæрæндæр разындысты Хозиты Лекса æмæ Дзоцъиты Хазби (Гуыбыр). Уыдон акодтой фыццаг ауæдзтæ колхозон быдырты. (Фæстæдæр сæ бафæзмыдтой Козаты Алексей (Тытын), Дзоцъиты Адæбе (Дæбе), Таугазты Таймураз, Мурасты Жоркæ, Мамиаты Гермæн, Сихъоты Уырызмæг, Хозиты Ладимер (Цъæх), Гаджиты Витя æмæ иннæтæ. Систы зындгонд механизатортæ, æмæ сæ ном айхъуыст районы дæр.

Афтæ колхозонтæ ног уавæрты ахуыр кодтой фæллой кæныныл. Изæрыгæтты-иу, бричкæйы бадгæйæ, фæндырцæгъдгæ æмæ заргæйæ, здæхтысты быдырæй. Колхозы уыдис авд бригады, æмæ социа- листон ерыс кодтой кæрæдзиимæ. Фæуæлахизуæвæгæн та æдзухдæр лæвæрдтой цæугæ сырх тырыса. Уыдис, уæртджын хæфсы ныв кæм уыд, ахæм тырыса дæр æмæ-иу уый та бацис фæстæзаддæр бригады. Æдзухдæр Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз уыдис нæ республикæйы раззагдæр хæдзарæдты æмрæнхъ.

1937 азы онг хъæу хуынд Къардиу, уый фæстæ хаста Бухарины, стæй та – зындгонд революционер Кировы ном.

 

НÆРГÆ ХÆДЗАРАД

1949 азы, колхозы правленийы уæнгтæ æмæ хъæубæсты цæрджыты уынаффæмæ гæсгæ дыууæ колхозы баиу сты, æмæ йын Хетæгкаты Къостайы ном радтой. Уый иумæйаг царды рацарæзтыл фæзынд хуыздæрмæ.

Къозонты Къоста (ногираг) – раззагдæр коммунист, пенсийы куы рацыд, уæд Æрхонкæйы райкомы бардзырдмæ гæсгæ нысангонд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы сæрдарæй (пенсимæ рацыды размæ куыста Æрхонкæйы райкомы партийы 1-аг секретарæй). Къозоны-фырт хорз зыдта колхозты царды хабæрттæ. Æрхонкæйы районы хæдзарæдтимæ абаргæйæ, Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз нымад уыд фæстæзадыл. Куыд бæрнон коммунист, афтæ йын партийы разамынд йæ размæ стыр хæс сæвæрдта – цыбыр рæстæгмæ хæдзарады фæстæзад номхыгъдтæй раззагдæрты æмрæнхъмæ ракæнын. Æхсæвæй-бонæй куыста, йæ фадат куыд амыдта, афтæ æппæт ма- дзæлттæй дæр архайда адæмы цард социалон æмæ экономикон æгъдауæй фæхуыздæр кæныныл. Уыд хæларзæрдæ, æмгарджын æмæ бæрнон адæймаг. Уæлдæр хицауадимæ йын уæрæх бастдзинæдтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ, фыццаджыдæр, паддзахады къазнайы размæ йæ дæлбар колхозы уæхсчытыл цы стыр хæслæвæрд æрæнцой æхцайы фæрæзтæй, уый йæ къухты бафтыд сисын. Цалдæр азмæ йæ активон архайдæй хъæубæсты цæрджыты царды æмæ куысты уавæртæ йе ‘мцæдисонтимæ бæлвырд фæхуыздæр кодта, куыд экономикон, афтæ социалон æгъдауæй дæр. Хъæздыг тыллæг исын райдыдтой сæ хуымгæндтæй, æфснайынæн фæзынд ног техникон фæрæзтæ, фосы нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта.

Зындгонд фыссæг Айларты Измаил мын куыд дзырдта, афтæмæй хъæуы хистæртæ уыдысты куырыхон æмæ зондджын. Уымæн бирæ æвдисæндартæ ис. Сæ иу – стыр хицауады минæвæрттæй Хъуылаты Хъуыбады (обкомы 1-аг секретарь). Иурæстæджы хицауадæй цалдæр лæгимæ æрцыдысты фæрсынмæ Къозонты Къостайы размæцыд колхозмæ. Бæлвырддæрæй сæ фæндыд базонын колхозы раззагдæр кусджытæ æмæ специалисттимæ æрныхасæй, быдырон куыстытæн хуыздæр æмæ афойнадыл куыд бакæнæн ис, æнæрæдыддæр куыд уыдзæн, стæй ма бирæ æндæр хæдзарадон фарстатæ райхалын. Уый дзурæг уыд ууыл, уыцы рæстæг хицауад æмзондæй кæй райдыдта иудзинадыл архайын хуымæтæг кусæг адæмимæ.

Колхозонты цард кæй фæхуыздæр, ууыл чиныг «Культура и быт осетинского крестьянства»-йы Мæхæмæтты Æхсарбег фыста: «О доходности колхозного трудодня можно было судить уже по одному тому, что заработок только одного человека в семье полностью может удовлетворять жизненные потребности всей семьи. Это видно хотя бы на примере колхозников сельхозартели имени Коста Хетагурова сел. Кирово. Так, колхозник Спиридон Моураов на свои трудодни в 1959 году получил 10 тысяч рублей деньгами и 3900 кг зерном; Хазби Дзоциев – 14 тысяч рублей и 4468 кг зерна; А. Боциев – 15 тысяч 248 рублей деньгами и 6100 кг зерна. Они же получили много овощей и других продуктов. Эти доходы в полной мере обеспечивают нормальный жизненный уровень членов семей перечисленных колхозников…»

Къостамæ бæргæ бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ уыд, фæлæ, хъыгагæн, куысты фæдыл цæугæйæ, йæ шофыр Дарчиты Махарбегимæ бахаудысты фæндаггон фыдбылызы, æмæ йæ царды цырагъ ахуыссыд. Чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты баззад фæзминаг хистæр, дæсны разамонæг æмæ æнæзæрдæхудт адæймагæй. Кировыхъæуккæгтæй абон дæр рох нæу йæ цыты ном.

1957 азы, колхозы активы уынаффæмæ гæсгæ, уæлдайдæр Хъайтмазты Къоста æмæ Козаты Сафонкайы хъæппæрисæй, æрыгон специалист Мæрзойты Хадзымуссæйы фырт Хъазыбег æвзæрст æрцыд сæрдарæй. Фæлтæрдджын хистæртæ нæ фæрæдыдысты. Мæрзойы-фырт сын сæ намысы тырыса бæрзонддæр систа æмæ Кировыхъæубæстæн æнтыстджынæй сæрдариуæг фæкодта æртын азæй фылдæр. Бонæй-бонмæ йæ бæрнон разамындæй царды уавæр хуыздæрæй-хуыздæрмæ цыд, фæллойадон æгъдау фидар кодта.

Хъазыбеджы фарсмæ адæмы фарнæн, сомбоны рухс царды сæраппонд хъазуатон фæллой кодтой колхозы активисттæ Сихъоты Кота æмæ Адæбе, Бирæгъты Кирил, Матвей æмæ Миша, Куыдзæгты Уалент æмæ Костя, Магкаты Разиат, Къадзаты Евген æмæ Алекси, Мурасты Чермен, Дзалаты Гаппо æмæ Наталья, Добаты Дафа, Гогаты Хъазыбег, Гаджиты Барис æмæ Ксеня, Туаты Уалент, Мамытты Степка, Коциты Леуантъи, Суанты Дауит, Цъæхойты Аба, Сихъоты Габо, Кучиты Гæстæн; агрономтæ Тъуриты Валодя, Талханты Тамби, Реуазты Валодя æмæ Дзалаты Солтан; зоотехниктæ Гаджиты Алыбег, Гæцойты Иринæ, Мæрзойты Ирæ; фосы дохтыртæ Абдуллаев Нифел, Сихъоты Тасолтан, Баситы Семен (Сем), Боциты Тимур, Суанты Эльбрус (Дзо), Мамиаты Валерик; инженер Козаты Алексей, электрон тыхты инженер Дьяченко Андрей æмæ иннæтæ. Удуæлдайæ æмхуызонæй архайдтой халсарты хъæздыг тыллæг æрзайын кæныныл йæ дыргъдæтты æмæ быдырты: нартхор, цæхæра, джитъри, бадырджан, сысджы, мæнæу, харбыз æмæ афтæ дарддæр. Быдырты ма тыдтой гæн дæр. Ацы культурæйы куыстæй бæлвырд фылдæр æфтиаг хауын райдыдта хæдзарады къазнамæ, стæй хъæуы цæрджытæм. Уæдæ мыдыбындзыты чыргъæдтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, æмæ колхозы къæбиц мыдæй дæр уыд дзаг.

Мæрзойы-фырты хæрзтæ Кировыхъæубæстæн сты æгæрон. Хицауад, уый æнкъаргæйæ, стыр аргъ скодта йе ‘вæллайгæ куыстæн, æмæ йын радтой Социалистон Фæллойы Хъæбатыры кадджын ном.

Социалон æмæ экономикон æгъдауæй хæдзарад бонæй-бонмæ хъæздыгæй-хъæздыгдæр кодта. Колхозы цы алыхуызон фермæтæ сырæзт (хъомты, лыстæг фосы, хуыты, бабызтæ æмæ кæрчыты), уыдонæй стыр хæлц æфтыд хæдзарады æмæ паддзахады къæбицтæм. Науырæй хæхбæстæм-иу сæрдыгон фæзтæм фос куы тардтой, уæд уыдысты мингæйттæ, æмæ-иу сыл цæст не ‘ххæссыд. Фыййæуттæ уыдысты Ленины орденхæссæг Дзоцъиты Дауыт, Боциты Алешкæ æмæ Михел, Айларты Хаджумар, Челдыты Коля, Хъадаты Алыксандр, Кучиты Хъуыдæберд, Дарчиты Артъем, Хъайтмазты Лыксы æмæ Уасил (Сечкæйы фырт), Туаты Джиуæр. Уыдон фосдарды куыс-ты нымад уыдысты раззагдæртыл сæ фермæйы хицау Мамытты Степкæимæ иумæ (фосы рæгъæутты нымæц хæццæ кодта иуæндæс минмæ). Бинонтæй иппæрд уæвгæйæ, се ‘ппæт дæр æхсæвæй-бонæй, къæвдайæ-хурæй бæрнонæй архайдтой æмхуызонæй, цæмæй фосы нымæц фылдæрæй-фылдæр кæна лæппын фосы фæрцы, къаддæр фыдбылызтæ сыл цæуа, æмæ хæдзарады рæзтæн пайдахæссæг уой. Баситы Бибойыл кæд 90 азмæ æввахс цыд, уæддæр бæрнонæй зылд ноггуырд уæрыччытæм – лæппын фосмæ.

Хъæубæсты æрмдæснытæ Дарчиты Агор, Боциты Иликъо, Мурасты Иликъо, Гогаты Ко, Гогаты Дзапар æмæ иннæтæ кæд бирæ цæрæг хæдзæрттæн арæзтой дуæрттæ, рудзгуытæ, стъолтæ, бандæттæ, хорæфснайæн къутутæ æмæ æндæр хæдзарон кусæн дзаумæттæ, уæддæр Хъазыбегмæ уый фаг нæ каст, æмæ сарæзта сæрмагонд арæзтадон бригад (Баситы Вало æмæ Баситы Сæдже, Бурдзилты Мурат, Гогаты Ладемыр, Годжыцаты Федя, Джанайты Марки, Дзоцъиты Лæмбег æмæ Толик, Козаты Къиста, Кучиты Бабо, Кабег, Коля æмæ Толик, Магкаты Левæ, Мамиаты Хадзымурат, Хъадаты Петя, Таугазты Хадзу, Сихъоты Муради æмæ Жорик, Суанты Толик, Хъайтмазты Ваня æмæ Толик, Цъæхойты Къола, Юрков Коля). Ацы æрмдæсны кусджытæ Сихъоты Цепкайы раст разамындæй бирæ азты дæргъы арæхстджын фæллой фæкодтой æмæ хъæубæсты иу арæзтад иннæйы фæстæ рæзыд. Фæзындысты фосдарæн фермæтæ, машинæтæ æмæ трактортæн гаражтæ, абана, хорæфснайæн гонтæ…

Дзулфыцæны разамонæгæй бирæ азты фæкуыста Челдыты Верæ. Дьяченко Шурæ, Челдыты Картинкæ, ХозитыТуайон Зоя, Кучиты Сафиат, Козаты Лизæ цы хæрзад пух дзултæ фыхтой, уыдонæй хайджын уыдысты æппæт фермæты, быдырты кусджытæ, рæвдауæндоны сабитæ, скъоладзаутæ… Уый фæстæ дзулфыцæны куыстæн разамынд лæвæрдта Хозиты Зоя.

Хъæубæсты цæрджыты удæнцойæн ма арæзт æрцыдис куырой. Куыройгæстæ уыдысты Мамиаты Сагъи, Туаты Диккыр, Добаты Уасил, Гогаты Костя, Туаты Махарбег.

Посты хайады алы азты куыстой Сихъоты Оля (Уæлыккæ), Мæрзойты Варя, Хъайтмазты Таня, Козаты-Хъуппеты Аня, Суанты-Туайон Алинæ; постхæсджытæй – Боциты Оля, Козаты Замирæ, Челдыты Верæ, Дзоцъиты Эллæ, Гайты Аннæ, Гæцойты Виолетæ.

Клубы хъæуккæгтæн лæггад кодтой Козаты Ростик, Абойты Андрей, Мамиаты Журинæ, Дзоцъиты Иларион (Ила), Гаджиты Фатимæ, Гайты Зæлинæ. Хистæрты мысинæгтæм гæсгæ, Мамиаты Журинæ бæрнон цæстæй кастис йæ куыстмæ æмæ уæлдай уаз бавæрæн бахаста хъæуы культурон цардмæ. Алы кары адæмæн байгом кодта героикон зарджыты (йæ архайджытæ уыдысты Си- хъоты Коля, Козаты Ростик, Абойты Андрей), драмон, фæндыр- дзæгъдджыты, кафджыты къордтæ. Кафджыты къордæн цалдæр азы дæсны разамынд фæлæвæрдта Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Мæрзойты Вано. Ирон æмæ Куклаты театрты, Паддзахадон кафджыты ансамблы артисттæ дæр сæ спектакльтæ æмæ концертон программæтимæ кировыхъæуккæгты зæрдæтæ рухс кодтой сæ аивадæй. Фысджыты цæдисимæ æнгом бастдзинад уыд поэт, Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Гаджиты Георгийы фæрцы. Хъæуы цæрджытæ æмæ рæзгæ фæсивæдæн фысджытимæ арæх арæзт цыд алыхуызон цымыдисаг сфæлдыстадон фембæлдтытæ.

 

ХЪÆУБÆСТЫ УДÆНЦОЙÆН АРХАЙД

Адæм уалдзыгон æмæ фæззыгон куыстыты рæстæг уæлдай æнæвдæлон уыдысты. Уый хынцгæйæ, колхозы правленийы разамынды уынаффæмæ гæсгæ сывæллæттæн байгом кодтой рæстæгмæ (сезонный) рæвдауæндон. Фыццаг разамонджытæй дзы куыстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг, ирон чызджыты фыццаг батальоны уæнг Къадзаты-Коциты Дуня, райдиан кълæсты ахуыргæнæг Мысыккаты Хадизæт. Хъомылгæнæгæй дзы куыста æрыгон специалист Дзалаты Анисæ (абоны онг дæр йæ зæрдæ нæ аивта йæ равзæрд дæсныйадыл æмæ лæггад кæны сабитæн). Хæринаггæнджытæй куыстой Таугазты Дзирæт æмæ Рæмонты Ленæ, гæрстæхсæгæй – Цъæхойты-Челдыты Саня.

Сывæллæттæн æмæ кусджытæн цы нывыл уавæртæ сарæзтой улæфæн бынæтты, стæй хъазæнтæ, хæринаг, хуыссæнуæттæ – иууылдæр уыдысты лæвар.

Рæвдауæндоны алывæрстæ хæрзвадат кæныныл та зæрдиагæй архайдта скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Суанты Хъауыр- бег. Ацы бæрзондгомау, хæдæфсарм уæздан хистæры фæлгонц кировыхъæуккæгты зæрдæты ныууагъта арф фæд. Хъауырбег хистæрæй сывæллонмæ алкæй зæрдæмæ дæр ссардта сæрмагонд фæндаг æмæ сын сси уарзон, фæзминаг хистæр. Цыбыр рæстæгмæ рæвдауæндоны цæхæрадон æмæ йæ алывæрстæ дзæнæты бынатау саив кодта алыхуызон бæлæстæ, къудзитæ, дидинджытæ, хъæдын скульптурæтæ æмæ змисын къуымтæй арæзт хъазæн фæзтæй. Иу клумбæ иннæмæй цымыдисагдæр æмæ аивдæр сфæлыста алыхуызон дидинджытæй. Æвæццæгæн, Хъауырбегæн æрдзæй лæвæрд уыд курдиат ахæм архитектурон мадзæлттæ фæлындынмæ. Райдайæн кълæсты-иу йæ уроктæ куыддæр фесты скъолайы, афтæ та-иу уайтагъд балæууыд рæвдауæндоны кæрты. Сабитæ, дам, зæрдæ зонынц. Йæ алыварс-иу амбырд сты мыдыбындзытау, æмæ та-иу уый дæр сæ астæу æрбадт æмæ-иу сын райдыдта аргъæуттæ, радзырдтæ, Къостайы æмдзæвгæтæ дзурын. Семæ-иу чысыл сабийау хъазыд алыхуызон хъæзтытæй.

Мысыккон Хадизæты фæстæ рæвдауæндоны разамонæгæй кусын райдыдта Æлборты-Хозиты Тамарæ.

Иурæстæджы рæвдауæндон æхгæд æрцыд, фæлæ 1986 азы ногæй цалцæггонд агъуыст йæ дуæрттæ байгом кодта. Ног рæвдауæндоны сæргълæууæг Куыдзæгты Валя уыд бæрнон адæймаг, уарзта сывæллæтты æмæ йе ‘мкусджытимæ нывыл уавæртæ сарæзта сæ раст хъомыладæн. Бирæ азты дæргъы æнæ зæрдæхудтæй фæкуыста рæвдауæндоны разамонæгæй, стæй йæм скъоламæ фæдзырдтой ахуыргæнæгæй кусынмæ. Йæ фæстæ рæвдауæндоны сæргълæууæг сси Баситы Антонинæ. Хъомылгæнджытæй йемæ куыстой Айларты Розæ, Дзалаты Анисæ, Мякишева Валентинæ; хæринаггæнджытæй – Рæмонты Ленæ, Козаты Ринæ, Боциты Илианæ. Абон рæвдауæндоны ис дыууæ къорды, йæ сæргълæууæг у Калоты Дианæ.

Дуджы цыдимæ цард аивта. Колхозты фехæлдимæ рæвдауæндæтты куысты уавæртæ дæр фæуæззаудæр сты. Сæ размæцыдæн хъуыд хъæуы хæрзгæнджыты æххуыс. Кировыхъæубæстæ та хæрзгæнджытæй цух никуы уыд, уæлдайдæр рæзгæ сабитæн. Рæвдауæндоны коллектив стыр бузныг у амалхъом фæсивæдæй – Гогаты Аслан, Гаджиты Аслан, Козаты Аслан, Хъайтмазты Алан, Туаты Ирбег, Айларты Алыксандр æмæ иннæтæй. Ацы фæсивæд æрвылаз дæр бахæссынц се ‘ххуысы хай сабиты хуыздæр уавæрты хъомыладмæ.

Кировыхъæуккæгтæй бирæтæ нал хъуыды кæнынц, хъæуы астæу æфсæйнагæй цы архитектурон кулдуар-аркæ ис, уый Суанты Хъауырбеджы проектмæ гæсгæ Мæрзойты Хъазыбеджы бардзырдæй цыбыр рæстæгмæ арæзт кæй æрцыд æмæ абон дæр аив цыртдзæвæнæн кæй лæууы хъæуы астæумæ æрбацæуæны.

Хъæуы амбулаторийы адæмы æнæниздзинадыл чи аудыдта, уый уыд йæ фыццаг дохтыр Сихъоты Антонинæ. Бирæ хæрзты бацыд хъæубæсты адæмæн афойнадыл медицинон æххуыс бакæныны. Фæстæдæр Туаты Уанкъайы хæдзары байгом медицинон пункт. Фелшырæй дзы куыста Козаты Верæ, медицинон хотæй – Туаты Рая (Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг), Хъайтмазты Замирæт, Гогаты Ирæ, Туаты Надя та – санитаркæйæ.

Колхозы правленийы уынаффæмæ гæсгæ, амбулаторийæн ног сæрмагонд иууæладзыгон агъуыст арæзт куы æрцыд, уæд дзы дохтыртæй куыстой кæнæ кусынц Тебиаты-Суанты Зоя, Куыдзæгты Тæирæ, Челдыты Лазыр, Гогаты Лидæ, Годжыцаты-Ногъайты Земфирæ, Гайты Фатимæ, медицинон хотæй – Гаджиты Зитæ, Туаты Азæ.

Хъæубæсты удæнцойæн конд уыд иннæ хъуыддаг дæр. 1926 азы хъæуы сæйраг уынджы Хозиты Христофоры хæдзары байгом кæсæндон-хæдзар Туаты Уасилы чызг Варварæйы разамындæй. Æрыгон чызг бирæ уарзта йæ куыст. Адæм-иу фæскуыст изæрыгæтты куы æрбамбырд сты, уæд сын каст алыхуызон хабæрттæ, цы газеттæ æмæ чингуытæ уыд сæ къухы, уыдон. Фæстæдæр, 1928 азы, кæсæндон-хæдзар æрбынат кодта Туаты Валентинæйы хæдзары. Куыста дзы Цъæхойты Матвейы фырт Владимир. Газеттæ æмæ журналтæ фылдæрæй-фылдæр кодтой, фæзындис ног чингуытæ дæр. Хъазтизæртæ, алыхуызон фембæлдтытæ, æрмдæсныты кружоктæ чиныгдоны куыст кодтой цымыдисаг. Хъæу куыд рæзти, афтæ чиныгкæсджыты æмæ чингуыты нымæц дæр фылдæрæй-фылдæр кодта. Колхозы разамындæй 1948 азы чиныгдонæн снысан кодтой уæрæхдæр уат правленийы хæдзары. Разамонæгæй йын нысангонд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Бирæгъты Раисæ (бакуыс- та дзы суанг 1967 азмæ. 1945 – 1948 азты та куыста Кировыхъæуы астæуккаг скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй). Чиныгдоны куысты цы раст уагæвæрд сарæзта чиныгуарзджытæн, уый йæ иузæрдион архайдæй 1967 азæй 2019 азмæ фæхаста Таугазты-Гогаты Уæздинцæ. Абон чиныгмæ уарзондзинад æмæ зонды суадоны фарнæн дуджы домæнтæм гæсгæ кировыхъæуккæгтæн иузæрдион лæггад кæны Бырнацты-Хъариаты Ритæ.

Ноджы ма бирæ æндæр алыхуызон мадзæлттæ арæзт цыд Кировыхъæуы адæмы социалон æмæ экономикон уавæртæ фæхуыздæрæн, стæй кусæг адæймаджы цардыуаджы хорзæхæн.

Бигъуылаты Уырысхан цы куырдадзы куыста, уым йæ хъæппæрисæй цалцæггонд цыдысты æрмæст колхозон техникæ нæ, фæлæ хъæубæсты адæмæн сæ кусæнгæрзтæ, уæлдайдæр уалдзæджы æмæ фæззыгон куыстыты рæстæг.

Хъæубæсты сабыр царды охыл удуæлдай лæггад чи кодта, уыдонæй иу уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, зынгзæрдæ коммунист Бирæгъты Миша. 1956 азæй 1970 азмæ фæкуыста участочы милиционерæй. Йæ хорз куысты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Мидхъуыддæгты министрады номæй цалдæр майданæй æмæ Кады гæххæттытæй.

Мæрзойты Хъазыбег Кировыхъæуæн колхозы сæрдарæй фæлæггад кодта æртын азæй фылдæр. Йæ дæлбар хæдзарад республикæйы сси раззагдæр æмæ фæзминаг хæдзарæдтæй иу. Фæстæдæр ын йæ фæлтæрддзинадæй пайда кодтой колхозы дарддæры рæзтæн ног фæлтæры сæрдартæ Козаты Мæирбег, Гогаты Павлик, Æмбалты Михал, Мæрзойты Вало (Хъазыбеджы кæстæр æфсымæр), Козаты Валерик (Гаги), Айларты Валерик. Стыр хъыгагæн, ХХ æнусы уæззау 90æм азты рацарæзты Советон Цæдисы фехæлдимæ ныххæлæттаг ис Хетæгкаты Къостайы номыл колхоз дæр…

Хæдзарад ма йæ рæзты фæндагыл куы уыд, æмæ Мæрзойты Хъазыбегæн Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном куы радтой, уæд-иу газеттæ æмæ журналты фæрстыл арæхæй-арæхдæр фæзындысты алыхуызон æрмæджытæ. Зындгонд фыссæг Мæрзойты Сергейы очерк «Восхождение» 1966 азы рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон альманах «Советская Россия»-йы. Ис дзы, зæгъæм, ахæм хъуыдытæ: «Хроника села Кирово еще не написана. А летописцу наших дней есть о чем рассказать современникам и потомкам…

– Трудно было, очень трудно поднимать хозяйство, – рассказывает председатель колхоза имени Коста Хетагурова Казбек Марзоев. – Нам, молодым, это было бы не под силу, если бы мы не ощущали тепло заскорузлых рук ветеранов колхозного производства. Ксения Гагиева, Пре Дзалаев, Коста Кайтмазов, Алексей Кадзаев, Лаврентий Коциев, Дуня Боциева… Да разве всех перечислишь?! Изможденные, в поношенных телогрейках, они исходили какой-то неуемной силой и энергией. Они прошли огни и воды, не раз глядели в лицо беде, и все-таки в них жила извечная мудрость, та преданность земле, которая нас, молодых, просто за живое брала…

Молодость села… Ее чувствуешь и в огненных танцах колхозного ансамбля, и в отменно возделанных конопляных полях ученической бригады, и в студенческой зачетке Иры Гацоевой, и во всем облике нашего села.

Село наше невелико. 2170 жителей. 400 дворов. Но сельчане не боятся специализации хозяйства. Климат, почва, годами складывавшиеся трудовые навыки и наклонности, интересы артельного хозяйства – все это само собой определило многоотраслевой облик артели. И в каждой отрасли есть мастера, сложились традиции. Они и впредь будут развиваться гармонично, с пользой для общего дела.

Но речь шла об облике села. Жители Кирово и пионеры, и аборигены. Говорят, под одной из улиц, покрытой нами гравием, старожилы заметили и запомнили мощеный след трассы, по которой приезжал в Осетию Пушкин. Возможно, это легенда. Но каждое людское поселение вполне закономерно обрастает бывальщиной.
Приходят на память и строки Нигера. Трагическая история героя одной из поэм поэта разыгралась именно здесь, в Кардиу (так раньше называли наше село).

Здесь же взлетела мужественная песня Якова Хозиева…»

Гъе афтæ нывæстой уыцы рæстæг фæллойуарзаг хъæуы фæлгонц.

 

ФЫЦЦАГ ИМПЕРИАЛИСТОН ХÆСТ ÆМÆ РЕВОЛЮЦИ

Кировыхъæуккæгтæн сæ лæгдзинад алы дуджы дæр цыд сæ разæй.

Туаты Хасæхъо Фыццаг дунеон хæстæй ссыдис Георгийы дзуары æххæст кавалерæй.

Куыдзæгты Лекъы авд фыртæй Хъапар, Соброн æмæ Никъала уыдысты революцийы активон архайджытæ, хæцыдысты Фыццаг империалистон хæсты паддзахы æфсæдтимæ дæр. Соброн æмæ Никъала хорзæхджынгонд уыдысты Георгийы дзуарæй. Никъала уыд чекист. Соброны ном фыст æрцыд Ирыстоны Хъайтарты номхыгъды Намысы фæйнæгыл Дзæуджыхъæуы Уырыссаг Академион театры раз.

Се ‘хсардзинадæн æвдисæн у, Терчы облæсты инæлар-губернатор Колюбакин 1907 азы 13 январы цы гæххæтт бафыста, уый дæр. Бакæсæн дзы ис: «Старшине Зарамагского прихода Темболату Магкаеву. Взыскать с горца-осетина бедняка Лека Батразовича Кудзагова контрибуцию в сумме 200 рублей за активное участие его сыновей в 1905 – 1906 гг. в городе Владикавказе в политических революционных вооружениях, стачках и бунтах. Установлено, что братья Кудзаговы – Николай, осетин, батрак, возраст 17 лет; Соброн, осетин, приказчик, возраст 19 лет; Андукапар, осетин, приказчик, возраст 20 лет), на первомайских митингах в 1905 году бунтовали, возбуждали народ, приказчиков, рабочих, ремесленников против самодержавия. Из следственных показаний установлено, что выше названные братья в октябре того же года принимали активное участие в политических бунтах против правительственного строя… Братья Николай и Соброн Кудзаговы из пистолетов обстреливали портрет государя императора, а Андукапар нес революционный красный флаг».

ФЫДЫБÆСТÆЙЫ СТЫР ХÆСТ

Лæгдзинад, хъæбатырдзинад æмæ адæймаджы æппæт миниуджыты хуыздæр бæрæггæнæн у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дуг. Кировыхъæуы фæсивæд фæсте нæ баззадысты. 526-æй аивылдысты фыдызнаджы ныхмæ лæгæвзарæн тохы быдырмæ. Хъыгагæн, 218-æй баззадысты æдзардæй тугкалæн быдыры уæлахизы салдæттæй. Кад æмæ намысимæ «сыздæхтысты» æнæмæлгæ хъæбатырты цыртдзæвæнæй Кировы хъæугæронмæ æмæ ныр æдзæмæй лæууынц, «фæлгæсынц», сæ удтæ кæмæн снывонд кодтой, уыцы царды цыдыл.

«Хæсты фыццаг бонты æрыгон лæппутæ бричкæты цыдысты Æрхонкæйы æфсæддон комиссарадмæ. Фæлæ канд адæм нæ цыдысты хæстмæ. Хæцæг æфсады хъуыд техникæ, кусæг фос, æмæ колхозонтæ хæдзарады хуыздæр трактортæ æмæ бæхты æрвыстой фронтмæ», – фыссы Куыдзæгты Валодя.

Кировыхъæуккæгтæ сæрбæрзонд сты, Фыдыбæстæйы Стыр хæс- ты чи архайдта, стыр хъæбатырдзинæдтæ чи равдыста, уыдонæй: тæхæг Туаты Виктор (Вики); булкъонтæ Бирæгъты Созыр – тæхæг, Мамиаты Естъа (бирæ азты дæргъы фæкуыста Стъараполы горæты военкомæй), Хъайтмазты Георги – майор, Туаты Петрос – 1-аг рангы капитан (хæсты фæстæ куыста Бакуйы денджызон училищейы, лекцитæ каст курсанттæн), Мурасты Виссарион – дæлбулкъон (бирæ азты дæргъы фæкуыста Цæгат Ирыстоны университеты), Мамиаты Тотрадз – капитан, Къадзаты Состыкк – гвардийы булкъон, артиллерист, ракетчик.

Козаты фондз æфсымæры – Стъепан, Спъиридон, Макъар, Антъон, Христофор – тохы быдыры цы лæгдзинад æвдыстой, уый тыххæй арæх фыстой центрон, республикон æмæ районы мыхуыры фæрстыл. Сæ номыл цы кады зарæг æмæ æмдзæвгæтæ ис, уыдон баззадысты ног фæлтæртæн сæ намыс мысынæн.

Знаджы ныхмæ тохы ма лæгдзинад æвдисгæ фæцыдысты Мамытты Русудан æмæ Руманæн (Иорам) сæ цыппар фырты – Хъамболат, Евген, Лексо, Илья æмæ йе ‘фсымæры дыууæ сидзæры Лавренти æмæ Æхсарбег (фæстæмæ ма сæ сыздæхт æрмæстдæр Илья); Гайты Сидæйы фондз фырты – Битар, Додти, Иликъо, Бабо æмæ Петка (æфсымæрты кæстæр Петка нал сыздæхт тохы быдырæй); Дзанайты Лавренты цыппар фырты – Уардан, Гæдули, Даки æмæ Ефим (Ефимы номыл «сау гæххæтт» ссыд æмæ йын цырт дæр ныссагътой, фæлæ цæфтæй сыздæхт сæрæгасæй Уæлахизы салдатæй, æмæ цырт ныппырх кодтой).

Сихъоты Дафайы фырттæ Гаврил æмæ Тембол хъæбатырæй фæмардысты тохы быдыры; Токты Константины æртæ хъæбулы Сослан, Сергей, Харитон (Сергей æмæ Харитон æнустæм баззадысты хæсты быдыры æрыгон салдæттæй); Туаты Муссæйы дыууæ фырты Кирил æмæ Сергей (Кирил фæмард хæсты быдыры). Дзалаты Тасолтан, Геор æмæ Гаппо; Мамиаты Естъа, Сагъи, Тотрадз æмæ Карум (Карум æнусмæ баззад æрыгон салдатæй Украинæйы зæххыл); Козаты Агуыбе æмæ Алексей; Мурасты Чермен, Виссарион, Сергей æмæ Аким (Аким æбæрæгæй фесæфт Латвийы зæххыл); Боциты Ладо, Бирæгъты Миша æмæ Мате; Ногъайты Иван, Федыр æмæ Алыксандр (хæсты быдырæй Алыксандры номыл ссыд «сау гæххæтт» æмæ йын сæвæрдтой цырт, фæлæ уый сæрæгасæй сыздæхт, æмæ йæ цырт йæхи къухтæй сæппæрста); Мамытты Мамыт, Давид æмæ Степкæ, Гогаты Ахъмырзæ æмæ Состыкк, Къадзаты Соброн, Хъадаты Петя, Абайты Алихан, Сихъоты Хадзымуссæ, Хандже, Кота æмæ Шамил; Куыдзæгты Валодя, Костя, Виктор, Уалент. Ноджы ма – Хъайтмазты Уасил æмæ Георги, Бырнацты Яков æмæ Трафим, Челдыты Æхсарбег (æхсæрдæсаздзыдæй бархийæ алыгъд хæстмæ, йæ азы хыгъдтæм бафтыдта дыууæ азы, афтæмæй) æмæ иннæтæ.

Хæсты райдайæнмæ ма хъæуы хæдзарады цы цауд техникæ баззад, ууыл чи куыстаид, уый дæр нæ уыд. Къадзаты Настямæ разынд уыцы хъару, æмæ сбадт тракторыл. Цыбыр рæстæгмæ йыл афтæ хорз сарæхст, æмæ боныцъæхтæй изæрдалынгтæм хъазуатон фæллой кодта, колхозы быдыртæ фæлдахгæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ æнахъом сывæллæттимæ.

Гаджиты Витяйыл æртындæс азы йеддæмæ нæма цыдис, афтæмæй, хæдзарады уæззау уавæр æнкъаргæйæ, уый дæр сбадт хæлддзаг тракторыл æмæ архайдта хистæрты къухдариуæгæй се ‘мрæнхъ кусыныл. Ивæн хæйттæ дæр фаг нæ уыд, фæлæ тыхкуыстæй никуы фæтарст. Уымæн æмæ уыцы заман сабитæ дæр сæ азтæй хистæрхуыз фесты. Алкæмæн дæр сæ йæ хæдзары уæз æмæ мæт æрæнцадысты се ‘нахъом уæхсчытыл. Сæ куырыхон хистæрты хуызæн систы сагъæсджын, æмæ хæдзарады рæзтæн, хæцæг æфсадæн уæхскуæзæй æххуыс кодтой.

Суанг ма æнæбон, рынчын чи уыд, уыдон дæр се ‘ххуысы хай хастой: чи бæхтæрæгæй, чи донласæгæй куыста, сылгоймæгтæ – хæринаггæнджытæй, скъоладзаутæ – быдырон куыстыты. Хистæр фæлтæр куыд дзырдтой, афтæмæй, Мамиаты Садуллæ кæд рынчынтæ хаста, уæддæр йæхи куыстæй иуварс нæ ласта. Архайдта сын сæ къух фæрогдæр кæныныл: быдырты кусджытæн уæрдоны ласта дон, цыбыр улæфты рæстæг та-иу нæлгоймæгтæн сæ хил даста.

Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр Мурасты Мухарбеджы зæрдæйы та хæсты рæстæджы бонтæ баззадысты афтæмæй: «1942 азы фæззæджы хæст æрбахæццæ Æрыдонмæ, Кировыхъæуы та уыдысты нæхи æфсæдтæ. Дих сæ кодта Фыййагдон 2 – 3 км нæ хъæуæй (передовая линия). Немыц Кировыхъæуыл æппæрстой бомбæтæ, æхстой сармадзаны нæмгуытæ. Бирæ хæдзæрттæ пырх æрцыдысты, уыдис лæгмæрдтæ. Скъолайы бæстыхай дæр хъыгдард æрцыд…

Хъадаты Петя кæд хæсты быдырæй сахъатæй ссыд, уæддæр йæ къухтæ не ‘руагъта æмæ Гаджиты Жорæйы æххуысæй (фæстæдæр сси зындгонд поэт) æмбырд кодтой 10 – 14-аздзыдты бригадтæ акъоппытæ къахынмæ. Иу бригадæн разамынд лæвæрдта Жорæ йæхæдæг (йæ уæнгтæ уыдысты Сихъоты Адæбе, Хъазыбег æмæ Уырызмæг, Мурасты Георги (Жоркæ) æмæ Махар, Къадзаты Ладемыр, Алекси æмæ Тугъан, Абойты Андрей æмæ Коля, Хъайтмазты Мысост æмæ иннæтæ). Æхсæв-иу, цы акъоппытæ скъахтам, уым æмбæхстысты нæ сыхбæстæ, уымæн æмæ тæссаг уыд хæдзæрттыл бомбæтæ æрхауынæй.

Хъæуы скъола хæсты бонты хъыгдард æрцыди, æмæ цастæр рæстæджы ахуыр нæ кодтам. Колхозы быдырты кусæг адæм нæ фаг кодта. 10 – 14-аздзыдтæ æвиппайды айрæзтысты. Георги нæ разæй, афтæмæй скъоладзаутимæ æмгуыппæй цыдыстæм колхозы быдыр- тæм рувынмæ, нартхор тонынмæ, картоф уидзынмæ. Дон ластам кусджытæн, карстам хос, иуæй-иутæ прицепыл дæр куыстой. Цыбыр дзырдæй, хъазуатонæй нæ фæллойы хай хастам хæдзарады рæзтæн».

Хæсты быдыры чи фæмард, уыдоны идæдзты æрыгонæй хъомыл кæнын бахъуыд цалдæргай сывæллæтты. Зæгъæм, Ногъайты Сариданы бинойнаг Верæ баззад фондз æнахъом сабиимæ; Токты Петры идæдз Соня – цыппаримæ; Абиан Баринæ, кæд хæрз æрыгон уыд йæхæдæг дæр, уæддæр бæдулджын каркау йæ дæлбазыр æрбакодта Къадзаты Соброны авд æнахъом сидзæры, цалынмæ уый знагимæ тох кодта, уæдмæ, æмæ сын ныййарæг мады лæггад фæкодта. Ахæм сылгоймæгтæ хъæубæсты иу æмæ дыууæ нæ уыдысты…

Уый нæ, фæлæ ма ирон чызджытæн сæхи дæр цинел æрбакæнын бахъуыд. Куыд хъуамæ ферох кæнæм, 1942 азы апрелы мобилизаци куы цыд, уæд æппæт хæстхъом фæсивæды фарсмæ кæй æрлæууыдысты 23-æм фыццаг арæзт чызджыты хицæн батальоны (ВНОС) рæнхъыты кировыхъæуккаг æвзонг фæскомцæдисон чызджытæ. Хозиты Оля, Райæ æмæ Мартæ, Къадзаты Женя æмæ Дуня, Челдыты Варя, Челæхсаты Дуня æмæ Дзоцъиты Ханиффæ кæд хæрз æрыгон уыдысты, уæддæр намысы фæндæгтыл фæцыдысты. Цæф хæстонты уæлхъус та æдзух лæууыд хирург Бигъуылаты Магдалинæ.

 

АХУЫРАДЫ РУХС

1924 азы партионтæ æмæ хъæуы активистты хъæппæрисæй арæзт æрцыд самандурæй амад дыууæуатон райдайæн скъола дыууæ къласæн. Ахуыргæнæн бынæттæ дзы фаг нæ уыд, æмæ алы хæдзарæй дæр скъоламæ цæуынæн бар радтой, æрмæст аст азы кæуыл цыд, ахæм сабитæн. Дыууæ къласы æдæппæтæй ахуыр кодта 26 скъоладзауы. Фыццаг ахуыргæнджытæ сын уыдысты паддзахы æфсады афицер Гаджиты Георги æмæ йæ бинойнаг, сомихаг чызг Мария, Гæцойты Харитон æмæ Сидахъты Бындзи. Дыууæ раивды дыгай кълæстæ хастой, фæлæ хъæуы æппæт сывæллæттыл кæй не ‘ххæссыдысты, уый тыххæй фæстæдæр скъолайы агъуыст фæуæрæхдæр кодтой æмæ кълæсты нымæцмæ бафтыд. Цыппар къласы ныр ахуыр кодта 65 скъоладзауы. 1927 азы хъæуы агуыридурæй амад æрцыд авдазыккон скъолайы бæстыхай, æмæ йæ фыццаг рауагъд уыд 1929 азы.

Скъолайы цы сценæ уыдис, уый стыр æххуыс кодта хихъæппæрисадон къордты архайдæн. Æдзухдæр-иу алыхуызон пьесæты хъазыдысты партион организацийы активонтæ Суанты Аба, Кучиты Гæстæн æмæ иннæтæ. Афтæ Кировыхъæуы цæрæг адæмы цард хъæлдзæгдæр кодта. Хъæууон скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ ахуыр кæнынмæ цыдысты Цæгат Ирыстоны педагогон техникуммæ. Уый фæстæ райгуырæн скъоламæ ахуыргæнджытæй æрыздæхтысты Боциты Ладо, Токты Цепка æмæ Илья, Тегкаты Екатеринæ æмæ Иринæ, Магкæты Лези, Куыдзæгты Валодя æмæ иннæтæ.

Хъæуы цæрджыты нымæц куыд фылдæр кодта, афтæ сабитæ дæр фылдæрæй-фылдæр кодтой. Кълæстæ фæфылдæр сты, æмæ скъола ссис дæсазон ахуыры астæуккаг скъола. 1941 азы хъæубæстæ, ахуыр- гæнджытæ æмæ скъоладзаутæ сæхи бæргæ цæттæ кодтой фыццаг рауагъдонты бæрæгбонмæ, фæлæ ныццарыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æппæт хæстхъом фæсивæдимæ зноны скъоладзаутæн сæ фылдæр хай ацыд тохы быдырмæ…

Скъолайы фæллой йæ царды бындур кæмæн сси, адæмон ахуырады къабазы дзæвгар фæзминаг хъуыддæгтæ кæмæн бантыст, уыдон уыдысты, фыццаджыдæр, йæ директортæ Гаджиты Георги, Цуциты Валодя, Кучиты Андрей, Хозиты Федя, Реуазты Маня, Хуырымты Костя, Биджелты Шамил, Хæдарцаты Хазби, Бырнацты Георги, Добаты Сæрæби, Æлхъацаты Валодя, Боциты Барис (Бæби), Калоты Майрæм, Козаты Эльбрус, Кокайты Фатимæ, Гæцойты Эммæ, Челдыты Маринæ.

ХХ æнусы 20 – 50-æм азты ахуыргæнджытæ сæ куысты æрмæг хорз зонын æмæ йæ сывæллæттæн дæсны амонынæй уæлдай ма уыдысты фæзминаг удыхъæды миниуджытæй: Суанты Сардо æмæ Хъауырбег, Гогаты Состык, Туаты Лаврентий, Гаджиты Георги æмæ Маня, Боциты Ладо, Кучиты Андрей, Акъоты Лазыр, Козаты Егор, Хъантемыраты Никъала, Токты Цепка æмæ Илья, Гогаты Фаризæт, Суанты Оля, Хозиты Федыр, Бигъуылаты Уасил, Дзоцъиты Тотрадз, Боциты Агуыбе, Ладо æмæ Таня, Тегкаты Катя æмæ Иринæ, Багаты Лади, æппæты æрыгондæр ахуыргæнджытæ – Мурасты Сардойы фырт Виссарион, Мурасты Иликъойы фырт Сергей (Хетæг), Дзоцъиты Махарбег æмæ иннæтæ.

Скъолайы рауагъдон-хæстонты кой скодтам, фæлæ ма ам ахуырады рухсæй æххæстæй фæхайджын сты, космосон иртасæн наукæмæ бæлвырд бавæрæн бахастой иу сыхы, иу уынджы хъæбултæ: гвардийы булкъон, артиллерист, ракетчик Къадзаты Эльдзары фырт (Ильич) Состыкк æмæ инженер-булкъон, космодром Байконуры сæрмагонд хайады сæргълæууæг, космонавтикæйы къабазы сгуыхт кусæг Моурауты Самсоны фырт Георги, денджызы авиацийы службæйы булкъон Бирæгъты Егоры фырт Сергей, Паддзахадон æдасдзинады комитеты майор Хозиты Никъалайы фырт Андрей. Бафтауæн ма ис бирæ æндæр нæмттæ, се ‘ппæтыл ацы уацы нæ аххæсдзыстæм.

Æндæр къабæзты сæхи равдыстой, зæгъæм, Мурасты Иликъойы фырт Сергей (Хетæг) – Карцайы консервгæнæн заводы директор, Горæтгæрон партийы райкомы 2-аг секретарь; Хозиты Уасилы (Силкъæйы) фырт Хетæг – Æрыдоны, Дигорайы, Ирæфы районты партийы райкомы 1-аг секретарь, Козаты Сафонкайы фырт Георги – профессор, Хъæууонхæдзарадон университеты ректор, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг, йе ‘фсымæр Марат – æфсады булкъон, Терчы зылды хъазахъхъæгты атаман, хъазахъхъы æфсæддон инæлар.

Кировыхъæуккæгтæ сæрбæрзонд сты Уæрæсейы Федерациты Советы раздæры уæнг Быгъуылты Русланы фырт Эрикæй, нæ респуб- ликæйы мидхъуыддæгты министры хæдивджытæ, инæлар-майор Сихъоты Иваны фырт Сослан æмæ булкъон Моурауты Мишæйы фырт Мæирбегæй, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады сæйраг консультант, педагогон наукæты кандидат Бигъуылаты Уасилы чызг Людмилæйæ. Ноджы ма – Æрыдоны аграрон-технологон колледжы директор, философон наукæты кандидат Моурауты Лазыры фырт Аланæй, Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуы наукон центры биомедицинон иртасæнты институты директоры хæдивæг Мамытты Гаспары фырт Тамерланæй, Уæрæсейы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, поэт, радиожурналист Къадзаты Соб- роны фырт Станиславæй, Полиграфи æмæ дизайны технологон колледжы директор, педагогон наукæты кандидат Саситы Харитоны фырт Леонидæй…

 

СФÆЛДЫСТАДОН ИНТЕЛЛИГЕНЦИЙЫ АВДÆН

Кировыхъæуы интеллигенцийы минæвæрттæ сæ уаз бавæрæн бахастой Ирыстоны культурæйы алы къабæзты рæзтмæ.

Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Дзанайты Сергейы фырт Русланы арæзт скульптурæтæ Къостайæн, Хозиты Яковæн, Кировæн, Гаджиты Георгийæн æрмæст Кировыхъæуы сæйраг уынг нæ аив кæнынц, фæлæ Ирыстоны алы горæттæ æмæ хъæуты, стæй сыхаг республикæты дæр ис йæ сарæзт скульптурæтæ. Зæгъæм, Æрхонкæмæ фæндагыл скульптурон композици «Денджызон хæстонтæ» æмæ йæ иннæ куыстытæ аивадон æнкъарæнтæй рæвдауынц адæмты зæрдæтæ.

Нывгæнджыты номхыгъды сты Хозиты Джиуæры фырт Хъазыбег æмæ Хъазыбеджы фырт Махар; Гогаты Тазреты фырт Алан – нывгæнæг-скульптор, Кудзæгты Валодяйы чызг Ирина (Белла) – нывгæнæг-график.

Кировыхъæуæй фыццаг профессионалон актер ссис Туаты Муссæйы фырт Сергей. 1935 азы Ирон театры йæхи студи арæзт куы æрцыд, уæд уыд фыццаг рауагъдонтимæ. Уæлдай хуыздæр ын комедион рольтæ кæй уадысты, уымæн æвдисæн сты йе ‘мдугон фысджытæ Багаты Лади æмæ Айларты Михалы мысинæгтæ.

Суанты Сардойы фырт Федыр – Уæрæсейы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, композитор, оперон зарæггæнæг, Музыкалон-драмон театры солист. Нæ радиойы уылæнтыл абон дæр хъуысынц йæ нæргæ зæрдæмæхъаргæ зарджытæ. Бирæвæрсыг у йæ курдиат. Хъæбатырты зарджытæ уый хуызæн ничи кодта. Уыд арæхстджын разамонæг хихъæппæрисадон æмæ адæмон зарæггæнджыты къордтæн, ахъазыд аивадон кинонывты «Возвращение Коста» æмæ «Осетинская легенда»-йы.

Ирыстоны аивады кад бæрзонддæр чи систа, уыдоны номхыгъды фыццæгтимæ сты Цæгат Ирыстоны адæмон артисттæ Суанты Симоны фырттæ Ким æмæ Хъазыбег. Уыдон сæ фыццаг къахдзæфтæ Кировыхъæуы акодтой, къонайы хъарм æмæ ирон фарны ад фыццагдæр ам банкъардтой, кæд фæстæдæр Алагирмæ алыгъдысты æмæ астæуккаг скъола уым фесты каст, уæддæр.

Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæргæсты Дзамболаты сарæзт фæлгонцтæ Ирыстоны театрдзаутæн æнæзонгæ не сты. Ирон Академион театры сценæйы Чеджемты Георы фыст пьесæмæ гæсгæ зындгонд режиссер Хуыгаты Георы æвæрд спектаклы сæйраг хъайтар Цолайы комедион фæлгонцæй дарддæр куы ницы сарæзтаид, уæддæр ын фаг уыд театры историйы курдиатджын актерæй баззайынæн. Кæстæр фæлтæрæй Ирон театры сценæйыл стыр хъæппæрис æвдисынц Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Дзанайты Эльбрус æмæ артисткæ Боциты Заремæ. Сывæллæтты зæрдæтæм фæндаг ссардта куклаты театр «Саби»-йы артист Бирæгъты Кирилы фырт Роман дæр.

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусджытæ Гаджиты Барисы чызг Фузæ – Национ музейы хистæр специалист æмæ ацы рæнхъыты автор – Уæрæсейы журналистты цæдисы уæнг, Æмбалты Цоцкойы, литературон журнал «Мах дуг»-ы Дунеон премийы лауреат дæр сты ацы хъæуæй рацæугæ.

Уæдæ ма ацы фарны бынаты рахъомыл бирæ курдиатджын фысджытæ, Ирыстоны дзырдаивады къæбицмæ дзаджджын хуынтæ чи бахаста поэтикон, прозаикон æмæ публицистикон уацмысты хуызты: Хозиты Яков, Куыдзæгты Валодя, Гаджиты Геор, Бирæгъты Сафар, Туаты Сергей, Тедеты Геор, Айларты Измаил, Мамытты Илья, Хозиты Зауыр, Къадзаты Станислав, Балаты Альберт, Но- гъайты Хазби, Бырнацты Барон, Абайты Амырхан, Дарчиты Мурат, Гаджиты Фатимæ æмæ Илья.

Спорты йæ ном кæмæн айхъуыст, уыдоны ‘хсæн дæр ис бирæ æвзыгъд, фæзминаг æмæ курдиатджын фæсивæд: Мамытты Гаспары фырт Гермæн (1948 – 1985) – Мидхъуыддæгты оргæнты кусæг, Советон Цæдисы спорты мастер уæззау атлетикæйæ æмæ самбойæ; Баситы Гæстийы фырт Руслан – Уæрæсейы чемпионаты бронзæ призер уæгъдибар хъæбысхæстæй; Дарчиты Махарбеджы фырт Артур – спорты мастер уæззау атлетикæйæ, йæ хъомылгæнинаг Тегкаты Юрий – Европæйы чемпион фæсивæды ‘хсæн.

Кировыхъæуы фæсивæд абон сæ фыдæлты кад æмæ намыс хæссынц дарддæр. Къадзаты Алексийы фырт Анатоли æмæ Сихъоты Котайы фырт Хъазыбег се ‘рыгон удтæй балхæдтой Ирыстоны адæмты æдасдзинад – сæ сæраппонд террористтимæ ныхмæ тохы хъæбатырæй фæмардысты. Сæ ирд фæлгонцтæ сын бюст-цырт- дзæвæнтæй цæрæццаг скодта се ‘мхъæуккаг скульптор Дзанайты Руслан, æмæ ныр æдзæмæй лæууынц дæнцæгæн абоны кæстæртæн сæ райгуырæн скъолайы кæрты.

Афганистаны хæсты се ‘фсæддон хæс кад æмæ радимæ сæххæст кодтой, лæгдзинад æвдисгæйæ, Бырнацты Исмаилы фырт Эрик, Гогаты Хасаны фырт Марик, Дзалаты Тасолтаны фырт Марат, Икъоты Махарбеджы фырт Олег, Къадзаты Ладимеры фырт Олег, Мурасты Жоркæйы фырт Тимур, Туаты Костяйы фырт Андриан, Хозиты Батыры фырт Хъазыбег.

Украинæйы зæххæй фыдбоны дзæнгæрджытæ куы ‘рбайхъуыст, зын рæстæг куы скодта нæ бæстæйæн, уæддæр та кировыхъæуккаг æвзыгъд фæсивæд фæсте нæ баззадысты æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцæг æфсады удуæлдай тохы æрлæууыдысты Баситы Феликсы фырт Азæмæт, Бырнацты Валодяйы фырт Тимур, Козаты Майрæмы фырт Олег, Балаты Агуыбейы фырт Георги, Тъуриты Джумберы дыууæ фырты Алымбег æмæ Сослан…

 

НЫФСЫ СТЪАЛЫ

Кировыхъæуы бынмæ ис сыгъзæрин æргом Бæлдæрæны дзуарбадæн. Хъæубæстæ йын алы аз дæр майы мæйы фыццаг хуыцаубоны сбæрæг кæнынц йæ бæрæгбон кадджын уавæры. Сыгъдæгзæрдæйæ йæм бакувынц, бафæдзæхсынц дзуарыл сæ кæстæрты. Абон дæр æм кувынц æмæ курынц æргом хæрзтæ æппæт адæмæн.

Хъæуккæгтæ сæрбæрзонд сты сæ фæзминаг кæстæртæй, æмæ сын бирæ бантысæд царды алы фæзылды дæр. Нæ куырыхон кадджын хистæрты кад æмæ фарны тырыса бæрзонд хæссæнт фидæны фæлтæртæм, хъæуæн йæ кады ном та æнусты сæрты нæрæд!

ДЗУГАТЫ-МУРАСТЫ Риммæ,
Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг,
Уæрæсейы журналистты цæдисы уæнг