МАМИАТЫ Таймураз: «Æхсарджын хохаг»

ÆХСАРДЖЫН ХОХАГ

Уац

Адæймаджы удыконд диссаг у, æвæдза. Йæ фæззæджы бонтæм куы фæхæстæгдæр вæййы, уæд æй цæмæндæр ивгъуыд, рагондæр хабæрттæ сæхимæ тынгдæр æлвасын байдайынц, цымыдис æй кæнынц. Рагон цаутæ æмæ хабæрттæ, хицæн адæймæгты сгуыхтдзинæдтæ… Иуæй-иу хатт афтæ дæр разыны, æмæ кæцыдæр хицæн адæймаджы сгуыхтдзинады кой айхъуысти дæрдтыл, дисы дæ бафтыдта, фæлæ йын йæ цардвæндагмæ бæстондæр куы æркæсай, уæд дзы ахæмæй дæ цæст уадиссаг ницæуыл æрхæцдзæн, æмæ уæд дæхимидæг дис кæныс, уæдæ цалдæр фæлтæры, æнусты сæрты, йæ кой цæмæн æрхæццæ абон махмæ дæр. Æмæ уæд бæлвырддæр лæг йæхицæн хæсыл банымайы хъуыддаг базонын, раиртасын.

Рагæй хъуыстон, Фаллагкомæй Регахыхъæуккаг Джиоты тыхджын Тъатъейы кой, йæ зарæг дæр-иу ын зарыдысты. Йæ тыхæн, дам, æмбал æмæ кæрон нæ уыди, фæлæ уыдис абырæг. Давта алы фосы мыггаг, фæлæ фылдæр æмæ арæхдæр та – къазнайы æхцатæ æмæ зынаргъ дзаумæттæ. Йæ кой-иу куы рацыди, уæд-иу Тотиты Акимы зарæг мæ зæрдыл æрбалæууыд: «Ауадзут мæ мæ фæллад галтимæ…» Абырæг абырæг у, фæлæ уый цавæр мад ныййардта, мæгуыр лæгæн йæ фæстаг ныфс, йæ бинонты дарæг галтæ байс. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй Тъатъе мæгуыр адæмы æппындæр нæ хъыгдæрдта, фæлæ ма дам-иу, хъæздгуытæй цы байста, уыцы мулк мæгуыртыл уæрста. Мæнæн дæр уæд мæ зæрдæйы ахаст æмæ мæ цæстæнгас фæивтой. Кæд, зæгъын, мæгуыр адæмæн хъæздгуыты фæллæйттæ уары, уæд уый фыдгæнæг нæ, фæлæ хæрзгæнæг абырæг у.

Цæвиттон, Джиоты Тъатъе райгуырд 1841 азы Нары зылды, Фаллагкомы, Регахыхъæуы. Уыдис Мамиаты Барисы хæрæфырт Сауыбынæй. Барисы хъаруйыл адæм дистæ кодтой. Дыккаг Нарты Сослан, зæгъгæ, дам-иу, дзырдтой хистæртæ. Кæддæр, Хъæдгæроны уазæгуаты уæвгæйæ, йæ фысымимæ ныхас рауад, кæд, зæгъы, уартæ уыцы дынджыр дур дæс санчъехы ахæссай, уæд дын фыс æргæвдын æмæ ма дын дæ уæрдоны дзаг нартхор дæттын. Барис уыцы дур дæс нæ, фæлæ фæндзай санчъехы ахаста. Хистæр фæлтæрæй ма чи уыди, уыдон уыцы дур хуыдтой Барисы дур, абон дæр, дам, уыцы тигъыл лæууы. Регах, йæ æрдзон равæрдмæ гæсгæ, Туалгомы у, æвæццæгæн, æппæты бæрзонддæр хохаг хъæу. Йæ бæрзонд у 2800 метрмæ ‘ввахс денджызы æмвæзадæй. Регах у, Джиоты мыггагæн (æрмæстдæр Цæгаты ‘рдыгæй) сæ уидаг кæцæй равзæрд, уыцы бындур-артдзæст, хæхбæсты уæззаудæр куысты уавæртæ кæм сты, уыцы бынат. Уымæ гæсгæ сæ адæм дæр уæйыгарæзт уыдысты æрдзæй. Тъатъе дæр, саби уæвгæйæ, бæрæг дардта йæ сæрæн, æвзыгъддзинадæй. Хистæртæ, дам-иу, арæх дзырдтой, ацы сывæллон йæ мадыфсымæр Барисы хуызæн у. Æвæццæгæн дзы уый хуызæн уæйыг басгуыхдзæн. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, гайлаг, дам, родæй дæр бæрæг вæййы, фæлæ Тъатъейы йæ хъысмæт фæлварынвæнд скодта. Бынтон сабийæ, æвæццæгæн, 10-12-аздзыдæй, бынтон сидзæрæй аззади, цæрын та хъæуы. Цасдæр уæлыгæс фæцыди сæхи хъæуæн. Фæстæдæр царды къуындæгдзинадæй хуыздæр уавæртæ агурæг ацыди Хуссары ‘рдæм. Уымæн дæр уыдис йæхи аххоссæгтæ: иуæрдыгæй, уый, æмæ Туалгом уыцы заманы хаудта Гуры уездмæ, дыккаджы та, Хуссармæ ахизын уыдис бæлвырд æнцондæр æмæ æдасдæр. Туалгомы адæм сæ уæйгæнинæгтæ дæр хастой фæсхохмæ, фылдæр Туркмæ. Абон бæлвырд нæу, Тъатъе æфцæгыл иунæгæй ахызт, æви сæудæджергæнджытæй искæимæ фæбæлццон. Æрмæст иу хъуыддаг бæлвырд у – æрыгон сæрæн лæппу Гуры базаргæнджыты ‘хсæн йæхицæн мамæлайы къæбæр куыста цумайы лæппуйæ.

Йе ‘взыгъд, сæрæн змæлд æнæбафиппайгæ нæ фесты бынæттон абырджытæ, семæ хъуыстгонд цæцæйнæгтæ дæр. Иу фембæлдæй иннæмæ йæм сæ хъус фылдæр дарын райдыдтой, уæлдайдæр, бынæттон нæу, уый куы базыдтой, уæд. Базонгæ сты, сæхиуыл æй æрæууæндын кодтой, цыдæр куыстытæ дæр-иу ын бабар кодтой.

Уæдмæ абырджыты къорд Гуры иу хъæздыг дукани сбæлвырд кодтой, хъуамæ йæ адавой. Уыдис сын сæрмагонд æмбырдгæнæн бынат, кæцы ран-иу давынмæ цæуыны размæ æрæмбырд сты уынаффæ кæнынмæ, сæ мулк дæр, сæ хæцæнгарз дæр уым æмбæхст уыдысты. Сæ ног зонгæйы, æрыгон Тъатъейы дæр сфæнд кодтой фыццаг хатт семæ акæнын, бафæлварын æй. Бауынаффæ кодтой æмæ фæсæмбисæхсæв араст сты дуканимæ. Абырджытæн рагацау бæлвырдгонд уыди сæ куысты пълан. Тохынайы бæндæнæй ауагътой 14-аздзыд къæсхуыртæ, фæлæ хъæддыхтæ арæзт æрыгон абырæг Тъатъейы. Цыдæриддæр сбæрæг кодтой давинаг, уыдон сын куы слæвæрдта бæндæныл, уæд ыл йе ‘мбæлттæ гадзрахатæй рацыдысты, бæндæн сластой æмæ æд давæггаг афардæг сты. Лæппу кæуын æмæ хъынцъым кæныны бæсты æрбадт æмæ хъуыдытæ кæны, æнæ маст, æнæ фыдбылызæй куыд аирвæза. Бавдæлд, æмæ йæ цæсгом æмæ къухтæ ссадæй сызмæста, йæхи цавæрдæр сау хъуымацы гæппæлæй æрбатыхта æмæ æнхъæлмæ кæсы дуары байгоммæ. Сæумæрайсом куыддæр дуканийы дуар фегом æмæ йæ хицау æрбахызт, афтæ Тъатъе, хæйрæджы хуызæн змæстæй, расæррæтт ласта. Лæг уый куы ауыдта, уæд фæтарсти, фæсур æмæ уæлгоммæ ахауд.

Æрыгон лæппу йæ ных сарæзта абырджыты бынатмæ, цæмæй сæ разæй фæуа. Йæ маст йе ‘рыгон зæрдæйы нал цæуы, сног ын хистæрты фæдзæхст: «Гадзрахатæй де ‘мбалыл макуы рацу, стæй гадзрахатдзинад макæмæн хатыр кæн». Æндæр цавæрфæнды æфхæрд ныппарæн ис, фæлæ ахæм сайд – никуы æмæ никæмæн. Алы хъуыдытæ зилдух кодтой йæ сæры…

Зыдта, йе ‘мбæлттæ кæмдæр бонасадæн кæнынц, тагъд сæ ардæм кæй хъæуы. Йæхицæн бæстон, æдас бынат сбæлвырд кодта æмæ æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ фæзындысты цыппар барæджы, разæй цæуы сæ хистæр. Цыдæр хъæлдзæг ныхас сæ хъуысы, æмæ та цыппарæй дæр хъæлæсыдзаг зæрдиаг худт ныккæнынц. «Æвæццæгæн, мæныл худынц, – ахъуыды кодта йæхинымæр Тъатъе. – Фæлæуут, æз уын ныртæккæ, лæг цы у, уый фенын кæндзынæн!»

…Боныцъæх ирдгæйы топпы гæрах анæрыд. Æрдзы сабырдзинад æрбайсæфт. Бæлæстыл цы цъиутæ бадти, уыдон дæр сæ хъæлдзæг зарджытæ фæурæдтой æмæ ныппæр-пæр кодтой алырдæмты. Æрдз æгуыппæгæй лæууы. Æмæ та ногæй топпы гæрах анæрыд. Бæлвырд цыдæр стыр бæллæх æрцыд. Хæстæгдæр хъæуты куыйты дæр райхъал кодта, сæ рæйынæй нал æмæ нал æнцайынц. Хæдмæлхор сау цъиахтæ дæр зæрдæ уынгæггæнæн цъиах-цъиахæй нал æнцайынц, æвæццæгæн, кæрæдзимæ хабар кодтой, кæмдæр та нын холы фæзынд, зæгъгæ.

Рахызт Тъатъе йе ‘мбæхст бынатæй. Бацыд хæстæгдæр йæ гадзрахатæйцæуæг æмбæлттæм, æрзылд се ‘ппæтыл дæр, йæхимидæг мæсты хъуыр-хъуыр бакодта: «Нæ уарзын æмбал-уæйгæнджытæ æмæ фæлитойты». Цæмæй йыл мачи фæгуырысхо уа, уый тыххæй мæрдты сæвæрдта бæхтыл, давæггаг сæм цы уыди, уыдон дæр сæ уæлæ, æмæ сæ хъæумæ баласта, йæхи хъыггæнæг скодта. Уый фæстæ рацыд Гурмæ.

Афтæмæй Тъатъе æрбынæттон Гуры, иннæ абырджыты къордимæ æввахсдæр фæзонгæ æмæ «цуан» кæнын райдыдта. Цалдæр азы фæстæ цыбыр рæстæг ахæстоны дæр абадт. Уырдыгæй куы рацыд, уæд фæзонгæ Хуыбылты Сандро æмæ Хаситы Алыксиимæ. Ацы æртæ ныр уыдысты хицæн къорд.

Цуан кодтой æмæ стъыгътой хъæздгуыты æмæ паддзахы чиновникты æмæ ма-иу сæ тæлæт фæллойæ мæгуыртæн дæр фæхай кодтой.

Иуахæмы, 1891 азы 25 апрелы, бастъыгътой кънйаз Метревелийы хæдзар æмæ дзы рахастой 667 сомы æхцайæ æмæ 1060 сомæн къухфыстытæ. Цалдæр хатты бастъыгътой, Дайраны комыл зынаргъ дзаумæттæ чи ласта, уыцы Императоры къарет.

Тъатъейæн æрдз стыр хъару æмæ æнæкæрон ныфс радта, æмæ ма йæ разамонæджы миниуджытæй дæр фæхайджын кодта. Стæй, сæйрагдæр, мæгуыр адæмы тугцъиртæ æмæ æфхæрджыты кæй стъыгъта, уый йæ хуымæтæг адæмы æхсæн уарзон кодта, æмæ йæ ном дардыл айхъуыст Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны дæр.

Абырджытæн хъæздгуыты фæллæйттæ ныссатар кæнын æнцонæй æфтыд сæ къухы, фæлæ сæ фæдыл та æнцон бафтæн нæ уыди. Иу бынаты бирæ нæ фæстиат кодтой, бонмæ-иу ацыдысты 50-100 километры бæрц.

Хицауады уæлдай стырдæр тасдзинад уагътой, Тъатъе сæм цы фыстæджытæ æрвыста чиновниктæм алыхуызон æртхъирæнтимæ, уыдон. Фæлæ-иу сын дзуапп дæр уыд. Иу рæстæджы сæм кънйаз Шаликов бадодой кодта, æз уæ иууылдæр куыйты цагъд ныккæндзынæн, зæгъгæ. Уæд Тъатъе æмæ Сандро Ахалгоры пъырыстыфмæ арвыстой фыстæг: «Мах фехъуыстам, цыма нæ агурут, нæ фæдыл зилут, фæлæ ныл нæ хæст кæнут. Уæдæ, кæд ды сылгоймаджы кæрдæны нæ бабырыдтæ, уæд нæм рацу æртæсæдæ хъазахъхъаг салдатимæ, кæнæ чапаримæ, æмæ уæд бæрæг уыдзæн, кæмæ нæ цы лæгдзинад ис, уый. Куынæ нæ бафæлварай æмæ нæ курдиат куы нæ сæххæст кæнай, уæд дæм мах дæ хæдзармæ фæзындзыстæм æмæ дын ракæндзыстæм дæ бинойнаджы æмæ дæ чызджыты дæр. Æнхъæлмæ кæсæм. Душеты уезд, Ардисы хъæу. Джиоты Тъатъе æмæ Хуыбылты Сандро».

Иу ахæм æнæбары мард фæци Григол Двалшивили, йæ хæдзармæ йын куы бабырстой, уæд. Кæрты хъахъхъæнæг кæй ныууагътой, уый, æвæццæгæн, йæхицæн фæтарст, æмæ æнæхæцæнгарз Григолы фехста. Уый сæ уазджытыл нымадта, тыхми æнхъæл сын нæ уыди, фæлæ, цы рауад, уый рауад. Абырджытæн кæд сæ хъуыддæгты бирæ æнтысти, кæд сæ фæндагыл ницы уыйас цæлхдуртæ уыди, уæддæр алцæмæн дæр вæййы кæрон. Нæ «хъайтартæ» сæхиуыл æгæр фервæссыдысты æмæ, сæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, æхсæнады алы хъуыддагмæ дæр цыдысты, бæрæгбонмæ дæр, сæхи кънйазы арæзт скæнгæйæ. Сæ уæгъд рæстæг та фылдæр æрвыстой дуканиты. Куы-иу бацыдысты, уæд сæхи паддзæхты хуызæн æдасæй æнкъардтой. Кæй-иу дзы баййæфтой, уыдонæн се ‘ппæты бæсты дæр фыстой æхца, уыимæ иу аргъ нæ, фæлæ дыууæ, æртæ аргъы. Уый тыххæй сæм адæм дæр æмæ дуканиты кусджытæ дæр зæрдæхæларæй кастысты.

Тъатъе æмæ йе ‘мбæлтты архайд æргом зынди æхсæнады царды, уæлдайдæр хъæздгуытæ æмæ хицауады уавæрыл. Æдасæй цæуын сæ бон кæй нал уыди, уымæ гæсгæ Тифлисы губернаторы бардзырдмæ гæсгæ оргæнты кусджытæ сæ куыст цæхгæр фæивтой, фæхъомысджындæр кодтой, æмæ 1891 азы 10 июны Тъатъейы абырджыты къорд ахст æрцыд, æмæ сын карз тæрхон скодтой: ауыгъд хъуамæ æрцæуой адæмы раз. Куыд ауыгъд æрцыд, уый, фæстæдæр Тъатъейæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, радзырдта Джиоты Ахметка, Къостайыхъæуккаг, 100 азы фæцард. 1892 азы Гуры сæйраг фæзы æрæмбырд сты хицауад, хуымæтæг адæм. Уалынмæ æрбакодтой Тъатъейы ауындзæны бынмæ. Адæм схор-хор кодтой. Йæ риу – гом, къæхтæ – бæгъæввад. Йæ цæсгомыл тасдзинадæй ницы зыны. Иу тызмæг каст ма бакодта хицауады ‘рдæм, цыдæр бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ дзы ничи ницы бамбæрста. Йæ сæр разылдта хуымæтæг адæмы ‘рдæм, мидбыл сæм бахудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта, фæлæ йæ ничи бамбæрста, цæуыл разы у, уый, йæ мæлæтыл æви…

Слæууыд бандоныл, йæ хъуырыл ын бæндæн æрбаппæрстой. Йæ бæрзæйы нуæрттæ базмæлын кодта, йæ нуæрттæ къахы фадхъулæй бæрзæйы онг сæлвæста æмæ, йæ ныфсджын цæстæнгас нæ фæивта, афтæмæй лæууы. Йæ бандон ын йæ къæхты бынæй куы асхуыстой, уæд уыцы уысм йæ къæхтæ фемраст кодта, нуæртты хъандзал æлвæст феуæгъд кодта æмæ… бæндæн æрыскъуыд.

Тъатъейæн ацы хъуыддаджы дæр йæ хъул сах абадт: уæды закъоны домæнтæм гæсгæ, дыккаг хатт ауындзыны бар нал уыди, фæлæ цæрæнбонты хаст æрцыд Сыбырмæ, каторгæмæ. Уымы хабæрттæм рахизыны размæ уал иучысыл фæстæмæ фездæхæм.

Гуры ахæстоны та радон хатт лæг амарыны тыххæй куы бадти, уæд та йыл цы цау æрцыди, уый тыххæй ма æнæ зæгъгæ нæй. 1889 азы 25 августы, фондз азы Гуры ахæстоны фæбадыны фæстæ, ссæрибар, фæлæ ахæстонмæ куы бахаудта, уæд дзы баййæфта иу украинаг. хосы цъынайы йас сохъуыр уæйыгау тыхджын лæгмары. Йæ хъаруйæ ныфсхаст уæвгæйæ, æнæхъæн ахæстоны ахст адæмы удхарæй мардта, æлдариуæг сыл кодта. Тъатъейы зæрдæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ фæцыд. Дæхицæй лæмæгъдæры æфхæрай, дæлдзиныг æй кæнай, уый нæ уарзта æмæ нæ барста никæд. Бавдæлд, æмæ иу бон уыцы украинаг уæйыджы ахæстоны къæбицмæ басайдта. Хъæрмхуыпп кæм фыхти, уыцы аджы йæ нысхуыста æмæ дæ фыдгул дæр афтæ… Адæм дзы фервæзтысты.

Тъатъейы Сыбыры каторгæйы хабæрттæ бирæ сты, фæлæ дзы адæмы рæгъмæ рахæссинаг дæн æрмæстдæр цалдæр. 1968 азы ист æрцыд документалон киноныв «Угрюм-река». Ам, куыд сбæрæг, афтæмæй кинойы сæйраг хъайтар уыдис Тъатъейы прототип. Тъатъе, Сыбыры уæвгæйæ, бахаудта геологты къордмæ, сæ сæргъы
В. Шишков, зындгонд ахуыргонд æмæ фыссæг. Иузаман сæ геологты къордæн хъæды æнæ фæцæгъдгæ уæвæн нал уыдис, фæлæ сæ ирон лæппу аирвæзын кодта. Геологтæ ахæм тæссаг уавæры куы бахаудтой, уæд сыл æнæнхъæлæджы (æви сæрмагондæй?!) æрбамбæлдысты тунгус-цуанæттæ. Уыдон сын зæрдæ бавæрдтой дыккаг бон сæм фæстæмæ æрбаздæхынæй, хæринаг æмæ хæцæнгарзæй уæ сифтонг кæндзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ сыл Тъатъе нæ баууæндыд, сæ фæстæ сусæгæй фæцыд æмæ сæ, цатыры æхсæвиуат куы æркодтой, уæд фæсæмбисæхсæв Тъатъе скуынæг кодта. Хойраг, хæцæнгарзæй сæм цы уыди, уыдон сæмбырд кодта, сæ куыйты дæр сын ракодта æмæ райсомæй æрцыд геологты базæмæ. Геологты хистæры баууæндын кодта, тунгустæ барвæндонæй кæй радтой æппæтдæр, ууыл. Ацы цыбыр ныв Шишков бахаста йæ романы иу сæргондмæ, уый фæстæ та кинонывы сценаримæ.

Дыккаг хабар та уыд ноджы цымыдисагдæр. Тъатъе, хасты уæвгæйæ, 50-аздзыдæй бауарзта сыбираг хъæздыг къупецаджы 22-аздзыд чызг Каролинæйы. Чызджы фыд уый куы фехъуыста, уæд цæф арсы богътæ кодта, хъусын дæр æй нæ фæндыди «зæронд сиахсы» тыххæй. Сыбырмæ хаст лæгæн цæхгæр «нæ» загъта. Йæ суинаг кайыс ком куы нæ лæвæрдта, уæд Тъатъе бавдæлд, æмæ къупецы гоныл арт бандзæрста. Уæддæр та – нæй. Дыккагыл дæр бандзæрста. Æртыккаг гонмæ куы бавнæлдта, уæд къупецаг басаст æмæ сразы. Тъатъе æмæ Каролинæ сæ цард баиу кодтой. Мады Майрæм сын балæвар кодта дыууæ фырты – Васили æмæ Чермены. Сæ цард раст фæндагыл цыди, фæлæ Тъатъе фæстагмæ райгуырæн къона мысын байдыдта, хиуæтты, хæстæджыты. Йæ зæрдæ æхсайдта уарзон Ирыстонмæ, æмæ Октябры революцийы тымыгъ куы анхъæвзта, уæд схæццæ. Бæстæ – змæст.

Уæдмæ йе ‘мбæстæгтæ хохæй ралыгъдысты Къостайыхъæумæ, æмæ Тъатъе дæр уым æрбынат кодта, хæдзар сарæзта, йæ зæронд æвæрæнтæй спайда кæнгæйæ. Йæ бинойнаг Каролинæ кусын райдыдта Къостайыхъæуы скъолайы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Уыцы рæстæг ахуыргæнджытæ тынг стæм æмæ кадджын уыдысты. Джиоты-Еналдыты Надя-иу арæх æрымысыд, Каролинæ йыл ном кæй сæвæрдта – Надежда. Тъатъе йæ бинонтимæ Къостайыхъæуы кæй æрцард, уымæн ирд æвдисæн – уæды рæстæджы хъæусоветы сфысты чиныджы бинонты номхыгъд. Тъатъе колхозмæ дæр бацыд, фос дæр скодта, гыццылгай йæ къæхтыл слæууыд.

Уæдмæ Фыдыбæстæйы хæст райдыдта, адæмы сабыр цард æрбайхæлд. Райгуырæн бæстæйы æцæг хъæбултæ атындзыдтой цыфыддæр знаджы ныхмæ, карз тохмæ, фæлæ та фæзынди бынхортæ, дезертиртæ. Бон пъадвалты, ныккæндты бадтысты, æхсæв та мæгуыр адæмы фос давтой. Тъатъейы хæдзар дæр сæ нæ ферох, йæ иунæг хъуг ын адавтой. Цъаммартæй иу мæстæймарæгау афарста Тъатъейы: «Цæй, куыд у, дæхицæй дын исчи куы дава, уæд?» Сæдæаздзыд Тъатъе дзуапп радта: «Æз давтон паддзахы къазнайæ, паддзахы чиновниктæй, хъæздгуытæй, сымах та, тæппуд тæрхъустæ, хуымæтæг, мæгуыр адæмæй. Ахæм мæгуыртæн æз хъæздгуыты фæллой уæрстон».

Тъатъейæн йæхи мысинæгтæ дзæвгар сты. Йæ тæккæ хъаруйыл куы уыди, 19-20-аздзыдæй, уæд сæмбæлд Гуыркъуымты комы, Сахсаты, йе ‘мхæрæфырттæм. Куы йæ ауыдтой, уæд ыл тынг бацин кодтой, уæлдайдæр – хæдзары æфсин, цыма уæларвæй æрхауди. Кæдæй-уæдæй нæм не ‘мхæрæфырт сæмбæлди, кадджын уазæджы бынаты дæ, хорз фенинаг уазæг бæргæ дæ, фæлæ ныртæккæ нæ рæбыны нартхоры кæрдзын æмæ цыхтæй дарддæр ницы ис. Æрбадтысты, æхсæвæр бахордтой, фæныхæстæ, фæтаурæгътæ ма кодтой, стæй сæхи Бынатыхицауыл бафæдзæхстой æмæ бахуыссыдысты. Фæсæмбисæхсæв Тъатъе йæхи хъуыдыйы кæртмæ рахызт, кæсы, æмæ мæйрухсы зæлдаг тынтæм цыдæр ферттивæгау кодта. Хæстæгдæр бацыд хæдзары дæлбазырмæ æмæ… ног æргæвст стуры мард ауыгъдæй лæууы. Йæ мидбылты бахудт йæ фысымты мæрддзæстдзинадыл æмæ сонтæй йæ сæры фæмидæг къæйных хъуыды, йæ чъынды фысымтæ кæд иннæ хатт фæрæдаудæр уаиккой, зæгъгæ. Кусарты мард йе ‘уæхскыл баппæрста æмæ æфцæгыл, фæсфæд къахфæндæгтыл Регахы бамидæг, стуры мард уым фæуагъта, йæхæдæг фæстæмæ йæ фысымтæм æрфардæг. Райсомæй фысымтæ куы федтой, стуры мард йæ бынаты нал ис, уæд се ‘рдиаг, сæ хъæлæба райхъуыст. Йæ цæстытæ æууæрдгæ, йæхи нæ зонæг скæнгæйæ, сæ размæ рахызт сæ уазæг, дисгæнæгау афарста, цы æрцыди, исты уæ фесæфти, зæгъгæ. Фысымтæ фæуыргъуыйау сты, сæ сæртæ фæгуыбыр кодтой æмæ, хатыртæ кургæйæ, радзырдтой сæ кусæрттаджы хабар. Тъатъе мидбыл бахудт, дысон уæм нартхоры кæрдзынæй уæлдай куы ницы уыди, уæд ма уæ цавæр стуры мард фесæфт, зæгъгæ. Уæддæр сын фæтæригъæд кодта, æмæ сын загъта, цæмæй се стуры мард Регахы агурой.

Гуырдзыстоны ма куы уыди, уæд иу цавæрдæр бæрæгбоны кадæн бæхты дугъ арæзт æрцыд. Иу кънйазы бæх дзы фыццаг бынат бацахста. Бæх та ахæм, æмæ афтид йæ уындæн дæр фæдаринаг уыд. Тъатъе ма йæ кой фехъуыста, ныр та йæ йæхи цæстæй уыны. Бæхтæ бирæ уарзта, уæлдайдæр ахæм саргъыбæх. Йæ уд дзы баззад. Йæ быны куыд кафы, адæм æм куыд хæлæг кæнынц, уæлдайдæр – хъæздгуытæ, уый æхсæвæй-бонæй йæ цæстытыл уайы, æмæ йæ цард æнæ уыцы бæх нал уыдта.

Иубон йæхи кънйазы арæзт скодта æмæ араст уыцы дугъон бæхы хицауы хæдзармæ. Ме ‘мсæр уазæг мæм сæмбæлд, зæгъгæ, йæ фысым хорз суазæг кодта, йæ бæхæй дæр ын феппæлыд, куыд æм зилы, цы уавæрты йæ дары, иууылдæр ын сæ фенын кодта. Тъатъе бæстон фæкасти кæрты, скъæты уавæртæм, дуæртты æхгæнæнтæм, куыйты бынæттæм. Изæрмæ хæстæг фысымæн арфæ ракодта, иннæ хъæуы дæр ма мæ хъуыддæгтæ ис, зæгъгæ, йæхæдæг хъæдмæ фæзылди, уым бонасадæн фæкодта, цæмæй фæсæмбисæхсæв баздæха йæ фысымтæм. Фысы цармы цыдæр стæджы муртæ стыхта, фидар сæ барæхсæдта рæхсæнæй æмæ сæ сисы сæрты куыдзæн баппæрста. Цалынмæ куыдз уыцы царм ратон-батон кодта, уæдмæ йæхæдæг сисæн иннæ фæрсты багæпп кодта æмæ бæхдоны фæмидæг. Æрсæрфтытæ йæ кодта, иуцъус ын сысджы авæрдта æмæ бавнæлдта йæ куыстмæ. Чъылдымæрдæм цы дуар цыди, уый байгом кæнын къухы нæ бафтыд, æмæ уæд дуары бынты къахын байдыдта. Бæхы сбырста, йæ къæхтæ йын сбаста æмæ йæ дуары бынты раласта. Æвæдза, цас хъару, ныфс æмæ зонд хъæуы уымæн?! Иу гыццыл куы рауади, уæд сæфтджытæ нымæтæй стыхта, йæ фæд цæмæй ма рабæрæг уа, æмæ афардæг кодта хъуыстгонд дугъон бæхы.

Тъатъейы цардвæндаг, куыд абырæг, рауад цымыдисаг æмæ сæйрагдæр, дæргъвæтин. Уæлдайдæр, æндæр абырджитимæ абаргæйæ, – сæ фылдæр уымæн йе ‘мбис дæр нæ фæцардысты. Тъатъе та каторгæйы бирæ хорз адæмтимæ фембæлд, стæй, абырæг уæвгæйæ дæр, мæгуыр лæджы хъыджы кæй никуы бацыд, уый йын Хуыцау æмæ йе ‘мдугон адæм дæр рæстæрдæм бамбæрстой, уый та йæ цард дæр æмæ миддуне дæр хорзæрдæм раивта. Мæнгæн нæ фæзæгъынц, адæмы фарн тыхджын у, зæгъгæ. Гъемæ, абырæг адæмы фарнæй хайджын фæци. Уый афтæ кæй у æцæгæйдæр, уымæн æвдисæн, – йæ удæгасæй йыл адæм сæхæдæг зарæг кæй скодтой. Стыр хъыгагæн, зарæджы ныхæстæ бæлвырд ничиуал хъуыды кæны, йæ мидис ма баззад æрмæст. Джиоты Хъазбегимæ сыл бакуыстам, æмæ цы дзы рантыст, уымæн та нæ кæсæг йæхæдæг тæрхонгæнæг фæуæд…

ДЖИОТЫ ТЪАТЪЕЙЫ ЗАРÆГ

Леуахийы дон ивылдæй бæлæстæ ласта,
Джиоты Тъатъе паддзахы æхцатæ голлæгтæй хаста.
Калачы арæнтæй паддзахвæндагмæ галуæрдон рахызти,
Тъатъе æхцайы голджытимæ
Чапар-фæдисонтæй доны бамбæхсти.
Хæрзгæнæг-абырæг, хъæздгуыты стигъгæйæ,
Никæуыл ауæрста,
Джиоты Тъатъе мæгуыр адæмæн
Паддзахы æхцатæ худæй куы уæрста.
О! Рухсаг æрбауай, мæгуырты ныфс, сидзæр Тъатъе!

Æхцатæ худæй уарыны бындурыл райгуырд зарæг дæр. Тъатъе Гуырдзыйы паддзахы къазнайы æхцатæ радавта голджыты. Куы йæ бафиппайдтой, уæд æй хъазахъхъаг салдæттæ æмæ чапартæ расырдтой. Дзæвгар фæлыгъди, иу доны былмæ æрбахæццæ, фæлæ йæ фæдисонтæ æрбаййафынц, уый куы бамбæрста, уæд сæнчы хус хъæд фæлыг кодта, ныффу дзы кодта, æмæ хæтæл йæ дзыхы атъыста, æхцайы голлаг йæ дæлармы, йæ худ доны астæумæ фехста, йæхæдæг доны йæхи ауагъта. Сæнчы хæтæлы дыккаг кæрон доны сæр, æмæ афтæмæй улæфы. Хъазахъхъаг салдæттæ дæр доны былмæ æрбахæццæ сты, кæсынц, æмæ йæ худ доны сæр ленк кæны. Ленк кæнын нæ зыдта, æмæ, æвæццæгæн, фæдæлдон, зæгъгæ, сæ къухтæ ауыгътой, сæ бæхтæ фæзылдтой æмæ афардæг сты.

Тъатъе ма иуцасдæр рæстæг афæстиат доны бын, схызт æмæ хæстæгдæр хъæумæ бафардæг. Йæ уæлæдарæс æмæ голладжы дзаг æхцатæ бахус кодта, йæ донласт худы бæсты йын чидæр йæ сæрыл йæхи худ æркодта. Йæ лæваргонд худ систа, æхцайæ йæ байдзаг кодта æмæ сæ худы хицауы хъæбысы æркодта. Афтæ худæй уаргæ рацыд æхца се ‘ппæтыл дæр. Æвæццæгæн, ацы цауы фæстæ райгуырд йæ зарæг дæр…

Тъатейæн йе ‘нæниздзинад куы фæцудыдта, азтæ дæр ыл сæ уæз куы æруагътой, уæд та, Ахметкаимæ ныхас кæнгæйæ, лæгъстæгæнæгау дзырдта: «Джиотæ, аласут-ма мæ Гуырдзыстонмæ, æмæ ме ‘мбæхсæнтæ скъахон. Ис дзы сызгъæрин æмæ æвзистæй конд алыхуызон зынаргъ дзаумæттæ, уыцы æнаккаг хъæздгуытæй кæй байстон, уыдон, æвæццæгæн, дыууæ путæй къаддæр не сты. Уыцы бæлас мæ цæстыты раз лæууы абон дæр. Уæ тъымы-тъымайы фаг дæр уыдзысты!»

Фæлæ, хъыгагæн, ничи сразы, никæй бафæндыд. Нæ зонын, йæ ныфс ничи бахаста æви йыл кæронмæ нæ баууæндыдысты, фæлæ дыууæ путы сыгъзæрин æмæ æвзист уал азы арф æфснайдæй лæууынц Гуырдзыстоны.

Тъатъе бирæ фæцард, йæ 100 азы сæрты дæр ахызт. Фæстагмæ йæ къæхтæ йæ коммæ нал кастысты, Сыбыры уазал дæр дзы йе ‘вæрæн бахастаид. Йæ цардæй ахицæн 1942 азы зымæджы, йæ цардæмбал Каролинæ та – дыууæ азы фæстæ. Ныгæд сты Къостайыхъæуы уæлмæрдты…