МАМИАТЫ Таймураз: «Æнгом бинонтæ цард арынц…»

ÆНГОМ БИНОНТÆ ЦАРД АРЫНЦ…

Уац

Куырттаты ком у аргъæутты бæстæ, царды хъомысæн цыдæриддæр хъæуы, уымæй æххæст: æвдазы хосы суартæ, уæнгтæ роггæнæн сыгъдæг уæлдæф, уæдæ йæ æрдзы рæсугъддзинад дæр æнусты дæргъы йæхимæ æлвасы æмæ хоны канд нæ бæстæйы цæрджыты нæ, фæлæ, фæсарæнтæй чи æрбацæуы, уыдоны дæр. Йæ фыццаг æрбалидзджытæ æмæ бындурæвæрджытæ — дыууæ æфсымæры Куыртта æмæ Тæга дæр, æвæццæгæн, ам уымæн æрбынæттон сты æмæ арф, фидар уидæгтæ уымæн ауагътой, бæзджын цотæй уымæн байдзаг кодтой сæ байзæддаг Куырттаты æмæ Дæргъæвсы кæмттæ. Куырттаты комы фыццаг хъæу фæзынд уæлæсыхы. Адæм куыд фылдæр кодтой, афтæ ног цæрæн бынæттæ арæзтой, ног хъæутæ рæзыдысты. Хицæн фыды фырттыл дихтæ кæнын байдыдтой, æмæ кæддæр-уæддæр ирон адæммæ фæзынд мыггæгтæ. Алы хицæн фыды фырттæ сæ кæцыдæр рагфыдæлы номæй сæхи хонын райдыдтой, æмæ хæссын райдыдтой йæ номыл мыггаг. Афтæ рауад Куырттаты комы уæздан æмæ кадджындæр мыггæгтæй иу – Брытъиаты мыггаджы таурæгъ-истори дæр. Мæ ныхасы сæр у, абон йæ æхсæзæм фæлтæр кæмæн цæуы, уыцы иу къабазы цардвæндаг.

Брытъиатæн сæ мыггаджы уидаг, сæхæдæг æй куыд дзурынц, афтæмæй ис Дæллагхъæуы. Ам цард Айдарыхъы фырт Сæхмæрза дæр йæ бинонтимæ XIX æнусы дыккаг æмбисы. Дунайы хæст куы райдыдта 1877 – 1878 азты, уæд Сæхмæрзайæн хицауады ‘рдыгæй хæсгонд æрцыд хæцæг æфсадмæ мобилизаци кæныны хъуыддаг. Иттæг хорз сæххæст кодта йæ хæс. Хъæбатырæй хæцыд знаджы ныхмæ, бирæ тæссаг уавæрты-иу бахауд, мæлæты цæстытæм кæсгæйæ, фæлæ та-иу уæлахиздзауæй рацыд. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыхæй йæ командыгæнæг хицауад схорзæхджын кодта æртæ майданæй. Радон ныббырсты уæлдай хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Георгийы IV къæпхæны дзуарæй.

Брытъиаты Айдарыхъы фырт Сæхмæрза
æмæ йæ цардæмбал Созанаты Хæмысиат

Хæсты фæстæ æгас хæдзар ссардта. Дарддæр æй цард аразын хъуыд, æмæм цардæмбалæн равзæрста Созанаты уæздан мыггаджы чызг Хæмысиаты. Мады Майрæм сын балæвар кодта бирæ цот, уыдонæй бахъомыл сты астæй: авд чызджы æмæ иу лæппу. Сывæллæттæй æртæйæ (Девлет, Вано æмæ чызджытæй иу, йæ ном ын ничиуал хъуыды кæны) фæмард сты æвирхъауæй: хæдзары къул сыл рафæлдæхт. Алихан уæд авдæны баст уыд, авдæнхъæд баурæдта егъау къæйдур. Афтæмæй нæлгоймаг бындартæй аирвæзт æрмæстдæр Алихан.

Буц куыд нæ дардтаид Сæхмæрза йæ иунæг бындары?! Хохы лæппу тагъддæр рæзы, лæджы бынатмæ рæвдздæр хæццæ кæны. Алихан дæр 16-аздзыдæй схъæлфындз цæвæг æрсагъта, уыгæрдæнтæ даста, суг ласта, æппæт хæххон уæззау куыстытæ дæр йе рагъыл бавзæрста.

Уæдмæ Октябры революцийы рухс хæхбæстæм банхъæвзта. Мæгуыр адæм сæ сæртыл схæцыдысты, бамбæрстой, ног цардыуаг мæгуыр адæмы сæрыл хæцæг кæй у. 1920-æм азы æмæ фæстæдæр Советон хицауад хæххон адæмæн бар æмæ фадæттæ радта быдыры бæркадджын зæххытæм ралидзынæн. Куырттаты комæй дæр бирæтæ ралыгъдысты Суадагмæ, уыдонимæ – Сæхмæрза дæр æд бинонтæ. Ног цард райдыдта хохаг адæмæн йæ ног æгъдæуттимæ. Фæсивæды разæнгард кодтой фæскомцæдисонтæм бацæуынмæ. Алихан дæр йæ кæстæр хо Гаффæимæ фыццæгтимæ бацыдысты йæ рæнхъытæм. Уыдысты ног æхсæнадон царды активон архайджытæ, уый тыххæй æрвыст æрцыд Алихан ахуырмæ дæр: каст фæци рабфак.

Колхозтæ аразын куы байдыдтой, уæд та Алихан равдыста йæ активондзинад æмæ иузæрдиондзинад. Ног иумæйаг хæдзарады рæзтæн хъуыдис кусæнгарз, кусæг фос. Алиханы бинонтæ хохæй куы ралыгъдысты, уæд сæм стурвосæй уыди æхсæрдæс сæры, бæхтæ æмæ иуцасдæр лыстæг фос. Иуахæмы Алихан фæскомцæдисонты радон æмбырдæй хæдзармæ куы æрбацыд, уæд сфæнд кодта, цыдæриддæр сæм фос æмæ исбон уыд, уыдон колхозмæ раттын. Зæронд Сæхмæрзайæн бæгуыдæр зын уыдис йæ фырты уынаффæ, æмæ йын бамбарæн дæр ис: дæ хидвæллойæ дæ цæргæбонты цы бынтæ скодтай, уыдоныл схæц æмæ сæ колхозы фыццаг скæн. Фæлæ йын кæд цыфæнды зын уыд, уæддæр фæстагмæ фыд йæ иунæджы фæндыл сразы: «Цардимæ æмдзу хъæуы, æвæццæгæн. Сомбон хуыздæр æмæ амондджындæр уыдзæн, уый сæ бауырныдта, æндæр ыл абоны фæлтæр æмхуызонæй куыд баууæндыдысты? Хуыцау æй мæгуыр адæмы фарнæн фæкæнæд, фос скæнгæйæ у, æмæ, чи цæра, уый та исты амæлттæ кæндзæн, сæйрагдæр сæрæгас æмæ æнæниз уæнт мæ бинонтæ…»

Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Алихан ног царды уылæнты фыццæгтимæ размæ кæй цæуы, уый куырыхон æмæ царды фæлтæрдджын Сæхмæрзайы зæрдæ куыннæ рухс кодтаид, фæлæ ирон хæдзары сывæллæтты хъæлæба куынæ хъуыса, уæд уый æххæст хæдзар нæу. Уæлдайдæр та уæдмæ хæдзары æфсин Созанон дæр æгас нал уыд (бирæ нæ ацард Суададжы, низ ыл стыхджын æмæ йе ‘цæг дунемæ атагъд кодта; Алиханыл уæд 20 азы бæрц цыд). Чызджытæй дæр иутæ сæ цæрæн хæдзæрттæ ссардтой: хистæр хо Леза уыд Гасситы чындз (уæдмæ æгас нал уыд), дыккаг – Варикка – Уаниаты фæрныг хæдзармæ бакуывта, Уæликка (Ольга) уыд Тотраты чындз (рахицæн æмæ цард йæ цæгаты), Фузæ Хъуысаты къухы уыд; иннæ æртæ чызджы – Надя (Дзыба), Гаффæ æмæ Маруся – уæд мойгонд нæма уыдысты.

Кæд ма чызджытæй æртæ хæдзары уыдысты, уæддæр къона уыд сылгоймаджы, хæдзары æфсины æрмдзæф хъуаг, æмæ Сæхмæрза йæ иунæг бындары номыл минæвæрттæ арвыста Барзыхъæумæ Гæбуаты уæздан Гæбæцийы чызг Ирханмæ. Бирæ ратæрхон-батæрхоны фæстæ бафидыдтой дыууæ мыггаджы, кæрæдзийæн фæарфæтæ кодтой, чындзæхсæвы бон сбæлвырд кодтой – дыууæ къуырийы фæстæ. Минæвæрттæ разыйы дзуаппимæ æрбаздæхтысты, бинонтæ цин кæнынц, сыхæгтæ арфæтимæ цæуынц… Фæлæ адæймаг фæндтæ кæны, хъуыддæгтæ та Хуыцау аразы – Сæхмæрзайы зæрдæ йæ куыстæй æрлæууыд, æгæр тыхджын æнкъарæнтæн нæ ныффæрæзта.

Уыйадыл бинонтæ æмæ мыггаг сагъæсы бахаудтой, æмæ куыдфæстагмæ бауынаффæ кодтой: цы æрцыд, уымæн раздахæн нал ис, цардæн уромæн нæй, ног хæстæджытæй дæр худинаг у. Уæдæ афæдзы фæстæ цы уыдзæн, уый дæр чи зыдта… Сæхмæрзайæн йе стырдæр бæллиц йæ иунæджы амонд йæхи цæстæй фенын уыди, фæлæ йын æй, æвæццæгæн, Хуыцауы цæст нæ бауарзта…

Адæмы æфсарм æмæ фарн бирæ у. Чындзæхсæв йæ нысангонд бон скодтой. Хуынд дзыллæтæ æрæмбырд сты, бинонты зæрдæйыуаг та, чи сæ нæ уарзы, уыдоны уæд. Уæдæ уазджытæ не ‘рхæндæгдзинад ма банкъарой, зæгъгæ, Алиханы хистæр хо Варикка йæхæдæг фæндыр æрбахаста, фæндырдзæгъдæджы хъæбысы йæ æрæвæрдта æмæ, йæ цæссыгтæ ныхъуыргæ, йæ богъ-богъ тыххæйты уромгæйæ, фыццаг йæхæдæг рахызт кафынмæ. Фæсивæды бафтыдта кафыныл, йæхæдæг та аууон ран сусæгæй йæ зæрдæйы тыппыртæ суагъта.

Райдыдта ног дуг Алиханы царды йæ цардæмбал Ирханимæ. Æнцон кæм уыдаид дыууæ æрыгон удæн. Хæдзары хистæр æмæ уынаффæгæнæг Сæхмæрзайы хæстæ дæр ныр Алиханы уæхсчытыл æрæнцадысты. Дыууæ уарзæгой æрыгон уды царды зындзинæдтæн бæргæ фæрæзтой, фæлæ сыл Мады Майрæмы аудындзинад фаг нæ уыди – цот сын нæ царди. Стыр хъыгагæн сын æртæ чызджы æмæ иу лæппу амардысты. Уыдонæй æртæйæ – хæрз æнахъомтæй, чызг Заретæ та – авдаздзыдæй. Сывæллон куы райгуыра, цæст æй куы фена, уæд уыцы æнахъомы сæфт æнæдзæбæхгæнгæ хъæдгом уадзы, уæлдайдæр та – мады зæрдæйы. Фæлæ Ирхан фæрæзта хъысмæты æвирхъау цæфтæн æмæ уæззау уавæртæн дæр. Сæхи къуындæг цард сын фаг нæ уыди, фæлæ ма йæ ходыгъдтæй иу, Фузæ, Заманхъулмæ мойгонд, зын уавæрты бахауд йæ цардæмбал Хъуысаты Дзæрæхмæтимæ, æмæ уыдон дæр сæхи бакъул кодтой Алиханмæ. Фузæ йæ сæрыхицау æмæ сæ фондз сывæллонимæ æрцард йæ цæгаты. Иууылдæр иу цары бын: авдæй – заманхъуйлæгтæ, ходыгъдтæ – æртæйæ, Алихан æмæ Ирхан сæхи цотимæ.

Ахæм къуындæг æмæ зын уавæрты Ирхан фæлæггад кодта се ‘ппæтæн дæр. Сывæллон кæддæриддæр рæвдыдмæ æнхъæлмæ кæсы, æмæ Ирхан йæ ходыгъды сывæллæттæн, йæ ходыгъдтæн чындзы лæггад æмæ æфсины æгъдау фæлæвæрдта цыппæрдæс азы. Уыдон цыппæрдæс боны нæ уыдысты, фæлæ сын Гæбуон ныффæрæзта кадимæ, уымæн æмæ нымадта йæ цардæмбал Алиханы сæр, иннæрдыгæй та – йæ цæгаты, цы мыггаджы æмæ бинонты ‘хсæн схъомыл, уыдоны.

Хæсты размæ азты Алихан бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста: скъолайы ахуыргæнæгæй, колхозы бригадирæй, фæстæдæр, 1935 – 1938 азты та – хъæусоветы сæрдарæй, колхоз «Садоны æрзæткъахæнтæ»-йы парторгæй.

Уыцы азты кæд уавæртæ тынг зын уыдысты, уæлдайдæр кæцыдæр дзырдхæсджыты æнамонд митæй адæм тасдзинад кæд æнкъардтой, уæддæр сæхи амондджын хуыдтой, уымæн æмæ хуым кодтой сæхи зæххыл, сæхи бæркадæй цардысты, сæйрагдæр та – сæ кæстæртæн ахуыры фæндагмæ байгом фæтæн рухс дуæрттæ, æмæ уый та уыдис се ‘нусон бæллиц. Фæлæ уæдмæ сæ цины арвыл фæзынд тар мигътæ. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1941 азы Алихан, куыд зынгзæрдæ партион, фыццæгтимæ атындзыдта Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Æмбырдæй сæ бамидæг кодтой Дербенты, цыбыргонд ахуырты фæстæ æрвыст æрцыдысты хæсты цæхæрмæ. 1942 азы Брытъиаты хъæбатыр архайдта, Севастополы цы карз тох бацайдагъ, уым. Знаг йæ фылдæр тыхтæ танкæй, авиацийæ ардæм сарæзта. Иу карз ныббырсты рæстæг Алихан уæззау цæф фæци, госпитальмæ бахауд, дзæвгар рæстæг æй фæдзæбæх кодтой, фæлæ хæсты архайынмæ нал сбæззыд, æмæ йæ хæзармæ рарвыстой. Куы сыздæхт, уæд æй йæ фæллад суадзынмæ дæр нæ равдæлд – колхозы разамынд æй уайтагъд бацагуырдтой, æмæ та йын партийы чырæйæн разамынд дæттын йæ бар бакодтой.

Брытъиаты Сæхмæрзайы фырт Алихан
æмæ йæ цардæмбал Гæбуаты Ирхан

Алы хæдзарады дæр кусæг къухтæ нæ фаг кодта – колхозты ма баззадысты сылгоймæгтæ, зæронд лæгтæ æмæ æнахъом сабитæ. Алихан дысвæлдæхтæй бавнæлдта, цæмæй колхоз ма фæцуда, адæмæн æмæ фронтæн дæр пайда хæсса. 1942 азы, немыцаг фашисттæ Ирыстоны зæххыл сæ чъизи цырыхъхъытæй куы æрбассæстой, уæд Алихан, куыд парторг, фыццаджыдæр бацархайдта колхозы мулк бахъахъхъæныныл, æмæ сæм цыдæриддæр фосы мыггагæй уыди, уыдон хохмæ, Куырттаты коммæ, атардтой. Семæ ацыдысты коммунистты бинонтæ – тас сын уыди нымудзджытæй. Алихан дæр йæ бинонтимæ ацыд хохмæ, хотæ нæ бакуымдтой, чи нын хъуамæ цы кæна, сылгоймæгтæ стæм, зæгъгæ. Уæдмæ немыц Суадагмæ æрбахæццæ сты. Сæ фыццаг амæттаг уыдысты, кæй зæгъын æй хъæуы, партионтæ, фæскомцæдисонтæ, активисттæ, – уыдоныл райдыдтой цуан кæнын. Хъæуы фæзынди нымудзджытæ, знагæн æххуысгæнджытæ, æмæ дзы Алиханы хæдзар дæр фыццæгтимæ бахауд. Агуырдтой коммунистæн йæхи, фæлæ йыл куынæ фæхæст сты, уæд ын йæ дыууæ хойы æмæ ма хъæуы активисттæй цалдæры ракодтой хъæуы кæронмæ: чи зоны, сæ зæрды сæ фехсын уыд, кæнæ Германмæ атæрын уацары… Æвæццæгæн сын Хуыцау дæр æххуыс кодта, нæхи хæдтæхджытæ фæзындысты æмæ, хъæуы немыц кæцы рæтты уыдысты, уырдæм бомбæтæ калын байдыдтой. Ахст адæмы чи кодта, уыцы фашисттæ дæр фæстæмæ фæзылдысты æмæ цыдæр лæнкгонд дзыхъхъыты ахуыссыдысты, адæм та нартхоры фæмидæг сты, афтæмæй аирвæзтысты комкоммæ мæлæтæй нæхи хæдтæхджыты фæрцы.

Немыц Ирыстоны зæххæй тард куы æрцыдысты, уæд Алихан дæр йе ‘ххуысгæнджытимæ колхозы фос фæстæмæ æртардта. Колхозы парторгæй ма фæкуыста хæсты кæронмæ. 1947 азы бацыд хъæды хæдзарадмæ хъæдгæсæй, пенсимæ дæр ацы куыстæй ацыд. Йæ куысты нымад уыд карз адæймагыл – æнæ æмбæлгæ гæххæттæй иу бæлас акалын дæр нæ бауагътаид æцæгæлоны нæ, фæлæ йæхи бинонты дæр. Афтæ ауæрста æхсæнадон, паддзахады исбоныл æцæг сыгъдæгзæрдæ коммунист. Уыд домаг куысты, фæлæ æппæты фыццаг домдта йæхицæй, йæ бинонтæй. Арæх дзураг уыд: «Алы ран дæр фæтк æмæ æгъдау хъуамæ уа фидар æвæрд. Уыдон кæм нæ уой, уым рæстмæ цард никуы уыдзæн».

Алихан æмæ Ирхан тынг æнгом, адджын цард фæкодтой. Схъомыл кодтой дыууæ фырты æмæ дыууæ чызджы: Барис (Бобо), Афæхъо, Фатимæ æмæ Светæйы. Æмбисондæн дзæгъæлы нæ баззад: урс хохæй урс дур хауы. Дыууæ хистæрæн сæ цот дæр сæхи хуызæн æгъдауджын, æфсармджын, адæмы æхсæн нымад, æгъдау æмæ кад дæттаг рауадысты. Куы бахъомыл сты, уæлдæр скъолатæ каст куы фесты, уæд æрцыд рæстæг сæ амæндтæ ссарынæн дæр. Барисæн (Бобойæн) йæ фыццаг цардæмбал Бугианимæ йæ цард нæ ацыд, фæлæ сын Мады Майрæм радта дыууæ фаззон чызджы – Альбинæ æмæ Зæлинæйы. Цард цард у, æмæ Барис сфæнд кодта иу хатт ма йæ амонд бавзарын: цардæмбалæн бацагуырдта къостайыхъæуккаг Мамиаты Мишкæйы чызг Заретæйы (Брытъиаты мыггаг æй зонынц Зарæйæ). Афæхъо каистæн равзæрста Гуыркъуымты коймаг Саутæты Георгийы хæдзар. Фатимæ æркуывта Ботъоты Дебойы фæрнджын хæдзармæ, Светæ та бакуывта Беслæныхъæуы Дыгуры къонамæ.

Цъиу лæппынтæ куы рауадзы, уыдон куы бахъомл вæййынц, уæд атæхынц сæ райгуырæн ахстонæй æмæ сæхи цард аразын райдайынц. Адæймаджы цардыуаг дæр уыдоны æнгæс у, фæлæ ма йæ Хуыцау ноджыдæр фæхайджын кодта æрхъуыдыйæ: райгуырæн ахстон хъахъхъæнын æмæ дын ахстон чи сарæзта, сæйрагдæр та, цард дын чи балæвар кодта, уыдоныл аудын.

Алихан æмæ Гæбуоны кæстæртæ хъуыддæгтæ куы бакодтой, уæд ма дыууæ хистæрæй амодджындæр кæм уыд! Хистæр Барис (Бобо) Мамиатимæ хæстæгдзинад бакодта 1973 азы. Кæстæр, Афæхъо та уыцы азты куыста оргæнты Буроны. Йæ хистæры фæстæ афæдзы æмбис дæр нæма рацыд, афтæ уый дæр йæ равзæрст сомбоны цардæмбалы æрхæццæ кодта Суадагмæ. Мад æмæ фыдыл дыууæ хуры ракаст. Æрмæст Афæхъо æмæ йæ цардæмбал Ирмæ сæ куысты домæнтæм гæсгæ уайтагъд рацыдысты Буронмæ. Барис та куыста автоинспекцийы Мызуры хайады. Бинонты хъуыддаг бакæныны размæ йын уым бирæуæладзыгон хæдзары радих кодтой иууатон фатер.

Ныр, авд æмæ ссæдз азæй фылдæр куы рацыд уыцы бинонтыл, уæд Мамион арæх æрымысы: «Чындзы куы цыдтæн, уæд мыл цыди æстдæс азы, æмæ мын мæ мад бафæдзæхста: «Хъусыс, мæ чызг, фатермæ ацæуынмæ ма батагъд кæн, æхсæз мæйæ раздæр ма аком. Ды бинонты базонай, уыдон та – дæу, кæннод уыдзынæ цæрæнбонты ног чындз». Сæххæст кодтон мæ мады фæдзæхст, фæлæ махон (афтæ хуыдта йæ цардæмбалы) æгæр тыхсын куы райдыдта, уæд, æхсæз мæйы фæстæ ацыдтæн Мызурмæ. Хæдзарæй куы рараст стæм, уæд фæкомкоммæ дæн мæ хицаумæ: дуары раз лæууыд, йæ цæстытæ доны зылдысты. Æрмæст ма сдзырдта: «Ма нæ ферох кæнут, абæрæг-иу нæ кæнут». Мæхи зæрдæ дæр суынгæг. Куысты уæвгæйæ кæнæ хæдзары улæфгæйæ, мæ цæстæй нæ цух кодта уыцы ныв. Куыстæй-иу куы æрбацыдтæн, уæд та-иу Бритаевмæ (афтæ дæр хуыдта йæ цардæмбалы) гæххæтт афыстон, æз хъæумæ фæцæуын, зæгъгæ, æмæ та – згъоргæ автобусмæ. Уый дæр-иу рацыд хъæумæ, цы гæнæн ма йын-иу уыд. Фæлæ махон тыхсын байдыдта дыууæрдæм цæуынæй. Æз дæр ын сабыргай загътон: «Бритаев, уыцы дыууæ хистæры цыппар сывæллоны уый тыххæй схастой, æмæ ныр сæ зæронды бонтæ иунæгæй æрвитой? Афæхъо рацыд. Ныр ма сæ мах дæр куы ныууадзæм, уæд тæригъæд не сты? Сæ зæронды бонтæ иунæгæй, æнхъæлмæгæсгæйæ æрвитой?.. Адæм афтæ нæ зæгъдзысты, дыууæ фырты сын куы ис… Ацу æмæ дæ фатеры фæрнæй цæр, æз ацы дыууæ зæронды иунæгæй нæ ныууадздзынæн». Барис дæр цасдæр рæстæджы фæстæ Мызуры йæ куыст ныууагъта. Суададжы æрбынæттон сты, куыстмæ та горæтмæ дыууæрдæм цыд, Мамион та Алагиры заводы кусын райдыдта. Хистæрты зæрдæтæ куыннæ барухс уыдаиккой, хæдзар та ногæй бинонтæй æмызмæлд куы сси, уæд.

Чызг чындзы куы ацæуы, уæд ын йæ ног бинонты афæрсынц, куыд у уæ чындз, зæгъгæ. Фæлæ, хъыгагæн, иннæрдæм никуы ничи бафæрсы, куыд дæ дæ чындзæн, зæгъгæ. Зарæ ахæм фарст куы фе-хъусы, уæд фæзæгъы: «Хуыцауæн табу, ахæм фæрнджын бинонтæм кæй бахаудтон. Кæй уарзын æмæ мæ чи уарзы, уыдонæй ма чындзы цæуын кæй хъæуы, уыдонæн ахæм Хуыцауы уарзон бинонтæ цæмæй фæуа, уый сын мæ цæст уарзы. Ницæмæй рахъаст кæндзынæн нæдæр мæ хистæртæй, нæдæр мæ тиу æмæ мæ ходыгъдтæй».

Брытъиаты Барис æмæ йæ цардæмбал Мамиаты Заретæ

Ног чындз ма уыд Зарæ (афтæ хонын райдыдтой Заретæйы йæ ног бинонтæ), афтæ йæ цæгатмæ Мæскуыйæ ссыд Алиханы хистæр хо Варикка. Уæд иу хуыцауæхсæв Алихан æртæ чъирийы скувыны размæ чындзмæ фæдзурын кодта æмæ йæ йæхимæ сдзурын кодта. Къуырийы бæрц рацыдаид, афтæ та иуизæр бинонтæ æрбадтысты æхсæвæр хæрынмæ. Ног чындз æмæ кæстæр ходыгъд Светæ (уæд ма скъоладзау уыди) та мидæггаг уаты сæхицæн хицæн фынггонд ацæттæ кодтой. Алихан сыстад æмæ фидарæй загъта: «Уæртæ мидæггаг уаты цы дыууæ чызджы бады, уыдон цалынмæ ардæм рацæуой æмæ бинонтимæ æрбадой, уæдмæ æз дæр не сбаддзынæн. Мæ хæдзармæ æххуырсты не ‘рбацыд, ныр нæ бинонтæй у, æмæ бинонтæ та æхсæвæр иумæ фæхæрынц». Бинонты æрбатымбыл кодта æмæ иумæ адджынæн æхсæвæр скодтой. Ирон æмбисонд дæр уый зæгъы: «Бинонтæн сæ къæбæры хæрд иумæ куынæ уа, уæд сæ зонд дæр иу никуы уыдзæн».

Бинонты æнгомдзинад, уарзондзинад æмæ кæрæдзийы æмбарындзинад фылдæр аразгæ у хæдзары хистæртæй. Алихан æмæ Ирхан дæр сæ ног чындз Мамионы хи хъæбулау бауарзтой. Алихан æм «чындз», зæгъгæ, никуы сдзырдта, æрмæстдæр йæ номæй. Цардхъуагæй сын цы хъæбул ахицæн йæ цардæй, уымæн дæр йæ ном Заретæ хуынд. Чи зоны, уый тыххæй сын уыд уæлдай адджын чындз дæр…

Цымæ ахæм хистæр ис, хъæбулы хъæбулмæ чи нæ бæллы? Алихан æмæ Гæбуон сæ чындз Мамионы фыццаг хъæбулы цинæй уæлæрвты тахтысты, æрхъæцмæ йыл нæ хъæцыдысты. Уæд та иубон Мамион хæдзары зилæнтæ кодта, сывæллон та уаты йæ сынтæджы хуыссы. Уалынмæ чызг райхъал æмæ кæуын райдыдта. Зæронд лæг йæ разы лæууы, сабыр æй кæны, фæлæ кæуы уæддæр саби. Зарæ дæр бæргæ хъусы сывæллоны кæуын, фæлæ йæ йæ хицауы раз райсын æфсæрмы кæны. Фæстагмæ уæддæр нал бабыхсыдта мады зæрдæ, цыдæр æфсон бауади уатмæ. «Зарæ, сывæллон уый не ‘мбары, æмæ ды мæнæн æгъдау кæныс. Искæй раз-иу æй ма райс, – загъта хæдзары хистæр. – Сывæллоны систа æмæ мын æй мæ хъæбысы бакодта, йæхæдæг кæртмæ рахызт», – буц æмæ цинæй та æрымысыд Зарæ йæ æрыгон адджын царды бонтæ.

Æвæдза, цард диссаг у, стæй, дам, доны къусæй уæлдай нæу. Сомбон кæмæ цы æнхъæлмæ кæсы, уый ничи зоны. Брытъиаты Алиханы æнгом æмæ амодджын бинонтæ дæр дæр 1981 азы кæрон, декабры мæйы, сæхи бæргæ цæттæ кодтой Ног азы æрбацыдмæ, фæлæ сын хъысмæт сæ хъæлдзæг, амондджын цардмæ йæ сау цæстытæй æрбакаст. Алиханыл йæ бирæ фыдæбæттæ, хæсты уæззау фыдбонтæ сæ фæд ныууагътой, æмæ уыцы аз, декабры æмбис инсультæй фæрынчын. Æртæ боны фæстæ, 17 декабры, йæ цардæй ахицæн.

Дыууæ азы фæстæ бинонтæ сæ цæрæнбынат раивтой Дзæуджыхъæумæ. Зарæ мысы: «Ме ‘фсинæн абон дæр мæ сæрæй ныллæг кувын, горæтмæ кæй ралыгъдыстæм, уый тыххæй. Алы бон мын-иу афтæ дзырдта: ахæц мæ лæппуйыл горæтмæ, бадæттын ын кæн курдиат фатер райсынмæ. Ницы федтон æз цардæй ам, æмæ ды дæр ацы æвадат ран тухæнæй мæлдзынæ». Æвадат та уымæй уыд, æмæ дон арæх нæ уыд, хæссын-иу æй хъуыд цæугæдонæй, газ – ласæггаг.

Барисæн куыстæй (Хъæууон хæдзарады министрады куыста уæд) радтой æртæуатон фатер. Ирхан бæргæ буц æмæ зæрдæрай уыдис горæты æнцон царды уавæртæй, уæлдайдæр, хъæуы уæззау, зын уавæртæ-иу йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты, уæд. Буц уыд йæ чындзæй дæр. Уæвгæ йæм «чындз» никуы дзырдта, æрмæстдæр – «мæ чызг», «мæ къона».

Зарæ-иу искуы иу хатт куыстæй исты æнкъардхуызæй куы æрбацыд, уæд-иу йæ зæрдæйыуаг æмбæхсынмæ бæргæ хъавыд, фæлæ йæ йе ‘фсинæй бамбæхсæн нæ уыд. Уайтагъд-иу æй афарста, мæ чызг, цы кæныс, зæгъгæ. «Куы ницы», – дзуапп-иу радта Зарæ. «Уæдæ мæ уæд дæхиуыл куыд сахуыр кодтай, афтæ хъæлдзæг дæхи дар», – бахудт-иу æфсин. «Хъæуы-иу, æфснайгæйæ, хæдзары зилæнтæ кæнгæйæ, æдзухдæр заргæ кодтон, хаттæй-хатт-иу мæ къухмæ балалайкæ дæр райстон, æмæ мыл афтæмæй сахуыр», – зæгъы Мамион.

Мæнгæн нæ фæзæгъынц, мæгуыр уæрццыл зад хуымы хизын нæ фидауы. Ирханæн дæр горæты æнцон уавæрты ацæрын нæ бантыст. 1983 азы ноябры ссыд, 1984 азы мартъийы та рынчындонмæ бахауд. Дохтыры рæдыдæй апрелы йæ цардæй ахицæн цардхъуагæй, йæ 69-æм азыл. Мæй фæци рынчындоны. Афтæ-иу куывта: «Хуыцау, бирæ мæ ма фæсæйын кæн, Зарæйы хо Азæ бирæ азты уæззау рынчын æфсинмæ кæсы, æмæ та уый дæр афтæ куыд нæ тухæн кæна…» Кæуылты зæрдæйы хицау уыд!? Уæдæ йæ цæрын дæр куыд нæ фæндыдаид, фæлæ фыццаджыдæр йæ кæстæртыл хъуыды кодта… Йæ амæлæты фæстæ азтæ куы рауад, уæд хъæуы устытæй иу Зарæйыл сæмбæлд æмæ йын рафæзмыдта Ирханы ныхас: «Чи мæ уарзы, уый мын-иу Зарæйы рæвдауæд, æз куы нал уон, уæддæр». Абоны бон дæр, кæд æфсины мæлæтыл æвддæс æмæ ссæдз азы рацыд, уæддæр Зарæ арæх фæзæгъы: «Мæрдты йын – мæ риуыл фæндаг».

Бинонты дыууæ хистæры сæ цардæй ахицæн сты, фæлæ сæ фарн мæрдтæм нæ ахастой, сæ кæстæртæн æй ныууагътой. Алихан æмæ Ирханы кæстæртæй, хъыгагæн, æртæйæ цардхъуагæй бацыдысты се ‘цæг дунемæ: Фатимæ (Ботъоты чындз) – 2000 азы 48-аздзыдæй, Барис (Бобо) та – 2012 азы 72-аздзыдæй. Цы сыхы фæцард Дзæуджыхъæуы, уыдон æй арæх æрымысынц, хъынцъымгæнгæйæ, фæзæгъынц: «Ехх, куыд тынг ныл фæзынд Барисы ацыд…» Ацы уац куы фыстон, уæд ма Афæхъо цардæгас уыд, кæд æй низтæ сæ быны скодтой, уæддæр. Йæ 71-æм гуырæн боныл ма бæргæ сæмбæлд, фæлæ, æхсæв бонæн йæ бартæ куыд лæвæрдта, афтæ йе ‘цæг дунемæ атагъд кодта уый дæр.

Афæхъойæн дæр, куыд йæ хистæртæн, йе ‘гъдау йæ цæргæбонты йæ разæй цыд. Адæймагæн йæ сæрæй уæлдæр – йæ худ, уыдоны кад хъæуы хъахъхъæнын, фæлæ дæм æгъдау куы нæ уа, уæд уыдон дæр фегад кæнын – бынтон æнцон, уый уыд йæ цардвæндаджы тырыса. Суададжы, стæй æппæт Куырттаты комы дæр Афæхъойы зыдтой æгъдауджынæй, бахъуаджы заман дæм йе ‘ххуысы къух чи бадаргъ кæндзæн, дæ фарсмæ чи æрбалæудзæн дæ хъыджы дæр, дæ цины сахат дæр, ахæмæй. Æрмæст Суададжы къухылхæцæг, æмдзуарджын, кæнæ та чындзхæсджыты хистæр кæмæнты уыд, уыдон хъæуы фылдæр æмбис уыдзысты, æвæццæгæн.

Адæймаг кæм ацæуа, уым хъуамæ йæ фæстæ йæ фыдгой ма кæной, фæлæ йæ мысой хорзæй. Афæхъойы дæр Буронæй райдай æмæ йæ фылдæр рæстæг цы «Сельстрой»-ы ПМК-611-ы фæкуыста, уымы раздæры кусджытæ арæх æрымысынц куыд хорз кусæг æмæ организатор, стæй куыд диссаджы зæрдæхæлар æмæ цæстуарзон æмгар, цыфæнды сусæг ныхас дæр кæуыл баууæндай, ахæм æууæнкджын адæймагæй.

Алихан æмæ Ирхан сæ хистæрты фарн æмæ намысыл бафтыдтой, афтæмæй сæ алæвæрдтой сæ кæстæртæм. Сæ цот æмæ уыдоны цот иууылдæр уæлдæр ахуыр райстой, сæйрагдæр та – ирон царды скъола каст фесты «иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ», се ‘гъдау цæуы сæ разæй. Уый та уымæй бæрæг у, æмæ, цы адæмы æхсæн кусынц æмæ цæрынц, уымыты дæнцæгæн хæссынмæ бæззынц.

Ныр мæ ныхасы райдиан уыдис сæ рагфыдæл Айдарыхъ. Ацы кадджын хистæрæй ранымайгæйæ, абон фæрнджын цард кæны йæ æхсæзæм фæлтæр. Барисы фæдыл баззадысты: Альбинæ æмæ Зæлинæ (цæрынц Алагиры); Анжелæ хъомыл кæны дыууæ лæппуйы – Калманты Азæмæт æмæ Тимуры; Батрадзæн ис чызг æмæ лæппу, Аминæ æмæ Арсен (Токаты хæрæфырттæ); Зауырбегæн – чызг æмæ дыууæ лæппуйы, Элинæ, Давид æмæ Артур (Гогаты хæрæфырттæ). Афæхъойæн баззад иунæг фырт, Ирбег, уый йæ цардæмбал Ирæимæ хъомыл кæны йæ лæппу Батрадзы. Фатимæйæн баззад чызг æмæ лæппу, Маринæ æмæ Амырхан. Мæринæ хъомыл кæны йæ лæппуйы – Джыккайты Мараты, Амырхан та у Бестауты сиахс, ис ын чызг Лизæ. Светæйы иунæг Сосланæн та кувынц йæ амондмæ: чызджыты хуыздæр – йæ хай. Афтæмæй уал Айдарыхъы æхсæзæм фæлтæр абоны онг сты дæс. Мады Майрæмы хорзæх ма сæ дарддæр дæр куы уа, уæд ма сыл, Хуыцауы фæрцы, фæлтæры кæронмæ бирæ нæ – ноджыдæр дæс бафтдзæн.

Алы сомбоны фæлтæр дæр йæ хистæрты Фарн æмæ Намысыл æфтауæг куы уа, уæд нæ фесæфдзæн æфсарм æмæ æгъдау, цард та уыдзæн бæллиццаг.