МАМИАТЫ Таймураз: «Мамиаты-Мамиты мыггаг знонæй абонмæ»

МАМИАТЫ-МАМИТЫ МЫГГАГ ЗНОНÆЙ АБОНМÆ

Уац

Алы ирон мыггагæн дæр ис йæхи истори, йæ равзæрды таурæгъ. Джыккайты Шамил йæ чиныг «Ирон таурæгътæ»-йы разныхасы зæгъы: «Махмæ фысгæ истори нæ уыд, æмæ нын фольклор у историон æрмæг, уый нын бакæны æнусты дуæрттæ, æмæ раргом вæййынц сæ сусæгдзинæдтæ. Уыцы хуызы эпос æмæ историон зарæджы æмрæнхъ нывыл ахадындзинад ис таурæгътæн. Ирон фольклоры æвдыст цæуынц мыггæгты равзæрд, сæ тох, сæ ахастытæ. Уыцы хабæрттæн вæййы æцæг бындур, æмæ хæстæг лæууынц историон таурæгътæм».

Таурæгъмæ гæсгæ, Наргомы цы 15 мыггаджы царди уыдонæй Мамиатæ-Мамитæ дæр сты номдзыд Хетæджы байзæддæгтæ.

Хетæг уыдис Иналы кæстæр фырт, иннæ дыууæ фырты – Аслан æмæ Биаслан. Ахæм рæдыд хъуыдыгæнджытæ дæр ис, зæгъгæ, дам, хъыгагæн, Инал кæсгон кънйаз уыдис, фæлæ уый раст хъуыды нæу, бындур ын нæй. Æцæгдзинадæй. Инал йæ бинонтимæ уыдис, аланты байзæддагæй ма тæтæр-манголы ныббырсты фæстæ хæхты чи аирвæзт, уыдонæй.

Уæд, тыхы дуджы, кæсгон адæм уыйбæрц æфхæрд нæ баййæфтой æмæ хъомысджындæр уыдысты, аланты хохы цъассытæй ракæсын нæ уагътой. Цæмæй хъæздыг быдыртæм раирвæзой кæддæры сæхи фыдæлты зæххытæм, уый тыххæй та сæ кæсæг домдтой, цæмæй сын райсой сæ дин, ома, спысылмон уой. Всеволод Миллер ацы цауы тыххæй фыссы: «Из Кабарды же главным образом шла мусульманская пропаганда в среду осетин, из которых многие сменили на учение Корана свое древнее одичавшее христианство». Иналы бинонтæ дæр бар-æнæбары райстой пысылмон дин, фæлæ сæхи, фыдæлтыккон дин дæр рохуаты нæ ныууагътой, се ‘ртæ чъирийæ Стыр Хуыцаумæ куывтой. Æрмæст уæддæр Хетæг раздæрау фидар хæцыд йæ рагфыдæлты уырнындзинадыл дæр æмæ чырыстон диныл дæр. Цæхгæр нæ разы кодта пысылмон дин райсыныл.

Уæдмæ кæсæджы, хсæн Инал скадджын, бæрзонд бынат бацахста, фæлæ Хетæг куы нæ разы кодта пысылмон дин райсыныл, уæд бинонтæ дæр йæ ныхмæ систы, кæй уæрдоныл бадæм, уыдоны зарæг цæуыннæ кæнæм, зæгъгæ, æмæ йæ марынвæнд скодтой. Хæрзгæнæг ын йæ амондæн фæци, æмæ уæд Хетæг сæхи бæхты рæгъауæй дыууæ, фсургъы ракодта æмæ ралыгъди.

Йæ ных сарæзта Ирыстоны ‘рдæм. Ам сæвзæры фарст: «Кæд Инал кæсгон къниаз уыди, чидæртæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыди пысылмон диныл хæст дæр. Æмæ ма уæд Иналы бинонтæн, семæ Хетæгæн дæр, дыккаг хатт пысылмон дин цæмæн исын кодтой? Дыккаджы та Хетæг, фæдисонтæй лидзгæйæ, абоны Ирыстонмæ цæмæн лыгъди?»

1999 азы газет «Рæстдзинад»-ы фæзынд Уанеты Владимиры уац – «Хетæгкаты Къостайы фыдæлты тыххæй».Хетæджы таурæгъ, дам, фыццаг хатт мыхуыры рауагъта 1837 азы академик Шегрен. «Цымыдисаг уый у, – фыссы Владимир, – æмæ Шегрен цы таурæгъ зыдта Хетæджы тыххæй, уым кæсæджы кой æппындæр нæй». Къостайы поэмæ «Хетæг»-ы Хетæг у кæсгон, фæлæ къухфысты та – ирон. Къоста йæ хъуыды куы аивта, уæд фыста: «Какая доля правды во всей этой легендарной истории, я не берусь судить, но думаю, что осетины в пору своего могущества навряд ли позволили бы какому-нибудь персиянину или кабардинцу алдарствовать над собой. А в горах при последующей отчаянной борьбе за существование было слишком тесно, чтобы какой-нибудь беглец из-за Кубани занял «лучший пункт» и разросся в поколение, дающее тон коренному населению».

Уæдæ, цæмæн лыгъди Хетæг Иры хæхтæм? Уымæн æмæ йе ‘мтуг адæм, сæ фылдæр йе’мдинтæ (ома, ирон адæм) кæцырдыгæй цардысты, уый зыдта, æмæ йæ зæрдæ дардта, ныфс æй уыдис, уыдон æй кæй суазæг кæндзысты.

Хетæг лыгъд кæй радта, уый йе ‘фсымæртæ æмæ кæсгæттæ куы базыдтой, уæд æй фæдисонæй фæсте расырдтой. Уæдмæ уый æрджынарæгæй æрбаирвæзт. Владимирмæ дарддæр байхъусæм: «Цæвиттон, Хетæг Гуырдзыстонмæ кæнæ Сомихмæ цæуылнæ алыгъд, уыдон дæр чырыстон адæм куы уыдысты? Йæ ных цæмæн сарæзта Ирыстоны хæхтæм æмæ, уырдæм цæугæйæ дæр, цæуылнæ æрбынат кодта Цъæйы кæнæ Нузалы, гъе та Куырттаты комы?»

Суадаг кæм ис, уырдæм фæцæйхæццæ кодта, хъæдмæ, ома мын тæссаг нал уыдзæн. Фæлæ йæм фæдисонтæ дæр хæстæгæй-хæстæгдæр кодтой, фæдисон та тызмæг æмæ æгъатыр у. Тыгъд быдыр. Кæцырдæм цы кæна? Йæ бæхтæ дæр нал фæразынц, æрхауынæввонг сты. Уæд Хетæг йæ фыртыхстæй скуывта Хуыцаумæ. Уæд æм æрвон хъæлæс хъуысы: «Хетæг, – хъæдмæ, хъæдмæ!». «Хетæгæн йæ бон хъæдмæ нал у, фæлæ хъæд – Хетæгмæ», – дзуапп радта.

Уыйадыл арв ныннæрыд. Суададжы къуылдымы фахсæй хъæды стыр къох фæиппæрд и, æмæ, Хетæг кæм уыд, уым æрбадт.

Хетæг йæ астæу фæци, бафæсвæд фæдисонтæй. Фæдисонтæ уыцы æнæфехъусгæ-æнæфенгæ диссæгтæ куы ауыдтой, уæд фæсонт сты, дзурынмæ дæр нал арæхстысты, куыд кæной, цы кæной, уый нал зонынц, сагъдауæй баззадысты. Æрæджиау, кæддæр-уæддæр сæхи æрæмбæрстой, сæ бæхтæ фæзылдтой фæстæмæ æмæ цыппæрвадыгай лидзæг фесты.

Хетæг уыцы хъæды фæцард дзæвгар рæстæг. Хистæртæ-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, къохы астæу уыдис цæстысыджы хуызæн сыгъдæг суадон. Адæм æм цыдысты сæхи дзæбæх кæныны тыххæй. Уыдис æвдадзы хосау раст. Фæлæ этнограф Хъантемыраты Эльбрус зæгъы, нæ ирон адæм, дам, сæхи æнæуагæй æвдисын кæй райдыдтой, кувæндоны чъизи, æнæуаг митæ-иу кæй æруагътой, уый фыдæй суадон бахус, фесæфт.

Хетæг Куырттаты коммæ бафтыд. Цас дзы бафæстиат, уый бæлвырд никæцы таурæгъы загъдæуы. Ам цæры мыггаг Хетæгатæ (Хетаговы) æмæ, дам, уыдон сты Хетæджы байзæддаг…

Хетæг ахызт Туалгоммæ. Цмийы хъæуы дзы царди Бигъуыла æд бинонтæ. Хетæджы суазæг кодта, уый дæр цæрын байдыдта Цмийы.

Хетæг дæсны цуанонæй æвдыст цæуы таурæгъы, æмæ та Туалгомы дæр цуан кæнын байдыдта. Цмийæ Нары хъæумæ цы хуссарварс быгъдæг къуылдымтæ ис, уыдон, дам, уыцы заман тархъæдæй æмбæрзт уыдысты. Цуанон лæг та, цы хох, цы хъæд нæ басгара, уый сырдджын æнхъæл вæййы. Хетæг дæр,цуангæнгæйæ, сырдты фæстæ зилгæйæ, фæсхохмæ дæр ахызт, Гуырдзыйы бæстæйы дæр æрзылди, фæзынди йын дзы æрдхæрдтæ, æввахс зонгæ уыди Гуырдзыйы паддзахимæ дæр. Фæстæдæр, цуангæнгæйæ, арæхæй-арæхдæр æфтын байдыдта Гуырдзымæ. Хетæг сæрæн, æвзыгъд æмæ зондджын кæй уыди, уый Гуырдзыйы паддзах дæр æнæбафиппайгæ нæ фæцис, æмæ йæ бафæндыд, Хетæг сæ зæххыл, сæ фарсмæ куы ‘рцæрид, зæххы хай дæр ын радих кодта.

Фæлæ, дам, Хетæгæн фыны загъдæуыд: «Лæваргæнæджы зæхмæ ма фæцу, фæлæ дæхи ссаргæ зæххыл æрцæр æмæ йæ дæхицæй мауал суæлдай кæн».

Уæд та, цуаны цæугæйæ, æрбафтыд Нары тæссæрттæм. Къæдзæхы сæрмæ ссардта æрдуз æмæ йæ снысан кодта йæхицæн цæрæн бынатæн. Нармæ хæстæг амардта саг, йæ бæрæггонд бынатмæ йæ æрхаста, физонджытæ скодта, Хуыцау æмæ Бынаты хицауыл йæхи бафæдзæхста æмæ æрулæфыд. Æхсæвы та йæм фыны æрбадзырдæуыд: «Хетæг! Ам уыдзæн дæуæн дæ цæрæн бынат, æмæ дын ардыгæй хъуамæ рацæуа бæзджын цот, стыр мыггаг».

Райсомæй, йæ бынат бæстондæр æрбæрджытæ кодта, дыууæ цæугæдоны кæм баиу сты, уыцы æрдæгсакъадах йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыд. Иу уалдзыгон бон, бæстæ ирд тæмæнтæ калы, афтæмæй Хетæг, саг кæм амардта, уыцы хуссарварс байтыдта хъæддаг хоры нæмгуытæ. Сæрды æфсиртæ ныннæрстысты, æмæ уæд бынтондæр скарста, ам æцæгдæр цæрæн бынатæн бæзгæ кæй у. Зæхх-хъæздыг, дон – хæстæг, хъæд – дæ фындзы бын.

Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ фæнд раргом кодта йæ зæрдæхæлар фысым Бигъуылайæн, ома, кæд мын бар дæттыс,уæд хицæн ран æрцæрон. Бигъуыла, куырыхон æмæ дардмæ кæсаг æмæ уынаг, йæ чызгимæ сын сæ сусæг, хъарм ахастдзинæдтæ æнкъаргæйæ, йæ чызджы дæр радта Хетæгæн бинойнагæн æмæ сæ рафæндараст кодта. Мусонг æрцарæзтой. Стæй хохаг тъæпæнсæр хæдзар самадта. Нары къæдзæхы тæккæ рындзмæ хæстæг абон дæр лæууы фидар чъырын, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, чъырынæн йæ фидар къултæ. Хистæртæй бирæтæй хъуыстон, зæгъгæ, чъырын, дам, Хетæджы хæдзар уыдис. Таурæгъты дæр ацы æрдæгсакъадах æмæ чъырыны кой арæх æмбæлы.

Уæдæ Къоста дæр, йæ хистæртæй цы хъуыста, фысгæ дæр уый кодта. Очерк «Особа»-йы: «В Нарской котловине указывают и теперь в селе Слас на постройки, возведенные Хетагом. Указывают и место, где Хетаг убил оленя, – это подножье той скалы, на которой теперь громоздится аул Нар. Здесь указывают так же на воздвигнутую Хетагом постройку, где он поселился».

Ацы ран сын Мады-Майрæм балæвар кодта фырт Джиуæрджийы. Хетæг сырды фыд æмæ зæххы бæркадæй дардта йæ бинонты. Йæ фыртыл æртæ азæй фылдæр рацыд, афтæ та араст хæтæнты цуангæнгæйæ, фæсхохмæ, Гуырдзыйы бæстæм дæр та бафтыд, уым йæ рагон зонгæтыл фæзылд æмæ дзæвгар рæстæг бафæстиат. Фæстæмæ цæуынвæнд куы скодта, уæд йæ ‘мбæлттимæ хæрзбон загътой се ‘рдхæрдтæн.

Цæуынц, æмæ сыл фæндагыл иу зæронд лæг амбæлд, Хетæджы чи зыдта, ахæм. Сæ размæ бацыд æмæ Хетæгмæ дзуры: «Дæ байраджы мын радт, æмæ дын æртæ дзырды, æртæ фæдзæхсты зæгъон, царды дæ æнæмæнг чи бахъæудзæн, ахæмтæ». «Æмæ дын æртæ дзырды тыххæй ныр хъуамæ мæ байраг куыд радтон», – дзуапп радта Хетæг æмæ дарддæр фæцæуæг ис. Зæронд лæг та хæстæгдæр фæндæгтыл йæ размæ фæци æмæ та йæм дзуры: «Хетæг, дзæгъæлы нæ разы кæныс. Радт мын дæ байраг, æмæ дын зæгъон ахсджиаг æртæ фæдзæхсты, кæннод фесæфдзынæ». Хетæг дæр ахъуыдытæ кодта æмæ йæм йе ‘ргом радта.

«Хетæг! Уæдæ хъус лæмбынæг. Фыццаг – фæндагыл цæугæйæ дæ исчи куы хона уазæгуаты, уæди-иу сразы у.

Дыккаг – исчи дæ куы фæрса, сылгоймагæй нæлгоймагæй чи хуыздæр у, уæд-иу ма фæрæди. Зон, нæлгоймаг хуыздæр кæй у.

Æртыккаг – куы смæсты уай, искæй марыны онг куы суай, уæд дæ галиу къухæй дæ рахиз къух æрцахс».

Радта йын байраг.

Бон цæуы. Хуры фæстаг тынтæ ма хохы цъуппытыл дыдзы рухс кæнынц. Изæрмилтæ кодта, афтæ иу хъæдрæбын, доныбыл, цъæх-цъæхид фæзмæ æрбахæццæ сты Хетæг йе ‘мбæлттимæ. Ам – диссаджы дзæнæты бынат, ам æхсæвиуат бакæнæм, ацы цъæх кæрдæгыл нæ бæхтæ дæр фаг фæхиздзысты, нæхæдæг дæр доны сатæгмæ баулæфдзыстæм. Куыддæр сæ бæхтæй æрфистæг сты, афтæ хъæды кæронæй разындысты цалдæр барæджы. Иу дзы разынд Хетæгæн йæ хорз æрдхорд, бынæттон Мухраны æлдар, цуанæй сæхимæ здæхтысты йе ‘мбæлттимæ.

Кæрæдзиуыл бацин кодтой Хетæгимæ, æмæ Мухраны æлдар зæрдиагæй загъта: «Иууылдæр цæуæм нæхимæ, хорз зæрдиаг бадт фæкæнæм».

Хетæг сразы, фæлæ йе ‘мбæлттæ нæ разы кæнынц. Иуæй дæрддзæфгомау у, иннæрдыгæй та, дам, ацы дзæнæты бынатæй кæдæм цæуæм.

Уæд Хæтæг иунæгæй йе ‘рдхордимæ ацыд уазæгуаты. Кусарт ын акодта фысым, æвæрд сæнæй фаг гаджидæуттæ фæкодтой, хорз фæзарыдысты. Райсомæй Хетæг йæ фысымæн арфæ ракодта, хæрзбон ын загъта æмæ йе ‘мбæлттæм рараст. Æрбахæццæ йæ зонгæ бынатмæ, фæтæн цъæх фæзмæ æмæ федта диссаджы æнкъард нывтæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй фæсæмбисæхсæв Хетæджы æмбæлттыл лекъаг абырджыты къорд æрбамбæлд æмæ сæ уацары акодтой.

Цæуы та дарддæр Хетæг, йæ фæндаг цыбырдæр кæны. Иу хъæумæ хæстæг та йыл æризæр, æмæ йæ иу хорз зонгæйы бацагуырдта Хетæг æмæ уыдонмæ бафысым кодта. Бадынц, минас кæнынц, ныхæстæ, таурæгътæ кæнынц, лæггад та сын кæны иу æрыгон чызг, хуртæ æмæ дзы мæйтæ кæсы, æгъдау – æфсармджын. Сæ фарсмæ сынтæджы базы сæр та бады хæфс æмæ йæ чызг рæстæгæй-рæстæгмæ абæрæг кæны, рохуаты йæ нæ уадзы. Уыцы хабæрттæм кæсгæйæ, Хетæг сцымыдис æмæ йæ фысымы афарста, ацы сылыстæг дын чи у, зæгъгæ, стæй ацы хæфс базы сæр ахæм буц дардæй цæмæн дарут?

Фысым арф ныуулæфыд, фенкъардгонд ис æмæ радзырдта:

«Уый у мæ чындз. Базы сæр буц дардæй кæй дарæм, уыцы хæфс та у мæ фырт, сылгоймагæн йæ цардæмбал. Диссаджы разы дзы уыдтæн мæ фыртæй, чындзæй дæр. Хæрзконд, хæрзуынд, æгъдауджын, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм гуырд. Цалдæр азы размæ йын адæмы хæлæг æмæ æдзæстуарзондзинад йæ амонд басыгътой. Чидæр ын цавæрдæр хинтæ æмæ кæлæнтæ скодта, æмæ йæ дарддæр дæхæдæг уыныс. Уæддæр мæ хъæбул у, æмæ йæм уыцы зæрдæ дарын».

Йæхæдæг та арф ныуулæфыд æмæ йæ цæстытæ доны разылдта. Иу уысм æнæдзургæйæ абадтысты, стæй Хетæджы сонтфарст акодта йæ фысым: «Зæгъ-ма, Хетæг, дæ хорзæхæй, сылгоймагæй нæлгоймагæй чи хуыздæр у, стæй хæфсæй ацы чызгæй дæр зæрдæмæ тынгдæр кæцы цæуы?».

Хетæг хъуыдыты аныгъуылд, æмæ та уыцы зæронды дыккаг фæдзæхст йæ зæрдыл æрбалæууыд. «Макуы фæрæди, нæлгоймаг хуыздæр кæй у, уый дæ ма ферох уæд».

«Кæй зæгъын æй хъæуы, хæфс мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуы, уый та уæддæр нæлгоймаг у», – уыдис Хетæджы дзуапп.

Уыйадыл хæфс нæрсынтæ байдыдта, фæстагмæ нытътъæпп ласта, атыдта, æмæ сæ размæ рахызт хæрзконд, саджы фисынтыл амад нæртон гуырд. Фысым Хетæгæн хъæбыстæ кæны, арфæты бын æй фæкодта, фырцинæй йæ аныхъуырынмæ дæр хъавы. Хетæг та не ‘мбары, цæй тыххæй. Æрæджиау ын фысым бамбарын кодта, «Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæ фыртæн уыцы хинтæ-кæлæнтæ куы скодтой, уæд æй кæдæм нæ фæкодтам, кæцы хосгæнæгмæ нæ уыдыстæм, фæлæ хъуыстам уыцы иу дзуапп: мæнмæ йын хос нæй, мæ бон уын ницæмæй у баххуыс кæнын. Æрмæст нын иу зæронд хосгæнæг загъта, цалынмæ дзы исчи раппæла, уæдмæ йын хосгæнæг хос не скæндзæн. Хетæг, ды дæ нæ ирвæзынгæнæг! Ды дзы раппæлыдтæ, æмæ та ныр нæ цард йæ гаччы сбаддзæн.

Стыр куывд скодта. Хетæджы дæр цалдæр боны баурæдта, стæй йæ стыр лæвæрттимæ рафæндараст кодта. Хетæг та цæугæ-цæуын хъуыдытæ кæны, диссаджы куырыхон, дардмæ уынаг зæронд лæг, йæ дыккаг фæдзæхст дæр та æрцыди, зæгъгæ.

Цæуы Хетæг зæрдæхъæлдзæгæй. Фæсæмбисæхсæв æрхæццæ Нармæ. Поты фæзы йæ бæх хизынмæ ауагъта, йæхæдæг фистæгæй араст йæ хæдзармæ. Бахызт сабыргай хæдзармæ, кæсы, æмæ йæ бинойнаджы фарсмæ цавæрдæр нæлгоймаг хуыссы, дыууæйæ дæр фынæй кæнынц. Хъама йæ кæрддзæмæй сласта, хæрдмæ йыл куыд схæцыд ныццæвын æввонг, афтæ та зæронды æртыккаг фæдзæхст йæ хъусты азæлыд, куы смæсты уай, искæй марыны онг куы суай, уæд…

Йæ галиу къухæй йæ рахиз цонгыл фæхæцыд. Йæ хъама тъахтины фисыныл æрсагъта, нæлгоймаджы худ йемæ райста æмæ фæстæмæ Поты фæзмæ æрцыди. Йæ саргъ йæ сæры бын бакодта, йæ нымæтæй йæхи æрæмбæрзта æмæ æрфынæй. Райсомæй йæ цардæмбал кæсы, æмæ йæ лæджы хъама тъахтиныл, йæ лæппуйы худ йæ бынаты нал ис, дис кæны. Рахызт уæлхæдзармæ, кæсы, æмæ Поты фæзы чидæр хуыссы. Йæ фырты райхъал кодта, Поты фæзмæ йæ рарвыста, далæ уыцы лæгæн зæгъ, фысым бакæн, зæгъгæ. Лæппу æрцыд, йæ мад ын куыд бафæдзæхста, афтæ бакодта.

Хетæг фестад, ды кæй лæппу дæ, зæгъгæ, йæ афарста. Æз Хетæджы фырт Джиуæрджи дæн, зæгъгæ йын дзуапп радта лæппу. Хетæг æй æрбахъæбыс кодта, йæ худ ын йæ сæрыл æрсагъта, æмæ араст сты сæхимæ. Æнæдзургæйæ цæуы, фæлæ йæхинымæры та уыцы зæронд, лæгæн арфæтæ кæны.

Ацы таурæгъы кæронæн ма ис æндæр хуыз дæр.

Райсомæй Хетæджы бинойнаг куы райхъал, уæд федта Хетæджы хъама тъахтины къухы сагъдæй, æмæ бадис кодта. Рацыд хæдзарæй. Поты фæзы ауыдта лæджы хуысгæ. Сласмæ ссыди æмæ радзырдта, Хетæджы хъама куыд ссардта, йæ лæппуйы худ куыд фæтар ис, Поты фæзы та чидæр куыд хуыссы, уыдæттæ.

Слас фæфæдис сты Сидты (Поты) фæзмæ. Дзурынц Хетæгмæ. Хетæг сыстад æмæ сын дзуапп радта: «Чидæр хуыссыд мæ хæдзары мæ бинойнаджы фарсмæ, æмæ уæд æз дæр ардæм рацыдтæн». «Уый дæ фырт куы у, уæд æй чидæр цæмæн хоныс?» — загътой йын Слас. Хетæг ссыди сæхимæ, Джиуæрджи йæ куы ауыдта, уæд ыл йæхи баппæрста æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта. Хетæг ын йæ худ радта æмæ йе ‘нæууæнкдзинадыл фæфæсмон кодта.

Рæстæг цæуы æмæ йæхиуæттæ домы æмæ кæны. Джиуæрджи бахъомыл. Бинонты хъуыддаг бакæныны кары бацыд. Бинонты хъуыддаг бакодта, æмæ йын ацы рухс дунемæ рантыст дыууæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы: Мами æмæ Мамиа. Ацы дыууæ лæппуйы цардвæндаг фаг иртæстгонд кæй нæма æрцыд, уымæ гæсгæ кæмдæрты дызæрдыгдзинад дæр сæвзæры. Къоста «Особа»-йы фыссы Джиуæрджийы фырт Мами æмæ йе ‘фсымæры тыххæй, фæлæ, хъыгагæн, уыцы æфсымæры ном нæ амоны.

Таурæгъгæнджытæн та сæ фылдæр зæгъынц: Джиуæрæн уыд дыууæ фырты – Мами æмæ Мамиа. Нары зылды цы фынддæс мыггаджы царди, уыдон иууылдæр нымад сты Хетæджы байзæддæгтыл. Гъе, æрмæст дзы чи кæцы фырты цот у Мами æмæ Мамиайæ, уый цæмæндæр, æмхæццæтæ кæнынц. Кæцыдæр таурæгъты зæгъдæуы, дыккаг æфсымæр Мамиайæн, дам, цот нæ рацыд.

Фæлæ ацы бæлвырд хъуыддаджы ныхас Мамиатыл-Мамитыл кæй цæуы, уымæ гæсгæ дзурдзыстæм уыдоны равзæрды тыххæй. Кæцыдæр таурæгъты загъдауы, нæ мыггаджы рагфыдæл уыдис Мамиа, зæгъгæ. Фæлæ æндæр таурæгъгæнæджы хъуыды у, ома, Мамиайæн цот нæ рацыд. Афтæмæй нæ чызджытæ чындзы куы ацæуынц, уæд сæм дзурынц «Мамион»-æй. Стæй ма байхъусæм зындгонд ахуыргонд-этнограф Калоты Барисмæ дæр.

Уый йæ чиныг «Полевые записки»-йы Хетæджы таурæгъы тыххæй фыссы: «Предания о происхождении фамилий Нарской котловины и ее боковых ответвлений записаны от разных информаторов в нескольких вариантах, отличающихся друг от друга. По одному, по-видимому, более близкому к реальности варианту, оно представлено так:

От Хетага родился Джиуæрджи, от него Мами и Мамиа. Сыновьями Мамиа считаются Гоцъи, Джио, Бырнац, Дзанай; от которых пошли фамилии Джиоевых (Гиоевых), Бурнацевых, Джанаевых. Фамилии же Дзидахановы, Балаевы, Отараевы – от сыновей Гоцъи – Дзида, Зака, Отара. Сына Мами от второго брака: Козыревы, Саутиевы и Мамиевы – от сыновей Мами – Козыра, Сакко и Дзуй.

По другим данным, полученным в 1932 году, Хетаг имел двух жен. От одной из них родился Джиуæрджи, от другой Гаджи. Сыновьями Джиуæрджи были Мами и Мамиа, а сыновьями последнего – Гоцъи, – Джио, Дзанай, Бырнац, от которых происходят фамилии Джиоевых, Джанаевых, Бурнацевых. Гаджи же считается отцом Губа, Ногъай, Тото – предком фамилий Губаевых, Ногаевых, Тотиевых. Как видим, среди приведенных фамилий нет Хетагуровых, как и некоторых других потомков Хетага, например, Дзапаровы. По-видимому, они появились в более позднее время. Отметим также, что с ростом популярности Коста Хетагурова многие из тех, кто прежде носил перечиленные выше фамилии, стали записывать себя Хетагуровыми.

Таким образом, несмотря на некоторые расхождения в преданиях, во всех вариантах Хетаг считается общим предком большой родственной группы, при этом следует отметить, что для последней была характерна эндогамия, весьма редкая в Осетии.

Калойы-фырты хатдзæгтæ мæм æппæтæй растдæр кæсынц.

Кæд афтæ нымад æрцыд, уæд мах дæр ныххæцæм Калойы-фырты хатдзæг æмæ хъуыдыйыл, ома, Мами уыдис нæ рагфыдæл: Мамиатæн-Мамитæн, Саутæтæн, Кодзыртæн… Мами бинонты хъуыддаг куы бакодта, уæд цæрæн бынатæн равзæрста абоны Фаллагком. Нарæй иу 1500 метры бæрц хуссарырдæм куы бауайæм, уæд Захъадоны рахизфарс ис цыбыр æмæ нарæг, фæлæ аив, зæрдæмæдзæугæ ком – уый у Фаллагком. Ком рæбынæй дыууæ дихы фæци: Гнугъы ком æмæ Хъадагом. Ацы комы дæттæ кæм баиу сты, уый тæккæ рындзы бын æрбынат кодта нæ рагфыдæл Мами. Мамиатæн-Мамитæн сæ уидаг кæцæй равзæрд, уыцы хъæу – Сауыбын.

Цыбырæй æнæ зæгъгæ нæй хъæуы æнахуыр ном «Сауыбын»-ы тыххæй. Хъæуы сæрмæ тæккæ рындзыл абон дæр ма фидарæй лæууы æнусон егъау нæзы бæлас, æвæццæгæн ыл цæудзæн мин азмæ ‘ввахс. Йæ быны ис нæ рагфыдæлты кувæндон «Сауы Уастырджи». Нæзы бæласæй ма, æвæццæгæн, иу 300-400 метры уæлдæр, уый дæр тæккæ тигъыл, рындзы фахсыл лæууы къаннæг пæлæхсар тулдз бæлас. Ацы бæласы бын дæр ис кувæндон «Сауы Мыкалгабыртæ», адæм ма йæ хонынц Мамиаты-Мамиты Дзуар дæр.

Ацы дыууæ бæласæй уæлæмæ цы уæлхох къуылдымтæ ис суанг æфцæгмæ, уыдон кæддæр хъæдæй æмбæрзт уыдысты, ахизæн дæр дзы нæ уыди, ахæм тархъæд. Тархъæд кæнæ саухъæды бынмæ хъæуы бынат кæй сæвзæрд, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой Саухъæды бын хъæу. Бонтæ цыдысты, æнустæ ивтой æнусты, фæлтæртæ – фæлтæрты, æмæ, æвæццæгæн, топоним «Саухъæды бын» зындæр дзурын кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ хонын райдыдтой «Сауыбын», æмæ æнусты сæрты махмæ дæр уыцы номимæ æрхæццæ.

Уæлдæр кæй кой скодтон, суанг æфцæгмæ гæмæх къуылдымтæ хъæдæмбæрзт уыдысты, зæгъгæ, уымæн ма XX æнусы 40–50-æм азты æвдисæн уыдысты бæлæсты æрдæгæмбыд бындзæфхæдтæ. Иннæ æвдисæн та ма уый, æмæ ма комбæсты цæрæг куы уыди, фос парахатæй куы дардтой, уæд ацы нæухох къуылдымты иу бæласы тала дæр хæснагæн ссарынмæ дæр нæ уыд, цы дыууæ бæласы кой скодтон, уыдонæй дарддæр. Ныр комбæстæ федзæрæг 50 азæй фылдæры размæ, æмæ та уыцы къуылдымтæ ногæй фæхъæд кæнынц. Уый, æвæццæгæн, æрдзы фидар, æнæфехæлгæ фæтк æмæ æгъдау у, Хъæд дæр йæ райгуырæн бынат уарзы æмæ йæ нæ ивы. Йæ фыдæлты «уидаг» кæм уыди, уым та фæзынд ног фæлтæры талатæ, кæцытæ ныр арвыл æндзæвынц æмæ бонæй-бон фылдæр быдыртæ ахсынц, рæхджы та уыцы къуылдымтæ тархъæдæй æмбæрзт æрцæудзысты, æмæ та уæд, гæнæн ис, нæ хъæу «Сауыбын»-æн йæ рагон фыццаг ном, Сау хъæды бын сног уа, уæвгæ хъæу нæ, фæлæ хъæууат.

Рæстæг дугъон бæхæй тагъддæр тæхы. Фæлтæртæ дæр ивгæ цæуынц. Мамийы-фырттæй Сакко-Саутæтæ бафтыдысты Нары зылды Гуыркъуымты комы – Сохсатмæ æмæ уырдыгæй рабирæ æмæ рапырх сты Ирыстоны алы хъæутæ æмæ горæттæм. Кодзыры мыггаджы цардвæндаг гыццыл дызæрдыггонд у. Иуæй-иу таурæгъты загъдæуы, Хъуды комы, иннæ таурæгъты та – Хохы Санибайы æрæнцад сæ бындур, зæгъгæ. Хохы Саниба æцæгдзинадмæ æввахсдæр лæууы, мæнмæ гæсгæ дæр, ам ма сæ фыдæлтыккон мæсыг дæр æнæхъæн у. Æвæццæгæн, Хъуды коммæ дæр Санибайæ бафтыдысты, фæстæдæр та, XIX æнусы, рапырх сты Иры хъæутæ æмæ горæттыл.

Мамийæн йæ иннæ фырт – Дзуй, Мамиатæ-Мамиты фыдæл – Саубыны цæргæйæ баззад, æмæ йын рацыд бæзджын цот. Фаллагкомы сын зæхх куынæуал фаг кодта, уæд сæм ног хъæутæ фæзынд. Абоны таможняйы бынаты уыдис Еспейы хъæутæ æртæ: Уæллаг Еспе, астæуккаг æмæ дæллаг Еспе, æмæ дзы цардысты Мамиатæ. Фæзынд дзы ноджыдæр Бетъреты хъæу.

Нæ мыггаг «Особа»-йы дуджы нымад уыдис «стыр æмæ тыхджын» мыггагыл.

Цалдæр ныхасы ма, нæ мыггаг дыууæ хуызы фыст кæй цæуы, уый тыххæй. Ацы «низæй» æрмæст мах мыггаг нæ хъæрзы, фæлæ ма бирæ æндæр ирон мыггæгтæ дæр. Ирæн йæ цæгатварс чи цæры, уыдон фыссынц æмæ дзурынц Мамиатæ. Хуссарварс та – Мамитæ. Уырыссагау та фыссæм æмхуызон – Мамиевы.

Гъеныр дзы кæцы растдæр у, уый зæгъын иу лæгæй мæнæн тынг зын у. Йæ сраст кæнын та ноджы зындæр. Иу хъуыддаг та бæлвырд зонын, хурау бæрæг у. Цæгатæй Хуссармæ нын иу рагфыдæл Мами-Дзуй кæй уыди, нæ уидаг иу хъæу Сауыбынæй кæй рацыд. Ацы бæлвырд хъуыддагыл та æз æппындæр гуырысхо, дызæрдыг дæр нæ кæнын. Ирд æвдисæн та – Цæгат Ирыстоны Паддзахадон архивты 1886 азы фыстытæ. Уырыссаг æмбисонд куыд зæгъы: «Что написано пером, не вырубишь топором». Уыцы архивон документтæ æппындæр дызæрдыг кæнын нæ уадзынц. Ам бирæ фыды фырттæ-бинонтæ куыд æмæ кæдæм алыгъдысты, уый бæлвырд фыст у. Дызæрдыг чи кæна мæ хатдзæгтыл, ома, Цæгатæй Хуссармæ иу туг, иу стæг стæм, нæ рагфыдæл иу кæй уыди уыдæттыл, уый та бацæуæд Цæгат Ирыстоны паддзахадон архивмæ æмæ рафæлдахæд: Посемейные списки 1886 г. ф.30 оп.1. д.72; 76; 80а; 88; 85а. Ацы æмæ ма ноджы æндæр архивон документтæм чи æркæса, уымæн йæ дызæрдыгдзинад, фæззыгон мигъ куыд æрбайсæфы, афтæ æрбайсæфдзæн.

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй нæ мыггаджы минæвæрттæ сæ цардæн хуыздæр уавæртæ æмæ фадæттæ агурæг фæлыгъдысты Ирыстоны алы горæттæ æмæ хъæутæм. XXI æнусы райдайæны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæ мыггаджы минæвæрттæй кæмыты цал хæдзары æрцард, уыдоны номхыгъд лæвæрд цæуы дæлдæр. Уæрæсейы алы рæтты чи цæры, уыдон нымад не ‘рцыдысты.

1. Дзæуджыхъæу – 96 хæдзары
2. Ногир – 6
3. Заводы поселок – 4
4. Михайловское – 1
5. Октябрыхъæу – 8
6. Æрхонкæйы – 1
7. Мичуриныхъæу – 1
8. Кировыхъæу – 5
9. Къостайыхъæу – 8
10. Хъæдгæрон – 7
11. Æрыдон – 3
12. Алагир – 8
13. Беслан – 8
14. Ольгинскæ – 2
15. Цæлыкк – 3
16. Брут – 2
17. Елхот – 7
18. Мæздæг – 2
19. Н.Георгиевск-2 – 2
20. Полтавко – 3 хæдзары
Ирæн йæ Хуссарварс
1. Цъунар – Къостайыхъæу – 26 хæдзары
2. Убиат – 3
3. Цхинвал –
4. Мамитыхъæу – 21

Мамитыхъæуы 1991 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ æдæппæт царди 29 хæдзары. Уыдонæй:

Мамитæй – 21
Гæбæратæй – 3
Гæззатæй – 3
Козатæй – 1
Тедетæй – 1

Абон ацы диссаджы рæсугъд æмæ уарзон хъæу федзæрæг. 1990 – 1992 азты Хуссар Ирыл гуырдзы арт куы бандзæрстой, уæд Мамитыхъæу дæр сау æвзалы фестын кодтой, йæ адæм та алырдæмыты фæлыгъдысты.

Куыд фæзæгъынц, мыггаг тыхджын æмæ кадджын вæййы лæгæй, йæ адæмæй. Уæдæ нæ мыггагæн дæр уæлдай фылдæр кадгæнджыты æрымысæм. XIX æнусы нæм ахуыргонд адæм бынтон арæх нæма уыдысты, фæлæ дзы уæддæр иукъорд фæзынди. Мамиаты Гигойы фырт Цан (Чан) – æхсæнадон архайæг, ахсджиаг документы йæ къух бафыссыны бар кæмæн кодтой, уый.

1. Алымбеджы фырт Андрей – дины кусæг, рухстауæг, сывæллæтты ахуыргæнæг, Уæрцъийы сауджын дæр ма йæ хуыдтой.

2. Хæдахуыр геолог, хæххон згъæртæ, алыхуызон минералтæ иттæг хорз чи иртæста, зындгонд геолог Ванявины æххуысгæнæг – Давид.

Уæдæ Уырысы паддзах ирон фæсивæды дæр хъазахъхъаг службæмæ кæнын куы байдыдта, уæд нæ мыггагмæ дæр фæзынд дзæвгар афицертæ паддзахы æфсады. Йæ хæрзиуджытæй хорзæхджынгонд æрцыд уырысссаг-туркаг хæстыты архайджытæй 14 афицеры, уыдонæй иу Филимон – Георгийы дзуары æххæст кавалер; Андрей та – Георгийы иу дзуар райсæг.

Фыццаг дунеон хæсты 1914 – 1916 азты нæ мыггагæй архайдтой авд æй: Алыксандр, Дидо, Григол, Лади, Сосæбе, Михал æмæ Аврам. Уыдонæй фыццаг æртæ хæрз æфсымæртæ (Ростъомы фырттæ).

Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ хъахъхъæнæг нæ мыггагæй фæцыди 74 адæймаджы, уыдонæй 43 сæ къонатыл нал сæмбæлдысты.

Хæсты фæстæ уæззау азты æппæт хæдзарæдтæ дæр пырхгонд æмæ заууатмæ куы æрцыдысты, æппæт дæр ногæй аразын куы хъуыди, уыцы уæззау заманты нæ мыггагæй уыди дыууæ министры æмæ иу министры хæдивæг.:

Мамиаты Ильяйы фырт Моисей – мидхъуыддæгты министр; Мамиаты Къостайы фырт Михаил – финансты министр; Мамиаты Барис (Батырбег) Ильяйы фырт – Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд хайады хицау (министры æмвæзадыл нымад, уыд комкоммæ Мæскуыйы дæлбар).

Ивгъуыд, XX æнусы нын нæ мыггаджы хуыдтой дохтырты мыггаг. Уыдис нæм 27 дохтырæй фылдæр. Хуымæтæг медицинон хойæ райдай æмæ профессоры онг.

Фæлæ та уæддæр, нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг чи у, сæрыстыр кæмæй стут, куы бафæрсай кæйфæнды дæр мыггагæй Цæгатæй Хуссармæ, уæд дын сæрыстырæй зæгъдзæн: «Номхæссæн Мамион Хъарадзау – Мамиаты-Мамиты мыггаджы тырысайæ».