Адыгты нырыккон литературæйы бындурæвæрæг Тембот Керашев рай- гуырд 1902 азы Кошехаблы хъæуы. Йæ фыд уыд ахуыргонд адæймаг, æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ фыртæй дæр размæцыд адæймаг рауайа.

Лæппу ахуыр кодта хъæууон скъолайы, уый фæстæ иу аз сахуыр кодта Уфайы ахуыргæнджыты семинарийы, стæй – реалон училищейы, Краснодары политехникон æмæ Мæскуыйы экономикон институтты. Ахуыры фæстæ сыздæхт йæ райгуырæн зæхмæ, кусын райдыдта Адыгейы сæйраг газеты редакторæй, стæй та – национ рауагъдады разамонæгæй. 1931 азы йæ снысан кодтой сæ бæстæзонæн наукон-иртасæн институты директорæй, 1934 – 1936 азты та уыд Краснодары институты доцент.

Йæ уацмыстæ мыхуыры цæуын райдыдтой 1925 азы. Тембот фыста романтæ, радзырдтæ, очерктæ, уацтæ. Цæгат Кавказы фысджытæй Керашев уыд Советон Цæдисы Паддзахадон премийы фыццаг лауреат.

Ноджы æмбырд кодта адыгты адæмон поэтикон сфæлдыстад, цæттæ кодта скъолайæн литературæ ахуыр кæныны чингуытæ.

Йæ уацмыстæ тæлмацгонд сты уырыссаг, украинаг, кæсгон æвзæгæй уæлдай ма англисаг, немыцаг, францаг, испайнаг, китайаг, болгайраг æмæ чехаг æвзæгтæм.

1948 азы сси Сталины премийы æртыккаг къæпхæны лауреат. 1994 азы та (йæ мæлæты фæстæ) Уæрæсейы президенты амындæй Тембот Керашевæн радтой литературæ æмæ аивады Паддзахадон преми. Хорзæхджынгонд уыд Ленины, Октябры Революцийы, Адæмты хæлардзинады ордентæй, æндæр бирæ майдантæй.

Керашев цардæй ахицæн 1988 азы. Рухсаг уæд. Майкъопы йын ис нæ номдзыд скульптор Гадаты Лазыры арæзт цыртдзæвæн. Темботы ном хæссы Адыгейы республикæйы гуманитарон иртасæнты институт.

 

РÆГЪАУГÆСЫ МАСТИСТ

Уацау

1

Уыцы цау уæд хъæубæсты ‘хсæн тынг бирæ ныхæстæ расайдта. Иутæ рæгъаугæс Лауканы сæрæндзинадыл дзырдтой, иннæтæ дис кодтой, хъæддаг æнæдомд дугъоны ‘рцахсын æмæ йæ хъæуы рæсугъддæр чызджы хæдзары дуармæ зæххыл æрфæлдахын йæ бон куыд бацис, ууыл. Æмæ ма-иу сæ ныхасмæ бафтыдтой: «Чи зоны, бæх æрцахсын, суанг æй йе рагъы нуæрттыл æрæвæрын дæр уыйбæрц диссаг нæу, фæлæ стыр диссаг уый у, уый, æмæ йæ, кæм æй фæндыд, уым кæй æрфæлдæхта».

Иууылдæр уыцы хъуыдытимæ разы уыдысты, фæлæ ма-иу уæддæр, искæй фыдгой акæнын чи уарзта, уыдон сæ ныхасмæ бафтыдтой:

– Цыфæнды рæсугъд куы уа чызг, цыфæнды, уæддæр дæсæмæссæдз- аздзыд нæлгоймагыл нæ фидауы æвзонг чызгæн йæхи афтæ хъарын…

Ныр, æппæтдæр чи федта, уыдон та бæлвырд зыдтой: цæстмæ митæй дзы æппындæр ницы уыд, уæлдайдæр та чызджы раз хи равдисыны охыл.

Хабар æрцыд, Лаукан кæмæ куыста, уымæн йæ бæхрæгъау хохы хизæнтæй куы ‘ртардтой æмæ йæ æмбондæй æхгæд бæхты базармæ куы бакодтой, уæд.

Фæззыгон дзæбæх бон скодта, быдыры куыстытæ дæр фесты, æмæ ныр саргъы бæхтæй базар йæ тæккæ дзаг уыд. Æлхæнджытæ, сыхаг станицæтæй æфсадмæ цы хъазахъхъæгтæм фæдзырдтой, уыдон сæ уæрдæттæ баурæдтой базары цур. Бирæ адæм æрæмбырд хъæуæн йæхи цæрджытæй дæр. Фондз – аст сомыл бæх нæ, фæлæ хæйрæджы дæр бадомынмæ цæттæйæ лæууыдысты хъæуы фæсивæд. Æрдæгхъæддаг бæхты ахстой архъантæй æмæ-иу уайтагъд се рагъыл фегуырдысты…

Дзолгъо-молгъо, бæхты мыр-мыр æмæ цæфхæдты уынæрæй фæз байдзаг.

Гыццыл æддæдæр, сæ цæнгтыл сæ бæхты бозитæ тыхт, афтæмæй лæууыдысты рæгъаугæстæ – Лаукан æмæ Рамазан. Дыууæйæ дæр се ‘вæлмон хуызæй иннæты астæу бæрæг дардтой. Æмæ уым диссагæй ницы уыд, уыдонæн сæ хæс бæхты хъахъхъæнын у, сæ уæй кæнынмæ ницы бар дарынц.

Лаукан – хъаруджын лæппу: бæрзонд, бæзæрхыг, йæ нарæг астæу ронæй æлхъывд, тыхджын уæхсчытæ фæйнæрдæм фæцыдысты, мæкъуыстчытæ цухъхъайы бынæй бæрæг дардтой. Цæст ын дардмæ ахста йæ хурсыгъд цæсгом, йæ сау рихитæ æмæ йе стыр цæстыты æнкъард æнгас.

Рамазанмæ йе ‘мбалы бæрджытæй æппындæр ницы уыд: ныллæггомау, къæсхуыртæ, мæллæг уæхсчытæ, фæлладхуыз цæсгом. Хъуыды дæр æй ничи ‘ркодтаид, йæ цырд цæстытæ æппынæдзух цыдæр æнахуыр худæндзаст куынæ уыдаиккой, уæд. Афтæ зынд, цыма йæ хъæлдзæг æмæ æвæлмон удыхъæд йæ мæллæг буары нал бацыд æмæ æгасæй дæр йæ цæстытæм раивылд.

Хъуыдыдзаст Лауканæй хъауджы цырддзаст Рамазанæй базары хабæрттæй ницы ирвæзт. Хатгай-иу цаутæн æмбæлгæ аргъ дæр акодта. Æмæ-иу уæд йæ ныхæстæм Лауканы цæсгомыл разыйы мидбылхудт фæзынд.

Рæгъаугæсты æнæхъæн хъæу дæр хорз зыдтой: салам сын лæвæрдтой, сæ разы-иу æрлæууыдысты, исты ног хабæрттæ дæр сын-иу акодтой. Уæлдай хуыздæр ахаст сын уыд Рамазанмæ: уый сын-иу йæ хъæлдзæг зæрдæйыхаттæй сæ сагъæстæ рæстæгмæ фæсырдта. Ныр дæр æм сæ цурты цæуджыты къахæн хъæлдзæг ныхæстæн æвиппайды цыргъзонд дзуапп цæттæйæ разыны. Лаукан лæууыд æнæдзургæйæ, уымæн цардмæ ахæм æвæлмон ахаст нæ уыд, æмæ-иу хъазæн ныхæстæм æрмæст йæ мидбылты бахудт. Хъæубæстæй-иу рæгъаугæсты йæхи ‘нæуынæг чи акодта, ахæмтæ дæр разынд. Уыдон уыдысты орктæ.

19-æм æнусы 60-æм азты зæхкусджыты реформæйы размæ адыгты кънйæзтæ æмæ уæздæттæ уыдысты уырыссаг дворянты æмсæр. Уырысы уæздæттæн дæр хъазайрæгтæ нал уыд, фæлæ сын баззад бирæ зæххытæ, орктæн та паддзах байста сæ дворянты бартæ, зæххытæ та сын бахай кодта мыггаджы нæлгоймæгты бæрцмæ гæсгæ, раст сæ раздæры хъазайрæгты хуызæн.

Орктæ æнæ хъазайрæгтæ æмæ æнæ стыр зæххытæй аззадысты. Баззад ма сæм æрмæст сæ хъал хуыз æмæ зæхкусджытæм æнæрвæссондзинад, афтæмæй сæхицæн дæр быдырты уыдон æмрæнхъ кусгæ æрцыд. Сæ раздæры æххуырстытæ сæ сæхицæн аргъ кæнын кæй агуырдтой, уый та сæ æнæтуг æргæвст кодта.

Оркты зынæрвæссоны ныхмæ лæууыд зæхкусджыты лæгдзинад æмæ хиуылхæст, бахъуыды заман та – уæнгты тых дæр. Ноджы ма сæ раздæры цагъарты ‘хсæн диссаджы дзырды дæснытæ дæр разынд, æмæ-иу хъæуы иумæйаг æмбырдты сæ дзырдарæхстæй орктыл фæуæлахиз сты.

Уыцы реформæты фæстæ оркты æмæ зæхкусджыты ‘хсæн быцæутæ арæх цыд, æмæ-иу орктæн сæ уд сæ хъуырмæ схæццæ. Ноджы-ма зæхкусджытæй хъæздыг кæнынмæ чи фæци, ахæмтæ дæр фæзынд, æмæ-иу оркты хатгай се ‘ххуыс бахъуыд. Уыдонæй уыд, Лаукан æмæ Рамазан рæгъаугæстæй кæмæ куыстой, уый дæр. Хуымæтæджы мæгуыр зæхкусæгæй рауад зындгонд бæхтæдарæг, æмæ ныр саргъы бæхтæ хъазахъхъы æфсæдтæн уæй кодта.

Рæгъаугæсты цурмæ бацыд ныллæггомау лæг. Йæ сау къæбæлдзыг боцъо йæ цъæхбын фæлурс цæсгомыл раст цыма ныхæст уыд, афтæ зынд. Фæстинон кæй у, уый йæ къахайстæй бæрæг уыд: цыд сындæггай, лæдзæджы æнцой, æрлæууæрлæугæнгæ.

– Æз уæ дардæй дæр базыдтон, – дзуры лæппутæм мидбылты худгæйæ. – Ды та, Рамазан – хæйрæджыты фæтдзæгъдæн, насы сыф хуры тæвдмæ куыд æрбампыла, уыйау де уæхсчытæ цы ‘руагътай?

Йæ къæхтыл тыхæй чи лæууыд, уыцы низæфхæрд лæджы хъæлдзæг ныхас Рамазанмæ афтæ дзæбæх фæкаст, æмæ йын тæригъæдтæ кæныны бæсты йæ хъазæн дзырдæппарæн адарддæр кодта:

– Эх, Ахмед, Ахмед… Мæнгæн нæ акæнынц: «Арс, дам, бирæгъы фыдхъуынæй фаудта». Æз дæм æмпылд фæкастæн, фæлæ бынтон дæхæдæг куы бампылдтæ. Æвæццæгæн, низимæ хæцынæн не сфаг дæ?

Ахмед ныххудт.

– Гъе, мæ хæлар, кæд æмпылд дæ, уæддæр де ‘взаг цыргъ у!

– Æмæ дæм уæдæ куыд нæ рамæсты уон, дæхæдæг ма, халон æнтæф бон йæ бырынкъ куыд фæхæлиу-фæхæлиу кæна, афтæ тыхулæфт кæныс æмæ мын мæ уагъд уæнгтыл худыс… Уый дын æцæг лæг. Ды дæ адзалимæ дæр, æвæццæгæн, хъазæн ныхæстæ кæндзынæ.

– Бафæлладтæн, цалынмæ уатон уыдтæн, уæдмæ адæмы уынгæг хъæлæстæй, сæ хъарджытæй мæ уæлхъус.

– Кæд та дæм ногæй худын æрцыд, уæд дын тас нал у – адзæбæх уыдзынæ! Мæнгæн нæ акæнынц, мæлæт, дам, хъæлдзæг ныхасæй моллойы чиныгæй тынгдæр тæрсы. Куыд у де ‘нæниздзинад, Ахмед? – афарста йæ Лаукан дæр.

– Ныр мын ницыуал у, фервæзтæн.

 

2

Уалынмæ фæзынд къæлæсытæ-мæлæсытæ дарæсы иу дæргъындзæг лæппулæг. Йæ даргъ лыстæг къубал, схъæл сæр, дæргъæццон цæсгом, цъиусуры фындзау къæдз фындз æмæ йæ тар цæстæнгасæй уыд мæллæг тугдзых маргъы æнгæс. Уый уыд Пшигот – æрыгон орк, æнæхъæн хъæуы зынæрвæссондæр æмæ къуыдипдæр. Бæхдавæг, загъдкъахæг æмæ æппæт хылты амидмингæнæг. Афтæ дзы фæдзурынц, Пшиготæн, дам, йæ къæдзилы бын фыдбылызы арт судзы. Суанг æй орктæ сæхæдæг дæр нæ уарзынц. Пшигот æхсгæ æнæрвæссон каст фæкодта бæхгæсты ‘рдæм, салам дæр сын нæ радта, афтæмæй сæ иувæрсты аивгъуыдта. Ахмед, йæ сæрæй Пшиготы ‘рдæм ацамонгæйæ, сонт фарст акодта:

– Ай цы у? Гогыз æви лæг?..

– Нæ йæ уыныс, йæ сæр куыд дары, уый? Кæй зæгъын æй хъæуы, гогыз, – ныххудт Рамазан.

– Йæ сæр бæргæ гогызы дард кæны, фæлæ йын дзы гогызы зонды йас дæр нæй, – тызмæгæй сдзырдта Лаукан.

– Цæй, мæ хæлæрттæ, æнкъард ма кæнут, æз ацыдтæн. Адæмы рагæй нал федтон.

Гыццыл куы ауад, уæд фæстæмæ фæкаст æмæ рæгъаугæсты афарста:

– Æмæ сымах та дзæгъæл лæуд цы кæнут? Сомтæ цæуылнæ ахсут хъазахъхъæн бæхтæ домынæй?

– Мах бабызтæй уæлдай не стæм: уыдон доны куыд ленк кæнынц, афтæ мах та æхцатыл, фæлæ ныл уыдон нæ ныхæсынц, – дзуапп ын авæрдта Рамазан.

– Уым æнæ махæй дæр сомтæ æмбырдгæнджытæ фаг ис. Æхцайы тыххæй нæ ерыс кæнын никæимæ фæнды, – Рамазаны дзуапп фæбæлвырддæр кодта Лаукан.

– Уæ хицауыл уæддæр ахуыр кæнут, уæ хицауыл, æхца кусын. Уынут, сомтæ йыл сæхи куыд ныхасынц, – нæ сæтты уæддæр Ахмед.

Уыцы уысм базары цур бæстæ змæлд ссис.

«Ахсгæ!» – хъæр кодтой алырдыгæй.

Сырх бæх, йæ буар хурмæ æрттывдтытæ калгæ, агæпп кодта æмбонды сæрты æмæ лидзынмæ фæци.

– Æз æй афтæ дæр зыдтон! Ныр ын æрцахсæн нал ис! – фæхъæр кодта Рамазан.

– Тынг хорз у: æнæ ацы бæх рæгъау фидаугæ дæр нал кæндзæн, – бацин кодта Лаукан.

Адæмы ‘хсæнæй фæхицæн иу халасбоцъо тыппыртæарæзт хъазахъхъаг æмæ, йæ къухы аууонæй бæхы фæстæ кæсгæйæ, хъæр кæны:

– Вот чертяка! Вот конь! Да який же гарный, який шустрый! – Стæй фæзылд бæхты хицаумæ. – Ну, хозяин, конь мий, никому не отдам. Тильки цего коня хочу! Вели поймать его!

Бæхты хицауы дæр ацы бæх уæй кæнын нæ фæндыд, æмæ йæхи амæгуырхуыз кодта:

– Нæй йын æрцахсæн, бæх нæу, фæлæ хæйрæг. Цæмæй йæ æрцахсæм, уый тыххæй æнæнхъæн рæгъау рауадзын хъæуы.

– Нет, лови, как хошь. Тильки цего коня хочу. Добавлю тебе еще сто двадцать карбованцив! Просю тебя, лови коня, – лæгъстæ кæны хъазахъхъаг.

Хицау йæ къухтæ фæйнæрдæм фæкодта, ома мæ бон ницы у, нæй йын æрцахсæн. Æрмæст изæрæй, рæгъау куы рауадзæм, уæд.

Уæд хъазахъхъаг адæмы ‘рдæм фездæхт:

– «Десять карбованцев дам! Кто пыймае? – фæрсы, бæхты бадомынмæ цы лæппутæ æрæмбырд, уыдоны.

Фæлæ хъæуы фæсивæд зыдтой бæхы уаг æмæ ныхъхъус сты. Уалынмæ адæмы къордæй фæхицæн Пшигот.

– Æз æй æрцахсдзынæн æмæ йæ æрчырыстон кæндзынæн! – йæхæдæг рæвдз-рæвдз Лауканы ‘рдæм фæраст.

Хъазахъхъаг ма йæ фæстæ адзырдта, дæ бæх кæм ис, куыд æй ахс- дзынæ, зæгъгæ, фæлæ йыл уый йæ къух ауыгъта.

– Æри-ма дæ бæх ардæм! – къæйныхæй дзуры Пшигот Лауканмæ. – Дæ арканчешы дын хорз хонынц.

Лаукан æй уыцы сабыр æмæ æнæмæтхуызæй фæрсы:

– Рæгъаугæс йæ бæх æмæ йæ усы кæй никæуыл æууæнды, уый нæ зоныс?

– Мæлæты кънйаз, йæ бæхы никæуыл æууæнды! – фæхъæр кодта Пшигот.

– Кънйяз йæ хъалæй нæ уадзы йæ бæхыл искæй бадын, рæгъаугæс та – йæ кадæн.

– Цы йын уыдзæн дæ бæхæн?

– Æнарæхст барæг саргъ дæр асæтты.

Орк фыр мæстæй асау æмæ, фæстæмæ акъахдзæф кæнгæйæ, фæхъæр кодта:

– Уый дзуры, йæ фыдæлтæ æрмæст галтимæ кæмæн архайдтой, уыцы æххуырст!

Стæй, йæ маст дзы цы хуызы райса, ууыл хъуыды кæнгæйæ, йæ цæст Лауканыл сæрæй къæхтæм æрхаста. Фæлæ Лаукан лæууыд раздæрау æнæмæтхуызæй, цыма йын йæ ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, æрмæст йæ къух йæ хъамайыл уæгъд æвæрд æркодта, æмæ орк ныхъхъус уæвын хуыздæрыл банымадта.

– Æнхъæлдæн, фæрæдыдтæн. Ницæйаг адæймагæй кады хъуыддæгтæ домæн нæй! – зæгъгæ ма фæкодта, цæхгæр фæзылд æмæ фæцæуæг.

– Хæфс дæр кадыл бирæ фæхъуа-хъуа кæны, фæлæ кадæн ницы æмбары, – йæ фæдыл адзырдта Рамазан.

Уæдмæ сырх бæх дæрдтыл цалдæр зылды æркодта æмæ æрлæууыд, цыма кæрдæгыл хизы, йæхи афтæ акодта, ныр ыл афтæмæй æндзæвгæ дæр нæ кæны. Стæй, йæ сæр фесхъæл кæнгæйæ, уæлахизы мыр-мыр ныккодта, фæстæмæ, кæцæй алыгъд, уырдæм ныццавта æмæ, уæрдæтты цы бæхтæ ифтыгъд уыд, уыдоны цур æрлæууыд. Орктæй иу Пшиготмæ йæ саргъы бæх авæрдта, æмæ уый дæр æд архъан сырх бæхы ‘рдæм фæраст. Хæстæг бахъуызын æм йæ къухы бафтыд, фæлæ бæх уайтагъд хабар фе- мбæрста æмæ, цæхгæрмæ Пшиготы фæндаг куыд фæцæйлыг кодта, афтæ барæджы архъан йæ хъуырыл æртыхст. Ныр бæхахсæджы бахъуыд архъан фæуæгъддæр кæнын, кæннод йæхи бæх фæфæлдæхтаид. Фæлæ архъан йæ къухæй феуæгъд. Барæг ма тæхгæ-тæхын ацархайдта архъаны кæроныл фæхæст уæвыныл, фæлæ æнæдомд бæхмæ йæ къухы æввахс бацæуын дæр нал бафтыд. Фæстагмæ, йæ бæхы тухæнæй амардта, афтæмæй æнæ ницæмæй æрбаздæхт. Хъазахъхъаг æлхæнæг йæ лæгъстæтæ нæ уадзы. Бæхты хицауы кæд тынг нæ фæндыд, уæддæр нал бафæрæзта æмæ сразы.

– Цæй, хорз! Нæ базонгæйы охыл, – йæ къух ауыгъта фæстагмæ æмæ рæгъаугæсты ‘рдæм фæраст.

– Лаукан, æрцахсын бахъæудзæн бæхы.

– Ахæм бæхæй фенæхай уæвын… Æвгъау у…

– Æвгъау у, фæлæ цы гæнæн ис, сразы мæ кодта.

Лаукан быннозæй ныуулæфыд, йæ тæнæгарæзт бæхыл абадт æмæ сабыр цыдæй араст. Пшиготы хуызæн уый дæр дæрдтыл æрзылд, фæлæ, сырх бæхмæ куы фæцæйхæццæ, уæд уый фæгæмæл, ныххуыррытт кодта æмæ йæхи размæ аппæрста. Лаукан йæ фæстæ нæ фæцагайдта, йæ цыд дæр нæ фæтагъд кодта, цыма æнæуи цæуы, йæхи афтæ акодта.

Бæх, йæ хъуырыл цы архъан уыд, уымæй тæрсгæйæ, фæзы кæрæтты зылд. Лауканмæ куы ‘рбахæстæг, æрмæстдæр уæд фæцагайдта рæгъаугæс йæ фæстæ. Бирæ бæхтæ фенæг хъæуы цæрджыты дисы бафтыдта, Лауканы къæсхуыртæ бæх хъæддаг æнæдомд сырх бæхы æййафын кæй райдыдта, уый. Адæмы ‘хсæнæй хъуыст разыйы хъæртæ: «Лаукан зоны!», «Лаукан бæх æвзарын зоны!», «Æрмæст Лауканы арканчешыл ис ахæм бæх æрцахсæн!»

6

Лауканмæ бæлвырд нысан æцæг нæ уыд …

Уыцы бон хъæу бадтысты, æртæ боны чи ахаста, ахæм стыр чындзæхсæвы фокотлты бинонтæм. Лаукан æртыккаг бон – чындзы хæдзармæ куы фæкæнынц, уæд бафтыд чындзæхсæвмæ. Куыд æнхъæл уыд, афтæ Пшигот дæр йе ‘рдхорд бæхдавджытимæ уым разынд. Рæстæг изæрырдæм акъул. Кафджытæ кæрты æмбис бацахстой: чызджытæ алыхуызон рæсугъд дарæсы лæууыдысты хæдзары къулы цур, сæ акомкоммæ фистæг нæлгоймæгтæ; уыдоны фæстæ та – бæхджынты æнгом рæнхъ. Уыцы рæнхъы астæу, æгъдаумæ гæсгæ, уыд оркты бынат. Уым лæууыд Пшигот дæр. Ам быцæйуагæй ницы уыд, уæлдайдæр орктæ ам уазджытыл нымад уыдысты. Стæй искæй циндзинад змæнтын хæдзары бинонты æфхæрды хуызæн уыд, ноджы – сылгоймæгты цур. Æгъдау халыны бар никæмæн ис, суанг туджынтæ дæр фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ искæй хæдзары кæрæдзимæ не ‘внæлдтой. Æгъдауыл хæцыдысты, фæлæ уыцы, æдде бакæсгæйæ, сабыр адæмы дзыгуыры цас уыд æмбæхст æнæуынондзинад æмæ хæрам!

Лаукан дæр йæ саулохыл бæхджынты рæнхъы кæрон æрлæууыд. Йæ зæрдæмæ чындзæхсæвы хъæлдзæгдзинадæй ницы рухс цыд. Чызджытæм дæр нæ каст, кæд сын сæ астæу Сурайы æвиппайды ауыдта, уæддæр. Йæ алыбоны мæстæйдзаг хъуыдыты ахасты уæвгæйæ, йæ хъус æппынæдзух дардта Пшиготмæ.

Иууылдæр зыдтой, ахæм рæтты æдзух хылкъахæг уыд, фæлæ ацы бон уыцы сабыр дардта йæхи, æмæ йыл Лаукан дис кодта. Фæлæ йе ‘мбæлттимæ кæрæдзимæ цыдæр æнахуыр сусæг кæстытæ кæй кæнынц, уый ацахста Лауканы цæст, æмæ сыл, цыдæр фыдвæнд кæй скодтой, уымæй гуырысхо кæнын райдыдта. Лæппу бамбæрста – цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц.

Бон изæрыдæм акъул, хъазт райхæлд, чындзы агъуыстæй ракодтой, йæ фæйнæфарс цыдысты дыууæ ацæргæ сылгоймаджы. Чындзы цæсгом зæлдаг хъуымацæй æмбæрзт. Агъуысты йемæ чызджытæ уыд, фæлæ йæ къæсæрæй дарддæр та, æгъдаумæ гæсгæ, моймæдзыд сылгоймæгты бар хъуамæ бакодтаиккой. Чындзы кодтой сындæггай сæрмагонд зарджытæ æмæ фæндырдзагъдимæ. Йæ сæрыл ын калдтой хъæмпыхæлттæ – амæй фæстæмæ йæ коммæгæс æмæ фæразон уæвын кæй хъæудзæн, уый нысанæн.

Цыфæнды хъæлдзæг зарджытæ кæд кодтой, уæддæр-иу Jlayканыл та ацы ран æрхæндæг бафтыд. Йæ зæрдæ нæ иста адыгаг нæлгоймæгты карздзинад, сылгоймаджы æбар. Чындз цыд сындæггай, мæрддзыгойы цæуæгау, æмæ йын йæ зæлдагæй æмбæрзт цæсгоммæ кæсгæйæ, Лаукан хъуыды кодта: «Хорз уаид, йæ амонд æй куынæ фæсаид, уæд». Уымæн æмæ хорз зыдта: бирæ чызджытæн сæ чындзы ацыд æнамонды хос фæвæййы…

Чындзы акодтой, хъазт райхæлд. Карз æгъдæуттæ фæлæмæгъдæр сты. Сывæллæттæ хистæрты астæу смидæг сты, лæппутæ чызджыты ‘рдæм сæхи байстой. Чызджытæ сæ хæдзæрттæм здæхынц сæ хæстæджыты лæппутимæ. Лаукан уыны, Сура æмæ ма йемæ дыууæ чызджы, афтæмæй иу æвзонг лæппуимæ кæрты дуары ‘рдæм фæцæуынц. Раст уыцы рæстæг бæстæ дзолгъо-молгъо ссис. Пшиготы дыууæ æмбалы сæ бæхтыл фистæг адæмы ‘хсæн смидæг сты, иннæтæ дæр сæм бафтыдысты æмæ бæхтыл тох райдыдта. Адæм хъæргæнгæ æмæ худгæ иуварс сæхи æппæрстой, чидæртæ мæсты кодтой æмæ лæбурдтой барджытæм, иуы дзы йæ бæхæй дæр æристой. Хъазты архайджытæ фылдæрæй-фылдæр кодтой. Ацы хабар дзæгъæлы кæй нæу, уый Лаукан фембæрста æмæ Пшиготæй йæ цæст нал иста. Орктæй иу, Сураимæ цы лæппу уыд, уымæ йæ бæх хæстæг батардта, æргуыбыр æм кодта æмæ йæм хъæлдзæгæй дзуры: «Кæд лæг дæ, уæд фидар лæуу». Архайы лæппуйы бæхмæ сисыныл. Лæппу схыл барæгимæ, уыцы рæстæг Пшигот батахт Сурамæ, фелвæста йæ саргъмæ æмæ, цыма хъазгæ кæны, афтæ кæрты дуары ‘рдæм сындæггай араст. Сура йæхи тоны, мæсты кæны Пшиготы æдзæлгъæд митæм. Иууылдæр уыдоны ‘рдæм фæкастысты. Кæд Пшиготы митæ сæ гуымиры ахастæй сæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты, уæддæр сæ бауырныдта, хъазгæ кæй кæны, уый. Фæлæ барæг кæрты дуары æдде куы фæци æмæ йæ бæхыл куы фæцагайдта, æрмæст уæд бамбæрстой хъуыддаг. Уый æнхъæл суанг æппæты цъаммардæр оркæй дæр ничи уыд. Куыд ис бон-сихорафон æппæт хъæуы цурæй чызг аскъæфæн! Хъуыст чызджы тарст хъæр. Адæм дæр бæстæ сæ сæрыл систой: «Мардж, мардж! Тагъддæр фæдисы!»

Бæхджынæй, фистæгæй кæрты дуармæ агуылф кодтой, фæлæ уый æхгæд разынд: сæхгæдтой йæ Пшиготы хъузонтæ, æмæ орктæй цыппар барæджы адæмы æддæмæ нæ уагътой. Йæ маст ратыдта Лауканæн. Сура уыцы цъаммары хай бауа, уый ницы хуызы уыд æруадзæн. Чифæнды дæр уæд, æрмæст Пшигот – нæ!

Рæгъаугæс дуармæ нæ бырста, кауы ауыдта, йæ михтæ саст кæм уыдысты, ахæм бынат æмæ йæ бæхыл ууылты асæррæтт кодта уынгмæ. Хъæуæй куы рахызт, уæд дардмæ суыдта скъæфджыты. Уыдысты цыппарæй. Разæй тахт Пшигот чызгимæ, дзæбæх дæрддзæг се ‘хсæн, афтæмæй та – иннæтæ.

Лаукан зыдта, Пшиготы бæх хъæуы хуыздæр бæхтæй у, фæлæ йæ йæхи бæхæй дæр ныфс уыд æмæ æнæ гуырысхойæ сæ фæдыл йæ тых, йæ бонæй фесхуыста. Æртæ барæджы тагъд баййæфта: уыдон, фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ, сæ бæхты рохтыл хæцыдысты. Рæгъаугæсы фæнд бамбæрстой æмæ сæхи тохмæ æрцæттæ кодтой. Иу дзы фæсте аззад, æмæ Лаукан йæ размæ куы бахæццæ, уæд æм багæпп кодта, цæмæй йæ йæ бæхæй раппара. Фæлæ дзæгъæлы ахæм фæнд скодта, Лаукан уыдонæй хъаруджындæр æмæ фæлтæрддæр уыд, йæхи йын зæххыл авæрдта æмæ дарддæр тæхы. Иннæ дыууæ фездæхтысты æмæ йæ ныхмæ рацæуынц. Лаукан сæ фæсайдта æмæ æндæрырдæм айгæрста, уыдон æй асырдтой, æмæ уæд Лаукан, йæ размæ дзы чи фæци, уый йæ бæхы риуæй скъуырдта æмæ та дарддæр тындзы. Ныр ма дзы баззад æрмæст Пшигот.

Йæ саулохагæн хорз аргъ кодта Лаукан, фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй йын йе ‘ппæт миниуджытæ нæма базыдта: бæх цас фылдæр цыд, уыйбæрц йæ уад рæвдздæр кодта, æмæ Пшиготы æййафын райдыдтой. Пшигот йæ амæттагимæ тахт Хъубаны доны ‘рдæм. Цæугæдоныл ам ахизæн нæ уыд.

Хуымзæххытæ фесты, райдыдта уыгæрдæн. Пшигот фæзылд фæндагмæ, Лаукан – йæ фæстæ. Разындысты доны былтыл къудзитæ, Пшигот сæ астæуты тæхы. Лаукан фæстæмæ фæкаст æмæ йæ фæстæ иу версты æмбисмæ ауыдта дыууæ оркы. Уыдоны фæстæ – бирæ барджытæ – фæдисæттæ. Пшигот Хъубаны былмæ куыддæр бахæццæ, афтæ йæхи донмæ нывзылдта æмæ фæцыдæр. Лаукан дæр бахæццæ былмæ, акаст æмæ федта æрмæст фæтæн кæсæны хуызæн доны æрттиваг уæлцъар. Æвиппайды бамбæрста, иннæ фарсмæ куыд ис ахизæн, уый. Цы былыл лæууыд, уый бæрзонд нæ уыд, фæлæ йæ бакомкоммæ иннæ был бæрзонд уыд. Гыццыл дæлдæр, рахизæрдыгæй та – лæгъз змисджын былгæрон. Куыд рабæрæг, афтæмæй Пшиготæн рагацау нысангонд уыд æмæ йæ бæхы сахуыр кодта доны иннæ фарсмæ ленк кæнын. Лауканæн йæ саулохагимæ уый мисхалы бæрц дæр нæ уыд зын. Гъе ам æй тынг бахъæудзæн йæ ленк кæныны курдиат. Хъуыды дæр нæ акодта, афтæмæй рæгъаугæс Пшиготы фæдыл донмæ йæхи фехста. Доны цъарыл æм зынд æртæ сау стъæлфы – бæхы, Сурайы æмæ Пшиготы сæртæ. Пшиготы бæх тыхæй фæрæзта дыууæ барæджы, бынмæ йæ ивæзтой, æмæ æртæйæ дæр сæ къубæлтты онг уыдысты доны. Лаукан Пшиготы уайтагъд баййæфта донæн йæ тæккæ тагъд цæуæны. Оркæн Сура фыр тæссæй дыууæ къухæй йæ сæрыл ныххæцыд æмæ йæ бынмæ ивæзта. Йæ къухтæ сисыны бон дæр нæ уыд Пшиготы æмæ æрмæст æнæбон æррахуыз цæстытæй ныккаст рæгъаугæсмæ, сырдау йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц ссыд. Лаукан иу къухæй Сурайы рæмбыныкъæдзыл ныххæцыд, иннæ сбыцæу кодта Пшиготы роцъомæ, тыхæй йын йæ сæр иуварс азылдта, цæмæй чызджы суæгъд кæна, æмæ афтæмæй Лаукан Сурайы йæ бæхы рагъмæ æрбайста. Пшигот ма йæхи бæргæ фехста йæ нывонды фæдыл, фæлæ йæ къухы бæхы къæдзил ацахсын дæр нæ бафтыд. Æмæ уæд дон-дон аленк кодта.

Змисджын былмæ куы рахызт Лаукан, уæд фæстæмæ акаст: Хъубаны астæу ныр сындæггай змæлыдысты æрмæст дыууæ сау стъæлфы – Пшигот æмæ йæ бæхы сæртæ. Иннæ фарсыл дзæгъæл рауай-бауай кодтой, фæдисы чи рацыд, уыцы бæхджынтæ. Дыууæ барæджы сæхи донмæ баппæрстой æмæ Пшиготы фæстæ аленк кодтой. Уыдон уыдысты, Сурайы скъæфынмæ йын чи æххуыс кодта, йæ уыцы æрдхæрдтæ.

Цæмæй чызгæн æнцондæр бадæн уа, уый тыххæй Лаукан йæхæдæг фæстæуæз абадт, нымæт æй хъыгдардта, райхалын æй хъуыд, фæлæ йæ уыдæттæм не ‘вдæлд, æмæ дарддæр йæ цыд кодта. Чызг уадзыгæй хуыссыд йæ хъæбысы. Хъæды хæрисбынмæ куы бахызтысты, уæд Сура йæхимæ æрцыд æмæ хъæр кæнын, йæхи лæппуйы къухтæй тонын райдыдта. Лаукан бæх æрурæдта æмæ чызгмæ карзæй дзуры:

– Ардæм æрбайхъус! Кæд дæ ногæй фæнды тугдзыхты къухы бахауын, уæд дæ æз ныртæккæ дæр уадзын. Уыдон дæ тагъд рацахсдзысты, дæлæ кæсыс, æртæйæ ленк кæнынц махырдæм, тагъд ацы былыл уыдзысты… Мæн ды ницæмæн хъæуыс. Æрмæст дын фæтæригъæд кодтон æмæ дæ цъаммар оркæй фервæзын кодтон. Ныр дæ куыддæриддæр фæнды, афтæ: орктæм дæ фæнды – цæугæ, ацы тæккæ дæ æрисдзынæн зæхмæ, кæд дæ нæ фæнды, уæд та сабыр бад.

Сура æвиппайды фæхъус æмæ йæ цæссыгтæ фемæхстысты.

Иу километры бæрц цыдысты хæрисджын былгæрæтты æмæ, фыццагдæр сæ размæ цы къахвæндаг фæци, ууыл фæраст сты, къуыбырыл ахызтысты, цæмæй, иннæ былæй сæм чи каст, уыдонмæ мауал зыной. Фондз километры бæрц куы ауадысты, уæд фæстæмæ доны былмæ æрхызтысты, ссардтой дзæбæх ран иннæ фарсмæ ахизынæн. Ам цæугæдон хæрз æввахс уыд рагон тар хъæдмæ. Хъæдрæбынты дæр ма дзæвгар фæцыдысты над фæндагыл, сæ фæдтæ фесафынæн, стæй хъæды арфмæ бахызтысты. Сура бынтон æнæхъаруйæ йæхи ауагъта Лауканы къухыл. Нырма сæ иуæй дæр ныхасы ‘рдæг нæма схауд. Хъæды арфмæ бацыдысты æмæ æрмæст изæрдалынгты бахæццæ сты хъæды астæу бæзджын кæрдæгæй æмбæрзт уæрæхгомау æрдузмæ. Ам хъæдрæбынæй калд сабыр гыццыл цæугæдон. Æнусон тулдз бæлæсты бын йæ бæх æрурæдта Лаукан, Сурайы зæхмæ æруагъта, стæй йæхæдæг дæр æрхызт. Чызг иуварс агæпп кодта æмæ, йæхи тулдзы зæнгмæ нылхъивгæйæ, æнæуынон тарст каст кодта лæппумæ.

Йæ рæсугъд дарæсы Сура изæрыгон хъæды уыд къæппæджы бахауæг цыдæр æнахуыр фæллад сырды хуызæн. Лаукан æм дисгæнгæ каст.

– Мæнæ, рæсугъд, ардæм хъус, – загъта та карзæй, æцæг ныр гыццыл йæ хъæлæс фæфæлмæндæр, – иу хатт ма дын зæгъын: мæн нæ хъæуыс. Æрмæст дын фæтæригъæд кодтон. Кæд цыфæнды хъæбæрзæрдæ дæ, уæддæр дын мæ цæст æвзæр нæ уарзы, æндæр искæмæн куыд нæ уарзид, афтæ. Пшиготимæ та цавæр амонд хъуамæ ссарай? Ныр афтæ бакæн æмæ мæнæй ма тæрс. Тыхсгæ дæр ма кæн, дæ хæдзарыл дæ сæмбæлын кæндзынæн. Мæнæй лидзыны фæнд дæр ма скæн – фесæфдзынæ. Кæнæ хъæды фæдзæгъæл уыдзынæ æмæ æххормагæй амæлдзынæ, кæнæ дæ исты сырдтæ бахæрдзысты, бынтон æвзæр та – оркты хай бауыдзынæ. Ныртæккæ уыдон дæу тынг зæрдиагæй агурынц. Фæлтау мын арт кæнынмæ аххуыс кæн. Дæ гæртт-гæртт цæуы æмæ æнахуырæй ахæм хинады фæстæ фæрынчын уыдзынæ.

– Æмæ мæ хъæдмæ цæмæн раластай, нæхимæ мæ цæуылнæ бакодтай? – саст хъæлæсæй йæ афарста Сура, йæ дæндæгты къæрцц-къæрцц цæугæйæ.

– Уымæн æмæ мæ нæ фæндыд, цæмæй мæ амарой, кæнæ та мæхæдæг искæйты амарон. Пшигот æмæ йæ хæлæрттæ ныртæккæ ахæм масты сты æмæ мæ куыддæр феной, афтæ мæ акъабæзтæ кæндзысты. Гъе уый тыххæй уал цыбыр рæстæгмæ хъæды нæхи бааууон кæндзыстæм, цалынмæ хъæуы афтæ нæ фенхъæлой, зæгъгæ дæ кæдæмдæр дард ранмæ фæхастон, æмæ нæ мауал агурой. Сура нæ баууæндыд Лауканыл, фæлæ йæ ныхмæ дæр ницыуал зæгъын бауæндыд. Фыр уазалæй йæ зыр-зыр цыд, йæ дзаумæттæй доны ‘ртæхтæ тагъдысты, хуылыдз дзыккутæ уæхсчытыл ныппыхцылтæ сты. Лауканы зæрдыл æрбалæууыд, чызджы «сызгъæрин гопп» зæххыл, кæрты, рыджы, Пшигот Сурайы кæцæй аскъæфта, уым.

Лаукан бæх бæласыл бабаста, нымæт райхæлдта, афтæ тыхджын æй ныццагъта, æмæ йæ тъæпп-тъæпп раст топпы гæрæхтау хъуыст. Доны уæззау æртæхтæ ихы нæмгуытау Сурайыл хаудтой, æмæ чызг ноджы тынгдæр баихæнриз кодта.

– Дæхи дзы æрбатух, хуылыдз у, фæлæ дын уæддæр афтæмæй хъармдæр уыдзæн, æз та арт скæнон.

Хус хæтæлтæ рæвдз рамбырд кодта Лаукан, йæ бæрцытæй систа зных æмæ арт кæныныл балæууыд. Гыццыл фæстæдæр арты ‘взæгтæ сæхи хæрдмæ систой. Сурайы бæласы къуындзихыл æрбадын кодта арты фарсмæ, йæхæдæг хъамайæ кæрдæг æнæхъæн хъæбысы дзаг ракарста. Арты цур дыууæ михы æрсагъта, сæ уæлæ сын цæхгæрмæ æндæр мих æрæвæрдта, Сурайы уæхсчытæй нымæт систа æмæ йæ уыцы михтыл æрцауыгъта, афтæмæй дзы къулæмбæрзæнгонд рауад. Уый фæстæ та нымæты иннæ фарс, æртæ къахдзæфы бæрц æддæдæр æндæр ахæм арт акодта. Архайдта æнæдзургæйæ, æрмæст йæ куыст куы фæци, уæд сдзырдта Сурамæ:

– Ныр арты фарсмæ нымæты аууон сбад æмæ дæ дзаумæттæ ралас, михтыл сæ æрцауындз æмæ дын бахус уой. Исты дæ куы бахъæуа, уæд-иу зæгъ, æрмæст мæнырдæм ма кæс, æз дæр мæ дарæс хус кæндзынæн. Уый фæстæ бафынæй кæнæн дæр уыдзæн, – фæци йæ ныхас фæлмæндæрæй, фæлæ æнæ уæлдай æнкъарæнтæй.

Сура ма кæд гыццыл ихæнриз кодта, уæддæр арты фарсмæ схъарм. Цæссыгтæ йæм нал баззад, хъысмæты фæлварæны уæзæй цыдæр æнахуыр хъус ныцци. Лауканы коммæ бакаст, нымæты фæстæмæ бацыд тарстхуызæй, раст къæппæгмæ цæуæгау, йе ‘рфгуыты бынты Лауканы хъахъхъæнгæйæ. Лæппу йæм кæсгæ дæр нæ кодта: бæхы рагъæй саргъ систа, йæхи «бæстыхаймæ» йæ бахаста æмæ нал разынд. Чызг, цы уыд, уымæй хъустæ фестад, нымæты иннæ фарс цы цæуы, ууыл хъуыды кæнгæйæ. Стæй йæ дзаумæттæ сындæггай ласын райдыдта, рæстæггай-иу андзыг йæ бынаты, нымæты иннæ фарсмæ хъусгæйæ. Фæстагмæ йæ, æвæццæгæн, бауырныдта, Лауканмæ æвзæр хъуыдыйæ кæй ницы ис æмæ гыццыл æрсабыр, схъарм, йæ дзаумæттæ дæр бахус сты.

Сындæггай йæ фæллад зондыл тых кæнын райдыдта цыдæр æнахуыр хъуыды: цыфæнды уæд, зæгъгæ. Уæлдай йын нал уыд: цы ‘рцыд, цы уыдзæн дарддæр. Æрмæст ма кæмдæр сæры магъзы къуырма хост кодта иу хъуыды: уæддæр мæ худинаг айхъуыст…

Стæй та йæ цæссыгтæ ногæй æркалдысты. Куыд ыл сæмбæлдзысты хъæуы?.. Чи цин кæндзæн, чи – тæригъæд… Дам-думтыл ахуыртæ та йын, сæ цæстыты гагуытæй хъазгæйæ, алы къуымты йæ ном аллайаг кæндзысты. Стыр æхсызгонæй дзурдзысты: «Цæй чызг æмæ ма цæй цыдæр! Хъæды нæлгоймагимæ уыйбæрц чи фæци!.. Уыцы æнæхæдзар рæгъаугæсимæ!.. Йæ рæсугъддзинад æмæ йæ цацатæй йæ сæр бæрзæндты бæргæ хаста, фæлæ ма ныр цы…»

Æппынфæстаг йæ тухиаг хъуыдытæй бафæллад, йæ сæр ныттылдта, стæй йæ къух æнæбон уыгъд акодта: «Цы ‘рцыд, уый æрцыд, аивæн дзы ницыуал ис… ахæм у, æвæццæгæн, мæ хъысмæт…» Рæгъаугæсыл та ахъуыды кодта æмæ ныхъхъуыста: нымæты фæстæйæ иу сым дæр нæ цыди. Сура æнцон улæфт скодта. Лауканæй куы нал тарст, уæд та йын æндæр знаг фæзынд – арты фæздæг. Цыма ардыд уыд, уыйау чызджы ‘рдæм йæ ных сарæзта, йæ цæстытæ йын къахы, улæфæнтæ æхгæны. Фервæзæн дзы ницы хуызы ис. Йæ маст иууылдæр ныр фæздæджы ‘рдæм аивылд. Йæ бон куы нæуал уыд, уæд арф ныуулæфыд. Лаукан хъуыддаг фембæрста æмæ йæм нымæты фæстæйæ дзуры:

– Дæ сæр бындæр ныггуыбыр кæн. Бынæй фæздæг къаддæр ис.

Уыцы сабыр хъæлæсмæ та абоны хабæрттæ иууылдæр Сурайæн йæ цæстытыл ауадысты, фæлæ йæ фæздæгæй уыдонмæ нал æвдæлд. Йæ сæр ныггуыбыр кодта, æцæгдæр ын фенцон, æмæ ахъуыды кодта: «Ацы рæгъаугæс алцыдæр зоны, арт куыд тагъд акодта, æмæ æниу ацы лыстæн… дзаумæттæ хус кæныны мадзæлттæ…

«Лыстæн!.. – Сура базыр-зыр кодта. – Æмæ йæ кæд йæхицæн дæр æрцæттæ кодта, уæд та!..»

Уыцы тасæфтауæг хъуыдыйæ йæ улæфæнтæ ахгæдтой æмæ та ногæй ныхъхъуыста. Ныр æй фæздæджы мæт дæр нал уыд. Нымæты фæстæ хус къалиуты къæрццытæ фæцыд, чызгмæ та афтæ фæкаст, цыма йæм Лаукан æрбахъуызы, æмæ йæ туг ауазал. Фыр тæссæй бандзыг, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы «æрбабырстмæ». Фæлæ «знаг» зынæг нæй. Цыдæр бирæ фæстиат кæны, се ‘хсæн цы æртæ къахдзæфы ис, уыдоныл. Нал бафæрæзта æмæ сусæгæй нымæты кæроны бынты акасти. Арты фарсмæ чъылдымæздæхтæй, астæуæй уæлæмæ бæгънæгæй бадти Лаукан. Йæ хурсыгъд буар арты цæхæрмæ ноджы тардæрæй зынди. Йæ гуыр фæтæн уæхсчытæ æмæ нарæг астæуимæ уыд æртæкъуымоны хуызæн. Сура фыццаг хатт федта афтæ хæстæгмæ нæлгоймаджы гом буар æмæ тынг бадис кодта, сылгоймаджы буаримæ йын цы хицæндзинæдтæ ис, ууыл. Фæлæ ноджы диссагдæр та уыд, Лауканы буар æм æмбисонды рæсугъд кæй фæкаст, уый. Лæппуйæн йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, исчи йæм сусæгæй кæса, æмæ æнцад-æнцойæ йæхицæн хъуымацы гæппæлæй йæ сау æрттиваг дамбаца сыгъдæг кодта. Афтæ зынд иуварсæй, цыма йæ чъылдыммæ, нымæты фæстæ, йæ бæллицтæ кæимæ баст сты, уыцы чызг бæгънæгæй кæй бады, уый дзы рох фæци. Сура дæр уыдта: лæппуйы хъуыдытæ æппындæр уыимæ баст не сты.

Хъал чызгæн кæмдæр хъыг дæр ма фæци лæппуйы ахæм ахаст. «Цавæр адæймаг у ацы рæгъаугæс? – хъуыды кодта. – Цыдæр дурзæрдæ… Афтæмæй уазæгуаты куы уыд, уæд æм цы уарзæгой цæстытæй каст… Æви уыдон кæнгæ митæ уыдысты?..»

Лаукан иуварсмæ куы фæзылдта йæ сæр, уæд чызг бафиппайда лæппуйы сагъæссаг хуыз æмæ йын бамбæрста йæ уды иугæндзон хъизæмайраг рыст. «Æнамонд адæймаг…», – æнæ иу æнкъарæнæй ахъуыды кодта чызг. Рæгъаугæсæй тæрсгæ кæй кодта, уымæй уæлдай ма йын æнад дæр уыд, фæлæ уæддæр йæ уындджын уæнгтæй йæ цæст атонын нæ фæрæзта. Фыццаг хатт банкъардта нæлгоймаджы ахæм аив уæнгты æвæрды рæсугъддзинад æмæ йæм диссагмæ кæсæгау каст, йæ хицауыл æппынæр нæ хъуыды кæнгæйæ.

«Ныр ацы хæрзконд уæнгтæ æндæр, бæллиццагдæр искæй куы уаиккой…», – иу уысм йæ хъуыдыйы ферттывта, фæлæ уый хæдуæлвæд бамбæрста, ахæм æндæр исчи бæллиццагдæр ын кæй нæй. Цас нæ фæхъуыды кодта, кæй йæ фæндид Лауканы бынаты фенын, фæлæ йæ бирæ усгуртæй никæй æрхъуыды кодта, ничи дзы бакуымдта рæгъаугæсы бынатмæ. Кæд, йæхицæн усгурыл кæй снывонд кодта, уыцы дуканийы хицауы? Фæлæ йæ йæ цæстытыл бæгънæг гуыримæ ауайын кæныныл куы ацархайдта, уæд ныв ницы зæрдæрухс æрхаста: гуыбыргомау, гуыбын дæр йæхи æвдисын райдыдта, рæсыдгонд цæсгом, уагъд уæхсджытæ… Дуканийы хицау йе ‘ддаг бакастмæ, йе уæнгты аивмæ йæ хъус тынг нæ дардта, уырныдта йæ – мулк æмæ зынаргъ дарæс цæсты фылдæр ахадынц. Йæ бакаст, йæ цыдтытæ, йæ митæ зæрдæзæгъгæ нæ уыдысты Сурайæн, фæлæ йæхи уырнын кодта, æндæр миниуджытæ ахсджиагдæр кæй сты, архайдта йын йæхи нæ, фæлæ цæстытыл йæ дукани ауайын кæныныл. Уым уæвгæйæ дæр ын-иу Сура уыдта йæ алыхуызон хъуымæцтæ, æрмæст ын йæхи нæ уыдта. Искуы йыл амбæлд, зæгъгæ, уæддæр ын-иу йæ цæст æрхаста йæ рæсугъд дарæсыл – морæ зынаргъ къæбæлдзыг худ, уырыссаг тæнæг сгæлладæй хорз хуыд цухъхъа æд сызгъæрин бæрцытæ, рон, хъама æмæ æрттиваг цырыхъхъытæ. Цыбыр дзырдæй, йæ усгур уыд йæ хъæздыгдзинæдты аууон, раст Лаукан йæ рæсугъд уæнгты аууон куыд уыд, афтæ.

Уæдмæ Лаукан æнæ сыбырттæй дамбаца йæ цуры æрæвæрдта, æрдæгсыгъд ставд къæцæл раласта æмæ дзы арт азмæста. Уый фæстæ систа хус къалиуты уæззау æргъом, рогæн æй бæрзонд систа иу æхсныфы хуызæн, нымæты сæрты йæ байста æмæ йæ, Сурайы раз цы арт уыд, ууыл æрæвæрдта. Чызг уыцы тыхджын къух йæ æппæт фидауцимæ куы федта, уæд хингондау æнæзмæлгæйæ аззад. Йæ уавæрæй тыхæй фервæзæгау, цыма цы не ‘мбæлы, ахæм цыдæр хъуыддаг бакодта, уыйау æнæзмæлгæйæ бирæ фæбадт. Бадт, фыццаг хатт йæ зæрдæйы арфы кæмдæр нæлгоймагмæ цы монцы æнкъарæн базмæлыд, уый æбæрæг ахæсты уæвгæйæ. Йæхимæ мæстæй тъæппытæ хауд, йæхи банымадта, адыгты зæххыл хæлддæр цы чызджытæ райгуырд, уыдонæй, æнæуынон ын уыд, уыцы худинаджы æнкъарæн æм кæй аххосæй фæзынд, уый дæр. Йæхимæ æркаст æмæ ноджы æнахъинондæр ныв федта – бады æрдæгбæгънæгæй, афтид мидæггаг хæдоны. Ныр, зæгъгæ, Лауканы бафæндыд чызгмæ бакæсын, уæд та? Фæлæ уыцы хъуыды уайтагъд асырдта: рæгъаугæс афтæ кæй нæ бакæндзæн, уый йæ уырныдта.

«Лаукан мæнæй уæздандæр разынд…», – мæстæлгъæд хъуыды ферттывта чызджы сæры. Йæхи ницæйагдзинадыл басæттын ын сси йæ абоны æппæт бæллæхтæн æмбæрзæн. «Æрдæгбæгънæгæй æрдæгбæгънæг æцæгæлон лæппуимæ хъæды астæу зыбыты иунæгæй. Амæй тæссагдæр хабар аргъæутты дæр нæ фехъусдзынæ».

Арты зылын-мылын рухс-иу æхсæвы тарæй фелвæста бæлæсты егъау зæнгтæ æмæ сыфтæрты къæлæсытæ-мæлæсытæ нывтæ. Чызг исдуг йæ сагъæстæй фæцух æмæ йæ алывæрстæм лæмбынæгдæр ныккаст. Æхсæвы хъæд кæд цыфæнды сабыр уыд, уæддæр дзы хъуыст цыдæр æнахуыр, хъус тыхæй кæй ахста, ахæм æмыр зæлтæ. Бæлæсты фæстæ йæхи баауон кодта, цæстæй фенæн кæмæн нæ уыд, æхсæвы ахæм цард. «Æцæгæйдæр аргъауы хуызæн…», – ахъуыды та кодта, æмæ йын цыма йæ хъуыдыты æцæгдзинад фидар кодта, уыйау хъæд йæ алыварс æртыхст йæ аргъæутты тасуадзæг хуызты. Хъуысын æм райдыдтой цыдæр фурттытæ, сым-сым, къалиуты къæрццытæ. Сурамæ афтæ фæкаст, цыма йæм хъæды æнгом пыхсытæй хъæддаг хуы кæнæ арс æрбабырсы. Хъæлæба хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Сура фæкуыддæр æмæ ныхъхъæр кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ æвиппайды бæстæ ныссабыр. Аргъæутты диссаджы тугдзыхмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, Сура æрныгъуылд. Дыууæ судзгæ стъæлфы æрлæууыдысты, иуварс азылдысты, стæй æрбайсæфтысты. Æмæ ауыдта æнахуыр гыццыл сæр, тымбыл буары бынæй тыхæй чи зынд, ахæм къæхтæ æмæ бур сындзытæй царм.

«Уызын!..» – æхсызгон улæфт скодта чызг. Йæхиуыл бахудын дæр ын нæма бантыст, афтæ та йæ цæст ацахста æндæр тæссаг аууон. Ацы хатт уый уыд цыдæр æнахъинон цæрæгой. Хъæды арфæй йæм ныккастысты цæхæркалгæ дыууæ стыр цæсты. Йæ буар тасы æлхысчъытæй айдзаг, нымдзаст уыцы цæстытæм… Уалынмæ къутæртæ базмæлыдысты æмæ сæ саулохы сæр разынд. Сура та фефсæрмы йæ тарстæй, æхсæвыгон хъæд ахæм тынг тæссаг кæй нæу, ууыл баууæндыд æмæ æрсабыр. Уалынмæ бынтон хæстæгæй райхъуыст, раст ингæнæй цæуæгау хъæлæсы дзаг худт æмæ марой кæм баиу сты, ахæм хъæр. Сура фыр тæссæй фæгæпп кодта, фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыд, афтæ уыг кæй фæуасы. Йæхицæн фидар дзырд радта, кæй ницæмæйуал фæтæрсдзæн, уымæй æмæ æдасæй хъусын райдыдта хъæды уынæртæм. Йæ уавæрæй фехъалуæвæгау ис Лауканы ныхасмæ:

– Цæй, уазæг чызг, дæ дарæс скæн ныр, æвæццæгæн, хус у. Фынæй кæнын афон у. Хæдзар мын нæй, мæ хæдзар – бæлæстæ, æмæ дæ мæ уазæгыл нымайдзынæн. Фæлæ бæллæх – хорз дæ цæмæй фенон, ахæмæй мæм ницы ис. Хæрын та нæм цæуы, афтæ нæу?

Лауканы куыдфæндыйæ загъд хъазæн ныхæстæ фæхъыг сты Сурайæн.

– Мæнмæ хæрын нæ цæуы… Хæрыныл дæн ныр?.. – æмыр хъæлæсæй бакодта чызг.

Ууыл сæ ныхас фæци. Цасдæр рæстæджы фæстæ Лаукан рацыд нымæты фæстæйæ уæлæдарæсы æмæ фæзы ‘рдæм фæраст. Сура дæр скодта йæ дзаумæттæ æмæ йе ‘рфгуыты бынты Лауканы фæстæ кæсгæйæ, йæ пыхцыл сæрыхъуынтæ лæгъзытæ кодта. Ныр æй лæппуимæ цы сусæгдзинад баста, æнæфсармæй йæм нымæты бынты кæй каст, уымæй йæ цæсгом асырх. Рæгъаугæсы раз аххос æй йæ фæстæ кæсын дæр нал уагъта, фæлæ йæм уæддæр цы цымыдис фæзынд, уый фæуæлахиз, æмæ, йæхицæй йæхи æмбæхсгæйæ, зыдæй каст Лауканмæ.

Ныры онг æй уынгæ дæр нæ кодта. Йæ цæстæнгас-иу схæцыд æрмæст йæ дæрдджын цухъхъа æмæ йæ хуыздзыд худыл. Æмæ йæм-иу афтæ каст, цыма йæ хуызивд дзаумæттæ сæ аууон кæнынц сæхи хуызæн æгъуыз, бакасты аккаг дæр чи нæу, ахæм адæймаджы.

Ныр та йын касти, йæ мæгуыр дарæс æмæ йæ алы фезмæлдæй дæр цы уæздандзинад æмæ буары фидауц кастысты, уыдон кæрæдзийыл куыд нæ бадынц, уымæ. Йæ къахдзæф – рог æмæ фæлмæн, фæлæ уыцы иу рæстæг фидар æмæ ныфсджын. Йæ саджы фисынтыл амад æлвæст уæнгты конды нæ уыд зивæджы иунæг нысан дæр. Цыбыр дзырдæй, ацы адæймагæй иу уысм дæр нæ ферох, адæймаг кæй у, уый, æмæ йæ адæймаджы хæс æххæст кодта цытимæ.

Чызг нырма ныр фæхатыд Лауканы, иунæг адæймагмæ дæр кæй нæ федта уды уыцы уæздандзинад æмæ намыс. Ноджы ма ныр зыдта, лæппуйы зæронд цухъхъайы бын рæсугъд уæнгтæ кæй ис, уый дæр.

Лаукан талынджы æрбайсæфт, стæй фæстæмæ раздæхт хъæбысы дзаг кæрдæгимæ. Кæрдæг бæхы раз æркалдта иу гуцъула дзы атыхта æмæ дзы бæхы буар хæрзсæрфт ныккодта. Фæстæмæ та фæцыдæр, æмæ та ногæй хъæбысыдзаг кæрдæгимæ æрбаздæхт. Сура æнæдзургæйæ иуварс лæууыд æмæ цымыдисæй касти, Лаукан дыууæ арты астæу фæлмæн кæрдæгæй хуыссæн куыд кæны, уымæ. Нывæрзæны бæсты дзы саргъ бавæрдта.

Æнæрцæугæ хъуыддаг! Чызг иуварс лæууы, уый та йын хуыссæн цæттæ кæны – нæлгоймагæн сæрмæ хæссинаг цы куыст нæу, ахæм кæны. Сура йæм каст, фæлæ йын аххуыс кæнынмæ йæ ныфс нæ бахаста.

– Ныр дæ фæллад суадз. Дæ уæллаг дарæсæй уал æрæмбæрз дæхи. Нымæт куы басур уа, уæд дæ æз уымæй бамбæрздзынæн. Афтæмæй дæр дын нæ уыдзæн уазал: дыууæ арты дæр судзынц…

– Æмæ дæхæдæг нæ фынæй кæндзынæ? – дисхуызæй афарста Сура.

– Мæнæн нæй фынæй кæнæн: орктæ нын кæд нæ фæдыл бафтыдысты, уæд сæ ардæм хъæуы. Кæд фæзыной, уæд-иу уæртæ уыцы стыр бæласы фæстæ бамбæхс. Цалынмæ æгас уон, уæдмæ дæ нæ ратдзынæн. Кæд мæ амарой, уæд та мын-иу хатырæй фæуæд, дæуæн та – дæ хъару æмæ дæхæдæг, лидзгæ-иу кæн. Фæлæ нырмæ кæм нæ фæзындысты, уым нын нæ фæд не ссардтой. Уæддæр хи хъахъхъæнын æвзæр нæу. Стæй æз æхсæв нæ фынæй кæныныл ахуыр дæн.

Сура ницы сдзырдта. Тас сын кæй у, уый та уæззау дурау зæрдæйы ныххауд. Æнæуæндонхуызæй æфсæрмыгæнгæ бацыд лыстæны размæ.

– Бахуысс, бахуысс, хъæды закъонтæ æндæр сты – æфсæрмы ма кæн. Ахæм уавæры кæй бахаудтам, уым нæ дыууæйы аххосæй ницы ис. Тæрсгæ дæр мацæмæй кæн: хъæды сырдтæ артæй тынгдæр ницæмæй тæрсынц, ды та дыууæ арты æхсæн бынтон æдас ран дæ. Боныцъæхтыл дæ райхъал кæндзынæн: ам хæстæг ис сырдты доннуазæн, æмæ æз цуаны ацæудзынæн. Чи зоны, мæ къухы исты бафта.

– Æмæ ды ацы рæттæ цæмæй зоныс? – афарста Сура.

– Мах ам фæцуан кæнæм. Ацы бынат æрмæст цалдæр цуаноны зоны хъæуæй. Фæлæ уалдзæджы уыдон дæр нæ фæцæуынц ардæм. Бафынæй кæн, – бынтон хæларæй фæци йæ ныхас Лаукан æмæ æддæдæр, Сурамæ чъылдымæздæхтæй, къуындзихыл æрбадт.

7

Сурайы дæр хуыссæг нæ ахста, æрхуыссыд æрмæстдæр, цæмæй йæ, хъуыды дæр æй чи нæ кæны, уыцы адæймагимæ дзурын ма хъæуа. Йæхи фынæйæфсон скодта, æмæ æрдæгæхгæд цæстытæй йæ бæзджын цæстыхауты æхсæнты каст Лауканмæ. Уый бадт æдзæмæй, стæмхатт-иу сыстад, æрдузыл-иу азылд – бæрæг уыд, цыдæр ын æнцой нæ дæтты. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сабыргай артыл хус къалиутæ æрæвæрдта. Æппынфæстаг Сурамæ фæзынд, афтæ тынг ыл чи тыхсы, уыцы æцæгæлон адæймагмæ бузныджы æнкъарæнтæ. Фæлæ уыцы æнкъарæнтимæ æмдзыд кодта æнæразыдзинад: Лаукан æй раздæрау цыма уынгæ дæр нæ кæны, цыма æрмæст цыдæр хæс æххæст кæны, йæхи афтæ кæй дары, уый тыххæй. Сура базмæлыд æмæ арф ныуулæфыд.

– Хуыссæг дæ нæ ахсы? – афарста йæ Лаукан, кæсгæ дæр æм нæ ракодта, афтæмæй. – Гæнæн нæй, иугыццыл дæ афтæ ацæрын бахъæудзæн, рæгъаугæстæ цæрæнбонты цæрынц афтæ …

– Бирæ ма уыдзыстæм ам? – гыццыл фæныфсхастдæр Сура.

– Хæдзармæ дæ бафæндыд?

– Ныр мын уæлдай нал у, кæдæм ма тагъд кæнын. Мæ худинаджы кой уæддæр айхъуыст. Никæй бауырндзæн мæ сыгъдæгдзинад, ничи баууæнддзæн дæ хиуылхæстыл.

Æмбисæхсæвмæ цы фæхъуыдытæ кодта, уыдон ныр Сура загъта æвронг, уазал æмæ ныфсаст хъæлæсæй. Лаукан бамбæрста чызджы уавæр æмæ йын æххæст дзуапп раттын бафæлвæрдта:

– Нæ баууæнддзысты, зæгъыс? Кæй зæгъын æй хъæуы, æнаккæгты нæ бауырндзæн, уыдон алкæй сæхи барæнтæй барынц æмæ сыгъдæг зæрдæ æмæ сыгъдæг фæндтæ æдылыдзинадыл нымайынц. Фæлæ адæмы æппынфæстаг бауырндзæн. Нæ аргъæутты дзæгъæлы не ‘мбæлы, хъайтары, йе ‘ххуысхъуаг цы сылгоймаг у, уыимæ иу нымæты бын фынæй кæнын куы бахъæуы, уæд сæ астæу æлвæст хъама æвæрд кæй вæййы, уый. Ахæм æгъдау у намысы сыгъдæгдзинадыл дзурæг. Æмæ уыцы æгъдау кæмæ ис, уый бауырндзæн, хуымæтæджы рæгъаугæс йе ‘фсарм кæй нæ бахордта, уый. Адæм иууылдæр орктæ не сты.

Сура йæ ныхæстимæ разы нæ уыд, фæлæ ницы дзырдта. Лаукан дæр иуцасдæр ницыуал сдзырдта, стæй йæ ныхас адарддæр кодта: «Адæм ныл куынæ баууæндой, уæддæр дзы стыр бæллæхæй ницы ис! Хуыздæр цы уа, æндæр: æрмæст дæ рæсугъддзинады фæстæ цы бирæ усгуртæ ныййарц, уыдонæй фервæздзынæ. Бауыдзынæ, йæхицæн бинойнагæн æцæг адæймаг чи агуры, зæрдæйæ дæ чи бауарза, уый хай. Æцæгæй дæ чи бауарза, уый нæ фæкæсдзæн, æнæхъæн æхсæв хъæды æцæгæлон нæлгоймагимæ кæй арвыстай, уымæ».

– Æз хъуыды кæнын, бæласы бын цы уарзондзинады кой кодтай, уый, – быцæу ныхас райдыдта Сура. – Цы уыдзæн хорзæй, æнæзонгæ, æнæнымад лæг мæ куы бауарза æмæ мæм, уæддæр никæй хъæуы, зæгъгæ, мæгуыргурæн къæбæр дæттæгау йæ къух куы бадара, уæд уым?

– Æз дæр ууыл дзурын. Фæлтау дæ адæм дамдзыд схонæнт: дæхицæн хуыздæр уыдзæн, уæд бар-æнæбары адæймагæн аргъ кæнын базондзынæ. Афтæ куыд рауад, уый нæ зонын, фæлæ дын дæ хъомылгæнджытæ бирæ цыдæртæ нæ бацамыдтой. Маст нæ бавзæрстай, ницы хъуаг баййæфтай æмæ цардыл хъуыды кæныныл нæ сахуыр дæ. Афтæ дæм кæсы, хъæздыг æмæ номджын бинонтæм куы смой кæнай, уæд дын, дæ фыды хæдзары цы æнæмæт цард уыд, уым дæр ахæм уыдзæн. Ды цæрдзынæ хъæздыгдзинадæн йæ цуры. Фæлæ уым сылгоймаджы амондæн йæ кой дæр нæ уыдзæн. Фæсдзæуины лæггад кæндзынæ бинонтæн стырæй-чысылæй, уазæгæй, хæстæгæй се ‘ппæтæн дæр. Нæ бахæрдзынæ, дæ зæрдæмæ цы хай фæцæуа, уый, æхсæв, цалынмæ дæ лæг æрбацæуа, уæдмæ не схуысдзынæ. Хæдзарæй дæ куы ратæрой, уæд та дын дæ сывæллæтты дæр нæ ратдзысты. Адыгаг сылгоймаг хъæздыг хæдзары цæргæ нæ кæны, йæ алыварс зилы. Дæ хъуыддаг фæрæстмæ уыдзæн, дæ лæг дæ куы уарза, уæд. Фæлæ чызджы æрмæст йæ рæсугъды тыххæй куы ракурой, уæд та? Цы йæ фæуыдзæн хорзæй? Зæронды бонмæ фæудхар кæндзæн, стæй йæм æрхаудзæн æргъæу чырынæй дæгъæл æмæ йæ чындзыты удхарæй марыны бар. Хæдзар цас хъæздыгдæр уа, уыйбæрц дзы уæззаудæр у сылгоймаджы цард. Не ‘гъдæуттæ иумæйагæй хорз, рæсугъд сты, æрмæст сылгоймаджы царды æгъдæуттæ – нæ. Нæ йæ ‘мбарын, куыд рауад афтæ. Уымæн загътон, æрмæст уарзон адæймагимæ ис ссарæн амонд, зæгъгæ. Хъæздыг хæдзар уа, мæгуыр уа, адыгаг сылгоймагмæ дзы æрхаудзæн, æрмæст цы бахæра æмæ йæ уæлæ цы скæна, уый. Æмæ искуы цацатæ амондхæссæг уыдысты, уд рæвдыдтой? Мæгуыр, фæлæ йæ чи уарза, уыцы лæгимæ та сылгоймаг фендзæн удæнцой. Афтæмæй цыфæнды куы фæуа, уæддæр сæйрагдæр уарзт у.

Лаукан дзырдта сабыргай, йæ хъæлæсы хъуыст, цы æфхæрд дзы ныццæм, уый мæстад. Иу хатт дæр нæ бакаст Сурайы ‘рдæм, раст цыма уыимæ нæ ныхас кодта, уæддæр мæ нæ бамбардзæн, зæгъгæ, уыйау. Сура йæм хъуыста, иуварсмæ кæсгæйæ, æнæ сымæй. Лаукан сыстад.

– Пайдайаг уыдзæн, абоны цаутæ дын зонды хос куы фæуой æмæ дын адæймагæн аргъ кæнын куы бацамоной, уæд, – бафтыдта ма йæ ныхасмæ æмæ артæй æддæдæр ацыд…

Сурамæ афтæ фæкаст, цыма æппындæр нæ бафынæй, æмæ йæ Лаукан куы райхъал кодта, уæд хæрдмæ фæхауд. Фæгæпп кодта æмæ тарст хъæр фæкодта:

– Цы ‘рцыди?

– Тагъд бон æрбацъæх уыдзæн. Æз цæуын цуаны, ды та мауал бафынæй у. Тæрсгæ мацæмæй кæн, артæй иуварс ма ацу. Æз ам хæстæг уыдзынæн. Артыл къалиутæ æвæр æмæ бадгæ кæн. Бон куы ‘рбарухс уа, уæд зындзынæн.

Сура æппынфæстаг йæхи æрæмбæрста. Уыны, æхсæвы йæ Лаукан нымæтæй кæй бамбæрзта, æмæ та бузныджы æнкъарæнтæ базмæлыдысты. Иу уысм дзы айрох йе ‘нæууæнк, æмæ хуыссæгхъæлдзæг хъæлæсæй сусæгæй дзурæгау скодта:

– Никуыдæм хъæуы цæуын. Æнæ хæринагæй дæр бафæраздзыстæм. Æнæхъæн æхсæв бадгæ кодтай. Æз сыстдзынæн, ды та афынæй кæн…

Хъæды кæдæй сты, уæдæй нырмæ Лаукан чызгмæ комкоммæ фыццаг хатт бакаст æмæ та федта, уæд, сырх бæхы сын сæ дуармæ куы æрцахста, уæд цы Сурайы федта, уый.

Сура та федта, æппынæдзух сагъæс цы цæсгомыл бадт, ууыл, абарæн кæй ницæимæ ис, ахæм рухсдзыд рæвдауæн хуыз. Фæлæ уый уыд æрмæст иу хæрз цыбыр уысм?..

Сура æнæ Лаукан арты фарсмæ цы дыууæ сахаты арвыста, уыдон æм фæкастысты афæдзы дæргъæн. Иунæгæй тарсти алцæмæй дæр æмæ йæ нырма ныр бамбæрста, æцæгæлон адæймаг ын цы фидар уарт уыд, уый. Лаукан æй æрмæст хъахъхъæнгæ нæ кодта, фæлæ йæ фервæзын кодта стыр фыдбылызæй. Пшиготы дзæмбыты куы баззадаид, уæд цæрæнбонтæм æнамонд уыдаид.

Сындæггай Сурайы зæрдæйы æрбынат кодта бузныджы æнкъарæн Лауканмæ. Фæсмонæй мард йæ раздæры ахастыл, æмæ разы уыд, рæгъаугæс æм ахæм цæстæй кæй кæсы, уымæй раст кæй кæны, уыимæ. Фæлæ цы бакæна, ахæм фыдахин фæци. Лауканы бынаты уый ахæм æдылы æмæ сæрхызт чызгæн æххуыс дæр нæ бакодтаид… Фæлæ цы уыдзæн дарддæр? Цавæр цард æм æнхъæлмæ кæсы…

Арв, бæлæсты цъуппыты æхсæнæй кæм зынд, уым гæзæмæ куы фæсырх сæуæхсиды рухсæй, уæд хъæды азæлыд топпы гæрах. Сурайы хъусты ныннæрыд æрвнæрдау. Чызг йæхицæн бынат нал ары, Лаукан цуаны кæй ацыд, уый дзы айрох. Уыцы фыдохы æхст ын йæ ирвæзынгæнæджы бабын кодта. Афтæ куынæ уаид, уæд ма дзы æндæр гæрах дæр фæцыдаид. Ссардтой йæ æмæ йæ амардтой орктæ. Ныр куыд? Сура лидзынмæ рахъавыд, фæлæ фыр тæссæй цавддуры лæуд кодта.

Раст уыцы рæстæг хъæдæй æрдузмæ рахызт Лаукан, йæ дæларм цавæрдæр бурбын къуыбар. Сурайæн йæ зæрдæ йе ‘муд æрцыд. Йæ размæ фæцæйзгъордта, фæлæ рæстæгыл йæхи фæурæдта.

Лаукан цуанæй æрбазæхт, йæ къухы бафтыд иу гыццылгомау сæгуыты лæппын. Йæ бынаты æрлæууыд, цæмæдæр ныхъхъуыста æмæ Сурамæ къухæй ацамыдта, ардæм рауай, зæгъгæ. Чызг æм куы бахæццæ, уæд ын афтæ:

– Цом, ныртæккæ фехъусдзынæ, дæ царды цы нæма фехъуыстай, уый.

Йæ фæстæ йæ акодта хъæдрæбынты. Разæй, æрдуз дыууæ дихы цы дон фæкодта, уый æмæ зæронд хъæды æхсæн йæхи рог фæздæгхуыз фæлмæй æмбæрзтæй аивæзта даргъ уадздзагæй æвзонг бæлæсты къох. Сура, дисгæнгæ, бакаст Лауканмæ. Уый æрлæууыд тæккæ хъæды дзыхы æмæ йе ‘нгуылдз йæ былтыл авæрдта, ома, мацы сдзур. Чызг дæр ныхъхъуыста. Хъæды æвзонг нарæг уадздзаг байдзаг мæргъты удуæлдай зардæй. Раст цыма стыр хъæды цыдæриддæр базырджынæй уыдис, уыдон ардæм сæмбырд сты, цæмæй сæ диссаджы цинæфсæст хъæлæсты зæлтæ баиу кæной райсомы иумæйаг симфонийы. Раст цыма алы сыфы фæстæ дæр цъиу æмбæхст уыд, æмæ сæ алчидæр йæхи партитурæ æххæст кодта. Алырдыгæй æхситтæй, цъыбар-цъыбурæй, гуывгуывгæнгæ æмæ зырзыргæнаг хъæлæстæй зарыдысты алымыггаг цъиутæ. Æмæ кæд сæ хъæлæстæ алыхуызон уыдысты, уæддæр æххæст кодтой хъæды иумæйаг гимн. Уый цъиуты ‘взагыл кæрæдзиимæ ныхас нæ уыд. Архайдтой се ‘ппæт буары æмæ уды хъарутæ, сæ курдиат сæ зарæджы равдисыныл. Сæхæдæг нæ зындысты, æмбæхст уыдысты бæзджын сыфтæры, суанг иу къалиуæй иннæмæ дæр нæ тахтысты. Æмæ афтæ зынд, цыма цъиутæ нæ, фæлæ æвзонг хъæды уадздзаг йæхæдæг зары.

Сура æцæг никуы фехъуыста ахæм диссаджы зарæг. Ныр фæхатыд: зæронд хъæд хъусæй лæууыд, зараг цъиуты стыр къорд ам уыд, ацы ног гыццыл хъæды. Лауканмæ фæзилгæйæ Сура сусæгæй дзурæгау афарста:

– Цæмæн афтæ у? Цы у?

– Афтæ цардæн аргъ кæнын зонынц æрмæст зараг цъиутæ! Уыдон афтæ цин кæнынц ног боны ралæудыл, хуры скастыл. Хур арвыл куы ссæуа, уæд бæстæ ныссабыр уыдзæн: цъиутæ бавналдзысты се ‘рвылбоны куыстытæм.

– Æрмæст ам æрæмбырд вæййынц цъиутæ? Ныронг ахæмæй цæуылнæ исты фехъуыстон?

– Нæ фехъуыстай, уымæн æмæ зæрдæйæ нæ хъуыстай. Ды цъиутæм нæ, фæлæ адæммæ дæр зæрдиагæй никуы кастæ, никуы хъуыстай … Хъæды цъиутæ æрбамбырд вæййынц æмæ иумæ цин кæнынц боны ралæудыл, хуры скастыл. Уæлæ уым чи бады, уый уыныс? – Лаукан къухæй ацамыдта бæрзонд бæласмæ.

Бæрзонд бæласы хус цъуппыл, раст цыма нымæты тыхт уыд, уыйау бадт æрхуым цæргæс.

– Цæргæс?.. – афарста Сура.

– Уыныс, уый зарын нæ зоны, нæ цин кæны боны рухсыл, хуры скастыл. Уымæн йæ зæрдæ талынг у, уый тугдзых у. Уый цард не ‘ндидзын кæны, уый зараг цъиутимæ нæ цин кæны, уый æрмæст сæ фæстæ зилы, цæмæй сæ ахса æмæ сæ скъуыдтæ кæна. Ацы тугдзыхтæ сты, дæ цæсты афтæ кадджын цы орктæ сты, уыдоны хуызæн.

8

Рæгъаугæс цы сæгуыты лæппыны фехста, уый уыд бурбын, рæсугъд æмæ йыл Сурайæн йæ зæрдæйы тугтæ калдысты. Лаукан сæныччы царм стыгъта æнæдзургæйæ, æмæ чызгмæ афтæ фæкаст, цыма лæппу цыдæр карз æгъдауы хъæугæ ритуал æххæст кæны. Æмæ, кæд сырды лæппынæн тынг тæригъæд кодта, уæддæр разы уыд ацы æгъатырдзинадимæ – алкæй дæр æмбæхст ис, незаманты цæрæг рагон лæг цы инстинкт ныффидар кодта, уый, ома йын ис, иннæ цæрæгойты йæхицæн амæттаг кæныны бар.

Æмæ ныр рæгъаугæс, уыцы ритуал æххæст кæнгæйæ, Сурамæ каст цавæрдæр мифон табугæнæджы хуызæн. Раздæры æнæрвæссон ахастæй рог фæд дæр нал аззад. Лаукан йæ цæстыты сыстыр, фестад æгъдау æмæ намыс хъахъхъæнæг аргъæутты хъайтар. Æмæ, æцæгдæр, Сура никуыма фембæлд ахæм зынбамбарæн, æнæрцæф æмæ тызмæг адæймагыл. Лауканы уæлхъус лæугæйæ йын æххæст кодта йæ рог цуматæ.

– Æмæ нæм цæхх куынæ ис? – фæхъуыды кодта Сура.

– Мæнмæ ис цæхх. Рæгъаугæс æнæ цæхх никуы вæййы. Фосы хицауæй хæринаг рарвитын куы ферох уа, – афтæ арæх рауайы, – уæд хъæды ис ссарæн исты хæлц, фæлæ дзы цæхх не ссардзынæ, – йæ сæр не схъил кæнгæйæ йын дзуапп радта Лаукан.

Æппынфæстаг сæ физонæг сцæттæ. Хордтой, æгъдаумæ гæсгæ, хицæнтæй: кæрæдзимæ чъылдымыздæхтæй, цæмæй нæлгоймагмæ, сылгоймаг куыд хæры, уый ма зына. Алкæмæ дæр дзы уыд йæхи залмы сыф. Аходæны фæстæ Лаукан йæ фæсарцæй раласта гыццыл лалым, дон дзы схаста, Сурамæ йæ балæвæрдта, стæй йын загъта:

– Цу, æрдузы атезгъо кæн, æмæ иу хатт уæддæр бамбар цæстæй нæ, фæлæ зæрдæйæ, уалдзыгон хъæды рæсугъддзинад. Цыбыр дзырдæй, ардыгæй изæрмæ дæхи истæуылты ирхæфс.

Йæхæдæг бæхы суæгъд кодта æмæ йæ донмæ акодта. Сура дæр, хъулон-мулон цъиуау йæ рæсугъд дарæсы æнæуæндонхуызæй йæ сæр радардта хъæды тарæй, стæй æрдузмæ рахызт.

Хур арвыл бæрзонд стылди. Ирд цъæх арв уыд æнахуыр сыгъдæг. Æрдуз та æрдзы рæдау къухæй цæхæртæ калдта амæй-ай рæсугъддæр дидинджытæй. Йæ алыварс æртымбыл æрыгон цъæх-цъæхид хъæд, йæ бæлæсты цъуппытæй зæронд хъæдимæ баиу, афтæмæй йæ æмбæхста æцæгæлон цæстытæй. Уый уыд, æвæццæгæн, дунейыл æппæты рæсугъддæр æрдуз. Сура дзæвгар алæууыд æнæзмæлгæйæ, стæй цæугæдоны бацæуæгау, бахызт астæумæ кæрдæгмæ æмæ цингæнгæ цыд, йæ къухтæ, цыма кæрдæгхуыз денджызы ленк кæны, уыйау змæлын кæнгæйæ. Рæстæгмæ дзы айрох сты йæ сагъæстæ. Ныры онг цы цин нæ бавзæрста, ахæм цин æй йæ уæлныхты бæрзондæй-бæрзондддæр иста.

Райсомы мæргъты зард йæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ нырма ныр бамбæрста, афтæ тынг цæуыл цин кодтой, уый. Цæрынц, æнæ искæй цæстæй хи хизгæйæ, æнæ искæй фыдгой æмæ дам-думтæм хъусгæйæ, æнæ искæмæй уæлдæр уæвыны æнæсæрфат æмæ удсæттæг бæллицтæ…Афтæ сæрибарæй улæф æмæ кæс хъæды рæсугъддзинадмæ! Базырджын цъиуты хуызæн… Цы ис, уымæй хуыздæр…

Йæ зæрдыл æрбалæууыдысты Лауканы ныхæстæ дæр уарзт æмæ сылгоймаджы уæззау хъысмæты тыххæй. Раст у, кæй зæгъын æй хъæуы, адыгаг бинонты ‘хсæн сылгоймаг рагон æгъдæутты бын цъист у…

Æмæ цавддурау аззад, æваст йæ сæры цы хъуыды ферттывта, уымæй: Сура йæхæдæг йæ тых, йæ бонæй бырста уыцы рæхыстæм? Мæнæ йæ цы сæрсæфæны былыл балæууын кодтой йæ кадылмард цæстсайæнтæ!..

Сурайæн та йе уæнгтæ æркалдысты, ногæй та йыл, дарддæр цы уыдзæн, ууыл сагъæс æртыхст. Нал сты йæ раздæры тырнæнтæ, фæлæ æцæг уарзты бæллицтæ дæр нал сæххæст уыдзысты.

Уалдзыгон боны рæсугъддзинад æрбайсæфт…

Ахæм хъуыдытæ кæнгæйæ, чысыл цæугæдонмæ бахæццæ. Бафæндыд та йæ ног уыцы цъиуты диссаджы симфонимæ байхъусын, фæлæ хъæд уыд сабыр, æрмæст дзы цыд иугай, кæрæдзимæ сидты цыбыр зæлтæ, се ‘хсæнæй уæлдай тынгдæр хъуыст, байраджы цъæхснаг мыр-мырау нæмыгхоры хъæлæс. Цъиуты се ‘рвылбоны куыстытæй зарынмæ нал æвдæлд.

Райсомæй Сура Лауканыл нæ баууæндыд. Фæлæ ныр йæхæдæг федта, цъиутæ афтæ æрмæст райсом раджы, хуры скастыл кæй фæцин кæнынц. Бафæндыд æй цъиуау сæрибар уæвын, фæлæ æмбæрста, цыдæр стыр цæлхдур ис йæ размæ æмæ йæ нæ уадзы. Æмæ кæд цин кæнын нæма базыдта Сура, уæддæр æй бауырныдта, боны ралæуд æмæ хуры скаст стыр цины аккаг кæй сты, уый.

«Уæддæр мæ бон æнæпайда цин кæнын нæу цардыл, мæ бон нæу мæхиуыл нæ хъуыды кæнын», – йæхинымæр дзурæгау кодта чызг.

Фæлæ бирæ мæт кæныныл ахуыр нæ уыд æмæ йæ сагъæстыл йæ къух ауыгъта:

«Цы дзы рауайдзæн, цыфæнды мæт куы кæнон, уæддæр! Цы йын кæнон, ахæм фæдæн, æмæ…», – йæ сæр батылдта, цæхгæр фæзылд æмæ Лауканы ауыдта. Уый лæууыд доны астæу æмæ, хъуызæгау цы уылæнтæ кодтой, уыдонмæ нымдзаст. Лæппуйы йæ хъуыдытæ афтæ дард ахастой, æмæ йæм Сурайы бон уыд æргомæй кæсын. Йæ сагъæсхуыз цæсгомыл ацы уалдзыгон боны ралæудыл цин кæныны фæдтæ нæ зынд.

Сура йын зыдта йæ царды хабæрттæ. Ахæм фыдбонтæ бавзар! Æмæ лæппуйы ныры уавæры чызг федта йæхи аххос дæр. Æгъатырæй йын йæ маргæйдзаг ныхæсты фат йæ цæф зæрдæйы фæсагъта. Ныххатыр ын кæндзæн, цымæ, искуы? Сура йын уый бынаты нæ ныххатыр кæнид. Фæлæ куыдæй сраст кæна йæ рæдыд? Стæй йын цымæ ис срастгæнæн?

Йæхицæн басаст чызг, æрмæст иунæг Лауканы сразы уаид йæ зæрдæйы хъармæй батавыныл. Æрмæст ын тарст йе ‘рхуымæй. Фæлæ та ногæй йæ разы фестад лæппуйы цæсгом, абон æй райсомæй куыд хъал кодта, уый. Йæ цæстытæй ивылд диссаджы рухс… Æмæ йæм, зæгъгæ, æдзух афтæ кæсы, уæд та?..

Чызджы зæрдæ æхсызгон рыст скодта, ногæй та ауыдта, цыма йæм Лаукан ныггуыбыр кодта æмæ дзы табугæнгæ куры амонд… Тыхæй асырдта йæ цæстсайæнтæ æмæ Лауканы ‘рдæм фæзылд. Лæппу йæм каст цыдæр уазал, фæлæ æхсызгон цымыдисæй: раст маргæйдзаг рæсугъд дидинæгмæ, хæстæг бацæуæн æм кæй нæй, уый зонгæйæ, куыд кæсай, афтæ.

Изæры, æхсæвæры рæстæг Сура æнæнхъæлæджы афарста Лауканы:

– Ахæм зондджын уæвгæйæ, мæн дæхицæн мæ иу æнæрхъуыды ныхасы тыххæй æнæуынон куыд фестын кодтай?

Лаукан ахъуыды кодта, стæй йын дзуапп радта:

– Æмæ уый исты æнæуынондзинад у? Афтæ, æнæуи, адæймаджы хуызæн адæймагыл дæ нæ нымайын. Æз дын уæддæр загътон: зæрдæ цы адæймагæн ис, уый искæй рыст хынджылæггаг нæ скæндзæн. Æнæ мыггаг, æнæ фæхæцæг кæй дæн, уый та ме ‘намонд у. Сабийæ цытæ бавзæрстон, уый фехъуыстаис: æгас хъæубæстæ дæр сæ зонынц. Фæлæ дæумæ мард адæймаджы дæ кард нытътъыссын æлгъаг ми нæ фæкаст. Ды дæ æрмæст зынæрвæссон буцхаст чызг. Æвзæр дæ сахуыр кодтой. Адæймагæн йæ мулк æмæ йæ мыггагмæ гæсгæ аргъ кæнын рæдыд хъуыддаг у. Чи сты орктæ æмæ кънйæзтæ? Адæмы тугцъиртæ, сырдтæ, давын æмæ стигъыныл хæст æгъатыр адæм. Мæ фокотлты знæм уыдонæй бирæ намысджындæр у. Мæ фыд хæцыд орктимæ æргомæй, сыгъдæгзæрдæйæ хъахъхъæдта фокотлты, зæхкусджыты бартæ. Дæумæ фокотлты удыхъæдæй ницыуал баззад! Дæ зæрдæ фокотлты знæгтæн радтай… Цы дæм ис аргъ кæнинагæй?

– Æмæ мæ уæд цæмæн фервæзын кодтай, Пшиготы дзæмбыты мæ цæуылнæ ныууагътай? – кæуынхъæлæсæй афарста Сура.

– Фæтæригъæд дын кодтон. Æндæр искæмæн куыд фæтæригъæд кодтаин, афтæ… Стæй мын тыхми æнæуынон у …

Сура ныхъхъус, æмæ сæ ныхас ууыл фæци.

Æмбисæхсæв ын Лаукан куы загъта, хæдзармæ цæуын хъæуы, зæгъгæ, уæд æппындæр нæ бацин кодта. Ам ацахуыр йæ худинагыл, уым та йæм уыцы фыдæвзарæнтæ ногæй æнхъæлмæ кæсынц.

Фæсæмбисæхсæв араст сты. Цыдысты æнæдзургæйæ, Сура хуыссæгау кодта Лауканы хъæбысы; цæмæй бæх тæрын æнцондæр уа, уый тыххæй йæм хъуамæ йæхи балхъывтаид, æмæ Сура æмбæрста, лæппумæ афтæ хæстæг кæй у, уый йын хъыг нæу. Хатгай-иу æй бафæндыд, йæ сæр ын йæ риуыл куы банцой кæнид, æмæ куы афынæй уаид, уый дæр, уымæн æмæ тынг бафæллад, фæлæ нæдæр фезмæлын уæндыди, нæдæр Лауканмæ бакæсын, афтæмæй æнцад æмраст бадт. Æрвылбонау æнкъард æмæ сагъæсхуыз уыд Лаукан дæр, цыд æнæдзургæйæ, æмæ йæм чызг афтæ хæстæг кæй у, уымæй цы æнкъарæнты ахасты уыд, уый ницæмæй æвдыста.

«Тынг раст кæны, кæй мæ ницæмæ дары, уымæй…», – ахъуыды та кодта Сура.

Боныцъæхты размæ, бæстæ талынгдæр куы вæййы, уæд бахæццæ сты хъæумæ. Бæстæ уыд æнахуыр сабыр. Лаукан Сурайы сæ хæдзары дуармæ саргъæй зæхмæ æруагъта. Чызг, бынмæ кæсгæйæ, гыццыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй сабыргай сдзырдта:

– Ды мæнæн цы хорзы бацыдтæ, уымæн аккаг аргъ скæнын мæ бон нæу, фæлæ дæ бауырнæд, мæ зæрдæ йедзаг у бузныджы æнкъарæнтæй… Хæдзармæ дæ бахонин, фæлæ дæхæдæг зоныс, сылгоймагмæ ахæм бартæ нæй.

– Сылгоймагмæ ис нæлгоймаджы зæрдæ басæттыны æнæкæрон бартæ, æмæ дын ахæм бартæ мæ цæст уарзы. Æнæниз у! – дзуапп ын радта Лаукан æмæ йæ бæхы фæцагайдта.

Сура æнкъардæй фæкаст йæ фæстæ, стæй бацыд, ныр æм æцæгæлон цы хæдзар фæкаст, уырдæм…

Рамазан йе ‘рдхордыл куыд фæцин кодта, уыдæттыл нæ дзурдзыстæм, фæлæ йæ сæйраг хæсыл банымадта Лаукан æмæ Сурайы чындзæхсæв фæтагъддæр кæнын.

– Иугæр хъуыддаг афтæ рауад, уæд фæтагъд кæнын хъæуы хистæрты, чызджы æфсымæртимæ дæр бафидауын æмæ дзæгъæл ракæ-бакæ нал, – уынаффæтыл схæцыд Рамазан.

Фæлæ йæ Лаукан æруазал кодта.

– Хъуыддаг никуыд рауад: мæ зæрдæ йæм фыццагау у уазал. Хъæды та бафæстиат стæм, цæмæй мæ орктимæ стох кæнын ма бахъуыдаид. Фæндыд мæ, цалынмæ мæ фæдтæм смудой, уæдмæ чызджы бааууон кæнын…

Рамазан зыдта Лауканы рæстуд æмæ намыс, фæлæ йыл ацы хатт æххæст нæ баууæндыд, æмæ та-иу алы æфсæнттæй алы бон дæр хъæумæ йæхи айста. Æрхаста-иу уырдыгæй ног хабæрттæ æмæ сæ лыстæггай дзырдта Лауканæн. Фыццаджыдæр ын фехъусын кодта, зæгъгæ, Пшигот, чызджы æфсымæрты тасæй хæстæгдæр хъæдты йæхи æмбæхсы.

Рамазаны ныхæстæм гæсгæ, Сура сæхимæ куы бацыд, уæд æфсымæртæ сæ хæцæнгæрзтæм фæлæбурдтой, Лауканмæ бырсынвæнд скодтой. Фæлæ, дам сын хо афтæ: «Кæд мæ уарзут æмæ мæ бынтон æнамонд скæнынмæ нæ хъавут, уæд лæппуйы æнцад æруадзут. Уый йæхи дардта, æцæг намысджын нæлгоймагæн куыд æмбæлы, афтæ. Ноджы мæ худинаг æмæ æнамондæй фервæзын кодта, æмæ уæ хæс у Лауканы æрбахонын æмæ йын бузныг зæгъын».

Ахæм зондджын ныхæстæ, дам, кодта, æмæ æфсымæртæ фæтарстысты: сæ тæргайгæнаг æмæ фыдахин æвзонг хойы ахæм æрхъуыдыджын æмæ сабыр ныхæстæгæнгæ никуы федтой, æмæ, дам, кæд йæ сæрызонд фæкуыддæр.

Æфсымæртæ сразы сты маст нæ исыныл, фæлæ Лауканы нæдæр хонгæ фæкодтой, нæдæр ын бузныг загътой.

Уалынмæ та Рамазан ног уац æрхаста, æнæхъæн хъæу, дам, Сура дыууæ боны хъæды куыд фæци, æндæр кой нæ кæнынц. Чызг бинонтæн, зонгæтæн, йæ хæлар чызджытæ æмæ лæппутæн бæлвырд фæдзырдта хабæрттæ. Сурайæн-иу зæрдæтæ æвæрын æмæ тæригъæдтæ кæнынвæнд чи скодта, уыдонæн-иу сæ ныхас фескъуыдта, мæт кæнинагæй дзы ницы ис, зæгъгæ, чи йæ уарзы, уыдон та хъуамæ цин кæной, Лауканы руаджы фыдбылызæй кæй фервæзт, ууыл. Æмæ, дам ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Лауканы хæс ницæмæй бафидæн ис.

Хъæуы Лауканмæ хорз цæстæй кастысты, ныр ын чызджы ныхæсты фæстæ ноджы фылдæр кад кæнын райдыдтой æмæ дзырдтой, зæгъгæ, Лаукан у æцæг адæймаг æмæ æндæрхуызон йæхи равдисын зонгæ дæр нæ бакодтаид.

Иухатт та, хъæуæй æрбаздæхгæйæ, Рамазан дисгæнгæйæ дзырдта:

– Фæлæ стыр диссаг уый у, æмæ чызг кæй фендæрхуызон. Раздæр сæм-иу цыдтæн, уымæн æмæ-иу мæ хæлæрттæй бирæтæ уым уыдысты, стæй Сураимæ дæр дзыхæй чи кæй амбулайæ ерыс кæнынмæ. Фæлæ йæ дæхæдæг зоныс, йæ удыхъæд мæ зæрдæмæ никуы цыди. Ныр ын æз стыр аргъ кæнын.

Гыццыл фæстæдæр та ног уац æрбахæццæ кодта Рамазан. Нымад хæдзæрттæй цалдæр æрыгон лæппуйы Сурамæ усгур цыдысты. Фæлæ сын чызг ахæм дзуапп лæвæрдта: «Æз бонæй-бонмæ тынгдæр дис кæнын Лауканы зондыл. Хъæды фыр мæтæй мæхи куы хордтон, уæд мын афтæ загъта, ма, дам, мæт кæн: разындзæн, æдылы дам-думтæм чи нæ байхъуса, ахæм адæймаг. Сымах ахæмтæ разындыстут æмæ уын мæ сæрæй ныллæг кувын, фæлæ уæ мæ бон нæу асайын: мæ зæрдæйы нæй сымахмæ уарзондзинад, уым æрмæст Лауканæн ис бынат. Æз мæхицæн дзырд радтон, мой не скæндзынæн, цалынмæ Лаукан ус нæ ракура, уæдмæ. Æрмæст афтæмæй бауыдзæн мæ бон, ме ‘нæкæрон бузныджы æнкъарæнтæ равдисын, æрмæст афтæмæй сраст кæндзынæн мæхи йæ разы мæ кæддæры æгъатыр ныхæсты тыххæй».

– Мæ цуры дзырдта афтæ! Федтай, цыхуызæн чызг разынд! Зондджын, æууæнкджын, æнувыд! – æппæлынæй нал æнцад Рамазан, йе ‘рдхордмæ комкоммæ кæсгæйæ. Фæлæ та йын йæ куыдфæндыйы ахаст куы федта, уæд йæ къух ауыгъта æмæ мæстджынæй ацыд.

Цалдæр боны фæстæ та сног кодта йæ ныхас, фæлæ ныр карздæрæй дзырдта: «Дæхи æцæг адæймаг хоныс, фæлæ дæхи æцæг адæймаджы хуызæн нæ дарыс. Хъæубæстæ дæр дæ разы не сты. Дзурынц, зæгъгæ, дам, Лаукан йæ оцанийæ хирвæссон оркты хуызæн у. Чызг, дам, йæ рæдыд бамбæрста, бауарзта йæ, æмæ, дам, Лауканы ‘рдыгæй ахæм ахаст лæгдзинад нæу! Æз Сураимæ дæр ныхас кодтон. Бафарстон æй, разы у дæумæ смой кæныныл æви нæ, уымæй. Æмæ мын афтæ: «Кæд мын ныххатыр кæна, уæд цæрæнбонты дæр архайдзынæн йæ зæрдæхудты нæ бацæуынæй…» Афтæ, гъе, – мæстыхуызæй фæхъæр кодта Рамазан æмæ та ногæй афарста йе ‘рдхорды:

– Ды та цы зæгъынмæ хъавыс? Сфæлдисæджы номæй дын ард хæрын – ды мæ хуыздæр æрдхорд дæ, фæлæ уыцы чызгыл дæ къух куы сисай, уæд дын мæнæй æрдхорд нал ис! Кæд дæ йæ базонын фæнды, уæд уыцы бæллæхы дæр мах аххосæй бахауд! Мах сæрыл бафхæрдта Пшиготы! Стæй, хорз, уый фæрæдыд, фæлæ йæ рæдыд бамбæрста, цы ма дæ хъæуы? Уый та дын, фыццаг бакастæй цы Сурайы бауарзтай, уый. Цыфæнды ахъуыды кæн, фæлæ дæ оцани ныр зондцухы мийы хуызæн у. Зæгъ ныртæккæ дæ фæстаг ныхас, æмæ æз æмæ ды ууыл фæхицæн стæм!

Лаукан ницы дзырдта, стæй æхсызгон мидбыл худгæйæ, фæзылд Рамазанмæ.

– Мæсты ма кæн, мæ хæлар… Мæнæ дын мæ фæстаг ныхас: зæххыл ахæмæй ницы ис, цæмæй æз ме ‘рдхордыл мæ къух сисон, æмæ ма адæмы фыдæх дæр бавзарон. Кæд чызг разы у, уæд æз дæр дыууæ нал зæгъын. Æцæг мæ Сурайы ныхасмæ фенын хъæуы.

Рамазан æнæдзургæйæ ахъæбыс кодта Лауканæн, йæ худ йæ сæрыл арфдæр æрнадта, йæ бæхыл йæхи баппæрста æмæ хъæумæ фæцагайдта.

Хъæуыл куы айхъуыст Сура æмæ Лаукан бафидыдтой, зæгъгæ, уæд дзырддзæугæ хистæртæ æрæмбырд сты æмæ дзырдтой: «Раздæр нæ ахъуыды кæнын хъуыд, хæрз сывæллон лæппуйæ йе стыр бæллæхты бынæй йæхи мах уазæг чи бакодта, уый хъысмæтыл. Иугæр йæхæдæг сфæнд кодта бинонты хъуыддаг, уæд та йын æнæхъæн хъæуæй дæр нæ хæс у баххуыс кæнын».

Сурайы æфсымæртæ нæ разы кодтой сæ хойы мæгуыр лæппуйæн раттыныл, ноджы сæ орктæ дæр алы мадзæлттæй ардыдтой. Фæлæ Лауканы хъысмæт баст уыд мæгуыр зæхкусджыты æмæ феодалты æнусон тохимæ, æмæ йыл æнæхъæн хъæу дæр зæрдиагæй тыхст. Зæрæдтæн æнцонæй бафтыд сæ къухы æфсымæрты рæгъаугæсимæ бафидауын кæнын, æмæ хъæу йæхи чындзæхсæвмæ цæттæ кæнын райдыдта.

Æппæты фыццаг уал, Ныхасы уынаффæмæ гæсгæ, хъæуы кæрон иумæйаг зæххытæй Лауканæн хæдзар аразынæн бынат рахицæн кодтой. Уый фæстæ райдыдтой хъæдæрмæг ласын.

Рагæй нал уыд хъæуы Ныхасы уыйбæрц адæм иумæ æмбырдæй. Зиу расидтысты æмæ иу бонмæ хъæугæрон сырæзт, адыгаг хъæуты цы хæдзæрттæ уыд, ахæм хъæдын хæдзар æртæ хатæнимæ. Кæрты алыварс сбыдтой уистæй кау. Сара, скъæт, кæркдон – алцыдæр йæ бынаты. Дыккаг бон сылгоймæгтæ æрæмбырд сты æмæ цæрæнуæтты къултæ æлыгæй байсæрстой. Хæдзары дзаума дæр хъæу æрæмбырд кодтой чындзæхсæвмæ лæвæртты æфсон. Хъæуы цæрджытæ иумæйаг фæрæзтæй Лауканы ног кæртмæ батардтой заинаг хъуг. Чындзæхсæвы хæрдзтæ дæр фокотлты бинонтæ сæхимæ райстой. Лаукан дисæй мард, уыйбæрц хуынтæ æмæ уыйбæрц хæринаггæнæг сылгоймæгтæ кæцæй фæзынд, ууыл.

Чындзæхсæвы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Ахæм æгъдау уыд адыгтæм фыдæлтæй нырмæ: цины дæр æмæ хъыджы дæр сыхæгтæ кæрæдзимæ æнгом æрбалæууынц…

Афтæ хъæуы кæрон фæзынд чысыл бинонты къорд. Хъæуы Ныхасы, кæд оркты нæ фæндыд, уæддæр рахастой Лауканæн хуымзæххы хай рахицæн кæныны уынаффæ дæр. Ныр æххуырст рæгъаугæсæй нал куыста, фæлæ зæхкусæджы фæллойæ цæрын райдыдта. Уæдмæ сын тас нал уыд орктæй дæр. Пшиготы мард йæ нымæты тыхтæй ссардтой хæстæг хъæдтæй иуы…

Уæддæр ма Сура дзæвгар рæстæг æнкъардта йе ‘фхæрæн ныхæсты фæдтæ Лауканы зул цæстæнгасы. Сылгоймаг алцыдæр æмбæрста, хъаст нæ кодта, æрмæст æнхъæлмæ каст, йæ мойы зæрдæ кæд æрфæлмæн уыдзæн, уымæ…

Райгуырд сын фыццаг сывæллон – лæппу. Иубон Сура æмæ Лаукан авдæны цурмæ иумæ цыд фесты. Сывæллон хуыссыд, йæ гыццыл тыппыр къух йæ дзыхы, афтæмæй. Стæй лæмбынæг кæстытæ кæнын райдыдта йæ рихиджын бæрзонд фыдмæ. Саби цæсгомы æвæрдæй, йæ былтæ æмæ фындзы кондæй уыд Сурайы хуызæн, фæтæн ных, стыр сау цæстытæ æмæ, фындзы сæрмæ чи баиу, уыцы æрфгуытæй та – фыды æнгæс.

Мад æмæ фыд циндзастæй бирæ фæкастысты сæ хъæбулмæ, стæй фемдзаст сты. Æмæ та Сура Лауканы цæстыты федта, хъæды куы уыдысты, уæдæй нырмæ дзы цы цæстæнгас нæ рох кодта, уый. Уарзт æмæ амондæй хайджын бузныджы æнкъарæнтимæ каст Лаукан ныр дæр Сурамæ, стæй йыл йæ тыхджын къухтæ æрбатыхта.

Уырыссаг æвзагæй Безаты Фаризæйы тæлмац

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Сырх бæх скатай, йæ фыр тыхстæй фæстæмæ базары ‘рдæм фæзылд, фæлæ адæм йæ размæ æрлæууыдысты. Лаукан æй куыд æрба- цæйæййæфта, афтæ сырх бæх хъæуы ‘рдæм ныййарц.

Уыцы заманты хъæуы уынгтæ къæдз-мæдзытæ уыдысты нарæг лабиринттау. Сырх бæх ахæм уынгтыл ахуыр нæ уыд æмæ йæ цыд фæсабыр кодта. Лауканы бæх та сыл ахуыр уыд æмæ уайтагъд дугъоны баййæфта. Бæхы рагъæй йæхи бынмæ æруадзгæйæ, Лаукан архъаны кæрон ацахста æмæ йæ йæхимæ æлвасын райдыдта, саргъыл æй фæфидар кодта æмæ ныр архъан топпы фатау раст ныллæууыд. Лауканы бæх банкъардта сырх бæхы тых, стæй йæхицæн ахауынæй тас æмæ йæ цыд фæсабырдæр кодта. Архъан бынтон куы нымраст, уæд йæ цыппар къахы дæр хæбæццæй зæхмæ фæбыцæу кодта æмæ, йæ гуыр фесхъæл кæнгæйæ, йæ бынаты сагъдæй аззад. Сырх бæх йæ тых-йæ бонæй йæхи айвæзта, йæ раззаг къæхтыл алæууыд æмæ, йæ хурхыл архъан, афтæмæй фæуæлгоммæ…

Фехъуыст кæйдæр тарст хъæр, æмæ Лаукан ауыдта диссаджы ныв: хæдзары дуары къæсæрыл лæууыд аргъæутты рæсугъд чызг. Йæхи Лауканмæ баппарынæввонг, йæ къухтæ йæ риумæ нылхъивгæйæ, бæхмæ тарст каст кæны. Фæлæ Лауканы рæсугъд чызгмæ кæсынмæ не ‘вдæлд: спайда кæнын хъуыд, дугъон зæххыл цы уысм хуыссыд, уымæй. Бæхæй æргæпп кодта, йæ бæрзæйыл ын абадт, йæ сæр ын иуварсмæ фæзылдта, цæмæй сыстын йæ бон ма бауа, архъан райхæлдта æмæ бæхыл идон бакодта, архъан стыхта æмæ æрмæст уый фæстæ ногæй бакаст чызгмæ.

Уый, йе ‘ргом Лауканы ‘рдæм, афтæмæй цавддурау лæууыд. Йæ цæстыты баиу æмæ бандзыг сты дис, цин æмæ, лæппумæ æппæтæй диссагдæр цы фæкаст, уый – чызг Лауканæн фæтарст.

Сырх бæх фесхъиудта, йæ къæхтыл алæууыд æмæ, йæхи тилгæ, цъæхснаг мырмыргæнгæ, хъæуы уынгты ныййарц æд барæг.

Арканчеш дæр сабыр цыдæй йæ хицауы фæстæ араст; уæдмæ йæм хъæуы кæронмæ æрхæццæ Рамазан æмæ бæхы идон йæ къухмæ райста.

Дыууæ сахаты æнауæрдон тохы фæстæ Лаукан æрбакодта домд бæхы æмæ йæ пыррыккрихи хъазахъхъаджы бар бакодта.

Адæм сыл амбырд сты, фæлæ Лаукан никæй уыдта: нæ йæм хъуыс- тысты æппæлæн ныхæстæ. Йæ цæстытæй нæ хицæн кодта, хæдзары къæсæрыл цы тарст чызг лæууыд, уый.

Хъазахъхъаг ын цы æхца радта, уыдон дæр, кæсгæ дæр сæм не ‘ркодта, афтæмæй æнæдзургæйæ йæ дзыппы нывæрдта æмæ фæцæуæг, раздæр кæм лæууыд, уырдæм. Рамазан æй сонт фарст акодта:

– Цы кодтай?

– Ницы, бафæлладтæн. Тынг тыхджын бæх у, – ныхас иннæрдæм здахы Лаукан.

Фæлæ Рамазан, æнцонæй кæй асайай, уыдонæй нæ уыд:

– Тыхджын бæхтæ иу æмæ дыууæйы не ‘рцахуыр кодтай… Уæдæ ахæм фæлладхуыз дæр нæ дæ, цыдæр мæ æмбæхсыс.

 

3

Лауканыл дыууадæс азы йеддæмæ нæма цыд, æнамонд хъуыддаг æй йæ сабидугæй куы фæхицæн кодта, лæппу иу æхсæвмæ куы фæасдæр, уæд. Йæ фыд фокотл уыд махошты знæмæй. Цардысты, дыууæ доны – Чехрак æмæ Фарсы – ратæдзæнтæ кæм уыдысты, уым. Уæд Лаукан нырма лæгдзинад, кад æмæ намыс цы сты, уымæн ницыма æмбæрста. Æрмæст арæх хъуыста, сæ хъæуы цæрджытæ йын-иу йæ фыдæй куыд æппæлыдысты, уый. Лæппу хорз хъуыды кæны – йæ фыды куыстуарзондзинады руаджы сæ бинонтæ ницы хъуаг æййæфтой.

Фыдмæ хорз бæх уыд, суанг ма-иу Лауканы æмбæлттæ дæр, сæ бæхтæй æппæлгæйæ, басастысты, Лауканы фыды бæх æнæхъæн хъæуы бæхты хуыздæр кæй у, ууыл. Фæлæ йын орктæ йæ фыдмæ знаджы цæстæй цæмæн кастысты, уымæн ницы æмбæрста, æрмæст хорз хъуыды кæны, орктæ йын йæ фыды бæх байсынмæ куы хъавыдысты, уæд æгас бинонтæ дæр цы мæты бахаудтой, уый: йæ фыды зæххытæм ын-иу бабырстой, фæлæ сæ къухы ницы æфтыд. Иу ныббырсты рæстæг лæбурджытæ дыууæйæ уæззау цæфтæ фесты.

Уыцы фыдбылызы æхсæв Лаукан райхъал йæ мады хъæрмæ. Талынджы фыды нæ уыдта, æрмæст фехъуыста, фыд мадмæ, хъæр ма кæн, зæгъгæ, куыд сдзырдта, уый. Фыдгæнджытæ дуар батыдтой, æмæ топпы гæрæхтæй Лаукан акъуырма.

Удуæлдай хъуырдухæн бирæ нæ ахаста, фыдбылызы адæм æвиппайды феддæдуар сты. Мад къуыммæ йæхи баппæрста æмæ йæ удаист дзыназын райхъуыст.

Тыхгæнджытæ бирæ фæразил-базил кодтой кæрты, бæхдоны дуар басастой. Фæстагмæ бæстæ ныссабыр. Фæлæ уалынмæ райхъуыст цыдæр æнахуыр къæрццытæ æмæ сыф-сыф. Стæй кæрт ныррухс арты æвзæгтæй. Мад, фыды марды цурæй фестад æмæ уынгмæ, æххуысмæ хъæргæнгæ, разгъордта.

Лаукан дæр фæтарст æмæ йæ фæстæ судзгæ кæртмæ ралыгъд…

Сæ хæдзар басыгъд, æмæ сын сæ сыхæгтæм цæргæ æрцыд. Фыды фæстæ мад дæр бирæ нал ахаста: цалдæр мæйы асад æмæ амард. Лаукан баззад хæрз иунæгæй, уыцы хæлар бинонтæм цæргæйæ, æххуыс сын кодта хæдзары куыстыты. Фæлæ иу бæллæхæй йæхимæ нæма ‘рцыд саби, афтæ та æндæр фыдбылыз йæхи йæ сæрмæ айтыгъта. Йæ фыды марджытæ тарстысты, лæппу куы рахъомыл уа, уæд йæ фыды туг агурдзæн, зæгъгæ, æмæ сывæллонæй фервæзыны фæнд скодтой. Фæлæ сырдты закъонмæ гæсгæ дæр сылгоймаг æмæ сывæллоны марын мыггагмæ æгадыл нымад уыд, æмæ орктæ агуырдтой лæппуйы сусæгæй амарыны фадат.

Иуахæмы йæ бахъахъхъæдтой, æмæ, сывæллон-лæппу, фыстæ хизгæйæ, хъæдмæ хæстæг иунæгæй куы аззад, уæд ыл сæхи ныццавтой. Дыууæ бæхджын оркы йæ аскъæфынмæ хъавыдысты, фæлæ лæппу бæхты сагæхты æхсæнты агæпп кодта æмæ хъæдмæ балыгъд. Уым, æрдузы цы адæм куыстой, уыдонæй орктæ лæппумæ бавналын нал бауæндыдысты.

Гыццыл фыййау æхсæвы хæдзармæ нал æрцыд, æмæ хъæу фæфæдис сты: фысты ссардтой, фæлæ лæппу – нæй. Лаукан хъæды арфæй-арфдæр цыд: адæм æм сырдтæй тæссагдæр кæсын райдыдтой.

Дыккаг бон дæр æй не ссардтой, æрмæст æртыккаг бон æмбисæхсæв йæхæдæг фæзынд скъуыдтæ дарæсы, цъæррæмыхстытæй, йæ цæстытæй æхсидæвтæ калгæ. Хæдзары хицау бамбæрста, лæппумæ фыдбылыз кæй кæсы: йæ фæзынд ын никæмæн схъæр кодта, æмæ хъæу сывæллоны сæфтыл банымадтой.

Цалдæр боны фæстæ иу тар æхсæв фысым Лауканы бæхыл сæвæрдта æмæ йæ дард хъæуы, кæуыл æууæндыд, ахæм зонгæ фокотлмæ ныууагъта. Фæлæ та уым дæр Лауканы æнæмæт цард бирæ нæ ахаста. Йе знæгтæн лымæнтæ уыд æндæр хъæуты дæр. Йæ сæфтыл фыды марджытæ гуырысхо кæнын райдыдтой æмæ йæ фæд агурыныл бафтысты. Тагъд рæстæджы Лаукан банкъардта, чидæр æм сусæгæй йæ хъус кæй дары. Лæппу фæтарст æмæ, ацы хатт никæмæн ницы схъæр кодта, афтæмæй фæлыгъд. Ардæм æй цы тар æхсæв æрбаластой, раст ахæм æхсæв ацыд хъæуæй, йæ къæхтæ йæ кæдæм хастой, уырдæм. Афтæ райдыдта Лауканы цæугæцард.

Бирæ фæцыд лæппу, йæ фæстæ аззадысты цалдæр хъæуы. Боныгон йæ фæллад уагъта хъæды, фæндыд æй йе знæгтæй, куыд амал ис, афтæ дарддæр фæцæуын. Æмæ лæппу цыд, цалынмæ йæ хæринæгтæ нæ фесты, уæдмæ. Стæй йæм афтæ фæкаст, цыма ныр орктæй тынг дард у æмæ, фыццагдæр цы хъæумæ бахæццæ, уым æрбынат кодта.

Ныр та бахауд темиргойты знæммæ. Фæлæ уым дæр уыд орктæ, æмæ уыдонæй тас йæ фæдыл йæ аууонау зылди. Лаукан æдас ран нæ ардта æмæ-иу æнцонæй ныууагъта, цы хъæуы æрлæууыд, уый. Афтæмæй цыд дарддæр иу хъæуæй иннæмæ, иу бинонтæй иннæмæ – агуырдта, кæуыл баууæндыдаид, ахæм адæм, агуырдта, орктæ кæм нæ уыд, ахæм бынат, фæлæ йæ нæ ардта: уыдон уыдысты алкуыдæр.

Æнæхæдзар лæппуйы ном адæмы астæу айхъуыст, зæгъгæ, дам, фæзыны, стæй хæйрæгау æрбадæлдзæх вæййы.

Лаукан йæ райгуырæн бынæттæй бынтон адард, цæугæдон Пшишы сæрты ахызт æмæ бахауд бжедугты знæмы бынæттæм. Сырды лæппыны хуызæн адæммæ хæстæг нæ цыд, æмхуызон сын тарст сæ рæвдыд æмæ сæ надæй. Алыхуызон куыстытæ кодта, фæлæ йæ зæрдæмæ хæстæгдæр уыд фыййауы куыст. Быдыры, адæмæй дæрддзæф ран, йæ бон уыд йæ мастисæн бæллицтæ нывæндын. Æмæ йын-иу уæд сæнттæ æмæ æцæг- дзинад схæццæ сты: фыны дæр æмæ хъалæй дæр Лаукан уыдта, цыма дзы æрдхæрæны бæгъатыр рауад, ссардта аргъæутты бæх, алæмæты хæцæнгарз æмæ сухы цагъд ныккодта, зæххыл цыдæриддæр орктæ уыдис, уыдон.

Æнæуи къæсхуыртæ, фæлæ фидæрттæарæзт лæппу æрмæст йæ сæнтты уыд æгъатыр хъæбатыр. Æнæуи та мысыд йæ мады, æмæ, кæд йæ цуры амард, уæддæр æй уырныдта, æгас кæй у, сæ хæдзар дæр кæй нæ басыгъд, йæ бынаты кæй ис. Æмæ-иу йæ диссаджы сæнтты йæ уæлахизты фæстæ здæхт йæ райгуырæн хъæумæ.

Рацыд цалдæр азы, æмæ та ног сау хабар йæ къæхты бынæй нынкъуыста Лауканы. Æцæгæлон зæхмæ йæм фехъуыст, йæ райгуырæн знæм махош, æгасæй дæр Туркмæ фæлыгъд. Ныр йæ сæнтты кæдæм раздæхтаид, уый дæр ын нал уыд. Йе ‘фхæрд райсыны бæллицтæ дæр æм фæкастысты дзæгъæл фæндтæ. Йæ мысинæгтимæ æгъуызæй-æгъуыздæр кодтой, хъæды дзыхы йæ цы дыууæ бæхджын оркы ахстой, уыдоны цæсгæмттæ дæр. Зæххыл цыдæридддæр фыдмитæ цæуы, уыдон æм зындысты оркты хуызы, æмæ йын ныр уыдон дæр сындæггай сæф- тысты. Йæ зæрдæйы æрбынат кодтой æрхуым æмæ æрхæндæг. Уыд, раст æндæр зæххы цы тала ныссадзай, уый хуызæн: кæнæ хъуамæ бахус уа, кæнæ фæхæца æмæ ног æвзартæ суадза.

Цард фæуæлахиз. Æнæлаз, зынты фæлтæрд уд ахызт йæ хъын- цъымы сæрты, Лаукан йæ карæй фæхистæр, цардмæ ноджы æвронгдæр цæстæй акасти. Сахуыр фыд æмæ хæрзаудæн кæрæдзийæ хицæн кæнын, æууæнкджыны мæнгардæй иртасын. Федта, орктæ дæр иууыл иухуызон кæй не сты, се ‘хсæн бирæ растзæрдæ адæймæгтæ кæй ис.

Йæ зæрдæ куы фæфидардæр, уæд буар дæр тыхджын кæнын райдыдта, æмæ цыбыр рæстæгмæ Лаукан агæпп кодта фæтæнуæхск хæрзконд рæсугъд лæппуйæ. Йæ сонт тарст цæстæнгас ын раивта ныфсхаст æмæ хъуыдыдзаст уæззау каст. Сындæггай йын адæм дæр хатын райдыдтой йæ сабыр, лæгдзинадæй æххæст хиуылхæст æмæ хæдзонд. Йæ раздæры тæрстытæй ма Лауканмæ баззад, орктимæ цыдæриддæр баст уыд, уымæ цавæрдæр æнæууæнк ахаст æмæ æнæуынондзинад. Каст адæммæ æмæ сæм зыдæй агуырдта, кусæг лæг цы хорз миниуджытæй хайджын у, уыцы нысæнттæ, барста сæ æнæфсис, зыдыка орктимæ.

Лаукан хъæуи-хъæу нал зылд. Йæ ныры хицаумæ кусы дæс азæй фылдæр. Æвзаргæ та йæ уымæн ракодта, æмæ хъæздыг бæхтæдарæг йæхæдæг дæр фокотлтæй уыд æмæ йæ мулчы руаджы фæрæзта орк- тимæ ерыс кæнын, йæ уавæр куыд амыдта, афтæ хæцыд фокотлтæ æмæ раздæры хъазайрæгты сæрыл. Ноджы йæм Лаукан ссардта йæ зæрдæйы фæндиаг куыст – сси йын йæ бæхрæгъæуттæ хъахъхъæнæг. Кæд Лаукан йе ‘взонджы бæллицтæй фæхицæн, уæддæр йæ уды æппæт хъарутæй дæр архайдта оркты ныхмæ. Кæм æмæ кæд фæныхæй-ныхмæ уыдзысты, уый нæ зонгæйæ, æдзухдæр уыд хæстæввонг. Уыцы тохмæ цæттæдзинад ын йæ цардæн цыдæр нысан лæвæрдта. Йæхи фæлтæрдта бæхыл бадын æмæ мысан къуырынæй. Уымæн та йын уавæртæ уыд фагæй фылдæр – æвзаргæ бæхтæ, йæ хицауы хæцæнгарз. Ноджы ма хицау йæхæдæг дæр лæппуйы разæнгард кодта. Бæхтыл ерыстæ-иу куы уыд, уæд оркты ныхмæ цыд Лаукан. Кадуарзаг бæхдарæг æмæ рæгъаугæсы иу кодта орктæм æнæуынондзинад. Лауканæн йæ бон уыд рæгъауæй кæцыфæнды бæх равзарын. Хицау ын радта, дæс азы куыстæн æм цы бæхтæ цыд, уыдон рæгъауы дарыны бар дæр.

Дæс азмæ Лауканмæ цыдæр мулк æрбамбырд, æмæ йæм хи хæдзар, хи бинонтæ скæныны бæллиц арæхæй-арæхдæр æвзæрд. Рагæй йын цы хионтæ нал уыд, уыдоны мысын ын баивтой хæстæг адæймаг ссарыны хъуыдытæ. Хатгай-иу æрдæгæхсæв дæр фехъал йæ иунæгдзинады уæзæй æмæ-иу бонмæ йæ цæстытæ нал æрцъынд кодта. Хæстæг уарзон адæймагмæ бæллынæн ын нырмæ ницы бындур уыд. Куринаг чызджытæм æввахс бацæуынæй дæр тæрсгæ кодта, мыййаг ын йæ цæстмæ, кæмæй дæ, уый бæрæг куынæ ис, зæгъгæ, куы бадарой. Семæ не ‘мбæлгæйæ, Лаукан йæ хъуыдыты бæллыд, цæрæнбонтæм æй чи бауарза, цавæрдæр ахæм æнæзонгæ рæсугъдмæ. Фæлæ йын карз æцæгдзинад йæ цард æгъуыз кодта.

Лауканы ныфс бынтон асæттынæввонг куыд сси, афтæ уыцы диссаджы чызджы федта. Раст ын цыма хъысмæт тæригъæд фæкодта æмæ йын æй йæ размæ рарвыста, уыйау. Мæгуыр иунæг зæрдæ уарзон- дзинады рухс хъуыдытæй байдзаг. Æнæзонгæ чызгыл сагъæс уыд йæ маст райсыныл сагъæсы йас. Фæлæ ныр дæр уыдон уыдысты æрмæст бæллицтæ. Раздæрау ныр дæр тарст, чызг æм йæхи куы атигъ кæна, кæмæй дæ, уый бæрæг нæй, зæгъгæ. Фæлтау æм дардæй кæсдзæн æмæ бæлдзæн хуыздæр фæндмæ, цæйнæфæлтау æм фæхæстæгдæр уа æмæ дзы æнæразыйы дзуапп фехъуса.

Хъуыды кодта, зæгъгæ, ссардта æнæзонгæ, искæй хуызæн æппындæр чи нæу, ахæм диссаджы чызджы. Фæлæ рæгъаугæсы сагъæсты чи баппæрста, уыцы чызг разынд æнæхъæн хъæуæн дæр зонгæ Сура. Хорз æй зыдта Рамазан дæр.

Сура уыд æртæ æрыгон куыстуарзаг æфсымæры иунæг хо. Æфсымæртæ уыдысты фокотлтæй, сæудæджер кодтой фосæй, куыд дзырдтой, афтæмæй давæггаг бæхтæ уæй кæныныл дæр ком нæ дардтой æмæ уыдысты, реформæйы фæстæ йæхиуыл тагъд чи фæхæцыд, ахæм бонджын бинонтыл нымад. Сæ ныййарджытæ амардысты фæстаг рыны рæстæг, æмæ сæ гыццыл хо баззад æртæ æфсымæры æвджид. Бæллæхæй фæкъуырма уæвæг æфсымæртæм æнахъом чызг каст сæ мад æмæ сæ фыды мысинаджы хуызæн, æмæ сæ уарзондзинадæн кæрон нæ уыд. Сабийы табуйагау кæй дардзысты, ууыл сомы бакодтой. Истæмæй йæ фæхъыг кæнын нымадтой сæ ныййарджыты номыл гадзрахатæй рацæуыныл. Ноджы ма сæ гыццыл хойæ диссаджы рæсугъд чызг куы рауади, уæд æфсымæртæ сæхинымæр бæллыдысты исты кадджын хъæздыг бинонтимæ бахæстæг уæвынмæ.

Чызджы зæрдæ цыдæриддæр агуырдта, уымæй «нæй» нæ зыдта. Æфсымæртæн сæ иухуызон, æгъатыр, хатгай та чъизи хъуыддæгтимæ баст царды Сура уыд хуры тынау. Сæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстой æфсымæртæ, афтæмæй сæ хойæ сæхицæн цавæрдæр чысыл хуыцаугонд рауайын кодтой. Æмæ сæм афтæ каст, цыма сæ уый фæхæстæг кæндзæн рухс рæсугъд цардмæ.

Улæфты рæстæг-иу æфсымæртæ хъæлдзæг хабæрттæ кодтой сæ хойæн кæнæ та-иу æй барæй ракъахтой, истæмæй-иу æй амæстæй мардтой, æмæ-иу сæм йæ тæргæйттæ худæг кастысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм царды уавæртæ хорзæй ницы æрхæссинаг уыдысты чызджы удыхъæдæн. Ничи архайдта, цы æнæзæрдæзæгъгæ миниуджытæ йæм фæзынд, уыдон аиуварс кæныныл дæр.

Рамазан дзырдта, зæгъгæ, Сура зондджын у, фæлæ йæ зонд иууыл арæзт у искæуыл бахудынмæ, искæмæ сæрбæрзондæй кæсынмæ. Цырддзаст чызг алцыдæр уыдта, фæлæ йын уый дæр арæзт уыд йæхи нæ, фæлæ йæ алыварс чи уыд, уыдоны хъæнтæ фенынмæ. Дзаумайы дзæбæхыл ахуыр чызг бирæ хъæздыг хæдзæртты чызджытæй хæрзарæзтдæр уыд. Зынаргъ дзаумæттæ æмæ хъæздыгдзинадыл æрвылбоны ныхæстæ йæ сахуыр кодтой цардмæ, фидæнмæ мулчы цæстæй кæсыныл æмæ йæхицæн дæр усгур равзарыныл нæ тагъд кодта.

Йæ рæсугъддзинад раджы бамбæрста чызг, ноджы ма, æнæхъæн хъæуы сылгоймæгтæй къухæй рæвдз чи уыд, уыдоны се ‘ппæты дæр æмбылдта. Уыцы миниуджыты фæрцы суанг хæрз æвзонгæй фæстæмæ йæ алыварс уыд бирæ усгуртæ. Рамазаны ныхæстæм гæсгæ, Сураты хæдзармæ фæндаг ис, кæйдæриддæр фæнды, уыдонæн, æмæ чызг се ‘ппæтимæ дæр æмхуызон хъазæн ныхасæппарæн кæны, фæлæ дзы йæ цæст нырма никæуыл æрæвæрдта.

Уазæгуаты, дам, вæййынц нымад мыггаджы лæппутæ, суанг орктæй дæр чидæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, оркты æцæг усгуртыл банымайæн нæй, искæй сæ тынг куы бафæнда, уæддæр ын æй курын нæ бауадз- дзысты, фокотлтæй кæй у, уый тыххæй. Орктæ Сураты хæдзармæ æрмæст сæхи ирхæфсынмæ цыдысты. Раст зæгъгæйæ, чызг йæхæдæг дæр мыггæгты хорзыл нæ хъуыды кодта, касти æрмæст хъæздыгдзинадмæ. Фыццаг бынаты йын уыд сыхаг хъæуккаг къупецаджы фырт. Уыдон раздæр Хъубаны доны был цардысты æмæ базар кодтой хъазахъхъимæ. Ныр ардæм æрбалыгъдысты æмæ хъæуы байгом кодтой стыр дукани…

Рамазаны ныхæстæ хъыг уыдысты Лауканæн, фæлæ уæддæр, чызгæн йе ‘рдхорд раст аргъ кæй нæ кæны, ууыл йæ зæрдæ дардта. Хъуыдытæ кодта, зæгъгæ, рæсугъд чызджы зæрдæ басæттын бирæты фæнды, æмæ уый дæр, куыд йæ бон у, афтæ архайы хинæй, цалынмæ йын нывгонд чи у, ууыл нæ сæмбæла, уæдмæ…

Лаукан уæд æнæнхъæлæджы чызгæн йе ‘цæг цæсгом федта зæрдæхæлар æмæ уæзданæй. Чи зоны, сæ фембæлд чызджы зæрдæйы дæр, Лауканы зæрдæйы цы фæд баззад, ахæм ныууагъта. Нæй уый гæнæн, æмæ Лаукан афтæ рæдийа… Æмæ та-иу лæппуйы цæстытыл ауад, чызг ын куыд фæтарст, йæхи баппарынæввонг æм куыд уыд…

4

Ахæм сагъæсты ахасты фæци Лаукан æгас зымæг Сурайы тыххæй, фæлæ йæм уæддæр иу хъуыдымæ æрцæуыны ныфс нæ уыд. Ралæууыд уалдзæг, æмæ та лæппуйы зæрдæйы монцтæ сног сты.

Иуахæмы та Лаукан хъæуæй сыздæхт æмæ сæ бынатмæ куы бахæццæ, уæд йæ размæ разгъордта рæгъауы раздзог – бæзджынбарц саулохаг. Хæрзконд, тыхджын, йæ сæр бæрзонд систа æмæ, сагъды хуызæн лæугæйæ, мæстджынæй æнхъæлмæ каст барæгмæ, раст цыма йемæ схæцынмæ хъавыд, уыйау. Иуцасдæр афтæ алæууыд – нал базыдта рæгъаугæсы. Æцæгæлон æй фенхъæлдта æмæ стыхст, стæй йæ базыдта æмæ йæ цæстытæй раивылд хъарм уылæн, рæвдаугæ мыр-мыр бакодта. Æгомыг æрдæгхъæддаг фосы æнувыддзинад лæппуйы зæрæдæйы тæгтæм бавнæлдта, йæ иунæгдзинад ын ногæй йæ зæрдыл æрлæууын кодта, хæстæг, уарзон адæймаг ссарыны бæллиц та райхъал ис.

Лаукан æдзæмæй лæугæйæ баззад, Рамазан æм куыд æрбахæццæ, уый дæр нæ рахатыд.

– Хъуыдыты та бахаудтай, нæ!.. – фæлмæн уайдзæф ын бакодта Рамазан. – Хъахъхъæн, дæ сæры зонд ма фæцæуæд.

– Куыд нæ сагъæс кæнон, афтæ хæрз иунæгæй, æгас дунейы…

Рамазан хорз æмбæрста йе ‘рдхорды æмæ йæм ныууырдыг:

– Омæ йæм бацу, бацу, æмæ дæ хъизæмарæй фервæзай. Хæстæгмæ дæм, чи зоны, ахæм æмбисонд ма фæкæса. Дæхи сагъæсæй цæуыл марыс? Уыцы хивæндыл цы ныйичъи дæ зæрдæ? Зæгъын дын, ацы Сураимæ ничи бафидаудзæн. Æмæ куы не сразы уа, уæд стыр бæллæх нæ уыдзæн. Ссардзыстæм æндæр, ахæм къулбадæг нæ, фæлæ, уарзын чи базона, ахæм. Ныр та æвæстиатæй цæуын хъæуы дæ рæсугъдмæ, æз дæр демæ бацæудзынæн. Æз сæм арæх вæййын æмæ йын йæ митæ хорз зонын. Цæуыс?

Йе ‘рдхорд Сурайы тыххæй рæдигæ кæй кæны, уый зыдта Лаукан, æмæ йемæ никуы быцæу кодта, ныр дæр æм æнæдзургæйæ хъуыста. Фæстагмæ æнкъардæй афтæ бакодта

– Омæ хорз, бацæуын сæм хъæуы…

– Æцæг ма дын иу хатт зæгъын, тынг-иу ма мæт кæн, цы фенынмæ хъавыс, уый дзы куынæ фенай, уæд. Ноджы ма бирæ сау халæттæ уасынц чызджы хъусы, дæ фыдгой кæнгæйæ. Æппæтæй тынгдæр та Пшигот. Уæд, сырх бæх ахсгæйæ, фæхудинаг æмæ архайы, цæмæй адæмæй уыцы хабар ферох уа. Цы, дам дзы ис диссагæй, фосгæсы рæвдз фезмæлдæй уæлдай, фæлæ, дам, йæхи мары, цæмæй йыл адæм сæ цæст æрæвæрой. Афтæ, гъе, мæ хæлар. Цæттæ у алцæмæ дæр. Пшиготы уым кæй баййафдзыстæм, уый дæр гуырысхойаг нæу, арæх сæм вæййы…

Лаукан æмæ Рамазан рæгъау æхсæвыгæтты хъахъхъæдтой, бонæй та – æвæлтæрддæр рæгъаугæстæ, уымæ гæсгæ хъæумæ рацæуынæн рæстæг ссарын зын нæ уыд. Сæхи бааивтæ кодтой æмæ араст сты Суратæм.

Лаукан хорз зыдта ацы хуымæтæджы адыгаг хæдзар. Уæлдай хуыздæр та – чызджы кæм федта, уыцы кæройнаг дуары къæсæр. Уæдæй нырмæ арæх æруайы йæ бæхыл ауылты, Сурайы дардмæ уæддæр феныны ныфсæй аивæй бакæсы хæдзары ‘рдæм. Уыцы цыдтытæ сусæг уыдысты, Рамазанæн дæр сæ никуы схъæр кодта: йæхимæ дæр сывæллоны миты хуызæн кастысты.

Лæппутæ кæрты никæй баййæфтой, фæлæ, агъуысты гом дуармæ куыд хæстæгдæр кодтой, афтæ сæ хъустыл кæйдæрты ныхас ауад. Лаукан куыддæр фæтыхсæгау кодта, бафæндыд æй фæстæмæ раздæхын.

– Чидæртæ сæм ис…

– Æмæ цы?! Рæсугъд чызджы алыварс адæмæй фылдæр цы вæййы?! – ныфсытæ йын æвæры Рамазан.

Бирæ хъæлæсты астæу æнцонæй раиртасæн уыд Пшиготы цъæхснаг зырзыргæнаг хъæлæс. Æмæ уый Лауканæн цыдæр разæнгардгæнæн хос фæци, æнæуынондзинад та цæхæртæ акалдта, æмæ æвиппайды йæ тыхст фæцыдæр. Мидæмæ бахызт фидар къахдзæфтæй.

Сурайы агъуыст уыд нывæфтыд: къултыл – йæхи къухæй быд алы рæсугъд хæрдгæхуыд дзаумæттæ. Къуымы рагъæныл – чызджы зынаргъ уæлæдарæс, бæрзонд базыл – сызгъæрин æндæхтæй нывæфтыд гопп. Адыгаг хæдзары дзаумæттæй уæлдай агъуысты уыд уырыссаг хæдзары дзаумæттæ дæр: гауыз уырыссаг нывтимæ, хуызджын зестæй гыццыл чырын стъолыл рæсугъд рудзынгæмбæрзæнтæ æмæ хуыссæнæмбæрзæнтæ. Уыцы заман уырыссаг стъол æмæ авгæй æхгæд рудзгуытæ арæх нæма уыдысты адыгаг хъæуты. Стъолыл бирæ ног дзаумæттæ, цыбыр дзырдæй, агъуысты хицауы равдисын цыдæриддæр фæндыд, уыдон уыдысты зынгæ ран.

Цæрæнбонты мусонг æмæ æххуырсты мæгуыр къуымы чи фæцард, уыцы Лауканмæ чызджы уат фæкаст аргъæутты бæстæйау, чызг йæхæдæг та хæрзарæзтæй – аргъæутты рæсугъдау. Сура лæууыд стъол æмæ сынтæджы æхсæн. Дыууæ æрдхорды дæр æрлæууыдысты æмæ агъуыстыл сæ цæст ахастой. Стъолы цур, кадджын бынаты, Сурайы ныхмæ, йæ иу къах иннæуыл æппæрстæй бадт Пшигот. Гыццыл дарддæр та – æндæр лæппулæг, уый дæр, æвæццæгæн, орк. Дуармæ хæстæг, къулмæ фидаргонд цуркыл хæцгæйæ, лæууыд хæрз æвзонг лæппу чызджы мыггагæй.

Дыууæ æрдхорды куы бацыдысты, уæд Пшигот æмæ йе ‘мбал гыццыл базмæлдысты, фæлæ, æгъдаумæ гæсгæ куыд æмбæлд, афтæ стгæ не скодтой, ахæм кады аккагыл сæ нæ банымадтой. Лаукан фыццаг бацыд чызгмæ æмæ йын салам радта, стæй дуары ‘рдæм фæстæрдæм акъахдзæфтæ кодта æмæ иннæтæн иумæйаг салам радта, йæ рахиз къух хæрдмæ сисгæйæ. Уыцы змæлдтытæ кодта æнæдзургæйæ, хиуылхæстæй. Орктæ йын йæ саламæн дзуапп нæ радтой.

– Хъуыды кæныс, цы дын дзырдтон, уый? – дзуры Пшигот чызгмæ. – Раст афтæ рауад! Бæндæнтыл кафæг æрбацыд йæ мыздмæ, дæ хæдзары дуармæ цы ныв ацарæзта, уый тыххæй. Мызд та, æппынкъаддæр, уыдзæн дæ уарзондзинад!.. – орк зынæрвæссонхуызæй йæ хъæлæсы дзаг ныххудт.

Ахæм æдзæсгомдзинадæй Лаукан цавддурау фæци, дзуапмæ дæр нал фæцарæхст. Фæлæ Рамазан сæрæндæр разынд æмæ кæнгæ ницыхуызæй сдзырдта:

– Мах раджы фехъуыстам, дам-думтæ æмæ фыдгойæ алкæй дæр æмбулыс, фæлæ хъæддаг дугъонты бадомынмæ та…

– Стыр дæсны уæвын нæ хъæуы, ахуыр арканчешыл бæх æрцахсынæн! Уый фосгæсы æвзыгъдзинад фæуæд, – йæ ныхас ын фескъуыдта Пшигот.

Лауканы нæ фæндыд чызджы раз дæрзæг быцæу кæнын æмæ сабырæй бамбарын кодта Пшиготæн:

– Саргъыл бадын чи нæ зоны, уымæн æгъдæнцой дæр быцæу нæу, лæгдзинад кæмæ нæй, уымæ та æнцойгæнæн æфсарм нæй…

– Сбадут, – фæтагъд кодта Сура.

Адыгты феодалон закъонмæ гæсгæ, фокотлæн, уæлдайдæр хъазайрагæн, оркы раз бадæн нæ уыд, йæхицæй кæстæр куы уыдаид, уæддæр. Уый тыххæй бирæ ныхас цыд нудæсæм æнусы астæу. Фокотлтæ домдтой, цæмæй сæ хистæртæ æмсæр уой, кад хъуамæ мыггагмæ гæсгæ нæ, фæлæ кармæ гæсгæ, лæгдзинадмæ гæсгæ уа, зæгъгæ. Иуæй-иу фокотлтæ фыццагау уырдыг лæууыдысты оркты цур, ома, дам, фыдæлты æгъдау æххæст кæнæм. Фæлæ бирæтæ реформæйы фæстæ афтæ нал хъуыды кодтой, æмæ орктæн уый тынг хъыг уыд.

Ныр дæр дыууæ æрдхорды дыккаг хуындмæ нæ фенхъæлмæ кастысты, фæлæ оркты фыддæрадæн æрбадтысты. Пшигот йæхи ныттар кодта, йе ‘мбалимæ кæрæдзимæ бакастысты æмæ сæ бынæттæй фæгæппытæ кодтой. Сура сæ фембæрста, фæлæ йæхи ницымбарæг акодта æмæ сæ худгæйæ афарста:

– Цæй тагъд уыд, Пшигот, цæуылнæ ма абадтыстут?..

– Ацы фос – фокотлтæ – кæм æрхуыссыдысты, уый оркæн бынат нæу.

Чызджы цæсгом мæстæй атар. Рамазаны ныхæстæм гæсгæ, Сура Пшиготмæ хорз цæстæй нæ каст, сæ хъæздгуытæй кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йын йæ арæх цыдтытæй дæр тыхст. Фæлæ уæддæр ахæм цæхгæр ныхкъуырд нæ радтаид Пшиготæн, чызгæн йæхи знæмы кадмæ куынæ фæныхылдтаид, уæд. Ныр ын тызмæгæй бауайдзæф кодта:

– Кæдæм цыдтæ, уый дæ рагацау базонын хъуыд, фокотлты хæдзары адæймагæн кад йæ худы бæрзæндмæ гæсгæ нæ кæнынц…

– Раст дæ: фæрæдыдтæн, кадджын лæгæн цæуын кæдæм не ‘мбæлы, ахæм хæдзармæ кæй æрбацыдтæн, уымæй! Дæ рæсугъддзинад дын адæймаджы намысимæ фæхæццæ кодтон. Ды та разындтæ æрмæстдæр, чи схъал, ахæм æххуырст!

– Раст фæдзурынц, худ, дам, æмхуызон æмбæрзы æдылы æмæ зондджын сæрты, – нал фæлæууыд Лаукан. – Намысджын лæг сылгой- магыл йæ къухтæ нæ фæтилы.

– Дæуимæ та мын, æххуырст, æндæр ныхас уыдзæн! – мæсты къæпп фæкодта Пшигот. – Сылгоймаг дзы куынæ уаид, уæд дын æз дæ бынат бацамонин!

– Уый дын æндæр хъуыддаг! – хъæлдзæгæй фæкодта Лаукан. – Уый дын лæгау-лæджы ныхас. Фæлæ æртхъирæнтæн дæр æндæр ран уыд равзарæн. Быдыртæ æмæ хъæдтæ бирæ. Æз цæттæ дæн уым демæ фембæлынмæ.

– Фендзыстæм, чи кæуыл фембæла, уый! – ферра Пшигот æмæ йе ‘мбалимæ феддæдуар сты.

Сура Пшиготмæ смæсты, фæлæ йæхимæ дæр йæ маст къаддæр нæ уыд. Йæ цæсгом асырх, йæ цæстытæ цæхæртæ калдтой. Лаукан æмæ Рамазан та разыйæ баззадысты орктимæ быцæуæй, разыйы хуыз уыд Сурайы хæстæджыты лæппуйæн дæр. Агъуысты æгуыппæгдзинад фыццаг фехæлдта Рамазан.

– Арвæрттывдтытæ алыхуызон вæййынц: иутæ – æнæсым, фæлæ расайынц тыхджын тымыгътæ æмæ тæрккъæвдатæ, иннæтæ та – гыбар-гыбуримæ, фæлæ ахицæн вæййынц уарыны цалдæр æртахæй, – худт Рамазан, оркты фæстæ кæсгæйæ.

Рæгъаугæс раст уыд. Пшиготы хиуыл фæхæст йæ уæздандзинады тыххæй нæ уыд: æгас хъæубæстæ дæр зонынц, хыл ракъахынмæ йæ нæдæр сылгоймæгтæ хъыгдардтой, нæдæр сывæллæттæ. Фæлæ ныр æмбæрста, Лауканимæ æргом хæсты кæй ницы рамбулдзæн, уый. Йæ бæхдавæг æрдхæрдтæ хорз зыдтой рæгъаугæсы рæстдзæвин. Цал хатты сын-иу рахъавыдысты сæ бæхтæй атæрынмæ, фæлæ та-иу сын нæ фæрæстмæ, Лауканы нæмыджы амæттаг-иу баисты.

Рамазаны хъазæн ныхæстæн дзуапп ничи радта. Сура худыныл нæ уыди. Бынмæ каст, афтæмæй йæ зæлдаг кæлмæрзæны хаутимæ архайдта. Чызг зыдта, йæ ныхæстæ уайтагъд æнæхъæн хъæуыл ахæлиу уыдзысты. Орктæ мæстджынæй йæ фыдгой кæндзысты. Иннæтæ дæр ын йæ ныхæстæм сæдæтæ бафтаудзысты. Къуыдипп орктæ йын нæ ныббардзысты, æмæ хæйрæг йæ зонæг, цы фыдми æрхъуыды кæндзысты, сæ астæу цъаммар адæм гыццыл нæй.

Фокотлтæ æппæлдзысты Сурайæ, æмæ йæ уæлæрвтæм сисдзысты. Æппæты тынгдæр уымæй тарст чызг: нæ йæ фæндыд, цæмæй йæ ном фокотлты чызгæй айхъуыса. Сура йæхи нымадта, йæ хъæздыгдзинадæй йæхицæн уæзданы ном чи агуырдта, уыцы ног сословийыл. Æнусты æхсыст фокотлты сæрыстырдзинад æм каст уæззау уаргъау. Ахæм цæстæнгас чызгмæ фæзынд йæ кадыл мард бинонты аххосæй.

Сура йæ хъуыдытæй æрратæ кодта, мæстæй мард йæхимæ.

– Иууылдæр ацы æнæкъона, æнæфæхæцæджы аххæстæ сты, ме ‘намондæн цымæ кæцæй фæзынд?»

Лауканмæ чызг йæхи хуызæн нал каст. Йæ разы лæууыд, йæ рæсугъд- дзинадæй æнæнцой цы чызджы тыххæй фæци, уый, фæлæ бынтон æндæр хуызы: уазал, фыдахин, суанг цыдæр æнахуыр знаджы цæстæнгасимæ. Рæсугъддзинад йæ бынаты баззад, фæлæ йæ удæй рухс нæ цыд. Æрмæст йе ‘ппæт æнгасæй дæр зынд сæрбæрзонддзинад. Цæстытæ! Уыцы рæсугъд цæстытæй калд йæ уды уазал уылæн. Рæсугъд, фæлæ тæссаг сырды лæппын йæхимæ æлвæста, фæлæ дзы хи хъахъхъæнын дæр хъуыд.

Лаукан ын уæддæр цыдæр растгæнæнтæ агуырдта: чызг смæсты Пшиготы хъæддаг митæм. Йæхинымæр æлгъыста оркы, фæлæ йæхи æрбацыдыл дæр фæсмон кодта. Архайдта ацæуынæн исты æфсон ссарыныл. Рамазанмæ та æндæр хъуыдытæ уыд, æмæ, цыма æппындæр ницы æрцыд, уыйау афтæ бакодта:

– Арв æхсæвыгон стъалытæй фидауы, чызджы цæсгом та – йæ цæс- тыты æрттывдæй. Фæлæ, Сура, дæ цæстытæ цыдæр тар сты…

Сура дисæй мард, Рамазанмæ ма Пшиготимæ хылы фæстæ хъазын куыд цæуы, ууыл æмæ йæм æнæууæнк каст бакодта. Фæлæ федта æнæхин фæлмæн цæстæнгас. Чызг Рамазаны рагæй зыдта, арæх-иу фæныхæй-ныхмæ сты дзырдæппарæнты, æмæ чызг йе ‘взаг цыргъ кодта аккаг ныхмæлæууæгимæ тохы. Ныр дæр Сурайы цæсгомыл фæзынд æнæбары мидбылхудт.

– Æмæ дæм цы диссаг фæкаст, исты сау мигътæ хатгай стъалыты нæ амбæрзынц?.. – рæвдзгомау афарста чызг.

– Мигътæ тæссаг не сты. Адæм зонынц: мигътæ фæцыдæр уыдзысты, æмæ та стъалытæ сæрттивдзысты. Фæнды мæ базонын, дæуæн дæ цæстытæ цы мигъ амбæрзта, уый тагъд фæцыдæр уыдзæн?

– Æрмæст хур адæмы æмхуызон тавы, чызджы цæстытæ алкæмæ æмхуызон не ‘рттивынц. Уый тыххæй чызг кæнæ æдылы хъуамæ уа, кæнæ та – дыдзæсгом.

– Æз зонын, чызджы цæстытæ абон цы амондджынмæ худынц, уый гæнæн ис, райсом мауал уа амондджын, – хъæрæй сдзырдта Рамазан.

– Мæнæй цы домыс? – ныххудт Сура. – Асайон дæ, уый дæ фæнды? Фæлæ дæ ныхæстæм гæсгæ бирæ сæйдтытæ баййæфтай.

– Ныхас мæныл нæ цæуы, æз уыцы фæлварæнтæ раджы бавзæрстон. Фæлæ мæ хæлар Лауканы тынг фæнды дæ сайаг цæс- тыты судзаг бавзарын.

– Нæ мæ уырны, æмæ Лаукан, ахæм хъуыддагхуыз адæймаг, тырна мæ хуызæн къæйных чызгмæ.

Ам Лаукан дæр ныхас айста.

– Цæф сæгуыт донмæ згъоры, цæф зæрдæ та, чи йæ фæцæф кодта, уымæ.

– Цæф сæгуыт донмæ згъоры, цæмæй йын дон йæ цæф зæрдæйы тæвд фæкъаддæр кæна.

– Æхсæв ныфсæвæрæн вæййы, суанг сæххæст уæвæн цы бæллиц- тæн нæй, уыдонæн дæр, уарзондзинад дæр æнхъæлмæ фæкæсы, кæй уарзы уый зæрдæйы фæфæлмæнмæ.

– Рисгæ цы сæр фæкæны, уымæ фæлмæн баз дæр хъæбæр фæкæсы, чызджы зæрдæ цæф зæрдæмæ ноджы хъæбæрдæр фæкæсын дæр зоны.

– Уый раст у. Фæлæ вæййы, зæрдæ райгæ дæр æмæ æнкъард дæр цы зарæгмæ фæкæны, ахæмтæ, æмæ уымæй зарæг æвзæрдæр нæ фæвæййы.

Дзырдкъахæн ма бирæ ахаста. Сура Лауканæн, Рамазанæн куыд æнцонæй лæвæрдта дзуæппытæ, афтæ æнцонæй нæ лæвæрдта. Ныр уый дзырдта хъавгæ æмæ уазалхуызæй. Лауканы уырнын райдыдтой Рамазаны фæдзæхстытæ. Нæ зоны уарзын ацы чызг, йæ зæрдæ хъæбæр у. «Зондджын, хинæйдзаг æмæ хирвæссон», – ахæм хатдзæгмæ æрцыд Лаукан. Фæлæ уæддæр йæхицæн басаст, ахæмæй дæр ын чызг æнæкæрон зынаргъ кæй у, ууыл. Æмæ йæхицæн ныфс æвæрдта чызджы зæрдæйы уарзондзинады цæхæр баппарынæй, стæй йæ, истæуыл йæ зæрдæ дара æви нæ, уый сбæлвырд кæнын дæр фæндыд.

Сура йæхи нал баурæдта.

– Уарзондзинад дæр лæгдзинады хуызæн у, нæй йын æрмæст зæрдæлхæнæнæн раттæн. Кæй хай фæуа, амонд – уый. Мыд адджын у, фæлæ кæй зæрдæмæ нæ цæуы, уый йæ нæ хæры, – йе уæхсчытæ фелхъивгæйæ, сдзырдта чызг.

– О, фæлæ уарзондзинад зæрдæимæ иумæ нæ райгуыры. Æрмæст амонды бæллиц куы фæзыны, зæрдæ зæрдæмæ фæндаг агурын уæд райдайы. Афтæ хъæбæрзæрдæ мæм цæмæн дæ? Мæ зæрдæ дæ зæрдæмæ фæндаг кæй агуры, уый тыххæй?

Цыдæр æнæныфс лæгъстæ фехъуыст чызгмæ лæппуйы ныхасы. Æмæ Лауканы рæдыд уым уыд. Фæлæ лæппу цæмæй зыдта, ахæм кадмондаг сылгоймаджы зæрдæ хъæбæрдæр фæуыдзæн, уый.

Сура дисхуызæй йе ‘рфгуытæ уæлæмæ фелвæста æмæ æнæрвæссонхуызæй бакаст Лауканмæ. Йæ хуыз дзырдта: цæмæй дæ ис ныфс, æнæхæдзар æнæфæхæцæг гæвзыкк лæппу? Куыд мæм бауæндыдтæ? Цы хуызы хъуамæ бахауа ахæм ницæйаджы уарзондзинады уацары?

Æмæ æргом къæйных фидисы хуызæнæй дзуры лæппумæ:

– Омæ хорз. Ахъуыды кæнæм, кæцы бæласы бын цæрдзыстæм, кæнæ кæй знæмыл нæхи баныхасдзыстæм…

Лаукан æрвдзæфау фæци. Дыууæ минуты бæрц æнæдзургæйæ абадт, йæ маст æмæ йæ зæрдæйы рыст ныхъхъус кæныныл архайдта. Агъуыст нындзыг, суанг дзыхарæхст Рамазан дæр Сурайы æгъатыр- дзинадæй топпы цæфау фæци.

Æппынфæстаг Лаукан, цыма уæззау уаргъы бынæй фервæзт, уыйау йæхи базмæлын кодта, мæстæлгъæд худт бакодта æмæ сыстад.

– Æнæзнæм, æнæфæхæцæг кæй баззадтæн, уым аххосджын нæ дæн, уый ме ‘намонддзинад у, – загъта сабыр æмæ хиуылхæстæй, чызджы иувæрсты кæдæмдæр кæсгæйæ. – Зæрдæ цы адæймагæн вæййы, уый æнамонддзинад цæстмæ нæ фæдары. Цы гæнæн ис, куыд кæсын, афтæмæй дæуæн зæрдæ нæй… Мæ цæст дын æвзæр нæ уарзы. Æрмæст дын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй æгæр æрæгмæ ма бамбарай иу æцæгдзинад: æнæ уарзтæй хъæздыг хæдзары цæрыны бæсты фæлтау бæласы бын уарзондзинадимæ цæр.

 

5

Цалдæр боны Лаукан къуырмайау уыд. Рамазан ын йæ уавæр æмбæрста æмæ йын Сурайы кой кæнгæ дæр нал скодта. Лауканы маст æрмæст Сурайы æнæразыдзинад куы уыдаид, уæд ын бафæрæзтаид, дуне уыцы чызгыл не ‘рæнцад, зæгъгæ, стæй йын йæ сæрыстырдзинад дæр æххуысгæнæг фæуыдаид йе ‘нæдзуапп уарзты. Фæлæ цæф æруад, рæстæгæн дзæбæх кæнын цы хъæдгом нæ комы, ууыл. Царды алы æнæхъола æвзарæнтæй фæллад Лаукан сахуыр алы ног фыдбылыз дæр хъысмæты æгъатыр цæфтыл нымайыныл. Сурайы дæрзæг фидис дæр та уымæн уыд ног æвдисæн, æмæ арф хъынцъым æрбынат кодта лæппуйы зæрдæйы, йе уæнгтæ йын æлхъывта мæцъистау.

Сурайыл хъуыды дæр нал кодта, хъыг дæр ын цыма нæ уыд, ахæм ницæйаг кæй разынд, уый. Йæ хъуыдытæ æндæр уыдысты. Æртæ хатты йын хъысмæт ахъаззаг цæфтæ ныккодта: йæ ныййарджыты æмæ йæ фыды хæдзары сæфт, æнæмыггаг æмæ æнæфæхæцæгæй баззад æна- хъомæй, йæ уарзон чызг ын йæ уарзтыл гуымиры худт ныккодта; æмæ алы ран дæр аххосджын уыд фыдæзнаг – орк.

Йе ‘нусон фыдгултæм æнæуынондзинад та ноджы тыхджындæрæй ссыгъд. Йе ‘ппæт маст дæр ныр сцæм Пшиготы алыварс, афтæ йæм каст, цыма цыдæриддæр чъизидзинад ис, уый Пшиготы хуызы рацыд. Рамазан фыццагау ницы дзырдта, ныфсæвæрæн ныхæстæ уæлдай фыдæбоныл нымадта.

Рæстæг цыд, æмæ, æдде бакæсгæйæ, афтæ зынд, цыма Лаукан йæ уæззау уавæрæй фервæзт, цыдæр фæндмæ æрцыд. Йæхи цæмæдæр зæрдиагæй цæттæ кæны. Æппæты фыццаг хицауæй ракуырдта, рæгъауы цы зæронд саулохаг уырс уыд, уый æрцахсыны бар, цæмæй йæ æрцахуыр кæна. Уæддæр æй исты фæкæнын хъуыд, уымæн æмæ, æрæджы рæгъауыл цы æрыгон уырс бафтыд, уыимæ нæ фидыдтой, æмæ фыдбылызæй тæссаг уыд. Хицау уыцы уавæрмæ гæсгæ æнцонæй сразы Лауканимæ. Æнцон нæ уыд æрцахсын æмæ æрчырыстон кæнын, адæймаджы къух чи никуы бавзæрста, уæгъдибарæй чи сахуыр, уыцы хъæддаг бæхы. Фæлæ Лаукан афтæ фæндвидар уыд, æмæ йæ цы фæндыд, уый йæ къухы бафтыд, бадомдта бæхы.

Найынмæ йæ кæнын куы райдыдта, уæд та бафиппайдта бæхы диссаджы миниуæг: разынд, адыгтæ «донгалм» кæй хонынц, уыцы бæхты стæм мыггагæй. Уыдон афтæ ленк кæнын зыдтой, æмæ сын дон се ‘рагъ не ‘мбæрзта, уымæ гæсгæ-иу бæхы рагъы хъæд доныл калмы тар тæлмы хуызæнæй зынд. Лауканы цинæн кæрон нал уыд. Æмæ алы бон дæр цалдæр хатты фæтæн доны иу былæй иннæмæ ленк кодтой йæ бæхимæ. Ноджы ма йæ сахуыр кодта тæхгæ-тæхын бæрзонд былæй донмæ гæпп кæныныл дæр. Уæгъд рæстæг Лаукан æхста дамбацайæ. Раздæр арæх нæ фæлвæрдта æхсыныл, стæй нæмгуытыл дæр ауæрста, ныр-иу сæ фæстаджы онг бахардз кодта. Æппæт уыдæттыл дис кодта Рамазан, цыдæр сагъæс ыл æфтыдтой, æмæ йæ иухатт афарста:

– Сурайы скъæфынвæнд скодтай?

Лаукан ын йæ фарстыл бадис кодта æмæ йæм уайдзæфгæнæгау бакаст.

– Цынæ зæгъдзынæ!.. Хъуамæ адæймаг ахæм сырды ми куыд бакæна? Æрмæст тугдзых орктæ зонынц афтæ. Æнæбон чызгыл дæхи ныццæв, пыхсытæм æй балас æмæ йæ ныскъуыдтæ кæн. Уый дын, рæвдауынæн цы къухтæ сты, уыдонæй дæ цæсгомы цъар стигъдзæн… Уымæй æлгъагдæр ма цы ‘рхъуыды кæнæн ис? Уый лæгдзинад нæу. Дæ сæрмæ та куыд бауагътай мæн тыххæй ахæм хъуыды? Стæй цы аххосджын фæци Сура? Исты мæм уый æрбацыд, ракур мæ, зæгъгæ? Æз бацыдтæн йæ хæдзармæ. Цы гæнæн ис, адджын ын нæ дæн.

– Уæдæ дæхи цæмæ цæттæ кæныс? – афарста та Рамазан. – Пшиготимæ схæцынвæнд ма скæн, мыййаг?

– Ницæмæ цæттæ кæнын мæхи, – æбæрæг дзуапп лæвæрдта Лаукан. – Фæлæ мын орктимæ тохæй ирвæзт нæй, Пшигот уа æви æндæр исчи. Уыдон мын сзыгъуыммæ кодтой мæ цард, æмæ ма абон дæр уыдон лæууынц цæлхдуртæй мæ фæндагыл.

– Ма сфæнд кæн, уымæн бирæ хъузонтæ ис, уыдон архайдзысты æдзæсгомæй, чъылдымæрдыгæй, ды та – æргомæй, æмæ дæ байсафдзысты. Ды сæ искæй куы бахъыгдарай, уæд та дын æй нæ ныббардзысты, æмæ та дæ лидзын бахъæудзæн.

– Адæймаг иу хатт мæлы. Æз та мæлæтæй нæ тæрсын. Куы бахъæуа, уæд абырæг ацæудзынæн æмæ оркты бындзарæй сыскъуындзынæн.

– Чи зоны, раст дæ, фæлæ… – дарддæр цы загътаид, уый нал ссардта Рамазан.

Уыдзæн ма.

Уырыссаг æвзагæй БЕЗАТЫ Фаризæйы тæлмац