Астрид КОЛЬМАЙЕР

Австриаг фыссӕг ӕмӕ театралон режиссер Астрид Кольмайер райгуырди 1983 азы. 2000-ӕм азӕй фӕстӕмӕ фыссы пьесӕтӕ, радзырдтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ. Йе ‘мдзӕвгӕтӕ мыхуыргонд цӕуынц литературон журналтӕ ӕмӕ альманахты, йӕ пьесӕтӕ йын сценӕйыл ӕвӕрынц Швейцари, Германи, Австри ӕмӕ Люксембурджы. 2012 азы райста Австрийы Паддзахадон литературон преми.

Ацы ӕмдзӕвгӕтӕ немыцаг ӕвзагӕй иронмӕ раивта Золойты Аркади.

 

МЕЛАНХОЛИКОН САБИ

Мит пырх кодта мӕ рустыл,
ныссалд-иу мӕ кӕл-кӕл, фӕлӕ
ничи фӕрӕзта тых кӕнын мӕнӕн –
амондджын сабийӕн.

…Нал уынын, уӕууа, фынтӕ,
уӕлдайдӕр та мигътӕ-тымыгътӕ.
Никуы. Мӕхицӕй ӕз раджы фӕлыгъдтӕн.
Мӕн нал ахсы абон хуыссӕг.

Арӕх фӕмысын мӕхи.

Хатгай ма фенын мӕ фынты,
цыма та миты ӕгомыг тъыфылтӕ,
кӕрӕдзиуыл ӕндӕдзгӕйӕ,
салд зӕхмӕ згъӕлынц мӕ рустӕй.

…Фыццаг хатт никӕдуал уыдзӕн,
нал, никӕдуал.

Незаманты ӕрдӕгфынӕй сонт сабийы
йӕ миттӕй бамбӕрзта уад…

 

ПАНТЕРÆ

Пантерӕ
мӕ азар фӕсуры.
Мӕ гауызы
гӕппӕввонгӕй бады.
Мӕ фынтӕ,
мӕ сӕнттӕ мын хизы.
Мӕ саумӕт мын аскъуыдтӕ кӕны
ӕмӕ йӕ ӕдзӕмы фӕдджийыл
Хъазгӕ-хъазын ысбийы.

Дӕ хорзӕхӕй, денджыз,
хӕрзӕггурӕггаг-иу мӕм фӕу.

 

МÆ ФÆСТÆ

Сонт цъӕхахст, сынт никӕцӕй зыны.
Дымгӕ хизы рудзгуыты ӕмӕ лӕгдзармы.
Дон дуджы фӕласы.
Тыхулӕфт. Буар се ‘рхъулайы бахаудта
йӕ рондзы къанӕуттӕ ӕмӕ гӕрӕнтӕн.
Дуне абухы размӕ, сӕ размӕ.
Буды тӕфмӕ ӕрымысын будтӕф.
Алы сӕрд иу, уыцы иухуызон, ныронгмӕ ӕмӕ ӕдзух.
Судзаг ныронгмӕ ӕмӕ ӕнустӕм.
Будтӕф нӕ аивдзӕн, куы нал уон
ӕмӕ сабийы цъӕхахст куы айзӕла,
уӕддӕр.

 

ÆГÆРОН БОН

Сындӕггай мӕ тамако судзы,
йӕ фӕздӕг уӕларвмӕ ысхилы –
цымӕ йын нӕ вӕййы къӕвдайау ӕртӕдзӕн?
Сахатӕн йӕ хъӕрзын ыссӕуы,
мӕ сӕрызонд бандзыг и, сдон и.
Мӕ цӕстӕнгас зилы кӕмдӕрты,
мӕ сахат ныхъхъӕрзы – ныккӕрзы, –
цымӕ йын ӕнцойы хос нӕй?

 

КЪАЛАТИ

Мӕ къалатийы
кувын Хуыцаумӕ.
Мӕ цъыбар-цъыбур ӕм
нӕ хъуысы.
Ӕрзайынц мыл базыртӕ,
рыхӕны фыцгӕйӕ
фӕтӕхын
иу къулӕй иннӕмӕ…
…ныфссастӕй
мӕ базыртӕ ‘рхауынц.
Ӕруадзынц ӕмбӕрзӕн мӕ къӕсыл,
ӕмӕ та мӕ абырсы фын.

 

ХÆРЗБОН

Фӕлдурӕг ӕрцардис дӕ уаты,
сӕ зӕлтӕ дӕ ныхӕстӕн тайынц –
мӕ комӕй сӕ хъазгӕйӕ ахсын.
Дӕ фадыгыл де ‘хсыр ӕркалди,
дӕ рохст дын мӕ дӕларм ӕмбӕхстон.
Фӕллад ӕмӕ ‘фхӕрдӕй, мӕ иунӕг,
ныффынӕй дӕ – не стын дӕ разӕй.
… Ӕхсӕвыгон байсысдзӕн д’ аипп
мӕ рустӕн сӕ артимӕ иумӕ.

 

БОН

Уад
раджы ӕрсабыр,
фӕлӕ ма йӕ
фырхъалӕй
фӕндыди
денджызӕй ануазын.
Хур
раджы ӕрныгуылд,
фӕлӕ ма йӕ фӕндыдис
уарыны анайын,
багъӕцын, фенын,
цымӕ цӕмӕ расайдзӕн.
Фарстытӕ
раджы фесты,
фӕлӕ ма кӕмдӕр
сӕ сыр-сыр цыди,
ӕрмӕст сӕм хъусӕг нӕ уыд.
Мӕ сӕрызонд
раджы ысдон и,
фӕлӕ ма йӕ каст
сӕумӕцъӕхтӕм уыд, –
фӕдзедзырой кодта дыууӕрдӕм.
Цыма йын ӕхсӕв
нал фаг кодта.

 

РАЗДÆР

Дӕ тӕхгӕ хъуыдытӕ
мӕ зӕрдӕйы къуымтӕ ысгӕрстой.
Дӕ дзырд-иу мын фестади ныфс –
ӕнӕфӕлгъаугӕ, сӕрибар, рӕвдаугӕйӕ.
Сонтӕй кӕрӕдзи ӕмбӕрстам, –
уыд не ‘хсӕн ӕууӕнк.
Дӕ ныхас мӕ дадзинты царды рухс уагъта,
нӕхи-иу нӕ амонды надтам…
Ӕмӕ-иу цыдыстӕм фыдӕлты сахартӕм
ныфсджынӕй, ӕдасӕй,
ӕмӕ мын нӕ бӕстӕйы диссӕгтӕ, –
раздӕр кӕй нӕ уыдтон,
уыдон – ӕвдыстай.

 

ДОНБЫЛ

Уад ӕрсабыр,
нау йӕ лӕууӕн ссардта.
Цинӕй райы зӕрдӕ,
бамыр цъиуты зарӕг.
Нал уары,
нал дудынц рухсмӕ
нӕ цӕфтӕ.
Цыдӕртӕ та хъулон кӕнын
хӕххытӕ, ыстъӕлфтӕй.
Мӕнӕ – уад,
аскъуыдта науӕн йӕ пӕлӕз,
растыгъта уымӕн йӕ мӕстӕг.
Донӕй
байдзаг йӕ уӕлхӕдзар.
Тӕрсгӕ-ризгӕ-ыстъӕлфгӕ
доны был бадын…

 

ÆМБАСТ

Дӕ уындӕй фӕджих дӕн,
дӕ ныхас мӕ бафтыдта дисы.
Ӕви мӕ нӕ бамбӕрстай?
Ӕви дӕ кӕд рохуаты хитын?
Дӕ ныхас нӕ дыууӕйыл, мыййаг, нӕ уыд,
нӕдӕр мӕ ӕндӕвта.
Нӕ уарзтыл дӕ зӕрдӕ бынтондӕр куы сивтай,
дӕ къух ыл куы ауыгътай…
Нал ӕй ӕрымысыс,
ӕркӕсы дӕм хардзау, мыййаг?
Ӕви кӕд фӕкъуыхцы дӕ ныхас – фӕкалдис,
дӕ цӕстытӕ разылдтай доны?..