Готфрид БЕНН

МЫСИНАГ

Нымбӕрзта дуне тар ӕхсӕв пӕлӕзӕй,
Ӕрхаста зарӕг фурды былӕй уад.
Фынӕйы армыл андзӕвыд мӕ бӕрзӕй,
Ӕмӕ мӕ цӕстыл диссаджы ныв уад:

Ӕрттывта фидар доны былӕй дардмӕ,
Ӕнӕнхъӕлӕджы уаддымгӕ фӕсыкк. –
Фӕндыры хъӕлӕс… Уайтӕккӕ йӕ зардмӕ
Фӕкалдтой фурдыл стъалытӕ цӕссыг…

Фӕлӕ уӕддӕр фылдӕр фӕкуыдта иу лӕг, –
Ӕмбисонд уыди рагӕй дӕр йӕ цард.
Йӕ хъарӕг кодта хъисын фӕндыр иунӕг,
Уыд арвыцъӕх мӕрдхуыз ӕмӕ ӕнкъард…

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ