ШПИОН
Роман
2003 азы ноябры Лондонæй гыццыл æддæдæр графство Суррейы 95-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Лондоны университеты Авиацион æмæ космосон технологиты Департаменты сæргълæууæг, профессор Токаты Гогки (Григорий).
Уый ном хæссы Лондоны университетон сахары уынгтæй иу, йæ бронзæйæ конд бюст ис Америкæйы космосон центр Лос-Аламосейы, йæ портрет та йын 1972 азы америкаг астронавттæ Вернер фон Брауны портретимæ сæвæрдтой Мæйыл. Григорий Токати йемæ ахаста, Дзæуджыхъæуы зылды мæгуыр хъæу Сечерæй рацæугæ æвзонг лæппу Токаты Гогки æмæ Сырх Æфсады дæлбулкъон Григорий Токаевæй æппæт дунейыл хъуыстгонд англисаг ахуыргонд Grigory А. Tokaty куыд рауад, уыцы сусæгдзинад. Йæ мемуартæ нырмадæр æргом не сты.
Роман «Шпион»-ы автор бафæлвæрдта уыцы райхалинаг сусæг историйæ исты раргом кæнын.
Мæ мад Сабанты Азæйы рухс ном мысгæйæ…
Пролоджы бæсты
ИННÆ ФАРСМÆ АЛИДЗÆГ
1947 азы 3 ноябры Лондонмæ хæстæг Британийы Хæстон-Уæлдæфон Тыхты æфсæддон базæйы æрбадт Берлинæй æртæхæг уæззау «Ланкастер». Йæ трюмы уыдис æртæ адæймаджы: сæ иу – фынддæс æмæ ссæдз азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм бæрзонд нæлгоймаг габардин макъинтошы æмæ дыууæтарджын костюмы, иннæ – зæрдæмæдзæугæ хæрзарæзт сылгоймаг, уый дæр уыцы кармæ ‘ввахс æмæ иу-астаздзыд чызг. Хъахъхъæдтой сæ фондз салдаты, сæ сæргъы – кæстæр афицер.
Лондоны æнхъæлмæ кастысты хæдтæхæджы æртахтмæ. Куыддæр æрлæууыд æмæ йæ мотор ахуыссыд, афтæ æрхизæны цурмæ базылд даргъ сау лимузин тар æмбæрзæнтæй æхгæд рудзгуытимæ. Хъахъхъæнджытæ «Ланкастер»-ы бæлццæтты æртæ граждайнаг адæймаджы къухмæ радтой, уыдон сæ сбадын кодтой сæ машинæйы, æмæ лимузин, хотыхджын хъахъхъæнджытæ цы джипы уыдысты, уый йæ фæстæ, афтæмæй базæйæ рацыд æмæ араст Лондоны ‘рдæм.
Уыцы изæр Кингстоны хæдзæрттæй иуы азæлыд телефоны дзæн-гæрæг. Телефоны хæтæл систа хæдзары хицау:
– Хопкинс хъусы.
Дзырдта йæм булкъон Энтони Браун, МИ-5-ы директор сэр Перси Силлитоуы хæдивджытæй иу. Энтони Брауны бæрны уыдис, æрæджы Британийы контрразведкæйы цы уырыссаг хайад байгом, уый. Сусæг службæйы ветеран Брауны кар æртиссæдз азæй ахызт, йæ куыст райдыдта Фыццаг дунеон хæсты фæстæ, «Секрет интеллижент сервис»-ы штат æдæппæтæй дæс æмæ ссæдз афицеры куы уыд, уæд. 1947 азмæ сæ нымæц схæццæ цыппарыссæдзы онг. Уæдмæ «Секрет интеллижент»-ы штат дихгонд æрцыд контрразведкæ МИ-5 æмæ æддаг разведкæ МИ-6-ыл.
Энтони Брауны телефонæй фæдзырд майор Хопкинсæн уыд æнæн- хъæлæджы: йемæ комкоммæ никуы ныхас кодта, бардзырдтæ иууылдæр лæвæрд цыдысты уырыссаг хайады хицауæй.
– Ныхасмæ мæ хъæуыс, Джордж, – хъысхъысгæнæгау хъæлæсæй сдзырдта Браун. – Хъуыддаг æвæстиатæй æххæстгæнгæ у. Дæ дзаумæттæ акæн æмæ æрхиз, бынæй дæм машинæ æнхъæлмæ кæсы. Бамбæрстай?
– Бамбæрстон, сэр.
Хæсты рæстæг службæмæ ахæм æвæстиатæй фæдзырдтытæ æнæн- хъæлæджы хабарау нæ кастысты, фæлæ ныр арæх нал уыдысты. Хопкинс бамбæрста, цыдæр æрцыд, фæлæ телефонæй ницæмæйуал бафарста. Йæхи арæвдз кодта æмæ æддæмæ рахызт. Тарцъæх «Austin Seven» МИ-5 гаражæй хæдзармæ бацæуæны раз æнхъæлмæ каст. Уый уыдис, уыцы азты тынг кадджын «семеркæ», йæ лак астæрдыл сæлфынæгæй фæлмæвæрдæй зындысты уынгты цырæгътæ. Шофыр æнæдзургæйæ бакодта машинæйы фæстаг дуар, йæхи бынаты дæр æнæдзургæйæ сбадт æмæ машинæ скусын кодта.
Лондоны ацы район немыцаг «Фау-2» тынг бахъыгдардта, хæдзæрттæн сæ кæцыдæр хаймæ зилын райдыдтой, иннæты кæлæддзæгтæ зындысты тасæфтауæг сау дзыхъхъытæй. Хопкинс æнхъæл уыд, Блейн- хем Паласы Вудстокы галуанты комплексмæ йæ аласдзысты, – уый уыд Оксфордæй цæгатырдæм дыууадæс километры дарддæр, æмæ дзы 1940 азæй фæстæмæ уыдысты МИ-5-ы сæйраг службæтæ. Фæлæ машинæ, йæ цæлхытæй сыфсыфгæнгæ, фездæхт Кингстон Роудæй хуссарырдæм, ахызт Вестминстеры хидыл тар Темзæйы сæрты æмæ, змæлæг цы уынгты нæ зынд, цæмæдæр æнхъæлмæгæсæгау цы горæты кварталтæ нындзыг сты, уыдоныл айгæрста мыдæджы уымæл къутæртимæ æхсæв.
– Кæдæм цæуæм? – бафарста Хопкинс.
– Кæдæм хъæуы, уырдæм, сэр, – уæзданæй, фæлæ æвæндонхуызæй дзуапп радта шофыр. – Бынаты уыдзыстæм цыппор минуты фæстæ.
Хъуыдис æрмæстдæр æнæдзургæйæ бадын æмæ, машинæйы комкоммæ цы сосӕвæндаджы уадздзаг тахт, уымæ кæсын.
Джордж Хопкинсыл цыд дæс æмæ ссæдз азы. Хæсты размæ каст фæци Кэмбриджы университеты Тринити-колледж славистикæйы дæсныйадæй. Джорджы зæрдæргъæвддзинад æвзæгтæм суанг йæ сабибонты рабæрæг. Зыдта немыцаг, æнæкъуылымпыйæ дзырдта францагыл, фæлæ æппæтæй тынгдæр уарзта уырыссаг æвзаг. Бæллыд Достоевский æмæ Чеховы англисаг æвзагмæ ратæлмац кæнынмæ, æцæг бынтон æндæрхуызон. Ныронг цы тæлмацтæ каст, уыдон йæ зæрдæмæ нæ цыдысты: нæ сæ разындысты стыр уырыссаг фысджыты уацмысты аивадон сусæгдзинæдтæ.
Фæлæ тæлмацгæнæджы карьерæйæ ницы рауад. Хæст райдыдта. Джорджмæ фæсидтысты æмæ йæ арвыстой, ленд-лизæйæ уырыссаг æмцæдисонтимæ бадзырдтæ цы Адмиралтействойы департамент цæттæ кодта, уырдæм. Дыууæ хатты транспорт хъахъхъæнæгæй фæцыд Архангельскы онг. Фæстаг конвой нæ фæрæстмæ, немыцаг куынæггæнæг æмæ бомбæхæссæг хæдтæхджытæ фæдæлдон кодтой æртæ стыр уæззæуттæласæг науы «Студебеккер»-тимæ. Тохы рæстæг Джордж æрлæууыд, чи фæмард, уыцы зенитæйæхсæджы бынаты, æмæ, кæд йе ‘нарæхст æхстытæ немыцæн ницы зиан æрхастой, уæддæр йе уæхск фæцæф, æмæ йын йæ ныфсхаст æмæ сæрæндзинады тыххæй радтой Хæстон майдан.
Госпиталы йæм æрбацыд æнæзонгæ адæймаг æнæбæрæггæнæнтæ æфсæддон дарæсы, бирæ цæмæйдæрты рафæрс-бафæрсы фæстæ йын контрразведкæйы службæмæ бацæуыны уынаффæ бакодта.
– Цы кусы уыцы службæ? – бафарста Джордж.
– Немыцаг шпионты ахсæм. Мах хъæуы дæу хуызæн æрыгæттæ. Æвзæгтæ кæй зоныс, уымæй дæр хорз пайдагонд æрцæудзæн.
– Мæ бон у ахъуыды кæнын?
– Кæй зæгъын æй хъæуы, ахъуыды кæн, – бахудæгау кодта æнæзонгæ. – Æртæ минуты дын фаг у?
Æртæ минуты фæстæ Джордж разыйы дзуапп радта.
Цыбыррæстæг курсыты фæстæ йæ лейтенанты цины бахастой МИ-5-ы оперативон управленийы хыгъдмæ.
Хæсты азты контрразведкæйы сæйрагдæр хæс уыд немыцаг агентурæйы уæнгты æргом кæнын. 1945 азы, абверы архив куы байстой, уæд, хæсты рæстæг Великобританийы активонæй 115 немыцаг шпионы кæй куыстой, уый рабæрæг. Иууылдæр ахст æрцыдысты сæ иуæй фæстæмæ: уый йæхи фехста. Немыцы агенттæн сæ иу хай сразы англисаг разведкæйы кусыныл æмæ, МИ-5-ы аналитикон службæ цы дезинформаци цæттæ кодта, уый Германимæ æрвыстой.
1946 азы 5 мартъийы Уинстон Черчиллы раныхас Фултоны Вестминстеры колледжы бритайнаг контрразведкæйæн йæ приоритеттæ цæхгæр фæивта. Къуырийы фæстæ Сталин газет «Правда»-йы йæ интервьюйы Черчиллы абарста Гитлеримæ æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Черчилль Ныгуылæнмæ сиды Советон Цæдисимæ хæстмæ. Афтæмæй Советон Цæдис æмцæдисонæй ныхмæлæууæг фестад, æмæ райдыдта æнæхæцæнгарз хæст, кæнæ, «уазал» хæст кæй схуыдтой, уый.
МИ-5-ы куыстæн уый уыд бæлвырд къуылымпыты хос: Германийы разведкæйæн кæддæриддæр тынг зын уыд Англисы йæхицæн агентурæ æмбырд кæнын – истори хъуыддæгтæ афтæ рацарæзта, æмæ англисæгтæ немыцæн сæхи дæр æмæ, семæ цыдæриддæр баст уыд, уый нæ уарзтой, нæ сыл æууæндыдысты. Бынтон æндæр ахаст сын уыд уырыссæгтæм: бритайнæгты зæрдывæрдæй нырма не схицæн сты сæ иумæйаг тохы æмæ фашистон Германийыл фæуæлахизы мысинæгтæ. Англисы æргомæй йæ куыст кодта коммунистон парти, архайдтой дзы 50 мин адæймаджы бæрц. Социалистон идейæтæ парахатæй хæлиугонд цыдысты интеллигенцийы ‘хсæн. Уыдæттæ иууылдæр хорз фадат арæзтой советон-фæсарæйнаг разведкæйæн шпионтæ æмæ агенттæ цæттæ кæнынæн. Уыцы уавæры ныхмæ хæцынæн рацарæзтой МИ-5-ы дæр. Йæ сконды фæзынд, службæтæ иууылдæр йæ дæлбар кæмæн уыдысты, ахæм уырыссаг хайад контрразведкæйы æппæты фæлтæрдджындæр кусджытимæ. Уыцы хайады куыста майор Джордж Хопкинс дæр.
Машинæ фæзылд фæрссаг фæндагмæ æмæ иуцасдæры фæстæ æрлæууыд æфсæйнаг кулдуары раз.
– Æрхæццæ стæм, сэр, – бамбарын кодта шофыр.
Стыр зæххы хайыл рæбынозгомау лæууыд дыууæуæладзыгон хæдзар цæджындзджын бацæуæнимæ, йæ дыккаг уæладзыгæн уыд уæрæх рудзгуытæ, фыццаджы рудзгуытæм та фидаргонд æрцыдысты æфсæйнаг хызтæ. Джордж хорз зыдта ацы хæдзар. Хæсты райдайæны йæ МИ-5-ы хæдзарадон хай хаццонæй райста æви балхæдта, чи нæ уыд, ахæм адæймаджы номыл. Уым цæттæгонд цыдысты диверсион къордтæ немыцы фæсчъылдыммæ æппарынæн, фæлтæрдджын инструктортæ сæ ахуыр кодтой радиойы хъуыддагыл, халæн-схæцынгæнæн гæрзтимæ архайыныл, фæлтæрдтой сæ æппæт хæцæнгæрзты хуызтæй æхсыныл. Хæдзары фæстæ, тулдз æмæ тæгæр бæлæсты æнгом рæнхъыты аууонæй нæ зындысты чысыл стадион æмæ тир. Джорджы-иу ам мæйгæйттæ бахъуыд цæрын: диверсантты куыд цæттæ кодтой, уымæ йæ цæст дардта.
Дыууæ æдхотых хъахъхъæнæджы æрбацæуджытæн сæ гæххæттытæм лæмбынæг фæкастысты æмæ кулдуар бакодтой. «Семеркæ» кæртмæ батылд, агуыридуры ссад цы бацæуæн фæндагыл пырхгонд уыд, ууыл æмæ хæдзары раз æрлæууыд. Уым баййæфтой Энтони Брауны стыр сау «даймлер»-ы. Браун йæхæдæг æд сау гæлæбу-галстук фæныкхуыз сюртучы бадт дыккаг уæладзыджы уæрæх уазæгдоны къæлæтджыны. Йæ къухы дымæн хæтæл, афтæмæй кастис «Таймс». Йе ‘ддаг бакастæй уыд, йæхи клубы йæ фæллад чи уадзы, ахæм пенсиисæг хæрзуынд джентльмены хуызæн, æппындæр æм, контрразведкæйы йæ дæндæгтæ чи рафтыдта, ахæмы æнгæсæй ницы уыд. «Æмæ æз та, цымæ, кæй хуызæн дæн?» – иу уысммæ ахъуыды кодта Хопкинс æмæ йæхæдæг йæхицæн дзуапп радта: – Банчы лыстæг клеркы хуызæн».
Браун газет аиуварс кодта æмæ хæларзæрдæйæ йæ сæрæй ацамыдта:
– Æрбахиз, Джордж. Бахатыр кæн, дæ изæрмæ дын кæй фæныхылд- тон, уый тыххæй. Æвæццæгæн, дæхимидæг хъуыдытæ кæныс, цы хабар у, цæмæн æй бахъуыдтæн?
– Цымыдисаг у, сэр, – сразы Хопкинс.
– Ныртæккæ йæ бамбардзынæ. Цом, цыдæр дын фенын кæнон.
Браун йæ хæтæлы æртхутæг æртхутæгдонмæ æркалдта, стæй хæтæл йæ дзыппы авæрдта, къæлæтджынæй уæззаугомауæй сыстад æмæ уазæгдонæй рахызт. Хъахъхъæнджытыл цæст никуы ‘рхæцыд, фæлæ Хопкинс хорз зыдта, алы уæладзыджы дæр фæйнæ иу гæрзифтонг хъахъхъæнæджы кæй ис. Пъадвалмæ ныххызтысты, Браун бакодта æфсæйнаг дуар. Бахызтысты гыццылгомау ныллæгцарджын агъуыст- мæ. Агъуыстæн уыд æнæхъæн къулы бæрзæндæн нарæг рудзынг. Рудзынгæй зындис дыккаг стырдæр æмæ рухсдæр хатæн, йæ астæу – даргъ стъол æмæ пъолмæ фидаргонд цыппар æфсæйнаг бандоны. Дыккаг агъуыст фыццагæй уыд цалдæр метры бындæр. Цæмæй йæм бахауай, уый тыххæй ныххизын хъуыд бындæр.
Джорджæн зонгæ уыдысты уыцы агъуыстытæ: стырдæры цыдысты æрфарстытæ, къаддæрæй та кастысты, æрфарстытæ куыд цæуынц, уымæ. Ныхас хъуыст æмбæхст микрофонтæй. Поляризацигонд æвгты руаджы, цæст чи дардта, уымæ алцы дæр зынд, йæхи та йын ничи уыдта.
Æрфарстыты агъуысты иу къулæй иннæмæ рацу-бацу кодта бæрзонд, бæзæрхыгтæ æрыгон нæлгоймаг æнахуыр æлвыд сау сæрыхъуынтимæ – къæмисæнтыл цыбыр, уæлдæр та даргъдæр. Ахæм æлвыд сæрыхъуынтæ Джордж федта уырыссаг æфсæддонтыл, цæмæндæр сæ хуыдтой «полубокс». Уæлæнгай даст кæнæ та, дасинаг чи уыд, ахæм хъуынтъыз цæсгом. Йæ уæлæ – хорз хуыд сау костюм уыцы азты модæйы уæлæвæрд уæхсчытимæ, фæлæ цыма костюм æндæр искæмæн хуыд уыд: афтæ фидыдта граждайнаг дарæс, æфсæддон мундиртыл чи сахуыр, уыцы афицертыл. Дымдта бапъироз, стъолыл – патронæй хиконд зынгцæгъдæн æмæ тамакоты къопп барæджы нывимæ цавæрдæр хохы рæбын. Æртхутæгдон йедзаг уыд бапъирозты сыгъдæттæй. Фæлæ Хопкинсы æппæты тынгдæр дисы бафтыдтой, йæ къæхтыл цы алыхуызон сау, фæлæ бæлвырд алыхуызон батинкæтæ уыд, уыдон.
– Цы зæгъдзынæ, Джордж? – афарста Браун.
– Чи у?
– Махырдæм ралидзæг. Уырыссаг афицер, дæлбулкъон Токаев.
– Йæ бакаст уырыссаджы хуызæн нæу.
– Ирон у. Ис ахæм гыццыл республикæ Уæрæсейы хуссары. Махæн ахсджиаг æндæр хъуыддаг у. 1945 азы Токаев уыд Германы Цæдисон контролон советы нымæрдар. Уæд къамисы сæргъы лæууыд маршал Жуков. Фæстæдæр Токаев куыста Хæстон управленийы Секретариаты, агуырдта, фон Брауны ракетон программæйы чи архайдта, уыцы немыцаг ахуыргæндты. Цасдæры фæстæ бафтыд мах адæймаджы фæдыл Берлины æмæ йын фехъусын кодта, зæгъгæ йæ хъæуы политикон сæрфæцæвæн Великобританийы. Æз сразы дæн. Абон æй Лондонмæ йæ ус æмæ йæ чызгимæ æрбаластой. Инфильтраци кæнын бахъуыд æвæстиатæй, æххуысмæ фæдзырдтам Хæстон-Уæлдæфон Тыхтæм. Ныронг «Ланкастер» ахæм ласинагимæ никуыма тахтис.
– Куыд бацис йæ бон ралидзын? – бадис кодта Хопкинс. – Ноджы ма æд бинонтæ! Уыдонмæ цы лæмбынæг хъусдард ис, афтæмæй…
– Мах дæр гъеуый хъæуы базонын.
– Ныртæккæ йæ бинойнаг æмæ йæ чызг кæм сты?
– Æдас ран.
– Цæмæй йæ æз æрфæрсон, уый дæ фæнды?
– О, уый мæ фæнды. Англисагау нæ дзуры. Бахъæудзæн дæ йемæ кусын, уымæйдæр иу æмæ дыууæ боны нæ, суанг иу мæйæ фылдæры бæрц. Зонгæ тынг бирæ кæны. Бамбæрстай, махæн ныртæккæ æппæты ахсджиагдæр цавæр фарст у, уый?
– О, сэр.
– Райдай.
Хопкинс æфсæйнаг асинтыл бынмæ ныххызт. Хъахъхъæнæг æд автомат «стен» байгом кодта уæззау дуар. Хопкинсы фенгæйæ, иннæ фарсмæ ралидзæг æрлæууыд æмæ йæм тызмæгæй йе ‘рфгуыты бынты бакаст.
– Сбад, господин Токаев, – хæлархуызæй йын загъта Хопкинс. – Базонгæ уæм. Æз дæн Джордж Хопкинс, контрразведкæйæ. Хон мæ Джордж. Зонын, ды англисагау нæ дзурыс. Дзурдзыстæм уырыссагау. Куыд хонон дæу та?
– Григорий. Мæ бинонтæ цы фесты? Кæдæм сæ аластой?
– Дæ бинонтыл ма мæт кæн, æдас ран сты. Фæлæ мæм, Григорий, диссаг кæсы, дæ къæхтыл алыхуызон батинкæтæ кæй ис, уый.
– Искуы дæ бахъуыдис дæхи тынг æвæстиатæй цæттæ кæнын? – йæ фарстæн та йын фарстæй дзуапп радта Токайы-фырт. – Суанг иу минут фæфæстиатæй дæр мæлæтдзаг тас куы вæййы, уæд?
– Нæ.
– Мæн та бахъуыд.
– Цавæр уавæрты æрцыд уый?
– Уымæй нæ райдыдтай, Джордж. Дæуæн ныртæккæ цымыдисагдæр бынтон æндæр фарст у.
– Цавæр?
– Мæ ралыгъд, мыййаг, советон разведкæйы фæндон нæу, цæмæй æз советон агент суон Англисы. Раст дæн?
– Раст дæ. Цавæр дзуапп ратдзынæ уыцы фарстæн?
– «Нæ» куы зæгъон, уæддæр мыл нæ баууæнддзынæ. Афтæ нæу?
– Нæ баууæнддзынæн, – сразы Хопкинс.
– Цыфæнды дæр куы зæгъон, уæддæр мыл нæ баууæнддзынæ.
– Уый нæ службæйы спецификæ афтæ домы.
– Æмæ уæд дæу дæхи бахъæудзæн дзуапп агурын.
Фæстаг фæндзай æхсæз азы, суанг дæлбулкъон Токаты Григорийы мæлæты онг дæр, бритайнаг контрразведкæйы кусæг Джордж Хопкинсы бон не ссис дзуапп раттын уыцы сæйрагдæр фарстæн.
I
1945 азы 25 апрелы 1-аг Белоруссаг фронты æхсæзӕм æфсады æмæ 1-аг Украинаг фронты æртæ ‘фсады райдыдтой Берлины сист. Фыццæгæм майы сæумæрайсом раджы рейхстагыл сагъд æрцыд 150-æм Кутузовы II къæпхæны орденджын Идрицкы æхсæг дивизийы тырыса. 8 майы 22 сахаты æмæ 43 минутыл центрон-европæйаг рæстæгмæ гæсгæ Карлсхорсты конд æрцыд Германийы капитуляцийы акт. Акты бын сæ къухтæ бафыстой вермахты Сæйраг командыкæнынады инæлар-фельдмаршал Кейтель, инæлар-булкъон Штумпф æмæ адмирал фон Фридебург. Германийы æххæст капитуляцийы хъуыддаг райстой маршал Жуков æмæ æмцæдисонты экспедицион тыхты сæйраг командыгæнæджы хæдивæг, бритайнаг маршал Теддер. Æвдисæнтæ дзы уыдысты америкаг инæлар Спаатс æмæ францаг инæлар де Тассиньи.
Æртыккаг Рейх саст æрцыд, нал уыд, Германийы адих кодтой цыппар оккупацигонд зонæйыл. Америкæйы æфсæдтæ бацахстой бæстæйæн йæ хуссар-ныгуылæн, англисæгтæ – цæгат-ныгуылæн, советонтæ – скæсæн. Америкæгты æмæ англисæгты хардзæй иугыццыл оккупацигонд зонæ фæцис Францы дæр. Берлин æгасæй дæр бацахстой Сырх Æфсады хæйттæ. Æмцæдисонтæм уый раст нæ фæкаст. Потсдамы конференцийы 1945 азы августы Великобританийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Бевин æмæ Советон Цæдисы министр Молотов цы бадзырд сарæзтой, уымæ гæсгæ æмцæдисонтæ се ‘фсæдты ракæндзысты Тюрингæй, Советон Цæдис та сын ратдзæн Берлины ныгуылæн хай. Сталин бадзырдимæ куы базонгæ, уæд Молотовæй тынг æнæразыйæ баззад, фæлæ уымæн йæ къухы бафтыд, хъуыддаг раст лыггонд кæй æрцыд, ууыл Сталины баууæндын кæнын, уымæн æмæ, Потсдамы ныхас цы фарстатыл цыд, уыдонæн сæ тæккæ цæхгæрдæр лыггæнинаг фарст уыд Германийы репарацитæ.
Уый размæ, 1945 азы февралы, Ялтæйы конференцийы баныхас кодтой, зæгъгæ, Германи хъуамæ бафида, иннæ паддзахæдтæн цы зиан æрхаста, уыдоны аргъ – 20 миллиарды АИШ-ы доллæртæй, уыдонæн сæ 50% ацæудзæн Советон Цæдисмæ. Ныгуылæйнаг делегацитæ Потсдамы сæ фæнд аивтой, æфсонæн æрхастой, зæгъгæ, репарациты аргъ æгæр бæрзонд у, уымæн æмæ Германийæ ист æрцыд бирæ зæххытæ, йæ промышлен- ность дæр фехæлд. Уыцы зын бадзырдты АИШ-ы госсекретарь Бирнсы фæндоныл сразы сты: репарациты иумæйаг аргъ бæрæггонд нæ цыд, алы бæстæ дæр сæ хъуамæ райстаид, цы оккупацигонд зонæ йæм æрхауд, уырдыгæй: æмæ Советон Цæдис исы, ныгуылæйнаг зонæты цы кусæнгæрзтæ райхæлдтой, уыдоны цыппæрæм хай. Фæлæ ууыл дæр нæ фæцис дискусси. Сталин æнæнхъæлæджы фехъусын кодта йæ фæнд, зæгъгæ, Советон Цæдисы нæ хъæуынц Германийы сызгъæринтæ æмæ йæ фæсарæйнаг инвестицитæ, разы у æрмæст советон оккупацион зонæйæ репарацион фиддонтыл. Ныгуылæйнаг æмцæдисонты зæрдæмæ ахæм фæнд фæцыд, кæд дзæбæх нæ бамбæрстой советон делегацийы сæргълæууæджы фехъусынгæнинаг, уæддæр. Уыдон нæ зыдтой, Советон Цæдисмæ Германийæ заводты кусæнгæрзтæ æмæ æрмæджытæ æнæхыгъдæй кæй ивылынц, уый. 1945 азы дыккаг æмбисы та æвæрд æрцыд карз пълан: 3 милуан 600 мин тоннæйы ласинæгтæ æфсæнвæндагыл æмæ иу милуан 200 мин тоннæйы та – денджызыл.
Советон оккупацион зонæмæ Тюринг кæй баиу, уый ахъаз уыд уыцы программæ сæххæст кæнынæн. Берлины заводтæн сæ фылдæры кусæнгæрзтæ райхæлдтой, æмæ афтæмæй ласт æрцыдысты Советон Цæдисмæ, размæцыд промышленнон Тюринг дæр тынг хорз тæлæт разынд, уæлдайдæр та йæ æрзæтджын хæхтæ Советон Цæдисы ядерон проектæн тынг хъæугæ ураны гуырæнтимæ. Æппæты ахсджиагдæр уый уыдис.
Афтæ рауад, æмæ 1945 азы фæззæджы инженерон æфсæдты майор Токаты Григорий йæ ног службæйы бынатмæ Германийы Советон æфсæддон администрацимæ куы ‘рхæццæ, уæдмæ Берлин уыд цыппар оккупацион зонæйыл дих. Америкæйы сектормæ бацыдысты Нойкельн, Кройберг, Кемпельхоф, Шененерг, Штеглиц æмæ Целендорфы зылдтæ, бритайнагмæ – Шарлоттенбург, Шпандау, Тиргартен æмæ Вильмерсдорф, Францæн – Веддинг æмæ Райниккердорф. Æппæты егъаудæр уыд советон оккупацион сектор Панков, Вайсензее, Пренцлауэр-Берг, Митте, Фридрихсхайн, Лихтенберг Копениг æмæ Трептовы зылдтимæ.
Берлин, æппæты фыццаг æй куыдæй федта Токайы-фырт, афтæмæй адæймагыл æрхуым æфтыдта. Горæт уыд пырх, бирæ хæдзæрттæй ма баззадысты æрмæст сæ раззаг къултæ. Бомбæтæй кардæй лыгау цы хæдзæрттæ ныйисты, уыдоны хуылфытæй зындысты, æнæхъæнæй цы хæдзары дзаумæттæ баззадысты, уыдон æмæ къултыл ауыгъд нывтæ. Рейхстаджы цъупп уыд стæгдары хуызæн, хур дзы иннæрдæм каст. Сахары немыцæгтæ рахылдысты пъадвалтæй, къахтой кæлæддзæгтæ, æмбырд кодтой æрдæгсыгъд фæйнæджытæ, æвæрдтой сæ уæрдæтты, суджы бæсты сæ арт кодтой хæринаг фыцынæн.
«Æз бирæ цыдæртæ федтон хæсты азты, – дзырдта бритайнаг контрразведкæйы майор Джордж Хопкинсæн йæ иу æрфарсты. – Федтон бомбæтæй пырх хæдзæрттæ Мæскуыйы, Киевы – срæмыгъд Крещатик. Фæлæ, Берлины цы федтон, уый мæ афтæ бындзарæй ныууыгъта, æмæ фыццаг бонты мæ бон бафынæй кæнын нæ уыд, афтæ мæм кастис, цыма уæлмæрдты дæн. Раздæр дæр зыдтон, хæст стыр бæллæх кæй у, фæлæ æрмæст Берлины бамбæрстон æххæстæй хæсты æвирхъаудзинад, йæ дæлимондзинад. Æмæ уæд загътон мæхицæн, мæ бон цы бауа, уымæй бацархайдзынæн, цæмæй ахæм бæллæх макуыуал æрцæуа».
«Афтæ мæм фæкаст, цыма зæрдиагæй дзырдта», – бамбарын кодта йæ æрфарсты суагъæйы комментариты Хопкинс.
II
Токаты Ахмæты фырт Гогки райгуырд 1909 азы Уæрæсейы империйы хуссайраг хайы, Терчы облæсты, Владикавказы районы, хъæу Ног-Урухы мæгуыр зæхкусæджы бинонты ‘хсæн. 1917 азы йæ фыд амард, 1920 азы та сын сæ бинонты цæрынмæ ракодтой Ирыстоны цæгат-ныгуылæн хайы ног зæххытæм Кæсæг-Балхъары арæнмæ. Уым, хъæу Ставд-Дурты, арвыста йæ сабидуг. Токаты Гогки иунæг бон дæр нæ сахуыр кодта скъолайы, гыццылæй фæстæмæ, йæ хъару цы уыд, уымæй кодта хæдзары куыстытæ: хызта сæгътæ, æмбырд кодта суджы къæцæлтæ æмæ сæнар къонайы артæн. Гыццыл куы фæхъомылдæр, уæд хистæрты æмхуызон куыста нартхоры быдырты. Ахуырмæ йæ не ‘вдæлд, фæлæ йын æрдзæй цы зæрдæргъæвддзинад лæвæрд фæци, уый йæхи æвдисын райдыдта: æнæ искæй æххуысæй сахуыр кæсын æмæ фыссын, касти, йæ размæ-иу цыдæриддæр фæцис, уый – чингуытæ, газеттæ, зæронд, суанг революцийы агъоммæйы журналтæ.
Йе ‘мгæрттимæ иумæ хъомыл кодтой советон хицауады заман, æххормаг цард рухс фидæнæй ивд кæй æрцæудзæн, уыцы идейæтæ йæ зæрдæйыл æмбæлдысты. Бацыд фæскомцæдисмæ, 1931 азы та ссис Коммунистон партийы уæнг. Цалдæр азы куыста «Фордзон»-ыл – Цæгат Кавказы æппæты фыццаг трактортæй иуыл. Уый уыд иунæг трактор æнæхъæн районы, цалцæг дæр æй йæхæдæг кодта. Бæзæрхыгтæ сæрæн лæпуйыл сæ цæст æрæвæрдтой æмæ йын 1928 азы радтой балцæг Ленинграды Хæххон институты рабфакмæ. Рабфак каст фæцис тынг æнтыстджынæй, уæлдай зæрдæргъæвд разынд математикæмæ, æмæ йæ дарддæр ахуыр кæнынмæ арвыстой Мæскуыйы Бауманы номыл Уæлдæр техникон училищемæ. Ахуыры фæстæ бацыд Сырх Æфсады службæмæ æмæ кусын райдыдта Жуковскийы номыл Хæстон-Уæлдæфон академийы. Афæдзы фæстæ ссис академийы лабораторитæй иуы сæргълæууæг, 1941 азы бахъахъхъæдта кандидаты диссертаци, æмæ йæ снысан кодтой авиацион техникæйы факультеты деканæй.
Уыцы азты дæргъы иунæг хатт дæр нæ уыд йæ райгуырæн зæххыл, фæлæ Ирыстон, йæ хæхтæ, хъæдтæ æмæ уазал тагъд дæттæ мыггагмæ йæ зæрдæйы баззадысты. 1989 азы, профессор Токатийыл 80 азы куы сæххæст, уæд æй йæ наукон æнтыстыты тыххæй балæвæрдтой рыцары номмæ. Фæлæ йæ номы кадджын разæфтуан «сэр» афтæдæр нæ райс-та. Уый тыххæй, номхыгъды чи уыд, уыдонæй алкæй дæр хъуыд, йæ Бæрзонддзинад Великобританийы ус-къаролæн ард бахæрын. Профессор Токати уыцы титул райсыныл не сразы, æмбарын та йæ бакодта афтæ: «Æз, Токаты Гогки, ирон, бахаудтæн уыцы номхыгъдмæ. Фæлæ уый тыххæй хъуамæ сæрмагонд декларацийы банысан кæнон мæ иузæрдиондзинад Англисы ус-къаролæн. Фæсарæйнагæн æнæ уыцы ардбахæрдæй сэр суæвæн нæй. Æз не сразы дæн ард бахæрыныл. Цæуылнæ? Уымæн æмæ англисаг нæ дæн, æз ирон дæн, кæд ацы бæстæйæ тынг бузныг дæн ахæм кады тыххæй, уæддæр. Фæлæ æз дæн Кавказы фырт, уым скодтон фыццаг улæфт. Æмæ ницавæр хорзæхтæ ис, цæмæй мæхи ирон мауал хонон, уымæн».
1941 азы Токаты Григорий бæстон æрбынат кодта Мæскуыйы. Ракуырдта дзæуджыхъæуккаг ирон чызг Байаты Азæйы, – уый ахуыр кодта Мæскуыйы Менделеевы номыл химион-технологион институты. Григорий райста агъуыст, бирæ цæрджытæ кæм нæ уыд, ахæм коммуналон фатеры. 1938 азы райгуырд сæ чызг Беллæ.
Жуковскийы номыл академийы аэродинамикон лабораторийы куыст йæ зæрдæмæ цыдис, уыд ын амондджын бинонтæ, фидæны йæм æнхъæлмæ каст наукон карьерæ.
Фæлæ уыдæттæн кæрон æрцыд 1941 азы 22 июны.
III
1947 азы 14 декабры дæлбулкъон Токайы-фырт æрфарсты суагъæйæ.
Майор Хопкинсы æрфарст:
– Дарддæр дзур, Григорий. Цы куыстай хæсты райдайæны фæстæ?
– Фыццаг уал мын бамбарын кæнут, дыууæ къуырийы бæрц мын цæуылнæуал уыдис æрфарстытæ. Æцæг мын ма зæгъут, æндæр хъуыддæгтæ уын уыдис. Сымахæн ныртæккæ иунæг хъуыддаг ис. Уыцы хъуыддаг та дæн æз.
– Ды нын бæлвырд радзырдтай, цы куыст кодтай Хæстон-Уæлдæфон академийы, æмæ дзы цы иртасæн куыстытæ цыдысты, уыдæттæ. Мæнæн сыл мæ бон кæронмæ баууæндын не ссис. Дæ ныхæстæ дын арвыстам нæ хæстон специалисттæм. Абон сын дзуапп райстон.
– Æмæ цавæр дзуапп у?
– Дæ ныхæсты дын дезинформаци не ссардтой.
– Уæдæ мыл уæд баууæндыдыстут?
– Æххæстæй нæ. Ды цы радзырдтай, уыдæттæ нæ эксперттæ раджы базыдтой. Ма мæ бафæрс, кæмæй. Лондоны тынг лæмбынæгæй дарынц сæ хъус Советон Цæдисы хæстон хъуыддæгтæм. Дæ ныхæсты ногæй уыдис æрмæстдæр авиацион ракетæты змæлынгæнæн хæйттыл куысты цыд. Мах экспертты нæ уырны, уырыссæгтæн стыр æнтыстытæ кæй бафтыд сæ къухы, уый.
– Цы хъуамæ æрцæуа, цæмæй сæ бауырна? Лондоны сæрмæ советон реактивон бомбæхæсджытæ фенын?
– Æгæр карз аргъ кæныс политикон уавæрæн.
– Æз æм æвронгæй кæсын. Нæма бамбæрстай, Джордж, цæмæн тагъд кодтон мæ ралыгъдыл, уый? Æз дын æй зæгъдзынæн. Фæлæ уал иу фарст. Уæ разведкæ зоны, Германы зæххыл Сырх Æфсады цавæр хæйттæ ис, уый?
– Мæнмæ гæсгæ, зоны.
– Фысс. Маршал Соколовскийы дæлбар оккупантон æфсæдты ис фондз æфсæддон хайы. Германы цæгатварс – 3-æм Бырсæг æфсад, йæ штаб – Макдебурджы, хуссар-скæсæны – 8-æм Гвардион æфсад, йæ штаб – Веймары, цæгат-скæсæны – 2-æм Гвардион механизацигонд æфсад æмæ 1-æм Гвардион æфсад, сæ штаб – Дрездены. Уымæй уæлдай ма – 16-æм Уæлдæфон æфсад, йæ штаб – Вольтерсдорфы. Ис дзы фараст куынæггæнæг дивизийы, систыты æртæ æфсады, æхсæз рæмудзынгæнæг, æхсæвыгон бомбææппарæг иу дивизи, æдæппæтæй та хæдтæхджытæ дыууæ минæй фылдæр. Æххуысгæнæг æфсæдты – цыппар артиллерион дивизийы, танчыты дыууæ бригады æмæ сармадзанты фондз дивизийы. Ардæм ма бафтаут, Сырх Æфсады хæйттæй Австри æмæ Польшæйы чи ис, уыдон. Цы зæгъдзынæ уый фæдыл?
– Афтæ дæм кæсы, Сталин æнæхъæн Европæ бацахсынмæ хъавы?
– Нæ дæ уырны?
– 1945 азы хæсты хæдфæстæ цауты ахæм цыдыл хъуыдытæ уыдис Уинстон Черчилльмæ. Цæдисонты тыхтæ Сырх Æфсады ныхмæ фæлæууын нæ бафæрæзтаиккой. Уымæ гæсгæ, Вермахты æфсæддонтæй сæхи уацары чи радта, уыдоны бамбырд кодтой лагерьты демаркацион хаххыл. Се ‘фсæддон дарæс сын нæ аивтой, сæ хæцæнгарз дæр дард æмбæхст нæ уыд.
Уырысы размæбырсты фыццаг цæф хъуамæ уыдоныл æруадаид. Фæстæдæр Черчилль ахъуыды кодта, ома Сталин хæст нæ райдайдзæн, æмæ уæд немыцаг уацайрæгты акодтой арæнтæй æмæ сын денацификаци скодтой.
– Цы йæ сразы кодта ахæм хъуыддагыл?
– Америкаг атомон бомбæ.
– Черчилль æгæр фæтагъд кодта, уымæн æмæ бомбæ Сталины нæ бауромдзæн. Уый æмбары, Америкæ йæ бомбæ Европæйы астæу не срæмудздзæн. Уый йын Япони нæу. Советон танкты ныхмæ ницы фæлæудзæн. Дыууæ бонмæ Ла-Маншмæ бахæццæ уыдзысты. Æрмæст- дæр бардзырдмæ æнхъæлмæ кæсынц.
– Цæмæн дæм кæсы, æмæ ахæм бардзырд уыдзæн?
– Æфсæдты уавæр æз хорз зонын. Хæстæввонг сты. Уыцы рæстæг та АИШ æмæ Великобритани се ‘фсæддонты здахынц сæ райгуырæн бæстæмæ. Уый тынг тæссаг хъуыддаг у, тыхтæ æмхуызон нал сты. Æз дын, Джордж, фидарæй зæгъын, цæмæй мын мæ ныхас дæ разамындыл сæмбæлын кæнай.
– Хорз, сæмбæлын æй кæндзынæн. Ныр та уал нæ куыст адарддæр кæнæм.
– Фæрс.
IV
Хæст хъаймæты хуызæн хæрз цыбыр уысммæ аивы милуангай адæмы хъысмæттæ. Скъолайы ахуыргæнæгæй ацаразы фистæгæфсæддон, институты профессорæй – бархион хæстон, медицинон ахуыргæнæндоны рауагъдонæй – æфсæддон дохтыр, токарæй – артиллерист. Афтæ иу бонмæ наукæты кандидат, Жуковскийы номыл академийы техникон факультеты декан фестад 1-æм ранджы æфсæддон техник æмæ, йе ‘рыгон бинойнагæн хæрзбон зæгъгæйæ, ссис бæмбæтææппарæг уæззау хæдтæхджыты полчъы командыгæнæджы дæлбар.
Полкъ уыдис сæрмагонд нысаны полкъ, лæууыд Мичуринскы бынмæ Никифоровкæйы фронтмæ хæстæг аэродромы. 1941 азы сæрды хæдтæхджыты къорды уыд СБ æмæ ТБ-3 Туполевы конструкцитæ, сæ размæ æвæрд хæс, – инæлар-булкъон Кузнецов цы 51-æм Хицæн æфсадæн команды кодта, уыдонæн æххуыс кæнын. Æфсад хъахъхъæдта Хъырым, инæлар-майор Манштейн цы 11-æм гермайнаг æфсадæн команды кодта, уыдонæй. Бомбæтææппарæг уæззау хæдтæхджыты къорд ластой Керчьмæ, Багировомæ, аэродром «Семь колодцев»-мæ артаджы æрмæг, хæцæнгарзы ног змæлынгæнæн хæйттæ, прожектортæ, æппæрстой десанттæ немыцы фæсчъылдыммæ, бомбæтæ æппæрстой эшелонтыл Джанкойы æмæ Симферополы.
Хъырымы уыцы азы тынг хъуынтъыз фæззæг скодта, немыцы куынæггæнæг авиаци уыд зæхмæ мигъæй æлхъывд, æмæ къорды хæдтæхджытæ иууылдæр æнæ фыдбылызæй здæхтысты аэродроммæ.
Куыддæр-иу хæдтæхджыты мотортæ бамыр сты, афтæ-иу сæ куыстмæ бавнæлдтой аэродромы службæтæ, сæ иуæн команды кодта хæстон техник Токайы-фырт. Егъау машинæты æмбæрзтой æмбæхсæн хызтæй, артагæй сын дзаг кодтой сæ артаджы гæрзтæ, сæ фюзеляжтыл сын ауыгътой фугастæ, æхсæнгарзæй сæ ифтонг кодтой. Сæумæрайсоммæ-иу хæдтæхджыты хал цæттæ уыд ног атахтмæ.
Метрономы уынæр ныссабыр, зæгъгæ, уæд-иу иууылдæр, аэродромы хæрæндоны къулыл ауыгъд сау тæбæгъ-репродуктормæ кæсгæйæ, хъустæ фестадысты. Хъуыст Левитаны хъæлæс, каст Совинформбюройы хабæрттæ. Æмæ кæд уыцы хабæрттæ бæлвырд бæрæг загъд нæ уыдысты, уæддæр хæстон тæхджытæ хорз æмбæрстой, цы нысан кæнынц: «Æнтыстджынæй æрлæууыдысты нымæцæй бирæ фылдæр фашистон оккупантты размæбырсты ныхмæ æмæ сын æрхастой стыр зиантæ куыд сæ удæгас тыхтæн, афтæ сæ техникæйæн дæр». Уый нысан кодта, немыцы размæцыд урæд кæй нæма ‘рцыд. Не ‘фсæдтæ ныууагътой Смоленск, блокадæйы уыд Ленинград, уæззау хæст цыд Мæскуымæ бацæуæнты. Немыц октябры бацахстой Керчь, Сырх Æфсады хæйттæ фæстæмæ алæууыдысты Хъырымæй Таманы æрдæгсакъадахмæ.
Бомбæхæссæг фондз æмæ ссæдз уæззау хæдтæхæджы сæ бынат аивтой аэродром Грабцевомæ Калугæйы бынмæ, райдыдта Вяземскы уæлдæфон-десантон операцимæ цæттæгæнæн куыст. Хæдтæхджыты, куыд æмбæлы, афтæ бæстон бааууон кæнын къухы нæ бафтыд, æмæ 1942 азы 27 январы Грабцевойы аэродром тынг æгъатыр уæлдæфон ныббырст бавзæрста, «юнкерстæ-88» æмæ «хейнкелтæ-111» ныппырх кодтой цыппар хæдтæхæджы 1-аг полкъæй, æртæ та – 3-æй; 14-æм полкъ æмæ Уæлдæфон-десантон æфсæдты 4-æм хицæн эскадрæтæ фесты дыгай ТБ-3-тæ хъуаг æмæ ноджы иу хæдтæхæг 7-æм авиацион полкъæй. 3 февралы дыккаг уæлдæфон бабырсты рæстæг ноджы басыгътой бомбæтæхæссæг дыууæ хæдтæхæджы, уыдон лæууыдысты Грабцевойы, – фыццаг бабырсты фæстæ сæ хъуыд сцалцæг кæнын.
Вяземскы операци фæстæдæрмæ аргъæвын бахъуыд, стæй фронтмæ хæстæг аэродромтæй дæр нал уыд пайда кæнæн. Вязьмæйы бынмæ десанттæ æппарын райдыдтой 1942 азы февралы дыккаг æмбисы, хæдтæхджытæ тахтысты Мæскуыйы бынмæ аэродром Мониномæ.
Февралы фæстаг бонты æфсæддон техник Токайы-фыртæн радтой цыбыррæстæгмæйы улæфт, æмæ æфсæддон уæзласæн машинæтыл араст Мæскуымæ. Мæскуы йыл сæмбæлд йæ афтид уынгтимæ, горæты мидæг къохты уæлдæфон хъахъхъæнæн аэростаттимæ æмæ гæххæтты дзуарæвæрд уадздзæгтæй ныхæст рудзгуытимæ – афтæ бомбæты æппæрстыты рæстæг сæ рудзгуыты æвгтæ бахъахъхъæнынмæ хъавыдысты цæрджытæ. Григорий цы хæдзары цард, уымæн цæрджыты æвæстиатæй эвакуацийы фæстæ йæ фатерты æмбис уыдис афтид. Сæхи агъуыст дæр уыд афтид. Григорий Азæйæ цы фæстаг писмо райста, уым æм уый фыста, зæгъгæ сын сæ наукон-иртасæн институт эвакуаци кæнынц Уралмæ. Æндæр дзы фыстæг нал райста. Абадт, сæ дзаумæттæ тагъд-тагъд кæй æмбырд кодтой, уыцы фæдтимæ афтид агъуысты æмæ æрбаздæхт Мониномæ.
Æртæ мæйы фæстæ, æхсæвы, Токаты Григорийы къорд кæм куыста, уыцы хæдтæхджыты æрлæууæн бынатмæ æрбазгъордта æрвыст салдат æмæ фехъусын кодта, цæмæй æфсæддон техник æвæстиатæй фæзына штабмæ. Штабы хицау æм радта гæххæтт. Григорийы хъуыд æвæстиатæй фæзынын Жуковскийы номыл академийы командыгæнынадмæ, æцæг, Мæскуымæ нæ, фæлæ Свердловскмæ, уырдæм эвакуацигонд уыд академи. Дыккаг бон Григорий атахт Свердловскмæ.
Григорийы, йæ зæрдæ афтæ тынг цæуыл дардта, – реактивон змæлынгæнæнтыл куыст – уый ныууадзын бахъуыд, æмæ йæм фæстæмæ раздæхын дæр йæ къухы нал бафтыд. Уæлдæфон Тыхты нæ фаг кодта специалисттæ, æмæ авиацийы академийы сæйраг хæс ссис инженертæ цæттæ кæнын. Академийы рауагъдонтæ сæдæгæйттæй цыдысты фронтмæ, иу уыйбæрц та дзы цыбыррæстæгмæйы курсыты истой ног дæсныйæдтæ. Ахуыргæндтæ куыстой ног методикæтыл, æрхъуыды кодтой ног фугасон бомбæтæ æмæ кумулятивон æхсæн нæмгуытæ, арæзтой амындтытæ рæстдзæвиндæр бомбææппæрстытæн, змæлынгæнæн хæйтты куыстæн сæ тахты дæрддзæг фæфылдæр кæнынæн. Æрмæст-иу искуы-иу хатт уæгъд рæстæджы Токайы-фырт кодта хыгъдтæ турбореактивон æмæ тæнгъæд-реактивон змæлынгæнæн хæйттæн, уыдон хъуамæ баивтаиккой, сæ тых сын фæфылдæр кæнгæйæ дæр, цæстахадгæ æнтыстытæ цы ныртæккæйы винтомоторджын авиаци не ‘вдыста, уый.
Академимæ цыдысты сгарæн æрмæджытæ Германийы æмæ йæ цæдисонты, стæй Советон Цæдисы цæдисонты авиацийы тыххæй. 1940 азы фæлварæн атахтытæ скодтой Италийы арæзт «Кампини-Капрони»-йы фыццаг реактивон хæдтæхджытæ. 1941 азы Англисы фæлвæрд æрцыдис хæдтæхæг «Глостер» реактивон змæлынгæнæн хаимæ, 1942 азы та АИШ-ы сфæлтæрдтой реактивон хæдтæхæг «Айрокомет». Уый хæдуæлвæд Англисы арæзт æрцыд, фæстæдæр хæсты чи архайдта, уыцы реактивон хæдтæхæг «Метеор».
Августы мæйы хæсты æмбисы люфтваффы хæцæнгарзæй ифтонг кæнынæн райстой реактивон куынæггæнæн хæдтæхджытæ «Мессершмитт-262», «Мессершмитт-163» æмæ «Хейнкель-162». Сæ тагъд тахт æмæ цырд фæзылдæй уыдон бирæ хуыздæр уыдысты мах «Ил»-тæ æмæ «Ла»-тæй. Æмæ æрмæст Германийы промышленнон уавæрты къуындæгдзинад нæ бауагъта немыцаг тæхджытæн уæлдæфы сæхи схицау кæнын.
Советон Цæдисы дæр куыстой реактивон авиацийыл Королев æмæ Цандеры конструкторон бюроты. 1942 азы райдианы тæхæг-фæлварæг Бахчиванджийæн уыд фыццаг атахт нæхи арæзт куынæггæнæг БИ-1 тæнгъæдыл кусæг реактивон змæлынгæнæн хаимæ. Гыццыл фæстæдæр, уыцы хæдтæхæг фæлваргæйæ, Бахчиванджи фæмард, куыстытæ урæд æрцыдысты. Сног сæ кодтой æрмæст фæсхæст, æмæ сæ рауад «ЯК-15» æмæ «МиГ-9» немыцаг реактивон змæлынгæнæн хæйттимæ.
Токаты Григорий цалдæр хатты куырдта йæ разамындæй, цæмæй йæм реактивон авиацийы тыххæй цы фæндонтæ ис, уыдон бахæссой иртасæн куыстыты пъланмæ, фæлæ та-иу не сразы сты: академийы размæ уыдис уымæй вазыгджындæр хæстæ.
1943 азы Хæстон-Уæлдæфон академи Свердловскæй сыздæхт Мæскуымæ. Цасдæры фæстæ эвакуацийæ сыздæхт, Азæ цы наукон-иртасæн институты куыста, уый дæр. Йæ бинойнаг æмæ йæ чызджы дзæбæх, æнæнизæй фенын Григорийæн уыд хъысмæты лæварау. Куыд рабæрæг, афтæмæй Азæйы институт дæр уыд Свердловскы, академийæ æрмæст цалдæр кварталы дарддæр. Азæмæ Григорийы фыстæджытæ цыдысты иууылдæр, фæлæ, Азæйы фыстæджытæ Григорий цæуылнæ иста, уый афтæдæр не сбæрæг.
Уæлахизы боныл Токаты Григорий сæмбæлд Сырх Фæзы йæ бинонтимæ æмæ мингай мæскуыйæгтимæ. Æхсæвы 2 сахаты æмæ 10 минутыл диктор Левитан бакаст фашистон Германийы капитуляцийы Акт æмæ Советон Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Уынаффæ 9 май Уæлахизы боныл банымайыны тыххæй. Адæм сæ хæдзæрттæй згъордтой æмæ цыдысты Сырх Фæзмæ. Иууылдæр кæрæдзийæн арфæтæ кодтой, бирæтæ куыдтой. Изæры уыд бæрæгбоны дæс æмæ ссæдз æмæхсты алыхуызæн хæцæнгæрзтæй, Мæскуыйы арв фейерверктæй уыд алыхуызон ахорæнтæй ахуырстау. Григорий æмæ сæм Азæ сæ хæдзарæй стыр æхсызгонæй кастысты. Сæ чызг æнцад фынæй кодта. Григорий æмæ Азæ, кæрæдзийыл атыхсгæйæ, лæууыдысты рудзынджы цур. Уый уыд ног царды райдайæн. Цавæр уыдзæн? Тынг сæ фæндыд æууæндын, амондджын кæй уыдзæн, ууыл.
Дыууæ къуырийы фæстæ инженерон æфсæдты майор Токайы-фыртмæ фæдзырдта Советон Цæдисы мидхъуыддæгты наркомы хæдивæг инæлар-булкъон Серов.
V
Серовæй сидты гæххæтт НКВД-йы курьер кæй æрбахаста, уый Григорийы сагъæсы баппæрста. Æрæджы мидхъуыддæгты наркоматы хай цы паддзахадон æдасдзинад ссис, уыимæ нырма никуы сæмбæлд. Академийы дæр иннæ куыстуæттау уыд фыццаг хайад, уый фæдзæхста паддзахады сусæгдзинæдтæ хъахъхъæнын, иудадзыг йæ хъус дардта кусджытæм. Григорий зыдта, ууыл дæр хъуыддаг кæй ис арæзт, фæлæ дзы зæрдæхсаинагæй ницы уыд, æндæр афонмæ йæ хъысмæт æндæрхуызон лыггонд æрцыдаид. Æцæг уымæй ныртæккæ йæ мæт нæ фæкъаддæр. Хорз зыдта, йæ номыл иу рыджы мур дæр кæмæн нæ абадт, æмæ стыр лæггæдтæ чи бакодта, академийы ахæм кусджытæ дæр-иу æвæдсæфт фесты, æмæ йæ бон никæмæн уыд бафæрсын, цы фесты, уымæй: тæссаг хъуыддаг уыд уый. Йæ бинойнаг дæр æнæнхъæлæджы сидты гæххæттæй фæтарст. Григорийæн йæ бон цас уыд, уыйбæрц ын ныфсытæ авæрдта æмæ Лубянкæмæ араст.
Наркомы хæдивæгмæ йæм фæсидтысты боны 2 сахатмæ. Дыккæгæм æрдæгыл бацыд, Лубянскы фæзы цы бæстыхай уыд, уый цыппæрæм бацæуæнмæ æмæ йæ пъавескæ равдыста мидæмæуадзæн бюройы. Майор Токайы-фыртæн мидæмæ бауадзыны бар кæй ис, ахæм гæххæтт рафыссыны барлæвæрд уыд, æмæ йын æй радгæс рафыста, фæлæ йын æй йæхимæ нæ радта, кæмæдæр фæдзырдта мидбастдзинады телефонæй. Дæс минуты фæстæ фæзынд кæстæр лейтенант, барлæвæрды гæххæтт райста, Григорийы документтæм ма ногæй æркаст æмæ йæм сдзырдта:
– Мæ фæдыл цу.
Лифтыл ссыдысты фæндзæм уæладзыгмæ. Григорий цымыдисæй каст йæ алывæрстæм. Дис кодта, цыма æнæхъæн бæстыхайыл æртыхстысты, уыйау цы тынг даргъ къæридортæ зындысты, уыдоныл. Дыууæрдыгæй – тулдздуарджын кабинеттæ æрмæст номыртимæ æнæ фыстытæй. Къæридортæ уыдысты афтид, стæмхатт-иу сæ размæ фесты æрхуымцæсгом æфсæддонтæ, гæххæттытæ сæ къухты, афтæмæй. Лейтенант дуæрттæй иуы раз æрлæууыд.
– Бахиз.
Уый уыд кабинетмæ бацæуæн талынггомау уæрæх агъуыст. Лейтенант Токайы-фыртмæ пъавескæ æмæ барлæвæрды гæххæтт радта радхæссæг булкъонмæ.
– Æнхъæлмæ кæс, фæдзурдзысты дæм, – загъта булкъон Григорийæн.
Æнхъæлмæ кæсын бахъуыд дыууиссæдз минуты бæрц. Æппынфæстагмæ райхъуыст сабыр, зырзыргæнæг мыртæ, æмæ булкъон дуар байгом кодта.
– Бахиз.
Егъау кабинеты мидæгозгомау сæрмагонд бастдзинады телефонтимæ фыссæн стъолы уæлхъус бадт иу-цыппораздзыд ныллæггомау инæлар-булкъон. Йæ цæсгом уыд хуымæтæгарæзт, сæрыл – сæ афонæй раздæр фæзынæг гæмæхтæ. Каст стъолыл йæ разы æвæрд гæххæттытæм, æмæ Григорий бамбæрста, уыдон йæ документтæ кæй сты.
– Æмбал инæлар-булкъон, майор Токаев дæ бардзырдмæ гæсгæ æрбацыд.
– Уынын æй, кæй æрбацыдтæ, уый, – æнæразыхуызæй сдзырдта Серов. – Сбад, майор. Ам фыст ис, ирон дæ, зæгъгæ. Уый афтæ у?
– Афтæ, æмбал инæлар-булкъон.
– Дæ фыды ном куыд у?
– Ахмæт.
– Æмæ уæдæ ды Александрович цæмæн дæ?
– Афтæ йæ ныффыстой.
– Бинонтæ дын ис?
– О, мæ бинойнаг – инженер-химик.
– Сывæллæттæ?
– Чызг. Авдаздзыд.
– Уый хорз. Дæ ныййарджытæ æгас сты?
– Не сты.
– Хæстæджытæ дын ис?
– Ис. Хо Нинæ, фыдыфсымæры лæппутæ Темур æмæ Хагуди, хæрæфырт Хӕритон. Нинæ æмæ Темур цæрынц Мæскуыйы, Хагуди Гедойы фырт цæры Налцыччы, Хæритон Дзибайы-фырт та – Ирыстоны Мызуры поселочы.
– Æмбарыс, Токаев, уыдоны хъысмæт дæуæй аразгæ кæй уыдзæн? Уыдон дзуапп дæтдзысты дæ рæдыдтыты тыххæй.
– Цæмæй мæ аххосджын кæнынц?
– Нырма уал ницæмæй. Уый æз афтæ, фæстæдæр цы уыдзæн, уый тыххæй загътон.
Дарддæр Серов афæлдæхтытæ кодта гæххæттытæ.
– Хорзæхтæ. «Отличник РККА», майдантæ «Хæстон лæггæдты тыххæй» æмæ «Германийыл фæуæлахизы тыххæй». Уый бирæтæн лæвæрдтой. Сырх стъалыйы орден та цæй тыххæй? Хæцгæ куынæ кодтай. Мæнæ фыст: «Хæстон тохты нæ архайдта, цæф дæр нæ уыдис æмæ контузи дæр нæ фæци».
– Æз службæ кодтон бомбæтææппарæн авиацийы, аэродроммæ нæ цæст дардтам, зылдыстæм æм. Аэродромтæ уыдысты фронтмæ хæстæг. Цæф нæ фæдæн, мæ хъуыддаг ацыд, бирæтæ дзы фæмард сты.
– Мæнæн дæ бацамыдтой куыд, ракетæты хабар хорз чи зоны, ахæм адæймаг, – дарддæр йæ ныхас кодта Серов.
– Авиацион реактивон змæлынгæнæг хайы, – фæбæлвырддæр кодта Григорий. – Уыцы темæйыл бирæ азты кусын. Уый нæ авиацийы фидæн у.
– Ам ма загъд ис, æртæ хатты куырдтай академийы разамындæй, цæмæй уыцы темæ пъланмæ бахæссой. Цæуылнæ сразы сты дæ фæндоныл? Не ‘мбæрстой, куыд ахсджиаг у, уый?
– Æмбæрстой. Академийы разамындыл гуырысхо кæнын нæ хъæуы зиан æрхæссыны тыххæй. Академийы размæ уæд æндæр хæстæ уыд.
Серов йæхи ныхъхъуынтъыз кодта.
– Кæуыл гуырысхо кæнæм æмæ нæ кæнæм, уый дæ уынаффæ нæу. Уый мах хъуыддаг у. Мæнæ ам фыст ис, немыцаг æвзаг зоныс, зæгъгæ. Афтæ у?
– Зонын.
– Кæцæй?
– Бирæ æрмæджытæ немыцаг æвзагыл фыст уыдысты, – æмбарын кæны Григорий. – Немыц реактивон техникæйæ махæй фæраздæр сты. Ахуыр кæнын сæ хъуыд. Ойген Зенгеры куыстытæй хæсты размæ мыхуыры рацыд уац дард дæрддзæгмæ ракетон бомбæхæссæг саразыны тыххæй. Стæй та рацыд йæ чиныг-проект «Зильберфогель» – реактивон хæдтæхæг «Серебряная птица». Уым бирæ конструктивон идейæтæ уыд.
– Ойген Зенгер, – сфæлхат кодта Серов. – Зонгæ мыггаг. Сбæрæг кодтой, Францмæ кæй фæлыгъд, уый. Хъæуы йæ ссарын æмæ ардæм æрласын.
– Æмбал инæлар-булкъон, мæнæн æй цæмæн дзурыс? – тæссаг фарст радта Григорий.
– Уымæн æмæ уыцы хъуыддаг дæуæн æххæстгæнгæ уыдзæн. Мæ разамындæй. Уынын, ацы куыстæн бæззыс. Сæрибар дæ, майор. Æнхъæлмæ кæс бардзырдмæ.
Уыцы кæстæр лейтенантимæ Григорий ахызт Лубянкæйы бирæ къæридортыл æмæ рахызт фæзмæ. Уыд хъуынтъызгомау бон, сæлфынæггæнæгау кодта. Сывæллæтты дуканийы раз уыд даргъ рады хал, цыдæр дзы лæвæрдтой. Григорий æмбæрста, йæ царды цавæрдæр ног фæзилæн кæй фæзынд.
Бардзырд æрцыд дыууæ къуырийы фæстæ. Майор Токаевы атæхын хъæуы Берлинмæ. Инæлар-булкъон Серов уырдæм раздæр ныххæццæ, æххæст кодта, Германийы советон æфсæддон администрацийы сæйраг командыгæнæг маршал Жуковы хæдивæджы æмæ Советон Цæдисы НКВД-йы æххæстбары хæстæ. Баргонд ын уыд ссарын æмæ Советон Цæдисмæ арвитын немыцаг архивтæ æмæ, Вернер фон Браунимæ цы ахуыргæндтæ куыста, уыдоны.
VI
Дæлбулкъон Токайы-фырты æрфарсты суагъæйæ. 1947 азы 24 декабры майор Хопкинсы æрфарст:
«– Афтæмæй, райстай Берлинмæ ацæуыны бардзырд. Уый кæд уыд?
– 1945 азы июны фыццаг бонты.
– Поездыл цыдтæ?
– Нæ, хæдтæхæгыл.
– Цавæр аэродромæй?
– Внуковойæ.
– Цавæр хæдтæхæгыл тахтæ?
– Хæстон-транспортон «Ли-2»-йыл.
– Иунæгæй тахтæ?
– Хæстон тæхджыты къордимæ.
– Цалæй тахтысты?
– Фынддæсы бæрцæй. Уыдон æрвыст уыдысты 16-æм Уæлдæфон æфсадмæ.
– Ды йæ цæмæй базыдтай?
– Мæ зонгæ афицер мын дзырдта. Уый дæр мах академийы цæттæ кодтой.
– Кæдæм æртахтыстут?
– Иоганистальмæ.
– Цас тахтæ?
– Фондз сахаты бæрц.
– Аэродромы дæм чи æнхъæлмæ каст?
– Капитан Квашнин СМЕРШ-æй «виллисыл». Уый суанг райдайæнæй уыд мæнмæ фидаргонд. Æххæст кодта оперативон фæдылцыд.
– Уый цы у?
– Хъахъхъæдта мæ, æххуыс мын кодта мæ куысты, уæлæмхасæн тыхтæ мæ-иу куы бахъуыд, уæд.
– Цавæр тыхтæ уыдысты?
– Иу-дæс салдаты бæрц. Зæгъæм, архивтæ-иу куы ссардтам æмæ-иу сæ раласын куы бахъуыд, уæд. Уæлдайдæр, ныгуылæны оккупацигонд хайæ.
– Йæ цæстдарды уыдтæ?
– Иудадзыгдæр, уый йæ хæс уыдис.
– Ды йæ куыд базыдтай?
– Уæд алкæмæ дæр уыд цæстдард. Уый иууылдæр зыдтой.
– Дæумæ йæ цæст æрмæст капитан Квашнин дардта?
– Мæнмæ гæсгæ, нæ, йæхи адæм ын уыдис. Фæлæ сæ æз нæ зонын.
– Уæдæ дæм аэродром Иоганисталы капитан Квашнин æнхъæлмæ каст. Кæдæм дæ аласта?
– Карлхорстмæ, уым уыдис не ‘фсæддон къордты разамынд иууылдæр. Æз фехъусын кодтон инæлар-дæлбулкъон Серовæн ме ‘рцыд, æмæ мын суткæ радтой æрбынæттон уæвынæн.
– Кæм æрцардтæ?
– Иу къуырийы бæрц ацардтæн афицерты æмдзæрæн Карлхорсты, стæй немыцаг бинонтæй агъуыст баххуырстон Трептов-парчы цур. Агъуыст мын Квашнин ссардта.
– Сырх Æфсады хистæр афицертæ иууылдæр фатерты Карлхорсты цардысты. Дæуæн цæмæн радтой уым нæ цæрынæн бар?
– Нæ зонын. Карлхорсты уæгъд бынæттæ нæ уыдис. Мæнмæ гæсгæ, капитан Квашнин йæ хицауадæй барлæвæрд райста.
– Куыд цыдтæ Трептов-паркæй дæ службæйы бынатмæ?
– Машинæ мын радтой шофыримæ. Фыццаг уал зæронд «Фольксваген». Фæлæ-иу арæх фехæлд, æмæ мын æй уæд «Ганза»-йæ баивтой.
– Шофыр советон æфсæддон службæйы уыд?
– Нæ, немыцаг уыд. Йæ ном Норберт Бинер. Æз ын фыстон 200 маркæйы мæй, мæ фæлхас мын уый фæстæ лæвæрдтой финхайы. Уый размæ мын уыд æндæр шофыр, Вилли Брем, фæлæ уый машинæйæн ницы ‘мбæрста, гыццыл хæлд дæр йæ бон аиуварс кæнын нæ уыд. Æмæ йæ уæд баивтон.
– Æдзухдæр шофыримæ цыдтæ?
– Нæ, кæдæм цæуын, уый зоной, уый мæ-иу куынæ фæндыд, уæд-иу æй ауагътон æмæ мæхæдæг тардтон машинæ.
– Дæ шофыртæ СМЕРШ-ы цæстдарджытæй уыдысты?
– Гæнæн ис, «нæ уыдысты» зæгъын мæ бон нæу.
– Загътай, уæ хæс уыд немыцаг архивтæ æмæ, фон Брауны ракетон программæйыл чи куыста, уыцы ахуыргæндты ссарын. Контролон цæдисон советы нымæрдар та куыд сдæ?
– Уый æнæнхъæлæджы рауад. Иухатт Серовы кабинетмæ бацыд маршал Жуков. Æз уыцы рæстæг доклад кодтон нæ куысты фæдыл. Серов мæ Георги Константиновичæн бацамыдта. Уый мæ бафарста: «Раст фыссынмæ хорз арæхсыс?»
Серов ын дзуапп радта:
– Техникон наукæты кандидат у.
– Дæ фысты хъæд хорз у? – бафарста мæ ногæй.
– Æнцонæвзарæн, – дзуапп ын радтон æз
– Бæззы. Цом, фысдзынæ суагъæтæ.
Советы уæнгтимæ уыдысты инæлар Эйзенхауэр, фельдмаршал Монт-гомери æмæ инæлар де Тассиньи. Советы æрбадтыты мæ бынат уыд Жуковы фарсмæ, маршал мыл æууæндыд. Стæй Жуковы Мæскуымæ аивтой æмæ йæ фистæг æфсæдты Сæйраг командыгæнæгæй снысан кодтой. Йæ бæсты та йын сæвæрдтой æфсады инæлар Соколовскийы. Гыццыл фæстæдæр Соколовский маршал ссис.
– Контролон советыл ма фæстæдæр адзурдзыстæм. Раздæхæм, Берлинмæ куыд æрцыдтæ, уымæ. Иунæгæй цардтæ?
– 1946-æм азы майы кæронмæ иунæгæй. Стæй мын бар радтой мæ бинойнаг æмæ мæ чызджы æркæнынæн.
– Мах зонæм, æрмæст искуы-иутæн лæвæрдтой Берлинмæ йæ бинонты æркæныны бар. Æрмæстдæр Германийы Советон æфсæддон администрацийы æппæты бæрзонддæр разамындæн. Уыдонæй дæр се ‘ппæтæн нæ. Дæуæн цæмæн радтой ахæм бар?
– Афтæ рауад. Иуахæмы мæм маршал Соколовский фæдзырдта йæхимæ. Фехъусын ын кодтой, гуырысхогæнинаг бастдзинæдты мæ кæй бафиппайдтой, уый.
– Чи йын фехъусын кодта? Капитан Квашнин?
– Æнхъæл нæ дæн, уый Соколовскиимæ не ‘мбæлд. Серов уыд йæ хицау.
– Уæд та Серов?
– Гæнæн ис. Нæ бафарстон, Соколовский мын æй уæддæр нæ загътаид.
– Цавæр бастдзинæдтæ уыдысты?
– Немыцаг сылгоймагимæ.
– Кæимæ?
– Эльзæ Рихтеримæ, Курфюрстендаммы отель «Кронпринц»-ы ресторантæй иуы зарæггæнæгимæ.
– Курфюрстендамм бритайнаг оккупацион зонæйы ис. Куыдæй бахаудтæ уырдæм?
– Берлины нæй арæнтæ, мæ бон уыд сæрибарæй цæуын æгас сахарыл дæр.
– Дзур дарддæр. Эльзæ Рихтер дæ хæзгул уыд?
– О.
– Куыд базонгæ стут?
– Отель «Кронпринц»-ы рестораны мын, фон Вернеримæ чи куыста, уыцы ахуыргонд-ракетчикы чи зыдтаид, иу ахæм адæймагимæ фембæлд уыд. Фембæлд фæцис изæрæй. Тыхджын къæвда ракодта. Эльзæ уыцы рæстæг рацыд отелæй. Æз æм, уæхимæ дæ аласон, зæгъгæ, сдзырдтон, æмæ мæ машинæйы сбадт. Фæндагыл нын ныхас бацайдагъ. Цыдис ыл фондз æмæ ссæдз азы. Радзырдта мын, йæ лæг скæсæйнаг фронты кæй фæмард, цæры иунæгæй йæ цыппараздзыд чызгимæ. Йæ чызгæн йæ рæуджытæ суазал сты, æмæ йын хъуыд антибиотиктæ, хостæ та базары тынг зынаргъ уыдысты. Æз ын зæрдæ бавæрдтон баххуыс кæнынæй, пенициллин ын райстон нæ госпиталы æмæ йын æй баластон. Мидæмæ мæ бахуыдта. Агъуыст ын уыд Фридхофштрассейы, немыцаг зæронд уæлмæрдты раз.
– Куыд арæх æмбæлдыстут?
– Куыд-иу рауад, афтæ. Хатгай къуыри иу хатт, стæмдæр хæттыты дæр-иу уыдис. Нæ фембæлдтæ мæ службæйæ аразгæ уыдысты.
– Куыд æмбæлдыстут?
– Æз-иу машинæйыл «Кронпринц»-мæ бацыдтæн, йæ куыст-иу куы фæци, уыцы рæстæгмæ. Сбадт-иу машинæйы, æмæ-иу уымæ ацыдыстæм.
– Отельмæ-иу нæ бацыдыстут?
– Нæ. Рестораны æдзухдæр бирæ америкæгтæ, англисæгтæ æмæ немыцаг хъæздыг сæудæджергæнджытæ уыдис. Уырыссаг афицеры уынд сæ йæхимæ æгæр æркæсын кодтаид, æмæ мæн уый нæ фæндыд.
– Соколовский дын цы загъта?
– Мæ бон дын æй у рафæзмын, фæлæ йæ нæ бамбардзынæ.
– Хыл дæм кодта?
– Хыл дæр ма хылы хуызæн куы уыдаид. Схуыдта мæ æнæбæрнон нæл хæтаг дзæгъæлдзу куыдз, чи йын цы зоны, кæимæ баст у уыцы зарæггæнæг сылгоймаг, зæгъгæ. Æвæстиатæй, дам дæ Мæскуымæ арвитин, цы куыст кæныс, уый афтæ ахсджиаг куынæ уаид, уæд.
– Цавæр дзуапп ын радтай?
– Цы йын хъуамæ загътаин? Иууылдæр, зæгъын, хæтаг куыйтæ стæм, æрмæст иутæ тынгдæр, иннæтæ къаддæр.
– Уый та дын цы загъта?
– Загъта, ис, дам, æрмæст иу хос. Æмæ бардзырд радта, цæмæй мæ бинойнаг Азæ æмæ мæ чызг Беллæ Берлинмæ æртæхой. Мæйы фæстæ æрцыдысты. Эльзæимæ уымæй фæстæмæ нал фембæлдыстæм.
– Дæ бинонты æрцыды тыххæй Серов цы хъуыды кодта?
– Тынг æнæразыйæ баззад. Суанг райдайæнæй фæстæмæ дæр мæм цыдæр гуырысхойы цæстæй каст. Æнæуи та алкæуыл дæр гуырысхо кодта, ахæм адæймаг уыд».
Майор Хопкинсы комментари:
«Дæлбулкъон Токаевы æвдисæн ныхасæй уырнинаг у Берлинмæ йæ ацыды хай. НКВД-йы бæстыхай куыд æрфыста, уый дæр у, раздæр æндæр мадзæлттæй кæй сбæлвырд кодтам, уыцы æрфысты хуызæн. Хæдтæхæг «Ли-2»-йы цæйбæрц бынæттæ ис æмæ Мæскуыйæ Иоганисталы аэродроммæ цас рæстæг бахъуыд тæхынæн, уый дæр раст бæрæггонд у. Дызæрдыггаг у æрмæстдæр, Карлхорсты æдде йæ кæй бауагътой цæрын, уый. Берлины советон патрультæ кæм сты, уырдыгæй йын 1947 азы 3 ноябры бирæ зындæр уыдаид бритайнаг сектормæ рацæуын.
Уæлдай тынгдæр йæхимæ кæсын кæны æнахуыр барлæвæрд Токаевæн йæ бинонты Берлинмæ æркæнынæн. Кæд нæ гуырысхо, Токаев советон агентæй æрвыст кæй у Великобританимæ, уый фæдыл раст у, уæд уый бамбарын кæнæн ис афтæ: сразы сын уыдаид Ныгуылæнмæ ацæуыныл æрмæст йæ бинонтимæ. Инæлар-дæлбулкъон Серовы гуырысхо та ис афтæ бамбарын кæнæн: агенты цæттæ кодтой, Серовы дæлбар чи нæ уыд, уыцы советон сæрмагонд службæтæ инæлар æмæ йæ кусджыты сусæгæй. Уый та дзурæг у операцийы сусæггады бæрзонд къæпхæныл.
Æнæмæнг хъæугæ мæм кæсы:
— Булкъон Токаевы бæрц паддзахадон сусæгдзинæдтæ чи зоны, ахæм адæймаджы алыгъд Ныгуылæнмæ Советон Цæдисы нымад у райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацыдыл, æмæ репресситæй тæссаг вæййы, Цæдисы чи баззад йæ уыцы хæстæджытæн æмæ хæлæрттæн. Ссарын хъæуы йæ хо Нинæйы, йæ фыдыфсымæрты лæппуты Темур æмæ Хагудийы, йæ хæрæфырт Хæритоны æмæ, Токаевмæ Жуковскийы номыл Хæстон-уæлдæфон академийы кусджытæй хæстæгдæр чи уыд, уыдоны хъысмæттæ базоныны амал. Сбæрæг кæнын хъæуы, дæлбулкъон Токаевмæ цæст дарын кæмæн бахæс кодтой, уыцы капитан Квашнины хабар дæр. Йæ цæст кæмæ дардта, уый алыгъды фæстиуджытæ йæ хъуамæ æркæниккой карз дисциплинарон æфхæрдмæ, суанг суды онг;
— Германы нæ агентурæйæн бахæс кæнын хъæуы отель «Кронпринц»-ы зæрæггæнæг Эльзæ Рихтеримæ фембæлын æмæ сбæрæг кæнын Токаевы ныхæсты рæстдзинад».
VII
Йæ бинонты æрцыдмæ Токаты Григори баххуырста æртæ агъуысты Трептов-паркмæ хæстæг коттеджы ас немыцаг лæг æмæ усæй. Хæдзары хицæуттæ сæхæдæг æрцардысты сæ пъадвалы, уæллаг агъуыстытæ та лæвæрдтой æххуырсты. Карточкæтæм гæсгæ истой бон 300 граммы дзул, 20 граммы дзидза, 20 граммы сæкæр, 400 граммы картоф, 7 граммы сой, стæй алы мæй дæр 25 граммы къофи нæмгуытæй, 100 граммы эрзац-къофи æмæ 30 граммы цæхх.
Карточкæтæ уыдысты цалдæр хуызы: кусджытæн, службæхæсджытæн, пенсиисджытæн. Æппæты фылдæр лæвæрдтой, уæнгдыхæй уæззау куыст чи кодта, уыцы кусджытæн, æппæты къаддæр (уæлмæрдонтæ сæ хуыдтой) – чи нæ куыста, уыдонæн æмæ пенсиисджытæн. Советон афицер немыцаг бинонтæн агъуысты æххуырсты мыздæн цы фыста, уый сын æххуыс уыд аирвæзынæн, ноджы ма сын-иу, службæйæ цы хæлц иста, уымæй дæр фæхай кодта. Уый сын тынг æххуыс уыд, уымæн æмæ базары продуктты æргътæ уыдысты æнахъинон бæрзонд.
Коттедж Токайы-фыртæн ссардта капитан Квашнин. Квашнин уыд Рязанæй – сæрæн, бæрнон адæймаг. Григори зыдта, Квашнин æрвылбон фыссы рапорттæ, йæ цæст кæмæ дары, уый цы куыста, кæм уыд, кæимæ фембæлд, фæлæ Григори уыдæттæ ницæмæ дардта, æмбæхсинагæй йæм ницы уыд. Уæдмæ йын радтой дæлбулкъоны цин, æмæ службæ кодта Советон секцийы Цæдисон Секретариаты, 1945 азы июны æвзæрст æрцыд организацийы партбюройы секретарæй, фæстæдæр æй аивтой Секретариаты Æфсæддон управленимæ. Йæ сæйраг хæс раздæрау уыд архивтæ æмæ, Вернер фон Брауны ракетон программæйы чи архайдта, уыцы ахуыргæндты ссарын.
Фон Браунæн йæхи уæдмæ америкæгтæ ‘рцахстой æмæ йæ Иугонд Штаттæм аластой, йæ ‘мкусджытæй Германийы чи баззад, уыдон æмбæхстысты, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ, цардысты æндæр æрхъуыдыгонд мыггæгтæ æмæ нæмттимæ. Уыдонæй искæй фæд ссарын уыд тынг зын хъуыддаг, бахъуыд-иу немыцæгты дæсгæйттæй æрфæрсын.
Авиаконструктор Ойген Зенгер, Токайы-фыртæн инæлар-булкъон Серов кæй кой кодта, уый афтæ дæр сæ къухы нæ бафтыд. Йæ бинойнагимæ, математик Иренæ Брендимæ, æмбæхстис Францы.
Берлины уыцы рæстæг службæ хаста инæлар-майор Васили Сталин. Григори йын радзырдта проект «Зильберфогель»-ы тыххæй. Зенгер ыл кусын хæсты размæ райдыдта. 1941 азы проект урæд æрцыд, ахуыргонд æм раздæхт æрмæст 1944 азы. Уый уыд фантастикон проект. Йæ сæххæст кæнын сæ къухы куы бафтыдаид, уæд немыцаг ракетæты бон суыдаид сæхи сисын стратосферæмæ, Атлантикæйы сæрты атæхын æмæ Нью-Йоркыл бомбæтæ калын. Уыцы хабар Васили Сталины хъуыдытыл бафтыдта. Дæлбулкъон Токайы-фыртимæ Францмæ атæхын, Зенгеры ссарын æмæ йæ Советон Цæдисмæ æрласын ссис Василийы сæйраг идейæ. Æмæ тынг æнæразыйæ баззад, инæлар-булкъон Серов ын цæхгæр куы загъта, ууыл хъуыды дæр ма кæн, зæгъгæ, уæд. Зæгъгæ та йын афтæ кодта: «Цы саразынмæ хъавут Францы, æвзаг нæ зонгæйæ? Уым ис, Зенгеры кой чи бакæна, ахæм адæм, æмæ уыдон кусæнт». Уайтагъд уый фæстæ Васили Сталины аивтой Мæскуымæ æмæ йæ снысан кодтой Мæскуыйы æфсæддон зылды Хæстон-Уæлдæфон Тыхты командыгæнæгæй. Йемæ хæстæг кæй базонгæ, уый Григорийы карьерæйыл дæр сахадыдта.
Германийы сæйраг ракетон центр уыдис Балтикæйы, Пенемюнды. Ам фæлвæрдтой ракетæтæ «Фау-1», ардыгæй уагътой уæлдæфмæ, Лондоны чи пырх кодта, уыцы «Фау-2», бетонæй арæзт бункерты Пенемюнды куыстой, æнæхъæн бæстæйы кæй сæмбырд кодтой, уыцы немыцаг ахуыргæндтæ сæдæгæйттæй. Токайы-фырт дæр йæ куыст райдыдта Пенемюндмæ ацæуынæй.
Центры ницыуал уыд ссарæн: 1943 азы 17-æм августы йæ ныппырх кодтой Британийы бомбæтæ.
Немыц раздæр Лондон цы ракетæтæй æхстой («А-3», фæстæдæр сæ схуыдтой «Фау-1»), уыдоны-иу бритайнаг Уæлдæфон Хихъахъхъæнынад æнцонæй рацахста: тынг тагъд нæ тахтысты, æмæ-иу сæ локатортæ уайтагъд ссардтой. Хъуыддаг фендæрхуызон, немыц «Фау-2»-мæ куы рахызтысты, уæд. Уыдон-иу æвиппайды æрхаудтой Лондоныл, суанг-иу уæлдæфон фæдис сидынмæ дæр нал фæцарæхстысты. Алы ракетæйы дæр уыд 800 килограммы рæмудзæн æрмæг. Æмæ-иу кæд бынтон рæстдзæвин нæ разындысты, уæддæр горæтæн цы фыдбылызтæ хастой, уыдон немыцмæ фаг кастысты. Британийы разведкæ сбæрæг кодта, ракетæтæ Пенемюндæй кæй уадзынц, уый æмæ рахаста центр ныппырх кæныны уынаффæ.
17-æм августы фæсæмбисæхсæв Пенемюнды сæрмæ фæзынд бомбæхæссæг хæдтæхджыты фыццаг къорд, фæлæ иунæг бомбæ дæр не ‘рхауд. Бынæй уæлдæфон фæдисмæ дæр нæ фæсидтысты. Уалынмæ æнæнхъæлæджы ссыгъдысты рухсгæнæн ракетæтæ, æмæ Пенемюнды райдыдта историйы æппæты тыхджындæр уæлдæфон бабырст. Æртæсæдæ уæззау цыппармоторон бомбæхæссæг хæдтæхæджы центрыл æркалдтой мин фугасон æмæ судзæн бомбæйы. Хæдтæхджыты иу уылæн ивта иннæйы, лыстæг пырх кодта, цыдæриддæр бынæй уыд, уыдон – хæцæнгарзæй, бæстыхайæ. Пенемюнды Уæлдæфон Хихъахъхъæнынад разынд æнæбон. Æвæстиатæй фæдзырдтой Берлинмæ, æмæ æхсæвыгон тæхæг куынæггæнджытæ æрæппæрстой дæс æмæ дыууиссæдзы бæрц америкаг «тæхгæ фидар»-ы – хæдтæхджытæ В-27. Фæлæ уæдмæ хъуыддаг ахицæн. Ракетæты центр бирæ рæстæгмæ сæхгæдтой.
Пенемюнды фæмард авдсæдæ адæймагæй фылдæр, уыдонæй бирæтæ уыдысты хуыздæр ахуыргæндтæ, семæ змæлынгæнæг хæйтты сæйраг конструктор доктор Вальтер Тиль дæр. Уыцы уæлдæфон бабырсты хабар фехъусгæйæ, йæхи фехста инæлар-булкъон Йешоннек, районы Уæлдæфон Хихъахъхъæнынадæн дзуапдæттæг. Фæлæ Пенемюнды хицау инæлар Дорнбергер æмæ Вернер фон Браун СС-ы обергруппенфюрер, æдасдзинады службæйы хицау Кальтенбруннерæн ныфс бавæрдтой, æгасæй ма цы кусджытæ баззадысты, уыдоны бон кæй бауыдзæн куыст кæронмæ ахæццæ кæнын. Вермахты уынаффæмæ гæсгæ Польшæйы арæзт æрцыд резервон фæлварæн полигон Фау-2-йыл куыст адарддæр кæнынæн.
Токайы-фырт разамынд кæмæн лæвæрдта, советон специалистты уыцы къорд Пенемюндмæ цæуæг фыццаг экспедици нæ уыд. Уымæй размæ, 1945 азы июны, инæлар-булкъон Серовы бардзырдæй ардæм æртахтысты реактивон хæдтæхджытыл архайæг НИИ-1-ы кусджытæ, фæлæ байрæджы кодтой. 10-æм мартъийы 1945 азы 2-аг Белоруссаг фронт бацыд Пенемюнды районмæ, 2-æм майы та центры гарнизон æнæхъæнæй дæр ацыд Нордхаузенмæ, æмæ иууылдæр сæхи радтой америкæгтæм. Уыцы бон, уырыссаг салдæттæ рейхстаджы пиллонуадзгæ къултыл сæ нæмттæ куы фыстой, уæд америкæгтæ та байстой, аргъ кæмæн нæ уыд, ахæм трофейтæ: центры цыппарсæдæ сæйраг наукон-техникон кусæджы, документтæ æмæ, цы арæзтой, уымæн хыгъдлæвæрдтæ, завод «Миттельверк»-ы та фронтмæ æрвитынмæ цæттæ «Фау-2»-йы 100 ракетæйы.
1945 азы АИШ-ы рацыд президент Трумэны бардзырд – уымæ гæсгæ НСДАП-йы активон уæнгтимæ кусыны бар нæ уыд. Пенемюнды та ракетæтыл кусджытæ иууылдæр уыдысты нацистон партийы уæнгтæ, Вернер фон Браун та ма 1943 азы суанг штурмбаннфюрер СС-ы цин дæр райста. Цæмæй уыцы бардзырд хæлдыл нымад ма ‘рцæуа, уый тыххæй немыцаг специалисттæн æвæстиатæй арæзтой æрхъуыдыгонд профессионалон æмæ политикон биографитæ, уыдонмæ гæсгæ иууылдæр уыдысты фæзминаг, æмæ-иу уый фæстæ кусын райдыдтой Америкæйы ракетон центрты. Операцийæн радтой ном «Скрепкæ», немыцæгтæн сæ ног биографитæ сæ гæххæттытæм скрепкæтæй фидаргонд кæй уыдысты, уый тыххæй. 1945 азы майы æмбисы уыцы зынаргъ специалисттæ æмæ архивтæ ласт æрцыдысты АИШ-мæ, советон хæстон специалисттæн та НИИ-1-æй баззад кæлæддзæгтæ къахын æмæ Пенемюнды лæггадгæнæг персоналы фæрсын.
Æрмæстдæр иу хабарæй ацыд сæ хъуыддаг. Афицертæй иу йæхи хъуыдыйы иуварс ацыд æмæ кæлæддзæгты ‘хсæн йæ цæст ацахс- та æрдæгсыгъд цъарджын брошюрæ, йæ уымæл æддаг цъарыл фыст уыд: «Streng Geheim» – «Бынтон сусæггаг». Уый уыд Зенгеры реактивон хæдтæхæг-бомбæтæхæссæджы проект. Уымæн йæ техникон характеристикæтæ стыр дисы баппæрстой советон специалистты. Йæ змæлынгæнæн хайы тых уыд 100 тоннæйы (махонтæн иу тоннæ æмæ æрдæг дæр нæ уыд уæд), йæ тагъд 30 хатты фылдæр, йæ тахты бæрзæнд 300 километры онг, йæ дæрддзæг та 25 мин километры. Брошюрæ мыхуыргонд уыд 100 экземплярæй, æмæ кæдæмты æрвыст æрцыд, уыдоны номхыгъдмæ гæсгæ йæ арвыстой вермахты сæйраг разамонджытæм, авиацийы министрадмæ, æппæт институттæм æмæ, хæстон авиацийыл чи куыста, уыцы организацитæм се ‘ппæтмæ дæр, стæй, немыцаг специалисттæй-разамонджытæй ракетон техникæмæ бар чи дардта, уыдонмæ, ноджы, æфсады чи гæрзифтонг кодта, уыцы хайадмæ дæр инæлар Дорнбергермæ.
Се ссарæггаджы тыххæй никæмæн ницы зæгъгæйæ, брошюрæ кусджытæй иуы роны атъыстой, кусæджы хæдтæхæджы абадын кодтой æмæ йæ Мæскуымæ арвыстой. Фæстæдæр, брошюрæйы проектыл кусæг ахуыргæндты номхыгъд кæм уыд, уыцы хай раргом кодтой æмæ йæ сгарæг къордтæм радтой. Токайы-фырт æмæ йе ‘мгуыстгæнджытæ дæр уыдонмæ гæсгæ агуырдтой немыцаг ракетчикты æнæхъæн Германийы. Уый уыди тынг лыстæг куыст, домдта хиуылхæст æмæ фидардзинад. Уыдон та дæлбулкъон Токайы-фыртæн искæмæй æфстау исын нæ хъуыд.
Немыцаг авиаконструктортæй фон Брауны ракетон программæйы чи архайдта, уыдонæй советон разведкæйы æппæтæй тынгдæр хъуыдаид ахуыргонд Курт Танк. Уый, америкæгтæм чи бахауд, уыдоны номхыгъды нæ уыд. Уымæн æмæ уыцы рæстæг Польшæйы резервон ракетон полигоны арæзтады куыста. Сырх Æфсады хæйттæ Польшæмæ куы бацыдысты, уæдмæ Курт Танкæн йæ фæд фесæфт.
VIII
1947 азы февралы Курт Танкыл сæххæст цыппор фараст азы. 1933 азæй хæсты кæронмæ уыд «Фокке-Вульф-Верк»-ы сæйраг конструктор. Йæ проекттæм гæсгæ арæзт æрцыдысты хæсты азты æппæты цырддæр куынæггæнджытæ Fw 58 «Weihe», Fw 190 æмæ бæрзæндыл ахсæг Та 152. Хæсты кæрон сарæзта турбореактивон куынæггæнæджы проект Та 183, æмæ дзы æххæстгонд æрцыдысты реактивон авиацийы æппæты размæдзыддæр идейæтæ. Пенемюнды ракетон центрмæ йæ бакодтой 1945 азы райдайæны, æмæ куыста «Фау-2» аэродинамикæйыл. Советон разведкæ зыдта, АИШ-мæ ласт немыцаг ракетчиктимæ нæ бахауд операци «Скрепкæ»-йы. Æвæццæгæн, æмбæхстис кæмдæр Берлины ныгуылæйнаг оккупацигонд секторты.
Курт Танкæн дæлбулкъон Токайы-фырт йæ фæдыл фæхæст бынтон æнæнхъæлæджы: 1947 азы февралы кæрон æм иуизæр коттеджмæ мотоциклыл æрхæццæ капитан Квашнины æрвыст лæг фыстæгимæ. Фыст дзы уыд: «Не ‘нгуыр цымыдисаг цыдæр æрцахста, хъæуы йæ æвæстиатæй æрфæрсын». Григори араст Карлхорстмæ, уым уыд сæрмагондæй цæттæгонд агъуыстытæ, «сау» базары цы дызæрдыггаг адæймæгты бауромынц, уыдоны рæстæгмæ дарынæн.
Æппæты стырдæр «сау» базартæ Берлины уыдысты рейхстаджы цур æмæ Бранденбурджы кулдуары районы. Æрвылбон цыфæнды боныхъæды дæр уырдæм адæм æмбырд кодтой мингæйттæй. Æрмæст уым уыд балхæнæн кæнæ баивæн исты хæринæгтæ. Берлины комендант инæлар Берзарины бардзырдæй гом уыдысты дуканитæ æмæ дзулфыцæнтæ иууылдæр, æцæг дзы, цы уæй кæной æмæ цы фыцой, уый нæ уыди. Суанг, карточкæтæй цы уыдис балхæнæн, уымæн дæр нæ уыд ссарæн. Бирæ берлинæгтæ хъæрмхуыпп æмæ кас хæрынмæ цыдысты сырхæфсæддонты быдырон хæринаггæнæнтæм, уым-иу сæмбырд дæргъæй-дæргъмæ рад. Фæлæ хæринаг фылдæр æлхæдтой «сау» базарты. Ардæм хастой, бомбæты бынæй æмæ ма сын зынгирвæзтытæй цы баззад, уыдон иууылдæр: уæлæдарæс, къахы дзаума, хæдзары мигæнæнтæ. Батинкæтæ баивæн уыд хуыйы дзидзайы тушенкæйы къоппыл, гауыз – голладжы ‘рдæг картофыл. Нæлхæйы килæ уыд 600 рейхсмаркæйы, къофийы килæ – 1100-1200 маркæйы, америкаг сигаретты къопп – 20 маркæйы. Сигареттæ дæр валютæйы хуызæн уыдысты доллæрты æмрæнхъ. Сылгоймаджы цъындатæ ивтой цыппар «Кэмэл»-ы кæнæ «Честерфилд»-ы къоппыл, бынтон дæрдджын чи нæ уыд, ахæм пъалто – 20 къоппыл. Сæудæджер кодтой алцæмæй дæр. Сигаретты блок лæвæрдта уæлæмхасæн æфтиаг 100 доллары, шнапсы авг – 40 доллары, сапоны къæртт – 5 доллары. Æппæтæй зынаргъдæр уыдысты хостæ æмæ сахаттæ. Афтæ дæр-иу рауад, æмæ АИШ-ы 3 доллары æмæ 95 центы цы сахат уыд Микки Маусимæ, уый кодта 500 долларыл. Æмæ, америкæгтæн сæхицæй æнæхъæн къоппыты дзæгтæй куы райдыдтой æрвитын ахæм сахаттæ, уæд сæ амы хицауад сæрмагонд бардзырд рауагъта, цæмæй америкаг æфсæддон службæхæсджытæн «сау» базармæ цæуыны бар ма уа. Бардзырд халджыты ахстой æмæ сæ ахæстоны дардтой.
Тынг активон æлхæнджытæ уыдысты Сырх Æфсады салдæттæ: цалдæр азы мызд сын бафыстой, æмæ æлхæдтой алцы дæр – дзаумæттæ, къамисæн аппараттæ, аккордеонтæ, сахаттæ – æмæ сæ æрвыстой, хæсты азты чи смæгуыр, уыцы райгуырæн бæстæмæ.
Ныгуылæн оккупацион зонæты немыцмæ карточкæтæ дæр нæ уыдис, уыдонæн мызд фыстой рейхсмаркæтæй, суанг, куыстуæттæ æхгæд куы уыдысты, уæд дæр. Маркæтæн сæ аргъ бынмæ тагъд хауд, æмæ немыц архайдтой, куыд гæнæн ис, афтæ рæвдздæр сæ бахардз кæныныл. Скæсæн Берлины алцы дæр уыд бирæ асламдæр, «сау» базартæ сæхимæ æлвæстой сахары æппæт цæрджыты дæр. Рейхстаг советон зонæйы уыд, æмæ йæм хæстæг нæ цæуыныл архайдтой, арæхдæр æвзæрстой Бранденбурджы кулдуары цур базар, бæлвырд кæй никæмæ хауд, уый тыххæй. Ам советон патрульты бæсты иудадзыг дæр уыдысты СМЕРШ-ы кусджытæ хуымæтæг дарæсы, сæ хъус дардтой амынд бæрæггæнæнтæм гæсгæ дызæрдыггаг адæймæгтæм, æмбæхст нацисттæй чи уыд, уыдонмæ. Уыцы бон, февралы кæрон, контрразведкæйы кусджыты цæст æрхæцыд, иу-цыппор азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм нæлгоймагыл. Йæ уæлæ уыд дæрдджын дзаумæттæ, йæ къепкæ – йæ цæстыты онг уагъд, йе уæхскыл – гыццылгомау хордзен. Иудадзыг йæ алывæрстæм фæкæс-фæкæс кодта, афтæмæй, аргъыл нæ дзургæйæ, æлхæдта хæлц. Бæлвырд уыд, тагъддæр куы балхæнид, цы йæ хъæуы, уый æмæ тæссаг ранæй куы ацæуид, ууыл архайдта. Чи у, уый бæрæггæнæн гæххæтты фыст уыд: ном – Генрих Хиль, дæсныйад – лаборант, цæрæн бынат – Штеглицы зылд. Штеглиц уыд Берлины ныгуылæн секторы.
Уый кары адæм хаудысты вермахты æнæмæнг мобилизацимæ. Капитан Квашнин уыцы бон радгæс уыд Бранденбурджы кулдуары, уымæ гæсгæ йæ, цавæр æфсæдты службæ кодта, уымæй бафарста. Уый йын дзуапп радта, зæгъгæ, уæгъд уыдис службæйæ тъæпкъахы тыххæй, дохтырты гæххæтт дæр æм уыдис. Хиль архайдта йæхи æвæлмонæй дарыныл, суанг ма цыдæр къæйныххуызæй дæр, фæлæ бæрæг уыд, кæй фæтарст. Æмбæхсинаг æм кæй ис, уый дæр ыл зынд.
Хилы машинæйы сбадын кодтой æмæ йæ Карлсхортмæ æрбаластой. Куы йæ басгæрстой, уæд йæ хордзены разынд 10 америкаг тушенкæйы банкæйы, æхсæз банкæйы та сбæзджынгонд адджын æхсыр, айчы ссады стыр дзæкъул æмæ къофийы гыццылгомау дзæкъул. Хиль бамбарын кодта, уыдæттæ иууылдæр, фæстаг азты кæмæ куыста, уыцы профессорæн кæй балхæдта. Профессор йæхæдæг æнæфæразгæ у, базармæ цæуын йæ бон нæ баци.
– Профессор цы хуыйны? – бафарста йæ Квашнин.
– Герр Танк, – дзуапп радта Хиль.
Карл Танк. Уыцы ном хорз зыдта капитан Квашнин. Йæ æрфарст фæурæдта æмæ арвыста дæлбулкъон Токайы-фыртмæ.
Григори Карлхорстмæ куы ‘рбахæццæ, уæдмæ, кæй баурæдтой, уый дæр гыццыл йæхимæ ‘рцыд æмæ советон афицеры йæхæдæг фыццаг афарста:
– Герр оберст, цæмæй мæ аххосджын кæнынц?
– Нырма ницæмæй. Документты хуымæтæджы сгæрст. Мах агурæм нацистон партийы зынгæдæр архайджыты æмæ СС-ы уæнгты.
– Æз никуы ницавæр партийы уыдтæн. Æз дæн хуымæтæг æфсæддон службæйæ уæгъд лаборант. Куыд хъуамæ уыдаин СС-ы уæнг?
– Æмæ дæ патрон, профессор Танк та?
– Уый тыххæй æз ницы зонын. Уый политикæйæ дард ахуыргонд у. Кæд партийы уæнг уыд, уæддæр, афтæ кæй æмбæлд, уымæ гæсгæ. Мах уый тыххæй никуы ныхас кодтам.
– Цавæр наукон хаххыл куыста профессор Танк? – дарддæр фарста Григори.
– Математик у.
– Цæйбæрц рæстæг æм кусыс?
– Фондз азы. Хæсты размæ мæ баххуырста.
– Æдзухдæр йемæ уыдтæ?
– О, æххуысгæнæг æй иудадзыг дæр хъуыд.
– Пенемюнды дæр-иу йемæ ды уыдтæ?
Хиль фæкуыддæр, æвиппайы исты дзуапп раттынмæ нæ фæцарæхст.
– Не ‘мбарын, цæй кой кæныс, уый. Æз Пенемюнды никуы уыдтæн.
– Ма тыхс, Генрих, – хæлархуызæй йæм сдзырдта Григори. – Мах зонæм, профессор Танк хуымæтæджы математик кæй нæу, уый. Уый у зындгонд авиаконструктор æмæ архайдта фон Брауны ракетон программæйы. Йæ центр уыд Пенемюнды. Мах суанг, уым цæуыл куыста, уый дæр зонæм – «Фау-2»-йы ракетæты аэродинамикæйыл. Лондоныл кæй æппæрстой, уыдоныл.
– Кæд алцы дæр зонут, уæд ма мæ цы фæрсут?
– Цæмæй йæ зонæм, махимæ æмгуыстыл разы дæ æви нæ, уый. Нырма йæ нæма бамбæрстон.
– Æмæ куынæ сразы уон, уæд цы?
– Æвзæр фæнд. Уæд бæлвырддæр райдайдзыстæм зонгæ кæнын дæ ивгъуыд хабæрттимæ. Æмæ куы рабæрæг уа, хуымæтæг æфсæддон службæйæ уæгъд лаборант кæй нæ дæ, фæлæ, зæгъæм, æппынкъаддæр, оберштурмфюрер СС…
– Цы хъуамæ бакæнон?
– Уый æндæр хъуыддаг у, – разыхуызæй загъта Григори. – Мах, Генрих, ды нæ хъæуыс. Профессор Танк нæ тынг хъæуы. Куыд æмбарын, афтæмæй ам кæмдæр Ныгуылæн Берлины æмбæхсы. Мах дæ тыхæй нæ агурæм йæ адрис. Фæлæ мæн фæнды йемæ фембæлын. Ис нæм, тынг æй цы сцымыдис кæна, ахæм фæнд. Ды йæм фембæлыны тыххæй мæ курдиат фæхæццæ кæн.
– Фæхæццæ кæндзынæн, кæд æй фенон, уæд, – цыдæр æбæлвырдхуызæй зæрдæ бавæрдта Хиль.
– Æнæмæнг æй фендзынæ, продукттæ йын куы дæттай, уæд. Æви дæ патроны æххормагæй ныууадзынмæ хъавыс? Мæнæ дын мæ телефон. Æрбадзур мæм-иу, фембæлдыл куы баныхас кæнат, уæд. Мæ мыггаг Токаев, дæлбулкъон Токаев. Йæ зæрдыл ын-иу æрлæууын кæн, Мæскуыйы, зæгъ, 1940 азы Хæстон-Уæлдæфон академийы фембæлдыстут.
– Æмæ йæ куынæ бафæнда фембæлын, уæд та?
– Уæд мын-иу зæгъ, фембæлд нæ уыдзæн. Æндæр дæ ничи ницы домы. Баныхас кодтам?
– Абгемахт, – йæ сæрæй ацамыдта Хиль.
Григори фæдзырдта капитан Квашнинмæ.
– Мæ машинæйы сбад æмæ господин Хилы алас йæ хæдзармæ. Штеглицы цæры. Хорзыл амбæл, Генрих. Дæ продукттæ дæ ма ферох уæнт.
Хиль рацыд. Григори Квашнины фæурæдта.
– Æддаг цæстдардæй дыууæйы айс демæ. Æфсæддон дарæсы нæ. Хилы фæдыл цæуæнт. Уый абон æнæмæнг фендзæн Танкы.
Райсомæй капитан Квашнин фехъусын кодта:
– Ссардтой йæ, Хиль сæ комкоммæ бакодта Танкмæ. Цæры Штеглицы, кæлæддзаг хæдзары пъадвалы. Æмбал дæлбулкъон, уромæм æй?
– Ма тагъд кæн. Серовæн æй фехъусын кæнын хъæуы. Уынаффæ уый хæссы.
Инæлар-булкъон Серов дæлбулкъон Токайы-фыртмæ хъуынтъыз цæстæй бакаст.
– Цæимæ æрбацыдтæ? Дзур.
Курт Танкæн йæ адрис кæй базыдтой, уый куы фехъуыста, уæд бæлвырд фæхъæлдзæгдæр.
– Æппынфæстагмæ цыдæр уæ къухы бафтыд, æндæр цы кусут, уымæн ницы бæрæг ис, уæ фæдыл цавæрдæр гæххæттытæ ралас-балас кæнут.
– Æмбал инæлар-булкъон, уыдон цавæрдæр гæххæттытæ не сты, фæлæ сусæг архивты документтæ. Сæ аргъ сын нæ ахуыргæндтæ сбæрæг кæндзысты, – Серовы ныхæстимæ не сразы Григори.
– Ма мæ ахуыр кæн, зонын æй, – сбустæ кодта Серов. – Дæуæн, Токаев, хæс: Танчы сусæгæй раласынæн къорд бацæттæ кæн. Кæм цæры?
– Штеглицы, америкаг секторы.
– Уый зындæр у. Операци хъуамæ уа ноджы бæстондæр цæттæгонд. Ма йæ ныддаргъ кæн. Танк Мæскуыйы цас тагъддæр балæууа, уыйас хуыздæр.
– Æмбал инæлар-булкъон, бар мын ратт мæ хъуыдытæ зæгъынæн?
– Цавæр хъуыдытæ ма дæм хъуамæ уа? Цæй, дзур.
– Ис, кæй зæгъын æй хъæуы, Танчы исты хуызы Мæскуымæ аласæн. Фæлæ растдæр нæ уыдзæн хъуыддаг æндæр хуызы бакæнын?
– Æндæр хуызы, уый куыд?
– Гельмут Греттрупы хуызæн.
Гельмут Греттруп уыд немыцаг ракетчик, Пенемюнды разамынд дæттыны æмæ метрологийы системæты управленийы хайады хицау æмæ фон Браунæн йæ иууыл хæстæгдæр кусæг. 1945 азы майы уый дæр йæхи радта америкæгтæм. Нордхаузенæй йæ æрбаластой Витценхаузмæ, АИШ-мæ операци «Скрепкæ»-йы фæлгæты кæй æрвыстой, уыцы специалистты къордимæ йæ цæттæ кодтой уырдæм æрвитынмæ. Сæ ацæуыны æмгъуыдæй цалдæр боны размæ Гельмуты ус Ирмгардтæн куыддæртæй йæ къухы бафтыд, Германимæ немыцаг ракетон технологитæ сахуыр кæныны куыст рацаразыны тыххæй цы советон специалистты къорд æрцыд, уыдонимæ бастдзинад ссарын, æмæ сæ ракуырдта, цæмæй фембæлой. Фембæлдысты америкаг æмæ советон хæйтты арæныл. Фрау Ирмгардт, бæрзонд бурдзалыг сылгоймаг урс спортивон костюмы, фембæлдмæ æрбацыд йæ астаздзыд лæппуимæ. Бамбарын кодта: «Уый, мыййаг, исты æнæзæрдæзæгъгæ хабар куы рауайа, уый тыххæй. Зæгъдзынæн, сывæллонимæ тезгъо кодтам æмæ фæдзæгъæл стæм». Ирмгардт радзырдта, зæгъгæ йын йæ лæджы АИШ-мæ æрвитынц, фæлæ сылгоймаджы æппындæр уырдæм цæуын нæ фæнды. Йæ лæгимæ разы сты Советон Цæдисмæ ацæуыныл, кæд сын уырыссæгтæ се ‘дасдзинады, куысты æмæ царды хъæугæ уавæрты тыххæй фидар ныфс бавæрой, уæд. Хъуыддаг лыг кæнын хъуыд æвæстиатæй. Махонтæ Серовимæ аныхас кодтой. Уый сразы немыцæгты домæнтимæ, æмæ Гельмуты, Ирмгардт æмæ сæ дыууæ лæппуйы арвыстой Мæскуымæ, уырдыгæй та – сакъадах Городомльмæ Селигеры, горæт Осташковмæ хæстæг. Уым ракетон НИИ-йы сæрмагонд филиалы куыстой цыппарсæдæ специалисты бæрц, 177 бæрц дзы уыдысты немыцæгтæ – профессортæ, наукæты доктортæ æмæ инженертæ, тыхæй Германийæ кæй раластой, кæнæ та бархийæ Гельмут Греттрупы хуызæн чи рацыд, ахæмтæ. Бархионты куысты фæстиуджытæ уыдысты бирæ бæрзонддæр, æвæндонæй кæй кусын кодтой, уыдонимæ абаргæйæ.
Ныр Токайы-фырт Серовæн йæ зæрдыл уыцы лæджы æрлæууын кодта. Афтæ хъуыды кодта: Карл Танкæн уыдис АИШ-мæ ацæуыны фадат, фæлæ дзы не спайда кодта. Чи зоны, махæрдыгæй йын æдасдзинад æмæ куысты хорз уавæртæй зæрдæ æвæрд куы уа, уæд сразы уыдзæн Советон Цæдисмæ ацæуыныл. Æмæ ма йæ ноджы мæскуыйаг радиойæ радзурынмæ дæр куы сразæнгард кæнæм, уæд уый уыдзæн хорз пропагандистон эффект.
Инæлар-булкъон Серов æрхуымæй бирæ фæрацу-бацу кодта, йæ сæр-иу батылдта, цыма дзы æрмæст уымæн зындгонд варианттæ зылдысты, уыйау. Фæстагмæ загъта:
– Баууæндын мæ кодтай. Архай. Фæлæ кæсгæ кæн, Токаев, Танк нын куы аирвæза, уæд дын дæ сæр де уæхсчытæй фæхицæн кæндзынæн! Бамбæрстай?
– Бамбæрстон, æмбал инæлар-булкъон, – дзуапп ын радта Григори.
Хиль æрбадзырдта дыууæ боны фæстæ æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, профессор Танк цæттæ у дæлбулкъонимæ фембæлынмæ, æрмæст цæмæй Токайы-фырт уа иунæгæй æмæ граждайнаг дарæсы.
Григорийы зондахастыл тынг чи фæзынд, уыцы фембæлд рауад къуырийы фæстæ.
IX
«Бынтон сусæггаг. МИ-5-ы директоры хæдивæг Э. Браунмæ майор Д.Хопкинсæй.
Хъуыддаджы афыст.
Сэр, хъусын дын кæнын, махæрдæм ралидзæг дæлбулкъон Токаевы бæрæггæнæн мадзæлтты тыххæй.
Дæ бардзырд æххæстгæнгæйæ, бастдзинад сарæзтон МИ-6-ы оперативон управлениимæ æмæ сын радтон ахæм амындтытæ:
- Нæ агентурæ Уæрæсейы базонæд дæлбулкъон Токаевы хо Нинæ æмæ йæ фыдыфсымæры лæппу Темуры тыххæй: цæрынц Мæскуыйы, йæ иннæ фыдыфсымæры лæппу Хагуди цæры Налцыччы, йæ хæрæфырт Хӕритон та – Ирыстоны, Мызуры. Мадзалы нысан – сбæрæг кæнын, дæлбулкъон Токаевы алыгъды тыххæй репресситы бахаудысты æви нæ, уый.
- Сбæрæг кæнын, Мæскуыйы Жуковскийы номыл Хæстон-Уæлдæфон академийы кусджытæй Токаевимæ хæларæй чи цард, уыдоны истæмæй бафхæрдтой æви нæ, уый.
- Берлины нæ агентурæйæн раттын хæс, цæмæй сбæрæг кæной СМЕРШ-ы капитан Квашнины хъысмæт.
- Фембæлын ресторан «Кронпринц»-ы зæрæггæнæг Эльзæ Рихтеримæ æмæ сбæлвырд кæнын, Токаевимæ цы уавæрты базонгæ, уый.
Райстам ахæм информаци:
Токаевы хо Нинӕ Александровнæ æмæ йæ лæг, æфсæддон службæхæссæг Клыков Михаил Ефимович, фыццагау цæрынц Мæскуыйы, ницавæр æфхæрд баййафгæйæ. Йæ фыдыфсымæры лæппуты Темур æмæ Хагудийы, стæй йæ хæрæфырт Хӕритоны тыххæй сæ бон ницы баци ссарын.
1947 азы ноябры Мæскуыйы Жуковскийы номыл Æфсæддон-Уæлдæфон академийы наукон кусджытæй дыууæйы ‘рцахстой, фæлæ, Токаевимæ хæларæй цардысты æви нæ, уый бæрæггонд не ‘рцыд.
Берлины резидентурæ фехъусын кодта, зæгъгæ, капитан Квашнин раздæрау кусы СМЕРШ-ы, æрæджы райста майоры цин.
МИ-6-ы агент Карлхорсты советон госпиталы дохтыр-невропатолог фембæлд Эльзæ Рихтеримæ æмæ ныффыста, цыдæриддæр дзы фе- хъуыста, уыдæттæ. Æнæхъæнæй йæ æрхæсдзынæн:
«Эльзæ Рихтеримæ фембæлыны тыххæй бардзырд райсгæйæ, иуизæр æрбацыдтæн, кæм зары, уыцы отель «Кронпринц»-ы ресторанмæ. Рестораны зал стыр нæу – дæс æмæ ссæдз стъолы бæрц. Стъолты иу хай бацахстой америкаг æмæ бритайнаг афицертæ, иннæ хай та – тынг хæрзарæзт æмæ æхцаджын немыцæгтæ Ныгуылæн Берлинæй. Хæссын кодтой виски æмæ немыцаг зынаргъ сæнтæ. Бирæтæ дзы уыдысты æрыгон сылгоймæгтимæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу немыцæгтæ рацыдысты фойемæ æмæ хъуыддаджы ныхас кодтой. Хатгай уыцы хъуыддаджы ныхасы архайдтой америкаг афицертæ дæр. Куыд бамбæрстон, афтæмæй цавæрдæр бадзырдтæ арæзтой. Джаз-банд эстрадæйы цагъта ныгуылæйнаг музыкæ, стъолты æхсæнты кафыдысты. Рестораны атмосферæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта хæсты фыццаг азты Берлин йæ æнæрхъæц æмæ талф-тулф хъæлдзæгдзинадæй – уый уыд хæстæг мобилизаци æмæ, фæстæмæ бирæтæ кæцæй нал здæхтысты, уыцы фронтмæ кæнынимæ баст.
Эльзӕ Рихтер зарыд концерты программæйы астæу. У хæрзконд бурдзалыг сылгоймаг цæсгомы раст æвæрд хæйттимæ. Йæ хъæлæс тынг тыхджын нæу, фæлæ хорз æвæрд. Зарыд Марлен Дитрихы репертуарæй. Уæлдай æнтыстджын уыд йæ зарæг «Лили Марлен», æнæхъæн зал дæр йемæ зарыд. Зард куы фæцис, уæд залмæ æрхызт æмæ бацыд америкæгтæм. Сæ иу æй рестораны фæстæ аласта йæ джипыл.
Кæимæ мæ дзурын хъæудзæн, уый куы бамбæрстон, уæд дыккаг бон Эльзӕйæн йæ хæдзармæ бацыдтæн Фридхофштрассемæ. Мæ бацыд æй батыхсын кодта, фæкъæрцхъус. Фæлæ йын куы загътон, дохтыр дæн, æмæ мын Токаты Григори бафæдзæхста сæ бабæрæг кæнын, йæ чызг рынчын уыд æмæ ныр куыд у, уый базонын, зæгъгæ, уæд мыл баууæндыд. Радзырдта мын: йæ чызгæн йæ рæуджытæ суазал сты æмæ рынчын уыд, фæлæ ныр дзæбæх у; Григорийы ныр афæдзы æмбисы бæрц нал федта. Йæ бинойнаг æм куы ‘рцыд Мæскуыйæ, уæд Эльзæйæн загъта, нал фембæлдзыстæм, зæгъгæ. Эльзæ тынг æхсызгон æнкъарæнтимæ кодта йæ кой: æдде бакæсгæйæ, куыд мадзура æмæ æхгæд зыны, ахæм, дам, нæу. У тынг зæрдæхæлар адæймаг æмæ тынг хорз хæзгул, æмæ, Григорийы фæстæ дзæвгар рæстæг æндæр нæлгоймагмæ йæ бон бакæсын дæр нæ уыд. Æз æй бафарстон, фæстæдæр æй ферох кодтай, зæгъгæ. Æмæ мын загъта: «О, цæрын хъуыд».
Цалынмæ мах, эрзац-къофи нуазгæйæ, ныхас кодтам, уæдмæ йæ чызг æмбæрзæны фæстæ тухгæ хуыссæныл фынæй кодта. Мæ фарстæн, нæлгоймæгтимæ кæм фембæлы, Эльзæ дзуапп радта: «Ам, æндæр ма кæм хъуамæ? Æндæр цæрæн бынат мын нæй». Радзырдта, зæгъгæ, хæсты размæ ахуыр кодта консерваторийы. Йæ лæг куы фæмард, уæд æй йæ ахуыр ныууадзын бахъуыд. Зарын райдыдта «Адлон»-ы, стæй «Адлон»-ыл бомбæтæ æрæппæрстой. «Кронпринц» йæ зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ йын æвзаргæйæ нæу. Хæрзбон зæгъыны размæ мын бафæдзæхста, цæмæй Григорийæн салæмттæ раттон. Æз ын куы загътон, мæ бон нæ бауыдзæн, уымæн æмæ уый Великобританимæ фæлыгъд, зæгъгæ, уæд Эльзæ фæхъæр кодта: «Уæддæр бакодта афтæ!» Æмæ мын радзырдта, иухатт дзы Григори ракуырдта, цæмæй йæ бритайнаг афицертæй искæимæ базонгæ кæна. Цæмæн, уый йын нæ загъта, Эльзæ та йæ нæ бафарста. Йæ курдиат ын сæххæст кодта. Британийы Хæстон-Уæлдæфон тыхты майоримæ Григори фембæлд цалдæр хатты. Цæуыл дзырдтой, уымæн Эльзæ ницы зыдта, фæлæ ныр бамбæрста, Григори Ныгуылæнмæ ацæуыны фæнд уæд кæй скодта. Æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: «Григорийæ мæ фарстой». Кæд æмæ чи, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын загъта: «Куы фæхицæн стæм, уæд мæм гыццыл фæстæдæр æрбацыд уырыссаг афицер-капитан. Йæхи мын нæ бацамыдта. Рæстæмбис йæ бæрзæнд, мыдхуыз сæрыхъуынтæ, схъæлфындз, æрбацыд «виллисыл». Тынг лыстæг мæ фæфарста, Григорийы кæимæ базонгæ кодтон, уыцы бритайнаг майорæй».
– Радзырдтай йын?
– О, тынг карзæй мæ фарста. Ноджы ма мын загъта, исты куы бамбæхсон, уæд мын мæ цард сæнад кæнынæн зоны фæрæзтæ, зæгъгæ. Фæтарстæн. Григорийы уый исты бахъыгдардта?
Æз ын дзуапп радтон: «Уымæн ницæмæйуал ис бахъыгдарæн». Ууыл фæхицæн стæм».
Цы информаци райстам, уымæй нæй хатдзæг скæнæн, дæлбулкъон Токаевы ацыд Ныгуылæнмæ йæ идейон хъуыдытимæ баст у, йæхи ныхæстæм гæсгæ, æви советон разведкæйы агент у, уымæн. Йæ æрфыстмæ гæсгæ, Эльзæ Рихтеры цы советон афицер фарста Токаевы тыххæй, уый уыд капитан Квашнин. Дæлбулкъон Токаев æмæ бритайнаг афицеры базонгæйы тыххæй хъуамæ уый фехъусын кодтаид инæлар-булкъон Серовæн. Æмæ уæд афтæ уайы, зæгъгæ, СМЕРШ гуырысхо кодта Токаевыл. Æмæ бынтон æнæмбæрст у, советон контрразведкæ йын йæ фæндаг кæй не ‘рæхгæдта Ныгуылæнмæ, уый.
Майор Д. Хопкинс.
1948 аз, 15 февраль»
X
Профессор Танк дæлбулкъон Токайы-фыртæн фембæлд цы бон снысан кодта, уыцы бон изæрæй Григори йæ автомобиль «Ганза»-йыл араст Ныгуылæн Берлинмæ. Ванзейы афтид былтыл баурæдта. Иу-ссæдз минуты фæстæ тар кæлæддзæгтæй фæзынд Генрих Хиль, сбадт машинæйы æмæ, кæдæм цæуын хъæуы, уый загъта. Уый размæ Григори картæйыл сбæлвырд кодта Танчы хæдзармæ маршрут, фæлæ ныр цыдысты дæрдтыл, фæдсафæн фæндæгтыл. Григори бамбæрста, Хилы нæ фæнды, цæмæй Григори фæндаг бахъуыды кæна, фæлæ дзургæ ницы скодта. Иу-дыууиссæдз минуты фæстæ бацыдысты хæлд хæдзæрттимæ уынггондмæ. Хиль Григорийæн йæ машинæ кæлæддзæгты арфдæр батæрын кодта æмæ йæ уый фæстæ, Танк кæм цард, уыцы пъадвалмæ ныккодта.
Пъадвал уыд, æрмæст ма къултæ цы бирæуæладзыг хæдзарæй баззад, уый бын. Иу-фынддæс къæсгонды дзы уым кæддæр хæдзары цæрджытæ сæ инструменттæ, велосипедтæ æмæ уæлдай дзаумæттæ дардтой, ныр та сын ссис цæрæн бынат. Дуæртты мидæгæй хъуыст сылгоймæгты æмæ нæлгоймæгты хъæлæстæ, сывæллæтты кæуын. Иу къæсгонды раз Хиль æрлæууыд æмæ рагацау ныхасгонды хост бакодта. Дуары æхгæнæны зæлланг фæцыд, æмæ дуар байгом. Къæсгонды сыгъд алайæ æмбæрзт авгджын фæтæгены цырагъ.
– Æрбахизут, – фæхуыдта сæ хæдзары хицау уазалдзыд фæсусгомау хъæлæсæй æмæ цырагъы фитилыл уæлдæр схæцыд. Фæрухсдæр.
Григори акаст йæ алыварсмæ. Хатæн уыд гыццыл, æнæ рудзынг, бынат дзы разынд æрмæст нарæг сынтæгæн æмæ асыччытыл æвæрд дуарæй конд стъолæн. Стъолыл аив амад уыдысты чингуытæ æмæ гæххæттытæ, сæ уæлæ та – логарифмон линейкæ. Профессор Танк уыд къæсхуыртæгомау, йæ цæсгом – низæфхæрдхуыз. Тынг фендæрхуызон, 1940-æм азы, немыцаг авиаконструкторты делегациимæ Мæскуыйы Жуковскийы номыл академийы куы уыд, уæдæй нырмæ. Профессор Григорийæн бандонмæ ацамыдта, йæхæдæг та сынтæгыл æрбадт.
– Сбад, герр оберст. Мæ бон дын у къофи скæнын. Æцæг къофи. Ме ‘ххуысгæнæджы къухы бафтыд кæмдæр гыццыл самал кæнын. Генрих, фæкæс.
Цалынмæ Хиль къофийы нæмгуытæ гыццыл æрмгуыройы ссадта æмæ спиртовкæ сыгъта, уæдмæ Танк æнæдзургæйæ каст йæ уазæгмæ.
– Дæ изæр хорз, профессор, – райдыдта Григори. – Хъуыды мæ кæныс?
– О, Мæскуыйы базонгæ стæм. Уый тынг раджы уыдис, æндæр царды. Мæ фенын дæ бафæндыд. Цæмæн?
– Мах стыр аргъ кæнæм де ‘нтыстытæн æмæ цæттæ стæм, мах ныхмæ кæй куыстай, уый ферох кæнынмæ, – дзуапп ын радта Григори. – Америкæ дæ хуыдта семæ кусынмæ?
– О, бамбарын мын кодтой.
– Цæуылнæ сразы дæ?
– Æз бафæлладтæн хæстæй. Ныр, хæст куы фæцис, уæд мæм ис æрмæстдæр иу фæндиаг: цæмæй мæ иуран ныууадзой, ферох мæ кæной.
– Хæст нæма фæцис, профессор, – не сразы йемæ Григори. – Æвæццæгæн, фехъуыстай Черчиллы раныхасы тыххæй Фултоны?
– Фехъуыстон. Тынг сагъæсы мæ бафтыдта. Уый у сæрызонды фæцыд. Иу хæст фæуæвгæйæ, иннæмæ цæттæ кæнын. Истори сæ ницæуыл ахуыр кæны. Суанг йæ ахæм æнахъинон фæстиуджытæй дæр.
– Уæ къофи, – сæ ныхас сын фескъуыдта Хиль.
– Бузныг, Генрих. Фен къофи, герр оберст. Æцæг къофи тынг стæм у Берлины. Генрих, кæдæм цæуыс? – бафарста Танк, Хилы дуары ‘рдæм фæцæйцæугæ куы федта, уæд.
– Нæ мæ фæнды хъыгдарын.
– Ам лæуу. Мæнмæ ме ‘ххуысгæнæгæй сусæггагæй ницы ис.
– Нæ, акæсон. Æдде уавæр фенон. Мæн аххосæй дæ ссардтой уырыссæгтæ. Мæхицæн æй никуы ныббардзынæн, тыхæй дæ куы акæной, уæд.
Уымæн ис гæнæн? – бафарста Танк, йе ‘ххуысгæнæг æддæмæ куы ахызт, уæд.
– О, – сагъæсхуызæй бакодта Григори. – Нæ ныхасæн хорз кæрон куынæ уа, уæд.
– Цавæр хорз кæронмæ æнхъæлмæ кæсыс?
– Гельмут Греттрупимæ зонгæ дæ? – бафарста Григори, йæ фарстæн ын дзуапп нæ ратгæйæ.
– Зыдтон æй. Мах ныхасмæ уый цы бар дары?
– Нырма никæй бон бацис, истори йæ цы æвзарæны раз æвæры, уымæй йæхи фæиуварс кæнын. Гельмут Греттруп равзæрста, сразы махимæ кусыныл. Ныртæккæ йæ бинонтимæ цæры Советон Цæдисы, арæзт ын ис алы уавæртæ дæр кусынæн æмæ цæрынæн.
– Пенемюнды Греттруп «Фау-2»-йыл куыста. Уæрæсейы та цæуыл кусы?
– Уыцы куыст кæны. Ракетæты куыст.
– Хæстæн та ногæй кусы? Зоныс, герр оберст, немыцаг адæммæ мын æнæуынон цавæр миниуæг у? Закъонæн коммæгæсдзинад. Æз немыцаг дæн æмæ мæхиуыл уый тыххæй æлгъ кæнын. Закъонæн коммæгæсдзинад адæмæй скæны фосы дзуг, цагъартæ. Æгомыг фос сарæзта махæй Гитлер. Ахæм æгомыг фос сымахæй аразы Сталин. Уый диссаг у! Уыцы æвирхъау хæсты фæстæ, дæсгай милуантæ куы фæмард сты, æнахъинон хъуæгты фæстæ! Нæ, æз дын зæгъын, ницæуыл нæ ахуыр кæны истори!
– Дæхи ма стыхсын кæн, профессор, – дзуры Григори. – Ничи дæ хъавы тыхæй Советон Цæдисмæ ласын.
– Дæхæдæг дæхиуыл æууæндыс? Бардзырд дын ратдзысты, æмæ йæ сæххæст кæндзынæ. Дæ къофи бануаз, æмæ нæ ныхас фæуæм. Æз никуыуал кусдзынæн хæсты пайдайæн. Нæдæр Советон Цæдисы, нæдæр Иугонд Штатты. Уый у, мæнæй аразгæ цы у, уымæй мæ къухы бафтæн цæмæн ис, ахæм гыццыл хъуыддаг. Мæ бинонтæ иууылдæр фæмард сты Дрездены. Мæн фæнды семæ сыгъдæг цæсгомимæ сæмбæлын.
Хиль æрбаздæхт æмæ фехъусын кодта, æдде тæссагæй ницы ис, зæгъгæ.
Танк сыстад.
– Хæрзбон, герр оберст. Бузныг, кæй мæм байхъуыстай æмæ дæ дамбацамæ кæй нæ фæлæбурдтай, уый тыххæй. Мæнæн уæлдай нæу, ды цы бакæндзынæ, уый. Дæ намыс дын цы зæгъа, уый бакæндзынæ.
Хиль Григорийы машинæмæ ракодта, фæлæ дзы бадгæ не скодта.
– Æз профессоримæ баззайдзынæн. Цы нæ вæййы, йæ зæрдæйæ фæхъæрзы. Фæндаг ссардзынæ?
– Ссардзынæн.
– Æз æй афтæ дæр бамбæрстон, йæ адрис ын кæй зоныс, уый.
– Æрбадзур мæм-иу, профессор йæ хъуыды куы аива, уæд.
– Нæ йæ аивдзæн.
– Уæддæр мæм-иу æрбадзур. Мæ телефон дæм ис.
Дыккаг бон Григори инæлар-булкъон Серовæн фехъусын кодта:
– Профессор Танк мын ахъуыды кæнынæй зæрдæ бавæрдта.
– Æртæ боны йын фаг у?
– Иу къуыри йын раттæм.
– Хорз, иу къуыри, – æнæбары сразы Серов. – Къуырийы фæстæ Танчы раласынæн къорд бацæттæ кæнын хъæуы.
Къуырийы фæстæ СМЕРШ-ы оперативон кусджытæ æхсæвы æрхъула кодтой, Штеглицы профессор Танк цы хæдзары пъадвалы æмбæхст, уый алыварс. Фæлæ Танк уым нæ разынд. Æвæдсæфт фæцис йе ‘ххуысгæнæг Генрих Хиль дæр. Дыууæ мæйы фæстæ рабæрæг, Аргентинæйы кæй сты.
XI
Майор Хопкинс-иу конспиративон бæстыхаймæ æмбисбонмæ ‘ввахс фæзынд æмæ иу-цыппар сахаты бæрц фæфарста Токайы-фырты. Уымæй фылдæр сын не ‘нтыст, зын куыст уыд, æмæ-иу дыууæйæ дæр бафæлладысты. Фæлæ 1948 азы 24-æм апрелы Хопкинс фæзынд сæумæрайсом, дæлбулкъоны йæ хуыссæнæй сыстын кодта æмæ йын бардзырд радта, цæмæй, Германийæ йемæ цы мундир æрбаласта, уый скæна.
– Фæтагъддæр кæн, Григори, рæстæг нын гыццыл йеддæмæ нæй.
– Кæдæм тагъд кæнæм? – бадис кодта Григори.
– Базондзынæ йæ, – æбæлвырд дзуапп радта Хопкинс.
Машинæ сæм æд шофыр хæдзары цур æнхъæлмæ каст. Куыддæр фæстаг бынæтты бабадтысты, афтæ хæдтулгæ уыциу хæст акодта; æдхотых хъахъхъæнджытæ йæ нæ басгæрстой, афтæмæй йæ ных сарæзта Лондонмæ. Фæлæ Лондонмæ нæ бахæццæ, фæзылд, йæ иувæрсты цы фæндаг цыд, уымæ æмæ фæсгорæты сосӕвæндагмæ рахызт. Сахаты фæстæ разындысты ангартæ, тæхтытæн разамынд чи лæвæрдта, уый бадæн бæрзонд цъупп, уæззау «Ланкастер»-тæ, «Либерейтор»-тæ æмæ америкаг тæхгæ фидæрттæ В-27 камуфляжы ахорæнтæй хъулæттæй. Машинæ æнæкъуылымпыйæ агæпп кодта Контролон уадзæн пунктыл æмæ æрлæууыд, хæдтæхджыты стæхæн æмæ æрбадæн уадздзаджы цы дыууæмоторон æфсæддон-транспортон «Оксфорд» лæууыд, уый цур. Хæдтæхæджы фюзеляжыл уыд бритайнаг Уæлдæфон-Æфсæддон Тыхты бæрæггæнæн нысæнттæ. Куыддæр Хопкинс æмæ Токайы-фырт хæдтæхæджы хуылфмæ бахызтысты, афтæ «Оксфорд» скуыста, бетонæй фæхицæн æмæ хуссарырдæм атахт.
– Кæдæм тæхæм? – бафарста Токаев.
– Берлинмæ.
– Цæмæн?
– Базондзынæ йæ.
Григори бакаст Хопкинсы æрхуым цæсгоммæ æмæ йæм фæрстытæ нал радта, уæддæр ын дзуапп кæй нæ ратдзæн, уый йыл зынди.
Хопкинсæн та, цæуыл хъуыды кодтаид, уый уыд.
Дæлбулкъон Токайы-фырт Советон Цæдисæй иунæг æрбалидзæг нæ уыд: Ныгуылæны сæрмагонд службæты кусын кæимæ бахъуыд, уыдонæй æппæты зындгонддæр уыдис Сталинæн йæхи сæрмагонд секретарь Борис Баженов, фæлыгъд 1928 азы. Йæ чингуытæй æмæ æвдисæн æрмæджытæй Ныгуылæны базыдтой, Политбюройы куысты æмæ йæ уæнгты æмахастыты тыххæй. 1930 азы Константинополæй Францмæ ралыгъд советон сусæг разведкæйы резидент Георгий Агабеков. 1937 азы йæ НКВД амардтой испайнаг-францаг арæныл. Йæ мард ын афтæдæр не ссардтой.
1938 азы Советон Цæдисы политикон æмæ æфсæддон разамынды рæнхъыты сыгъдæггæнæн егъау куыст куы райдыдта, уæд паддзахадон æдасдзинады майор Александр Орловæн Европæйы советон разведкæйы резидент радта Антверпенмæ советон нау «Свирь»-мæ фæзыныны бардзырд НКВД-йы фæсарæйнаг хайы хицауимæ фембæлынмæ. Фæлæ Орлов уырдæм фæзыныны бæсты оперативон фондæй 60 мин доллæримæ æд бинойнаг æмæ чызг сусæгæй алыгъд Францмæ, уырдыгæй та Канадæйыл ахызт АИШ-мæ.
Хæсты размæ бæрзонд бынæтты кусæг разамонджытæн æмæ НКВД-йы кусджытæн Ныгуылæнмæ алыгъды сæйраг аххосаг уыд сæ цардæн тæссаг уавæр, фæлæ 1945 азы фæстæ хъуыддаг фендæрхуызон. Уал азы хорз уавæрты ацæрыны фæстæ сæ нал фæндыд Советон Цæдисмæ, фæсхæсты пырхытæм, цæрджытæй хъуырмæнад коммуналкæтæм, карточкæтимæ рады лæууын алцæмæ дæр. Ахæм уыд Канадæйы советон минæварады шифртæ æвæрæг 26-аздзыд лейтенант Игорь Гузенко. 1945 азы йын Мæскуыйæ йæ бынатмæ æндæры куы ‘рбарвыстой, уæд йæ пъартфел байдзаг кодта сусæг документтæй, булкъон Зарубины, æфсæддон атташейы, фыстæджытæй Советон Цæдисы агенттимæ, афтæмæй бацыд газет «Оттава джорнэл»-ы редакцимæ æмæ сын фехъусын кодта, зæгъгæ йæм ис æвдисæн æрмæг, Канадæйы цы советон шпионты хыз ис, уымæн. Фæлæ йын редакци йæ документтæ ницæмæ ‘рдардта, бауынаффæ йын кодтой, цæмæй сæ пъæлицæйæн фенын кæна. Гузенкойæн зынтæй, фæлæ йæ къухы бафтыд контрразведкæ æмæ Канадæйы ус-къаролы бæхджын пъæлицæйы йæхимæ æркæсын кæнын. Уым, пъартфелы цы уыд, уыдæттæ куы федтой, уæд æй йæ бинойнаг æмæ гыццыл лæппуимæ хъахъхъæнджыты ‘вджид бакодтой.
Шифртæ æвæрæджы сусæг документты (уыдысты сæдæйæ фылдæр) æмæ йæхи æвдисæн ныхасы азарæй раргом Канадæ, АИШ æмæ Великобританийы наукон куыстуæтты æмæ хицауады америкаг атомон проекты архайæг советон агентты æнæхъæн хыз. Уыцы агенттæй иуæн уыд оперативон псевдоним Алек. 1945 азы фæззæджы Алек Канадæйæ ацыд Европæмæ, уым куысты ныллæууыд Лондоны Кинг-колледжы. Алек булкъон Заботинæн фехъусын кодта, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæс- дзæн бастдзинадмæ алы мæй дæр 7, 17 æмæ 20 бонты Британийы музей Грит-Рассел-стритыл. Канадæйы премьер-министр Кинг Британийы премьер Эттлимæ, советон шпион Лондоны ис, зæгъгæ, хабар куы фæхæццæ кодта, уæд Эттли МИ-5-æн бардзырд радта, цæмæй, Алек кæй псевдоним у, уыцы адæймаджы сбæрæг кæной. Зыдтой, кæй агурынц, уымæн йе ‘ддаг бакасты бæрæггæнæнтæ: ныллæггомау, йæ сæрыл стыр гæмæхтæ, дары кæсæнцæстытæ, йæ рихитæ Чарли Чаплины рихиты хуызæн. Уый разынд 33-аздзыд физик, доктор Аллан Нанн Мэй. Рабæрæг: у галиурадикалон цæстæнгасыл хæст, 1936 азы уыд Советон Цæдисы æмæ уæд ссис Советон Цæдисы Сæйраг разведкæйы агент.
Чи у, уый куы рабæрæг, уæдæй фæстæмæ Мэйы фæдыл зылдысты МИ-5-ы кусджытæ. Уыдонæй иу уыд майор Джордж Хопкинс дæр. 1946 азы 3 февралы америкаг радио фехъусын кодта, зæгъгæ, Канадæйы раргом шпионты егъау хыз. Мэймæ фæсидтысты, Англисы ядерон иртасæнты фарстатыл чи куыста, уыдоны штаб-фатермæ. Уым ын загътой, шпионажы йæ кæй аххосджын кæнынц. Фыццаг ницы хъæр кодта, фæлæ стæй басаст, советон минæварады кусджытимæ йын бастдзинад кæй уыд, ууыл. Аллан Нанн Мэй слестгæнджытæн фехъусын кодта, зæгъгæ йæ ахæм хуызы фæндыд æнæхъæн дунейы æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддагмæ йæ чысыл бавæрæн бахæссын. Физикы æвдисæнтæ ма Британийы сæрмагонд службæты бафтыдтой ноджыдæр ядерон энергетикæйы иу шпионы фæдыл. Уый уыд америкаг ахуыргонд Клаус Фукс. 1946 азы майы мæйы Мэйæн рахастой 10 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Канадæ, АИШ æмæ Великобританийы гуырысхо кæуыл кодтой, уыцы æхсæз æмæ ссæдз адæймагæй иуæндæсæн тæрхон рахастой, дæс дзы растгонд æрцыдысты, фондзмæ та дзы ницы аххос ссардтой æмæ сæ суæгъд кодтой:
Гузенкойы хъуыддагыл конфиденциалон фембæлды æрдзырдтой Канадæйы премьер-министр Кинг, АИШ-ы президент Трумэн æмæ Великобританийы премьер-министр Эттли. 1946 азы июны канадæйаг паддзахадон къамис бацæттæ кодта хыгъдлæвæрд шпионажы ныхмæ йæ архайды фæстиуджыты тыххæй. Уыдис дзы 733 сыфы. Хыгъдлæвæрды банысан кодтой, зæгъгæ, Советон Цæдис æппæтадæмон конференциты йæ раныхасы фæсиды сабырдзинад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнынмæ, æцæгдзинадæй та йæхæдæг сусæгæй цæттæ кæны æртыккаг дунеон хæст. Афтæмæй, Гузенкойы хъуыддаг ссис, æнæхæцæнгарз кæнæ «уазал» хæст кæй хонынц, уый тæккæ райдайæны Советон Цæдисмæ иннæ бæстæты ахаст аивыны сæйрагдæр аххосæгтæй иу.
Шифртæ æвæрæджы документты уыд советон агент, МИ-6-ы бæрзонд бынаты кусæг Ким Филбийы, англисаг интеллектуалты «кэмбриджаг пятерка»-йæ иуы кой. Ким Филби бирæ азты куыста советон разведкæйы. Æххæстæй йæ раргом кодтой æрмæст 1963 азы, Бейрутæй Мæскуымæ куы алыгъд, уæд. Нырма та уал Британийы контрразведкæ, йæ къухы ницы ‘фтыд, афтæмæй архайдта, Советон Цæдисмæ ахсджиаг хæстон æмæ политикон информаци чи хæццæ кæны, уый базоныныл.
Фæстæмæ Советон Цæдисмæ здæхын чи нæ бакуымдта, стæй Советон Цæдисæй иннæ фарсмæ алидзджытæ МИ-5-æн уыдысты зынаргъ лæварау. Фæлæ уыдонимæ кусын хъуыд уæлдай хъавгæдæрæй. Æдзухдæр тæссаг уыд, иннæ фарсмæ алидзджыты хуызы советон разведкæйы агенттæ куы разыной, уымæй.
Ууыл хъуыды кодта майор Хопкинс дæр хæдтæхæджы. Æрмæст фæстагмæ загъта дæлбулкъон Токайы-фыртæн, Берлинмæ цæмæн тæхынц, уый.
XII
Блейнхем Паласмæ Бременæй цы шифргонд хъусынгæнинаг фæхæццæ, уым фыст уыд, зæгъгæ, бритайнаг афицер, МИ-6 резидентæн, бастдзинад æрцыд америкаг æфсæддон администрацийы советон транспортон къорды инспектор, гвардийы дæлбулкъон Тасойы-фыртимæ, – у ирон адæмыхаттæй. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, разы у бритайнаг разведкæимæ кусыныл, дæтдзæн сын æфсæддон-хæстон информаци, цы бынаты кусы, уымæ гæсгæ йын уыдзæн ахæм фадат. Бритайнæгтæ та йæ хъуамæ бæлвырд рæстæджы фæстæ аласой Лондонмæ æмæ йын радтой политикон сæрфæцæвæн. Ахæм фæнд цæмæн скодтай, зæгъгæ, фарстæн Тасойы-фырт дзуапп радта, йæ аххосаг кæй у Советон Цæдисы уагæвæрдтимæ æнæразыдзинад.
Транспортон къорды инспекторы информаци ницы уадиссаг уыдаид МИ-6-æн, фæлæ Лондон фехъусын кодта Бременмæ, зæгъгæ, дæлбулкъон Тасойы-фырты фæндмæ хъус æрдарын хъæуы, информаци æнæхъæугæ никуы вæййы. Æртæ мæйы дæргъы Тасойы-фырт иудадзыг хъусын кодта, немыцаг заводтæй цас кусæнгæрзтæ райхæлдтой æмæ сæ цавæр советон наутыл æвæрынц Бремены наулæууæны, уыдæттæ. Фæлæ 22 апрелы æнæнхъæлæджы æрдомдта, цы бритайнаг афицеримæ йын уыдис бастдзинад, уыимæ фембæлд. Фембæлд нысангонд æрцыд 23 апрелы, изæрæй, Бремены наулæууæны америкаг директор Клемы хæдзары. Тасойы-фырт æмæ Клем куысты фæдыл зонгæ уыдысты, арæх æмбæлдысты, уыдис сын хорз ахастдзинæдтæ. Цæмæй сæ фембæлдмæ æгæр хъусдард ма ‘рцыдаид, уый тыххæй ма йын йемæ фæхуыдта, Тасойы-фырт иу ран кæимæ цард, уыцы лейтенант Беляковы дæр. Беляков куыста Бремены Советон Æфсæддон Администрацийы репарациты Управленийы. Клеммæ ацæуынмæ ма цалдæр минуты баззад, афтæ лейтенант Беляковмæ телефонæй фæсидтысты наулæууæнмæ, цæмæй сбæлвырд кæна фыдбылызы аххосæгтæ: репарацион кусæнгæрзтæй советон нау «Сучан»-ыл кæй æвæрдтой, уыдонæн сæ иу хай фæдæлдон. Телефонæй æрбадзурыны хъуыддаг æрхъуыды кодта МИ-6 резидент, цæмæй Тасойы-фыртимæ æнæ ‘вдисæнæй фембæла. Дæлбулкъон Тасойы-фырт Клеммæ куы ‘рбацыд, уæд ын уый загъта, æхсæвæр аргъæвын кæй бахъæудзæн, уымæн æмæ йæ æвæстиатæй цавæрдæр ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл йæ усимæ кæдæмдæр цæуын бахъуыд. Тасойы-фырт æмæ резидент æд æххуысгæнæг баззадысты Клемы хæдзары. Тасойы-фырт сын бамбарын кодта, зæгъгæ йæ æвæстиатæй хъуамæ Лондонмæ аласой, уымæн æмæ йын йæ зонгæ, СМЕРШ-ы кусæг, фехъусын кодта, йе ‘рцахсыны æмæ Мæскуымæ арвитыны тыххæй уынаффæ хаст кæй æрцыд. Цы нæ фæкодта резидент Тасойы-фырты басабыр кæнынæн, цæмæй ма тагъд кæна ацæуыныл, фæлæ дзæгъæлы. Æндæр гæнæн нал уыд, æмæ йæ машинæйы сбадын кодтой, афтæмæй йæ аластой бритайнаг оккупацион зонæмæ. Уым æй иунæгæй камерæйы бакодтой, хъахъхъæнæг ын сæвæрдтой, резидент йæхæдæг та уыцы изæр Лондонимæ ныхас кодта æмæ сын уавæр æрфыста.
Блейнхем Паласы йын йæ хъусынгæнинагæй æнæразыйæ баззадысты, уымæн æмæ дæлбулкъон Тасойы-фырты лыгъд уыдоны ныртæккæ ницæмæн хъуыд. Уырыссæгтæ дæлбулкъон Тасойы-фырты алыгъды тыххæй сæхи ныхъхъус кодтой, фæлæ ма Бременæй ноджы иу дæлбулкъон куы фæцыдæр уа, уæд сын æнæ исты зæгъгæ нал уыдзæн. Лейтенант Беляков зыдта, Тасойы-фырт Клеммæ кæй ацыд æмæ уый хæдзарæй кæй фесæфт. Айхъуысын кæндзысты, зæгъгæ, Тасойы-фырты адавтой Ныгуылæйнаг сæрмагонд сужбæтæ æмæ æрдомдзысты, цæмæй йæ суæгъд кæной. Кæнæ та сæхæдæг дæр дзуаппы хуызы ‘рцахсдзысты америкаг кæнæ бритайнаг афицеры æмæ йæ шпионажы фæаххосджын кæндзысты. Хабар схъаугъайаг уыдзæн, уый та МИ-5-ы æппындæр ницæмæн хъæуы. Хорз уаид, дæлбулкъон Тасойы-фырт Ныгуылæнмæ ацæуыны фæндыл хуыздæр рæстæджытæм йæ къух куы сисид, уый. Йæ фæцыдæр уæвынæй нырма хæрз гыццыл рæстæг рацыд, æрмæст иу бон, бамбарын кæнæн ын уыдзæн æнцонæй – æгæр ануæзтон, мæ хæлæрттимæ афæстиат дæн кæнæ та сылгоймагимæ. Рог æфхæрд æй бакæндзысты, æмæ фæцис.
Æвæстиатæй исты аразын хъуыд, æмæ Энтони Браун фæдзырдта майор Хопкинсмæ, бардзырд ын радта, цæмæй Токайы-фыртимæ Берлинмæ атæхой.
– Токаевимæ цæмæн? – нæ бамбæрста Хопкинс.
– Уымæн æмæ Тасоев дæр ирон у. Кæрæдзи хуыздæр бамбардзысты.
Сæ тахты нысаны тыххæй майор Хопкинс, лыстæг хабæрттæ аиуварс кæнгæйæ, радзырдта йе ‘мбæлццонæн.
– Мæнæй кæнгæ дзы цы у? – бафарста Токайы-фырт.
– Де ‘мбæстагимæ аныхас кæн. Бафæлвар, цæмæй йæ фæнд аива, ма тагъд кæна йæ алыгъдыл.
– Куы ницы дзы рауайа, уæд та?
– Уæд æвзæр. Дарддæр хъуыды кæндзыстæм, куыд кæнгæ нын у, ууыл.
«Оксфорд» æрбадт бритайнаг Уæлдæфон æфсæддон Тыхты базæйы Берлинмæ хæстæг. МИ-6-ы резидент сæм æнхъæлмæ каст машинæйыл. Сахат æмæ æрдæджы фæстæ бахæццæ сты лагерьмæ. Цалынмæ хъахъхъæнæг, йæ дæгъæлтæй дзыгъал-мыгъулгæнгæ, камерæ гом кодта, уæдмæ майор Хопкинс дæлбулкъон Токайы-фырты фæурæдта:
– Бацархай, Григори. Уæ ныхасæй аразгæ у мæ карьерæ. Мæнмæ гæсгæ дæ мæ карьерæ фехалын нæ фæнды?
– Нæ фæнды, Джордж. Мæ бон цы уа, уый бакæндзынæн. Камерæйы микрофонтæ ис?
– Нæй.
– Уæдæ уæд мæ бон уыдзæн сæрибарæй дзурын.
XIII
Гвардийы дæлбулкъон Тасойы-фырт разындис ныллæггомау фидæрттæарæзт, иу-дыууиссæдз азы кæуыл цыд, ахæм адæймаг æнæн- цойдзинады нысæнттимæ цæсгом æмæ тæнæг урс сæрыхъуынтимæ. Бæрæг нæ уыд, кæй фенын æнхъæл уыд гуыдырты зыланг айхъусгæйæ, фæлæ, советон афицеры дæлбулкъоны мундиры куы ауыдта, уæд тарстхуызæй фæгæпп кодта нарæг æфсæйнаг сынтæгæй æмæ камерæйы къуыммæ йæхи нылхъывта.
– Цæй, дæ бон хорз, æмбæстаг! – сдзырдта йæм Токайы-фырт.
Тасойы-фырт æм æнæмбарæджы каст бакодта.
– Нæ дæ ‘мбарын.
– Не ‘мбарыс? Мæнæн афтæ куы загътой, ирон дæ.
– Æз гуырдзиаг ирон дæн, Хуссар Ирыстоны райгуырдтæн, бынтон сабийæ мæ аластой Тифлисмæ. Гуырдзиагау дзурын, иронау не ‘мбарын.
– Уæдæ уæд ныхас кæндзыстæм уырыссагау. Цæмæй фæтарстæ?
– Куыд нæ фæтарстаин? Дæу ацы камерæйы фенгæйæ куыд нæ фæтæрсдзынæ? Афтæ мæм фæкаст, англисæгтæ мæ нæхиуæттæм радтой. Æмæ ды чи дæ?
– Дæу чи суæвын фæнды, уый. Иннæ фарсмæ алидзæг.
– Адонмæ алыгътæ? – бадис кодта Тасойы-фырт. – Æмæ нæ фæтарстæ? Стыр аргъ кæныны аккаг дæ. Раджы алыгътæ?
– Фарон ноябры.
– Цæмæн?
– Ды цæмæн лидзыс?
– Нал мæ фæнды, мæ бон нал у алы партион гыццыл къуыбары цур дæр мæ астæу тасын кæнын. Бафæлладтæн. Æз хæстон афицер дæн, мæнмæ та сыстмæ кæсæгау кæсынц. Цыппор фыццæгæм азæй уыдтæн хæсты, Берлинмæ къахæй ныххæццæ дæн. Нæ дæ уырны? Мæнæ йæ бакæс, дæхи цæстæй йæ фен.
Тасоев систа хуызивд гæххæтты сыф æмæ йæ Токайы-фыртмæ бадаргъ кодта. Ногæй та йæм сдзырдта:
– Кæс, кæс!
Григори бакаст:
«ХОРЗÆХГÆНÆН СЫФ.
Мыггаг, ном, фыды ном – Тасоев Ясон Давиды фырт.
Цин – Гвардийы Майор.
Бынат, хай – Чернигов-Речицкы Сырхтырысаджын, Суворовы ордены Гвардийы 2-æм дивизийы Авиацион Ныббырстыты оперативон-сгарæн хайы Штабы Сæргълæууæджы Хистæр æххуысгæнæг.
Райгуырды аз – 1909.
Наци – ирон.
Партион – 1930 азæй ÆЦКП (б) уæнг.
Архайдта мидхæсты, Советон Цæдис бахъахъхъæныныл фæстæдæры тохты æмæ Фыдыбæстæйы хæсты – Фыдыбæстæйы хæсты хæцыд 1941-æм азы июнæй.
Цæфтæ, контузитæ – нæй.
Сырх Æфсады ис – 1927-æм азæй.
Цавæр РВК йæм фæсидт – Тифлисы горвоенкомат.
Цавæр хæрзиуджытæй æрцыд хорзæхджынгонд – Сырх Стъалыйы орденæй. 26.01.42 аз.
ХÆСТОН СГУЫХТЫ КÆНÆ ЛÆГГАДЫ ЦЫБЫР ÆРФЫСТ:
Штабы афицер, ахуырдзинадæй ифтонг. Хæстон æмæ оперативон документаци зоны, раст фыссы. Хицæн хæйттæй цы æрмæг райсы, уымæн анализ скæны, æрцæуы раст хатдзæгтæм.
Куыд сгарæг хайады хицау архайдта Привислянскы æмæ Берлины операциты æмæ йæхи равдыста оперативон-тактикон æгъдауæй хорз цæттæгонд æмæ ахуырæй ифтонг афицерæй.
16-æм Уæлдæфон æфсады къамис ацы аз, январы, дивизийы штабы куыст бæрæггæнгæйæ, дивизийы сгарæн службæйæн скодта æвæрццæг аргъ.
Уæлдай фылдæр æмæ ахадгæдæр куыст æмб. Тасойы-фырт бакодта Берлины операцийы рæстæг. Операцимæ цæттæгæнгæйæ, сгарæн хайад полчъытæм радта ныхмæлæууæг къордты тыххæй æххæст æмæ бæлвырд бæрæггæнæнтæ. Уыдон хорз æххуыс фесты æрмæст хæстон уавæр базонынæн нæ, фæлæ ма зынгæ фæкъаддæр кодтой, знаджы куынæггæнæн авиаци æмæ зенитон артиллери цы фыдбылызтæ æрхастаиккой, уыдон.
ÆВДЫСТ ЦÆУЫ ФЫДЫБÆСТÆЙЫ ХÆСТЫ 2-АГ КЪÆПХÆНЫ ОРДЕНÆЙ ХОРЗÆХДЖЫН КÆНЫНМÆ
Дивизийы командыгæнæджы хæдивæг, гвардийы булкъон Боговицкий».
– Радтой дын? – афарста Григори, хæрзиуæджы гæххæтт фæстæмæ дæтгæйæ.
– Радтой! Баййæфтой мæ æмæ ма йæм бафтыдтой. Уыдонæй исты рантысдзæн! Æгæр ахæцыдысты, гаццатæ! Куы фæцæф уыдаин, кæнæ мæ куы амардтаиккой (уый ноджы хуыздæр), уæд æндæр хъуыддаг уыдаид… Æмæ ныр ды Англисы дæ? Кæм?
– Лондонмæ хæстæг.
– Æцæг ис Лондоны дуканиты алцы дæр?
– Нæ зонын. Лондоны нырма иу хатт дæр нæ уыдтæн.
– Уый та куыд? – ныддис кодта Тасойы-фырт. – Уæдæ кæм дæ?
– Фæсгорæт хицæн бæстыхæйтты. Хъахъхъæнгæ мæ кæнынц.
– Æрфарстытæ дæр?
– О.
– Фыдмитæ дæр?
Григори бахудти.
– Нæ пропагандæ дзæбæх бакуыста демæ! Фыдмитæ нæ кæнынц. Фæлæ мæ алы бон дæр фæрсынц.
– Æмæ афтæ иудадзыг дæр хъахъхъæнджытимæ бадыс?
– Цæмæн? Тезгъо кæнынмæ мæ рауадзынц хæдзары кæртмæ бон дыууæ сахаты. Мæнæн уый фаг у.
– Фæлæуу-ма! – фæдзагъырдзаст ис Тасойы-фырт. – Æмæ ам та куыдæй фегуырдтæ?
– Афтæ фегуырдтæн. Демæ адзурынмæ æртахтæн.
– Цæуыл дзурынмæ?
– Хъус-ма, Ясон… Ясон – дæ ном, афтæ нæу?.. Раст мæ бамбар. Мæнæн уæлдай нæу, ды цы сфæнд кæндзынæ, уый. Фæлæ мæ куратортæн контрразведкæйæ тынг ахсджиаг у, цæмæй ды ам, Германийы, баззайай æмæ дарддæр, куыд службæ кодтай, афтæ кæнай. Ныртæккæ хорз рæстæг нæу дæ алыгъдæн. Махонтæ нырма мæ алыгъдæй сæхимæ нæма ‘рцыдысты, æмæ ма ныр ды дæр… Дыууæ дæлбулкъоны – уый æгæр у. Махонтæ айхъуысын кæндзысты, зæгъгæ дæ давгæ акодтой, хъуыддаг газеттæм бахаудзæн. Уый никæй хъæуы. Æппæты фыццаг та нæ хъæуы дæу. Дæ ном афтæ айхъуысыны фæстæ дын Англисы куыст ссарын зын уыдзæн.
Тасойы-фырты æнæнцой цæсгом фыр мæтæй ныззылынтæ.
– Æз æй æнæуи дæр зыдтон, исты дзы афтæ нæ уыдзæн, æнæуи дæр æй зыдтон! Фæлæ куыд хъуамæ аздæхон?! Уый трибунал у дезертирæн!
– Æнæ фæрсгæйæ иу суткæ искуыдæм куы ацæуай, уæд дæ уый тыххæй дезертир не схондзысты, – не сразы Григорий. – Тæккæ абон дæ аласдзысты Бременмæ. Æмбаргæ дæр æй ничи бакæндзæн, уым нæ уыдтæ, уый.
– Куыд æй нæ бамбардзысты?! Дæсгай цæстытæй нæм куы кæсынц, уæд. Æнæмæнгæй мæ исчи банымудздзæн. Æмæ СМЕРШ-ы гаццатæн æндæр мацы ратт!
– Хатыр ракурдзынæ. Зæгъ, адзæгъæл дæн нозты аххосæй. Рауайдзæн дын.
– Ды та æрмæст уымæн æртахтæ, цæмæй мын афтæ зæгъай?
– Иумæйагæй – о, уый тыххæй. Лондонмæ дæ аласдзысты иу-æртæ мæйы фæстæ. Æнæ иу хъæлæбайæ.
– Æмæ «нæ» куы зæгъон, уæд та?
Григори йе уæхсчытæ фелхъивæгау кодта.
– Бар дæхи.
– Ныр та мæнмæ байхъус. Дæуæн зын уыд Ныгуылæнмæ ацæуыны фæнд скæнын?
– Æнцон мын нæ уыд, – сразы Григори.
– Æхсæвыгæтты нæ фынæй кодтай? Фесхъиудтай-иу алы æрбахостæй дæр?
– Уыди-иу афтæ дæр.
– Æмæ уæдæ уæд цæмæн хъуыды кæныс, мæнæн æнцондæр уыд? Æмæ ма уыдæттæ ноджы бавзарон? Цы мæ ‘нхъæлыс? Мæ нервытæ æндонæй не сты. Адæймаджы нервытæ сты, нал бафæраздзысты. Уымæ гæсгæ зæгъын «нæ». Бременмæ нал аздæхдзынæн. Афтæ зæгъ дæ куратортæн дæр.
– Зæгъдзынæн.
– Англисæгтæ мæ нæхиуæттæм нæ ратдзысты? Фехсынмæ?
– Мæнмæ гæсгæ, нæ ратдзысты. Лæгхортæ, мыййаг, куынæ сты.
– Омæ сæ уæдæ уæд цы фæнды, уый кæнæнт. Æз алцæуыл дæр разы дæн. Фæлæ Бременмæ нал аздæхдзынæн! Афтæ сын зæгъ!
– Афтæ сын зæгъдзынæн, – зæрдæ йын бавæрдта Григори æмæ камерæйы æфсæйнаг дуар рахоста.
Къæлидоры йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст Хопкинс.
– Цæй цы?
– Нæ мæ фæндыд, Джордж, дæу фæхъыг кæнын, фæлæ мæ бон нæ бацис дæ карьерæйæн истæмæй феххуыс уæвын.
– Не сразы?
– Цæхгæр «нæ» загъта.
– Цæуылнæ сразы?
– Загъта, мæ нервытæ, дам, нал бафæраздзысты, цы бавзæрста, уый ноджы бавзарын. Æз æй æмбарын. Нæ зонын, мæхæдæг уый уавæры куыд бакодтаин, уый. Чи зоны, афтæ бакодтаин.
Хопкинс лагеры хицауы кабинетæй сæрмагонд бастдзинады фæрцы фæдзырдта Лондонмæ Энтони Браунмæ æмæ йын фехъусын кодта, дæлбулкъон Тасойы-фыртимæ ныхас кæй ницæуыл ахицæн, уый.
– Æвзæр хабар, – цасдæры фæстæ загъта Браун. – Уыцы проблемæ ам алыг кæнын бахъæудзæн.
– Сэр, цы бакæнон Тасоевæн? Мæ бон æй лагеры ныууадзын нæу.
– Берлинмæ цæуыл атахтыстут?
– Æфсæддон-транспортон «Оксфорд»-ыл. Авиабазæйы нæм æнхъæлмæ кæсы.
– Уæгъд бынат дзы ис?
– О, хæдтæхæджы аст бынаты ис.
– Ракæнут æй уемæ æмæ раздæхут Лондонмæ. Ам ахъуыды кæндзыстæм, цы кæнгæ йын у, ууыл.
«Оксфорд» æртахт Лондонмæ æхсæвы дыккæгæм сахатыл. Службæхæссæг «семерка» сæм æд шофыр æнхъæлмæ каст аэродромы. Майор Хопкинс дыууæ дæлбулкъоны аласта конспиративон бæстыхаймæ æмæ Тасойы-фырты æхсæвы уым ныууагъта, йæ агъуысты раз ын æрæвæрдта хотыхджын хъахъхъæнæг. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд рæдыд хъуыддаг.
XIV
«Бынтон сусæггаг. МИ-5-ы директоры хæдивæг Э. Браунмæ майор Д. Хопкинсæй.
Доклады афыст.
Сэр, æрвитын дын информаци, махырдæм æрбалидзæг советон дæлбулкъон Тасоевимæ цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй.
Дæ бардзырдмæ гæсгæ йæ Берлинæй Лондонмæ сластон æмæ йæ æхсæвы, оперативон псевдоним Эксайз кæмæн радтам, дæлбулкъон Токаевы кæм фæфæрсын, уыцы бæстыхайы хъахъхъæнæджы бар ныууагътон. Райсомæй йæ нæ оперативонтæ акодтой сусæг фатермæ Лондоны æмæ райдыдтой, мах æппынæдзух цы æрфæрстытæ фæкæнæм советон æр- балидзджытæн, ахæмтæ. Дыууæ къуырийы дæргъы Тасоев йæхи сабыр дардта, бæстон дзуаппытæ лæвæрдта æппæт фæрстытæн дæр. Дыккаг къуырийы кæронмæ цæуылдæр тыхсын райдыдта, стæй æнæнхъæлæджы фехъусын кодта, йæ фæнд кæй аивта, йæ ралыгъд рæдыд хъуыддаг кæй уыд æмæ кæй фæсмон кæны; домы, цæмæй йæ советон минæварадмæ фæхæццæ кæнæм, æмæ йæ уырдыгæй арвитой Советон Цæдисмæ. Уым, æнæрхъуыдыйæ цы гадзрахат сарæзта, уый тыххæй аккаг æфхæрд райсыныл разы у.
Советон Цæдисы паддзахадон гадзрахаты тыххæй бирæ азты ахæстоны кæй фæбаддзæн, кæнæ та йын марыны тæрхон кæй рахæсдзысты, уый йын йæ зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ дæр, иудадзыг фæлхат кодта, зæгъгæ йæ фæнд нал аивдзæн.
Зындгонд дын куыд у, афтæмæй, дæлбулкъон Тасоевы ралыгъдæй нырмæ советты фарсæй иу æмæ дыууæ хатты нæ хъусын кодтой, зæгъгæ, Тасоевы америкаг разведкæ адавта; домынц, цæмæй йæ æвæстиатæй фæстæмæ раттой, æмæ уыцы провокацийы аххосджынтæ æфхæрд баййафой. Ома уый америкæгты акци у, зæгъгæ, уырыссæгтæ хъусын кæнынц, уымæн æмæ зонынц, дæлбулкъон Тасоев Бремены наулæууæны директоры, америкаг Клемы, хæдзарæй кæй фесæфт. Мах бахъуыд ныммыхуыр кæнын информацион хъусынгæнинаг, советон æфсæддон службæхæссæг бархийæ кæй сфæнд кодта Ныгуылæнмæ ралидзын, стæй Советон Цæдисы æмцæдисонтæ советон афицерты кæй нæ давынц, фæлæ режимы амæттæгтæн политикон сæрфæцæвæн нæ раттын сæ бон кæй нæу.
Фæлæ уæддæр ацы истори фæхæццæ прессæмæ. Сабаты райсомы газетты информацийы бындуры ис, Советон Цæдисæй цы фехъуыстой, уый. Знон «Санди Таймс» ныммыхуыр кодта, уырыссæгтæ цы аххосджынгæнæн æрмæг дæттынц, уый ныхмæ æцæгдзинадмæ хæстæгдæр цауты тыххæй. Нæ бон зæгъын у: газеттæм раздæр цы информаци фæхæццæ, уый америкæгтæй рацыд, уымæн æмæ советты ‘рдыгæй Тасоевы адавд уыдоны аххос кодтой. Абон газеттæ мыхуыр кæнынц советон верси растыл нæ нымайæг æрмæг, æрмæг раттæджы та хонынц, йæ ном кæмæн нæ хъæр кæнынц, уыцы «бритайнаг хистæр афицер» Гамбургæй.
Цæмæй ацы темæйыл ныхас мауал цæуа, уый тыххæй мах консультаци райстам Германийы америкаг оккупацион зонæйы администрацийы разамонæг инæлар Клейæ. Уый нын бауынаффæ кодта дæлбулкъон Тасоевæн фембæлд саразын советон командыгæнджытæ кæнæ Великобританийы Советон Цæдисы минæварадæй искæйтимæ, цæмæй махæрдæм æрбалидзæг уым зæгъа, Ныгуылæнмæ цæуыны фæнд йæхæдæг кæй скодта, давгæ йæ кæй ничи ракодта. Фæлæ, фембæлды рæстæг Тасойы-фырт уæлдай исты куы зæгъа, уырыссæгтæ кæй нæ зонынц, уыцы Эксайзы тыххæй, уымæй тæссаг у. Уæд та нын инæлар Клей бауынаффæ кодта Тасоевæн пресс-конференци саразын бритайнаг журналисттимæ, уымæйдæр ахæм, цæмæй журналисттæн æрбалидзæгмæ фæрстытæ дæттыны фадат ма уа. Мах не сразы стæм уыцы идейæ- имæ, уымæн æмæ ахæм хуызы арæзт пресс-конференци ницы пайда у.
Ахæм уыд уавæр, цалынмæ дæлбулкъон Тасоев фæстæмæ Советон Цæдисмæ здæхыны фæнд не скодта, уæдмæ. 6 майы Тасоев, хъахъхъæнджытыл хинæй рацæугæйæ, уынгмæ ралыгъд æмæ равдыст «Олимпия»-йы фæзуаты уырыссагау хъæр кæнын райдыдта, Бременæй бритайнаг разведкæ кæй радавта, уыцы советон дæлбулкъон дæн, зæгъгæ. Йæ алыварс æрæмбырд сты равдыстмæ æрбацæуджытæ, фæлæ, цы хъæр кæны, уый не ‘мбæрстой. Пъæлицæ Тасоевы сæ дивизионмæ аласта. Ныр дæр уым ис.
Тасоев йæ фæнд цæхгæр кæй фæивта, уый махæн расайдта цалдæр вазыгджын проблемæйы. Пъæлицæйы йын дæргъвæтин рæстæг дарæн нæй. Мидхъуыддæгты министрад фæрсы, цавæр аххос хæссут, кæй æрцахстат, уымæ, зæгъгæ. Аххос куынæ уа, уæд æй, закъонмæ гæсгæ, рауадзын бахъæудзæн.
Цы проблемæтæ сæвзæрд, уыдон равзарынæн ис æртæ гæнæны.
Фыццаг. Национ æдасдзинады сæрвæлтау паддзахадон сусæгдзинæдтæ хъахъхъæныны хуызы дæлбулкъон Тасоевы пъæлицæйы ахæстонæй раивын æндæр бынатмæ æмæ йæ хъахъхъæнын, цалынмæ дæлбулкъон Тасоев, фыр тыхстæй цы фæнд скодта, ома фæстæмæ Советон Цæдисмæ аздæхын, уыцы фæнд нæ аива, уæдмæ. Уымæн нын феххуыс уыдзысты зындгонд медицинон мадзæлттæ.
Дыккаг. Фæстæмæ йæ Германимæ арвитын. Уым бритайнаг оккупацион зонæйы ис хъæугæ уавæртæ, стæй дзы удгоймаджы бархиадмæ не ‘вналыны закъонимæ дæр цæлхдуртæ нæ уыдзæн.
Æртыккаг. Дæлбулкъон Тасоевы раттын уырыссæгтæн, уыимæ фехъусын кæнын, зæгъгæ, мах æвæндонæй никæй никæд уромæм. Гуырысхо дзы нæй, йæхи сраст кæныны тыххæй фидарæй дзурдзæн, зæгъгæ йæ Бременæй адавта бритайнаг разведкæ. Уый советтæн фадат сараздзæн, махæн нæ официалон фехъусынгæнинæгтæ зонгæ-зонын дезинформаци кæй уыдысты, ууыл дзурынæн. Ацы варианты нæ репутаци къахыргонд æрцæудзæн, фæлæ æнæзæрдæзæгъгæ проблемæйæ бынтон фервæздзыстæм.
Кæронбæттæн уынаффæ рахæссын кæсы дæумæ кæнæ та МИ-5-ы директор сэр Перси Силлитоумæ.
Майор Хопкинс.
16 май, 1948 аз».
МИ-5-ы директоры хæдивæг Э. Брауны резолюци:
«Æртыккаг гæнæн. Æмæ цас тагъддæр уа, уыйас хуыздæр».
Дæлбулкъон Тасойы-фырты арвыстой Берлинмæ æмæ йæ радтой советон командыгæнынады минæвæрттæм.
Цасдæр рæстæджы фæстæ газет «Правда»-йы фæзындис уац «АНГЛО-АМЕРИКАГ СГАРДЖЫТЫ НОГ ПРОВОКАЦИ».
Берлин, 28 май (ТАСС-ы сæрмагонд корреспондентæй). Горæт Бремены (Германийы) ацы аз, 23 апрелы, æбæрæг уавæрты фæцыдæр Германийы Советон æфсæддон администрацийы репарациты транспортон къорды Управленийы инспектор, гвардийы дæлбулкъон Тасоев Я.Д.
Бæрæг куыд у, афтæмæй горæт Бремен ис америкæгты цæстдарды, уымæ гæсгæ советон командыгæнынад фехъусын кодта америкаг командыгæнынадæн, цæмæй æвæстиатæй ссарой дæлбулкъон Тасоевы, уыимæ сын бамбарын кодта, Америкæйы хицауад Тасоевы æнæниздзинад æмæ цардæн дзуапп кæй дæтдзысты, уыцы домæн. Уыцы иу рæстæг советон командыгæнынад Тасоевы фесæфты уавæртæ сбæрæг кæнынæн сарæзта сæрмагонд къамис. Фæлæ америкаг æфсæддон хицауад советон къамисæн Бременмæ хъуыддаг равзарынмæ ацæуыны бар нæ радта. Цæуылнæ, уый нæ бамбарын кодтой.
Кæд америкаг æфсæддон хицауад разы нæ уыдысты, уæддæр советон хицауадæн бантыст сбæрæг кæнын: ацы аз 23 апрелы изæрæй Тасоевы æхсæвæрмæ фæхуыдта америкаг официалон минæвар, Бремены наулæууæны хицау Клем. Тасоев ацыд Клемы фатермæ Магбург-аллейы, 22, фæлæ фæстæмæ нал æрбаздæхт. Тасоевимæ иу ран цæрæг, Бремены СВАГ-ы репарациты Управленийы æххæстбар, лейтенант Беляков дыккаг бон райсомы 7 сахатыл телефонæй бадзырдта Клемы фатермæ, цæмæй, Тасоев кæм ис, уый базона. Дзуапп ын радтой, зæгъгæ, Клем кæдæмдæр ацыд, стæй Тасоев дæр Клемы фатеры нæй. Беляков уæддæр хъæддых фæлæууыд, уыцы бон фембæлд Клемимæ æмæ дзы æрдомдта, Тасоев кæм ис, уый схъæр кæнын. Клем ын загъта, зæгъгæ сæм Тасоев Клемы æмæ Клемы бинойнаджы хуындмæ гæсгæ æрбацыд æхсæвæрмæ, стæй йæ, уыцы изæр ма кæй фæхуыдта, ахæм дыууæ æнæзонгæ адæймаджы уырдыгæй аластой.
Клем йæхæдæг йæхи æнæсæрфат дзуаппыты афтæ ныссуйтæ ис, æмæ Беляковы карз домæнтæн, Тасоев цы фæци, уый фæдыл райдыдта ног æфсæнттæ хъуыды кæнын. Клем ныр та афтæ, зæгъгæ, Тасоев æмæ иннæты сæхимæ фæхуыдта, фæлæ йæхæдæг йæ усимæ театрмæ ацыд. Фæстæмæ куы ‘рбаздæхтысты, уæд базыдта, Тасоевы Клемы иннæ уазджытæ кæй аластой. Уыцы æнæсæр æфсæнттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, лейтенант Беляковы нæ бауырныдтой, æмæ карз домæнты фæстæ йæ къухы бафтыд Бремены америкаг æфсæддон командыгæнынады минæвар, 1-аг ранджы капитан Джевсимæ фембæлын. Клем та Джевсæн дæр ногæй дзурын райдыдта йе ‘нæхъола æфсæнттæ Тасоевы фесæфты тыххæй. Беляков дзы, Тасоевы чи аласта, йæ уыцы «уазджыты» нæмттæ зæгъын куы ‘рдомдта, уæд сæ Клем не схъæр кодта. 7 майы онг америкæгтæ советон хицауадæн Тасоевы тыххæй ницы дзуапп лæвæрдтой.
7 майы Германийы америкаг æфсæддон губернаторы хæдивæг инæлар-майор Хейс йæ фыстæджы Германийы советон командыгæнынадæн америкаг афицеры хæдзарæй дæлбулкъон Тасоевы фесæфты тыххæй исты бамбарын кæныны бæсты сæ зæрдыл æрлæууын кодта, майы райдайæны англисаг мыхуыры хъусынгæнинаджы цы фыст уыд, уый: «Дæлбулкъон Тасоев бархийæ рацыд Англисмæ, уым ыл сæмбæлдысты, политикон лигъдæтты тыххæй сæм цы традицитæ ис, уыдонмæ гæсгæ».
Хæрз чысыл рæстæджы фæстæ советон хицауад базыдта, дæлбулкъон Тасоев, Великобританийы Мидхъуыддæгты министрад афтæ кæмæй загъта, «бархийæ рацыд Англисмæ», уый ахæстоны кæй ис. Уыдæттæ базонгæйæ, советон хицауад карз домæнтæ куы æрæвæрдта Германийы англисаг æфсæддон командыгæнынады раз, уæд сын æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Тасоевы æрбаластой Берлинмæ. 20 майы йæ радтой советон хицауады къухмæ.
Ныр, куыд сбæрæг, афтæмæй дæлбулкъон Тасоевæн англисаг-америкаг хицауад англисаг æмæ америкаг разведкæйы разамындæй фыдтухитæ æвзарын кодта. Ноджы рабæрæг, 1948 азы 23 апрелы Бремены наулæууæны хицау, америкаг Клем æцæгдæр æхсæвæры ‘фсон басайдта Тасоевы йæ фатермæ. Цæмæй Тасоев йемæ лейтенант Беляковы дæр ма ракæна, уыимæ-иу æдзухдæр иумæ цыдысты – уый тыххæй Беляковмæ æвæстиат хъуыддаджы тыххæй фæсидтысты наулæууæнмæ советон нау «Сучан»-ыл уæзтæ æвæрыны фæдыл. Клем хæдзары нæ разынд. Тасоевыл фембæлд хæдзары ‘фсин – Клемы бинойнаг; уый уырыссагау зыдта, раздæр цардис прибалтиаг советон республикæты, фæлæ уырдыгæй Германимæ рацыд æбæрæг уавæрты æмæ уым 1946 азы смой кодта Клеммæ. Æфсин Тасоевы мидæмæ бахуыдта. Уым ма уыд ноджыдæр цалдæр нæлгоймаджы, Клемы бинойнаг сæ бацамыдта куыд йæ хæлæрттæ. Уалынмæ фæзынд Клем дæр, Тасоев кæй нæ зыдта, ахæм фондз лæгимæ. Цыбыр æхсæвæры фæстæ уазджыты фæхуыдтой Бременыл хæдтулгæтыл атезгъо кæнынмæ. Куыддæр Тасоев машинæйы сбадт æмæ араст сты, афтæ йын, йæ фарсмæ чи бадт, уыцы дыууæ адæймаджы æнæнхъæлæджы йæ къухтæ сыздыхтой, афтæмæй йæ англисаг зонæмæ аластой æмæ йæ боныцъæхтæм уым фæдардтой. Боныцъæхтыл та уыцы субъекттæ Тасоевы хæдтæхæгмæ тыхæй бакодтой æмæ йæ Лондонмæ аластой. Хæдтæхæджы Тасоев бамбæрста, англисаг разведкæйы къухы кæй ис. Иугæндзон ын дзырдтой, зæгъгæ йын Лондоны хуыздæр уыдзæн. Хæдтæхæджы йын йе ‘мбæлццонтæй иу бамбарын кодта, ныртæккæ Мантгомерийы хæдтæхæгыл кæй тæхынц, цæмæй Тасоев хуыздæр аргъ кæна, цы стыр кады аккаг æй скодтой, уымæн.
Лондоны Тасоевы æрбаластой иу фатермæ Bishop King’s Roаd, 16–23. Уый уыдис англисаг разведкæйы сусæг фатер.
Фатеры хицау миссис Вигинг æмæ йæ чызг, англисаг разведкæйы кусæг Беттийæ уæлдай Тасоевы хъахъхъæдтой 2 адæймаджы, йæ цуры уыдысты æхсæвæй-бонæй; ноджы ма йæм иудадзыг цыдысты, уырыссаг æвзаг чи зыдта, англисаг разведкæйы ахæм кусджытæ æмæ архайдтой Тасоевы сразы кæныныл, цæмæй Англисы баззайа æмæ хæца Советон Хицауады ныхмæ. Æрбаластой йын Советон Цæдисы ныхмæ мыхуыргонд литературæйы æнæхъæн рæдзагъд: АИШ-ы уагъд меньшевикты «Социалистический вестник» æмæ Лондоны уагъд урсгвардион газеттæ. Англисаг разведкæ æууæндын кодта Тасоевы, советон хицауад æй уæйгæнæгыл кæй банымадта, стæй Великобританийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй ныммыхуыр кодта æрмæг, зæгъгæ, Тасоев бархийæ æрбалыгъд Англисмæ æмæ у политикон лигъдон. Æмбарын ын кодтой, æрмæст ын иунæг фæрæз кæй ис, цы уавæры бахауд, уыр- дыгæй рацæуынæн: ныффыссын курдиат, политикон мотивтæм гæсгæ кæй ралыгъд Советон Цæдисæй æмæ англисаг хицауадæй политикон сæрфæцæвæн бынат кæй куры, уый тыххæй.
Æртхъирæнтæй, тæрсынгæнæн ныхæстæй æмæ фыдмитæй англисаг хицауады минæвæрттæ архайдтой Тасоевæй райсын хъуыддаджы гæххæтт, цæмæй сæ фыдмитæ бамбæхсынæн исты фæрæз ссарой æмæ дзырддаг хъуыддагæй фервæзой. Тасоев не сразы, домдта, цæмæй йæ Лондоны советон минæварадмæ раттой.
6 майы, хъахъхъæнджытыл хинæй рацæугæйæ, Тасоев уынгмæ ралыгъд æмæ равдыст «Олимпия»-йы фæзуаты уырыссагау хъæр кæнын райдыдта, Бременæй бритайнаг-америкаг разведкæ кæй радавта, уыцы советон дæлбулкъон дæн, зæгъгæ; куырдта, цæмæй йæ Лондоны советон минæварадмæ бахæццæ кæной. Тасоевæн пъæлицæйаг ныфс бавæрдта балæггад кæнынæй, фæлæ йæ советон минæварады бæсты пъæлицæйы дивизионы ахæстонмæ аласта F Broon Green Road, 19.
Пъæлицæйы ахæстоны 6-æм майæ 20-æм маймæ Тасоев æрвылбон йæ дзургæ æмæ фысгæ домæнты Англисы фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрад æмæ пъæлицæйы хицауадæй куырдта, цæмæй йын советон минæварадæй искæимæ фембæлд саразой кæнæ та сын фехъусын кæной Тасоевы тыххæй. Уыцы закъонмæ гæсгæ æмбæлгæ домæнтæ сæххæст кæныны бæсты англисаг разведкæ архайдта Тасоевы сразы кæныныл, цæмæй Советон Цæдисмæ мауал аздæха, йæ къух ын фыссын кодтой цавæрдæр курдиаты бын. Тасоевы-иу, кæй нæ разы кодта, уый тыххæй фæнадтой. Фæлæ уыцы истори айхъуыстис, æмæ уæд, стыр политикон хъаугъа цæмæй ма рауайа, уый тыххæй англисаг хицауадæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ Тасоевы фæстæмæ Германимæ æрластой. Ам æй советон хицауады къухмæ радтой. Советон афицерæн фыдмитæ кæй кодтой, уый тыххæй англисаг æмæ америкаг разведкæйы агенттæ хъуамæ æнæмæнг æфхæрд баййафой, сæ фыдракæндты тыххæй та дзуапп раттæд Германийы англисаг-америкаг хицауад».
«Правда»-йы уыцы уац кæсгæйæ, майор Хопкинсмæ фæзынд цавæрдæр æбæрæг æнкъарæн, дæлбулкъон Тасойы-фырты æнахуыр хабар йæ психикон уавæрæй æгæр æнцон бамбарын кæнæн кæй уыд, уымæ гæсгæ, ома фыццаг сфæнд кодта Ныгуылæнмæ ацæуын, стæй уыцы фæндыл йæ къух систа. Æнцон бамбарæн хъуыддаг та арæх æцæгдзинад нæ вæййы. Æмæ кæд, мыййаг, Великобританимæ сæрмагондæй æрвыст уыд бæлвырд хæсимæ, стæй, йæ хæст сæххæст кæнгæйæ, фæстæмæ аздæхт, уæд та? Фæлæ цавæр хæс уыдаид уый, цы ссис йæ бон базонын, цалынмæ Лондоны уыд, уæдмæ? Британийы контрразведкæ куыд кусы, æрфæрстытæ куыдæй кæны æмæ чи кæны, уый? Фæлæ амы æрфæрстыты методикæ Лубянкæйы æрфæрстытæй хицæн кæны æрмæст уымæй, æмæ Лондоны фыдудæй нæ мардтой, контрразведкæйы кусджытæ та сæхи никуы амыдтой. Цы хъуамæ базыдтаид Тасоев? Æрмæст, дæлбулкъон Токайы-фырт Великобританийы кæй ис æмæ слестимæ æмдзырд кæй сты, уый. Цас ахадгæ у ахæм хæс? Уый сбæрæггæнæн уыдис, уырыссæгтæн Токайы-фырты цæйбæрц зынаргъ хæзна у, уый базонгæйæ.
Цасдæр рæстæг Хопкинс бахауд уыцы æнæнхъæлæджы хъуыдыйы ахæсты. Фæлæ Тасойы-фыртæн трибунал, паддзахадыл гадзрахатæй рацæуæгыл æй кæй банымадтой, уымæ гæсгæ, фехсыны тæрхон кæй рахаста, уый куы базыдта, уæд йæ хъуыды рæдыдыл банымадта.
Фæлæ Хопкинс рæдигæ нæ кодта. Уый сбæрæг, дыууæ къуырийы фæстæ цы цаутæ æрцыд, уыдонæй.
XV
Июны бонтæй иуы, дæлбулкъон Токайы-фырты цы бæстыхайы дардтой, уый æнæмæт цард фехæлд фæдисы дзæнгæрæгæй. Радтой йæ хъахъхъæнджытæ. Сæ цæст æрхæцыд къудзиты цыдæр æнахуыр змæлдыл, æмæ фæсидтысты æххуысмæ. Хъахъхъæнджытæй цы фæлтæрдджын десантниктæ куыстой, уыдон æнæ уæлдай сыбырттæй æртыхстысты къутæрты алыварс æмæ бардзырд радтой, къутæрты чи æмбæхст, уымæн, цæмæй йæ хæцæнгарз зæхмæ аппара æмæ, йæ къухтæ сдаргæйæ, рахиза сæ размæ. Мыдæдзы кудзитæй сзындис бæрзонд мæллæг адæймаг фæныкхуыз хуымæтæг дзаумæтты. Æрæвæрдта зæххыл йæ хæдæхс «шмайсер» æмæ хъахъхъæнджытæм къуызгæ сдзырдта англисаг æвзагыл:
– Мæхи дæттын, ма фехсут!
Йæ хъузон бадтис тæгæр бæласыл снайперы топпимæ. Уыдис йе ‘мбалæй бирæ ныллæгдæр, фæлæ фидæрттæарæзт. Сæ дыууæмæ дæр разындис рацитæ æмæ дардмæкæсæнтæ. Уыдоны руаджы сæ цæст дардтой хæдзары кæртмæ. Хъахъхъæнджыты дæсны архайды фæрцы дыууæ диверсанты дæр æрцахстой æнæ иунæг гæрахæй æмæ майор Хопкинсæн фехъусын кодтой. Уый уыцы рæстæг æрфæрстыты агъуысты куыста дæлбулкъон Токайы-фыртмæ. Хопкинс фескъуыдта йæ фарст æмæ Токайы-фыртæн бардзырд радта, цæмæй йæхи агъуыстмæ ацæуа, йæхæдæг фæраст ахстыты куыст кæнынмæ.
Бæстон æрфæрстыты фæстæ, диверсанттæ чи сты, уый сбæрæг. Дыууæйæ дæр уыдысты польшæйæгтæ. Сæ иу, бæрзонддæр, – Криштоф Педерецкий, 1924 азы гуырд, Варшавæйы цæрæг; дыккаг, ныллæгдæр, – Венцлав Ангелевич, 1922 азы гуырд, Познаны цæрæг. Дыууæ дæр службæ кодтой Крайовайы Æфсады – Ангелевич снайперæй, Педерицкий та полчъы сгарæгæй. Варшавæйы сыстад саст куы ‘рцыд, уæд сæ дыууæ дæр бахаудтой советон уацары Свердловскы лагерьмæ. 1947 азы ноябры сæм фæдзырдта лагеры хицау. Йæ кабинеты уыдис æртæ уырыссаджы граждайнаг дарæсы. Уыдон сын ахсджиаг паддзахадон хæс бабар кодтой. Зæрдæ сын бавæрдтой, сæ куыст хорз куы сæххæст кæной, уæд сын се ‘фсæддон фыдгæнд ныббардзысты æмæ сæ ауадздзысты. Уыдон дæр сразы сты.
Æртæ мæйы сæ фæцæттæ кодтой Мæскуыйы бынмæ десантты базæйы, стæй сæ бахæццæ кодтой Францмæ. Майы кæронмæ цардысты æмбæхстæй денджызы был, кæсагахсджыты поселочы, уый фæстæ сæ денджызыл фæхæццæ кодтой Великобританимæ. Хæцæнгарз æмæ раци ‘рбаластой семæ. Сæ хæс уыдис, Лондоны бынмæ конспиративон бæстыхайы кæй дардтой, иу ахæм советон иннæ фарсмæ алидзæджы амарын. Куыд æй базонæн ис, уыцы æддаг бакасты бæрæггæнæнтæ сын радтой: бæрзонд, фидæрттæарæзт, саухил. Алы бон дæр æй рауадзынц хæдзары кæртмæ дыууæ сахаты бæрц атезгъо кæнынмæ. Уыцы рæстæг æй хъуамæ амардтаиккой.
Дыууæ боны дæргъы поляктæ сæ цæст дардтой хæдзармæ. Æртыккаг бон сæ хъахъхъæнджытæ ‘рцахстой æмæ сын сæ хæцæнгарз байстой.
Æрфарстытæ куы фесты, уæд сæ дыууæйы дæр радтой пъæлицæйы къухмæ.
Токайы-фыртмæ куыст куы сног ис, уæд æй Хопкинс бафарста:
– Зæгъ-ма, Григори, дæлбулкъон Тасоевæн дæхи тыххæй цы радзырдтай?
– Бæлвырдæй ницы.
– Уæддæр? Цæуылты ныхас кодтат лагеры?
– Фарста мæ, æцæг, дам, ис Лондоны дуканиты алцы дæр. Æз ын загътон, Лондоны кæй никуы уыдтæн, æдзухдæр фæсгорæт кæй вæййын, цæстдард мæм кæй ис. Бафарста мæ, иудадзыг дæр, дам, хæдзары фæбадыс. Æз ын загътон, алы бон дæр мæ дыууæ сахаты бæрц рауадзынц тезгъо кæнынмæ. Уымæй мæ цæмæн бафарстай, Джордж?
– Афтæ æнæуи, мæ сæрмæ æрцыди цæмæндæр, – раст дзуаппæй йæхи фæиуварс кодта Хопкинс. – Нæ куыст адарддæр кæнæм.
Польшæйаг диверсанттимæ цауы тыххæй та йæ рапорты майор Хопкинс ныффыста: «Фаг бацæттæгонд уыдысты, цы хъуыддаг сын бабар кодтой, уый сæххæст кæнынæн. Ныр бæлвырдæй нæ бон зæгъын у, уырыссаг разведкæ Токаевы тыххæй дæлбулкъон Тасоевæй кæй базыдта, Берлины йæ советон командыгæнынадмæ куы радтой, уæд. Уый уыдис уымæн йæ хæс, æмæ йæ æнтыстджынæй сæххæст кодта. Советон Цæдисмæ куы баздæхт, уæд ын фехсыны тæрхон кæй рахастой, уый та бамбарын кæнæн ис афтæ: кæнæ уырыссæгтæ тарстысты, кæд Лондоны йæ хæсы тыххæй истытæ ралæхурдта, уымæй, кæнæ та советон сæрмагонд службæтæ æмзонд кæй не сты сæ куысты; рауайы афтæ, æмæ иутæ ныгуылæнмæ агент арвитынц, фæлæ йæ иннæтæ нæ фæзонынц. Токаев цы сусæгдзинæдтæ зоны, уыдонмæ гæсгæ хуыздæр уыдаид вазыгджындæр операци бацæттæ кæнын. Уый дзурид йæ пайдайæн, иу ахсджиаг хъуыддаг дзы куынæ уаид, уæд. Польшæйаг диверсанттæ англисаг æвзаг нæ зонынц, æрмæст цалдæр фразæйы. Ахæм адæймæгты Великобританимæ ахæм вазыгджын хæсимæ æрвитæн уыдис æрмæстдæр иу нысанимæ, цæмæй операцийæ мацы рауайа, ахст чи ‘рцæуа, уыцы диверсанттæ та æрфæрстыты рæстæг сæ хæс схъæр кæной. Æмæ афтæ дæр рауади. Афтæмæй, дæлбулкъон Токаев чи у, уый тыххæй махæн раздæрау нæ бон бæлвырд зæгъын ницы у».
XVI
1948 азы июлы кæрон майор Хопкинсмæ фæсидтис МИ-5-ы директоры хæдивæг Энтони Браун. Британийы контразведкæйы хицæутты кабинеттæ уыдысты Блейнхем Паласы ныгуылæнварс, Вудстокы галуанты комплексы. Немыцаг ракетæтæ ам нæ хаудысты, хæлдтыты фæдтæ дзы нæ зындис, фæлæ зæронд галуантæн уыдис мæрдон хуыз, уынгты æмæ афтид фæзты змæлæг нæ уыд, æмæ уый тыххæй Блейнхем Палас кастис æдзæрæджы хуызæн, цыма йæ адæм бынтондæр ныууагътой, уыйау.
Майор Хопкинс куы ‘рбахызт, уæд Энтони Браун лæууыд бæрзонд рудзынджы цур, уырдыгæй хорз зындис æхгæд парк хиконд цадтимæ. Бæлæстæ уыдысты бæзджын сыфтæртæй æмæхгæд, доныл та æрæнцадысты мигъы фæскъаутæ.
– Хæст фæцис, Джордж, фæлæ уæддæр нæ зæрдæйæ не схицæн, стæй тагъд нæ фæцыдæр уыдзæн, – загъта Браун æмæ фæстæмæ стъолы цурмæ æрбаздæхт. – Бакæс ацы æрвыстæг. Буэнос-Айресы нын цы минæварад ис, уырдыгæй йæ æрбарвыстой. Æз минæварæн бафæдзæхстон профессор Карл Танчы тыххæй исты базонын. Йемæ сæмбæлд минæварады æфсæддон атташе. Бакæс æй, лæмбынæг, тагъд никуыдæм кæнæм.
Æрвыстæджы уыд:
«Зындгонд куыд у, афтæмæй, президент Хуан Пероны хицауад, Аргентинæмæ фашистон Германийæ цы эмигранттæ цæуынц, уыдоны нæ къуылымпы кæны, раздæр Гитлеры хицауады æмæ нацистон партийы цы куыст кодтой, уымæ нæ кæсынц. Курт Танк æмæ Генрих Хилæн бæстæмæ æрбацæуыны бар лæвæрд уыд, æмæ æрцыдысты Буэнос-Айресмæ компани «AerolМneas Argentinas»-ы фæндаггонты ласæг хæдтæхæгыл.
Профессор Танчы фæдыл бафтын нын бантыст Нью-Йорчы нæ консульствойы визæты фæрцы. Профессор Карл Танк æмæ йе ‘ххуысгæнæг Генрих Хиль æрбатахтысты Нью-Йоркмæ февралы мæйы фыццаг бонты АИШ-ы Уæлдæфон Æфсæдты Тыхты хæдтæхæгыл. Фæлæ америкæгтæй сæ бæстæйы цæрыны бар ракурыны бæсты уыцы тæккæ бон бацыдысты Аргентинæйы минæварадмæ æмæ балæвæрдтой курдиат политикон сæрфæцæвæн бынаты тыххæй.
Ныртæккæ профессор Танк у, дард дæрддзæгмæ тæхæг бæлццæттæ ласæг хæдтæхджытæ саразыныл цы паддзахадон фирмæйы конст-рукторон бюро архайы, уый наукон кусæг. Генрих Хилы райстой ассистентæй. Фирмæ сын радта фатер Бельгранойы районы иу бирæуæладзыгон хæдзары æхсæвиуатгæнæн дыууæ хатæнтимæ. Уыцы фатеры не ‘фсæддон атташе сæмбæлдис профессор Танкимæ.
Профессор афтæ æвæстиатæй цæмæн ралыгъдис Германæй, зæгъгæ, ахæм фарстæн Танк бамбарын кодта, ома хабар афтæ рауадаид, æмæ йæ советон разведкæ тыхæй аластаид Советон Цæдисмæ. Æмæ уæд фембæлд, уый размæ йын цалдæр хатты АИШ-мæ алидзын æмæ ракетон программæйыл кусыны тыххæй цы америкаг афицер дзырдта, уыимæ, æмæ йын сразы. Афтæмæй Карл Танк æмæ Генрих Хиль Нью-Йорчы балæууыдысты.
Профессоры куы бафарстой, æцæгдæр сразы уыдаид америкæгты фæндоныл, зæгъгæ, уæд дзуапп радта, ома, дам, не сразы уыдаид, фæлæ йын æндæр гæнæн нæ уыд, æмæ афтæ уымæн бакодта.
– Куыд базыдтай, уырыссæгтæ дæ ‘рцахсынмæ æмæ Советон Цæдисмæ аласынмæ хъавынц, уый? – афарста йæ нæ кусæг.
– Мæнæн æй загъта советон дæлбулкъон Токаев. Ме ‘ххуысгæнæг Генрих Хилæн йемæ уыд бастдзинад, æмæ базыдта, хæстæгдæр цалдæр боны мæ кæй æрцахсдзысты. Уый тыххæй мæ бахъуыдис рæвдз фезмæлын.
– Æмæ дын советон дæлбулкъон хабар цæмæн фехъусын кодта?
– Уый зæгъын мæ бон нæу. Æвæццæгæн, йæ бæстæйы хицауады политикæйæ цæимæдæрты разы нæ уыд.
– Мæнмæ гæсгæ, уырыссæгтæ афтæ никуы фæкусынц. Дæлбулкъоны фæаххосджын кæнæн уыдаид паддзахадыл гадзрахатæй рацыдæй. Уæд афтæ цæмæн бакодта?
– Нæ зонын, – иу хатт ма загъта Танк. – Мæ бон у æрмæст хъуыды кæнын. Адæм алыхуызæттæ сты. Сæ бон у, сæ паддзахадон идеологи сын куыд дзуры, æрмæст афтæ нæ, фæлæ æндæр хуызы хъуыды кæнын. Мæнмæ афтæ фæкаст, æмæ дæлбулкъон Токаев бамбæрста мæ ахаст ног хæст цæттæ кæнынмæ.
Ууыл сæ ныхасы сæйраг хай ахицæн. Мæ зæрдæ дарын, мистер Браун, Великобританийы минæварад, цы йын бахæс кодтат, уый сæххæст кæндзæн».
– Исты бамбæрстай, Джордж? – афарста Браун майор Хопкинсы, каст куы фæцис уæд.
– Нæ бамбæрстон, сэр. Не ‘рбалидзæг æгасæй дæр у Бермуды æртæкъуымонау сусæгдзинадæй дзаг.
– Кæдæй нырмæ кусыс йемæ?
– Фароны ноябрæй.
– Æмæ фæрстытæ фылдæр цы кæнынц, æндæр къаддæр – нæ?
– Афтæ, сэр.
– Йæхи куыд дары дæлбулкъон Токаев?
– Куыд æмбæлы, афтæ. Тынг хиуылхæст адæймаг у.
– Æрфæрстыты фæстæ та цы фæкусы?
– Англисаг æвзаг ахуыр кæны. Йæхицæн ахуыргæнæг æрбакæнын кодта, бирæ дзырдуæттæ йæм ис.
– Æмæ йын исты æнтысы?
– Тынг бирæ.
– Æз уын уæ куыстмæ мæ хъус дарын, лæмбынæг кæсын алы æрфарсты суагъæ дæр, – гыццыл æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ дарддæр йæ ныхас кодта Браун. – Алцы дæр раст кæнут. Фæлæ уæддæр нæ сæйрагдæр фарстæн дзуапп нæма ис. Зæгъæм, Токаев Ныгуылæнмæ алыгъдис йæ идейæты тыххæй. Æмæ афтæ куы уаид, уæд уый размæ хъуамæ ахæм цыдæр æрцыдаид, йæ зондахаст ын чи фендæрхуызон кодтаид. Уæд та, Джордж, бафæлварис уыдæттыл йемæ æнæ фысгæйæ аныхас кæныныл? Уырыссæгтæ куыд дзурынц, афтæ – зæрдæйæ зæр- дæмæ. Чи зоны, истытæ ма сбæрæг уа.
– Хорз, сэр.
XVII
– Абон, Григори, нæ ныхæстæ фысгæ нæ кæндзыстæм, микрофонтæ иууылдæр хицæнгонд сты. Æнæуи аныхас кæндзыстæм. Разы дæ?
– Хорз, аныхас кæнæм, Джордж. Англисагау дзурдзыстæм?
– Нæ, уырыссагау. Англисагау нырма афтæ хорз нæ арæхсыс. Мæн та фæнды бæстон бамбарын, цы дзурдзынæ, уый. Ды загътай, Коммунистон партимæ бацыдтæ, дыууын дыууæ азы дыл куы цыдис, уæд æмæ йын йæ идейæтыл дызæрдыг никуы кодтай?
– О, уый афтæ уыд. Дызæрдыджы хъуыды мæм цæугæ дæр никуы ‘ркодтаид.
– Æмæ дын уæдæ дæ зондахаст цы аивта?
– Æнцон зæгъæн нæу. Уыдæттæ мæ сæрмæ цыдысты сындæггай, уæззау æфсæйнæгтæ стджыты цæххытау куыд æмбырд кæнынц, афтæ. Фыццаг фæдызæрдыг дæн, кулактæ кæнын куы райдыдтой, уæд. Æз не ‘мбæрстон, алцы дæр йæхи къухæй, йæхи фыдæбонæй чи бакуыс- та, уыдонæн сæ фæллой цæмæн исынц æмæ сæ фыдгæнджытау сæ хæдзæрттæй кæдæмдæр цæмæн æрвитынц, уый. Уый фæстæ рацыдис Сталины уац, иуæй-иу рæтты æгæр кæй æфхæрынц адæмы, уый тыххæй, æмæ мæ уый цыдæр гыццыл ныфс бауагъта.
Мæ къæхты бынæй мæ ныууыгъта хæсты райдайæн. Уый та куыд? Мах зарыдыстæм: «Броня крепка и танки наши быстры», немыц та Мæскуыйы бын балæууыдысты. Æцæгдзинадæй афтæ нæ рауадис, æмæ «хæстмæ цæттæ стæм» ныхæстыл нал æууæндыдтæн.
Мах æдзух дзырдтам нæ дзыллæты хæлардзинадыл, фæлæ æнæхъæн адæмты ахастой Кавказæй Казахстанмæ. Батардтой сæ фосласæн вагæтты æмæ фосы ласт акодтой цæцæны, мæхъхъæлы, балхъайрæгты. Æнæхъæн бинонтæй – зæрондæй, сылгоймагæй, сывæллонæй. Немыцы фарс уыдыстут, зæгъгæ сæ аххосджын кодтой. Фæлæ сылгоймæгтæн æмæ сывæллæттæн сæ бон никæй фарс уыд хæцын.
– Депортацийы тыххæй куыд базыдтай? Уый цыппор цыппæрæм азы уыдис, ды уæдмæ рагæй цардтæ Мæскуыйы.
– Базыдтон. Зонгæтæ цыдысты, дзырдтой. Се ‘ппæтæн сæ дзыхтæ нæ сæхгæндзынæ.
– Æмæ ирæттæм, куыд зонын, афтæмæй куынæ бавнæлдтой?
– Дæ сыхаджы хæдзарыл бæллæх куы ‘рцæуа, уæд уый дæумæ дæр хауы. Мах афтæ хъуыды кæнæм.
– Ды цытæ дзурыс, уыдæттæ Советон Цæдисы иууылдæр зыдтой. Æрмæст дæуæн цæмæн аивтой дæ хъуыдытæ?
– Рæдийыс, æрмæст æз нæ уыдтæн. Хæст бирæты ныхъхъуыды кæнын кодта. Зоныс, цы фыстæджытæ æрвыстой нæ хæстонтæ хæдзармæ, сæхицæй-иу сын сæ зын царды хабæрттæ куы кодтой, уæд? «Гыццыл ма бафæразут, мах тагъд рæстæджы сыздæхдзыстæм æмæ алцы дæр бабæстон кæндзыстæм. Мах сæ сахуыр кæндзыстæм Фыдыбæстæ уарзын». Æмæ цы? Сыздæхтысты æмæ, раздæр куыд уыдис, алцы дæр афтæмæй баззад. Алчи дæр æй йæхимидæг æмбары, цыдæр раст кæй нæу, уый, фæлæ йæхицæн тæрсы, мæнæн мæ бон цы у, мæнмæ ницы бартæ ис, зæгъгæ. Афтæ кæй хъуыды кæнынц, уый у æнæхъæн Уæрæсейы бæллæх. Бæллæх æмæ аххос. Профессор Танк загъта, немыцы удысконды æппæты фыддæр миниуæг, дам, у сæ закъонæн коммæгæсдзинад. Уый, дам, аразы адæмæй фос, цагъартæ. Афтæ зæгъæн ис уырыссæгтæй дæр.
– Ды ирон дæ, фæлæ дæхи нымайыс уырыссагыл?
– О, уырыссаг дæн. Мæ зондахастмæ гæсгæ, мæ царды арæзтмæ гæсгæ, мæ цагъайраг психологимæ гæсгæ – уый мæ туджы фæци.
– Бынтон фидарæй дзы ис? Цагъайраджы удысконд кæмæн вæййы, уыцы адæймаг, ды цы хъуыддаг бакодтай, уый нæ бакæндзæн. Æз Ныгуылæнмæ алидзыны кой кæнын.
– Алы адæймаджы царды дæр æрлæууы ахæм рæстæг, исты фæндмæ йæ кæронмæ æрцæуын куы бахъæуы. Цæмæй йæхиуыл æлгъ кæнын ма райдайа. Æз дæр ахæм фæндмæ æрцыдтæн: ног хæст цæттæ кæныныл не сразы дæн.
– Ды загътай, Григори, зæгъгæ дæм æнæразыдзинад æмбырд кодта стджыты цæхх æмбырдгæнæгау. Уыцы хъуыддаг дæргъвæтин вæййы, хатгай æнæхъæн царды дæргъæн. Цæмæй йæ бынатæй базмæла, уый тыххæй хъуамæ æрцæуа, фæстæмæ йæ æрлæууын кæнын йæ бон кæмæн мауал суа, ахæм хабар. Дæ царды ахæм хабар æрцыдис?
– О, æрцыдис.
– Цы ‘рцыд?
– Сталинмæ уынаффæйы æрбадт 1947 азы апрелы…
XVIII
1947 азы 14 апрелы æхсæвы дыккæгæм сахатыл, дæлбулкъон Токайы-фырт цы коттеджы цард, уым айхъуыст телефоны дзæнгæрæг. Дзырдта Карлхорсты СВАГ-ы управленийы радгæс афицер. Телефон систа Азæ, Токайы-фырты бинойнаг. Телефон Токайы-фыртмæ раттыны курдиатæн Азæ фидарæй загъта:
– Нæу мæ бон. Æнафонмæ фæкуыста, нырма ныр бафынæй. Нæ йæ райхъал кæндзынæн, райсомæй-иу æрбадзур.
Сахаты ‘рдæджы фæстæ та ногæй телефоны зæлланг райхъуыст. Ныр дзырдта инæлар-лейтенант Куцевалов, Германийы Советон æфсæддон администрацийы Хæстон-Уæлдæфон хайады разамонæг, уый хæддæлбар уыд Токайы-фырты къорд дæр. Куцевалов бардзырд радта, цæмæй дæлбулкъон Токайы-фырт æвæстиатæй фæзына Карлхорстмæ инæлар-лейтенант Куцеваловы кабинетмæ.
Фæндагыл Григори архайдта, ацы æхсæвыгон фæдзырд цы уа, уый бамбарыныл. Мæскуыйы разамынд иууылдæр æхсæвыгæтты куыстой, сæ хæдзæрттæм-иу ацыдысты, Сталин-иу Кремлæй куы ацыд, уæд. Карлхорсты дæр куыстой æхсæвыгæтты, кæд дзы фылдæрхатт уый сæр ницæмæн хъуыд, уæддæр. Куцеваловы фæсидт нысан кодтаид, цыдæр ахсджиаг хъуыддаг кæй æрцыд, уый кæнæ та æппындæр ницы: афтæ æнæуи инæлар-лейтенантмæ цавæрдæр фарст сæвзæрд.
Куцеваловимæ дæлбулкъон Токайы-фырты ахастытæ хуымæтæг нæ уыдысты. Григори зыдта: Куцевалов уыд хæстон тæхæг, хæцыд хъæбатырæй. Халхин-Голы бынмæ хæсты тыххæй йын радтой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, йæ раздæры æмслужбæгæнджытæ йын кодтой æрмæстдæр тынг хорз аргъ. Фæлæ, карьерæйы асинтыл куыд уæлдæр хызт, афтæ йæ характер æвзæрæй-æвзæрдæр кодта, смæстыгæр, искæй хъуыды йæм нымады дæр нæ уыд. Токайы-фырты къорд цы мигæнæг у, уымæ Куцевалов æппындæр йæ хъус нæ дардта, фæлæ нымадта, зæгъгæ, Токайы-фыртæн æгæр либералон ахаст ис немыцаг специалисттæм, хъæуы сæ æнæ иу сныхасæй ахсын æмæ æрвитын Советон Цæдисмæ. Токайы-фырт ын-иу куы загъта, афтæмæй, ныллæг квалификаци кæмæ ис, ахæм кусджытæ бабирæ уыдзысты, стыр ахуыргæндтæ та нын аирвæздзысты, зæгъгæ, уæд-иу ыл йæ къух мæсты уыгъд акодта. Авиаконструктор Курт Танчы фæцыдæры фæстæ та бынтон фехæлдысты сæ ахастытæ. Дæлбулкъон Токайы-фыртæн Куцевалов йæ куысты ницы æххуыс уыд, фæлæ йæ хъыгдаргæ дæр нæ кодта, зыдта, СВАГ-ы разамонджытæ Токайы-фыртæн, куыд ахуыргонд-ракетчикæн, стыр аргъ кæй кæнынц.
Карлхорсты Григори Куцеваловы кабинеты баййæфта инæлар-лейтенант Дратвины, уый æрæджы нысангонд æрцыд СВАГ-ы Сæйраг командыгæнæг маршал Соколовскийы хæдивæгæй, кабинеты ма уыд СВАГ-ы политуправленийы хицау инæлар-майор Андреев. Се ‘ппæтæн дæр сæ цæсгæмттæ уыдысты сагъæсхуыз.
– Исты хабар æрцыдис, æмбал инæлар-лейтенант? – бафарста Токайы-фырт Куцеваловы.
– Æрцыдис, – йæ бæсты йын дзуапп радта Дратвин. – Маршал Соколовскимæ фæдзырдта Хотыхджын Тыхты министр Булганин. Бардзырд радта, цæмæй æвæстиатæй Мæскуымæ рарвита инæлар Куцеваловы æмæ дæу. Кремлы цавæрдæр уынаффæйы æрбадт уыдзæн ракетæты тыххæй.
– Уынаффæйы æрбадт Кремлы – уый стыр хъуыддаг у, – сдзырдта Григори. – Рæстæг хъæуы бацæттæ кæнынæн.
– Нæй рæстæг, – йæ ныхас ын цæхгæр фæлыг кодта Дратвин. – Райсом сæумæраджы тæхут Мæскуымæ. Иннæбон изæры дæс сахатыл хъуамæ уат Кремлы.
Дыккаг бон изæрæй уыдысты Ходынскы быдыры. Цы машинæ сæм æрæрвыстой, ууыл Куцевалов йе ‘мбæлццоны йæ хæдзармæ бахæццæ кодта, йæхæдæг та ацыд хихъахъхъæнынады министрады уазæгуатмæ, уым ын рагацау бынат бацахстой.
Æнæнхъæлæджы йæ хæдзармæ кæй бахауд, уымæй Григори цыдæр æнахуыр æнкъарæнтæ æвзæрста. Берлинмæ ацæуыны размæ Азæ бафснайдта, алцы дæр æвæрд уыд йæ бынаты, фæлæ цыма цыдæр æцæгæлон уыдысты, бынтон æндæр кæйдæр уыдысты, афтæ йæм каст. Æнæнысан рацу-бацу акодта агъуысты, абадт, кæддæр чингуытæй æмæ алыхуызон гæххæттытæй дзаг чи уыд, уыцы фыссæн афтид стъолы уæлхъус æмæ ацыд фынæй кæнынмæ. Бафынæй кæнын хъуыд, зыдта: райсомы бон се ‘нцонтæй нæ уыдзæн.
Григори æнхъæлдта, Куцевалов йæ фæндаг ууыл ракæндзæн æмæ Кремльмæ иумæ ацæудзысты. Фæлæ йын уый бæсты изæры аст сахатыл йæ дуар бахоста бынтон æвзонг чызг НКВД-йы сержанты формæйы æмæ йын фехъусын кодта:
– Æмбал дæлбулкъон, машинæ цæттæ у. Абон уыдзæн дæумæ фидаргонд…
Мæскуыйы уыцы аз скодта хъуынтъыз апрель, уарыд уымæл мит æмæ ныхæст, дæлбулкъон Токайы-фыртмæ цы сау «опель-капитан» æрбарвыстой, уый раззаг авгыл. Уайтагъд æрталынг, уынгты цæуджытæ стæм уыд, тротуартыл дæр змæлæг нæ зынд. «Опель»-æн йæ цæлхыты сыф-сыф Сырх фæзы астæрдыл ссыд, стæй æрлæууыд Спасскы мæсыджы раз. Мидæмæ бацæуыны барлæвæрды гæххæтт дæлбулкъон Токайы-фыртæн цæттæ уыд. Хъахъхъæнæг бæстон фæкаст чызг æмæ йæ фæндаггоны документтæм, стæй шлагбаум систа. Æвзонг чызг Кремлы талынг бацæуæнтыл сæрæн тард кодта машинæ, æмæ бахæццæ сты Сенаты бæстыхаймæ. Ам, Мæскуы Петрограды бæсты сæйраг горæт куы ссис, уæдæй фæстæмæ куыста советон хицауад. Бæстыхаймæ бацæуæны цур сæ хуылыдз фæрстæ æрттывтой иу-фынддæс сау лимузинæн. «Опель» дæр йæхицæн бынат ссардта фæрсæрдыгæй.
– Ам дæм æнхъæлмæ кæсдзынæн, цас бахъæуа, уыйбæрц. Цу, æмбал дæлбулкъон.
Сенаты бацæуæн уыд тынг рухс. Дыууæ афицеры НКВД-йы формæйы лæмбынæг фæкастысты Григорийы документтæм, йæ бар- лæвæрды гæххæтмæ, стæй йæ мидæмæ бауагътой. Бинаг уæладзыджы гардеробы ныууагъта йæ цинел æмæ схызт уæрæх дзæнхъа асинтыл. Асинты кæрон та йын ногæй йæ документтæм æркастысты, стæй йæ НКВД-йы афицертæй иу акодта, хицауады уынаффæдоны алыварс цæфхадæвæрд къæлидорыл. Кабинетты дуæрттыл уыд фыстытæ: «ССРЦ Министрты Советы Сæрдары Хæдивæг Л.П.Берия», «ССРЦ Министрты Советы Сæрдары Хæдивæг Г.М.Маленков», «ССРЦ Министрты Советы Сæрдары Хæдивæг М.А.Вознесенский».
Вознесенскийы кабинеты цур афицер сдзырдта:
– Дæу ардæм цæуын хъæуы.
Йæ къух йæ къæмисæныл авæрдта æмæ ацыд.
Вознесенскийы секретарь-булкъон Токайы-фыртмæ æнæразыхуыз каст бакодта æмæ йæ бафарста:
– Кæм тезгъо кодтай? Уынаффæйы æрбадт райдыдта.
– Мæнмæ дæс сахатмæ фæдзырдтой, – йæ зæрдыл ын æрлæууын кодта Григори. – Ныр та дæсæм æрдæг у.
– Раздæр райдыдтой, дæу бафæдзæхсын нын нал бантыст. Абад, æз сын фехъусын кæнон.
Йæ ныхас нæма фæцис, афтæ Вознесенскийы кабинетæй рахызт Вершинин, ССРЦ Хæстон-Уæлдæфон Тыхты командыгæнæг, Хихъахъхъæнынады министры хæдивæг. Григори йæ хорз зыдта хæсты размæйæ: Вершинин уыд тæхæг хайы дæсныйад бæрзонддæргæнæн Сæйраг авиацион курсыты хицауы хæдивæг æмæ-иу Жуковскийы номыл академимæ дæр арæх фæзынд.
– Цæй къодах у уæ Куцевалов! Куы байхъуыстаис, цытæ лæхурдта, уымæ. Ног сиддонты политинформацийы цыма ис, уыйау! – мæстæлгъæдæй бакодта уый. – Хорз æмæ ды æрбацыдтæ, Токаев. Бацу, æнхъæлмæ дæм кæсынц.
Кабинеты, даргъ стъолы цур бадтысты Политбюройы уæнгтæ иууылдæр: Вознесенский æмæ Маленков, авиацион промышленносты министр Хруничев, «Як»-ты сæйраг конструктор инæлар-булкъон Яковлев, «Миг»-ты сæйраг конструктор Артем Микоян æмæ инæлар Куцевалов. Куцеваловы цæсгом уыд тарсырх, хидæйдзаг. Зындис ыл, кабинеты цы ныхас цæуы, уый се ‘нцонтæй кæй нæу.
– Сбад, Токаев, – загъта йын Маленков. – Ныфс мæ ис, ды нын нæ фæрстытæн дæ хицауæй хуыздæр дзуаппытæ ратдзынæ.
– Куыд мæ бон бауа, афтæ, бацæттæ кæнынæн мын рæстæг нæ уыд.
– Дæхи ма ныммæгуыр кæн, бауыдзæн дæ бон, – йæ ныхас ын фескъуыдта Вершинин. – Райдай, Георги Максимилианович.
Маленков дзурын райдыдта:
– Махмæ ис информаци, зæгъгæ, «Фау-2»-йы конструктор Вернер фон Браун ныхас кодта инæлар-булкъон Серовимæ æмæ цæттæ уыд Советон Цæдисæн балæггад кæнынмæ, фæлæ йын йæ фæндыл не сразы сты. Афтæ уыд?
– Нæ уыд. Уый дезинформаци у. Фон Браун уыд СС-ы штурмбанфюрер æмæ нацистон партийы активон уæнг. Барвæндæй йæхи радта америкæгтæм æмæ ныртæккæ ис АИШ-ы. Зын бауырнæн у, махимæ æмгуыстыл разы кæй уыдаид, уый.
– Профессор Курт Танк, – дарддæр дзырдта Маленков. – Мах зонæм, ды йемæ фембæлдтæ Берлины, æмæ Курт Танк уый фæстæ фæцыдæр. Куыд бамбарын кæнис уыцы хабар?
– О, æз фембæлдтæн йемæ. Ацархайдтон, цæмæй Советон Цæдисмæ кусынмæ ацæуыныл сразы уа. Ныфс ын бавæрдтон, алы фадат дæр ын кæй уыдзæн кусынæн, уымæй. Уый мын загъта, зæгъгæ, дам, бафæлладтæн хæстæй, æмæ йæ æрмæст фæнды, цæмæй йæ ферох кæной. Фæлæ мын зæрдæ бавæрдта ахъуыды кæнынæй.
– Æмæ Аргентинæмæ алыгъд?
– Æз нæ зонын, кæдæм алыгъд, уый.
Ныхас йæхимæ айста Вознесенский:
– Æмбал Сталины хъуыдыйыл бафтыдта конструктор Зенгеры проект. Ды исты зоныс уыцы проекты тыххæй?
– Цыдæртæ дзы зонын.
– Зенгер ныртæккæ Францы ис, мах æй зынтæй ссардзыстæм. Куыд дæм кæсы, æнæ йæхи йын йæ проектæй исты пайда скæнын бауыдзæн нæ бон?
– Нæ зонын, цы зæгъон. Уый тынг зын сæххæстгæнæн хæс у.
– Инæлар Куцевалов та афтæ нымайы, мах ахуыргæндтæн сæ бон алцы дæр у. Зæгъгæ, иууылдæр æмхуызонæй нæ тыхтæ бамбырд кæн- дзыстæм æмæ йæ скæндзыстæм.
– Инæлар Куцевалов æфсæддон у, ахуыргонд нæу, – не сразы Григори. – Ахæм зын хъуыддаг адæмы бæрцæй аразгæ нæу. Мин ахуыргонды дæр сæмбырд кæн, фæлæ се ‘хсæн стыр курдиаты хицæуттæ куынæ уа, уæд дзы ницы рауайдзæн. Ам сты конструктортæ Яковлев æмæ Микоян. Уыдон, æз раст кæй дæн, уый бафидар кæндзысты.
Яковлев æнæдзургæйæ йæ сæр разыйы тылд бакодта, Микоян та загъта:
– Уый афтæ у.
Маленков ныхас фæстæмæ хъуыддаджы фæдмæ раздæхта:
– Нысан æвæрд æрцыд нæ размæ, æмæ мах хъуамæ ссарæм йæ сæххæст кæныны мадзал. Фыццаг: Германийы саразын хъæуы эксперименталон бюро, куыстыл дзы бафтауын, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр немыцаг специалистты. Ды уый тыххæй куыд хъуыды кæныс, æмбал Токаев?
– Нæ цæдисонты зæрдæмæ нæ фæцæудзæн.
– Мах, нæ цæдисонты зæрдæмæ цы фæцæудзæн æмæ цы нæ фæцæудзæн, уый мæт нæй. Æз фæрсын, куыстхъом уыдзæн ахæм бюро?
– Зын зæгъæн у. Немыцаг специалисттæй Германийы чи баззад, уыдон тынг зын уавæрты цæрынц æмæ сразы уыдзысты махимæ кусыныл. Фæлæ мæм сæ квалификаци гуырысхойаг кæсы. Хуыздæр ахуыргæндтæн сæ иу хай аластой Америкæмæ, иннæтæ кусынц махмæ Туполевмæ Городомлы.
– Дыккаг хъуыды та ахæм у, – дарддæр дзырдта Маленков. – Наукон-иртасæн центр ам саразæм æви темæ Туполевы пъланмæ бахæссæм. Уыдон уæддæр ракетæтыл кусынц. Куыд хъуыды кæныс?
– Мæнмæ гæсгæ, хъуыддаг лыг кæнынмæ æндæр хуызы бацæуын хъæуы. Искæй размæ бæлвырд хæс æвæрыны размæ уал бамбарын хъæуы, Зенгеры проектæн нæ наукæ æмæ технологиты ныртæккæйы уавæрты сæххæстгæнæн ис æви нæ, уый. Мæнмæ гæсгæ, сæмбырд кæнын хъæуы нæхи æмæ немыцы хуыздæр ахуыргæндты иумæ æмæ уыдоны размæ сæвæрын ацы фарст. Кæд «о» зæгъой, уæд æрæвналæн уыдзæн хъуыддагмæ.
– Æмæ уæдæ уæд цы уынаффæ хæссæм? – бафарста Маленков.
– Уынаффæ мах нæ хæсдзыстæм, – дзуапп ын радта Вознесенский.
Ууыл уал уынаффæгæнæн æрбадт фескъуыд. Маленков æмæ Вознесенский ацыдысты Сталинмæ, кабинеты чи баззад, уыдонæн дæр сæ уавæр фенцондæр, æмæ сæхи хъуыддæгтыл дзурын райдыдтой. Инæлар Куцевалов Григоримæ хæстæгдæр бабадт.
– Дипломат дæ, Токаев, стыр дипломат, – райдыдта уый. – Серовы сраст кодтай, мæн та цъысымы баппæрстай. Фæлæ дæм маст нæ хæссын.
Маленков æмæ Вознесенский æрбаздæхтысты.
– Райсом нæ ныхас адарддæр кæндзыстæм æмбал Сталины раз, – фехъусын кодта Вознесенский. – Бузныг, иууылдæр сæрибар стут. Токаев, райсом дæ хæдзарæй макуыдæм ацу, цы сахат дæм фæдзурдзысты, уый бæрæг нæу.
Сенаты фæзæй кæрæдзийы фæстæ цыдысты уæззау сау лимузинтæ. Григори ссардта йæ «опель». Машинæ тæрæг чызг адджын фынæй кодта, йæхи бадæныл фæстæмæ ауадзгæйæ.
– Ацу уæхимæ, æмбал сержант, – загъта Григори чызгæн. – Æз фистæгæй ацæудзынæн, дард цæуын мæ нæ хъæуы. Стæй Мæскуы дæр фенон, рагæй нæ уыдтæн ам.
– Нæ, нæ, бафхæрдзысты мæ, – фæтарст чызг.
– Нæ дæ бафхæрдзысты. Зæгъ-иу сын: дæлбулкъон мын бардзырд радта. Ды та хъуамæ, дæхицæй хистæр цины чи у, уыдоны бардзырдтæ æххæст кæнай.
Уыд æхсæвы æртæ сахаты. Мит йæ уарынæй банцад. Астæрд æрттывдтытæ калдта цырæгъты рухсмæ. Бынтон афтид уынгты хæдзæрттæй æрмæст искуы-иуты рудзгуытæй калдис рухс, æмæ уымæй горæт ноджы хъуынтъыздæрæй зындис.
Григори хæдзармæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ ауыдта иу-сæдæйæ фылдæр адæмы дæргъæй-дæргъмæ тар хал. Йæ райдайæн уыд «Дзулдæттæн»-ы раз, йæ кæрон та хæдзæртты аууонæй нæ зынд. Рады лæуджытæн сæ фылдæр уыдысты, сæхи бæзджын кæлмæрзæнты чи стыхта, ахæм ас сылгоймæгтæ, фæлæ дзы уыд зæронд лæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр.
– Цæмæ лæууæм? – афарста Григори, йæ уæлæ хъусджын худ æмæ бæмбæджджын кæмæн уыд, ахæм гыццыл лæппуйы.
– Дзулмæ, – дзуапп радта лæппу, йæ фындз сфуртт кæнгæйæ.
– Кæд æрбаласдзысты?
– Ласгæ йæ авдыл æрбакæндзысты, фæлæ йæ дæттын астыл райдайдзысты.
– Æмæ уæдæ астмæ ам лæудзынæ?
– Нæ, тагъд мæ хо æрбацæудзæн æмæ мæ баивдзæн. Уый стыр у, дыууадæс азы йыл цæуы.
– Дæуыл та?
– Аст æмæ æрдæг.
– Нæ тæрсыс, исчи йæхи уæ разæй куы фæкæна, уымæй?
– Нæ, ам иууылдæр номыртæм гæсгæ исынц.
Лæппу йæ армытъæпæн февдыста. Фыст ыл уыд химион кърандасæй «126».
Уыцы æхсæв Григори кæдмæдæрты нæ бафынæй. Йæ цæстыты раз лæууыд сывæллон-лæппуйы армытъæпæн «126» нысанимæ.
XIX
17 апрелы райсомæй йæ агъуысты райхъуыст телефоны цъæхснаг зæлланг. Уый уыд æнахуыр зæлланг – скъуыйгæ æмæ домаг. Афтæ вæййы, æндæр горæтæй куы фæдзурынц, уæд. Фæлæ уый æндæр горæтæй нæ дзырдтой, дзырдтой Кремлы коммутаторæй. Оператор фехъусын кодта, цæмæй дæлбулкъон Токайы-фырт телефонæй дард ма ацæуа, стæй дзургæ дæр макæимæ кæна, йæ телефон иугонд у сæрмагонд бастдзинадмæ, æмæ йæм цы уысм бадзурдзысты, уый бæрæг нæу. Æнæхъæн бон Григори фæрацу-бацу кодта агъуысты, телефоны сау аппаратмæ раст фехсынмæ цæттæ гранатмæ кæсæгау бакæсбакæсгæнгæ. Æрмæст изæрырдæм раудæгас ис телефон.
– Серов дæн.
– Цавæр Серов? – нæ бамбæрста Григори.
– Ахæм! Нæ мæ базыдтай?
– Бахатыр кæн, æмбал инæлар-булкъон. Хъусын дæм.
– Машинæ дæм арвыстой. Бады дзы капитан Никитин Кремлы комендатурæйæ. Цы дын зæгъа, уый кæн.
Цалдæр минуты фæстæ дуар æрбахостой. Капитан Никитин хъавгæ йæ цæст ахаста агъуыстыл æмæ Григоримæ сдзырдта:
– Дæлбулкъон Токаев?
– О, уый æз дæн.
– Дæ хæцæнгарз ратт.
– Ахст дæн?
– Æмæ уымæн æфсон ис?
– Нæ зонын, сымах æй хуыздæр зонут.
– Ахст нæ дæ. Нырма уал нæ дæ. Хæцæнгарзимæ æмбал Сталинмæ нæй цæуæн. Никæмæн, суанг маршалтæн дæр.
Æмæ, Григорийы ТТ йæ пъартфелы сæвæргæйæ, афарста:
– Цæттæ дæ? Уæд цом.
Рацæуæны раз лæууыд сау «Зис». Искуы-иу фистæгæйцæуджытæ йæм цыдæр тарстхуыз цымыдисимæ кастысты. Шофыр сиренæ скусын кодта, æмæ машинæ мæскуыйаг уынгты фæцагайдта, стæй фæстагмæ æрлæууыд Боровицкы кулдуары цур. Машинæ дæр æмæ капитан Никитины дæр хъахъхъæнджытæ хорз зыдтой, фæлæ сын уæддæр сæ документтæм лæмбынæг фæкастысты. Иннæ ран, Сенатмæ фæрс- æрдыгæй бацæуæны дæр афтæ. Фойейы лæууæг кæстæр лейтенант Григорийы цинел райста, капитан Никитинæн та – йæ цинел æмæ йæ пъартфел. Сырх гауызæй æмбæрзт асинтыл (цæмæй къахы уынæр ма хъуыса) суайгæйæ, фестадысты даргъ нарæг къæлидоры. Алы дæс метрæй дæс метрмæ дæр дурæй кондау цæсгæмттимæ лæууыдысты НКВД-йы афицертæ. Фыст цы дуарыл нæ уыд, уый цур та лæууыдысты дыууæйæ. Ногæй та – æппæт документты бæстон сгæрст. Æрмæст уый фæстæ афицертæ дуарæй иуварс алæууыдысты, кабинетмæ бацæуæн суæгъд кодтой.
Уый уыдис Сталины кабинетмæ бацæуæн. Фыссæн стъолы цур ныггуыбыр Сталинæн йæхи сæрмагонд секретарь, инæлар-майор Поскребышев, ныллæггомау лæг даст сæр æмæ æгъуыз цъæхбын цæсгомимæ. Кабинетмæ бацæуæны рацу-бацу кодта инæлар-булкъон Серов. Уыд булкъдаст, калд дзы йæ портупейы цармы æмæ «Шипр»-ы тæф, дзæбæх ыл бадт йæ мундир.
– Æмбал инæлар-майор, дæлбулкъон Токаев ам ис, – фехъусын кодта капитан Никитин Поскребышевæн, кæд, субординацимæ гæсгæ, хъуамæ фыццаг Серовæн загътаид, уæддæр. Фæлæ ам, Кремлæн, йæхи æгъдæуттæ уыд.
– Сæрибар дæ, капитан, – дзуапп ын радта Поскребышев æмæ æдзынæг ныккаст Григоримæ. – Токаев, мыййаг, нуазгæ нæ бакодтай?
– Нæ, æмбал инæлар-майор.
– Æмæ дын уæдæ ахæм æнæнцой хуыз цæмæн ис?
– Тыхсын.
– Хорз, бамбæрстон. Фæлæуу, Иван Александрович, – дзуры Серовмæ, – ныртæккæ фехъусын кæндзынæн.
Цыбыр рæстæгмæ кабинеты фæмидæг.
– Бацæут, – Григорийы дысыл фæхæцыд. – Бирæ-иу ма дзур, афтæ нæ уарзы. Æрмæст хъуыддагыл.
Сталин бадтис фыссæн стъолы цур æрдæгталынг кабинеты рахиз- æрдыгæй дард къуымы. Йæ галиу фарс лæгъзгонд тулдзын стъолы уæлхъус бадтысты Политбюройы уæнгтæ Маленков, Берия, Вознесенский, Микоян, Ворошилов, Жданов æмæ Молотов. Паддзахады разамынды фыццагдæрты уыйбæрцæй иумæ Григори федта æрмæст Мавзолейы трибунæйы хæсты размæйы майы демонстрацийы рæстæг.
– Æмбал Сталин, инæлар-булкъон Серов æмæ дæлбулкъон Токаев дæ бардзырдмæ гæсгæ фæзындысты, – фехъусын кодта Серов.
– Æрбахизут, æмбæлттæ, æрбадут, – зæрдæхæларæй сын загъта Сталин. Стъолы цурæй сыстад æмæ хæстæг бацыд Григоримæ. Дæлбулкъонæй уыд зынгæ ныллæгдæр, Григори йын дзæбæх уыдта йæ «дзуарæй» баззайæг хæбуздзыхъхъ фæдтимæ цæсгом, тамакойы фæздæг кæуыл фæзынд, уыцы рихитæ æмæ, чи фæтæнæгдæр, уыцы халас сæрыхъуынтæ.
– Ирон дæ?
– Раст афтæ, æмбал Сталин.
– Иронау ма зоныс, Токайы-фырт? – бафарста йæ Сталин иронау хуссайраг здæхтимæ.
Григори фæкуыддæр æмæ йын уырыссагау дзуапп авæрдта:
– Æмбарын, æмбал Сталин.
– Уый хорз, мадæлон æвзаг рох кæнын нæ хъæуы.
Сталин æнæуынæр къахдзæфтæй фæстæмæ стъолы цурмæ баздæхт.
– Мах абон сæмбырд стæм, цæмæй нæ бæстæйы хихъахъхъæныны хъуыддаджы тынг ахсджиаг фарстыл æрдзурæм. Æз ракетæты кой кæнын. Дæлбулкъон Токаев нымад у уыцы хъуыддаджы дæсны специалистыл. Ракурæм, цæмæй нын нæ иумæйаг уавæр сныв кæна. Цы бафтыд немыцы къухы æмæ сæ цас аззадыстæм фæсте. Хъусæм дæм.
Григори æвиппайды йæ чемы абадт, уыцы фарстмæ цæттæ уыд. Дæс минутмæ йæ ныхас фæцис. Сталин æмæ йæм иннæтæ иууылдæр хъуыстой зæрдиагæй. Йæ ныхасы кæрон уыд ахæм:
– Махмæ æнтыстытæ ис ракетон артиллерийы, «Катюшæтæ» стыр бынат бацахстой уæлахизы хъуыддаджы, фæлæ дардмæ æхсæг ракетæты немыцæй дзæвгар, иу-дæс азы, фæстæдæр аззадыстæм.
Сталин йæ къухты зылдта æрдæгсыгъд æддагцъарджын брошюрæ. Григори бæлвырд зыдта, уый, Пенемюнды кæлæддзæгты нæ специалисттæ цы брошюрæ ссардтой гриф «Streng Geheim»-имæ, уый у. Уым ныхас цыд Зенгеры проектыл. Æмæ нæ фæрæдыд.
– Ды исты зоныс немыцаг конструктор Зенгеры проекты тыххæй? – бафарста йæ Сталин.
– Зонын, æмбал Сталин.
– Цæй проект у? Радзур æй хуымæтæг æвзагæй, æнæ наукон здыхтытæй.
– Уый у бынтон фантастикон проект. Зенгер ыл кусын райдыдта 1933 азы. Схуыдта йæ «Зильберфогель» – «Æвзист цъиу». Уæд проект æрæхгæдтой, Зенгер æм фæстæмæ раздæхт æрмæст 1944 азы. Нæ хъуыддаг ацыд, уæд Германийæн проект кæронмæ сæххæст кæнынæн рæстæг æмæ мадзæлттæ кæй нæ уыд, уымæй.
– Мæнæн мæ фырт кодта уыцы проекты кой. Уымæн та йæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй ды дзырдтай. Зенгеры хæдтæхæг фантастикон цæмæн схуыдтай?
– Уый хæдтæхæг нæу, æмбал Сталин.
– Уæдæ цы у? Ракетæ?
– Ракетæ дæр нæу. Растдæр æй уыдзæн ракетоплан схонын. Уымæн йæ бон у стратосферæйы æртæсæдæ километры бæрзæндмæ стæхын, йæ тæхæн дæрддзæг та ссæдз мин километры.
– Немыцы ахæм дæрддзæг цæмæн бахъуыд?
– Ссæдз мин километры – уый теоретикон æгъдауæй. Практиконæй та немыцы хъуыд Нью-Йоркыл бомбæтæ æппарыны фадат.
– Махæн нæ бон у уыцы проект ахæццæ кæнын?
– Æз дзырдтон æмбæлттæн, уый тынг вазыгджын хъуыддаг у. Йæ сæххæст кæнын æрдомдзæн æнæнымæц фæрæзтæ.
– Фæрæзтыл ма тыхс, уыдоныл æмбал Вознесенский хъуыды кæнæд. Мæн фæнды базонын, гæнæн ис йæ сæххæст кæнынæн.
– Ныртæккæ уый никæй бон у зæгъын.
– Уый куыд æмбаргæ у? – бафарста Сталин. – Америкæгтæм ис атомон бомбæ. Америкаг бомбæхæссæг хæдтæхджытæн сæ бон у Германийы аэродромтæй стæхын æмæ Мæскуыйыл бомбæтæ æрæппарын. Махмæ дæр тагъд уыдзæн атомон бомбæ. Кæд, Лавренти Павлович? Нæ зæрдыл-ма нын æй æрлæууын кæн.
– Дыууæ азы фæстæ, æмбал Сталин, – дзуапп радта Берия.
– Афтæ, дыууæ азы фæстæ. Фæлæ мах йемæ цы кусдзыстæм? Нæ хæдтæхджыты бон нæу Нью-Йоркы онг тæхын.
– Америкæимæ хæцынмæ хъавæм? – йæ ныфс бахаста бафæрсынмæ Григори.
– Нæ, уый Америкæ хъавы махимæ хæцын. Мах та цæттæ не стæм уыцы хæстмæ. Уымæн æруадзæн нæй. Уымæ гæсгæ Зенгеры проект сæххæст кæнын хъæуы. Мæн уырны, советон ахуыргæндты къухы уый бафтдзæн. Махмæ Нью-Йоркмæ тæхынхъом ракетоплан куы уа, уæд нын æнцондæр дзурæн уыдзæн уыцы лыстæг базаргæнæг Трумэнимæ. Æмæ конструктор Зенгер йæхæдæг та ныр кæм ис?
– Махмæ фæхабаргондмæ гæсгæ, Францы, æмбал Сталин, – фехъусын кодта Серов.
– Мæ фырт мын дзырдта, зæгъгæ, Токаевимæ хъавыд Францмæ ацæуынмæ уыцы Зенгеры агурæг, фæлæ сын ды бар нæ радтай. Уый афтæ у, æмбал Серов?
– Афтæ, æмбал Сталин. Францаг æвзаг нæ зонынц, æмæ сæ къухы ницы бафтыдаид.
– Æмæ нын Францы, чи сын баххуыс кодтаид, ахæм агенттæ нæй?
– Ис, æмбал Сталин. Уый мæ рæдыд уыдис.
– Рæдыд бамбарын æмæ йыл басæттын хорз миниуæг у, æмбал Серов. Рæдыд нал æруадзын у ахсджиаг. Уæдæ цы уынаффæ кæнæм?
Уыцы æмбырды фæстиуджытæм гæсгæ цæттæгонд æрцыд Советон Цæдисы Министрты Советы уынаффæ:
- Саразын хицауады сæрмагонд къамис Зенгеры проектæн наукон-техникон информаци æмбырд кæнынæн æмæ специалисттæ æвзарынæн.
- Къамисы сæрдарæй снысан кæнын инæлар-булкъон Серовы, сæрдары хæдивæгæй – инженер-булкъон Токайы-фырты, къамисы уæнгтæй – академик Келдышы æмæ профессор Кошкины.
- Къамис Зенгеры проекты тыххæй кæронбæттæн хыгъдлæвæрд бацæттæ кæнæд Министрты Советмæ 1947 азы 1 августмæ.
- Маршал Соколовскийæн баргонд æрцæуæд къамисæн хъæугæ æххуыс кæнын.
Ууыл Зенгеры проектыл ныхас фæцис. Серов æмæ Токайы-фырт Сталины кабинетæй рацыдысты, Политбюройы уæнгтæ уым баззадысты. Инæлар-майор Поскребышев фæдзырдта капитан Никитинмæ æмæ йын радта Серов æмæ Токайы-фырты сæ машинæтæм бахæццæ кæныны бардзырд. Куы рацыдысты, уæд инæлар-майор, Сталинмæ чи уыд, уыдоны хыгъды журнал байгом кодта æмæ дзы ныффыста:
«17 август, 1947 аз.
12-æм. Серов, 22.10 – 22.35.
13-æм. Токаев, 22.10 – 22.35».
Æрмæст бирæ дæсгай азты фæстæ бацис историкты бон уыцы фыст бакæсын.
XX
– Дæ бон хорз, миссис Токаева. Æз дæн Джордж Хопкинс, сусæг службæйы майор. Бацæуыны бар ис?
– Куыд хъуамæ зæгъон «нæ»? Мидæмæ, майор Хопкинс. Хæринаггæнæнмæ ахиз, уазæгдоны нæ чызг йæ уроктæ кæны.
– Уæ чызг скъоламæ цæуы?
– Уроктæ йын æз дæттын.
– Хорз ахуыр кæны?
– Архайы. Æрмæст дæ уый базонын фæндыд?
– Нæ. Дæ мой Григори Токаев мын бафæдзæхста, цæмæй уæ бабæрæг кæнон, мыййаг, кæд исты хъуаг æййафут. Уæ фатерæй разы стут?
– Тынг. Æртæ агъуысты. Иуы дзы хъахъхъæнæг цæры, фæлæ нын дыууæ агъуысты дæр фаг у. Мæскуыйы иу агъуысты æртæйæ цардыстæм. Æмæ хъæстаг ницæмæй уыдыстæм.
– Исты хъуаг æййафут?
– Бузныг, ницы хъуаг стæм. Продукттæ нын æрбаласынц, мах æндæр ницы хъæуы. Тезгъо кæнæн нын ис æрмæст кæрты, кæрт та гыццыл у.
– Уый уе ‘дасдзинады тыххæй.
– Æмбарын. Григориимæ арæх æмбæлут?
– Алы бон дæр.
– Кæм æй дарут?
– Уый дын нæу мæ бон зæгъын. Фæлæ дæ бауырнæд, цы уавæрты цæры, уыдон æвзæр не сты. Сымах уавæртæй хуыздæр. Фæсгорæты сабыр цард.
– Куыд у?
– Æнæниз у, ницæмæй хъаст кæны. Тынг зæрдиагæй ахуыр кæны англисаг æвзаг. Стыр æнтыстытæ ‘фты йæ къухы.
– Æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ зæрдæргъæвд у. Немыцаг цалдæр мæймæ сахуыр кодта. Кæд æй суæгъд кæндзыстут?
– Рæстæг куы ‘рцæуа, уæд.
– Нæма ‘рцыд? Ныр æй афæдзы ‘рдæг дарут.
– Бауырнæд дæ, миссис Токаева, афтæ ‘мбæлы. Григори уый æмбары. Зыдта, цы уыдзæн, уый.
– Азæ мæ хон.
– Баныхас кодтам. Ды та мæн Джордж хон.
– Цай цымыс, Джордж? Сымахмæ ам, Англисы, диссаджы цай ис, Мæскуыйы ахæм нæй.
– Бузныг, «нæ» нæ зæгъдзынæн. Зæгъ-ма, Азæ, Григориимæ кæм базонгæ стут? Ирыстоны?
– Нæ, Мæскуыйы. Æз ахуыр кодтон химион-технологион институты, уый та Бауманы номыл училищейы фæстаг курсы уыд. Йæ хо Нинæ нæ базонгæ кодта. Мæскуыйы ирæттæ бирæ нæй, æмæ архайынц кæрæдзи зоныныл. Афæдзы æмбисы фæстæ нæ цард баиу кодтам, уымæй афæдз рацыд, афтæ та нæ чызг райгуырд.
– Нинæ ныртæккæ Мæскуыйы ис? Кæрæдзимæ фыссут?
– Смой кодта Мишæ Клыковмæ, уый уæд Бронетанкон академийы курсант уыд. Хæсты фæстæ йæ арвыстой СВАГ-мæ, цалдæр боны махмæ цард Берлины. Нинæ Мæскуыйы баззад, Мишæйæн йæ бинонты æркæнын нæ бауагътой.
– Ирыстоны уын цы хиуæттæ ис, уыдонимæ уын бастдзинад уыдис, дæууонтимæ кæнæ дæ лæджы хæстæджытимæ?
– Нæ уыдис. Хæсты размæ фыстам кæрæдзимæ, уый фæстæ нæм фыстæджытæ нал хæццæ кодтой. Ныр куыд сты, уымæн ницы зонын.
– Кæд базыдтай, Григори Ныгуылæнмæ ацæуыны фæнд скодта, уый?
– Хæдтæхæджы Лондонмæ тæхгæйæ. Суанг мын машинæйы дæр ницы загъта, Ныгуылæн Берлинмæ цæугæйæ дæр нæ зыдтон, кæдæм цæуæм, уый.
– Уый куыд, демæ æппындæр йæ пълантыл никуы дзырдта?
– Нæ. Ирон нæлгоймаг сылгоймагыл йæ проблемæтæ не ‘вæры. Махмæ афтæ гæнæн нæй.
– Æмæ дæхæдæг нæ уыдтай, цæуылдæр кæй тыхсы, уый?
– Уыдтон. Григори æнæуи дæр сæ дзурæгтæй нæу, фæлæ фæстаг рæстæг бынтондæр йæхимæ ныхъхъуыста. Куыста тынг бирæ. Æхсæвыгæтты æнафонтæм машинкæйыл мыхуыр кодта цавæрдæр уацтæ, хыгъдлæвæрдтæ. Æз æмбæрстон, барæй кодта йæхи куысты бын, цæмæй мацæуыл хъуыды кæна.
– Æмæ йæ иу хатт дæр нæ бафарстай, цæуыл сагъæс кæны, уымæй?
– Нæ бафарстон. Куы йæ фæндыдаид, уæд мын æй йæхæдæг радзырдтаид. Сæрыхицаумæ фæрстытимæ ныккомкоммæ уæвын хорз нæу. Ирон сылгоймæгтæ афтæ никуы фæкæнынц.
– Азæ, мæн дæр-ма иу ирон сылгоймагимæ базонгæ кæн. Æз æй ракурин, мæ зæрдæмæ тынг цæуынц уе ‘гъдæуттæ.
– Хъазгæ кæныс, Джордж? Лондоны дын кæм ссарон ирон сылгоймаг?
– Ды загътай, зæгъгæ, Григори фæстаг рæстæг йæхимæ ныхъхъуыс- та. Фæстаг рæстæг – уый кæд?
– Мæскуыйæ куы ‘рыздæхт, уæд. Апрелы йæм фæдзырдтой Кремльмæ Сталинмæ. Уый фæстæ Григори йæхи хуызæн нал уыд.
– Цы радзырдта уый тыххæй?
– Ницы, уый сусæг хъуыддаг уыд. Æрмæст радзырдта, Сталин æй иронау кæй бафарста, йæ мадæлон æвзаг нæ ферох кодта, зæгъгæ.
– Сталин – иронау?
– О. Ирыстоны Сталины ироныл нымайынц. Йæ мад гуырдзиаг у, йæ фыд та – ирон. Æмæ уымæй сæрыстыр сты.
– Цæмæн сты сæрыстыр?
– Куыд цæмæн? Англисы сæрыстыр не сты, Черчилль англисаг кæй у, уымæй? Алы адæмæн дæр æппæлинаг у йе ‘мзæххон стыр адæймаг. Ирæттæн дæр афтæ.
– Григори дæр Сталины стыр адæймагыл нымадта?
– Кæй зæгъын æй хъæуы. Сæрмагонд ныхас нæм нæ уыд уый тыххæй, фæлæ уый афтæ уыд. Советон Цæдисы иууылдæр афтæ хъуыды кæнынц.
– Цы ма дзырдта ноджы Григори Кремлы фембæлды тыххæй?
– Æндæр ницы. Цалдæр боны фæстæ гыццыл ануæзта, æмæ уæд феуæгъд сты йæ дзурæнтæ. Радзырдта, æхсæвы Мæскуыйы дзул æлхæнынмæ цы рад федта, уый тыххæй. Дыууæсæдæ адæймаджы бæрц. Æмæ астаздзыд лæппуйы армытъæпæныл химион кърандасæй фыст – 126. Уый йæ рады номыр уыд. Григори цалдæр хатты сфæлхат кодта: «Сæдæ дыууын æхсæз! Сæдæ дыууын æхсæз! Бамбæрстай? Сæ сывæллæттæ æхсывæгæтты дзулмæ рады лæууынц, уыдон та дæсгай милуан сомтæ сызгъæринæй хардз кæнынц хæцæнгарзыл! Фаг нæ фæхæцыдысты, гыццыл сын у!»
– Чи уыдон?
– Нæ зонын, нæ йæ загъта. Уыдон, Кремль.
– Сталин?
– Æвæццæгæн, æнæ уымæй ницавæр уынаффæ хаст цæуы.
– Бузныг, Азæ, дæ цайы тыххæй, дæ рæстæгæй дын уыйбæрц кæй бахардз кодтон, уый тыххæй та мын хатыр. Цы-иу зæгъон Григорийæн?
– Зæгъ ын, махмæ алцы дæр нывыл у. Беллæ, рауай-ма ардæм. Базонгæ ут, Джордж, нæ чызг Беллæ. Уый та майор Джордж Хопкинс. Тагъд дæ фыды фендзæн. Цы йын-иу зæгъа?
– Тынг æй мысын. Мамæ, зæгъ, нæ фæкæуы, фæлæ æз арæх фæкæуын…
XXI
Дæлбулкъон Токайы-фыртмæ Мæскуымæ Кремльмæ уынаффæмæ фæсидтысты, зæгъгæ, сусу-бусутæ уайтагъд Карлхорстыл ахæлиу сты. Григори æнкъардта, ахаст æм кæй фендæрхуызон, фылдæр аргъ кæнын ын райдыдтой, фæлæ йæм уыимæ цыма къæрцхъусдæр систы. Инæлар-лейтенант Куцевалов тынг æнæразыйæ баззад, хицауады къамисмæ йæ кæй нæ бахастой, уымæй. Кодта йæ Токайы-фырты аххос, Политбюройы уæнгтимæ уынаффæйы рæстæг ын фаг аргъ кæй не скодта, уый тыххæй. СВАГ-ы сæйраг хицау маршал Соколовский та смæсты æндæр хабарыл. Сталины къухбафыстимæ Министрты Советы уынаффæ куы райста, уæд фæдзурын кодта Токайы-фыртмæ.
– Ды зоныс, булкъон дæ кæй схуыдтой, уый?
– Нæ зонын, æз нæ федтон уынаффæ.
– Схуыдтой дæ булкъон. Æмæ мæнæн та цы кæнгæ у? Дæуæн нырма хæрз æрæджы радтой дæлбулкъон. Æмæ æвиппайды булкъоны цин раттын? Æз уый ныхмæ нæ дæн. Фæлæ-ма мын иу æфсон зæгъ, æнæрадон цин дын цæмæй радтой, уымæн. Кæм фесгуыхтæ афтæ?
– Никуы, æмбал маршал. Уынаффæйы уый рæдыдæй фыст æрцыд.
– Æмбал Сталин рæдигæ нæ кæны!
– Хицауады секретариаты фæрæдыдысты, уым фæрæдийынц.
– Æмæ сæм цы ныффыссон?
– Ныффысс сæм, дæлбулкъон Токаев, зæгъ, æнæрадон цин райсыныл не сразы. Йæхи уый аккагыл нæ нымайы. Хуыздæр та уыдзæн æппындæр ницы ныффыссын, рæдыд нæ бафиппайдтай, æмæ фæци.
Маршал Соколовский æлхынцъæрфыгæй бирæ фæлæууыд, стæй æппынфæстаг йæ сæрæй ацамыдта:
– Афтæ бакæндзынæн. Сæрибар дæ, Токаев. Ацу, службæ кæн.
Къамис хъуамæ йæ куысты фæстиуджытæн хицауадмæ хыгъд арвыстаид 1947 азы 1 августмæ, фæлæ ма дыууæ мæйы куы баззад, уæд бамбæрстой, хыгъдлæвæрд кæй нæ уыдзæн. Нæ уыдзæн дзуапп къамисы раз хицауады æвæрд сæйраг фарстæн: ис Зенгеры проект сæххæст кæнæн æви нæ.
Æмæ, ома къамис ницы куыста, уый тыххæй нæ. Куыд æмбæлы, афтæ арæх æмбырд кодтой Карлхорсты СВАГ-ы администрацийы залтæй иуы, дыууæ немыцаг стенографисткæйы суагъæты фыстой ахуыргæндты раныхæстæ, стæй сæ уырыссаг æвзагмæ тæлмац кодтой, æмæ афтæмæй мыхуыргонд цыдысты. Иу экземпляр дзы лæвæрдтой инæлар-булкъон Серовмæ. Уый къамисы сæрдар уыд, фæлæ æрбадтытæм æрмæст иу хатт фæзынд. Иу та æрвыст цыд Мæскуымæ, академийы къамисы уæнг академик Келдышмæ, авиацион промышленносты Министрады, ракетæты хъуыддагыл архайæг НИИ-йы сæйраг наукон-иртасæн институты разамонæгмæ. Фæлæ Келдыш къамисы куыстмæ йæ хъус нæ дардта, йæ институт активонæй æмгуыст кодта Королевимæ, немыцаг «Фау-2» кæм иртæстой æмæ сæхи ракетæ саразыныл кæм куыстой, уыцы центры разамонæгимæ.
Къамисы дыккаг уæнг профессор Кошкин, уæлдæфон-реактивон змæлынгæнæг хæйтты дæсны-иу Карлхорсты хатгай фæзынд, фæлæ ницавæр уынаффæйы архайдта, уымæн æмæ немыцаг æвзаг нæ зыдта.
Сæрдары хæдивæг дæлбулкъон Токайы-фырт цы къамис æрæмбырд кодта, уым уыдис, Вернер фон Брауны программæмæ бар чи дардта, фынддæс ахæм немыцаг инженеры. Æппæты цæттæдæр сæ уыд профессор Ланге, тынг хиуарзон, искæй хъуыды æппындæр чи ницæмæ дардта, ахæм адæймаг. Фæлæ Ланге æмæ иннæ немыцæгтæ дæр Брауны программæйы сæ фыццæгтæй нæ уыдысты, дыккаг, æртыккаг рольтæ сын уыд, æмæ Зенгеры проектæн аккаг аргъ скæнын нæ фæрæзтой. Гæххæттыты рагъ тынг тагъд рæзыд, фæлæ сæйраг фарсты дзуапмæ къамис раздæрау дард уыд.
Июлы æмбисы Токайы-фыртмæ фæдзырдта инæлар-булкъон Серов. Стъолыл йæ разы – къамисы суагъæтæ. Ныхъхъуынтъыз, афтæмæй сæ æнæрвæссонхуызæй рафæлдах-бафæлдах кæны.
– Адон цытæ дзурынц, Токаев? – бафарста йæ. – Исты сын æмбарыс?
– Æмбарын, – дзуапп ын радта Григори.
– Омæ сæ уæд мæнæн дæр бамбарын кæн.
– Дзурынц ракетæтыл. Цы зонынц, уый.
– Æмæ цы зонынц?
– Цыдæртæ зонынц. Фæлæ бирæ нæ.
– Мах дыууæ къуырийы фæстæ дæттын хъæуы хицауадмæ къамисы хыгъдлæвæрд. Хъуыды йæ кæныс?
– Хъуыды кæнын.
– Æмæ дзы цы уыдзæн? Афтид бæр-бæр? Уый саботаж у, Токаев! Ды кæйты сæмбырд кодтай къамисмæ?
– Чи уыд, уыдоны. Стæй хуыздæрты нæ. Кæм дын райсон хуыздæртæ? Иутæ фон Браунимæ Америчы сты, иннæтæ – махмæ Городомлы.
– Ды дæхи ма рæстытæ кæн! Лубянкæйы рæстытæ кæндзынæ дæхи! Цы ныффыссæм хыгъдлæвæрды?
– Раст цы у, уый. Зæгъ, къамис бæлвырд хатдзæгтæм не ‘рцыд, курæм, цæмæй нын нæ хыгъдлæвæрды æмгъуыд адарддæр кæной.
– Цас дарддæр?
– Нæ зонын. Иу-дыууæ мæйы бæрц.
– Æмæ дыууæ мæйы фæстæ цы уыдзæн? Ныр цы ис, уый? Нæ бæззы уыцы хъуыды.
– Уæд та ныффысс, къамис дызæрдыг кæны, Зенгеры проектæн сæххæстгæнæн кæй ис, ууыл. Ахæм хатдзæгæн нæм ис фаг æрмæг.
– Ферох дæ, æмбал Сталин цы загъта, уый? Зенгеры проект хъуамæ æххæстгонд æрцæуа. Æмæ уыдзæн æххæстгонд. Æз зонын, уый тыххæй чи хъæуы, уый.
– Чи? – афарста Григори.
– Зенгер йæхæдæг!..
Уыцы изæр Григори хæдзармæ æрбаздæхт æхсæвы фараст сахатыл. Йæ коттеджмæ фæзилæны йæ машинæ ауагъта, шофыр Норберт Винерæн бардзырд радта, цæмæй йæм райсом аст сахатмæ ‘рбацæуа. Уыдис мæйрухс, хæдзæрттæ æмæ бæлæстæ сæ аууæттæ æппæрстой. Æнæнхъæлæджы коттеджы къулрæбынæй иу тар æндæрг фæхицæн æмæ йæм комкоммæ æрбацæйцыд. Григори ТТ йæ хуымпъырæй куыд фелвæста, афтæ айхъуыста:
– Григори Александрович, хæцæнгарз нæ хъæуы, мæнæй дын ницы тас у.
Æнæзонгæ йæм æрбахæстæг. Уый уыд бæрзонд къæсхуыр, иу-æртиссæдзаздзыд нæлгоймаг тар пæлæзы æмæ, йæ кæрæттæ кæмæн æрзæбул сты, ахæм чъилджын худы.
– Чи дæ? – афарста йæ Григори.
– Мæ мыггаг Бергер. Николай Васильевич Бергер. Мæ бинонтæ, чи суырыссаг ис, уыцы немыцæй уыдысты, Уæрæсейы цардысты Петр Фыццаджы заманæй.
– Кæцæй мæ зоныс?
– Радзурдзынæн дын æй, æцæг уал хæдзармæ бацæуæм. Дæумæ цымыдисаг хъуыддаджы фæдыл æрбацыдтæн.
Григори йæ дамбаца бафснайдта æмæ йын сæрæй ацамыдта:
– Бахиз.
Азæ дуар бакодта æмæ дисгæнгæ бакаст æнæнхъæлæджы уазæгмæ.
– Хъуыддаджы фæдыл у, – бамбарын ын кодта Григори.
Уазæг бацæуæны йæ пæлæз раласта, йæ сæрæй систа йæ чъилджын худ. Дзæбæхдæр разындысты йæ боцъо, халас даргъ сæрыхъуынтæ æмæ арф æнцъылдтæй лыгтæгондау низæфхæрдхуыз фæлурс цæсгом. Григори йæ бакодта, кабинеты бæсты йын цы агъуыст уыд, уырдæм.
– Хъусын дæм.
– Æз кæддæр уыдтæн Петербурджы университеты химийы профессор, – райдыдта Бергер. – 1922 азы мæ сбадын кодтой философон науыл æмæ мæ Уæрæсейæ раластой. Зоныс, философон нау цы у, уый?
– Йæ кой йын фехъуыстон.
– Нæ нау хуынд «Обербургомистр Хакен». Мемæ ма науы уыдысты философтæ Бердяев, Франк æмæ бирæ æндæр чидæртæ. Петербургæй нæ фæхæццæ кодтой Штеттинмæ. Уырдыгæй рацыдыстæм Германимæ. Мемæ уыдысты мæ бинойнаг æмæ мæ цыппараздзыд лæппу. Документтæ аразгæйæ, нæхи немыцæгтæ схуыдтам. Уый нын феххуыс Берлины æрбынат кæнынæн, фæлæ нын фæстæдæр фыдбылызы хос разынд: 1939 азы мын мæ фырты вермахтмæ акодтой, æртæ азы фæстæ фæмард Уæрæсейы. Мæ бинойнаг уыцы уæззау цæфæн нæ бафæрæзта, фæрынчын æмæ амард. Æз иунæгæй баззадтæн æмæ фирмæ Сименсы иртасæн центрмæ техникæй бацыдтæн. Фæкуыстон дзы хæсты азты. Махуæттæ Берлинмæ куы ‘рбахæццæ сты, уæд немыц центры архивтæ судзын райдыдтой. Æз уыцы дзолгъо-молгъойæ спайда кодтон æмæ документты иу хай фæсгорæтмæ аластон. Ныр та хъус, цавæр документтæ сты, уымæ. Центр Зенгеры проектмæ гæсгæ куыста ракетæты артагыл. Æз зонын, Зенгеры проектыл кæй кусыс, æмæ дæм уымæн æрбацыдтæн.
– Цæмæй йæ зоныс?
– Немыцаг зонгæтæ мын бирæ ис. Иу дзы сымах къамисы кусы.
– Дæ документтæ мæнæн раттынмæ хъавыс?
– Нæ, Григори Александрович, дæтгæ нæ, уæй дын сæ кæнын. Йæхи уырыссаг чи хоны, уымæн тынг патриотон хъуыддаг нæу, фæлæ мыл дæ зæрдæ ма фæхудæд, базæронд дæн, истæмæйты мæ цæрын хъæуы.
– Æдæппæт дзы цас ис документтæ?
– Ссæдз килæйы бæрц. Æз сæ центрæй цыппар цыдæн рахастон. Куы мæ ‘рцахстаиккой, уæд мæ æвæстиатæй фехстаиккой.
– Цас сæ кæныс?
– Ссæдз мин маркæйы.
– Ссæдз мин? – афарста Григори. – Уыдон стыр æхцатæ сты.
– Уыцы документты аргъ бирæ фылдæр у: баууæнд химийы раздæры профессорыл.
– Мæ хицауадæн æй хъуамæ фехъусын кæнон.
– Кæй зæгъын æй хъæуы, фехъусын кæн, – сразы Бергер. – Куынæ баныхас кæнæм, уæд сæ америкæгтæн уæй кæнын бахъæудзæн, уыдон бафиддзысты. Фæлæ мæн уый нæ фæндид.
– Райсом-иу ацафон æрбацу, æз ам куынæ уон, уæддæр дæ мæ бинойнаг æрбауадздзæн.
Бергер скодта йæ пæлæз, йæ чъилджын худ, бынмæ æрхызт, къахвæндагыл мæйы рухсмæ иуцасдæр ауад, стæй бæлæсты аууон æрбайсæфт.
Райсомæй Григори инæлар-булкъон Серовæн фехъусын кодта хабар. Серов аргъы кой куы айхъуыста, уæд фехситгæнæгау кодта.
– Ничи йæм кæсы!
– Нæ бон ын у уыйбæрц бафидын?
– Цы сты, уый уал фенæм. Афтæ, Токаев, ацу уыцы профессоримæ æмæ дæхæдæг фен документтæ. Дæхи цæстытæй. Сбæрæг кæн, цæй аргъ сты, уый. Кусгæ.
Изæры Григори Бергеры сæ хæринаггæнæны баййæфта къофи цымгæ æмæ Азæимæ ныхасгæнгæ. Азæйæн кодта Петербурджы кой, дзырдта, куыдæй йæ бахъуыды кодта, уыдæттæ. Сæ цуры рауай-бауай кодта Беллæ дæр æмæ цымыдисæй каст æнахуыр уазæгмæ.
– Ис дын диссаджы хорз чызг æмæ диссаджы дзæбæх бинойнаг, – дзырдта Бергер кабинеты. – Æцæг къофийæ мæ сбуц кодта. Ахæм къофийæн йæ тæф мæнæй рох дæр ма фæцис. Карточкæтæй дæттынц мæй фондз æмæ ссæдз граммы æцæг къофи, фæлæ йæ ничи хардз кæны, уайтагъд æй базармæ ахæссынц æмæ йæ хæринагыл баивынц. Цæй цы, Григори, аныхас кодтай дæ хицауадимæ?
– Аныхас кодтон. Сразы сты, фæлæ хъуамæ мæхæдæг фенон, æцæг сты уый аргъ.
– Куыд æй сбæрæг кæндзынæ?
– Æнцонæй. Демæ ацæудзынæн æмæ сæм æркæсдзынæн дæ цуры. Разы дæ?
– Тынг хъавгæ кусынц дæ хицауад.
– Уый афтæ у, – сразы Григори. – Гæды голладжы æвæрдæй никæй фæнды æлхæнын.
– Хорз. Баныхас кодтам. Райсом дæм раджы æнхъæлмæ кæсдзынæн Рейхстаджы цур. Дæ машинæйæн барлæвæрд ис?
– Ис.
– Æфсæддон дарæс-иу скæн. Дæ шофыры-иу ауадз, æвдисæн нæ ницæмæн хъæуы.
– Цæмæн дзы бахъуыд уыйбæрц цыдæртæ? – нæ бамбæрста Григори.
– Документтæ америкаг зонæйы сты.
Берлины куы ис, уæдæй нырмæ Григори бирæ хæттыты ацыд Рейхстаджы рæзты, фæлæ афтæдæр йæ бон нæ баци уыцы диссаджы арæзтадмæ бомбæтæ æмæ нæмгуытæй æвирхъау пырхыты фæстæ лæмбынæг бакæсын. Бергер æм æнхъæлмæ каст сæйраг бацæуæны, сæрæй бынмæ советон салдæтты къухфысттæй æхгæд колоннадæйы цур.
Машинæ æнæкъуылымпыйæ ахызт америкаг оккупацион зонæйыл, рахызт фæсгорæтмæ æмæ базылд æдзæрæг фермæмæ. Хæдзарæй ма баззад æрмæст иу къул æмæ пецы тохына, фæлæ дурæй амад сара бынтон æнæхъæнæй аирвæзт. Бергер байгом кодта гуыдырæй æхгæд дуар æмæ сарайы фæмидæг. Иу-дæс минуты фæстæ рахызт, йæ къухты гæххæттыты дыууæ уæззау басты, афтæмæй.
– Кæс.
Фыццаг басты гæххæттытæм æхсгæ каст æркæнгæйæ, Григори бамбæрста, ссæдз мин маркæйы сын бынтон гыццыл аргъ кæй у. Документты уыд, немыцаг химиктæ Зенгерæн ракетæйы артаг æрхъуыды кæнынæн цы фæлварæнтæ скодтой, уыдоны æрфыст. Алцы дæр конд уыд немыцаг бæлвырддзинадимæ – æнтыстджын æмæ æнæнтыст фæлварæнтæ. Æнæнтыст фæлварæнтæн конд уыд бæстон анализ, цавæр бынæттæ уыдысты барастгæнинаг дарддæры иртасæн куыст кæнгæйæ. Иннæ басты документтæ дæр уыдысты уыйаргъ.
– Николай Васильевич, æгæр асламæй сæ радтай, ацы гæххæттытæ бирæ зынаргъдæр сты.
– Цас? – бацымыдис Бергер.
– Нæ зонын, фæлæ бирæ зынаргъдæр. Исын сæ, сæвæр сæ машинæйы, Карлхорсты райсдзынæ де ‘хцатæ.
– Нæ, афтæ нæ, – не сразы Бергер. – Æз æхца ам райсдзынæн. Аздæх Карлхорстмæ, рахæсс æхца æмæ сæ райсом ардæм æрбалас. Æз дæм ам æнхъæлмæ кæсдзынæн, ахсæв сарайы баззайдзынæн.
– Нæ мыл æууæндыс?
– Дæуыл æууæндын, дæ хицауадыл – нæ. Сæ сæрмæ цы ныццæвдзæн, уымæн ничи ницы зоны. Мæ бон нæу рæдыд æруадзын.
Уыцы ныхæстимæ Бергер арæхстгай бабаста гæххæттытæ æмæ сæ сарамæ ахаста.
– Цæй цы, федтай уыцы профессоры гæххæттытæ? – бафарста Серов, Григори уыцы разæнгардæй йæ кабинеты куы смидæг, уæд. – Сты ссæдз мины аргъ?
– Уыдон бирæ фылдæры аргъ сты. Цы информаци сæ ис, уый къамисы фыстытæй сæдæ хатты фылдæр у. Нæ химиктæ немыцæгты рæдыдтытæ нал æруадздзысты.
– Уæдæ сæ уæд æлхæнæм?
– Æлхæнæм.
– Хорз. Бухгалтерийы, мæнæй уый радта бардзырд, цæмæй дæуæн ссæдз мин маркæйы раттой. Стæй Бергерæй дæр, æхца кæй райста, уый тыххæй гæххæтт райсын ма ферох кæн.
Дыккаг бон Григори ацыд йе зноны фæндагыл. Дардæй дурæй амад сарайы раз ауыдта профессоры бæрзонд мæллæг æндæрг. Бергер æнæдзургæйæ райста æхца, æнæнымайгæйæ сæ йæ дзыппы нывæрдта, стæй сарамæ бацыд, рахаста дзы цыппар басты гæххæттытæ æмæ сæ «Ганза»-йы сæвæрдта. Æхца кæй райста, уый тыххæй дæр ныффыста гæххæтт æмæ йæ Григоримæ радта. Фæлæ йæхæдæг машинæйы нал сбадт. Григорийæн бамбарын кодта:
– Иунæгæй ацу. Америкаг патруль дæ куы баурома æмæ дæм документтæ куы ссара, уæд исты æфсон скæндзынæ, фæлæ æз демæ куы уон, уæд мæ советон шпион рахондзысты. Ацу, Григори, æз мæхæдæг искуыдты хæццæ кæндзынæн. Æхсызгон мын уыд демæ фембæлд. Хæрзбон дын нæ зæгъын. Иу хатт ма фембæлдзыстæм.
Карлхорсты Серовы кабинеты Григори баййæфта профессор Кошкины. Уый бадт хицауы стъолы цур иуварсæрдыгæй æмæ æрхуымæй рафæлдах-бафæлдах кодта паддзахадон къамисы æрбадтыты суагъæтæ.
– Мæнæ дын Токаев дæр, – разыхуызæй фæкодта инæлар-булкъон Григорийы ауынгæйæ. – Равдис, цы балхæдтай, уый. О, мæнæ цас гæххæттын бырон ис! Дæс килæйы бæрц!
– Ссæдз, – бараст æй кодта Григори.
Серов райхæлдта гæххæттыты тыхтытæй иуы баст, цалдæр документы дзы систа æмæ Кошкинмæ дзуры:
– Профессор, ацы гæххæттытæм-ма æркæс, æз сын китайаг фыстытæй уæлдай ницы ‘мбарын. Сты ссæдз мин маркæйы аргъ?
– Адон сты Сименсы наукон-иртасæн центры документацийæ, – бамбарын кодта Григори. – Уыдон Зенгеры ракетæйæн артагыл куыстой.
– Æнæуи æз уæлдæфон-реактивон змæлынгæнæн хæйттыл кусын, артаджы хъуыддаджы ницы уыйбæрц æмбарын, – бакодта Кошкин, фæлæ документтæм кæсын райдыдта. Æмæ дæс минуты фæстæ фæхъæр кодта: – Мæ цæстытыл не ‘ууæндын! Цас сын раттат ацы гæххæттытæн?
– Ссæдз мин маркæйы.
– Адонæн сæ аргъ у сæдæ, дыууæсæдæ мины. Адонæн аргъ нæй. Адон сты ракетон артаг уадзыны инструкци! Нæ химиктæ сæ куы феной, уæд фыр цинæй ферра уыдзысты! Иван Александрович, афтæ загътай, хицауадмæ цы равдисæм, уый нын нæй. Рæдийыс. Ацы документтæ сæхæдæг ныридæгæн хъуыддаджы æмбис сты. Æвæстиатæй сæ арвитут Мæскуымæ!
– Уæдæ сын æгæр бирæ нæ бафыстам, зæгъыс, нæ? – стыр разыхуызæй балхынцъ кодта Серов. – Ды, Токаев, дæ фæллад суадз, хорз бакуыстай.
XXII
Фыццæгæм августмæ къамис, йæ сæргъы инæлар-булкъон Серов, афтæмæй хицауадмæ ницавæр хыгъдлæвæрд арвыста. Токаты Григори нæ зыдта, Серов куыд æгъдауæй бамбарын кодта, Министрты Советы уынаффæ кæй нæ сæххæст кодтой, уый. Æвæццæгæн, цыдæр баууæндинаг æфсон ссардта. Кæнæ та Кремлы уыцы уынаффæ цæстдардмæ нæ бахауд – афтæ дæр-иу уыдис. Уынаффæтæ бирæ цыд хаст, се ‘ппæтмæ хъус дарын зын уыд.
Бергеры документтæ Городомльмæ Королевмæ фæхæццæ кодтой. Институтæй ракетæты артаг саразыныл иртасæн куыст чи кодта, уыцы специалисттæ сын стыр аргъ скодтой æмæ Серовы къамисæн бузныджы арфæ ракодтой се ‘нтыстджын куысты тыххæй. Сæ хыгъдлæвæрды æмгъуыд сын адарддæр кодтой, фæлæ Григори æмбæрста, раджы уа, æрæджы, уæддæр Мæскуыйы сæ зæрдыл æрлæудзæн Совмины уынаффæ, æмæ хыгъд æрдомдзысты. Уый æнæмбæрстгонд нæ уыд Серовæн дæр, фæлæ ныртæккæ йæ архайд ницавæр логикæйæн лæвæрдта дзуапп. Къамисы æрбадтытæ цыдысты Карлхорсты, СВАГ-ы администрацийы бæстыхайы алы дыццæджы дæр боны дыууæ сахатыл. Григори-иу дыууæ немыцаг стенографисткæимæ залмæ куы бахызт, уæдмæ-иу немыцаг специалисттæ иууылдæр сæ бынæтты бадтысты æмæ ногæй кастысты сæ фыстытæ, раныхасмæ сæхи цæттæ кодтой. Фæлæ иуахæмы залы никæй баййæфта. Уый диссаг уыд, немыцæн куысты фæткмæ цы бæрнон ахаст уыд, уый зонгæйæ. Фынддæс минуты фæстæ комендатурæйы радгæс афицер æрбацыд æмæ дæлбулкъон Токайы-фыртæн фехъусын кодта, немыцаг профессор Ланге йæм вахтæмæ кæй дзуры. Уым Лангеимæ иумæ сæмбырд сты къамисы уæнгтæ иууылдæр – фынддæс адæймаджы.
– Герр оберст, æрбадтмæ мах нæ уадзынц, – мæстæлгъæдæй дзуры Ланге Григоримæ.
– Цы хабар у? – бафарста Григори.
– Мæнмæ ис бардзырд немыцæгты нæ бауадзыны тыххæй, – бамбарын кодта хъалагъурты хистæр.
– Кæй бардзырд?
– Инæлар-булкъон Серовы.
– Ам цыдæр раст æмбæрстгонд не ‘рцыд, – дзуры Григори немыцæгтæм. – Банхъæлмæ кæсут, æз ныртæккæ базондзынæн хъуыддаг.
– Æмбал инæлар-булкъон, мæнæн загътой, къамисы уæнгты мидæмæ æрбадтмæ нæ бауадзыны бардзырд ды радтай, зæгъгæ. Уый афтæ у? – бафарста Григори Серовы.
– Афтæ у, – бафидар ын кодта йæ ныхас Серов. – Сæ афтид дзæн- гæдайæ сын стыхстæн. Мах сын дæттæм уæлдай хæлц, фæстæмæ та – ницы.
– Уый къамисы куыст æрурæды нысан у?
– О.
– Мæнмæ ахæм уынаффæ раст нæ кæсы. Къамис арæзт æрцыд хицауады уынаффæмæ гæсгæ. Мæскуыйы дæ бафæрсдзысты, цæмæн сæ фæтардтай, зæгъгæ. Цы сын зæгъдзынæ?
– Афтæ сын зæгъдзынæн уыдонæн дæр. Пайда сæ ницы ис, зæгъгæ. Ды, Токаев, нæ сарæхстæ махæн бæзгæ специалисттæ равзарынмæ.
– Æз сæмбырд кодтон, цы уыд, уыдонæн сæ хуыздæрты. Цавæрдæр хъæугæ стыр уынаффæтæм æрцæуын сæ бон кæй нæу, уым уыдоны аххосæй ницы ис.
– Æз дæр уый кой кæнын. Къамисæн нæ фаг кæны Зенгер йæхæдæг. Зенгер махæн нæ къухы бафтдзæн, ууыл кусынц. Мæ адæм ын йæ адрис зонынц, цæры Парижмæ хæстæг.
– Æмæ уæд къамисы тæрын нæ хъæуы, рæстæгмæ йын хъæуы йæ куыст æруромын. Зенгер нæ къухы куы бафта, уæд къамисы хыгъдлæвæрд дæр бауырнинагдæр суыдзæн. Хицауады уынаффæ æххæстгонд æрцæудзæн, къамис йæ куыст сæххæст кæндзæн.
– Кæм сахуыр дæ, Токаев, уыцы бюрократон казуистикæйыл? – бадис кодта Серов.
– Цард мæ сахуыр кодта, æмбал инæлар-булкъон, цард.
– Хорз, бауырнын мæ кодтай. Зæгъ немыцæн, ма ныххæлиутæ уæнт. Рæстæг куы ‘рцæуа, уæд сæм фæдзурдзыстæм.
– Сæ паектæ сын ныууадздзыстæм? Уæд бæлвырд никуыдæм фæлидздзысты.
– Се стырдæр мæт ууыл у?
– Бамбарæн сæ ис, сæ цард сæ нæ рæвдауы.
– Махимæ хæцын сæ нæ хъуыд, æмæ уæд цардаиккой сæхи фæндиаг. Хæйрæджыты хай фæуæнт, баззайæнт сын.
– Къамисы куыст рæстæгмæ урæд цæуы, – фехъусын кодта Григори немыцӕгтæн КПП-йы. – Ногæй кусын куы райдайа, уæд уын фехъусын кæндзысты.
Къуырийы фæстæ, хæдзармæ æрбацæугæйæ, Григори тынг бадис кодта Бергеры, йæ уæрджытыл гыццылгомау сау папкæ, афтæмæй сæ хæринаггæнæны ауынгæйæ.
– Николай Васильевич, цы хъуыддаджы фæдыл мæм фæзындтæ? – бафарста Григори профессоры, кабинетмæ йæ куы бакодта, уæд.
– Берлины ис æрмæст иунæг ахæм бынат, æцæг къофийæ мæ кæм хынцынц, – бахудæгау кодта Бергер. – Уый хъазæн ныхас у, Григори Александрович, вазыгджындæр хъуыддаг мæ æрбакодта ардæм.
– Цавæр?
– Куыд базыдтон, афтæмæй Зенгеры проектыл уæ къамисы куыст рæстæгмæ урæд æрцыд.
– Нæ хъуыддæгтæ дæм дзæбæх хæццæ кæнынц. Цæмæй йæ зоныс?
– Мæ зонгæ немыцаг мын æй радзырдта, уæ къамисы уæнг у. Уæ куыст уын цы бауромын кодта?
– Немыцаг специалистты ныллæг квалификаци, – æвæндонхуызæй йын дзуапп радта Григори. – Къамисы куыст сног кæндзыстæм, Зенгеры куы ссарæм, уæд. Аргæ йæ скодтой кæмдæр Францы, Парижмæ хæстæг. Хъæуы ма йæ сразы кæнын.
– Кæнæ та радавын? – фæбæлвырддæр кодта Бергер.
– Кæнæ та радавын, – æрхуымæй сразы Григори.
– Æмбæрстгонд у. Мæнмæ гæсгæ, ныртæккæ афон у мах æмгуыст адарддæр кæнынæн дæр.
– Хъусын дæм.
– Документтæ дæм куы радтон, уыцы бон баззадтæн фермæйы æмæ ма ноджы иу хатт басгæрстон сара, – йæ ныхас дарддæр кодта Бергер. – Афтæ мæм фæкаст, цыма сæ иууылдæр не ссардтон. Æмæ-ма, æцæгдæр, гыццыл фæстæдæр фæхæст дæн ноджы иу гæххæттыты бастыл.
– Ногæй та ссæдз килæйы?
– Ацы хатт къаддæр. Æдæппæтæй æртæ килæйы бæрц. Цæмæй та нæ уырдæм цæуын ма бахъæуа, уый тыххæй сын сæ иу хай мемæ æрбаластон. Æркæс сæм æмæ сын уæд сæ аргъ æвиппайды бамбардзынæ.
Бергер папкæйæ систа цалдæр сыфы æмæ сæ Григорийы раз æрæвæрдта.
Уыдон дæр уыдысты ракетон артагыл иртасæн куыстытæ. Фæлæ раззæгты уыд артаг цæттæ кæныныл куысты процессы æрфыст, ам та уыцы куыстытæн – сæ фæстиуæг. Немыцаг ахуыргæндты æрхъуыдыгонд артагæн йæ бон кусын кæнын уыд 30 тоннæйы уæзæн змæлынгæнæн хай. Уый нырма Зенгеры проекты 100 тоннæйы нæ уыд, фæлæ уыд, мах ракетчиктæ æрмæстдæр сæ бæллицты кæуыл хъуыды кодтаиккой, ахæм тых.
– Цас? – бафарста Григори.
– Фæндзай мин маркæйы.
– Де ‘ргътæ æгæр тагъд рæзынц, дæумæ афтæ нæ кæсы?
– Алы дзаума дæр у, цасыл æй ауæй кæнæн ис, уый аргъ. Тыхæй уын æй нæ хъарын. Ацы гæххæттытæн æз æлхæнæг уайтагъддæр ссардзынæн.
– Иннæтæ кæм сты?
– Мæ хæдзары. Кæд тынг тæссаг уыдис, уæддæр сæ Берлинмæ æрбаластон. Уыдонимæ мæ куы баурæдтаид америкаг патруль, уæд мæ хъуыддаг хорз нæ уыдаид. Æз æмбарын, Григори Александрович, ды хъуамæ дæ разамындæн фехъусын кæнай ацы хабар. Фехъусын сын æй кæн. Кæд сразы уа, уæд дæм райсом изæры аст сахатыл Рейхстаджы цур нæ раздæры бынаты æнхъæлмæ кæсдзынæн. Иунæгæй-иу æрбацу æд æхца. Ацы гæххæттытæ дын уадзын, дæ разамындмæ сæ равдис, уынаффæ рахæссынæн сын феххуыс уыдзысты. Ныр та уал фембæлдмæ. Дæ дзæбæх æфсинæн-иу бузныг зæгъ мæ номæй йæ къофийы тыххæй.
Дыккаг райсом Григори бацыд Серовы кабинетмæ æмæ инæлар-булкъоны раз стъолыл æрæвæрдта, Бергер æм цы дæс сыфы ныууагъта, уыдон.
– Цы сты? – æнæразыхуызæй йæ бафарста Серов.
– Профессор Бергер нын цы документтæ рауæй кодта, уыдоны иннæ хай. Уыдон дæр Сименсы фирмæйы иртасæн центры куыстытæ сты Зенгерæн артаджы тыххæй.
– Дзуттаг у?
– Нæ, немыцаг.
– Йæ архайдæй та дзуттаджы хуызæн у. Фыццаг нын рауæй кодта æппæт документтæ дæр, ныр та нын сæ хайгай ногæй уæй кæны. Цас сын агуры?
– Фæндзай мин маркæйы.
– Ничи йæм кæсы! Цас сты?
– Æртæ килæйы бæрц.
– Ссæдз килæйæн ссæдз мины бацагуырдта, æртæйæн та дæс æмæ дыууиссæдз мины агуры? Цы нын æнхъæл у?
– Уыцы ссæдз килæйы уыд куысты процессы æрфыст, ам та – уыцы куыстытæн сæ фæстиуæг. Ис дзы хицæндзинад.
– Ох, Токаев, мæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы коммерци.
– Бергер нын сæ тыхæй нæ хъары. Мах сæ куынæ балхæнæм, уæддæр сæ америкæгтæн ауæй кæндзæн.
– Æнæмæнг, дзуттаг у! Хорз, исæм сæ. Нæ зæрдæ дардзыстæм, уый аргъ кæй сты, ууыл.
Бухгалтерийы кассæйыл бадæг Григоримæ дисгæнгæ бакаст.
– Нæ нæ смæгуыр кæндзынæ, æмбал дæлбулкъон? Цытæ æлхæныс?
– Ахст лыстæджытæ, – хæсты размæйы студентты хъазæн ныхасæй йын дзуапп радта Григори.
Раст изæры авд сахатыл Григори йæ «Ганза» æрурæдта Рейхстаджы цур. Бергер æм уым æнхъæлмæ каст. Уым хæстæг цард иу æрдæгхæлд хæдзары. Æнæхъæнæй цы къул аирвæзт, ууыл уыд уынджы ном æмæ хæдзары номыр. Бæстыхай кæддæр аслам уазæгуат уыд, æмæ дзы баззад даргъ талынг къæридортæ дыууæрдыгæй хицæн агъуыстытимæ. Электрон рухс дзы нæ уыдис. Бергер Григорийы бауагъта йæ разæй, стæй уæд фæтæгены цырагъ ссыгъта – Уæрæсейы ахæм цырæгъты «хæлынбыттыртæ» хонынц. Сынтæджы бынæй раласта документты тыхтон синагæй бастæй. Маркæты стыр гуцъула нымайыныл дæр не схæцыд, æрмæст сын сæ уæз йæ къухты змæлдæй абарста. Цырагъы мынæг рухсмæ афыста, æхца кæй райста, уый тыххæй гæххæт æмæ йæ Григоримæ бæлæвæрдта.
– Алцы дæр нывыл у, Григори Александрович. Æхсызгон мын у, ацы документтæ америкæгтæм нæ, фæлæ нæхимæ кæй бахаудысты. Кæд мæ æххæстæй нæ уырны, хорз кæй у уый, уæддæр. Цом, æз дæ фæдыл акæсон, кæннод ацы талынджы бæрзæй асæттæн дæр ис.
Хæдзары Григори райхæлдта гæххæттыты баст æмæ лæмбынæг кæсын райдыдта документтæ. Сæ аргъыл сын гуырысхогæнæн нæ уыд, Зенгеры фантастикон проекты æцæгдзинад зынын райдыдта. Нырма уал йæ гыццыл хай, фæлæ хъуыддаджы райдайæн сбæрæг. Æмæ ныр, ног хæстмæ цæттæгæнæн куысты архайын æппæты къаддæр кæй фæндыд, уыцы дæлбулкъон Токайы-фырт уырдæм йе ‘ххуысы хай бахаста. Фæлæ уый уыд советон афицер, æмæ советон афицерæн куыд æмбæлд бакæнын, афтæ бакодта: Бергеры документтæ аласта Карлхорстмæ æмæ сæ къухæй-къухмæ радта инæлар-булкъон Серовмæ. Хæдзары та йæ бинойнагæн загъта:
– Бергер ма, мыййаг, куы ‘рбацæуа, уæд ам нæ дæн, стæй никуыуал уыдзынæн.
XXIII
Дæлбулкъон Токаевы æрфарсты суагъæйæ:
«– Ды загътай, Григори, зæгъгæ, Ныгуылæнмæ ацæуыны фæндмæ дæ фесхуыста Кремлы уынаффæйы æрбадт Сталинимæ. Æз æрæджы ныхас кодтон дæ бинойнаг Азæимæ. Æрвыста дæм салам æмæ дын цæмæй зæгъон, алцыдæр сæм нывыл кæй у, уæ чызг дæр дзæбæх у, архайы хорз ахуыр кæныныл. Уроктæ йын кæны дæ бинойнаг. Азæ дæр фæбæлвырд кодта, Мæскуыйæ æрцыды фæстæ дæ цыма ивгæ бакодтой, уыйау кæй уыдтæ. Ды загътай, Сталинимæ фембæлды ныхас Зенгеры проектыл цыд. Афтæ тынг дыл цы бандæвта?
– Æз бамбæрстон, хæст кæй уыдзæн. Уый ма мын 1945 азы Васили Сталин дæр дзырдта, зæгъгæ, дам, хæст райдайдзæн дыууæ-æртæ азы фæстæ. Уымæн æмæ, дам, мæ фыд зæронд кæны, æмæ йæ фæнды кæронмæ сæххæст кæнын йе ‘ппæт царды хъуыддаг – æгас дуне басæттын. Æз ыл уæд нæ баууæндыдтæн. Цавæр хæстыл хъуамæ цыдаид ныхас, нырма ныр куы басастам Гитлеры, чи фæмард, уыдоны баныгæнын æмæ иугыццыл нæ цард нывыл рацаразын нæ къухы куынæма бафтыд? Стæй кæимæ хæцын – Америкæимæ, нæ цæдисонимæ? Кремлы бамбæрстон, Васили Сталин йæхæдæг кæй ницы æрхъуыды кодта, радзырдта, йæ фыдæй цы фехъуыста, уый. Æз бамбæрстон – хæсты хъуыддаг лыггонд у, сбæрæг кæнын ма хъуыд, цавæр фæрæзтæй хæцын бахъæудзæн, уый.
– Æмæ цавæр фæрæзтæй?
– Атомон бомбæйæ. Берия загъта, бомбæ, дам нæм уыдзæн дыууæ азы фæстæ. Сталин æрдомдта Зенгеры проект сæххæст кæнын, цæмæй йæ ракетопланыл бомбæ Америкæмæ уа фæхæццæ кæнын æмæ Нью-Йоркыл æрӕппарын.
– Куыд бамбæрстон, афтæмæй Зенгеры проект домы стыр теоретикон æмæ техникон фæрæзтæ. Советон Цæдисы экономикæйы хæст тынг бахъыгдардта. Афтæ дæм нæ фæкаст, Кремль бæллицтæ æцæгдзинад хоны?
– Нæ фæкаст. Дæуæн дæ бон бамбарын нæ бауыдзæн, Сталинмæ цас ныфс ис, уый. Уымæн ницы ис, къухы цы нæ бафта, ахæмæй. Алцы дæр уыдзæн, куыд зæгъа, афтæ, суанг бæстæйы æмбис æххормагæй амарын куы бахъæуа, уæддæр. Уый афтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бакодта. Ахæм хуызы конд æрцыд коллективизаци. Афтæ сæххæст кодта индустриализаци. Милуангай æххормаг ахст адæм арæзтой заводтæ æмæ электростанцæтæ. Æмæ сарæзтой. Рæстæг мын куы фæуа, уæд ныффысдзынæн чиныг. Уый хуындзæн «Сталин у хæст».
– Ды барæй къуылымпы кодтай Сталины уынаффæ, къамисмæ лæмæгъ специалисттæ сæмбырд кæнгæйæ?
– Нæ, æз куыстон, чи уыд, уыдонимæ. Уæд мæнæн мæ хъуыдыйы дæр нæ уыд Сталины бахъыгдарын.
– Ды загътай, уæззау зæрдæимæ лæвæрдтай инæлар-булкъон Серовмæ, профессор Бергерæй цы документтæ райстай, уыдон. Цæмæн?
– Ахæм æнкъарæн мæм уыд, цыма, цы не ‘мбæлы, ахæм цыдæр аразын. Фæлæ мæ бон афтæ нæ бакæнын нæ уыд. Уæд нырма æгæр советон адæймаг уыдтæн, бæрны æнкъарæн арф уидæгтæ ауагъта мæ зондахасты.
– Цы дын фæцудын кодта уыцы æмбарынæдтæ, цы дæ сыстын кодта уыдоны ныхмæ? Цы ‘рцыд ахæмæй?
– Æрцыд. Æрцыд, Серов мæм куы фæдзырдта æмæ мын Парижмæ атæхын æмæ Зенгеры радавыны хъуыддаджы архайыны бардзырд куы радта, уæд.
XXIV
Уыцы бонæй æртæ къуырийы размæ, Брауншвейгы Наукон- эксперименталон центры чи куыста, иу ахæм немыцаг ахуыргонд-ракетчик Токайы-фыртæн фехъусын кодта, америкаг бомбæтæ цы Центр ныппырх кодтой, уый кæлæддзæгты, дам, баззадис, немыцæн аласын цы архивтæ нал бантыст, уыдоны фылдæр хай. Йæхи цæстæй федта, срæмыгъд алырдæмты алыхуызон хахнывтæ æмæ гæххæттытæ куыд ныххæлиутæ кодта, уый. Дыууæ афицеры Токайы-фырты къордæй хуымæтæг дарæсы араст сты Брауншвейгмæ хъуыддаг бæлвырддæр базонынмæ. Фæстæмæ куы сыздæхтысты, уæд фехъусын кодтой, æцæгдæр бирæ алыхуызæн гæххæттытæ алырдыгæйты зæххыл тыд кæй ис, стæй Центрмæ бацæуæнтæ кæй ничи хъахъхъæны. Брауншвейг ис Британийы оккупацигонд зонæйы, центр та уыд горæтгæрон, патрультæ йæм цæугæ дæр нæ бакæнынц.
Бауынаффæ кодтой архивтæ раласын. Хабар тæссаг уыдис, фæлæ йæ бафæлварын хъуыд. Изæры ацыдысты: Токайы-фырт йæхи «Ганза»-йыл, капитан Квашнин «виллисыл», СМЕРШ-ы сгарджытæ та æмбæрзтгуыффæ уæзласæны. Иууылдæр уыдысты хуымæтæг дæрдджын дарæсы, немыцæн сæ фылдæр хайы хуызæн. Райсомæй раджы бахæццæ сты Брауншвейгмæ æмæ æвæстиатæй бавнæлдтой пырхыты рæдзæгъдтæ къахынмæ. Ахæм куыстытыл Германийы раджы сахуыр сты, алы горæты дæр сæ кодтой куыстхъом нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ. Искуы-иу хатт-иу бритайнаг патрультæ сæ рæзты ацыдысты, фæлæ кусджытæм сæ хъус нæ дардтой.
Иу-æртæ сахаты фæстæ разындысты, кæрæдзийæ чи фæхицæн, документты ахæм хицæн сыфтæ, æмæ сæ хастой сæ уæзласæны гуыффæмæ, уый фæстæ сæ равзардзыстæм, зæгъгæ. Куыст цыдис, арæхæй-арæхдæр кодтой документтæ. Фæлæ æнæнхъæлæджы центры кæлæддзæгты алыварс æрхъула кодта æфсæддон пъæлицæ, хæдæхсæй æртхъирæнгæнгæ, се ‘ппæты дæр зæххыл æрхуыссæн кодтой, стæй сæ автобусыл аластой æфсæддон базæмæ. Райдыдтой æрфæрстытæ.
Экспедицийы архайджытæм се ‘ппæтмæ дæр уыдис советон æфсæддонты æвдисæндартæ. Токайы-фырты фарста, уырыссагау хорз чи дзырдта, ахæм англисаг капитан.
– Дæлбулкъон, ды æмæ дæ адæм æнæзакъон цыд æрбакодтат бритайнаг оккупацион хаймæ, – загъта капитан. – Уый у Германийы дихконды домæнты хæлд. Æрмæст мын ма райдай, дзæгъæл фестут, зæгъгæ, дзурын. Фæдзæгъæл уæвæн ис дæс киллометры бæрц, фæлæ дыууæсæдæйы – ницы хуызы. Сымах иууылдæр стут хуымæтæг дарæсы. Уыцы хъуыддаг амоны шпионажмæ. Уæ амонд у, æмæ æнæ хæцæнгарз стут. Цы агуырдтат Центры кæлæддзæгты?
– Дæхæдæг федтай, мах цы ссардтам, уый, – дзуапп радта Григори. – Цыдæр документтæ. Сымах уыдон ницæмæн хъæуынц, мах та бахъæудзысты.
– Мæ зæрдæмæ цæуы, æргом дзуапп кæй дæттыс, уый. Æмæ дын ныр куыд кæнон? Фæлæуу, æз штабмæ бадзурон, инструкци райсон.
Григорийы гæххæттытимæ капитан агъуыстæй ахызти, йæхи та йын хъахъхъæнæджы бар бакодта. Сахаты ‘рдæджы фæстæ ‘рбаздæхт.
– Сæрибар дæ, дæлбулкъон. Райстон бардзырд дæу ауадзынæн. Нæ командыгæнынад арвитдзæн советон окуппацион хицауадмæ официалон хъасты гæххæтт.
– Æмæ ме ‘мбæлттæ та?
– Уыдонимæ нырма акусдзыстæм.
Уæдмæ «Ганза» лæууыд базæйы фæзуаты. Контролон пункты рад-гæс систа шлагбаум. Григори йæ хæдтулгæйыл рахызт, Берлинмæ цы сосӕ фæндаг цыдис, уымæ, æмæ цин кодта, афтæ æнцонтæй кæй раирвæзт, ууыл, фæлæ афтæ куыдæй рауад, уый не ‘мбæрста,
Капитан Квашнин æмæ йæ адæмы суæгъд кодтой æртæ боны фæстæ. Британийы командыгæнынад маршал Соколовскимæ арвыста Официалон хъаст, æмæ ууыл хъаугъайаг хабар ахицæн. Фæлæ нæ ахицæн Токайы-фыртæн.
Инæлар-булкъон Серов фыр мæстæй тъæппытæ хауд.
– Цы дæ мадыл… араст дæ уырдæм? – хъæр кодта Григорийыл. – Цытæ расайдтаиккой дæ митæ, уый не ‘мбæрстай?
– Æмбæрстон, æмбал инæлар-булкъон. Фæлæ хуыздæрæн бафæлвæрдтон нæ амонд бавзарын. Бруншвейгы гæххæттытæ нын тынг ахъаз фæуыдаиккой.
– Æмæ уæ уым куы ныммардтаиккой, уæд та? Уæд цы загътаин маршал Соколовскийæн?
– Омæ нæ куынæ ныммардтой. Æз барæй радтон бардзырд, цæмæй йемæ хæцæнгарз мачи ахæсса. Фæлæ уæддæр нæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ.
– Уыцы «хъуыддаг нæ фæрæстмæ» æндæр хуызы схонæн дæр ис!
– Ныхас дæр ыл нæй. Мæхæдæг дæр ыл ахъуыды кодтон. Цыдæр диссаджы æнахуыр рæвдз фæзындысты англисæгтæ. Цыма, кæлæддзæгты кæй баййафдзысты, уый зонгæ кодтой.
– Ды уымæй цы зæгъынмæ хъавыс, Токаев? Ома Карлхорсты уæйгæнæг ис, æмæ уый фехъусын кодта англисæн уæ фæзынд?
– Æмæ дæм уый, уæвæн цæмæн нæй, ахæм хъуыддаг кæсы?
– О. Уымæн гæнæн нæй, уымæн æмæ махмæ нæй уæйгæнджытæ! Цы схъен дæ? Сбад. Æз та мæнæ цæуыл ахъуыды кодтон. Цыдæр дӕ тагъд суæгъд кодтой. Иннæты æртæ боны фæдардтой, дæу та – æвиппайды рауагътой. Цымæ цæмæн, Токаев?
– Нæ зонын.
– Ды загътай, зæгъгæ, капитан кæмæдæр фæдзырдта, æмæ йын уырдыгæй загътой, цæмæй дæ ауадза. Кæмæ дзырдта? Цавæр амындтытæ райста?
– Нæ зонын, – ногæй та дзуапп радта Григори.
– Кæд ын, мыййаг, загътой, уый нæхион у, æмæ йæ нæй уромæн?
– Ома куыд нæхион?
– Афтæ. Мыййаг, сæ сусæг номхыгъдты нæ дæ?
– Æмбал инæлар-булкъон, кæд мæ англисаг шпионыл нымайыс, уæд мæ æрцахсын кæн.
– Шпионыл дæ куы нымаин, уæд дæ ацы тæккæ ран мæхæдæг агæрах кæнин ацы кабинеты. Ма тыхс, нæ дыл дызæрдыг кæнын. Фæлæ дæхæдæг ахъуыды кæн, ахæм хъуыдытæн мын ис бындур. Иннæты æртæ боны фæдардтой, дæу та æвиппайды рауагътой. Цæмæн? Фæнда дæ, нæ фæнда, уæддæр ууыл ахъуыды кæндзынæ. Цæй, Токаев, хорз уал, ферох кодтам, ацу, дæ куыст кæн. Фæлæ ма, зæгъгæ, иу ахæм хабар, уæд дæ арвыстон Мæскуымæ. Мæн ам ахæмтæ (Серов та æвзæр загъта) ницæмæн хъæуынц. Сæрибар дæ.
Уыцы тæккæ изæр Григори сбадтис æмæ мыхуыргæнæн машинкæйæ ныффыста: «СВАГ-ы Хæстон-Уæлдæфон Тыхты хайады Управленийы хицау, авиацийы инæлар-майор æмбал Александровмæ.
Рапорт.
Курын, цæмæй Советон Цæдисы Уæлдæфон-Æфсæддон Тыхты Кадрты Управленийы раз æвæрд æрцæуа фарст мæн иудадзыг куыстмæ Советон Цæдисмæ аивыны тыххæй. Мæ курдиатæн ис ахæм æфсæнттæ:
- Германийы дæн дыууæ азы æмæ цыппар мæйы, æмæ афтæмæй дæргъвæтин рæстæгмæ фæхицæн дæн мæ сæйраг наукон-иртасæн архайд æмæ ахуыргæнæджы куыстæй.
- Дыууæ азы дæргъы службæйæ сæрибар рæстæг куыстон мæ докторы диссертацийыл, æмæ йæ хъæуы кæронмæ ахæццæ кæнын. Уый тыххæй æз хъуамæ уон Советон Цæдисы, уымæн æмæ мын ам хъæугæ уавæртæ нæй эксперименттæн.
- Ам цы куыст кæнын, уый мæ æрмæстдæр дисквалификаци кæны: ацы куыст æххæст кæнын йæ бон у, исты ахуыр кæмæ ис, уыцы афицертæй кæцыфæндыйæн дæр. Афтæмæй, мæ ацыдæй, цы хъуыддаг кæнын, уый нæ фæкъуылымпы уыдзæн. Уыцы иу рæстæг Советон Цæдисы мæ дæсныйад æмæ квалификацийæ фылдæр пайда æрхæсдзынæн нæ бæстæйæн.
Дарддæр мæ фæнды мæ раздæры бынаты кусын, ома Жуковскийы номыл Хæстон-Уæлдæфон академийы. Фæндид мæ Советон Цæдисмæ ацæуын ацы азы октябры мæйы.
Хæстон-Уæлдæфон Тыхты, Германийы Советон Хæстон Администрацийы Управленийы СВАГ-ы Администрацийы хайады хистæр афицер, дæлбулкъон Токаев Г.А.
1947 аз, 10 октябрь».
Инæлар-майор Александров рапорт радта Серовмæ. Уый йæ аскъуыдтæ кодта æмæ йæ чыргъæдмæ ныппæрста.
– Цы, уый зоныс, Токаев? Æмбарын, фæхæрам мæм дæ. Фæлæ дзæгъæлы. Алкæуыл дæр гуырысхо кæнын мæ хæс у. Ды æдылы ми бакодтай æви нæ? Бакодтай. Фæлæ дын æз дæттын фадат дæ рæдыд сраст кæнынæн. Дæхи цæттæ кæн, а дыууæ боны атæхдзынæ Парижмæ.
– Цы мын дзы баззад? – нæ бамбæрста Григори.
– Кусынмæ. Бæлвырд цы куыст кæнын хъæудзæн, уый дын уым зæгъдзысты.
– О, фæлæ æз нæ дзурын францагау.
– Чи дыл сæмбæла, уыдон дзурынц. Фаг у, нæмыцагау кæй дзурыс, уый.
– Уæддæр цы кусдзынæн?
– Фембæлдзынæ Зенгеримæ. Æмæ йемæ ныхас кæндзынæ ракетæтыл. Демæ ма уыдзæн æртæ адæймаджы. Иу дзы шофыр, иннæ дыууæйæ зæгъдзынæ, ахуыргæндтæ сты. Уыдон ницы дзурдзысты. Ды та Зенгеримæ хорз сарæхсдзынæ баныхас кæнынмæ.
– Мæскуымæ рацæуыныл æй хъæуы сразы кæнын? – бафарста Григори.
– Уый уаид æппæты хуыздæр вариант.
– Æмæ куынæ сразы уа, уæд та?
– Дарддæр уый дæ хъуыддаг нал уыдзæн.
– Æмбал инæлар-булкъон, æрæджы федтай, мæнæй цæй диверсант ис, уый. Æз диверсант нæ дæн, æз ахуыргонд дæн. Æндæр искæй арвит Парижмæ.
Серов йæхи ныхъхъуынтъыз кодта.
– Нæ бамбæрстон. Цы, не сразы дæ?
– Не сразы дæн.
– Токаев, уый курдиат нæу, уый бардзырд у. Æмæ, бардзырд нæ сæххæст кæнын та цы у, уый зоныс?
– Зонын. Бадзур хъахъхъæнджытæм, æрцахс мæ. Фæлæ уыцы бар-дзырд æз нæ сæххæст кæндзынæн.
– Мæнæн дзырдтой, зæгъгæ, сымах, ирæттæ, хивæнд адæм стут. Фæлæ, уыйбæрц хивæнд дæ, уый нæ зыдтон. Æмбарыс, уый дæ карьерæйæн йæ кæрон кæй у, уый?
– Æмбарын.
– Æмæ уæддæр нæ?
– Нæ.
– Æз дын æй дæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн. Æр-р-зылдтæ! Ныр та ахъуытты у мæ кабинетæй!
Григори рацыд. Æмбæрста, райдыдтой йын зын рæстæджытæ. Фæлæ афтæ зын уыдзысты, уый æнхъæл нæ уыд.
XXII
Ууыл цалдæр боны рацыд. Серов Парижы кой нал скодта. Дæлбулкъон Токайы-фырты цыма уынгæ дæр нæ кæны, йæхи афтæ дардта. Фембæлгæйæ-иу йæ иувæрсты каст, йæ саламæн ын дзуапп нæ лæвæрдта. Григори ма иу рапорт ныффыста Мæскуымæ аивыны тыххæй æмæ йæ инæлар-майор Александровмæ бахаста.
– Афтæ тынг дæ Мæскуыйы йæхимæ цы ласы? – бацымыдис Александров.
– Бафæлладтæн, æмбал инæлар-майор, – дзуапп ын радта Григори.
– Æгæр раджы нæ райдыдтай фæллайын? Цал азы дыл цæуы?
– Æртын аст.
– Уæд о. Æгæр раджы нæу. Ныууадз дæ рапорт, равзардзыстæм æй. Дæхи цæттæ кæн цæуынмæ.
Йе ‘мслужбæгæнджытæ дæр, цыма Серовы ахаст Токайы-фыртмæ бамбæрстой, уыйау æм цыдæр æцæгæлон цæстæй кæсын райдыдтой. Цæстдард фæкарздæр: йæхи машинæйæ йын пайда кæнын нал уагътой, службæйы машинæ-иу ӕм æрбарвыстой æд шофыр, æмæ-иу æй Григори фæстæмæ арвыста. Дарддæр йæ куыст кодта, фæлæ æвæндонæй, йæхи ныффидар кæнгæйæ. Азæ уыдта, йæ лæг цыдæр кæны, фæлæ йæ ницæмæй фарста, уый дæр ын ницы дзырдта: ирон лæг сылгоймагыл йæ уæргътæ не ‘вæры.
Æмæ æрлæууыд уыцы зæрдылдаринаг бон – 1947 азы 3 ноябрь. Григорийы цард дыууæ хайыл чи адих кодта, уыцы бон. Райдыдта æрвылхаттау. Азæ йæ чызджы скъоламæ цæттæ кодта – Беллæ цыди уырыссаг афицерты сывæллæтты скъоламæ Карлхорсты. Григори аходæны размæ каст газеттæм. Зноны ныгуылæн-гермайнаг изæрон газеттæ-иу Скæсæн Берлинмæ дыккаг бон райсомæй æрбаластой. Токайы-фыртæн бар радтой рафыссын «Die Welt» æмæ «SЭddeutsche Zeitung». Уыдон службæйы рæстæг дæр уыд бакæсæн, фæлæ сæ Григори райсомæй хæдзары каст, куыд ничи æмæ йæ ницы хъыгдара, афтæмæй.
Уыцы райсом дæр райдыдта «Die Welt»-æй. Лæмбынæг бакаст æппæтдунеон хай, рахызт цауты хроникæмæ. Ныгуылæн Берлины æрцахстой, дуканитæ чи къахта, уыцы саби-фыдгæнджыты къорд. Пъæлицæ Ванзейæ сласта, йæ сæр кæмæн фæцæф кодтой, ахæм æнæзонгæ адæймаджы мард, чи у, уый сбæрæг кæныныл кусынц. Панковы зылды кæлæддзæгтæ сыгъдæг кæнгæйæ, хæдзары къул ракалд, æмæ дзы фæмард дыууæ кусæджы. Парижы къухы нæ бафтыд немыцаг ахуыргонды адавын.
Григори йæ цæстытæ газеты фæсагъта. Фыст дзы уыд:
«Нæ корреспондент Парижæй хъусын кæны. Знон Парижы бынмæ къухы нæ бафтыд немыцаг ахуыргонд Ойген Зенгеры адавын. Пресс-конференцийы Францы æдасдзинад хъахъхъæнынады службæйы минæвар La Direction Centrale des Renseignements gИnИraux RG куыд фехъусын кодта, афтæмæй, ахуыргонды хæдзармæ чи бабырста, уыдон уыдысты цыппар æдхотых фыдгæнæджы. Æхстыты сæ иу фæмард, иннæты æрцахстой æдасдзинады тыхты руаджы. Цыппарæй дæр разындысты, Францы цы советон разведкæ кусы, уыдонæй. Ахуыргонды адавд къуылымпыгонд æрцыд, уымæн æмæ æдасдзинады службæмæ уыд информаци, бабырст цæттæгонд кæй цæуы, уый тыххæй, æмæ хæдзары хъахъхъæд фæтыхджындæр кодтой.
Григори газет иуварс аппæрста. Фæстиат кæнæн нал ис. Рæстæг минуттæй нымайгæ ссис. Азæйæн бардзырд радта:
– Рæвдз дзаумæттæ амбырд кæн. Уæлдай мацы райс. Æмæ сæ машинæмæ хæсгæ.
– Исты ‘рцыд? – фæтарст Азæ.
– О.
– Цы?
– Уый фæстæ дын æй зæгъдзынæн. Цæугæ кæнæм.
– Кæд?
– Ныртæккæ æвæстиатæй.
– Кæдæм?
– Базондзынæ йæ…
XXVI
Берлин, 10 ноябрь, 1947 аз. «СУСÆГГАГ».
СВАГ-ы Политуправленийы хицау инæлар-майор Андреевмæ.
ПОЛИТФЕХЪУСЫНГÆНИНАГ
4 ноябры, ацы аз, фæссихор Æфсæддон Управленийы разамынд базыдта, инженерон æфсæдты Управленийы хистæр афицер, дæлбулкъон Токаев Григори Александрович йæ бинонтимæ кæй фæцыдæр.
Токаты Григори Алыксандры фырт, 1909 азы гуырд, ирон, ВКП(б)-йы уæнг 1931 азæй, йæ дæсныйадмæ гæсгæ инженер-механик. Ис æм зонадон къæпхæн – техникон наукæты кандидат, доцент. Йæ æфсæддон цин – инженер-дæлбулкъон. Кусы Управленийы хистæр афицерæй.
Хæсты азты куыста Жуковскийы номыл Хæстон-Уæлдæфон Академийы. Германийы Цæдисон контролон администрацийы ис 1945 азы июнæй.
Ис ын бинонтæ. Йæ бинойнаг Токаты Азæ Зауырбеджы чызг, йæ чызгон мыггаг Байатæй, Владикавказы гуырд, инженер-химик, æнæпартион. Чызг Беллæ, 1938 азы гуырд.
Токаев дæргъвæтин рæстæг куыста Вернер фон Брауны архивтæ æмæ, Браунимæ чи куыста, уыцы немыцаг ахуыргæндты ссарыныл. Йæ куыст-мæ Æфсæддон Управленийы разамынды ‘рдыгæй цæстдард нæ цыдис.
Токаев гуырысхойаг фæндвидардзинадимæ домдта, цæмæй немыцаг авиаконструктор Курт Танкы Мæскуымæ арвитой. Йæ куырдиатыл ын куынæ сразы сты, уæд тынг фæхъыг, фæтарст, Советон Цæдисы Маршал æмб. Соколовский æмæ инæлар-лейтенант æмб. Дратвины цæс- ты куы бафта, уымæй. Уыцы рæстæг æм Соколовский æмæ Дратвин сæхимæ нал сидтысты Танкимæ баст фæрстыты тыххæй докладимæ, уымæн æмæ Токаев йæ докладты æмб. Соколовскимæ æмæ æмб. Дратвинмæ, стæй Мæскуымæ фыстæджыты хаста æнæбындурон факттæ, вазыгджын фарстатæм ын нæ уыд объективон ахаст, сенсацитæ æмбырд кæныныл фæцалх æмæ лæвæрдта сайæн æрмæджытæ, Мæскуыйы та Кремлы уынаффæты рæстæг хицауады уæнгтæн ракодта æбæлвырд хабæрттæ немыцаг авиаконструтор Танкы тыххæй.
Хицауадон сæрмагонд къамисы кусгæйæ, Токаев йæ къух бафыста акты бын, алцæимæ дæр уыд разы, афтæмæй та уыцы рæстæг фыстæг ныффыста хицауадмæ æмæ йæ инæлар Куцеваловæн арвыста. Фыстæджы фæфаудта, инæлар-булкъон æмб. Серов разамынд цы къамисæн лæвæрдта, уый куыст. Къамисы йæ куыст куы фæцис, уæд дæр ма Токаев дæргъвæтин рæстæг, йæ мандат нæ ратгæйæ, йæхи амыдта куыд уыцы къамисы уæнг.
Дыдзæсгомдзинад, æнæраст ахаст йæ куыстмæ, хицауады разамынды асайд Танкы тыххæй доклады, æгæр хиваст немыцаг специалисттимæ фембæлдтыты – æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, СВАГ-ы командыгæнынад æмæ Æфсæддон Управлени Токаевимæ дарддæр куыстыл нал сразы сты. Управленийы службæйы рæстæг Токаев арæх æвдыста æнæразыдзинад разамонджытæй æмæ йæ мыздæй. Токаев æмæ йæ бинонтæ цы уавæрты фесæфтысты, уыдон сты ахæмтæ:
1947 азы 12 сентябры инæлар-лейтенант Дратвин радта инæлар Бариновмæ Советон Цæдисы Маршал æмб. Соколовскийы барлæвæрд Токаевы Советон Цæдисмæ кусынмæ арвитыны тыххæй. Токаев уый кæмæйдæр базыдта æмæ цауты разæй фæуыны тыххæй афыста рапорт, цæмæй йæ нæ Райгуырæн бæстæмæ арвитой.
Штабы хицау документтæ цæттæ кæнынæн бардзырд радта.
1947 азы 16 октябры СВАГ-ы бардзырдæй Токаев йæ куыстæй æрцыд уæгъдгонд æмæ æрвыст цыд Советон Цæдисы Хæстон-Уæлдæфон Тыхты Кадрты хайадмæ. Фæлæ Кадрты Хайад уыцы бардзырд æрæрвыста æрмæст 21 октябры. Токаев базонгæ бардзырдимæ æмæ уыцы бонæй йæ алыгъды бонмæ йæхи цæттæ кодта Советон Цæдисмæ ацæуынмæ.
Фæстаг хатт Токаевы федта булкъон Белых 3 ноябры райсомæй. Авиапромышленносты Министрады кусæг æмб. Сорокин, Токаевы сыхаг та бафиппайдта, Токаевы лæггадгæнæг немыцаг-сылгоймаг дæлбулкъоны хæдзарæй цыдæртæ куыд хаста, уый. Сорокинмæ диссаг фæкаст, Токаев хæдзары нæй, афтæмæй йын йæ фатерæй йæ дзаумæттæ кæй хæссынц, уый, æмæ фехъусын кодта Управленимæ.
Немыцаг сылгоймагимæ ныхасæй рабæрæг: 3 ноябры Токаев йæ ус æмæ йæ чызгимæ сæхи машинæйыл кæдæмдæр ацыд, лæггадгæнæг сылгоймагæн загъта, изæры фæстæмæ кæй æрбаздæхдзæн. Йæ немыцаг шофырæн дæр Токаев бардзырд радта, цæмæй 4 ноябры æрвылбонау райсомæй йæ куыстмæ рацæуа.
Токаев фæстаг рæстæджы онг цард, немыцаг цæрджытæм хæстæг цы хæдзар уыд, ахæмы. Йæ фатермæ йын сæрибарæй цыдысты немыцæгтæ. Кæм цард, уыцы хæдзар ис Карлсхорсты æдде.
Æфсæддон Управленийы командыгæнынад Токаевæн дæтты хорз характеристикæ. Фæлæ, ахæм аргъ кæнгæйæ, нæ хынцы иуцалдæр хъуыддаджы:
– Токаев дзыхылхæст нæ уыд хицауады къамисы куысты тыххæй; дæргъвæтин рæстæг, йæ мандат нæ ратгæйæ, йæхи амыдта куыд уыцы къамисы уæнг;
– хицауадмæ доклады дæр уыд æнæдзыхылхæст;
– уæрæх æмæ æнæцæстдард бастдзинæдтæ йын уыд немыцаг специалисттимæ.
Бæлвырд бæрæг нæу, уыцы бастдзинæдтæй англисаг разведкæ Токаевы вербовкæйы кæй не спайда кодта, уый. Æгæр бирæ сусæгдзинæдтæ кæй зыдта Токаев СВАГ-ы æмæ нæ авиацийы куыстæй, уæлдайдæр та аэродромты æмæ 16-æм Уæлдæфон Æфсады тыххæй, сæрмагонд паддзахадон къамисы кусгæйæ æмæ Кремлы уынаффæты архайгæйæ, уымæ гæсгæ Токаевмæ стыр цымыдисдзинад сæвзæрæн уыд англисаг разведкæйæн.
СМЕРШ-ы оперативон кусæг капитан Квашнины рапортмæ гæсгæ, Токаев ресторан «Кайзерплац»-ы зарæггæнæг Эльзæ Рихтеры æххуысæй базонгæ бритайнаг ВВС-йы майоримæ, цалдæр хатты йемæ фембæлд, фæлæ йæ разамындæн уый тыххæй ницы фехъусын кодта. Чи зоны, махæн æнæзонгæ англисаг афицер бацархайдта Токаевы семæ æмгуыстмæ сразы кæныныл.
Уыцы уавæртæ æрæмных кæнгæйæ, ис хатдзæгтæ скæнæн:
а) Токаев йæ бинонтимæ иумæ гадзрахатæй рацыд йæ Райгуырæн бæстæйыл æмæ Берлины цæдисон сектортæй иумæ ацыд, уырдыгæй та йæ арвыстой искæцы фæсарæйнаг паддзахадмæ;
б) Токаев æмæ йæ бинонтæ цыдæр æнамонд цауы амæттаг баисты.
Фæлæ 3 ноябрæй рацыд бирæ рæстæг, æмæ нæдæр СМЕРШ-ы ‘рдыгæй, нæдæр æфсæддон комендатурæ æмæ госпитальтæй ницы хабар ис.
Фыдыбæстæйыл гадзрахатæй рацæуын нæ бауадзæн уыдис, Æфсæддон Управленийы командыгæнынад инæлар-лейтенант Дравины бар-дзырд Токаевы Советон Цæдисмæ арвитыны тыххæй куы сæххæст кодтаид, уæд.
Инæлæрттæ Александров, Баринов æмæ булкъон Белых фехæлдтой СВАГ-ы бардзырд – Советон Цæдисмæ фæстæмæ кусджыты куыд æрвитын хъæуы, уыцы уагæвæрд. Токаевы фæстæмæ Мæскуымæ арвитыны хъуыддаг бабар кодтой, уыцы фарстимæ комкоммæ баст чи нæ уыд, ахæм адæмæн.
Æфсæддон Управленийы æвзæр æвæрд у кусджытæм цæстдарды фарст. Булкъон Белыхæн йæ бон нæ бацис сфидар кæнын ахæм уаг, цæмæй коммунисттæ, се ‘мгуыстгæнджытæй кæцыдæрты равг æмæ зондахаст базонгæйæ, æвæстиатæй хабар хъусын кæной æмæ хъуыддагмæ гæсгæ змæлой. Къæрцхъусдзинад æвзæрын кæныны фарстатæ сты æппæты лæмæгъдæр бынат Управленийы политикон-хъомыладон куысты.
Управленийы командыгæнынад нæ сæххæст кодта СВАГ-ы кусджытæн сæ цæрæнбынæттæ немыцы фатертæй Карлсхорстмæ раивыны бардзырд. СМЕРШ-ы контрразведкæйы оргæнтæн се стырзæрдæдзинады аххосæй сæ бон нæ баци Токаевы ‘рдыгæй гадзрахат бакъуылымпы кæнын.
СВАГ-ы Штабы ‘рдыгæй цæттæгонд æрцæудзæн бардзырд ацы цауы фæдыл, дзуапп æрдомын бахъæудзæн лыгъды хабары аххосджынтæй. Партийы хаххы ‘рдыгæй курын барлæвæрд, цæмæй инæлæрттæ Баринов æмæ Александровæй, стæй булкъон Белыхæй дæр дзуапп æрдомæн уа, Райгуырæн бæстæмæ фæстæмæ æрвитыны уагæвæрд кæй фехæлдтой æмæ уымæй гадзрахатæй рацыдæн æххуысгæнæг кæй фесты, уый тыххæй
СВАГ-ы бардзырд хæццæгонд уыдзæн уынаффæйы æрбадты рæстæг управлениты æмæ хайæдты хицæуттæм. Партион къамисы уынаффæимæ базонгæ кæнын хъæуы æппæт управлениты æмæ хайæдты хицæутты – коммунистты æмæ сæ политикон хайæдты хæдивджыты, партбюройы секретарьты.
СВАГ-ы Политхайады Штабы хицау булкъон Овчинников.
10 ноябры фехъусынгæнинагмæ Æмхасæн:
1945 азы августæй 1946 азы январьмæ Токаев куыста Цæдисон Секретариаты Советон секцийы, ноджы ма 1945 азы сентябры та æвзæрст æрцыд Цæдисон Секретариаты Советон секцийы парторганизацийы партбюройы секретарæй. Йе ‘мслужбæгæнæг афицертæ Кудрявцев, Лысенко æмæ Никольченкойы ныхæстæм гæсгæ, Токаев куыстмæ кастис уæлæнгай цæстæй. Æмбæлттимæ ныхасы «тынг сусæг хъуыддаг у» зæгъгæйæ, дзырдта, ныртæккæ кæй кусы, немыц реактивон авиаматортæ куыд сарæзтой æмæ сæ куыдæй хуыздæр кæнынц, уый сбæлвырд кæныныл. Тынг архайдта, цæмæй йæ командировкæйы арвыстаиккой Германийы англисаг оккупацион зонæмæ, æмбарын кодта, цыма, реактивон авиамотортæ уадзыныл цы немыцаг институт куыс- та, уый зоны, æмæ йæ фæнды уырдæм исты хуызы бахауын. Маршал æмб. Соколовский йын бар нæ радта. Цæдисон Контролон хицауады кусгæйæ, Токаев цалдæр хатты фембæлд æбæлвырдгонд немыцæгтимæ, фæлæ уый тыххæй никæмæн ницы фехъусын кодта. Æмбæлттимæ æргомзæрдæ нæу. Йæ бинонты ‘рцыды размæ арæх æмбæлдис сылгоймæгтимæ, арæхдæр, СВАГ-ы госпиталы чи куыста, ахæмтимæ.
Цæдисон Секретариаты Советон секцийæ Токаевы чи зыдта, уыцы афицертæ Столяров, Шептунов, Кокорев, Кудрявцев, Лысенко, Никольченко, Хæстон-Уæлдæфон хайад æмæ Æфсæддон Управленийы Токаевы æвдисынц куыд карьерист. Йæ куыстмæ цыдис, стæй-иу йæ куыстæй ацыдис, кæд æй фæндыдис, уæд. Инæлар Куцевалов æмæ инæлар-булкъон Серовимæ Мæскуыйы куы уыд, уæд, уырдыгæй æрбаздæхгæйæ, Токаев арæх дзырдта йе ‘мкусджытæн, зæгъгæ йæ бакодтой немыцаг специалистты сбæрæггæнæн паддзахадон къамисмæ, æмæ йыл уыцы хъуыддаджы ис æппæты бæрнондæр хæс æвæрд.
Уæлæмхасæн æрмæг Токаев æмæ йæ бинонты фæцыдæры тыххæй:
2 ноябры Токаевмæ уазæгуаты уыдис булкъон Столяров. Ныхæстæгæнгæйæ, Токаев дзырдта, зæгъгæ йын ам аккаг аргъ не скодтой, хъаст кодта, кæй йæ дæлдзиныг кæнынц, лимитон карточкæ нæ дæтгæйæ, уымæй уæлдай ма йын ордертæ дæр нæ дæттынц. Мæскуымæ цæуынмæ хъавыдис хæстæгдæр бонты. Булкъон Столяров бадис кодта, Токаев нырмæ йæ хæдзары дзаумæттæ кæй нæ арвыста, ууыл; йæхи нæ систа партхыгъдæй, нæ финхайадимæ, кæрæдзийæ исты дарынц æви нæ, уый сбæрæг кодта, консулты бюройы йæхи нæ фæнысан кодта. Токаев ын загъта, ома уыдæттæ скæнынæн нырма ис рæстæг, кæнæ ма иу-дыууæ боны бæрц афæстиат уыдзæн.
Силезскы вагзалы, скълады кæрты бæрæггонд 10 бынаты æфснайд сты, Токаев Мæскуымæ цы дзаумæттæ хъуамӕ арвыстаид, уыдон. Фæлæ уыцы 10 бынаты æрвитынмæ цæттæ нæ уыдысты, уымæн æмæ Токаев, цы гæххæттытæ сын хъуыд, уыдон иууылдæр нæ бацæттæ кодта, уымæ гæсгæ уыцы дзаумæттæ уыдысты ист æрмæстдæр бахъахъхъæнынмæ. Токаев сын зæрдæ бавæрдта æртæ боны фæстæ æд гæххæттытæ æрбацæуынæй, фæлæ уæдæй фæстæмæ Силезскы вокзалмæ зынгæ дæр нал фæкодта.
Булкъон Белых уыд, Токаевы фæстаг хатт чи федта 3 ноябры, уый æмæ бафиппайдта, æфсæддон дарæсы кæй нæ уыд, фæлæ йæ ницæмæ æрдардта, уымæн æмæ зыдта, йæ службæйы хæстæ æххæстгæнгæйæ-иу Токаев арæх сусæгæй æмбæлд немыцаг специалисттимæ æмæ-иу уыд хæрзарæзт, цæмæй йыл цæст ма ‘рхæца. Фæлæ уыцы бон Токаев æфсæддон дарæсы кæй нæ уыд, уый хъуыдытыл æфтауы.
Фæстаг бонты Токаев тынг арæх дзырдта, Мæскуымæ кæй цæуы, 3 ноябры кой дæр-иу скодта. Фæлæ, кæд æцæг Мæскуымæ цæуынвæнд кодта, уæд хуыздæр уыд æфсæддон дарæсы, афтæмæй йын æнцондæр уыдаид æфсæнвæндагыл дæр æмæ æфсæддон кассæты билеттæ исын дæр. Æфсæддон дарæс ыл кæй нæ уыд, уый нысан кæны, йæ фæндтæ æххæст кæнынæн æй кæй хъыгдардтаид, уый.
Токаевы лæггадгæнæг немыцаг сылгоймаг Гертрудæ Герсдорф фехъусын кодта, Токаев ын, хæдзарæй цæугæйæ, кæй загъта, фæстæмæ изæры æрбаздæхдзынæн, зæгъгæ. Фæлæ 4 ноябры райсомæй немыцаг сылгоймаг Токаевы фатерæй дзаумæттæ хæссын райдыдта. Уый ууыл дзуры, æмæ зыдта, хæдзары хицау кæй нал æрбаздæхдзæн, æндæр советон афицеры дзаумæттæ нæ давтаид.
Токаевы æвæстиатæй ацыды фæстæ йæ фатеры баззад «Золинген» фирмæйы уагъд радиоприемник «Телефункен», цуанон топп æмæ бирæ продукттæ. Токаев æцæгдзинадæй Мæскуымæ куы цыдаид, уæд продукттæ йемæ аластаид, фæндагыл дæр æмæ йæ Мæскуыйы дæр фыццаг бонты бахъуыдаиккой. Продукттæ кæй нæ аласта, уый ууыл дзуры, æмæ зыдта, æнæ продукттæ йæ кæй нæ ныууадздзысты.
Уыдон иууылдæр сты, дæлбулкъон Токаев Райгуырæн бæстæ уæйгæнæг кæй у, уый æвдисæнтæ.
Гæнæн ис, йæхи æмæ йын йæ бинонты басайдтой Берлины цæдисон сектормæ æмæ йæ уым æвæндонæй дарынц. Фæлæ уыцы вариант у зын бауырнинаг.
СВАГ-ы Штабы Политхайады хицау булкъон Овчинников.
XXVII
– Мах, Григори, бахæццæ стæм, дæ царды æппæты сæйрагдæр цы хъуыддаг сарæзтай, уымæ. Æз кæд раст бамбæрстон, уæд дæуæн тригер ссис газет «Die Welt» цы уац ныммыхуыр кодтой Францы немыцаг ахуыргонд Ойген Зенгеры адавыны тыххæй, уый.
– Раст зæгъыс.
– Æмæ дæм афтæ тынг цæмæй бахъардта уыцы мыхуыры æрмæг?
– Дæхæдæг æй не ‘мбарыс?
– Ис мæм цыдæр хъуыдытæ, фæлæ мæ фæнды, ды дæхæдæг цы зæгъдзынæ, уымæ байхъусын.
– Мæн уыцы тæккæ бон æрцахстаиккой. Фæаххосджын мæ кодтаиккой, ахæм хъуыддаг кæнынмæ кæй хъавынц, уый сын æз фехъусын кодтон, зæгъгæ. Инæлар Серов зыдта, уыцы хабар æз дæр кæй зонын, уый. Куынæ сразы дæн уыцы операцийы архайыныл, уæд мыл гуырысхо кæнын райдыдта. Уый размæ дæр æй æргомæй загъта, Брунштайны нæ куы ‘рцахстой æмæ мæн англисæгтæ æвиппайды куы суæгъд кодтой, уый фæстæ. Хъуыддаг сымах ‘руаджы рауадис афтæ?
– Мах тыхстыстæм де ‘дасдзинадыл.
– Уый рæдыд хъуыддаг уыдис. Ницы ‘рцыдаид, æз æртæ боны ме ‘мбæлттимæ куы фæбадтаин лагеры, уæд. Афтæмæй та мыл Серов дызæрдыг кæнын райдыдта. Парижы бынмæ операци кæй нæ рауадис, уый сбастаид мемæ. Дарддæры хабæрттæ зын сбæрæг кæнæн не сты: ахст, сæрмагонд мадзæлтты руаджы æрфæрстытæ. Серовы адæм хорз арæхсынц, цы сæ хъæуы, уыдæттæ базонынмæ.
– Францæгтæн ды нæ фехъусын кодтай?
– Куыдæй?
– Бастдзинад дын кæимæ уыд, нæ уыцы афицеры руаджы.
– Æмæ йæ уæд сымах дæр зыдтаиккат.
– Уæдæ чи фехъусын кодта францаг æдасдзинады службæтæн, Зенгеры давынмæ кæй хъавынц, уый?
– Операци кæй цæттæ кæнынц, уый æрмæст æз нæ зыдтон. Гæнæн ис, æмæ Серовы хæстæгдæр адæмы ‘хсæн уыдис «бынтыдзæуæг». Гæнæн ис, æмæ Брауншвейгы пъæлицæмæ дæр уый фæхабар кодта нæ экспедицийы тыххæй. Кæд афтæ нæу, уæд æз зонын æрмæстдæр иунæг адæймаджы, йæ бон афтæ бакæнын кæмæн бауыдаид.
– Чи у уыцы адæймаг?
– Профессор Бергер. Диссаджы хорз нын зыдта нæ хъуыддæгтæ. Иухатт ын загътон, ома къамис сног кæндзæн йæ куыст, Зенгер нæ къухы куы бафта, уæд. Уый уыцы тæккæ афарста, ома, дам, гæнæн ис, æмæ йæ давгæ дæр ракæнат. Раст зæгъ, Джордж, сымахимæ куыста?
– Уый дын, Григори, мæ бон фидарæй зæгъын у. Профессор Бергер махимæ нæ куыста. Йæ кой йын фыццаг хатт дæуæй фехъуыстон.
– Уæдæ уæд куыста америкæгтæн.
– Цæмæн афтæ фидарæй зæгъыс уый?
– Уымæн æмæ нæ фембæлды фæстæ Бергер уайтагъд фæцыдæр ис Берлинæй.
– Ды йæ цæмæй базыдтай?
– Капитан Квашнин мын æй загъта. Иуахæмы мæ афарста, Бергер кæм цæры, уый, дам, нæ зоныс. Уыцы хъуыддаг ын бабар кодта инæлар-булкъон Серов. Афтæ йæм фæкаст, цыма æз æхцатæ æххæстæй нæ радтон кæнæ та сын сæ кæцыдæр хай профессор мæнæн фæстæмæ радта. Мæнæн уый тынг фæхъыг. Æз бахъуыды кодтон профессоры адрис æмæ йæ Квашнинæн радтон. Зыдтон, профессор сыгъдæгзæрдæ адæймаг кæй у, æмæ, раст цы у, уый зæгъдзæн. Цалдæр боны фæстæ мын Квашнин загъта, Бергер кæй фæцыдæр, кæм ис, уый, дам, ничи зоны. Уæд фыццаг хатт ахъуыды кодтон, профессор, йæхи куыд æвдисы, бынтон ахæм хуымæтæг кæй нæу, ууыл.
– Кæд ды раст дæ, уæд америкæгтæ цæй фæдыл хъуамæ фæхабар кодтаикой францæгтæн, профессор Зенгеры давынмæ хъавынц, уый.
– Цæмæй мах къухы ма бафта. Америкæгты зæрдæмæ куыд хъуамæ фæцыдаид, Советон Цæдис Зенгеры ракетоплан сараза æмæ дзы Нью-Йоркыл бомбæтæ кала, уый. Æнæ Зенгерæй уый тынг зын саразæн уыд. Мæн уырны, Зенгеримæ дæр сын дзы ницы рауадаид. Советон Цæдисы технологитæ афтæ рæвдз не сты, цæмæй ахæм проект сæххæст кæной.
– Зæгъ-ма, Григори, куыд бакодтаис, Зенгеры адавын сфæнд кæныны цау куынæ уыдаид, уæд? Æрбаздæхтаис Мæскуымæ?
– Нырмæ дæр ма мыл гуырысхо кæныс, кæд советон разведкæйы агент дæн Великобританийы, зæгъгæ?
– Мæ куыст ахæм у, Григори.
– О, æрбаздæхтаин Мæскуымæ. Æмæ мæ бастдзинад сымахимæ баззадаид, раздахæн цы ивгъуыдæн нал ис, уым. Фæлæ æз бузныг дæн уæ службæйæ, афтæ æвæстиатæй эвакуацигонд кæй æрцыдтæн, уый тыххæй.
– Уый мах инфильтраци хонæм.
– Уадз. Сымах мæн æмæ мæ бинонты фервæзын кодтат тынг стыр фыдбылызтæй. Куыд рауад, афтæ рауад. Ууыл фæсмон кæнæн уаид, фæлæ дзы аивæн ницыуал ис. Курдиат политикон сæрфæцæвæны тыххæй æз ныффыстон аэродром Темпельсдорфы, цалынмæ «Ланкастер»-ы стæхынмæ цæттæ кодтой, уæдмæ.
XXVIII
Курдиат Великобританийы Хицауадмæ.
- Æрæджы цы дыккаг дунеон хæст фæци, уый фæстæ мæ бæстæ ссис сидзæрты, сидзæргæсты, уæнгхъуаг цæнкуылты æмæ æнæхæдзар адæмы бæстæ; мæ адæм цы тугуард æмæ æвирхъау хъуагдзинæдтæ баййæфтой, уыдон ын нæ фæхуыздæр кодтой йæ барадон, удварнон æмæ экономикон уавæр. Бæстæйы æнæмæнг хъæуы радикалон политикон деконструкци, йæ экономикæ сног кæнын.
- Афтæмæй та хъуыддаг цæуы æртыккаг дунеон хæстмæ, йæ амидингæнджытæ сты Политбюройы цыппæрдæс уæнджы æмæ кандидаты. Политбюройы политикæйæн æппындæр иумæйагæй ницы ис мæ адæмы интерестæ æмæ сагъæстимæ, уымæ гæсгæ разы нæ дæн уыцы политикæйы инструмент æмæ архайæг уæвыныл.
- Советон Цæдисы Æддаг политикæ æз нымадтон æмæ нымайын империалистон-экспансионистоныл, æндæр бæстæты сæрибардзинад исæгыл; афтæмæй йæ нысан у æнæхъæн дуне йæ дæлбар бакæнын. Æз уыцы пункттæй иуимæ дæр разы нæ дæн, уымæ гæсгæ мæ нæ фæнды уыцы политикæйы инструмент æмæ архайæг уæвын.
- Æз дæн æппæтадæмон æмбырдты советон дипломатийы гуымиры мадзæлтты ныхмæ цæхгæр политикон оппозицион лагеры; уыцы мадзæлттæ æрмæст æппæтадæмон æмархайды бындур халæг не сты, фæлæ ма сты ме ‘наххос адæмæн сæ намыс къахыргæнæг дæр; дыууын фондз «вето»-йы æппындæр не сты мæ адæмы фæндонтæ æвдисæг. Æз разы нæ дæн æнæхъæн дунейы æнцойдзинад халджыты рæнхъыты уæвыныл.
- Политбюройæн цы æнæраст æмæ æнæадæймагуарзон (йæ кондæй дæр æмæ йæ мидисæй дæр) æддагон политикæ ис, уый аххосæй мæ бæстæ æмæ мæ адæм сты æнæхъæн дунейæ иртæст. Уыцы адæмы иртæсты политикæ нымайын зианхæссæг æмæ сафæгыл, уымæ гæсгæ разы нæ дæн уыцы политикæйы инструмент æмæ архайæг уæвыныл.
- Германийы Советон æфсæддон администрацийы Сæйраг Штабы дыууæ азы æмæ æрдæг фæкусгæйæ, æз æрцыдтæн фидар хатдзæгмæ: Политбюройы оккупацион политикæйæн Германийы, Австрийы æмæ Польшæйы ис, официалон æгъдауæй цы нысан æвдисынц, уымæ цæхгæр ныхмæвæрд нысан, æмæ нæу сабырдзинад æмæ æдасдзинады фарс Европæйæн иумæйагæй, уæлдайдæр та немыцаг адæмæн. Уыцы политикæйы тæссаг фæстиуджытæ зонгæйæ, разы нæ дæн уыцы политикæйы инструмент æмæ архайæг уæвыныл.
- Политбюройы мидполитикæйы дæр зыны советон царды алы къабазы дарддæры унификаци «фæтæгты» абсолютизм вульгарон нывхæххытæ æмæ æмбарынæдтæм гæсгæ, Мидхъуыддæгты Министрады æмæ Паддзахадон Æдасдзинады Министрады тыхбар æмæ уæгъдибар архайд советон пропагандæимæ хæццæйæ цард кæнынц æрмæст æнад нæ, фæлæ зындзæрæн; Советон Цæдис баззад тыхкуысты бæстæйæ, нæй дзы адæймагæн сæрибарæй фезмæлæн; Советон Цæдис баззад ахæстæтты бæстæйæ дæс æмæ ссæдз милуан ахст-цагъайрагимæ; Советон Цæдисы ис, историйы цы нæма фендæуыд, адæймаджы ахæм паддзахадон бюрократион эксплуатаци. Æз разы нæ дæн ахæм «политикæйы» архайыныл æмæ рацыдтæн йæ ныхмæвæрд лагерьмæ, уымæн æмæ уым ис мæ адæмы интерес. Уый хъæуы мæ адæмы.
- Дæс æмæ ссæдз азы Советон Цæдисы цард æмæ 16 азы Коммунистон Партийы рæнхъыты уæвын мын бар дæтты фехъусын кæнынæн, большевикты Коммунистон Парти адæмы ныхмæ партии кæй у, йæ кæцыдæр фарстатӕ та сты æрдзы ныхмæ политикон тых; æмæ йыл ныхас дæр нæй, адæмы ныхмæ чи у, йæ интерестæ æмæ йын йæ сагъæстæ чи не ‘мбары, ахæм политикон тыхимæ мæнæн иумæйагæй ницы ис, æмæ дзы æз мæхи хицæн кæнын.
- Советон Цæдисы политикон оппозицийы уæвын фыдракæндыл нымад кæй у, æмæ уый тыххæй æппæты карздæр социалон æфхæрд баййафæн кæй ис, Советон Цæдисы закъон, Политбюройы хъуыдыимæ иу цы хъуыды нæу, ахæм хи хъуыды уæвын кæм нæ уадзы, æвиппайды йæ «империализмы пайдайæн шпионажыл» кæй анымайы, уымæ гæсгæ мæнæн мæ бæстæ ныууадзынæй дарддæр æндæр гæнæн нал уыд, æмæ мæ бинонтимæ ныууагътон советон бæстæ.
- Æз курын Великобританийы Хицауадæй, цæмæй мын мæ бинонтимæ иумæ раттой цæрыны бар уæ бæстæйы куыд политикон лигъ- донæн. Мæ дарддæры царды иунæг нысан уыдзæн мæ адæмы æмæ æгас дунейы адæмы сабыр æмæ фæрнджын царды сæрвæлтау кусын.
Цыфæнды уавæрты дæр мæ адæмыл иузæрдион кæй уыдзынæн, стæй мæ ралыгъды аххосаг советон уагæвæрдимæ æнæразыдзинад кæй у, уый æмбæхсынæн мын æфсон нæй, уымæ гæсгæ бузныг уыдзынæн, мæ ацы курдиат мын мыхуыр æмæ радиойы фæрцы дзыллæтæ куы фехъусой, уæд.
Сымахæн стыр аргъгæнæг
Г.А.Токаев (Гр. А.Токаев), инженер-булкъон, техникон наукæты кандидат, доцент, хæдтæхджытæаразынады инженер, Германийы Советон Æфсæддон Администрацийы Сæйраг Штабы раздæры бæрнон кусæг.
XXIX
ÆРФАРСТЫ СУАГЪÆ
20 ноябрь, 1947 аз, Берлин.
Æз, Берлины СВАГ-ы райхайады оперсекторы хицау, дæлбулкъон Костиков А.Д., уыцы райхайады тæлмацгæнæг, старшина С.А. Воробьевимæ æрфарстон æвдисæн Герсдорф Гертрудæйы, 1897 азы гуырд, æнæпартион, немыцаг.
Æвдисæн Герсдорф Гертрудæ фæдзæхст æрцыд, Уæрæсейы УК-ы 95 ст. гæсгæ сайæн æвдисæндартæ дæттыны кæнæ æвдисæндартæ дæттыныл не сразы уæвыны тыххæй цы бæрндзинад хæссы, уымæй; тæлмацгæнæг старшина С.А. Воробьев дæр фæдзæхст у, Уæрæсейы УК-йы 95 ст. гæсгæ æнæраст тæлмацы тыххæй цы бæрндзинад хæссы, уымæй.
Фарст: Токаевмæ лæггадгæнæгæй кусгæйæ, цавæр ахастыты уыдыстут ды æмæ дæ бинонтæ Токаевы бинонтимæ? Цавæр фæткмæ гæсгæ куыстай Токаевмæ?
Дзуапп: Æз, мæ мой æмæ мæ лæппу уыдыстæм тынг хорз ахастыты Токаев Григорийы бинонтимæ. Бæрæгбæтты сæм-иу уазæгуаты дæр цыдыстæм. Куыстон сæм æрвылбон райсомы 9 сахатæй боны 2 сахатмæ, хатгай та-иу, гæрстæ æхсыны рæстæг, бафæстиат дæн изæрмæ. Алы мæй дæр мæ куыстæн истон 100 маркæйы æмæ хæлцы цавæрдæр продукттæ.
Фарст: Токаевы бинонтæ Советон Цæдисæй Берлинмæ кæд æрцыдысты?
Дзуапп: Фыццаг хатт Токаевы бинонтæ Берлинмæ æрцыдысты 31 декабры 1945 азы, фæцардысты Берлины 1946 азы февральмæ, стæй фæстæмæ Советон Цæдисмæ аздæхтысты. Дыккаг хатт Токаевы бинонтæ Берлинмæ æрцыдысты майы кæрон, 1946 азы, æмæ Советон Цæдисмæ нал ацыдысты.
Фарст: Куыд дардта Токаев йæхи йæ бинонтимæ?
Дзуапп: Токаев Григорий æхгæд адæймаг у, суанг йæ бинонтимæ дæр бирæ нæ ныхас кодта, хæдзары куыста бирæ, фыста цыдæртæ, машинкæйыл дæр йæхæдæг мыхуыр кодта. Тынг уарзта йæ чызджы.
Фарст: Токаевы зонгæтæй искæй зоныс? Чи сæм-иу цыд?
Дзуапп: Токаев хæларæй цард дыууæ советон афицеримæ, иу ран куыстой. Сæ мыггæгтæ сын нæ зонын. Уыдон Токаевы фатермæ арæх цыдысты. Цалдæр хатты йæм Мæскуыйæ дæр уыдысты цавæрдæр афицертæ.
Фарст: Исты зоныс Токаевы бастдзинæдты тыххæй Берлины æмæ Германийы провинциты бынæттон цæрджытимæ?
Дзуапп: 1947 азы сæрды Токаевы фатермæ дыууæ хатты æрбацыд мæнæн æнæзонгæ нæлгоймаг, иу-æртиссæдзаздзыд, уыд ын даргъ боцъо, йæ сæрыхъуынтæ дæр даргъ æмæ халас. Токаевимæ дзырдта уырыссагау. Æз Токаевы бинойнаджы бафарстон, чи у, зæгъгæ. Дзуапп мын радта, уырыссаг профессор, дам, у, Германимæ йæ 1922 азы рарвыстой. Дыууæ хатты дæр Токаев йемæ ныхас кодта йæхи агъуысты иу сахаты бæрц. Стæй мын Токаевы ус загъта, уыцы профессор ма куы ‘рбацæуа, уæд ын-иу цæмæй дзурон, Токаев хæдзары нæй, зæгъгæ. Фæлæ уый нал æрбацыд.
Фарст: Токаевмæ-иу чи ‘рбацыд, уыдонимæ америкæгтæ кæнæ англисæгтæ уыд?
Дзуапп: Нæ. Кæд семæ æмбæлд, уæддæр хæдзары нæ.
Фарст: Уæ фатер сгаргæйæ, 17 ноябры ссардтам фыстæг ахæм адрисимæ: «Господин майор Георгмæ». Цæй фыстæг уыд, чи у майор Георг?
Дзуапп: Иухатт мæ 1946 азы кæрон Токаевы бинойнаг ракуырдта, цæмæй йын ратæлмац кæнон иу сылгоймаджы фыстæг. Фыстæг уыд немыцаг æвзагыл фыст. Уыцы фыстæджы немыцаг сылгоймаг Эльзæ Рихтер фыста Григори Токаевмæ, йемæ йæ ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл кæй хъæуы фембæлын, зæгъгæ йæ æрфарста иу советон афицер капитаны цины, фарста йæ, Токаевы цы англисаг майоримæ базонгæ кодта, уымæй. Токаевы бинойнаг фенхъæлдта, йæ мой кæд æндæр сылгоймагимæ æмбæлы, зæгъгæ, æмæ йын тынг зын уыд. Фыстæг йæ моймæ нæ радта. Фæстæдæр та ногæй мæхи посты асыччы ссардтон ноджы иу фыстæг «Господину майору Георгу», уыцы къухæй фыстæй. Григорийы бинойнагæн мæ маст скæнын нæ бафæндыд æмæ фыстæг Токаевмæ нæ радтон, усæн дæр ницы загътон. 17 ноябры онг фыстæг нæ байгом кодтон, байгом æй кодтой, нæ хæдзар нын чи басгæрста, уыцы советон афицертæ. Эльзæ Рихтер чи у, уый нæ зонын, йемæ никуы фембæлдтæн.
Фарст: Токаевы машинæйыл шофырæй чи куыста?
Дзуапп: Токаев йæхæдæг хорз тардта машинæ, æмæ-иу бирæ хæттыты йæхæдæг ацыд æнæ шофырæй. Уыдис ын дыууæ шофыры. Иу – 45-аздзыд Вилли Брели, немыцаг, цæры Берлины – Митте, Аккеринштрассе, 146. Токаевмæ куыста 1946 азы июнæй 1947 азы июльмæ. 1947 азы Токаев Вили Брелийы суæгъд кодта æмæ 35-аздзыд Норберт Биндеры райста, цæры америкаг секторы, район Нехебергы Гогенштауренштрассе, 7. Уый Токаевмæ куыста 1947 азы 3 ноябрьмæ. Токаев хатгай цыд службæйы машинæйыл дæр. Шофыртæ уым алыхуызæттæ уыдысты, сæ мыггæгтæ сын нæ зонын.
Фарст: Кæд базыдтай, Токаев йæ бинонтимæ Советон Цæдисмæ цæуынмæ хъавы, уый?
Дзуапп: 21 октябры райсомæй. Куыстмæ куы ‘рбацыдтæн, уæд мын Токаевы ус загъта, 28 октябры кæй ацæудзысты, уый. Уыд тынг хъæлдзæг. Уый размæ дæр-иу мын арæх дзырдта, тагъддæр æй Мæскуымæ ацæуын кæй фæнды, уый тыххæй, уым, дам нын хорз цæрæн бынат ис. Фæлæ 29 октябрьмæ сæхи ницæмæй цæттæ кодтой ацæуынмæ. 29 октябры райсомæй æрбацыдысты дыууæ немыцаджы Силезскы вагзалæй æмæ Токаевы хæдзары дзаумæттæ сцæттæ кодтой ласынмæ.
Фарст: 21 октябрæй фæстæмæ Токаевты фатеры немыцаг кæнæ советон цæрджытæй исчи уыд?
Дзуапп: Æз никæй федтон. 2 ноябры мæ мой æмæ мæ фыртимæ уыдыстæм Токаевы усы райгуырæн боны. Æмæ уым уыд Токаевы хæстæг майор-танкист. Уыцы майорæн йæ ус у Токаевы хо. Советон Цæдисæй Германимæ æрцыд 1947 азы октябры. Æндæр сæм ничи уыд.
Фарст: 3 ноябры уыцы майор-танкист уыд Токаевы фатеры?
Дзуапп: Нæ, нæ федтон. Чи зоны, уый раздæр ацыд. Иу-фарæстæм æрдæгыл мæм Токаевы чызг Беллæ æрбацыд æмæ мын фехъусын кодта йæ фыды курдиат, цæмæй сæм, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр æрбацæуон. Куы бацыдтæн, уæд мæ Григори Токаев ракуырдта, цæмæй сын аходæн ацæттæ кæнон, стæй та йын йæ бинойнагæн дзаумæттæ æмбырд кæнынмæ аххуыс кæнон. Мæнмæ тынг диссаг фæкаст сæ уавæр. Токаевы бинойнаг тынг тыхсти, уыд хуыздзыд, æмæ фыр тыхстæй йæ бон ницы уыд аразын. Дымдта сигареттæ, раздæр никуы дымдта. Григори Токаев уыд граждайнаг дарæсы. Уымæй размæ-иу æдзухдæр æфсæддон дарæсы уыд, æрмæст-иу хуыцаубоны искуы-иу хатт скодта граждайнаг костюм.
Фарст: Цафон ацыдысты Токаевтæ? Бахъуыды йæ кодтай?
Дзуапп: Иу-дæс сахатыл, чи зоны, иуæндæсæмы райдианы.
Фарст: Цы сæвæрдта Токаев машинæйы? Чи сбадт йемæ?
Дзуапп: Токаев машинæйы сæвæрдта цыппар стыр чумæданы уæлæдарæс, мидæггаг дзаумæттæ æмæ къахыдарæсимæ, хъæццулы тыхт хуыссæнгæрзтæ, дыууæ мыхуыргӕнӕн машинкæйы сæ агъудты, цыппар цæрмын пъартфелы цыдæр уæззау цæмæйдæрты дзагæй. Уыцы дзаумæтты сæр æвæрд уыдысты Токаевы дыууæ цинелы, йæ дыууæ граждайнаг пъалтойы æмæ йæ усы дыууæ тинты кæрцы. Токаев йæхæдæг сбадт рулыл, ус йæ фарсмæ, чызг та фæстаг бадæныл. Токаевы ус мын загъта, изæры, дам, нæ иннæ дзаумæттæм æрбаздæхдзыстæм, фæлæ не ‘рбацыдысты. Уæдæй фæстæмæ сæ нал федтон.
Фарст: Цы баззад сæ фатеры?
Дзуапп: Бирæ продукттæ, хæдзары мигæнæнтæй дзаг асыкк, радиоприемник, цуанон топп æмæ æндæр дзаумæттæ. Токаев ныууагъта, æрвылбон цы æфсæддон формæйы цыд, уый дæр. Æз бафиппайдтон, йæ къæхтыл уыд алыхуызон туфлитæ. Ахæм хабар ыл раздæр никæд æрцыд. Мæнмæ уый диссаг фæкаст, фæлæ зæгъгæ ницы кодтон.
Фарст: Советон афицертæй иу федта, Токаевы фатерæй дзаумæттæ куыд рахастай, уый. Кæй нал æрбаздæхдзысты, уый зыдтай?
Дзуапп: Æз уый нæ зыдтон, Токаевы хæдзарæй та рахастон, Токаев мын мызд цы продукттæй фыста, æрмæст уыдоны иу хай.
Фарст: Сæ уæлæ цы уыд Токаев æмæ йæ бинонтæн?
Дзуапп: Токаевыл уыд сау костюм, сау туфлитæ, фæлурс-морæ пъалто, морæ чъилджын худ æмæ морæ хъуырбæттæн. Йæ ус уыди тар-цъæх пъалтойы æмæ тар-цъæх худы.
Фарст: Раздæр цавæр дзаумæттæ арвыста Токаев æмæ кæдæм?
Дзуапп: 1 ноябры Силезскы вагзалмæ Токаев арвыста стыр дзаумæттæ, иу-дæс бынаты. Æдде сыл фыст уыд, Мæскуымæ æрвыст кæй цæуынц, уый. Токаев арвыста иу буфет, иу фæлмæн диван, иу фыссæн стъол, иу стыр тымбыл стъол, æртæ фæлмæн къæлæтджыны, цыппар гыццыл тымбыл стъолы, кæсæнджын стъол, дыууæ æви æртæ гауызы. Дзаумæттæ вагзалмæ аластой, Токаев 29 октябры цы немыцæгты баххуырста дзаумæттæ тухынмæ, уыдон. Йæхæдæг дæр вагзалмæ семæ ацыд.
Фарст: Шофыр Биндер-иу Токаевмæ кæд фæзынд куыстмæ?
Дзуапп: Æдзухдæр райсомы аст сахатмæ.
Фарст: 3 ноябры та кæд фæзынд?
Дзуапп: Иуæндæсмæ ‘ввахс, фæлæ уæдмæ Токаев хæдзары нал уыд.
Фарст: Куыд бамбарæн ис, Биндер уыцы бон æнæхъæн æртæ сахаты кæй байрæджы кодта, уый?
Дзуапп: Токаевы ус ын бабар кодта базары авд килæйы дзидза ауæй кæнын. 2 ноябры изæры мæм Биндер æрбадзырдта, цæмæй Токаевæн зæгъон, кæй байрæджы кæндзæн, дзидза ауæй кæнын æй кæй хъæуы, уымæ гæсгæ.
Фарст: Токаев-иу йæ ацыды размæ фæстаг бонты дæргъвæтин рæстæг нæ уыд хæдзары? Кæмæ дзырдта телефонæй, чи йын дзырдта йæхимæ?
Дзуапп: Токаев-иу æрвылбон хæдзарæй ацыд фараст сахатыл, æрбацыд-иу фæстæмæ боны дыууæ сахатыл æмæ та-иу сихоры фæстæ ногæй ацыд. Кæдæм цыд, уый æз нæ зонын. Нæ зонын, телефонæй кæмæ дзырдта æмæ йæм чи дзырдта, уый дæр.
Фарст: 2 æмæ 3 ноябры исты машинæтæ уыдис Токаевы хæдзары раз?
Дзуапп: Токаевæн йæхи машинæйæ дарддæр ницавæр.
Фарст: Токаевы машинæ ма искуы федтай йæ ацыды фæстæ?
Дзуапп: Нæ федтон. Мæ фырт Гельмут мын дзырдта, куыстæй куы ‘рбацæйздæхт, уæд Карлхорсты районы федта Токаевы машинæ, фæцæйцыд Лихтенбергы ‘рдæм. Фæлæ уый уыд 17 æви 18 ноябры.
Фарст: Токаев кæнæ дын йæ ус сæ ацыды размæ фæстаг бонты исты хъуыддаг сæххæст кæнын бабар кодтой?
Дзуапп: Нæ, ницы мын бабар кодтой, нæдæр мæнæн, нæдæр мæ мой Рихардæн, нæдæр мæ фырт Гельмутæн.
Суагъæйы бын сæ къухтæ бафыстой Гертрудæ Герсдорф æмæ дæлбулкъон Костиков.
ÆРФАРСТЫ СУАГЪÆ
1947 аз, 19 ноябрь. Берлин.
Æз, Германийы Советон Æфсæддон Администрацийы гвардийы майор Железный тæлмацгæнæг М.Бемы æххуысæй æрфарстон Вилли Бремы, 1901 азы гуырд, фирмæ «Штальбау»-ы шофыры.
Фарст: Германийы капитуляцийы фæстæ цы куыст кодтай?
Дзуапп: Куыд нацист, 1946 азы июлы мæймæ архайдтон пырх хæдзæрттæ халыны куыстыты район Миткийы. Уыцы азы 26 августæй та уыдтæн советон афицер Григори Токаевы машинæтæрæг. Мæ куыстæй мæ куы суæгъд кодта, уæд бацыдтæн фирмæ «Штальбау»-мæ, хидтæ аразæм.
Фарст: Токаевæн дæ чи райсын кодта куыстмæ?
Дзуапп: Токаев кæм цард, уыцы хæдзары хицау Рихард Герсдорфы фырт Гельмут Герсдорф. Гельмутимæ та мæ базонгæ кодта мæ чызг Иоганна Брем, Гельмутимæ кæрæдзи уарзынц.
Фарст: Цы ‘фсонæй дæ арвыста Токаев дæ куыстæй?
Дзуапп: Афтæ йæм каст, машинæ æвзæр тæрын, стæй йæ цалцæг кæнынмæ дæр нæ арæхсын. Иухатт Мæскуымæ ацыд æмæ фæстæмæ тынг æвзæр зæрдæйы уагимæ æрыздæхт, цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ машинæтæрæгæй райста слесыр Норберт Биндеры. Уыцы æрмадзмæ-иу мах арæх бацыдыстæм исты лыстæг цалцæггæнинæгты тыххæй, æмæ-иу, иуварс ацæугæйæ, цæуылдæр бирæ фæныхас кодтой.
Фарст: Цавæр адристæм-иу баластай Токаевы?
Дзуапп: Цалдæр хатты йæ Потсдаммæ аластон «Метрополь» æмæ «Адмирал-пласт»-ы театртæм. Йæ бинойнаджы курдиатмæ гæсгæ-иу ацыдыстæм Берлины америкаг сектормæ. Иухатт дзы йæ зæрдæмæ фæцыд уæрæхчъилджын сау худ. Сæ чызджы сын скъоламæ ластон. Æндæр никæдæм.
Фарст: Цавæр æндæрбæстæгтæ-иу æм цыд?
Дзуапп: Уый æз нæ зонын. Æнæ мæнæй-иу арæх ацыд йæхæдæг, машинæ хорз скъæрдта. Улæфты бонты мыл никуы баууæндыд йæ машинæ. Кæдæм æмæ кæимæ цыд, уый мæнæн цымыдисаг нæ уыд. Раздæр мæ куы бафæдзæхстаиккат, уæд æм мæ цæст дардтаин.
Мæ ныхæстæм гæсгæ протокол раст фыст у.
Вилли Брем.
ÆРФАРСТЫ СУАГЪÆ
1947 аз, 22 ноябрь. Берлин.
Æз, Берлины Оперсекторы райхайады разамонæджы хæдивæг, гвардийы майор Железный уыцы райхайады тæлмацгæнæг лейтенант Н.П. Поскакухинимæ æрфарстон Гельмут Герсдорфы, 1922 азы гуырд, немыцаг, æнæус, кусы механик-монтерæй æфсæнвæндаджы станцæйы Шарлетинбургы, йæ цæрæнбынаты адрис у – Берлин, Вармбаденштрассе, 25.
Тæлмацгæнæг лейтенант Поскакухин Н.П. раст нæ ратæлмац кæныны тыххæй цы бæрндзинад хæссы, уымæй фæдзæхст æрцыд Уæрæсейы УК 95 ст. гæсгæ.
Фарст: Радзур-ма нын дæ службæйы тыххæй немыцаг æфсады.
Дзуапп: Æз службæ кодтон авиабастдзинадыл ахуыргæнæн ротæйы горæт Ютербогы аэродромы Берлинæй хуссарырдæм 70 километры дарддæр æмæ дзы ахуыр кодтон дыууæ азы. Уыцы скъола каст нæ фæдæн, æмгъуыдæй раздæр мын радтой ефрейторы цин, æмæ мæ 1943 азы январы арвыстой Хурыскæсæн фронтмæ. Уыдтæн уæлдæфон радист, хæцыдтæн Харьковы бынмæ, Полтавæйы, Ригæйы. 1945 азы хæцыдтæн америкаг æфсæдты ныхмæ Ваймары районы, уацары дæр бахаудтæн уым.
Фарст: Цы хуызы уæгъдгонд æрцыдтæ уацарæй?
Дзуапп: Уацары уæвгæйæ, æртыккаг бон æндæр немыцаг уацайрæгты стыр къордимæ мæнæн дæр уыд æрфарст. Фарста мæ америкаг æфсады сержант. Æрфарст ахаста 10-15 минуты бæрц, агъуысты ма уыд ноджы иу америкаг салдат, мыхуыргæнæн машинкæйыл мыхуыр кодта. Дыууæ къуырийы фæстæ та нæм ногæй фæдзырдтой, анкетæтæн нын дзуаппытæ раттын кодтой, сæрибар кæй стæм, уый тыххæй нын гæххæттытæ æмæ фæйнæ 120 маркæйы радтой. Зæрдæ нын бавæрдтой дыууæ боны фæстæ суæгъд кæнынæй, фæлæ нын дыууæ боны фæстæ нæ лагерь Альтенбург бацахстой советон æфсæдтæ. Иу-дæс боны фæстæ та нæ фарстой уырыссаг афицертæ, стæй нæ уацарæй суæгъд кодтой. Уæдæй нырмæ кусын æфсæнвæндагыл.
Фарст: Зæгъ дæ æндæрбæстаг зонгæты нæмттæ.
Дзуапп: Уыдон уыдысты æдæппæтæй дыууæ адæймаджы. Сæ иу – америкаг сылгоймаг Райзек Эллионорæ, капитуляцийы размæ мах хæдзары цард, куыста æфсæддон госпиталы хæдзарадон хайы. 1946 азы сæрды ацыд Америкæмæ, Нью-Йоркмæ. Дыккаг уыд Советон æфсады афицер Токаев. Зонын æй æрмæст 2 азы. 3 ноябры Берлинæй ацыд.
Фарст: Чи уыд америкаг Райзек Эллионорæ, æмæ уын йемæ цавæр ахастытæ уыд?
Дзуапп: Эллионорæ Райзек, 35-аздзыд, райгуырд Нью-Йоркы, Берлинмæ æрцыд 1932 æви 1933 азы йæ лæг Вальтеримæ. Вальтер бацыд службæмæ вермахтмæ æмæ, æвæццæгæн, ныр ис англисаг уацары. Хæсты размæ фондз азы бæрц цардыстæм иу хæдзары. Нью-Йоркмæ йæ ацыдæй дыууæ боны размæ нæм æрбацыд, хæрзбон нын загъта, стæй нын æнæнхъæлæджы бафæдзæхста, цæмæй йын йæ агъуыст æххуырсты раттæм советон афицер Токаевæн. Токаев дзы фæцард 1947 азы февралы мæймæ, стæй ацыд, нæ фарсмæ цы виллæ уыд, уырдæм.
Фарст: Чи-иу æрбацыд Токаевмæ, сымах хæдзары цалынмæ цард, уæдмæ?
Дзуапп: Цалынмæ йæ бинойнаг æмæ йæ чызг не ‘рцыдысты сентябры, 1946 азы, уæдмæ-иу хатгай йæ машинæйыл æрбаласта немыцаг чызджыты, фæлæ сын æз сæ мыггæгтæ æмæ адристæ нæ зонын. Афтæ ма-иу æм æрбацыдысты мæнæн æнæзонгæ уырыссаг афицертæ æмæ немыцаг инженертæ. Уыдон-иу æм талынгæй æрбацыдысты, сæ цæсгæмттæ сын никуы федтон.
Фарст: Райдайæнæй кæронмæ нæ кæныс сайгæ. Фæлæ мах дæу тыххæй зонæм алцы дæр. Ды уыдтæ, Англисы интерестæ хъахъхъæнæг америкаг сылгоймаг æмæ советон афицер Токаевы ‘хсæн бастдзинад кæй руаджы уыд, уый. Махмæ уал абаддзынæ. Рæстæг дын дæттæм ахъуыды кæнынæн.
Æрфарст фæцис 16 сахатыл.
XXX
Газет «SЭddeutsche Zeitung». 1948 аз, 2 декабрь.
«Корреспондент Ассошиэйтед Пресс хъусын кæны Лондонæй:
Дæлбулкъон Токаев, советон æфсæддон-уæлдæфон тыхты эксперт, знон пресс-конференцийы фехъусын кодта, зæгъгæ, советон Политбюро кæны æртыккаг дунеон хæстмæ цæттæгæнæн куыст. Ахæм политикæ у советон адæмы интересты ныхмæ, æмæ дæлбулкъон Токаев цæхгæр разы нæу уыцы политикæимæ. Уымæ гæсгæ, хъуыддаг хорз æмбаргæйæ, ахызт æндæр лагерьмæ.
Дæлбулкъон Токаев не сразы дзуапп раттыныл советон иртасæн куыстыты, атомон энергийы æмæ æндæр æфсæддон проблемæты тыххæй фæрстытæн æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, Англисмæ шпион суæвынмæ не ‘рбацыд, фæлæ сæрибардзинадыл хæцынмæ. Советон афицер æнæ дзуаппæй ныууагъта Лондонмæ йæ алыгъды тыххæй фæрстытæ дæр.
Пресс-конференцийы цы советон журналисттæ æмæ Англисы коммунистты мыхуыры фæрæзты минæвæрттæ уыд, уыдон æй аххосджын кодтой гадзрахатæй рацыдæй æмæ ныгуылæйнаг империалисттæн хи ауæй кæнынæй. Токаев уыцы аххостæ аиуварс кодта æмæ сын загъта: «Гадзрахатæй рацæуæн ис æрмæст дæ адæмы интерестыл, уый та тох кæндзæн, советон адæмы уавæр фæхуыздæр кæныныл». Дæлбулкъон Токаев ма пресс-конференцийы кæрон йæ ныхасмæ бафтыдта, фашистон Германийыл советон разамынд кæй нæ фæуæлахиз, фæуæлахиз ыл сты советон хъæбатыр адæм.
XXXI
МИ-5-ы директоры хæдивæг Энтони Браун майор Хопкинсмæ фæдзырдта 1949 азы февралы райдианы, Блейнхем Паласы парчы бæлæстæ миты уымæл уæзæй куы æркъæдзтæ сты, цадтæн та, æнæхъæн сæрддæргъы цы хъарм фембырд кодтой, уый сæ сæрмæ тæфы мигъау куы сбадти, уæд. Брауны раз стъолыл уыд къæндзытæй кæрæдзимæ фидаргонд гæххæтты сыфтæ.
– Æрбахиз, Джордж, æрбад, – хæларзæрдæйæ йæм сдзырдта Браун. – Нæ бафæлладтæ не ‘рбалидзæгимæ ныхас кæнынæй?
– Уый мæ куыст у, сэр.
– Цыфæнды куыстæй дæр адæймаг хатгай фæлмæцын райдайы.
– Нæ бафæлладтæн, сэр. Дæлбулкъон Токаев диссаджы æмныхасгæнæг у. Æз хуыздæр æмбарын райдыдтон Уæрæсейы. Раздæр æз зыдтон Чехов æмæ Достоевскийы Уæрæсе. Ныр æй уынын æндæр хуызы. Тынг диссаджы бæстæ у, Ныгуылæнæн уый у терра инкогнита.
– Цæмæй диссаг у?
– Æрмæст уымæй дæр, æмæ дзы нæ дæлбулкъон Токаевы хуызæн адæймæгтæн уæвæн кæй ис. Йемæ ныхас кæнгæйæ хатгай мæ цæстытыл ауайы, асфальты бæзджын цъарæй чи сзад, уыцы кæрдæджы хал. Цард ницæмæй ныхъхъусгæнæн ис.
– Æнæнхъæлæджы хорз абарст, – фæкодта Браун. – Кæрдæджы хал асфальты бæзджын цъар стыдта?
– Нæ, æрмæст суадис. Фæлæ уал уый дæр гыццыл нæу. Уæлдайдæр асфальт бирæцъарджын, уæззау куы уа, уæд.
– Дымыс?
– Нæ, сэр.
– Уæдæ уæд æз адымдзынæн, кæд мын дæуæй бар ис, уæд.
Браун йæ хæтæлы «Кэпстеном» ныннадта, йæ хæрздæф фæздæг суагъта æмæ дарддæр дзырдта:
– Куыд дын загътон, афтæ æз тынг лæмбынæгæй кæсын æрфарстыты суагъæтæ. Афтæ мæм кæсы, цыма дын Токаев дæ фæрстытæн сыгъдæгзæрдæ дзуаппытæ дæтты.
– Афтæ у, сэр, – загъта Хопкинс. – Фæлæ уый нырма ницæуыл дзурæг у.
– Цæуылнæ?
– Уый цытæ дзуры, уыдон нæ хæстон эксперттæ æнæуи дæр зыдтой. Ногæй дзы ис æрмæст ницы нысаниуæггæнæг детальтæ. Фæнды мæ бамбарын, цæмæн афтæ у, уый. Кæнæ дæлбулкъоны информаци зæронд у, кæнæ та дзуры, бар ын цæмæн радтой, уыдæттæ.
– Уæддæр дæм афтæ кæсы, чи зоны, советон разведкæйы агент у?
– Æз контрразведчик дæн, сэр. Алцæуыл дæр гуырысхо кæнын мæ хæс у.
– Ды хорз контрразведчик дæ, Джордж, уынын дын стыр фидæн. Цасдæры фæстæ бацахсдзынæ мæ бынат. Кæнæ та суанг сэр Перси Силлитоуы бынат дæр.
– Бузныг, сэр. Фæлæ æз ахæм бæрзæндтæм нæ хъавын.
– Уый дæ фæнд кæнæ æвæндæй аразгæ нæу. Хъысмæтæн йæхи логикæ ис. Кæд дæ дæсныйады равзæрст рæдыд нæ уыдис, уæд дæ хъуыддаг йæхæдæг, кæдæм хъæуы, уырдæм æркæндзæн. Уæдæ ма уæддæр гуырысхо кæныс, æцæгдзинадæй дæлбулкъон Токаев чи у, ууыл?
– Кæнын, сэр.
– Уæдæ уæд мæнæ ацы документ бакæс, – Браун æм, стъолыл цы гæххæтты сыфтæ уыд, уыдонæй цалдæр бахæстæгдæр кодта. Хопкинс бафиппайдта: иннæ сыфтæ Брауны раз баззадысты. – Мах æй райстам микрофильмы хуызы. Уырыссагæй англисагмæ тæлмац у. Кæс, тагъд ма кæн.
Хопкинс бакаст:
«Бынтон сусæггаг.
СУДЫ ÆРБАДТЫ СУАГЪÆ
г. Берлин, 1949 аз, 26 январь.
Германийы Советон Хæстон Администрацийы Æфсæддон трибунал, йæ сæрдариуæггæнæг гвардийы юстицийы дæлбулкъон Орлов, суды уæнгтæ – юстицийы булкъон Артеменков æмæ юстицийы майор Журавлев, нымæрдар – гвардийы капитан Прокосенко, зылынджынгонд æмæ дзы йæ фарсылхæцæг нæ архайдтой, афтæмæй æхгæд æрбадты æркастысты аххосджынгæнæг хъуыддагмæ: инженер-дæлбулкъон Токаты Григори Алыксандры фырты (афтæ ма у Токаты Гогки Ахметы-фырт дæр) фыдракæндтæм, Советон Уæрæсейы амынд УСФСР УК 58 – 16 æмæ 58 – 10 ст.ст.;
Токаты Азæ Зауырбеджы чызджы фыдракæндтæм, Советон Уæрæсейы амынд УСФСР УК 58 – 16 æмæ 58 – 10 ст.ст.
12 сах. 30 мин. сæрдариуæггæнæг байгом кодта суды æрбадт æмæ фехъусын кодта, цавæр хъуыддаг æвзардзысты, уый.
Нымæрдар судæн бамбарын кодта, суд кæмæн кæнынц, уыдон – Токаев æмæ Токаева судмæ хæццæгонд не ‘рцыдысты, уымæн æмæ æмбæхсынц Советон Цæдисы арæнты æдде.
Æвдисæнтæм ацы хъуыддаджы тыххæй нæ фæсидтыстæм.
Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта суды уæнгты номхыгъд.
Æфсæддон трибунал, бынаты бауынаффæ кæнгæйæ, сбæрæг кодта:
Токаев æмæ Токаевайы хъуыддагмæ æркæсын фæсаууонмæ УСФСР-йы УК 265 ст. бындурыл, уымæн æмæ аххосджынтæ ныртæккæ æмбæхсынц Советон Цæдисы арæнты æдде.
Суд рахызт хъуыддаг иртасынмæ. Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта аххосджынгæнæн хатдзæг æмæ Æфсæддон трибуналы уынаффæ, стæй рахызт хъуыддаг æвзарæн æрмæгмæ.
Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта æвдисæнты бавдыстытæ рагагъоммæйы слесты рæстæг (хъуыддаджы гæххæттыты 75 – 77, 83 – 88, 89 – 92 сыф.).
Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта хъуыддаджы æрмæджытæ (93 – 95 сыф.).
Сæрдариуæггæнæг бавдыста Токаевы рапорт Советон Цæдисмæ службæмæ арвитыны тыххæй (117 сыф).
Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта СВАГ-ы Сæйраг хицауы бар-дзырд N0789 1947 азы 16 октябрæй Токаевы йæ куыстæй суæгъд кæныны æмæ йæ Советон Цæдисы Хæстон-Уæлдæфон тыхты Кадрты Управленимæ арвитыны тыххæй (119 сыф).
Сæрдариуæггæнæг бакаст СВАГ-ы 1947 азы ноябры мæйы æрцæуæг æнæнхъæлæджы цауты хыгъдæй рафыст (121 сыф).
Сæрдариуæггæнæг фехъусын кодта, суды слестгæнæн хай æххæст- гонд кæй æрцыд, уый фæстæ суд ацыд уынаффæгæнæн агъуыстмæ йæ уынаффæ аскъуыддзаг кæнынмæ.
13 сах. 50 мин. уынаффæгæнæн агъуысты фæстæ сæрдариуæггæнæг бакаст суды рахаст уынаффæ».
– Цы зæгъдзынæ, Джордж? – бафарста Браун, Хопкинс æм суагъæ фæстæмæ куы балæвæрдта, уæд.
– Уымæ уыд æнхъæлмæ кæсæн. Æнæмбæрст у иу фарст – афтæ тынг цæмæн ныддаргъ кодтой хъуыддаг? Æнхъæлмæ кастысты, зæгъгæ, фæфæсмон кæндзæн æмæ фæстæмæ раздæхдзæн дæлбулкъон Тасоевы хуызæн? Æви къухы бафтдзæн йæ адавын кæнæ амарын?
– Гæнæн ис, – сразы Браун, йæ дымæн хæтæл ногæй ссудзгæйæ.
– Хъыгаг у, суды рахаст уынаффæ кæй нæй, уый, – бафиппайдта Хопкинс. – Тынг диссаг мæм кæсы, цы уынаффæ рахаста трибунал.
– Цæуылнæ ис? Ис суды рахаст уынаффæ дæр. Нæ адæймаг Берлины тынг хорз бакуыста. Бакæсын æй у дæ бон.
Браун балæвæрдта Хопкинсмæ йæ разы æвæрд гæххæттыты сыфтæй. Уæллагыл уыд фыст:
«Бынтон сусæггаг
ÆФСÆДДОН ТРИБУНАЛЫ УЫНАФФÆ
г. Берлин. 26 январь, 1949 аз».
Бындæр машинкæйыл мыхуыргонд текст:
«УСФСР-йы УК 265 ст. бындурыл
Токаты Григори Алыксандры фыртæн (уыцы иу рæстæг у Токаты Гогки Ахметы фырт) Сæйраг Советы Амындмæ гæсгæ Уæрæсейы УК 58–16 ст. бындурыл, Советон Цæдисы Сæйраг Советы Амындмæ гæсгæ 26 майы 1947 азы «Марыны тæрхон аивыны» бындурыл йæ сæрибар байсын æмæ ахæстоны фæдарын дыууын фондз азы æмгъуыдмæ (25 азы), пункттæ «а», «б» æмæ «в»-йы æрфыстмæ гæсгæ – йæ бартæ байсын РСФСР УК 31 ст., фондз азы æмгъуыдмæ йе ‘ппæт исбоны конфискациимæ.
Токаты Григори Алыксандры фыртæн (уыцы иу рæстæг у Токаты Гогки Ахметы фырт дæр) байсын йæ «инженер-дæлбулкъон»-ы æфсæддон цин.
Уæрæсейы УК 31 ст. бындурыл байсын Токаты Григори Александры фыртæн (уыцы иу рæстæг у Токаты Гогки Ахметы фырт дæр) йæ майдан «Советон Цæдисы уæлахиз Германийыл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1941 – 1945 азты», майдан «Хæстон лæггæдты тыххæй» æмæ «Сырх Стъалыйы» орден.
Токаты Азæ Зауырбеджы чызгæн Сæйраг Советы Амындмæ гæсгæ Уæрæсейы УК 58 – 16 ст. бындурыл, Советон Цæдисы Сæйраг Советы Амындмæ гæсгæ 26 майы 1947 азы «Марыны тæрхон аивыны» бындурыл йæ сæрибар байсын æмæ ахæстоны фæдарын дыууын фондз азы æмгъуыдмæ (25 азы), пункттæ «а», «б» æмæ «в»-йы æрфыстмæ гæсгæ йæ бартæ байсын РСФСР УК 31 ст., фондз азы æмгъуыдмæ, æппæт исбоны конфискациимæ.
Хъуыддагмæ æркаст Сæрдариуæггæнæг гвардийы юстицийы дæлбулкъон Орлов».
– Бакастæ? – бафарста Браун.
– О, сэр.
– Алцы дæр бамбæрстай?
– О, сэр. Мæ куыст фæцис?
– Фæцис, Джордж. Токаев ныр ссис æнæхъæугæ æрмæг.
– Уæдæ уæд Токаевы уæгъд кæнæм?
– Уæгъд кæнæм, – бафидар кодта Браун. – Фæлæ йæм хъус дарын хъæуы. Æппæты фæлтæрдджындæр шпионтæ цæуыл фæкæлынц?
– Бастдзинадыл.
– Уымæ сараздзыстæм мах дæр нæ каст.
– Йæ телефонмæ йын хъусæм?
– Хъусæм.
– Æддаг цæстдард?
– Уæд.
– Æмæ йемæ бастдзинад куы ничи бацагура, уæд та?
Браун бахудæгау кодта:
– Бастдзинад кæимæ нæ агурынц, Джордж, уый шпион нæу, фæлæ у хуымæтæджы цæрæг адæймаг.
– Бар дæттыс ацы гæххæттытæ Токаевмæ равдисынæн?
– Кæй зæгъын æй хъæуы, цæуылнæ? Уымæн дæр цымыдисаг уыдзысты. Фæлæ англисагау сты. Бамбардзæн сæ?
– Æз ын аххуыс кæндзынæн.
– Баныхас кодтам. Ног документтæ бацæттæ кæнут Токаевæн: паспорт, цæрыны бар æмæ иннæтæ. Ахъуыды кæн, кæм куса, кæм цæра, уыдæттыл дæр.
Браун бавæрдта суагъæ æмæ Æфсæддон трибуналы уынаффæ хъæбæр гæххæттæй конд агъуды æмæ сæ Хопкинсмæ балæвæрдта.
– Сæрибар уæвын у мæ бон, сэр?
– О, Джордж. Бузныг дæ куысты тыххæй.
XXXII
Хæдзары ма Джордж Хопкинс иу хатт лæмбынæг бакаст Æфсæддон трибуналы æрмæджытæ. Дæлбулкъон Токайы-фырт æмæ йæ бинойнаджы хъысмæт лыггонд æрцыд иу сахат æмæ ссæдз минутмæ. Æмæ ууыл бритайнаг контрразведкæйы æрыгон майор тынг бадис кодта.
Хопкинс зыдта, Советон Цæдисы Великобританиау, бирæ мæйты дæргъы чи ахæссы, ахæм суды процесстæ нæ аразынц, паддзахадон фыдгæнджытыл кæй банымайынц, уыдонæн. Сæрмагонд уынаффæхæссæн æмбырдты, «тройкæтæ» кæй хуыдтой, уым лагерьтæм æрвыстой æмæ фехсыны тæрхон хастой сæдæгай мин адæймæгтæн, суанг-иу сыл советон хицауадæй разы нæу, зæгъгæ, куы фæдызæрдыг сты, уæд дæр, хатгай та сæ сыхæгты кæнæ се ‘мкусджыты хахуыртæм гæсгæ. Фæлæ зонын иу хъуыддаг у, бынтон æндæр хъуыддаг та, уый дæхи цæстыты раз куы цæуа, уæд уый у.
Чехов æмæ Достоевскийы рæстæгæй нырмæ Уæрæсе тынг аивта, уымæйдæр æрмæст иуцалдæр дæс азмæ. Уый историйы хъыгъдæй хæрз чысыл рæстæг у. Фыццаг хатт бамбæрста майор Хопкинс, цавæр æвирхъау фидар монолит ис Ныгуылæны ныхмæ, уый: адæймагæн уæлдæфæй улæфын куыд æрдзон у, афтæ демократон хæзнатæ æрдзон цы Ныгуылæнæн сты, уый ныхмæ. Æмæ йын ныр контрразведкæйы йæ службæ, раздæр æрмæст куысты цæстæй кæмæ каст, йæ зæрдæмæ хæстæг цы службæ уыд, уый райста æндæр æууæл – наукæйы исты зынгæ æнтыстытæ, паддзахадон службæйы та карьерæ æнæ цæмæй не скæндзынæ, уыцы æнæрхъæцдзинад.
Дыууæ къуырийы фæстæ Хопкинс æрцыдис конспиративон бæстыхаймæ æмæ Токайы-фырты агъуысты дуар бахоста.
– Бар дæм ис, Григори?
– Æрбахиз, Джордж. Хойгæ цæмæн кæныс? – бадис кодта Токайы-фырт. – Æнæуи мæм æрфæрстытæм хъахъхъæнæг куы фæдзуры.
Англисаг-уырыссаг дзырдуæттæ цы фыссæн стъолыл уыдысты, уый цурæй сыстад æмæ уазæгæн бандон суæгъд кодта.
– Æрфæрстытæ нал уыдзæн, – бамбарын ын кодта Хопкинс.
– Афтæ у? Цæуылнæ?
– Цы дæ бон уыд, уыдон иууылдæр радзырдтай. Кæнæ та дæ цы фæндыд радзурын, уыдон. Æркæс мæнæ ацы документтæм. Англисагау сты фыст. Ратæлмац дын сæ кæнон?
– Мæхæдæг бафæлвардзынæн.
Токайы-фырт фæстæмæ стъолы цурмæ бацыд æмæ кæсын райдыдта. Хатгай-иу дзырдуат байгом кодта æмæ агуырдта æнæзонгæ дзырд. Хопкинс бадт, æдзынæгæй йæм кæсгæйæ. Уымæн кæсгæ-кæсын йæ цæсгомы нуæрттæ дурæй кондау зындысты. Суды уынаффæйы фæстæ райдыдта кæсын суды æрбадты суагъæ.
– Рæвдз ацæттæ сты.
– О, сахат æмæ ссæдз минутмæ, – сразы Хопкинс. – Бадис ыл кодтай?
– Нæ. Советон Цæдисы мыл дæс минуты йеддæмæ нæ бахардз кодтаиккой. Марыны тæрхон мын рахастаиккой, æппæты бæрзонддæр социалон хъахъхъæд. Афтæ хонынц фехсыны тæрхон. Æз нæ зыдтон, марыны тæрхон ивд æрцыд, уый.
– Афтæ дæм кæсы, фондз æмæ ссæдз азы лагерь уымæй бирæ хуыздæр у? Ныр дыл цæуы æртын фараст азы, суæгъд уыдаис цыппар æмæ æртиссæдзаздзыдæй.
– Æз никуы суæгъд уыдаин, – цæхгæр дзуапп радта Токайы-фырт. – Нæй дзы, цы хуыздæр уыдаид, ууыл дзурыны сæр. Ды, Джордж, загътай, æрфæрстытæ фесты. Дарддæр мын мæ цардæн цы уынаффæ кæндзыстут?
– Абонæй фæстæмæ дæ цардæн уынаффæгæнæг дæхæдæг уыдзынæ. Æмæ æрмæст дæуæн дæхицæй аразгæ уыдзæн, дæ цард цавæр уа, уый. Æз дзырдтон Кранфильды авиацион колледжы разамындимæ, разы сты дæу наукон кусæгæй райсыныл. Уыдон дæр кусынц, ды Жуковскийы номыл мæскуыйаг академийы цæуыл куыстай, ууыл.
– Цæуыл?
– Тæхæг аппаратты аэродинамикæйыл. Уыдонимæ ракетæтæ дæр. Уыцы проблематикæ дæуæн хорз зонгæ у, афтæ нæу?
– Куыд хъуамæ райсой куыстмæ, кæй нæ зонынц, ахæм адæймаджы?
– Цыдæртæ зонынц. Алцы нæ, фæлæ дын цæмæй дæ квалификацийæн аргъ скæной, уый фаг зонынц. Бафæрсдзынæ, кæцæй? Мæнæй. Æз сын, цы сæ хъæуы зонын, ахæм информаци радтон.
– Бузныг, Джордж. Дæ бæрны чи вæййы, уыдоныл алкæд дæр афтæ фæаудыс?
– Мах политикон лигъдæттæн æдзухдæр æххуыс кæнæм ног уавæртыл фæцахуыр уæвынæн. Ныр ма ноджы иу хъуыддаг, – дзырдта дарддæр Хопкинс. – Цæргæ кæндзынæ колледжмæ хæстæг, Джони Страт Ситийы уынджы. Баххуырстам дын аслам фатер цыппар агъуыстæй. Уым уал цæрут, цалынмæ уæхицæн хæдзар æлхæнат, уæдмæ. Æмæ ма фæстаг: дæуæн Лондоны дæхи мыггагыл нæй цæрæн, Бæрæг нæу, советон разведкæ дæ фесафын фæнд не скæндзæн, уый. Мæнæ дæ ног паспорт, цæрыны барлæвæрд æмæ кусыны бар. Британийы цæрæджы ном та – фæстæдæр, уымæн рæстæг хъæуы.
– Цавæр мыггаг мын равзæрстат? – бацымыдис Григори.
Хопкинс æм паспорт балæвæрдта.
– Кæс.
Уым фыст уыд: Grigory А. Tokaty.
– Уæдæ уæд ныр æз Токати дæн?
– О, Григори. Æмæ уый тынг бирæ рæстæгмæ. Чи зоны, цæрæнбонтæм.
Хопкинс сыстад æмæ Григорийæн йæ къух балхъывта.
– Мистер Токати, табуафси Великобританимæ!
XXXIII
Фæстæдæр Лондоны университеты иу хай чи ссис, Кранфильдскы авиацийы уыцы колледжы Григори Токати фæкуыста цæрæнбонты. Йæ царды фæстаг бонмæ лæууыд университеты авиаци æмæ кос- мосон технологиты Департаменты сæргъы. Æртæ азмæ ссис профессор æмæ математикæйы наукæты доктор. Цалдæр азы фæстæ йын Нью-Йоркы академийы уынаффæйы бындурыл йæ наукон куыстыты бæрцмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд техникон наукæты докторы къæпхæн. 1962 азы та астронавт Скотт Карпентеры «Атлас D»-йыл æнтыстджын атахты фæстæ программæ «Меркурий»-мæ йе стыр бавæрæны тыххæй Токати ссис Нью-Йоркы наукæты академи æмæ Америкæйы космонавтикæ æмæ астронавтикæйы академийы æцæг уæнг.
1959 азы рауагъта чиныг «Сталин у хæст». Великобританийы чиныг ссис бестселлер æмæ расайдта цæхгæр æнæразыдзинад галиурадикалон зылдты. Англисаг коммунистты газет «Daily Walker» ныммыхуыр кодта уац, чиныджы авторы схуыдта уæйгæнæг æмæ буржуазийы интересты сæрвæлтау Советон Цæдисыл цъыфкалæг хиппæлой, зæгъгæ, автор ахæм бæрзонд бынат нæ ахста, цæмæй Кремлы уынаффæты архайа, Сталинимæ дæр никуы фембæлд, æмæ йæ чиныг æгасæй дæр у фыдхахуыртæ Советон Цæдисыл æмæ йæ сабырдзинадуарзаг политикæйыл. Уац рамыхуыр кодтой Лондоны бирæ газеттæ, уыдонимæ респектабелон «Таймс» дæр. Токати судмæ балæвæрдта «Daily Walker»-ыл. Йæ адвокаттæ æнцонæй рамбылдтой процесс. «Daily Walker», «Таймс» æмæ, уац чи рамыхуыр кодта, уыцы иннæ газеттæ суды уынаффæмæ гæсгæ хатыр ракуырды ныхас ныммыхуыр кодтой, англисаг коммунистты газет та бафыста, судыл цы фæлхас ацыд, уый. Токатийы дыккаг чиныг «Комрад X» та уыдис Советон Цæдисы партийы мидтохы тыххæй æмæ, кæд критикæ расайынæн бæзгæдæр уыдис, уæддæр «Daily Walker» ницыуал ской кодта.
Уыцы азты Токати иудадзыгдæр цард Лондоны, æрмæст 60-æм азты цалдæр азы ацард АИШ-ы, архайдта «Аполлон»-ы Мæймæ тæхынмæ цæттæ кæныны программæйы. Йæ куысты тыххæй Лос-Аламосы, штат Нью-Мексикойы, æвæрд æрцыд йæ бронзæйæ конд бюст, йæ быны дурыл фыст уыд G. А. Tokaty.
1972 азы декабры та америкаг астронавттæ Юджин Фернан æмæ Харрисон Шмитт мæймæ фæхæццæ кодтой Вернер фон Брауны æмæ Григори Токатийы портреттæ лæгъзгонд æфсæйнаг зылдтыл кондæй. АИШ-æй куы ‘рбаздæхтысты, уæд Токати англисаг компани Rolls-Royce æмæ францаг SNECMA хуындæй архайдта фæндаггонтæласæг хæдтæхæг «Конкорд»-ы змæлынгæнæн хайыл æмæ 1969 азы авиаконструкторты къордимæ уыдис «Конкорд»-ы фыццаг фæлварæн тахты.
Токатийы бинонтæ Джонни Страт Ситийы æххуырст фатерæй ралыгъдысты сæхи ‘лхæд хæдзармæ Уимблдонмæ, цалдæр азы фæстæ та балхæдтой æндæр хæдзар Лондонæй гыццыл æддæдæр, графство Суррейы. Уыцы азты Азæ Токати æдзухдæр уыд йæ сæрыхицауы фарсмæ, хъахъхъæдта йæ журналисттæй æмæ æнæхуынд уазджытæй.
Беллæ Токати каст фæцис Лондоны колледж æмæ дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд Парижмæ. Уым смой кодта зындгонд балетмейстермæ, Стыр бульварты музыкалон театры хицау æмæ аивадон разамонæгмæ, кафыд йæ мойы театры. Фæлæ сæ цард нæ ацыд, æмæ ахицæн сты. Беллæ æрбаздæхт Лондонмæ. Уыцы лæгæй йын баззад дыууæ чызджы, Гигори Токатийы цоты цот Наташæ æмæ Нонæ. Хистæр Наташæ у чындзыцыд, ис сын сæхи ресторан Уимблдоны.
Азæ амард 2003 азы фæззæджы 92-аздзыдæй.
Эпилоджы бæсты
СУСÆГДЗИНÆДТÆ СУСÆГДЗИНÆДТÆЙ БАЗЗАЙЫНЦ
Джордж Хопкинс изæры газеттæй Азæйы зианы хабар куы базыдта, уæд араст Суррейы графствомæ Григори Токатийæн тæфæрфæс ракæнынмæ. Хопкинсыл цыд 85 азы, низтæ йыл тых кæнын райдыдтой, фæлæ уæддæр йæхи хъæддых дарыныл архайдта. Кæддæр æм МИ-5-ы директоры хæдивæг Энтони Браун фæкастис пенсиисæг бакастджын джентльмены хуызæн, йæхæдæг та – банчы гыццыл клеркы хуызæн. Ныр та зæронд джентльмен уыд йæхæдæг.
Григори нæ бадис кодта йæ фæзындыл, уазæджы акодта йæ кабинетмæ дыккаг уæладзыгмæ æмæ æрлæууыд, нуазинæгты алыхуызон æвгтæ цы стъолыл уыд, уый раз.
– Исты бануаздзынæ? Ис шотлайнаг виски æмæ францаг коньяк, – бафарста Григори.
– Нæ, бузныг, – не сразы Хопкинс. – Æз мæ вискийы хай раджы бануæзтон. Ды та нырма нæ?
– Æз дæр. Фæлæ хатгай мæхицæн ахæм бар раттын, мæ бон бафынæй кæнын куынæ вæййы, уæд. Мæнмæ дæ исты хъуыддаг æркодта?
– Æрæгмæ базыдтон, цы бæллæх дыл æрцыд, уый, æмæ мæ бон нæ баци йæ ныгæнæн бон æрцæуын. Тынг зæрдиагæй хъыг кæнын демæ иумæ, Григори. Æрмæст иунæг хатт ныхас кодтон Азæимæ, фæлæ йæ мæ зæрдыл хорз бадардтон.
– Бузныг, майор.
– Булкъон, – бараст æй кодта Хопкинс. – Фæлæ отставкæйы рагæй дæн.
– Цавæр бынатæй ацыдтæ отставкæйы?
– МИ-5 директоры хæдивæгæй.
– Æвзæр карьерæ нæу, – загъта Токати.
– Кæддæр æз дæр афтæ хъуыды кодтон. Ныртæккæ уыдæттæ ницыуал давынц. Ды та ма ныр дæр кусыс? – Хопкинс ацамыдта фыссæн стъолыл гæххæттытæм æмæ компьютермæ.
– О, мæ ахуыр нæ халын. Дæ царды бонтæ иууылдæр кусгæйæ куы арвитай, уæд зын æрлæууæн у. Нæ зонын, зæгъгæ, нæ кусын, уæд куыд уаин, – бакодта Токати.
Хопкинс æм лæмбынæг бакаст. Кæддæр фыццаг хатт цы дæлбулкъон Токаевы федта, уымæй йæм ницыуал баззад. Æрдæгбокс æлвыд бæзджын сау сæрыхъуынтæ стæнæг æмæ сурс сты, цæсгом бахуым кодтой арф æнцъылдтæ, цæстытæ дæр фегъуыз сты, уæхсчытæ – дæлæмæ хауд. Архайдта йæхи сæрæнхуызæй равдисыныл, фæлæ бæрæг уыдис, йæ бинойнаджы мæлæт ын уæззау цæф кæй уыд.
– Афтæ бакæнæм, Григори, æмæ бануазæм, – æнæнхъæлæджы загъта Хопкинс. – Нæхи нæ афонæй раздæр цы ныгæнæм?
Токати æркодта зынаргъ авгæй уæззау агуывзæты виски, алкæцыйы дæр дыууæ æнгуылдзы бæрц, систа йæ нуазæн.
– Азæйæн рухс зæгъæм. Æнæ бакъуырцгæнгæйæ, уырыссæгтæм афтæ æмбæлы.
Æнæдзургæйæ ануæзтой. Æмырæй алæууыдысты. Хопкинс бамбæрста, æнахуырæй виски йæ сæрмæ куыд ныццавта, бафæндыд æй аныхас кæнын ацы мадзура адæймагимæ, хуымæтæг, бирæ ацæрæг адæймæгтæ куыд фæдзурынц, сæ царды цы уыд, уыдæттыл, афтæ.
– Григорий, иу æнæуæздан фарст дæм раттон? Æвæццæгæн, мах нал фембæлдзыстæм, æмæ мæ фæнды, цыдæртæ кæронмæ сбæлвырд кæнын.
– Фæрс, мæнмæ æмбæхсинагæй рагæй ницыуал ис.
– Дæ æрфарстытæ нын куы фесты, уæд ма дæм нæ хъус дардтам, хъуыстам дын дæ телефонмæ, кæимæ æмбæлыс, уыдæттæ бæрæг кодтам. Ды уый æмбæрстай?
– Æнхъæл уыдтæн. Цы уæ фæндыд базонын?
– Демæ бастдзинад исчи агурдзæн Советон минæварадæй кæнæ та советон агенттæй.
– Базыдтат?
– Нæ. Æппындæр гуырысхойагæй ницæуыл фæхæст стæм. Дыууæ азы фæстæ нæ цæстдард систам. Стæй ацыдтæ Иугонд Штаттæм, æмæ нын цæст дарынæн фадат нал уыд. Фæлæ уæддæр цавæрдæр дызæрдыггаг фарстытæ баззадысты. Уыдон ныр дæр нæма фесæфтысты. Басæтт, Григори, раджыйы хабæрттæ сты. Англисмæ советон разведкæйæ æрвыст уыдтæ?
– Цавæр дзуапмæ мæм æнхъæлмæ кæсыс? «О» æви «нæ»? Æз дын дзуапп ратдзынæн æндæр хуызы. Хъуыды ма кæныс, фыццаг æрфарстытæй дын иуы цы загътон, уый?
– Цы? Мæ зæрдыл мын æй æрлæууын кæн.
– Зæгъгæ, мæ бон цы уа, уымæй бацархайдзынæн, цæмæй ног хæст ма уа. Æз уый сарæзтон, хæст нæ уыди. Дæ бон зæгъын у, мæ бавæрæн дзы бынтон гыццыл уыд. О, уый афтæ у. Фæлæ уыдис. Советон Цæдисы хай нæ баци Курт Танк. Нæ бацис Ойген Зенгер дæр. Зенгеры проектæй нæ рауад, Нью-Йоркыл бомбæтæ цы ракетоплан æппæрстаид, уый. Рауад дзы, адæймаджы Мæймæ чи фæхæццæ кодта, уыцы ракетæ.
– Уæдæ уæддæр ды фæхабар кодтай францæгтæм, Зенгеры адавынмæ кæй хъавынц, уый? Æмæ профессор Бергер, ды аххос кæмæ фездæхтай, уый ницыгæнæг уыд?
– О, æз. Æцæг мæ ма бафæрс, куыдæй мын бантыст, сæйрагдæр у, кæй мын бантыст, уый. Уый дын ницæуыл дзурæг у.
– Зоныс, Григори, фыццагдæр нæ гуырысхойыл цы ‘фтыдта, уый?.. Æгæр æнцонæй раирвæзтæ СМЕРШ-æй. Уымæй дæр ма æд бинонтæ. Кæд дыл алыхуызон батинкæтæ уыдис, уæддæр. Хуымæтæг «йæ хъуыддаг ацыд»-ыл ын банымайæн нæй. Мæ бон у афтæ хъуыды кæнын: ды сразы дæ Великобританимæ баппæрстыл, фæлæ стæй советон разведкæимæ æмгуыстыл нал сразы дæ. Баууæндин суанг ууыл дæр, æмæ спайда кодтай Ныгуылæнмæ афтыны тыххæй уыцы фадатæй. Фæлæ мæ никуы бауырндзæн, хъуыддаг æнæ советон сæрмагонд службæтæй кæй рауад, уый.
– Нырма дæр дын æнцой нæ дæтты уыцы фарст, Джордж?
– Сæттын ыл. Нæ дæтты.
– Зоныс, цы нысан кæны: царды цыд зондахастыл æнæ баззаинагæй нæ дих кæны. Афтæ мæнæ дæ фарст дæр уым, баззаинаджы, ис. Æмæ баззаинаджы баззайдзæн.
Токати ацамыдта йæ кабинеты къуымы гыццыл сейфмæ.
– Ацы сейфы сты мæ мемуартæ. Уым ныффыстон алцы дæр æнæ исты æмбæхстæй. Уыдон раргом кæндзысты мæ амæлæтæй ссæдз азы фæстæ. Тæрсын, Джордж, дæуæн сæ дæ бон бакæсын куынæ бауа, уæдмæ нæ фæцæрдзынæ. Сразы уæвын дæ бахъæудзæн, царды дын æппæт сусæгдзинæдтæ раргом кæнын кæй нæ бантыст, уыимæ.
Токати сыстад.
– Бузныг, Джордж, кæй мæ абæрæг кодтай, уый тыххæй. Кæрæдзи нал фендзыстæм. Фæлæ æдзухдæр мæ зæрдыл лæудзæн демæ нæ базонгæ. Ды уыдтæ, мæнæн Великобритани кæмæй райдыдта, уыцы фыццаг адæймаг.
Хопкинс ацыд. Уымæй цыппар мæйы фæстæ, йæ бинойнаджы амардыл бирæ нæ рацыд, афтæмæй, йæ сусæгдзинад йемæ ахæсгæйæ, йæ цардæй ахицæн Токаты Григори.
Уырыссаг æвзагæй Безаты Фаризæйы тæлмац
БИБЛИОГРАФИ:
И. Петров. «Побег подполковника Токаева».
И. Петров. «Дело Тасоева».
Г. Токати. «Сталин – это война».
Г. Токати. «Комрад X».
Б. Черток. «Ракеты и люди».
Дауыраты Дамир. «Ироны портрет Мæйыл».