ВАЛЕНТИН Распутин

(1937 – 2015)

15 мартъийы зындгонд уырыссаг советон фыссæг, публицист æмæ æхсæнадон архайæг, ССР Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, ССР Цæдисы дыууæ Паддзахадон премийы æмæ УФ-йы Паддзахадон премийы, бирæ æндæр паддзахадон хæрзиуджытæ æмæ литературон премиты лауреат Валентин РАСПУТИНЫ райгуырдыл сæххæст 85 азы. Литературæйы баззад уацаутæ «Деньги для Марии», «Последний срок», «Живи и помни», «Прощание с Матерой», «Пожар», «Дочь Ивана, мать Ивана», радзырдтæ æмæ очеркты авторæй. Йæ зындгонддæр радзырдтæй иу у «Уроки французского».

 

ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ

Радзырд

Æдзух дис фæкæнын, нæ ныййарджыты раз куыд фæнымайæм нæхи исты аххосджыныл, афтæ скъолайы ахуыргæнджыты раз дæр нæхи азымы кæй фæдарæм, ууыл. Уымæйдæр, ахуыры рæстæг цытæ уыд, уый тыххæй нæ, фæлæ скъолайы фæстæйы хабæртты тыххæй.

Цыппор æстæм азы æз фæндзæм къласмæ бацыдтæн. Раст зæгъгæйæ та, цæугæ нæ бакодтон, фæлæ мæ аластой, дæс æмæ дыууиссæдз километры æддæдæр, райцентрмæ, цæмæй мæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнон: нæ хъæуы æрмæст райдайæн скъола уыди. Къуыри раздæр мæ мад уырдæм ацыд æмæ баныхас кодта йæ зонгæ сылгоймагимæ, цæмæй мæ йæхимæ фатеры бауадза. Æмæ мæ августы фæстаг бон, колхозы цы иунæг уæзласæн машинæ уыд, уый шофыр Ваня уырдæм аласта. Мæ дзаумæттæ бахæссынмæ мæм фæкаст, стæй мын ме уæхск рог хост æркодта, ома тæрсгæ мацæмæй кæн, зæгъгæ, æмæ фæстæмæ афардæг. Афтæ иуæндæсаздзыдæй райдыдта мæ хибарæй цард.

Цыппор æстæм аз дæр нырма æххормаг азтæй уыд, мах та нæ мадæн, æз – сæ хистæр, афтæмæй æртæ хæссинаджы уыдыстæм. Уыцы уалдзæг бынтон зын сси хойраджы уавæр, æмæ уæд æрхъуыды кодтон, мæхимæ гæсгæ, æххормагæй фервæзынæн диссаджы фæрæз: ны- хъуырдтон æмæ мæ хойæн дæр ныхъуырын кодтон картофы билцъытæ, сысджы æмæ еууы нæмгуытæ, цæмæй нæ ахсæнты сзайой, æмæ нæ æдзух хæринаджы мæт ма ef. Æнæхъæн сæрд сыл Ангарайы сыгъдæг дон дæр ма фæкодам, фæлæ цæмæндæр не сзадысты, кæнæ та, кæд сзадысты, уæддæр, æвæццæгæн, ахæм гыццылтæ уыдысты, æмæ йæ мах æмбаргæ дæр нæ бакодтам…

Абон дæр дис кæнын, мæ мад йæ ныфс куыд бахаста мæн районмæ (афтæ хуыдтам райцентр) ауадзынмæ. Æнæ фыдæй нын зын цæрæн уыди, æмæ, æвæццæгæн, загъта, уæддæр нæ уавæрæн, цы у, уымæй фæфыддæр уæвæн нал ис, æмæ, цы уа, уый уæд.

Æз скъоламæ цæуын тынг уарзтон, ахуыр дæр хорз кодтон, æмæ хъæуы нымад уыдтæн ахуыргондыл: зæронд устыты бæсты фыстон фыстæджытæ, кастæн сын, сæхæдæг-иу цы фыстæджытæ истой, уыдон. Нæ библиотекæйы чингуытæ дæр иууылдæр бакастæн æмæ сæ-иу изæрыгæтты, мæхицæй дæр ма сæм истытæ афтаугæйæ, лæппутæн дзырдтон.

Фæлæ мыл нæ хъæуккæгтæ бынтон тынг сæ зæрдæ дардтой, хъуыддаг-иу облигацитæм куы ‘рхæццæ, уæд. Хæсты азты адæммæ бирæ æрæмбырд облигацитæ, æмæ ныр, рамбылдтой æви нæ, уый сбæрæггæнæн таблицæтæ мыхуыргондæй арæх æрвыстой адæмæн. Æмæ-иу сæ уæд нæ хъæу мæнмæ хастой. Уыимæ ма-иу, хорз къух ын ис, зæгъгæ дæр дзырдтой. Арæхдæр ницы уабæрæг æхцатæ æмбылдтой, фæлæ, колхозонтæн алы капекк дæр зынаргъ уыд, æмæ-иу сæ «мæ хорз къухы руаджы» цы æнæнхъæлæджы æххуыс фæци, уый цинæй æз дæр хайджын уыдтæн: иннæ сывæллæттæй мæ уæлдай хъулон кодтой – исты хæринæгтæ мын-иу авæрдтой. Иухатт та мын зæронд Илья – æнæуи чъынды уыди, – фæлæ, цыппарсæдæ сомы куы рамбылдта, уæд фыр цинæй æнæхъæн къæртайы дзаг картæфтæ радта, æмæ уый зымæджы кæрон кæуылты исбон уыд!

Облигацитимæ афтæ кæй арæхстæн, уый тыххæй нæ хъæуккæгтæ мæ мадæн дзырдтой: «Дæ лæппуйæн йæ сæр кусы, æмæ йæ ахуыры фæндагыл сараз. Ахуыргонд лæг никуы фесæфдзæн». Æмæ мæ нæ мад дæр, не ‘нæрай амонды фыддæрагæн сцæттæтæ кодта, кæд нæ уавæртæ нæ амыдтой, æмæ нæ хъæуæй районмæ ахуыр кæнынмæ уæды онг никуыма ничи ацыд, – æз фыццаг уыдтæн – уæддæр. Уæд æй кæцæй зыдтон, уым мæм цытæ кæсы, уый…

Ам дæр ахуыр хорз кодтон. Æмæ уæвгæ дæр афтæ хъуамæ уыдаид, исты мæ нæ хæдзарæй ардæм ахуыр кæнынмæ нæ рарвыстой? Цы ‘мбæлы, уый нывыл ма æххæст кæн, уæд уый та куыд?! Уроктæм æдзæттæйæ ацæуынмæ мæ ныфс дæр нæ бахастаин, уымæ гæсгæ мын, францаг æвзагæй фæстæмæ, алы предметæй дæр уыд тынг хорз бæрæггæнæнтæ. Францаг ныхæстæ дæр-иу мæ зæрдыл хорз бадардтон, раст фыссынмæ æмæ тæлмацмæ дæр арæхстæн. Уæдæ дзургæ дæр уыцырдыгонау афтæ рæвдз кодтон, раст мæнæ нæхимæ тагъддзуринæгтæ куыд дзырдтам, афтæ: мыртæн се ‘мбис, ницæмæн хъæуынц, зæгъгæ, ныхъуыргæйæ, иннæты дæр-иу фæцыбыртæ кодтон æмæ-иу сæ ралæхурдтон. Лидия Михайловнæйы, нæ ахуыргæнæджы цæсгом-иу, мæнмæ хъусгæйæ, нынцъылдтæ, йæ цæстытæ-иу бацъынд сты. Æвæццæгæн, ахæм францаг æвзаг фыццаг хатт хъуыста. Æмæ та мын-иу ногæй æмбарын кæнын райдыдта, мыртæ раст дзурын куыд хъæуы, уый. Мæнæн-иу мæ фыр стыхстæй ме ‘взаг мæ комы бандзыг.

Æппæтæй тынгдæр та тыхстæн, скъолайæ хæдзармæ æрбаздæхгæйæ. Скъолайы-иу иннæ сывæллæттимæ урокты фæстæ кæрæдзи равзон-бавзон кодтам, фæнда дæ, нæ фæнда, уæддæр-иу хъазын æмæ ратæх-батæхыл фæдæн. Фатеры та-иу æрæнкъард дæн – мысыдтæн нæ хъæу, нæ бинонты. Тынг мæ фæндыдис нæхимæ. Афтæ дард фыццаг хатт афтыдтæн, иу бон дæр никуыма никæдæм ацыдтæн, æмæ мын æцæгæлон адæмы астæу цæрын зын уыд. Афтæмæй мыл зæрдæсаст ныйичъи, тынг смæллæг дæн. Сентябры кæрон мæм мæ мад бæрæггæнæг куы фæзынд, уæд ма мын тæрсгæ дæр фæкодта. Йæ цуры мæхиуыл бæргæ хæцыдтæн, ницæмæй хъаст кодтон, фæлæ, фæстæмæ нæхимæ куы здæхт, уæд мæхи нал баурæдтон æмæ, богъбогъгæнгæ, мишинæйы фæстæ згъордтон. Мæ мад мæм йæ къух тылдта, æрлæуу, дæхи ма худинаг кæн, зæгъгæ, фæлæ йæ æз не ‘мбæрстон. Æмæ уæд машинæ бауромын кодта.

– Срæвдз кæ уæдæ дæхи, фаг дын у, фæци дæ ахуыр, цом хæдзармæ, – загъта мæ мад.

Уыцы ныхæстæм мæхи æрæмбæрстон æмæ фæстæмæ алыгътæн. Фæлæ мæллæг æрмæст нæ хæдзар мысынæй не сдæн. Хæрд дæр мæм фаг нæ хауд. Фæззæджы, цалынмæ Ваня йæ полуторкæйæ «заготзерно»-мæ хор ласта, районæй дард нæ уыди, уæдмæ мын хæдзарæй истытæ (картоф æмæ дзул) арæх æрвыстой – къуыри иу хатт. Хатгай ма дзы-иу мæ мад банкæйы дзаг къæдор дæр авæрдта, искæмæй-иу æй истæуыл баивта, уымæн æмæ мах нæхæдæг хъуг нæ дардтам. Фæлæ хъаймæт уый уыди, æмæ мын уæддæр нæ фаг кодтой. Æрвитгæ-иу бирæ æрбакодта, фæлæ та-иу дыууæ бонмæ фæцыдæр сты. Уалынмæ фæхатыдтæн: мæ дзулæн дæр йæ фылдæр хай цыдæр æрбавæййы. Мæ цæст æм дарын райдыдтон – æцæгдæр афтæ рауад: дзул уыдис æмæ нал ис. Афтæ – картоф дæр. Чи мын сæ давта, уымæн ницы ‘мбæрстон. Хæдзары хицау, иунæгæй æртæ сывæллонимæ чи тухæнтæ кодта, уыцы хъæргæнаг, фæллад сылгоймаг Надя уыдаид, йæ хистæр чызджытæй исчи æви кæстæр лæппу Федькæ, уый нæ зыдтон, суанг сыл хъуыды кæнын дæр нæ уæндыдтæн, сусæгæй сæ бахъахъхъæныны ныфс та мæм æппындæр нæ уыди. Æрмæст тынг хъыг кодтон, мæ мад мæн тыххæй мæ хо æмæ ме ‘фсымæрæй цы муртæ атоны, уыдон мæм кæй нæ хæццæ кæнынц, ууыл. Фæлæ мæхи ныффидар кодтон, мæ мадæн дæр ницы загътон – зын ын цы уыдаид, æндæр дзы цы аивтаид…

Ноджы амы æххормаг хъæуы махмæ æххормаджы хуызæн нæ уыд. Нæхимæ кæдфæнды, уæлдайдæр фæззæджы, истытæ ссарæн уыдаид. Ангарайы – кæсаг, хъæды – мæргътæ. Ам та – æцæгæлон адæм, кæйдæр цæхæрадæттæ, кæйдæр зæххытæ. Цы гыццыл цæугæдон дзы калд, уый дæр кæсагахсæн хызтæ цалдæргай фæлтæртæй фæрсыгътой. Иу хуыцаубон æз дæр райсомæй изæрмæ фæбадтæн æнгуыримæ, фæлæ æрмæст æртæ ‘нгуылдзы йас цъингуыры æрцахстон, æмæ уыдонæй тъæппытæ кæм ахаудзынæ. Уый фæстæ нал ацыдтæн – дзæгъæлы рæстæг цы хардз кæнон! Изæрыгæтты-иу, мæ мондæгтæ ныхъуыргæйæ, хæрæндоны цурты лекка кодтон æмæ базары кастæн, цытæ дзы уæй кæнынц æмæ цастæй, уыдæттæм. Фæстæмæ-иу хæдзармæ афтидæй æрбаздæхтæн. Пецы сæр æдзух цайданы цы тæвд дон уыд, уымæй-иу схуыппытæ кодтон мæ ахсæн ахъарм кæнынæн, афтæмæй-иу бахуыссыдтæн. Райсомæй та – ногæй скъоламæ. Афтæ иу бонæй иннæмæ æнхъæлмæ кастæн, кæрты дуармæ полуторкæ кæд æрлæудзæн, æмæ Ваня дуар кæд æрбахойдзæн, уыцы амондджын сахатмæ. Æххормæгтæ баййафыны фæстæ-иу мæ хæринæгтæй, куыдфæнды сыл куы ауæрдон, уæддæр та бирæйы фаг не суыдзысты, зæгъгæ, афтæ бахордтон æмæ-иу мæ ахсæн фæцæйтыдта. Стæй та-иу дыууæ-æртæ боны фæстæ мæ гуыбынмæ хъусыны рæстæг ралæууыд.

 

* * *

Иухатт мæ, уый сентябры уыд, Федькæ афарста:

– Чиркæйæ хъазынмæ дæ ныфс хæссыс?

– Цавæр чиркæйæ? – нæ йæ бамбæрстон æз.

– Ис ахæм хъазт. Æхцайыл. Кæд дæм лыстæг æхца ис, уæд цом, ахъазæм.

– Нæй мæм.

– Мæнмæ дæр нæй. Цæй, цом, кæсгæ сæм уæддæр бакæнæм. Дзæбæх хъазт у.

Федькæимæ араст стæм цæхæрадæтты чъылдыммæ. Цыдыстæм пысыратæй æмбæрзт даргъгомау къуыбыры былтыл, ахызтыстæм райцентры зæронд бырондоны рæзты æмæ нæм гыццыл фæстæдæр, бынæй цы дæлвæз уыд, уырдыгæй сзынд лæппуты къорд. Куы сæм баввахс стæм, уæд сæхи фæгæмæл кодтой. Иууылдæр, бæрзонд æмæ фидæрттæарæзт æвдæмкъласон Вадикæй фæстæмæ, уыдысты ме ‘мкар.

– Ай та ма дæ фæдыл цы ‘рбаластай? – бахъуыр-хъуыр кодта Вадик.

– Хион у, Вадик, хион, – йæхи рæстытæ кодта Федькæ. – Махмæ цæры.

– Хъазыс? – фæрсы мæ Вадик.

– Æхца мæм нæй.

– Ам кæй вæййæм, уый дæ дзыхæй куыннæ суадзай, афтæ, хъусыс!

– Æндæр мæт мæ нæй! – схъуыр-хъуыр кодтон æз дæр.

Ничиуал мæ ницæмæй фарста, æмæ иуварс слæууыдтæн. Кастæн, куыд хъазынц, уымæ. Хъазгæ æхсæз – авдæй кодтой, иннæтæ сæм кастысты, æмæ сæ цæсгæмттыл бæрæг уыд, Вадик рамбула, уый сæ кæй фæнды. Бæрæг уыд, фæзы Вадик хицау кæй у, уый дæр.

Куыд хъазын хъæуы, уый уайтагъд бамбæрстон. Алчидæр хъуамæ æрæвæрдтаид дыууæ суарийы. Кæрæдзийы сæрыл æвæрд æфсæйнаг æхцатæ, сæ нымæцтæ уæлæрдæм, афтæмæй лæууыдысты. Уыдонæй дыууæ метры æддæдæр уыдис бæзджын хахх. Хаххы æдде, йе ‘рдæг зæххы арф цы стыргомау дурæн аныгъуылд, уый та сын уыд къахæй æнцойгæнæн. Йæ цурæй æхцаты ‘рдæм æхстой тъæпæн къуырæн дур (шайбæ). Æппарын та йæ хъуыд, цæмæй хахмæ, куыд гæнæн ис, афтæ хæстæгдæр абада, æцæг йæ сæрты ма атæхæд. Хæстæгдæр кæй дур абада, уымæн уыдзæн фыццаг къуырды бар. Къуыргæ дæр уыцы дурæй кодтой, цæмæй æхцатæ иннæрдæм – цæргæсмæ – фæфæлдæхой. Фæфæлдæхт – дæу у, æхс дарддæр, кæд нæ, уæд рад адæтт. Дæ хъазт бынтон фæрæстмæйыл нымад уыдаид, радмæ не ‘нхъæлмæ кæсгæйæ, уыцы иу æхстæн кæрæдзи сæрыл æвæрд æхцатæ акъуырын. Кæд дзы искæцы фæфæлдæха, уæд, æнæ иу ныхасæй, иууылдæр дæу фесты, æмæ та ерыс ногæй райдыдта.

Вадик хъазгæ-хъазын тынг хæрæмттæгæнаг уыд. Стыр дурмæ-иу бацыди æппæты фæстæ, иннæты рад-иу куы сбæрæг, уæд. Фæкаст-иу, йæ рад фæразæй кæнынæн шайбæ хуыздæр кæдæм æппаргæ у, уымæ. Æхцатæ-иу йæ фыццаг фесты, иннæтæм рад хæццæ дæр нæ кодта. Вадик хæрам кæй кæны, уый иууылдæр уыдтой, фæлæ йæм дзурын нæ уæндыдысты. Фæлæ хъазгæ дæр хорз кодта. Дурмæ-иу бацыд, дзуццæджы-иу æрбадæгау кодта, æмæ-иу, йæ иу цæст ныцъцъынд кæнгæйæ, сабыргай ныхъхъавыд, стæй-иу сабыргай йæхи сраст кодта – къуырæн дур къухæй феуæгъд æмæ, Вадик кæдæм хъавыд, уым абадт. Уый фæстæ-иу Вадик, йæ бецыкк куыд фæуæлæмæ уа, афтæ сæр цæхгæр фæзылдта, иуварсмæ-иу ачъыртт кодта, ома хъуыддаг конд у, æмæ-иу барæй зивæггæнæгау бараст æхцатæм. Кæд кæрæдзи сæрыл амадæй баззадысты, уæд сæ-иу ногæй сонт цъыкк æркодта, уыдонæн сæ зæлланг фæцыд æмæ пырхытæй лæууынц. Ныр та дзы искæцы хъавгæ æрцæв, цæмæй схъиугæ ма фæкæна, фæлæ йæ иннæ фарсмæ фæфæлдæха. Афтæ хъавгæ цæвынмæ Вадик йеддæмæ ничи арæхсти. Иннæтæ къуыргæ-къуырын уыдæттыл нæ хъуыды кодтой, æмæ сæ дзыппытæй арæхæй-арæхдæр истой ног суаритæ. Йæ дзыпп кæмæн сафтид, уыдон-иу æнæдзургæйæ иуварс алæууыдысты.

Мæнмæ афтæ касти, цыма мæм æхца куы уыдаид, уæд рамбылдтаин. Хъæуы хъулæй арæх хъазыдыстæм, æмæ уым дæр рæстдзæвин хъуыд. Уымæй уæлдай ма раст къуырыныл ахуыр кæнын дæр мæ зæрдæмæ цыд: ссар исты мысан æмæ йыл дуртæ æхс, цалынмæ дæс фехсты иууылдæр нæ фæрæстмæ уой, уæдмæ. Иу ныхасæй, рæстдзæвин уыдтæн, фæлæ мæм æхца та нæ уыд…

Мæ мад мын дзул дæр, æхца нæм кæй нæй, уымæн æрвыста, æндæр ам дæр исты комдзаг æлхæдтаин. Колхозы кæцæй хъуамæ уыдаид æхца? Фæлæ мын-иу уæддæр хатгай писмоимæ къонверты фондз сомы æрбарвыста – æхсырæн. Фондз сомæй уæд базары фондз банкæйы æхсыр балхæнæн уыд. Æхсыр та мæ æнæмæнг хъуыд нуазын, уымæн æмæ тугхъуаг уыдтæн: мæ сæр-иу хатгай æвиппайды разылди.

Æртыккаг хатт фондз сомы куы райстон, уæд сæ балыстæг кодтон æмæ араст дæн хъазæн фæзмæ. Фæзгонд хорз ран уыд: йæ алыварс къуыбыртæ йæ æцæгæлон цæстæй хызтой. Ахæм хъæзтыты тыххæй хистæртæ загъд кодтой, лæппуты ма суанг директор æмæ милицæйæ дæр тæрсын кодтой. Ам та æдасæй хъаз, хъæу дæр хæстæг, дæс минутмæ йæм базгъорæн ис.

Фыццаг хатт цыппар абази æмæ дыууæ суарийы фæхæрд дæн, дыккаг хатт æртæ абазийы. Æхцатæ æвгъау уыдысты, бæргæ, фæлæ хъазынмæ бонæй-бонмæ хуыздæр арæхсын райдыдтон: мæ къух фидардæр кодта, æмбæрстон, дур кæд суæгъд кæнын хъæуы, цæмæй ма, цас хъæуы, уыйас зæххыл абыра. Изæрыгæтты-иу иууылдæр куы апырх сты, уæд-иу æз та ардæм æбаздæхтæн. Систон-иу дуры бын æмбæхст шайбæ, мæ дзыппы цы лыстæг æхцатæ уыд, уыдон æмæ изæрдалынгтæм мæхæдæг мæхиимæ хъазыдтæн. Уайтагъд афтæ хорз ацахуыр дæн, æмæ-иу дæс æхстæй æртæ-цыппар фæрæстмæ.

Мæ фыццаг рамбылды бон дæр ралæууыд.

Уыцы аз хъарм æмæ хус фæззæг скодта. Октябры дæр ма хур афтæ æндæвта, æмæ айдагъ хæдæтты цыдыстæм, стæмхатт-иу куы рауарыд, уæд та адæймагмæ афтæ каст, цыма йæ цавæрдæр дымгæ æнæнхъæлæджы æрбахаста. Арв дæр – сæрдыгон арвау цъæх-цъæхид, æрмæст хур тагъддæр ныгуылын райдыдта. Суанг ма къуыбырты сæрмæ, сæрды æнтæфы куыд вæййы, афтæ уæлдæф дæр тыбар-тыбур кодта, æмæ алыхуызон æрдæгхус зайæгхæлтты хъæхъхъаг тæф фæйнæрдæм хаста. Нæ хъазæн фæзы кæрдæг фæбур, фæлæ нæма бахус, фæлмæндæр цы фæцис, æндæр, æмæ йыл, хъазгæ чи нæ кодта, кæнæ чи фæхæрд, уыцы лæппутæ ратул-батул кодтой.

Ныр алы бон дæр скъолайы фæстæ згъордтон фæзмæ. Лæппутæ ивтой ногæй-ногмæ, Вадикæй фæстæмæ. Æнæ уымæй иу хъазт дæр никуы райдыдта. Вадиккы фæстæ йæ аууонау разил-базил кодта цыбырæлвыд стырсæрджын мызыхъхъарæзт лæппу Птахæ. Скъолайы йæ никуы федтон, фæлæ дын ахуыры азы æртыккаг хайы æвиппайды уæларвæй æрхауæгау нæ къласы куы февзæрид. Куыд рабæрæг, афтæмæй фæндзæм къласы дыккаг аз баззад æмæ ма цыдæр æфсонæй йæхæдæг йæхицæн январьмæ каникултæ скодта. Птахæ дæр арæх æмбылдта, Вадикау арæх нæ, фæлæ-иу æй уæддæр йæ фаг фæци. Æвæццæгæн ын Вадик, æмзонд кæй уыдысты, уый тыххæй сусæгæй æххуыс кодта.

Нæ къласæй ма-иу хъазæн фæзмæ хатгай фæзынд талфтулфгæнаг Тишкин. Уый уыд, зоны, нæ зоны, уæддæр урокты йæ къух дзуапп дæттынмæ чи фæтилы, уыдонæй. Къух ивæзта, фæлæ æмбæлгæ дзуапп нæ лæвæрдта.

Уæдæ дæ къух цæмæ сдардтай, зæгъгæ, фарстæн та-иу, йæ цæстытæ тыбартыбуркæнгæ, афсон кодта: « Зыдтон æй, фæлæ, цалынмæ стгæ кодтон, уæдмæ мæ ферох».

Тишкинимæ хæлæрттæ нæ уыдыстæм. Мæ фырнымд æмæ æгæр хъæууон æфсæрмдзасты тыххæй нырма, куыд æмбæлы, афтæ зонгæ дæр никæимæ бадæн. Мæныл дæр сæ йæхи ничи ныхæста. Нæхимæ мын бирæ æмбæлттæ уыд. Ам та мæ, нæ хæдзар тынг кæй мысыдтæн, уымæ гæсгæ, балымæн уон искæимæ, уый нæ фæндыд æмæ бынтон иунæджы хуызæн уыдтæн.

Тишкин мæ цыма уынгæ дæр нæ кодта, йæхи афтæ дардта. Уайтагъд-иу фæхæрд æмæ-иу уый уæлвæд фæцыдæр. Стæй-иу дзæвгар рæстæджы хъазынмæ нал фæзынд.

Æз сæ арæхæй-арæхдæр æмбулын райдыдтон. Алы бон дæр. Мæхæдæг мæхицæн æрхъуыды кодтон: цæмæй фыццаг цæфы бар дæумæ æрхауа, уый тыххæй дур фæзыл тулын ницæмæн хъæуы – бирæйæ куы фæхъазынц, уæд уый къухты зынæй æфты. Цас хæстæгдæр ивазыс дæхи хахмæ, уыйбæрц тæссагдæр у шайбæйæн хаххы сæрты атæхынæй, дæуæн та – фæстæгтимæ баззайынæй. Уымæ гæсгæ æхцаты хъуыд фыццаг цæфæй акъуырын. Тæссаг уыд, куы фæхæрд уай, уымæй дæр, фæлæ мæ рæстдзæвиныл мæ зæрдæ дардтон: æртæ – цыппар хатты фæд-фæдыл фæхæрды фæстæ-иу фæндзæм хатт мæ хъавд афтæ фæрæстмæ, æмæ-иу цы фæхæрд дæн, уымæй æртæ хатты фылдæр рамбылдтон.

Ныр мæм æхца фæзындис. Дæргъвæтин хъазтæй мæхи хызтон, фæзы суанг изæрмæ нæ фæстиат кодтон. Алы бон дæр мæ иунæг сом хъуыдис, æмæ-иу æй куы рамбылдтон, уæд – згъоргæ базармæ: алхæн æхсыры банкæ (устытæ хъуыр-хъуыр кодтой мæ цъæррæмыхстытæ, цъæлтæ æхцатыл, фæлæ мын-иу æхсыр уæддæр æркодтой), сихор ахæр æмæ дæ урокты кой кæн. Æфсæдгæ-иу нæ бакодтон, фæлæ æхсыр кæй нуазын, уый мын ме ‘ххормагыл тых кæнынæн цыдæр ныфс лæвæрдта, стæй мæ сæр дæр афтæ арæх нал зылди.

Фыццаг рæстæг Вадик мæ уæлахизтæм куыдфæндыйы цæстæй каст. Йæхæдæг дæр æнæпайда нæ уыд, уый хардзæй та мæнмæ никуы ницы æрхауд. Хатгай ма мæ-иу æппæлгæ дæр ракодта: кæсут, куыд хъазын хъæуы, уымæ, ахуыр кæнут, хъæдынкъухтæ, зæгъгæ. Фæлæ фæстагмæ фембæрста, æгæр тагъд кæй ныууадзын мæ хъазт, уый æмæ мæ иухатт фæурæдта:

– Уый та куыд у – æхца æруидз æмæ – лидзгæ? Тынг зондджын дæ, æвæдза! Хъазгæ-ма кæн дарддæр!

– Вадик, мæ уроктæ кæнын мæ хъæуы, – афсон кодтон.

– Уроктæ кæнын кæй фæхъæуы, уыдон ардæм нæ цæуынц.

Птахæ дæр та йæ ампъызта:

– Чи дын загъта, æхцайыл афтæ хъазгæ у, уый? Ахæм миты тыххæй нæмгæ дæр ракæнынц. Нæ йæ зыдтай?

Уæдæй фæстæмæ мæм Вадик шайбæ йæхи разæй нал лæвæрдта, æмæ-иу дуры размæ бацыдтæн æппæты фæстæ. Вадик хорз хъазыд, æмæ мæн уый тыххæй арæх, шайбæмæ ‘вналгæ дæр нæма бакодтаин, афтæмæй мæ дзыппæй æхца исын бахъуыди. Фæлæ уæддæр æз хуыздæр æппæрстон, æмæ-иу мæм рад куы ‘рхауд, уæд шайбæ, цыма магнит уыд, уыйау æхцатæм тахт. Афтæ хорз кæй хъазын, ууыл мæхæдæг дæр дис кодтон. Уæд нырма нæ зыдтон, æргом хорз хъазын кæй нæ хъæуы, исты хъуыддаджы иннæты разæй фæуын кæй никуыма никæмæн батади. Нæ зыдтон, уæд дын кæй ничиуал фæтæригъæд кæндзæн, дæ сæрыл дæр кæй ничи рахæцдзæн, «чъирийы сæрыл цъуппау» сæм кæй кæсдзынæ, æмæ дæ æппæтæй тынгдæр йæ удхæссæг, дæ хæдфæстæ чи цæуа, уый кæй уындзæн. Фæлæ æмбылдтон æмæ ‘мбылдтон… Царды ацы æцæгдзинад уæд, æрмæст уыцы фæззæджы, мæхи цармыл бавзæрстон…

Ногæй та акъуырдтон æхцаты кæригонд æмæ сæм рамбырд кæнынмæ куыд фæцæйцыдтæн, афтæ мæ цæсты кæронæй ауыдтон – Вадик дзы иуы йæ къахы бын акодта. Иннæтæ зæххыл хуыссыдысты, сæ нымæцтæ уæлæрдæм, афтæмæй. Ахæм заман-иу фæхъæр кодтой «Ногæй!», цæмæй дзы «цæргæс» куынæ разына, уæд æхца ногæй иу ранмæ бамбырд кæнæн уа. Фæлæ мæн ныфс уыд, мæ къуырд кæй фæрæстмæ, уымæй æмæ нæ фæхъæр кодтон.

– Ногæй, нæ? – фæрсы мæ Вадик.

Хæстæг æм бацыдтæн, йæ къах ын иуварс акæнынмæ хъавын, фæлæ мæ уый ассыдта, рæвдз фелвæста суари æмæ мæм æхцайы чъылдым равдыста. Æз æй уæддæр ауыдтон, иннæрдæм фæлдæхт кæй уыди, къахæй дæр ыл уымæн ныллæууыд.

– Ды йæ фæзылдтай иннæрдæм, мæ пайдайæн фæлдæхт уыди, æз æй федтон.

Вадик мын мæ фындзы бынмæ йæ тымбыл къух бахаста:

– Мæнæ ай та нæ федтай? Басмуд-ма йæм, цæй тæф кæны?

Æндæр гæнæн мын нал уыд, æмæ ныхъхъус дæн: зыдтон æй – мæ сæ сæрыл ничи сдзурдзæн…

Вадик мæм комкоммæ мæсты каст кодта. Æргуыбыр дæн, сындæггай бакъуырдтон, хæстæгдæр æм цы суари уыди уый, фæфæлдæхтон æй æмæ дыккаг æрбаввахс кодтон. Рæстдзинад фæуæлахиз уыдзæн, уæддæр сæ ныртæккæ рамбулдзынæн, зæгъгæ, мæхи æрцæттæ кодтон, фæлæ æхца æрцæвын мæ къухы нал бафтыд: фæсте мæ чидæр йæ уæрагæй стъæпп кодта, æмæ мæ фындзæй зæхх ахуым кодтон. Иууылдæр ныххудтысты.

Мæ фæстæ, мидбылхудгæйæ, лæууыд Птахæ. Æз фæкуыддæр дæн:

– Цы кусыс?!

– Цы кусгæ мæ уыныс, дæ фыны мæ федтай, мыййаг? – нæ састи Птахæ.

– Ардæм-ма йæ æри! – Вадик йæ къух къуырæн дурмæ æрбадаргъ кодта, фæлæ йæм æй æз нæ радтон.

– Æри-ма йæ ардæм! – фидарæй та загъта Вадик.

– Суари иннæ фарсмæ ды фæзылдтай! – фæхъæр ыл кодтон æз. – Мæхæдæг æй федтон. Фæзылдтай йæ!

– Гъа-ма, иу хатт ма йæ зæгъ, – хæстæгдæр мæм æрбалæууыд.

– Фæзылдтай йæ, – ныртæккæ цы уыдзæн, уый хорз æмбаргæйæ, ацы хатт сабырдæрæй сдзырдтон æз.

Птахæ мæм фæстæрдыгæй бахъуызыди æмæ мæ фыццаг цæф ныккодта. Æз фæцудыдтон, æмæ ма мын Вадик сæрæй мæ фындзы хъæл дæр æрцавта. Æрхаудтæн. Мæ фындзы туг фемæхсти. Куыддæр фестадтæн, афтæ та мыл Птахæ йæхи ныццавта. Мæ фындзы туг кæлы, афтæмæй мæ Вадик æмæ Птахæ кæрæдзимæ схой-схой кæнынц. Æз æрмæстдæр мæ фындзыл хæцыдтæн – йæ туг нæ урæдта, хъæр кодтон:

– Фæзылдтай йæ! Фæзылдтай! Фæзылдтай!

Нæмгæ мæ радыгай кодтой, куы – сæ иу, куы – иннæ. Æртыккаг дæр ма дзы уыд, цыдæр гыццыл фыдхъуын лæппу. Уый та мын мæ къæхтæ хоста къахæй – сцъæхтæ мын сты. Архайдтон зæхмæ не’рхауыныл: æгад мæм каст. Фæлæ мæ уæддæр сæ быны скодтой æмæ уæд æрлæууыдысты.

– Цæугæ ардыгæй, цалынмæ ма æгас дæ, уæдмæ! – бардзырд радта Вадик. – Рæвдз!

Мæ фындзы туг сæрфгæйæ, зæххæй сыстадтæн, æмæ хæрды араст дæн къуыбырмæ.

– Искæмæн æй радзырдтай, зæгъгæ, уæд дæ фæмард кæндзынæн! – бартхъирæн ма мæм кодта.

Ницыуал сдзырдтон. Мæ бон дзурын дæр нæ уыди. Фæлæ, къуыбыры сæрмæ куы ссыдтæн, уæд мæхи нал баурæдтон, разылдтæн æмæ уыциу хъæр ныккодтон:

– Фæзылдта-а-а-ай йæ!

Птахæ мæ рацæйсырдта, фæлæ æвиппайды дзыхълæуд фæкодта, æвæццæгæн æй Вадик нæ рауагъта, фаг ын у, зæгъгæ. Иу-фондз минуты фæлæууыдтæн. Мæ кæуын тыххæй уромгæйæ, кастæн, ногæй хъазын куыд райдыдтой, уымæ. Стæй къуыбыры иннæ фарсыл бынмæ ныххызтæн, дæрзæг хус кæрдæджы дæлгоммæ ныххаудтæн æмæ мæ дзыхы дзаг ныккуыдтон.

Уыцы бон зæххыл мæнæй æнамонддæр адæймаг нæ уыди…

 

* * *

Райсомæй кæсæнмæ кæсын дæр нæ уæндыдтæн: фындз ныддæнгæл, мæ галиу цæсты бын – цъæх, гыццыл бындæр мæ русыл – даргъ цъæррæмыхст. Уыцы хуызæнæй скъоламæ куыд ацæуон, уый нæ зыдтон, фæлæ æнæ ‘фсонæй, уроктæй фæцух уон, уымæ дæр мæ ныфс нæ бахастон.

Мæ цæсты бын къухæй æмбæрзгæйæ, къласы фæмидæг дæн, мæ бынаты абадтæн æмæ мæ сæр ныггуыбыр кодтон. Фыццаг нæм, раст цыма фыддæрагæн, уыйау уыд францаг æвзаджы урок. Лидия Михайловнæ нæм, нæ къласы разамонæг кæй уыд, уымæ гæсгæ иннæ ахуыргæнджытæй лæмбынæгдæр дардта йæ хъус, бамбæхсæн дзы ницы уыд. Къласмæ бацæугæйæ-иу салам радта, фæлæ «æрбадут» зæгъыныл нæ тагъд кодта, нæ алкæмæ дæр æдзынæг бакастаид, хъазгæмхасæнты, фæлæ æнæмæнг сæххæстгæнинаг фиппаинæгтæ нын-иу акодтаид. Мæ цæсгомы цъæх фæдтæ дæр æвиппайды ауыдта: иннæты цымыдисаг æрбакæс-æрбакæстытæй йæ фембæрстон.

– Куыд уынын, афтæмæй, абон не ‘хсæн, чи фæцæф, ахæмтæ дæр ис, – сдзырдта Лидия Михайловнæ, журнал гом кæнгæйæ.

Ме ‘мкъласонтæ ныххудтысты. Лидия Михайловнæ та мæм ногæй æрбакаст. Гыццыл зылындзаст уыд, æмæ-иу фыццаг бонты, кæмæ кæсы, уый не ‘взæрстам, фæлæ йыл цыбыр рæстæгмæ ацахуыр стæм.

– Фæлæ, цымæ, цы ‘рцыди? – фæрсы мæ.

– Фæкалдтæн, – срæцыгъдтон æз æмæ, рагацау исты æфсон кæй не ссардтон, ууыл фæфæсмон кодтон.

– Тынг æвзæр хабар. Æмæ кæд фæкалдтæ, знон æви абон?

– Абон… На-а, знон, изæрæй дзæбæх куы ‘рталынг ис, уæд.

– Уæдæ, уæдæ, куыннæ стæй, фæкалди! – фыр цинæй хуыдуг кæнгæйæ, фæхъæр ласта Тишкин. – Уый йын Вадиккы лæвар у. Цы агуырдта, уый ссардта: æхцайыл хъазыдысты, æмæ ай быцæуыл схæцыд. Мæхи цæстæй сæ федтон. Æмæ, дам, фæкалдтæн.

Ахæм гадзрахатæй фæкуыддæр дæн. Æппындæр ницы ‘мбары, æви барæй афтæ кæны? Æхцайыл кæй хъазыдыстæм, уый тыххæй не ‘ппæты дæр скъолайæ фæсурдзысты. Уæвгæ мын хъæугæ дæр афтæ кæны. Фыр тæссæй мæ хъуыдытæ иууылдæр схæццæтæ сты: фесæфтæн, ныр мын фервæзæн нал ис. Уый та дын Тишкин! Хабæрттæ иууылдæр куыд ралæхурдта…

– Тишкин, дæу та бынтон æндæр цæмæйдæрты афæрсынмæ хъавыдтæн, – фæурæдта йæ Лидия Михайловнæ. – Фæйнæгмæ-ма рауай, кæд дæм дзурын афтæ тынг цæуы, уæд дзуапп ратт.

Ахуыргæнæг банхъæлмæ каст, цалынмæ, æвиппайды йæхи æнамонд хуыз цы Тишкин акодта, уый размæ рацæуа, мæнæн та загъта: «Урокты фæстæ-иу баззай».

Директормæ мæ куы акæна, уымæй тынгдæр ницæмæй тарстæн. Афтæ куы рауайа хъуыддаг, уæд мæ райсом æрлæууын кæндзысты линейкæйы, æмæ мын радзурын кæндзысты, «уыцы чъизи митæ цæмæн кодтон», уый. Директор, Васили Андреевич-иу, исчи исты фыдуаг ми куы ракодта, – рудзынг асæтта, фæхыл уа, кæнæ та йæ тамако дымгæ æрцахсой, – афтæ фарста: «Цæй фæдыл кодтай уыцы чъизи митæ?» Линейкæйы, йæ къухтæ йæ чъылдымыл æвæрдæй дыууæрдæм рацу-бацу кæнгæйæ-иу, æгъдаухалæгимæ ныхас кодта: «Дзургæ, дзургæ. Дæумæ кæсæм, æнæхъæн скъола æнхъæлмæ кæсы, цы нын зæгъдзынæ, уымæ». Ахуырдзау-иу райдыдта цыдæртæ хъым-хъым кæнын, фæлæ-иу æй директор æрдæг ныхасыл фæурæдта: «Ды мын мæ фарстæн дзуапп ратт. Æз дæ куыд бафарстон?»

– Афтæ цæмæн бакодтон?

– Раст зæгъыс: цæмæн бакодтай афтæ? Хъусæм дæм.

Васили Андреевич-иу æрсабыр æрмæст æгъдаухалæджы цæссыгтæй, æмæ-иу уæд уроктæ райдыдтой. Хистæр кълæсты ахуырдзаутимæ зындæр уыди: дзуапп раттын дæр сæ бон нæ уыди æмæ кæугæ дæр нæ кодтой.

Иухатт та фыццаг урок дæс минуты фæстæдæр райдыдта, æмæ уыцы дæс минуты директор фарста иу дæсæмкъласоны. Дзуапп дзы куы нæ райста, уæд æй йæ кабинетмæ акодта.

Æз та цы зæгъдзынæн? Фæлтау мæ скъолайæ дæр атæрæд. Уыцы хъуыды нысан кодта: уæд хæдзармæ мæ бон аздæхын уаид. Фæлæ æвиппайды, цыма мæ къух асыгъд, уыйау фестъæлфыдтæн: нæ, хæдзармæ ахæм худинаджы здæхт акæнæн нæй. Мæхæдæг куы ныууадзин скъола, уæд æндæр хъуыддаг уаид… Фæлæ мæ суанг уæддæр схонæн уаид, æууæнк кæуыл нæй, ахæм адæймаг, уымæн æмæ, цы мæ бакæнын хъуыд, уый нæ сæххæст кодтон. Нæ бафæрæзтон. Нæй, хæдзармæ мын нæй здæхæн.

Урокты фæстæ, тæрсгæ-ризгæйæ, тыргъы æнхъæлмæ кастæн Лидия Михайловнæмæ. Уалынмæ фæзынди æмæ мæ къласмæ бакодта. Сбадти стъолы цур, æз та æртыккаг партæмæ фæцæйцыдтæн, ахуыргæнæгæй дарддæр куыд уон, афтæ, фæлæ мын уый фыццаг партæмæ ацамыдта æмæ, куы сбадтæн, уæд мæ бафарста:

– Æцæгæйдæр æхцайыл хъазыдтæ?

Йæ фарст æгæр хъæрæй рауад. Æз афтæ æнхъæл уыдтæн, скъолайы ахæм хабæрттыл сусæгæй дзурын хъæуы æмæ ноджы тынгдæр фæ- тарстæн. Фæлæ дзы сусæггагæй дæр ницыуал уыд, Тишкин мæ ныууæй кодта. Æмæ сабыргай бахъым-хъым кодтон:

– О, æцæг хъазыдтæн.

– Æмæ – æмбулгæ ракæныс æви хæрд фæвæййыс?

Цы йын загътаин, уый нæ зыдтон.

– Дзургæ кæ, ма тæрс. Фæхæрд вæййыс, æвæццæгæн?

– Æмбулгæ ракæнын.

– Æгайтма æмбулгæ уæддæр кæныс… Æмæ де ‘хцатæ та цы фæвæййынц?

Фыццаг бонты мæм йæ хъæлæс тынг æнахуыр касти, мæ бон ыл нæ уыд сахуыр уæвын, хъуыды кæнын мæ нæ уагъта. Махмæ хъæуы куыддæр ныллæгдæр æмæ уæззаудæр хъæлæсæй ныхас кодтой, Лидия Михайловнæйæн та æндæрхуызон – цъæхснагдæр æмæ рогдæр уыд йæ хъæлæс. Æз уый францаг æвзаджы аххос кодтон: æвæццæгæн, æцæгæлон æвзаг ахуыр кæнгæйæ, æвæлтæрдæй йæ хъæлæс слæмæгъ, къалатийы цы цъиу фæдарынц, уый хъæлæсы хуызæн, æмæ ныр æнхъæлмæ кæсын хъæуы, йæ тыхы та йын ногæй кæд бацæудзæн, уымæ.

Лидия Михайловнæ мæ ахæм хуызы фарста, цыма, цæуыл дзурæм, уый сæйраг нæу, фæлæ мын уæддæр йæ фæрстытæй фервæзæн нæ уыд.

– Уæддæр, цы ‘хцатæ рамбулыс, уыдон цы фæкæныс? Дæхицæн дзы къафеттæ балхæныс æви чингуытæ? Æви сæ ‘ндæр исты балхæнынмæ æмбырд кæныс? Бирæ дын сты?

– Нæ. Иу сомæй фылдæр нæ рамбулын.

– Цæуылнæ?

– Дарддæр нал фæхъазын.

– Æмæ иу сом цæмæн? Иу сомæй цы кæныс?

– Æхсыр дзы балхæнын.

– Æхсыр?

Ахуыргæнæг мæ акомкоммæ бадти уыцы аив, зондджын æмæ рæсугъдæй. Рæсугъд уыд йæ дзаумæттæй, йе ‘рыгон карæй. Æз уыдæттæ, кæд нырма гæзæмæ, уæддæр æмбæрстон. Йæ духийы тæф мæм калд, æз та æнхъæлдтон, уый йæ улæфт ахæм у; ноджы ма цыдæр математикæтæ æмæ историты ахуыргæнæг нæ уыд, фæлæ, цавæрдæр сусæгдзинад æмбæхст кæм уыд, уыцы фæсарæйнаг æвзаджы ахуыргæнæг. Æмæ мæм уырдыгæй дæр хъуыст цыдæр æнахуыр улæфт. Скæсын æм куыд нæ уæндыдтæн, афтæ йæ асайын дæр мæ ныфс нæ бахастон. Стæй йæ сайын дæр цæмæн бахъуыд?

Иуцасдæр мæм æнæдзургæйæ фæкасти, æмæ раст мæ цæсгомы цъарæй дæр банкъардтон, мæ ницæйаг митæй дзы кæй ницы аирвæз-дзæн, цы сты, уымæй карздæр цы фæуой, æндæр. Цæмæ кастаид, уый та йын уыд: йæ разы зæронд хуызивд пиджаччы йæ фыды зæронд галифейæ хуыд цъæхбын, зноны хылы фæдтимæ хæлафы бадт, æнæ мадæй йæхимæ базилынхъом чи нæу, ахæм цъæррæмыгъстытæцæсгом мæллæг хъæддаггомау лæппу. Пиджак йæ къæсхуыртæ уæхсчытæн хорз уыд, фæлæ къухтæ дыстæй дзæвгар рабырыдысты. Уый размæ дæр ма-иу фæхатыдтон, ахуыргæнæг мын мæ дзабыртæм цымыдис кæстытæ куыд кодта, уый. Нæ къласæй мæн йеддæмæ ахæм цыбыр- хъус дзабырты (махмæ сæ «чиркæтæ» хонынц) ничи цыди. Афæдз сæ фæдардтон, фæлæ иннæ фæззæджы нал куымдтон скъоламæ мæ зæронд дзабырты, æмæ уæд мæ мад нæ иунæг хæзна, – йæ хуыйæн машинкæ, – ауæй кодта æмæ мын æцæг кирзæ цырыхъхъытæ балхæдта.

– Уæддæр æхцайæ хъазæн нæй, – хъуыдыдзастæй сдзырдта Лидия Михайловнæ. – Исты хуызы бафæразын хъæуы. Бабыхсдзынæ?

Фыдбылызæй афтæ æнцонæй фервæзын æнхъæл нæ уыдтæн æмæ дзуапп дæттынмæ фæрæвдз дæн:

– О…

Раст зæгъгæйæ, уыцы бонты уæлдай тынгдæр тыхстæн. Нæ колхоз, хорз фæззæг кæй уыд, уымæ гæсгæ паддзахады хоры хæстæ афойнадыл бафыста, æмæ машинæ районмæ нал цыди. Æз зыдтон, мæ мад хæдзары йæхицæн бынат кæй нæ ары, мæныл мæт кæнгæйæ, фæлæ уымæй мæ уавæр æнцондæр нæ кодта. Фæстаг хатт цы картофы голлаг æрбаласта Ваня, уый афтæ тагъд атади, цыма йæ фосæн хæрын кодтой. Хорз, æмæ ма дзы, кæрты цы зæронд сара уыди, уым иугыццыл амбæхсын мæ сæр æрцахста, æмæ ныр уый руаджы цардтæн. Скъолайы фæстæ-иу сусæгæй давæджы хуызæн сарайы фæмидæг дæн, цалдæр картофы-иу мæ дзыппыты атъыстон æмæ – згъоргæ хъæуæй къуыбырты фалемæ, цæмæй исты фæсвæд ран арт акæнон. Æппынæдзух мæм хæрын цыди, фыны дæр ма-иу мын мæ ахсæн цыдæр схордта.

Æхцайæ хъазджыты ног къордыл фæхæсты зæрдæйæ райдыдтон сындæггай иннæ уынгтæм дæр цæуын, фæлæ – никуы æмæ ницы. Быдырмæ дæр-иу рацыдтæн, кастæн, къуыбыртырдæм лæппутæй чи цыд, уыдоны фæстæ, фæлæ – дзæгъæлы: хъазыны рæстæг фæци, радымдтой октябры уазал дымгæтæ, æмæ ма æрмæст мах фæзы æмбырд кодтой лæппутæ. Йæ алывæрсты зылдтæн æмæ кастæн: урс-урсидæй шайбæ хуры тынтæм цæхæртæ куыд калы, Вадик, йæ къухтæ тилгæйæ, бардзырдтæ куыд дæтты, зонгæ лæппутæ æхцатæм куыд ныггуыбыр вæййынц, уыдæттæм.

Фæстагмæ мæхи нал баурæдтон æмæ сæм ныххызтæн. Кады хос мын нæу, уый зыдтон, фæлæ мæм уымæй худинагдæр касти мæ над æмæ мæ фæтардимæ сразы уон, уый. Тынг мæ фæндыд, Вадик æмæ мæм Птахæ цы цæстæй ракæсдзысты, стæй мæхæдæг дæр мæхи куыд дардзынæн, уый фенын. Фæлæ мæ уымæй тынгдæр уырдæм тардта ме стонг. Мæн хъуыди иу сом – ныр æхсырæн нал, фæлæ дзулæн. Æндæр æй кæм ссардтаин, уый мын нæ уыди…

Хæстæг сæм куы бацыдтæн, уæд сæ хъазт ныууагътой, иууылдæр мæм ныккастысты. Птахæйы сæрыл хæрдмæ фæлдæхт хъустимæ цы худ уыд, уый йыл йæ иннæ дарæсау дзæбæх бадт. Вадикыл дæр уыд рæсугъд бæзджын къурткæ. Гыццыл фалдæр зæххыл – иннæты уæлæдарæс. Сæ уæлæ, йæхи дымгæйæ ныггуыбыр кæнгæйæ, бадти гыццыл фондз – æхсæзаздзыд лæппу.

Фыццаг мæм сдзырдта Птахæ:

– Цæмæ ‘рбацыдтæ? Рагæй дыл нал æрцыдæуыд?

– Хъазынмæ, – сабырæй загътон æз, Вадикмæ кæсгæйæ.

– Æмæ дын чи загъта, исчи ма дæу хуызæн фаджысимæ хъаздзæн, уый, – Птахæ ноджы æвзæрдæр загъта.

– Ничи.

– Куыд зæгъыс, Вадик, нæмæм та йæ, æви уал æм бакæсæм?

– Птахæ, йæ быны цы бабырыдтæ? – мæнмæ кæсгæйæ, сдзырдта Вадик. – Нæ уыныс, адæймаг хъазынмæ ‘рбацыд. Кæд нæ дыууæйæ дæр фæйнæ туманы рамбулынмæ хъавы, уæд та?

– Сымахмæ фæйнæ туманы уæвгæ дæр нæй, – цæмæй мæхæдæг мæхимæ тæппуд ма фæкæсон, уый тыххæй загътон æз.

– Ды дæ фыны дæр нæ федтай, махмæ цас ис, уыйас. Æрæвæр де ‘хца, бирæ ма дзур, цалынмæ Птахæ не смæсты, уæдмæ. Зоныс æй, тынг мæстыгæр у.

– Иу ын авæрон, Вадик?

– Нæ хъæуы, уадз æмæ хъаза. – Вадик йæ цæст фæныкъуылдта лæппутæм. – Хорз хъазы, мах йæ цуры ницы стæм.

Ныр фæлтæрд уыдтæн, хорз æмбæрстон, Вадиккы кæнгæ хæларзæрдæ ахаст цы у, уый дæр. Æвæццæгæн, стыхсти, хъазын нывыл чи нæ зоны, уыдонимæ ерысæй æмæ мæ уый тыххæй бауагъта. Фæлæ та йæ куыддæр æмбулын райдайон, афтæ та мæ фæнæмдзысты. Æфсон дæр та ссардзысты. Ныр хъазыдтæн хъавгæ. Фыццаг бонты сом рамбулыныл хъуыды дæр нæ кодтон: абази, кæнæ æхсæз суарийы – дзулы къæбæры фаг дæр уал хорз уыд.

Фæлæ, ‘рцæуинаг цы уа, уымæн æнæ ‘рцæугæ нæй. Цыппæрæм бон, сом куы рамбылдтон, уæд та мæ фæнадтой. Раст зæгъгæйæ, ацы хатт афтæ тынг нæ, фæлæ мыл иу фæд уæддæр баззад: мæ был тынг ныррæсыд. Скъолайы йæ мæ уæллаг былæй кæд цыфæнды æмбæхст кодтон, уæддæр æй Лидия Михайловнæ фæфиппайдта. Барæй мæ фæйнæгмæ ракодта æмæ мæ францагау кæсын бадомдта. Дæс æнæцæф былы мын куы уыдаид, уæддæр æй мæ бон, куыд æмбæлы, афтæ бакæсын нæ бауыдаид, ныр та – уæлдайдæр.

– Фаг у, фаг у! – тарстхуызæй сдзырдта уый æмæ йæ къухтæ сцагъта. – Ай цы хабар у?! Нæ, нæ… æндæр гæнæн нал ис: демæ фæсурокты кусын бахъæудзæн.

 

* * *

Афтæ райдыдтой мæ фыдбонтæ. Сæумæрайсомæй фæстæмæ-иу тæрсгæ-ризгæйæ æнхъæлмæ кастæн, адæймаджы хъиамæтæн цы францаг дзырдтæ æрхъуыды кодтой, уыдон Лидия Михайловнæйы фæстæ фæлхат кæнгæйæ та ме ‘взаг ногæй куыд ныссуйтæ уыдзæн, уымæ. Афтæ, афтæ, адæймаджы тухæнæй марынæн сæ ‘рхъуыды кодтой, æндæр ма уæдæ цæмæн бахъуыд æртæ хъæлæсон мыры иу дæргъвæтин бæзджын мыры батъыссын, зæгъæм, уыцы «о» дзырд «beaucoup» (бирæ), кæд тухæнæй марынæн нæ, уæд. Цæмæн хъæуы, мыртæ хъæрзæгау фындзы хуынчъытæй уадзын, фындз адæймагыл бынтон æндæр цæмæндæр куы ‘рзад, уæд? Цæмæн? Алцæмæн дæр хъуамæ фæтк уа. Лидия Михайловнæимæ фæсурокты куыстæй-иу мæ хид акалд, ныссырх-иу дæн, мæ хъуыр-иу ахгæдта, мæ мæгуыр æвзаг та цъутхæлттæ кæнын райдыдта.

Скъолайы, ацы ‘взаг мæнæй æвзæрдæр чи зыдта, ахæм сывæллæттæ бирæ уыд, фæлæ уыдон цæмæндæр сæ зæрдæйы дзæбæхæн, цы сæ фæндыд, уый кодтой, æз та æлгъысты хуызæн се ‘ппæты бæсты тухæнæй мардтæн.

Чысыл фæстæдæр хъуыддаг ноджы фæфыддæр: Лидия Михайловнæ сфæнд кодта, цæмæй йæм æз францаг æвзаг ахуыр кæнынмæ фæсурокты сæхимæ цыдаин. Скъоламæ хæстæг царди, ахуыргæнджыты хæдзары. Хæдзарæн йæ иннæ хай та скъолайы директор ахста. Æмæ сæм цыдтæн, адæмы фыдудæй кæм марынц, уырдæм цæуæгау. Æнæуи дæр æфсæрмыгæнаг æмæ фырнымд уыдтæн, гыццыл ницæй тыххæй дæр-иу стыхстæн, ныр ам, ахуыргæнæджы сыгъдæг, хæрзæфснайд фатеры-иу фыццаг рæстæг æндзыджы хуызæн бадæн, улæфын дæр нæ уæндыдтæн. Алцыдæр мын дзурын хъуыди: цæмæй мæ дзаумæттæ раласон, агъуыстмæ бахизон, сбадон. Мæ алы ныхас дæр мын мæ дзыхæй тыхæй ласын хъуыд. Фæлæ нæ ахуыртæ æвзаг базонынæн уæлдай æххуыс ницы уыдысты. Бынтон диссаг та уый уыд, æмæ ам, скъолаимæ абаргæйæ, къаддæр рæстæг хардз кодтам.

Ноджы ма-иу, Лидия Михайловнæ, йæ фатеры истытæ æфснайгæйæ, мæн цæмæйдæрты фарста, йæхи тыххæй дæр-иу истытæ радзырдта. Æмæ мæм хатгай афтæ каст, цыма уыцы истытæ мæн тыххæй æр- хъуыды кæны. Зæгъæм, дзырдта, цыма францаг æвзаджы факультетмæ фыдæнæн бацыди, уымæн æмæ йын скъолайы зын ахуыр кæнæн уыд. Æмæ йæхи дæр æмæ иннæты дæр цæмæй баууæндын кæна, ацы æвзагыл йæ бон фæтых уæвын кæй у, ууыл.

Æз-иу къуымы сбадтæн, хъуыстон æмæ, хæдзармæ мæ кæд ауадздзæн, уымæ æнхъæлмæ кастæн. Ахуыргæнæгмæ бирæ чингуытæ уыд, ныллæг скъапгондыл та рудзынджы цур æвæрд уыди стыр сырх радио æмæ музыкæмæ хъусæн – уыцы заман ахæмтæ стæм уыдысты, æмæ мæнмæ дæр стыр æнахуыр диссаджы хуызæн касти. Æвæрдта йыл пластинкæтæ, æмæ нæлгоймаджы хъæлæс мæн ахуыр кодта францагау раст дзурыныл. Фæнда дæ, нæ фæнда, фервæзæн дзы нæй. Ахуыргæнæг хуымæтæг къабайы, фæлмæн хæдзарыдаргæ дзабырты рауай-бауай кодта æмæ мæм-иу куы ‘рбаввахс, уæд-иу бынтон нымпылдтæн, мæ гæвзыкк пиджачы-иу нынныгъуылдтæн. Мæн мæхи дæр нæ уырныдта, ахуыргæнæджы хæдзары кæй бадын. Мæ алыварс алцы – æнахуыр æмæ диссаг: ам уыд, æз кæй нæ зыдтон, царды ахæм комулæфт, æмæ мæм афтæ каст, цыма æппæтмæ дæр кæцæйдæр сусæгæй кæсын. Уымæй мæ уавæр ноджы тыхстдæр кодта.

Лидия Михайловнæйыл уæд цыдаид иу фондз æмæ ссæдз азы бæрц: хорз ын хъуыды кæнын йе ‘бæрæг мидбылхудт æмæ йæ цыбырæлвыд сау-сауид сæрыхъуынтæ. Йæ цæсгомыл нæ уыд, цыфæнды хæларзæрдæ ахуыргæнджытæн дæр иударон цы тызмæгдзинад свæййы, уымæй иунæг фæд дæр. Æрмæст ыл зынд зына-нæзына исты ногдзинæдты цыбæл æмæ цымыдис. Цыма йæхæдæг дæр, ардæм кæцæй æрбахаудтæн, æмæ цы хъуамæ кусон, зæгъгæ, йæхи бафæрсынмæ хъавыд. Ныр мæм афтæ кæсы, æвæццæгæн, уæдмæ моймæцыд дæр уыдаид, уымæн æмæ йæ хъæлæс, йæ къахайст, кæд фæлмæн уыдысты, уæддæр сыл бæрæг дардта царды фæлтæрддзинад.

Ноджы мæм худинаг æркæсы, Лидия Михайлæвнæ мæм-иу нæ урокты фæстæ æхсæвæр хæрынмæ куы бадзырдта, уæд-иу кæй фæ- тарстæн, уый. Сæдæ хатты æххормагдæр куы уыдаин, уæддæр-иу мæ фыр тыхстæй ме стонг фæцыдæр. Мæ уарзон ахуыргæнæгимæ иумæ æхсæвæр хæрын!? Дзулы къæбæр, æвæццæгæн, мæ хъуыры дæр нæ ацыдаид. Нæ, нæ! Фæлтау францаг æвзаг райсоммæ иууылдæр сахуыр кæндзынæн, æрмæст мæ ардæм цæуын мауал хъæуæд! Уымæй размæ хъуыды дæр никуы акодтаин, Лидия Михайловнæ дæр иннæтау хуымæтæджы хæринæгтæ хæра, ууыл. Никæй хуызæн, ахæм цавæрдæр диссаджы адæймаг мæм касти. Æз-иу фæгæпп кодтон, сгуым-гуым-иу кодтон, æфсæст дæн, зæгъгæ, æмæ-иу дуары ‘рдæм ныццавтон. Уый та мæм, дисгæнгæ, цыдæр тæргайхуызæй касти, фæлæ мæнæн бауромæн ницы хуызы уыд. Алыгътæн-иу. Афтæ цалдæр хатты. Стæй мæ ‘хсæрæр кæнынмæ нал хуыдта, æмæ уæд сулæфыдтæн.

Иухатт та мын чидæр афтæ, цыдæр лæг, дам дын хуыны асыкк æрбахаста æмæ йæ бынæй ныууагъта. Ваня, колхозы шофыр уыд, уæдæ ма æндæр цавæр лæг!? Хæдзары, æвæццæгæн, ничи разынд, мæнмæ æнхъæлмæ кæсынмæ та йæ не ‘вдæлд, æмæ йæ бынæй уымæн ныууагътаид.

Цыдæр амалæй фæбадтæн урокты кæронмæ æмæ бынмæ нызгъордтон. Верæ мын, скъолайы мæрзæг, къуыммæ урс фæйнæгæй къопмæ ацамыдта. Ахæмтæ постæй фервитынц. Æз ыл бадис кодтон. Мæ мад мын алы хатт дæр хæринаг хызыны æрвыста. Кæд æй мæнæн не ‘рбахастой, мыййаг. Нæ, къоппæн йæ сæрыл фыст уыди мæ мыггаг æмæ мæ кълас. Æвæццæгæн ыл Ваня ам афыста – цæмæй, кæй у, уый зоной. Цымæ, мæ мад хæринæгтæ асыччы æвæрын цæмæн райдыдта?!

Мæ хуын хæдзармæ ахæссын æмæ дзы цы ис, уый афтæмæй базонын мæ бон не сси: нал æм фæлæууыдтæн. Бæрæг уыд: картоф æвæрд дзы нæй, дзулæн дæр æгæр гыццыл у къопп. Уымæй уæлдай ма мын дзул æрæджы сæрвыстой, æмæ ма мæм дзы баззад. Уæдæ дзы цы уа? Скъолайы асины бынмæ бабырыдтæн, уым фæрæт федтон айразмæ, æмæ йæ куы ссардтон, уæд дзы асыкгонды сæр фегом кодтон. Асины бын талынг уыд, æмæ фæстæмæ рабырыдтæн. Мæ алывæрстæм акастæн æмæ хуын рудзынджы фæйнæгыл æрæвæрдтон. Йæ хуылфмæ йын куы ныккастæн, уæд андзыг дæн: урс гæххæттæй æмбæрзтæй рæнхъгай æвæрд макъаронты даргъ бур лыстæг хæтæлтæ рухсмæ зынаргъ хæзнатæй сæрттывтой. Ныр æй бамбæрстон, мæ мад мын хъæбæр къопп цæмæн æрбарвыста: цæмæй макъаронтæ ма ныссæстытæ уой, æнæхъæнтæй баззайой. Сындæггай дзы иу систон, акастæн дзы, ныффу дзы кодтон, стæй нал фæлæууыдтæн æмæ дзы зыдæй æрхæмцытæ кодтон. Дарддæр – дыккаг, æртыккаг. Ныр хъуыды кодтон, къопп кæм бамбæхсон, ууыл, цæмæй хæдзары хицауы сарайы æнæфсис мыстыты амæттаг ма фæуа. Уый тыххæй сæ не ‘лхæдта мæ мад йæ фæстаг капеччытæй. На-а, макъаронтæ сын афтæ æнцонтæй нæ ратдзынæн. Уый сын цыдæр картоф, мыййаг, нæу.

Æмæ дын уалынмæ ферхæцыдтæн. Макъаронтæ… Æмæ, кæм ссардта мæ мад макъаронтæ? Нæ хъæуы никуы уыдысты уæййаг, æмæ сæ ницы ‘хцайæ уыди балхæнæн. Уæдæ уæд куыд? Рæвдз-рæвдз акъахтон макъаронтæ, сæ быны ма сын ссардтон цалдæр стыр сæкæры къæртты æмæ дыууæ гематогены. Гематоген мын мæ гуырысхо фæфидар кодта: хуын мæ мад не ‘рбарвыста! Уæдæ чи? Иу хатт ма æркастæн къоппы сæрмæ: кълас – мæн, мыггаг дæр – мæн. Уæдæ æрвыст дæр мæнæн у. Диссаг у, тынг диссаг.

Къоппы сæрæн йæ зæгæлтæ фæстæмæ нытътъыстон, йæхи йын рудзынгыл ныууагътон æмæ дыккаг уæладзыгмæ ссыдтæн. Ахуыргæнджыты агъуысты дуар бахостон. Лидия Михайловнæ уæдмæ сæхимæ ацыд.

«Ницы кæны, ссардзыстæм æй, зонæм æй, кæм цæры, уый, уыдыстæм дзы. Афтæ уæдæ нæ: æхсæвæр хæрын дæ нæ фæнды – мæнæ дын хæдзармæ хойраг. Фæлæ йын дзы ницы рауайдзæн. Æндæр ничи уыдаид. Мæ мад æй не ‘рбарвыста: уый ма дзы исты гæххæтт дæр авæрдтаид, ныффыстаид дзы, ахæм хæзнатæ кæм æмæ куыдæй ра- къахта, уый тыххæй».

Дуарæй мидæмæ куы бахызтæн, уæд ахуыргæнæг йæхи ницымбарæг акодта, къопмæ дисхуызæй касти æмæ мæ афарста:

– Цы у уый? Цы ‘рбахастай?

– Ды уыдтæ? – бафарстон æй æз.

– Цы уыдтæн? Цæй кой кæныс?

– Ды ‘рбарвыстай скъоламæ ацы хуын! Зонын æй, ды уыдтæ.

Уый асырх, куыддæр фæтыхст. Æз ын фыццаг хатт уæндонæй кастæн йæ цæстытæм æмæ мын æппындæр уæлдай нæ уыди, мæ ахуыргæнæг у æви – мæ мадыхо. Ацы хатт фарстон æз, фарстон францагау нæ, фæлæ сыгъдæг уырыссаг æвзагыл. Ныр та уый раттæд дзуапп.

– Цæмæн дæм афтæ фæкаст, æмæ æз уыдтæн?

– Уымæн æмæ махмæ хъæуы макъаронтæ нæ вæййы. Стæй гематоген дæр.

– Уый та куыд! Никуы уæм вæййы?! – ахуыргæнæг ахæм зæрдиагæй бадис кодта, æмæ хуынæрвитæг арвæй фæбæрæгдæр.

– Никуы. Базонын уал æй хъуыд рагагъоммæ.

Лидия Михайловнæ æнæнхъæлæджы ныххудт æмæ мын ахъæбыс кæнынмæ куыд хъавыд, афтæ дзы æз мæхи фæиуварс кодтон.

– Æцæгæй дæр, базонын æй хъуыди. Куыд рауади афтæ?! – иу минуты бæрц ныхъхъуыды кодта. – Никуы уæм вæййы, зæгъыс? Æз горæтаг адæймаг дæн. Уæдæ уæм цы вæййы?

– Хъæдур нæм вæййы, булкъ…

– Хъæдур… булкъ… Махмæ та Хъубаны фæткъуытæ вæййы. Ох, ныртæккæ дзы, æвæццæгæн, тынг бирæ ис фæткъуытæ. Мæн кусынмæ уырдæм фæндыди ацæуын, фæлæ цæмæндæр ардæм æрбахаудтæн. – Арф ныуулæфыд æмæ мæм æрбакаст. – Мæсты ма кæн. Æз хуыздæрæн афтæ бакодтон. Цы хæйрæг уыдтæн, æмæ мыл макъаронтæ комдзог рацæудзысты. Ницы кæны, ныр зондджындæр уыдзынæн. Ацы ма- къаронтæ та ахæсс…

– Нæ сæ ахæсдзынæн, – æрдæгыл ын йæ ныхас фескъуыдтон æз.

– Цæуылнæ? Æз зонын, æххормæгтæ кæй баййафыс… Мæнæн та æхца фаг кæны, иунæгæй цæрын. Цы мæ бахъæуы, уый æлхæнын, хæргæ дæр бирæ нæ кæнын, æгæр куы схæрзхуыз уон, уымæй тæрсын.

– Мæнæн хæринаг фаг ис.

– Ма быцæу кæн мемæ, æз æй зонын. Ныхас кодтон дæ хæдзары хицауимæ. Цы дзы ис æвзæрæй, ацы макъаронтæ куы райсай æмæ дзы дæхицæн дзæбæх сихор куы сфыцай, уæд? Иу хатт дын баххуыс кæныны бар мын нæй? Дзырд дын дæттын: амæй фæстæмæ дын иу лæвар дæр нал ракæндзынæн. Фæлæ адон ахæсс. Хъуамæ, куыд æмбæлы, афтæ хæрай, цæмæй хорз ахуыр кæнай. Не сколайы цас ис, æмбаргæ чи ницы кæны, стæй æмбаргæ дæр чи никуы ницы бакæндзæн, ахæм æфсæст магусатæ, ды та зæрдæргъæвд лæппу дæ, æмæ дын скъола ныууадзæн ницы хуызы ис.

Йæ хъæлæс мыл фынæйы хосау тых кæнын райдыдта, æмæ фæ- тарстæн: ныртæккæ мæ баууæндын кæндзæн йæ ныхæстыл, уымæй уæлдай æмбæрстон, Лидия Михайловнæ раст кæй дзуры, уый дæр. Куы йыл баууæндон, уый тасæй, цыдæртæ гуым-гуымгæнгæ, феддæдуар дæн.

 

* * *

Нæ уроктæ ууыл нæ фесты, æз раздæрау ахуыр кæнынмæ цыдтæн Лидия Михайловнæмæ. Фæлæ мын ныр мæ ахуырмæ ноджы карздæрæй каст. Мæ хъуыддæгтæ сындæггай фæрæвдздæр сты: хуыздæрæй-хуыздæр дзурын райдыдтон, францаг ныхæстæ уæззау дуртау нал хаудысты мæ къæхты бынмæ, ныр уыдон цыдысты зыланггæнгæ кæдæмдæр тæхынæввонгæй.

– Тынг хорз, – разæнгард мæ кодта Лидия Михайловнæ. – Ацы ахуыры хайы дын «фондз» нæма рауайдзæн, фæлæ иннæйы – æнæмæнг.

Хуыны кой нал кодтам, фæлæ уæддæр мæ хъус дардтон: чи йын цы зоны, цы та ‘рхъуыды кæндзæн, уымæн. Æз æй мæхицæй зыдтон: хъуыддагæй куы ницы фæуайы, уæд цыфæнды дæр æрхъуыды кæндзынæ, цæмæй дын бантыса. Афтæ мæм каст, цыма мæм ахуыргæнæг æппынæдзух йæ хъус дары æмæ мын сусæгæй мæ хъæддаг æууæлтыл фæхуды. Мæсты кодтон, фæлæ диссаг: мæ маст мын цыдæр ныфсы хос фæци. Ныр, иу къахдзæф акæнын дæр чи нæ уæндыд, уыцы тарст æмæ æгомыг лæппу нал уыдтæн. Гыццылгай фæцахуыр дæн Лидия Михайловнæйæн йæхиуыл дæр æмæ йæ фатерыл дæр. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæддæр нырма ‘фсæрмы кодтон, къуымы-иу батымбыл дæн, мæ дзабыртæ бандоны бын æмбæхсгæ, фæлæ мын раздæры ссæстхуыз нал уыд. Ныр мæхæдæг дæр ма райдыдтон фæрстытæ дæттын, суанг-иу хатгай быцæу дæр акодтон йемæ.

Цæмæй хæринаг бахæрон, ууыл дæр ма афæлвæрдтытæ кодта, фæлæ йын дзы ницы уад. Ацы хъуыддаджы афтæ фидар уыдтæн, æмæ мыл дæсæй дæр нæ фæтых уыдаиккой.

Ныр, æвæццæгæн, нæ хæдзармæйы ахуыртæ хъæугæ дæр нал кодтой, фæуын афон сын уыд, уымæн æмæ ме ‘взаг фæтасагдæр, иннæ хабæрттæ та скъолайы урокты дæр базыдтаин. Разæй ма иу æмæ дыууæ ахуыры азы куынæ уыди, мыййаг. Цы ма кусдзынæн уый фæстæ, алцы уыциу ахуыр куы скæнон уæд? Фæлæ йæм мæ ныфс нæ хастон мæ хъуыдытæ зæгъынмæ, уый та йæхæдæг, æвæццæгæн, нæ фыдæбон æххæст фесгуыхтыл нæ нымадта, æмæ мæ французаг уаргъ дарддæр хастон. Фæлæ куыддæр æнæнхъæлæджы, мæхæдæг дæр æй нæ бамбæрстон, афтæмæй райдыдтон кæйдæр æвзаджы ад æмбарын, æмæ-иу уæгъд рæстæг мæ къухмæ райстон дзырдуат, нæ чиныджы кастæн, цы тексттæ нæма ахуыр кодтам, суанг уыдон дæр. Афтæмæй, куыд фæзæгъынц, «мæ сины саст фæрæстмæ» – ме ‘фхæрд мын æхсызгондзинад æрхаста. Ноджы ма мæ размæ схуыста мæ хиваст дæр: нæ рауади – рауайдзæн. Хуыздæртыл нымад чи у, уыдонæй хуыздæр мын рауайдзæн. Бынтон хорз та уыдаид, Лидия Михайловнæмæ цæуын мæ куынæ хъуыдаид, уæд… Æз уæд мæхæдæг, мæхæдæг…

Уæд дын мæ хуыны хабарæй иу-дыууæ къуырийы фæстæ мæ ахуыргæнæг хин мидбыл худгæйæ, куы афæрсид:

– Æмæ, æнæуи, æхцайыл нал фæхъазыс? Æви искуы фæсвæд бакъорд вæййут æмæ та сусæгæй уæ куыст кæнут?

– Æмæ ма ныр цæй хъазт ис?! – бадис кодтон æз æмæ цæстæй ацамыдтон, рудзынджы æдде уæрджытæм митмæ.

– Æмæ-иу уæддæр куыд хъазыдыстут?

– Цæмæн дæ хъæуы? – цæуылдæр гуырысхогæнгæ йæ афарстон æз.

– Афтæ, æнæуи. Мах дæр-иу гыццылæй хъазыдыстæм, æмæ кæд уыцы хъазт у, мыййаг.

Æз ын радзырдтон нæ хъазты тыххæй, фæлæ йын Вадик, Птахæ æмæ мæхи гыццыл хиндзинæдты кой не скодтон.

– Нæ, – Лидия Михайловнæ йæ сæр гæзæмæ батылдта. – Мах-иу æхца къулы дурыл цæвгæйæ хъазыдыстæм. Зоныс ахæм хъазт?

– Нæ зонын.

– Кæс ардæм, – рог фæгæпп кодта стъолы цурæй, йæ чыссæйæ цалдæр суарийы фелвæста, мæ бандон мын къулæй фæиуварс кодта. – Рауай ардæм æмæ кæс. Æз мæнæ афтæ суари бацæвдзынæн. – Лидия Михайловнæ суари бакъуырцц ласта къулыл, æмæ уый, сабыр зыланггæнгæ, зæхмæ расхъиудта. Ныр та мын мæ къухы æндæр суари фæсагъта:

– Ныр та ды цæв. Цæв афтæ, цæмæй дæууон мæнонмæ, куыд гæнæн ис, афтæ хæстæгдæр абада, сæ астæу уыдиснæй абарæн куыд уа, афтæ, æмæ де ‘нгуылдз мæнонмæ куы баивазай, уæд рамбылдтай. Цæв!

Æз дæр бакъуырдтон мæ суари къулыл, фæлæ мын æрхауд æмæ къуыммæ батылд.

– Гъо-о, – йæ кух ауыгъта Лидия Михайловнæ. – Æгæр дард атылд. Цæй, дарддæр хъазæм.

Мæ хъустыл нæ баууæндыдтæн:

– Куыд хъуамæ хъазон æз демæ?

– Уæд цæуылнæ?

– Ды ахуыргæнæг дæ!

– Æмæ цы? Ахуыргæнæг адæймаг нæу? Хатгай айдагъ ахуыргæнæг уæвынæй дæр стыхсæн ис, æнæрæнцойæ искæй ахуыр кæн æмæ кæн. Алы хатт дæр дæхиуыл фæхæц-фæхæц кæн: уый нæ фидауы, иннæ нæ фидауы, – Лидия Михайловнæ йæ цæстытæ æрдæгцъынд, афтæмæй цæуылдæр хъуыды кæнгæйæ, лæууыди рудзынджы раз. – Хатгай, ахуыргæнæг кæй дæ, уый айрох кæнын дæр фæхъæуы, кæннод дæ «бякæ æмæ букæ» рауайдзæн, æмæ адæмы тыхсын кæндзынæ. Ахуыр- гæнæгæн та, чи зоны, æппæты сæйрагдæр у, цæмæй æмбара, йæ бон алкæй алцæуыл сахуыр кæнын кæй нæу.

Стæй йæхи бауигъæгау кодта, цыма йæ фынæйæ фехъал, афтæ æмæ уайтагъд фæхъæлдзæгдæр:

– Æз гыццылæй тынг фыдхин чызг уыдтæн, æмæ мæ ныййарджытæн бирæ хъыцъыдæттæ бадардтон. Ныр дæр ма мæ арæх фæфæнды гæппытæ кæнын, искуыдæм згъорын, æнæ искæй ныстуанæй нæ, фæлæ, мæхи фæндæй истытæ кусын. Вæййы афтæ дæр, æмæ ам сæныккау фæгæппытæ кæнын, хæрдмæ фæхауын. Адæймаг азтæй нæ зæронд кæны, фæлæ, йæ бон йæхи сывæллонæй хатын кæй нал вæййы, уымæй. Æз алы бон дæр ам хæрдмæ хауин, фæлæ ме ‘мкъул Васили Андреевич цæры. Æмæ уый та тынг хиуылхæст адæймаг у, уæлдай митæ нæ уарзы. Мах ам кæй хъазыдыстæм, уый дæр хъуамæ мацы хуызы базона.

– Æмæ мах хъазгæ куынæ кæнæм, ды мын æрмæстдæр амонгæ бакодтай, ахæм хъазт дæр ма кæй ис, уый.

– Махæн ис хынджылæггæнгæйæ дæр хъазæн, фæлæ мæ уæддæр ма схъæр кæн Васили Андреевичæн.

О Хуыцау, бæстыл цытæ нæ цæуы! Æрæджы дæр ма мæхæдæг тарстæн, Лидия Михайловнæ мын мæхи, æхцайыл кæй хъазыдтæн, уый тыххæй директормæ куы балæууын кæна, уымæй, ныр та мын уый мæхицæн лæгъстæйаг у, цæмæй йæ ма схъæр кæнон. Хъаймæт æрцыд – æндæр æй цы схонон. Цæмæй тарстæн, уый мæхæдæг дæр не ‘мбæрстон, афтæмæй, мæ цæстытæ фыр дисæй тъыбар-тъыбур кæнгæйæ, мæ алыварс аракæс-бакæс кодтон.

– Цæй, цы зæгъыс – бафæлварæм? Кæд нæ фæцæуа дæ зæрдæмæ – уæд æй ныууадздзыстæм.

– Бафæлварæм, – нæуæндонхуызæй сразы дæн æз.

– Райдай.

Райстам суаритæ. Бæрæг уыди, Лидия Михайловнæ кæддæр æцæгдæр кæй хъазыди ацы хъазтæй, æз та уал ыл гыццылгай ахуыр кæнын райдыдтон, дзæбæх нæма раиртæстон, суари къулыл куыд хуыздæр цæвын хъæуы, йæ тъæпæнæй æви фæрсырдыгæй, уæлдæр æви зæхмæ хæстæгдæр. Мæ цæфтæ уыдысты куырмæджы цæфтау. Æцæгæй куы хъазыдаиккам, уæд уайтагъд дзæвгар æхца фæхæрд уыдаин, афтæмæй дзы уæлдай зынæй ницы уыдис ацы рабар-бабар хъазты. Мæн фылдæр тыхсын æмæ къуылымпы кодта, Лидия Михайловнæимæ кæй хъазыдтæн, уый. Иу фыдфыны дæр нæ федтаис, иу фыдбылызы хъуыдыйы дæр не ‘рымысыдаис ахæм хабар! Æз нæ фæфиппайдтон, нывыл хъазын куыд райдыдтон, уый. Æмæ мæ уæд Лидия Михайловнæ фæурæдта.

– Нæ, афтæ хъазт ницы у, кæд хъазæм, уæд æцæг хъазт, æртæаздзыд сабиты хуызæн нæ.

– Æмæ уæд æхцайыл хъазт рауайдзæн, – къуызгæ та сдзыртон æз.

– Раст зæгъыс. Æмæ махæн ныр нæ кухты цы ис? Æхцайыл хъазт ницæмæй ис баивæн. Уымæй у хорз дæр æмæ æвзæр дæр. Мах баныхас кæнæм бынтон чысыл æхца æвæрыныл, цæмæй уæддæр нæ хъазтæн цыдæр мидис уа.

Æз ницы дзыртон, нæ зыдтон, куыд æмæ цы кæнгæ у, уый.

– Мыййаг, кæд фæхæрдæй тæрсыс? – афарста мæ.

– Куыннæ стæй! Æз ницæмæй тæрсын.

Лыстæг æхцатæ мæм уыди, æмæ Лидия Михайловнæйæн йе ‘хцатæ авæрдтон æмæ мæхиуæттæ мæ дзыппæй систон. Цæй, кæд афтæ у, уæд æцæгæй ахъазæм, Лидия Михайловнæ. Мæнæн та цы у – фыццаг æз нæ райдыдтон. Вадик дæр райдианты мæн ницæмæ дардта, фæлæ ма мæ уый фæстæ хыл дæр ракъахта. Уыцы хъазт кæм базыдтон, уым ай нæ базондзынæн, францаг æвзаг мын, мыййаг, куы нæу!.. Фæлæуу, фæлæуу, ууыл дæр дын æз тагъд рæстæджы фæтых уыдзынæн.

Æрмæст мæ, иу хъуыддагыл цæмæй сразы уон, уый бахъуыд: Лидия Михайловнæйæн йæ къух стырдæр уыди, йе ‘нгуылдзтæ та – даргъдæр, æмæ баргæ уый кæндзæн. Уый раст хъуыды кæй уыдис, уый тыххæй йыл æз дæр сразы дæн.

Æцæг хъазт райдыдта. Фатермæ æрбахизæны уæгъд бынат фылдæр уыдис, æмæ нæ хъазт агъуыстæй уырдæм рахастам. Æхцатæ къуырдтам лæгъз фæйнæг къулыл. Къуырдтам, нæ уæрджытыл рабыр-бабыр æмæ кæрæдзи къуырттытæ кæнгæйæ, æнгуылдзтæй барстам суариты, цас дард сты, уый, стæй та-иу ногæй сыстадыстæм, æмæ-иу Лидия Михайловнæ загъта хъазты хыгъд. Хъазгæ-хъазын-иу дзы кæм хъыллист, кæм къухæмдзæгъд дæр райхъуысти, мæстæй мæ мардта, – иу ныхасæй, хуымæтæг чысыл чызгау дардта йæхи, æмæ-иу мæ хатгай ферох, ахуыргæнæг кæй у, гыццыл ма бахъæуа, ма йыл-иу ныхъхъæр кæнон.

Æз уайтагъд фæхæрд дæн. Цæсты фæныкъуылдмæ мæ хæс схызти цыппар абазийы онг, æмæ ма йæ тыххæйты æртардтон æхсæз суаримæ, фæлæ та Лидия Михайловнæ дардæй акъуырдта мæ суари, æмæ та мæ хæс сгæпп ласта сомырдæгмæ. Æз тыхсын райдыдтон. Хæс хъазты фæстæ дæттыныл ныхасгонд уыдыстæм, фæлæ, хъуыддаг дарддæр афтæ куы ацæуа, уæд ме ‘хца не сфаг уыдзысты, уымæн æмæ мæм иу сомæй гыццыл фылдæр йеддæмæ нæ уыдис. Сомæй фылдæр куы фæхæрд уон, уæд – худинаг æмæ аллайаг.

Уыцы хъуыдытæ кæнгæйæ дын æнæнхъæлæджы фембæрстон: уый мæ æмбулыныл нал архайы – баргæ-барын йе ‘нгуылдзтæ кæронмæ нæ аивазы, æмæ-иу уый даргъ æнгуылдзтæ кæм не ‘ххæссыдысты, уым мæ цыбыртæ æнцонтæй æххæссыдысты. Мæнæн уый тынг фæхъыг, æмæ пъолæй сыстадтæн:

– Æз афтæ хъазыныл разы нæ дæн. Ды барæй фæхæрд вæййыс.

– Нæ сæм баххæссын! – йæхи рæстытæ кодта ахуыргæнæг. – Цыдæр хъæдын æнгуылдзтæ мын ис.

– Сайыс.

– Хорз, хорз, бацархайдзынæн.

Бамбæрстон, царды хъуыддæгтæ цæхгæр фæзилын дæр кæй зонынц, уый. Æмæ дыккаг бон Лидия Михайловнæйы æргом хæрамкæнгæ куы федтон, уæд мæ цæстытыл нæ баууæндыдтæн. Мæнмæ бакæсбакæсгæнгæ, цыма йын æз йæ цæствæлдахæн ми нæ уынын, æфсæйнаг æхцатæ сындæггай йе ‘нæном æнгуылдзæй кæрæдзимæ фесхой-фесхой кодта.

–Уый цы ми кæныс?! – мæхи нал баурæдтон.

– Æз? Цы ми кæнын?

– Цæмæ йæ бабырын кодтай?

– Ницы бабырын кодтон, ам уыди, – йæ цæст дæр нæ фæныкъуылдта, афтæмæй мæ сайы. Сырх дæр нæ фæци, суанг ма йын цыдæр цин хуыз дæр уыд, раст Вадик æмæ Птахæйау.

Уый дын хъуыддаг! Уый та дын ахуыргæнæг! Мæхи дыууæ цæстæй федтон, æхца куыд фæбырын кодта, уый, афтæмæй нæ сæтты, нæ, дам æм бавнæлдтон, ноджы ма мыл худгæ дæр кæны. Куырм æнхъæл мын у, æви мæ бынтон сабийыл нымайы? Æмæ мын афтæмæй францаг æвзаг амоны! Мæнæй уайтæккæ дæр айрох, знон дæр ма мæ пайдайæн кæй хæрам кодта, цæмæй æз рамбулон, ууыл кæй архайдта: мæ сæры уыд æрмæст иу хъуыды – ма мæ асайа. Уый дын хъуыддаг!..

Уыцы бон æвзаг ахуыр кодтам иу-фынддæс – ссæдз минуты бæрц. Фæстæдæр бонты та – ноджы къаддæр. Ныр нын æндæр цымыдисагдæр куыст фæзынд. Лидия Михайловнæ мын-иу бакæсын кодта чиныгæй скъуыддзаг, бараст-иу кодта, раст цы нæ дзырдтон, уыдон, ногæй та мæм-иу байхъуыста æмæ-иу æвæстиатæй нæ хъазтмæ бавнæлдтам. Дыууæ гыццыл фæхæрды фæстæ æмбулын райдыдтон. Тагъд фæцалх дæн хъазтыл, базыдтон, æхца къулыл хуыздæр куыд цæвын хъæуы, уый, стæй ма хъазты иннæ сусæгдзинæдтæ дæр.

Ногæй та мæм фæзынд æхца, ногæй та згъордтон базармæ æмæ æлхæдтон æхсыр – ныр салд тымбылæггондты. Сындæггай-иу ын йæ их сæртæ слыг кодтон æмæ-иу сæ мæ дзыхы баппæрстон, мæ буар-иу æнæхъæнæй дæр æнкъардта æфсæсты æхсызгон ад, æмæ-иу мæ цæстытæ æхцон цъынд бакодтон. Стæй-иу сæрбынмæ æрфæлдæхтон тымбылæг æмæ йæ кардæй хостон. Йæ быныл-иу цы ихтæ баззад, уыдон-иу атайын бауагътон æмæ сын семæ сау дзулы къæбæр хордтон.

Адæм цардысты сæ уавæр тагъд фæхуыздæр уæвыны ныфсæй, хæсты хъæдгæмттæ куы байгас уой, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Ноджы ма нын амондджын рæстæг æрцæуынæй зæрдæ æвæрдтой.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Лидия Михайловнæйæ мæм æхца исын хорз нæ каст, фæлæ та-иу мæхи сраст кодтон, æмсæр тохы сæ кæй рамбылдтон, уымæй. Æз уымæй раздæр никуы загътон, ахъазæм, зæгъгæ. Не сразы уон, уый та уæндгæ нæ кодтон. Афтæ мæм каст, цыма йын ахæм хъазт стыр æхсызгон у, схъæлдзæг-иу ис, худти, равзон-бавзон мæ-иу кодта.

Фæлæ цæмæй хæйрæг уыдыстæм, æмæ нæ хъæлдзæг хъазт афтæ ахицæн уа…

Кæрæдзи комкоммæ нæ уæрджытыл лæугæйæ быцæу кодтам хыгъ- дыл. Уый размæ та æндæр цæуылдæр.

– Бамбар мæ, æдылы къоппа, – йæ къухтæ тилгæйæ, йæхи фæнд тардта ахуыргæнæг, – цæмæн мæ бахъуыд дæу сайын? Нымайгæ æз кæнын, ды нæ, æмæ йæ æз хуыздæр зонын. Æз æртæ хатты фæд-фæдыл фæхæрд дæн, уый размæ та уыд «чика».

– «Чика» нымады нæу.

– Цæуылнæ у нымады?

Кæрæдзийæн ныхасы бар нæ дæтгæйæ куыд хъæр кодтам, афтæ нæ хъустыл ауад дисхуыз, растдæр та, удаист цъæхснаг, фæлæ фидар хъæлæс:

– Лидия Михайловнæ!

Мах федзæм стæм. Къæсæрыл лæууыд Васили Андреевич…

– Лидия Михайлæвнæ, цы кодтай? Цы хабар у ай?

Ахуыргæнæг ныссырх, афтæмæй сындæггай, цадæггай сыстад æмæ, йæ сæрыхъуынтæ алæгъзкæнгæйæ, сдзырдта:

– Æз, Васили Андреевич, æнхъæл уыдтæн, æмæ ды мидæмæ æрбацæуыны размæ дуар æрбахойдзынæ…

– Хостон уæм. Ничи мын радта дзуапп. Цы хабар у? Бамбарын мын æй кæн, дæ хорзæхæй. Æз æй хъуамæ, куыд директор, зонон.

– Хынджылæгæй хъазæм…

– Æхцайыл хъазут?.. Мæнæ аимæ?.. – Васили Андреевич мæм йæ амонæн æнгуылдз ныддардта, æмæ æз фыр тæссæй фæстæрдæм абырыдтæн. – Скъоладзауимæ хъазыс?! Раст бамбæрстон хъуыддаг?

– Раст.

– Зоныс, цы… – директорæн улæфт нал фаг кодта, фæхуыдуг уæвынмæ йæ бирæ нал хъуыд. – Дæ митæ дын цы схонон, уымæ нæ арæхсы ме ‘взаг. Уый у фыдгæнд. Сывæллоны халын. Æмæ ноджы, ноджы… Æз ссæдз азы кусын скъолайы, бирæ цыдæртæ федтон, фæлæ дзы ахæм хабар…

Æмæ йæ къухтæ уæлæрвтæй æххуысагурæгау хæрдмæ систа.

 

* * *

Æртæ боны фæстæ Лидия Михайловнæ скъолайæ ацыд. Уый размæ мæм урокты фæстæ банхъæлмæ каст æмæ мæ суанг хæдзармæ бахæццæ кодта.

– Нæхимæ, Хъубанмæ ацæудзынæн. Ды та, куыд ахуыр кодтай, афтæ ахуыр кæн. Уыцы æдылы хъазты тыххæй дæм ничи ницы сдзурдзæн. Ам аххосджын æз дæн. Ахуыр кæн, – мæ сæрыхъуынтæ мын апыхцылтæ кодта æмæ ацыд.

Уæдæй фæстæмæ йæ никуыуал федтон.

Зымæджы æмбисы, январы каникулты фæстæ дзы скъолайы адрисыл хуыны асыкк райстон. Асинты бын цы фæрæт уыд, уымæй йæ куы байгом кодтон, уæд та дзы аив æнгом æвæрд уыдысты хæтæлгонд макъаронтæ. Бынæй та бæзджын бæмбæджджын тыхтоны – æртæ стыр сырх фæткъуыйы.

Æз уымæй размæ фæткъуытæ æрмæст нывгондæй федтон, фæлæ цы сты, уый ныр базыдтон.

Уырыссаг æвзагæй БЕЗАТЫ Фаризæйы тæлмац