Василий ШУКШИН

ДАРД ЗЫМÆГОН ИЗÆРТÆ

Мæскуыйы бынмæ цыд уæззау тох…

Кæмдæр, дард Сыбыры та, иу хъæугæрон сæумæрайсом гыццыл лæппутæ, сæ чингуытæй дзаг хызынтæ зæхмæ аппæрстой æмæ хъулæй цъыкк кодтой. Се ‘ппæты дæр æмбылдта фидæрттæарæзт стырхудджын лæппу – зындгонд Мишкæ Босовило. Йæ хъул алы къæрццæн дæр дзыгуырæй стоны иу фондз хъулы. Мишкæ йæхиуыл йæ зæрдæ дары æмæ хъазы æдæрсгæ, хиуылхæцгæ. Мæнæ та ныр дæр ныкъкъуырыны размæ раласта йæ рахиз æрмкъух, йæ фындз ныххиртт ласта стыр лæгау, йæ галиу цæст æрцъынд кодта æмæ ныхъхъавыд… Иууылдæр ныхъхъус сты, улæфгæ дæр нал кæнынц, афтæмæй æнхъæлмæ кæсынц. Мишкæ размæ иу къахдзæф акодта, стæй дыккаг æмæ – цъыкк! – йæ хъавд фæрæстмæ, акъуырдта та…

Мишкæйы фыдымады тыххæй адæм хъус-хъус кæнынц, зæгъгæ, дам, кæлæнтæ кæнынмæ арæхсы. Æмæ йын лæппутæ йæ къуырæн хъулыл, кæд хингонд у, зæгъгæ, дызæрдыг кæнын райдыдтой. Сæ иу – Ванькæ Колокольников – сихормæ хæстæг бынтон фæцæйхæрд кодта. Фæстагмæ, иу хъул йеддæмæ йæм куы нал баззад, уæд йæ сæры фæмидæг Гришкæ Коноваловы рад йæхи бакæнын. Гришкæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йемæ нæ разы кодта, æмæ фæбыцæу сты.

– Æмæ дын ныр дæ мукъуйæн иу авæрдтон, зæгъгæ, уæд та? – фæрсы йæ мæстыйæ Ванькæ.

– Дæуæн дæ рад Петькæйы фæстæ у!

– Нæ-нæ, дæ мукъуйæн дын иу ныддау, зæгъгæ, уæд куыд уаид? – Ванькæ, æндæр дзуапп ын куы ницы вæййы, уæд алы хатт дæр афтæ фæдзуры.

Хыл кæнын сæ нæ бауагътой, æмæ Ванькæ, йæ дæндæгты къæс-къæс цæугæйæ, йæ фæстаг хъул æрæвæрдта… Фæхæрд та. Иуварс ацыд æмæ тарæрфыгæй каст хъазтмæ.

– «Бадгæ кафт» дын акæнон – дзуры Ванькæ Мишкæмæ.

– Цасыл?

– Фондзыл.

– Æртæ дын дæттын.

– Цыппар.

– Æртæ.

– Хорз, æртæ дæр фæуæд, мæрддзæст. Дæуæй чъындыдæр никуыма федтон. Зæхх дæ куыд уромы, уый диссаг у!

– Ууыл ма тыхс, уромы мæ, – æвæлмонхуызæй дзуапп дæтты Мишкæ. – Нæ дæ хъæуы – къах дæ роны. Дæхи афтæ бафæндыд.
Сабитæ тымбыл зиллакк ацарæзтой. Ванькæ йæ къухтæ йæ фæрстыл цæхгæрмæ авæрдта æмæ райдыдта кафын. Исты зын уавæры куы бахауы, адæймаджы зæрдæ æрфæлмæн кæнын, кæнæ та йæ искæй тымбыл къухæй фервæзыны сæр куы бахъæуы, уæд «Бадгæ кафт» райдайы. Æмæ, кафын куыд зоны, уый та! Хистæртæ йæ хæйрæджыты фæтдзæгъдæн фæхонынц, лæгæн, дам, йæ дыууæ цæсты астæуæй йæ фындз фелвасдзæн.

Ванькæ, йæ уæрджытæ фæкъæдз кæнгæйæ, зиллаккыл дзуццæджы лыстæг сирдæй фæраст. Йæ гуыр, зырзыргæнгæ, тилы. Иу къух хæрдмæ фелвасы, цыма дзы къухмæрзæныл хæцы, уыйау æй стилы æмæ, сылгоймаджы цъæхснаг хъæлæс фæзмæгау, рæстæгæй-рæстæгмæ фæхъæр кæны: «Ух! Ух! Ух, ты!» Фæстагмæ йæ къухтыл алæууы æмæ сыл, йæ бон цас вæййы, уыйбæрц цæуын райдайы. Ныр дæр та Ванькæ иу-фондз хатты æрзылди зиллаккыл, стæй æрлæууыд.

– Æри!

Мишкæ митмæ æрæппæрста дыууæ хъулы.

Ванькæ сагъдауæй аззад.

– Æртæйыл куы баныхас кодтам!

– Фаг дын у.

Ванькæ йæ худы бырынкъ фæстæрдæм фæзылдта æмæ сындæггай Мишкæмæ фæцæуы. Уый дæр йæхи æрцæттæ кодта. Ванькæ йын æнæнхъæлæджы йæ гуыбын сæрæй бацавта, æмæ Мишкæ фæфæлдæхт. Уыдонмæ бакæсын йæхæдæг худæг уыд. Лæппутæн се ‘рдæг Ванькæйы фарс фæцис, иннæтæ – Мишкæйы. Цæнд цæнды уæлæ самадтой. Уалынмæ кæйдæр хъæр фехъуыст:

– Ахуыргæнæг!

Сывæллæттæ сæ хызынтæм фæлæбурдтой æмæ, чи куыд арæхсти, афтæ, цыма сæ дымгæ фæхаста, уыйау фæцыдæр сты!

Лидзгæ-лидзын ма Ванькæйы къухы бафтыд миты рагъыл хъулты цæндæй цалдæр фелвасын. Кауы сæрты агæпп кодта æмæ сæхи уынджы ‘рдæм ныййарц. Йæ хылы тæвд нæма ссыд. Сæ хæдзары цур ауыдта митын ус. Йæ хъусæн ын иу ныддаудта æмæ хæдзармæ бацыд. Хызын тъахтины бынмæ баппæрста, хызыны фæдыл – йæ худ. Агъуысты уазал уыд, æмæ йæ цыбыр кæрц нæ раласта.

Пецы сæр бадти хæрз гыццыл цъæхдзæст чызг æмæ йæ хæцъилын чындзæй хъазыд. Уый уыд Ванькæйы хо Наташкæ.

– Ваня æрбацыди, – бацин ыл кодта Наташкæ. – Уыдтæ скъолайы?

– Уыдтæн, уæдæ нæ уыдтæн, – схъуыр-хъуыр кодта Ванькæ æмæ скъапмæ бакаст.

– Вань, æмæ уын абон цытæ дзырдтой скъолайы?

– Хъарм бæстæты тыххæй. – Ванькæ ныккасти агмæ, бакасти пецы хуылфмæ. – Хæринаг дзы ницы и?

– Ницы, – загъта Наташкæ æмæ та йæ хъазæн чындзы – хъæдын уидыг алыхуызон хæцъилы гæбæзты тыхтæй, – рæсугъдтæ кæнынмæ фæци. Стæй базарыд лыстæг хъæлæсæй:

Ох, сронила колечко-о
С правой руки-и!
Забилось сердечко-о
По милом дружке-е…

Наташкæ зарыди ивазгæ хъæлæсæй, авдæны зарæг зарæгау, фæлæ зарæджы æнкъард азæлд нæ фехæлдта.

Ох, сказали, мил помер,
Во гробе-е лежи-ит,
В глубокой могилке-е
Землею зарыт.

Ванькæ рудзынджы цур æрбадти æмæ æддæмæ кæсы. Йæ чъизи къухтæй стъолæмбæрзæны цъæх чырынтæ сæрфы æмæ, Наташкæйы хъæлæс уæле кæцæйдæр афтид агъуыстмæ хæххон сыгъдæг суадоны донау куыд кæлы, уымæ хъуынтъызæй хъусы.

Ох, надену я платье-е,
К милому пойду-у,
А месяц укажет
Дорожку к нему-у…

– Фаг у, нал мын æфсæды зарынæй, – сдзырдта Ванькæ. – Фæлтау Хаз-Булаты зарæг акæн.

Наташкæ райдыдта:

Хаз-Булат удалой…

Стæй æвиппайды фæхъус:

– Нæ мæ фæнды Хаз-Булаты тыххæй.

– Хивæнд ма у! Уæд та Катяйы зарæг, – ногæй та йæм æрхатыд Ванькæ.

– Катя-Катеринæйы, къупецаджы чызджы тыххæй?

– О.

– Уый дæр мæ нæ фæнды, мæн уарзоны тыххæй фæнды зарын.

Ох, пускай люди судю-ют,
Пускай говоря-ят…

Ванька сыстад, тъахтины бынæй йæ хызын раласта, пъолыл тъæпæн æрбадт, æркалдта, хызыны цы хъултæ уыд, уыдон æмæ сæ нымайын райдыдта. Бады хъуыддагхуызæй: цæсты зулæй Наташкæйы ‘рдæм йæ хъус дары.

Наташкæйæн фыр дисæй фыццаг йæ бон сдзурын дæр нал баци, стæй йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццагъта:

– Хъултæ-хъултæ! Нæ та уыдтæ скъолайы, нæ! Æз дæ ныр мамæйыл ардаугæ кæндзынæн. Ехх, Ванькæ, куыд дыл дзы æрхаудзæни!

– Æхсæз, авд… Ардау, цас дæ фæнды, уыйас, уыдæттæй мæ ма тæрсын кæ. Фараст, дæс… – нымайы лæппу йæ хъултæ.

– Нæ сахуыр кæндзынæ æмæ къуырма ницæйагæй баззайдзынæ. Фæсмон ма кæндзынæ æрæджиау…

Ванькæ, цыма йæм худæг кæсынц чызджы ныхæстæ, йæхи ахæм хуызы æвдисы:

–…Иуæндæс, дыууадæс… Æмæ ницæйагæй уæвын, дæумæ гæсгæ, æвзæр у?

Тыргъы цыдæр тъæнг фæцыд. Ванькæ йæ хъултæ амбырд кодта æмæ фæхъус.

– Агъа! – фæрæвдз Наташæ.

Фæлæ уый зымæджы хъызты тъæнг уыд. Уæддæр хъултæ æмбæхсын хъуыд, æмæ сæ Ванькæ зæронд нымæтын цырыхъхъы ныккалдта, цырыхъхъ та тыргъмæ ахаста.

Лæппу та ногæй стъолы цур æрбадт. Ныр йæ хъуыдытæ уыдысты, дыууæ-æртæ суджы лыггаджы кæм ссардæуа, ууыл. Уæд пецы бандзарид, æмæ сæ мады æрбацыдмæ хæдзар афтæ схъарм уаид, æмæ ма суанг пъолыл дæр ратул-батул кæн. Хæрзаг æй йæ мад дисхуызæй афæрсид: «Кæм ссардтай сугтæ та, мæ лæппу?»

Ванькæйы афтæ тынг бафæндыд сугтæ ссарын, æмæ ма йæ мидбынаты тыхст тæлфт дæр бакодта. Фæлæ йæ зоны – суг, хъæдмæ куы нæ ацæуай, уæд не ‘ссардзынæ.

Наташкæ нал зары, йæ куклайы узы.

Рæстæг раст удласæн у – размæ нал æккуырсы. Изæрмилтæ æрбаввахс сты.

Цæмæй суджы тыххæй хъуыдытæ фæсура, уый тыххæй Ванькæ сындæггай сыстад, пецы цурмæ бахъуызыд, уыцы иу гæппæн пецы сæр абадт æмæ ныхъхъæр кодта:

– А-а!

– Оуу!.. Ныр цытæ кæныс?! – Наташкæ скуыдта. – Фæтæрсын мæ кодтай, уæд та ма мæ зæрдæ аскъуыд…

– Тæппуд! – дзуры Ванькæ. – Кокка-быззи! Нæ дын æрбахæсдзынæн ног азмæ заз бæлас. Æз зонын, рæсугъд зазтæ кæм зайы, уый!

– Ницæмæн мæ хъæуы дæ заз бæлас. Мæнæн мамæ æрбахæсдзæн.

– «Бадгæ кафт» дын акæнон?

Ванькæ та йæ хойы зæрдæ балхæныны тыххæй йæ къухтæ йæ синты сæрыл авæрдта æмæ уаты къуымты дзуццæджы фæуайы, йæ къæхтæ уæлæуæз размæ фехс-фехс кæнгæйæ.

Наташкæ ныххудти.

– Цæй æрра дæ, Ванькæ, цæй! – йæ цæсыгтæ сæрфгæйæ, дзуры Наташкæ. – Æз уæддæр мамæйæн радзурдзынæн, куыд мæ фæтæрсын кодтай, уый.

Ванькæ бацыди рудзынгмæ æмæ авгæй, цæмæй йæм фæндаг зына, уый тыххæй иугыццыл зиллакк йæ комы тæфæй атайын кодта.

Хæдзар уыд æмыр, талынг, афтид æмæ уазал.

– Вань, бирæгъ куыд федтат, уый ма радзур.

Ванькæмæ дзурын нæ цыди – стыхсти.

– Куыд, куыд? Федтам, æмæ – ахицæн.

– Вань, гуылтæ нæ бахæрис? Дзæбæх хъарм гуылтæ, – æнæнхъæлæджы йæ афарста Наташкæ.

– Ды та?

– Æз бахæрин!

Дыууæйæн дæр ахæм ныхас худыны хос фæци.

Уалынмæ рудзгуыты бынæй рог къахдзæфтæ æмæ миты хъыррыст æрбайхъуыст. Ванькæ фæгæпп ласта.

Наташкæ, цы дзаумæтты тыхтытæ уыди, уыдоны уæрццы лæппынау стыхст æмæ йæ бон пецæй æрхизын нæ уыд.

– Вань, æрис-ма мæ… Ва-ань!

Фæлæ Ванькæ йæ цурты асыффытт кодта æмæ сæ мады размæ азгъордта.

Мад кæрты гæрстæ ауындзæн бæттæнæй салд хуыссæныцъæрттæ иста. Йæ цуры миты уæлæ – цыдæр дзæкъулгонд.

– Мам, ам цы ис?

– Бæгънæгæй та куы рагæпп кодтай! Ахæсс æй мидæмæ.

Хæдзары Наташкæ, кæугæйæ, йæ гыццыл къахæй дуар хоста – дуар уымæлæй ныннæрст, æмæ йын гом кæнын нæ куымдта. Ванькæйы тыхтонимæ куы ауыдта, уæд йæ кæуынæй фенцад.

Дыууæйæ стъолы цурмæ бауадысты, тыхтон райхæлдтой. Разынди дзы иугыццыл ссад æмæ хом дзидзайы кæрдих. Цæттæ хæринагæй дзы куы ницы разынд, уæд сывæллæттæ фенкъард сты.

Мад тыргъы салд дзаумæттæ ныууагъта, йæхæдæг мидæмæ бацыди. Æвæццæгæн, боны дæргъы тынг суазал æмæ ныффæллад, фæлæ уæддæр мидбылты худы. Йæ фæлмæн хъæлдзæг хъæлæсæй хæдзар байдзаг, уазалæн дзы йæ фæд дæр нал аззад.

– Таля (афтæ хоны Наташкæйы), гъа-ма, радзур мын, мæ хæдзары гыццыл æфсин, цытæ куыстат æнæ мæнæй?..

– Ох, цы дын радзурон, мамæ! – Наташкæ йæ гыццыл къухтæ дисгæнæгау хæрдмæ феппæрста. – Ванькæйæн йæ хызыны дуне хъултæ уыди. Нымадта сæ.

Ванькæ кæсы йæ хойы стыр цъæх цæстытæм æмæ хъæрæй хъуыр-хъуыр кæны:

– Ныр цымæ цы гæды ныхæстæ кæныс? Мам, зæгъ-ма йын, æмæ сайгæ ма кæна…

Наташкæйæн фыр дисæй йæ дзых хæлиуæй аззад, йæ мадмæ адæймаджы цæстытæй каст: йæ гыццыл сæр ахæм æвирхъау гадзрахат бамбарынхъом нырма нæма уыд.

– Мамæ, мамæ, уыдис æм, уыдис! Тыргъмæ сæ ахаста. – Скæуынмæ йæ бирæ нал хъуыд. – Уæдæ тыргътæм кæй ахастай?

– Кæй нæ, фæлæ, цы, – фæкъæпп æм кодта Ванькæ. – Кæд дын удæгас не сты.

Мад йæхи барæй фæмæстыхуыз кодта æмæ, Ванькæйы ‘рдæм кæсгæйæ, дзырдта:

– Æз ын бацамондзынæн хъултæ! Ахæм хъултæ йæ фæуыдзæн, æмæ сæм кæсын дæр йæ зæрдæ нал комдзæн.

Фæлæ, мады ныртæккæ хъулты мæт кæй нæй, уый Ванькæ тынг хорз дæр ма æмбары… Ныртæккæ райдайдзæн гыццыл бæрæгбон, ныртæккæ кæндзысты гыццыл доныфых хъæбынтæ дзидзаимæ.

– Суг нæм æппындæр нал баззад? – фæрсы мад.

– Нал, – Ванькæ къæбицмæ базгъордта, арынг рахаста. – Дзидзайыл картоф дæр кæндзыстæм?

– Хъæудзæн ыл иугыццыл акæнын.

Наташкæ пецыл агуры хыссæ тæнæг кæнæн тулæн.

Райдыдта рухс цард. Алчидæр йæ куыст кæны. Къупп-къупп, дзыгъал-мыгъул, хъæлдзæг ныхæстæ…

– Федькæ мын зæрдæ бавæрдта иу хъæды лыггагæй… Нæ зонын, кæд æрбаласид, – къусы хыссæ змæнтгæйæ, йæхинымæр дзурæгау кæны мад, стæй хъæрдæрæй йæ ныхасыл бафтыдта:

– Æрбацæуæм дын æрдæбон хъæмп ласынæй. Кæсæм: фæндагыл рувас хуыссы. Йæхи стымбыл кодта, змæлгæ дæр нæ кæны. Уæрдон ыл фæцæйтылд. Ахæм уæндон систы а фæстаг рæстæг.

Наташкæйæн фыр диссагæй йæ дзых хæлиу, афтæмæй хъусы. Ванькæ та сабыргай, стыр лæгау балхынцъ кодта:

– Уый, хæст кæй цæуы, уый тыххæй афтæ у. Хæст куы вæййы, уæд сырдтæ ницæмæйуал фæтæрсынц. Чи сыл цуан кæна, уый нæй – æмæ уыдон дæр фæндæгтыл хуыссынц. Бур рувас уыд, æвæццæгæн?..

Дзидза – лыстæг карст. Хыссæ дæр – цæттæ. Æрбадтысты æртæйæ хъæбынтæ кæныныл. Наташкæ хыссæйы тымбылтæ тъæпæн кæны, мад æмæ Ванькæ та сын сæ мидæг дзидза тухынц. Чызг йæ удæй бацыд, йæ дзаумæттæ ссады æвдылд. Уый йæ зонгæ дæр нæ кæны, уыцы гуылтæ зынгтыл дæр ис авæрæн, æмæ уый фæстæ къæр-къæр кæндзысты дæндæгтыл, дзыхы тайдзысты. Пецы арт куы уаид, уæд уал дзы Ванькæ иу-дыууæ афтæ афыцид.

– Мам, æмæ йын сабитæ вæййы? – фæрсы Наташкæ.

– Кæмæн?

– Рувасæн.

Ванькæ ныффуртт кодта.

– Уæдæ куыдæй бирæ кæнынц?

Наташкæ йæм ницы дзуры – нырма йæм хæрам у.

– Ис ын лæппынтæ, гыццыл рувæстæ, – дзуры мад.

– Æмæ куыннæ ныссæлынц?

Ванькæ худæгæй бакъæцæл.

– Уæуу, мæнæ диссаг! Æмæ ма сæ кæрцытæ та цæмæн хъæуынц!?

– Ды та ма бæр-бæр бирæ ма кæн, ницæйаг!

– Ма дзур афтæтæ де ‘фсымæрæн, мæ чызг. Уый худинаг у, – фæлмæн уайдзæф кæны гыццыл чызгæн мад.

– Нæ нын сахуыр кæндзæн, – хистæрты фæзмæгау дзуры Наташкæ, Ванькæмæ тызмæгæй кæсгæйæ. – Æрæджиау фæсмон кæндзæн.

– Райсом ахуыргæнæгмæ бауайдзынæн, – мад дæр комкоммæ бакаст Ванькæмæ. – Скъолайы цытæ фæкусы, уый базонон.

Ванькæ стъолмæ нымдзаст æмæ йæ сым-сым ссыд.

Мад та талынг рудзынджы ‘рдæм фæзылд æмæ арф ныуулæфыд:

– Фæсайдта нæ Федькæйы удхæссæг, фæсайдта! Цом, бæрзбынмæ бауайæм, мæ лæппу.

Ванькæ йæ бæмбæджджын хæлаф пецы сæрæй райста, дзаумæтты скъаппæй та – бæзджын фуфайкæ. Мад дæр йæхиуыл хъарм дзаумæттæ скодта æмæ ныфсытæ æвæры йæ чызгæн:

– Мах, мæ гыццыл къона, тагъд фездæхдзыстæм.

Наташкæйы хæдзары иунæгæй баззайын нæ фæнды, фæлæ дзургæ ницы кæны.

Мад æмæ ма Ванькæ уынджы, рудзынджы цур барæй хъæрæй аныхæстæ кодтой, цæмæй сæ Наташкæ хъуса. Стæй мад рудзынг бахоста, дзуры чызгмæ:

– Таля, мах тагъд уыдзыстæм. Мацæмæй тæрс, мæ къона!

Наташкæ дæр æм цыдæртæ дзуры, фæлæ йæ ныхас æддæмæ нæ хъуысы.

– Тæрсы мæ гыццыл хур, тæрсы, – сдзырдта мад. Стæй иуварс азылди æмæ йе ‘рмкъухæй йæ цæссыгтæ асæрфта.

– Чызджытæ иуылдæр афтæ сты, – схатдзæг кодта Ванькæ.

Ныххызтысты доны былмæ. Быгъдæг быдыры дымгæ ‘хситт кæны. Ванькæ дзы йæхи æмбæхсы: куы иуырдæм азилы, куы – иннæрдæм, куы йæм йæ чъылдым фездахы, фæлæ уæддæр цæсгом артмæ судзæгау судзы.

– Мам, æрбакæс-ма! – хъæрæй дзуры мадмæ.

Мад ын йæ цæсгоммæ бакаст, дæрзæг æрмкъухæй йын йæ рустæ æрсæрфтытæ кодта. Цæсгом риссы, фæлæ лæппу быхсы.

Стæй хъæдмæ бахызтысты. Хъæды уыд хъарм æмæ сабыр. Иу сыбыртт дæр нæ хъуысы, цыма дуне фынæй ныцци. Хæрзуынд, рæхснæг бæрзытæ æнафоны уазджыты алыварс æрбалæууыдысты æмæ удаист цæмæдæр æнхъæлмæ кæсынц.

Ванькæ арф миты балæгæрста, иу бæлас равзæрста, фæрæты цæгатæй йын йе ‘взонг тæлтæг буар бацавта. Уæле бынмæ уæззау гуыпп ныккодта миты гуппар. Ванькæ иуварс алиуырдта, фæлæ йæ къах арф миты фæсагъд æмæ, раст цыма ногдзагъд къуымбилты ныххауд, уыйау сæрбынмæ миты обауы аныгъуылæгау кодта. Цалынмæ йæ дзаумæттæ цагъта, уæдмæ мад бæласы алыварс мит æрнадта, йе ‘рмкъухтæ феппæрста æмæ бæласы зæнг фыццаг цæф фæкодта, стæй – дыккаг, æртыккаг… Бæрз бæлас сæрæй бынмæ ныррызти, æмæ лыстæг æрттиваг цæппæртæ зæхмæ æркалдта. Фæрæты æндон уазал ком иу цæфæй иннæмæ арфæй-арфдæр ныхсы хъæддых урс буары.

Ванькæ дæр, мад куы афæллайы, уæд афæлвары бæлас калынмæ. Фæлæ йын дæс-дыууадæс цæфы фæстæ йæ цæстытæ судзаг мигъы уылæн ахгæны. Фæрæты лæгъз хъæдыл кухтæ бырын райдайынц. Æмæ та уæд мад ногæй райсы фæрæт.

Фæстагмæ бæрз ныхъхъæрзыдта æмæ йæ фарсыл æрхауд.

Ноджыдæр ма иу къаддæр бæлас акалдтой – уый та Ванькæйæн, æмæ сæ сыфцæй аластой фæндаджы ‘рдæм. Лæппумæ фыццаг æнцон фæкаст цæуын. Æхсызгон дæр ма йын уыди. Мад кæй ласы, уыцы бæласы цъупп быры фæндагыл, Ванькæйы тæккæ размæ дыууæрдæм кæны. Ванькæйы бафæндыд йæ кæроныл ныллæууын, йæхи нал баурæдта, аййæфта йæ мады æмæ бæласы цъуппыл къахæй фæлæууыд.

– Ма фыдуаг кæн! – бауайдзæф ын кодта мад.

Цæуынц.

Иннæ бæлас та Ванькæйы уæхскыл хъæрзы æмæ алы къахдзæфимæ дæр йæ фæтас-фæтасæй æлхъивы уæхск. Лæппу æрлæууыди, бæласы хъæд иннæ уæхскмæ байста, фæлæ уый дæр уайтагъд андзыг. Ванькæ сындæггай тæвд кæнын райдыдта, ноджы фæндаг дæр уыцы тæвд улæфт кæны цæсгоммæ.

– Æвдай авд, æвдай аст, æвдай фараст – сыбар-сыбур кæны Ванькæ.

Цæуынц.

– Бафæлладтæ? – фæрсы йæ мад.

– Иугыццыл … Нæуæдз авд, нæуæдз аст, – Ванькæ йæ был дæндæгтæй нылхъывта æмæ сым-сым кæны. – Нæуæдз фараст, сæдæ!

Стæй бæрз бæлас йе уæхскæй æрæппæрста æмæ æхсызгонæй уæлгоммæ ныддæргъ фæндагыл.

Мад ыл схæцыди. Æрбадтысты бæласыл. Ванькæйы фæнды æрхуыссын æмæ дзуры йæ мадмæ:

– Кæд мын, куы суазал уон, уымæй тæрсыс, уæд бæлæстæ кæрæдзийы фарсмæ авæрæм, æмæ сыл æз афтæмæй æрхуысдзынæн.
Мад æй йæхимæ æрбалхъывта.

– Лæг дæ, лæг, æнæхъæн гыццыл лæг… Иучысыл-ма бафæраз. Æгæр стыр бæлас дын акалдтам. Къаддæр бæлас нæ хъуыди калын.
Ванькæ ныхъхъус. Ныхъхъус йæ сæрыстырдзинад дæр.

Мад та дзуры:

– Цымæ куыд у нæ Талюшкæ? Афонмæ хæрзаг кæуы?

– Кæудзæн, уæдæ нæ, – дзуры Ванькæ. – Кæд ма уый нæ зоны кæуын.

Иуцасдæр ма абадтысты.

– Уæ фыдæн дæр уым зын у, – æнкъардæй дзуры мад. – Афонмæ миты астæу бадынц, мæгуыр сæ бон… Зымæджы-иу уæд та куы ныссабыр уаид хæст.

– Ныр нал ныссабыр уыдзысты, – стыр лæгау бакодта Ванькæ. – Цалынмæ фашистты нæ ныппырх кæной, уæдмæ нал бауромдзысты хæст.

Бынтон æрталынг, афтæ бахæццæ сты хæдзармæ мад æмæ фырт.

Наташкæ нæ куыдта. Тæбæгъы æрæвæрдта хом хъæбынтæ, пецæй æриста йæ дыууæ хъазæн куклайы æмæ сæ стъолыл, тæбæгъы цур æрбадын кодта. Сæ иуы дзы йæхимæ хæстæгдæр æрбакодта æмæ йын рæвдаугæйæ дзуры: 
– Ахæр, мæ чызг, ахæр! Ацы ницæйагæн та ницы ратдзыстæм.

Мад æмæ Ванькæ бæлæсты дыууæкъухын хырхæй ахырхтой, лæппу талынджы куыддæртæй сугтæ ныссаста, мад та арт бандзæрста пецы.

Уый фæстæ Ванькæ æмæ Наташкæ сбадтысты пецы дзыхмæ.

Арт хъæлдзæг гуыв-гуыв кæны; рухсы тæппытæ раст бур гæдыйы лæппынтау хъазынц пъолыл. Ванькæ уыдæнцойæ ницы дзуры. Наташкæ дæр Ванькæйы уæрджытыл æруагъта йæ сæр æмæ ныхъхъус. Пецæй ивылынц хъарм фæлмæн æрвхуыз уылæнтæ æмæ хæдзары къуымты зилынц. Наташкæйы хуыссæг ахсы… Ванькæйы дæр… Аджы та дон нырма ныр райдыдта змæлын. Мад стъолыл кæрды цыдæр хæдойнаг æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ сывæллæттæм сдзуры:

– Мæнæ Ног аз æрцæуа, æрбахæсдзыстæм рæсугъд заз бæлас… Таля, хъусыс мæ? Фынæй ма кæнут, мæ гыццыл къонатæ. Æрбахæсдзыстæм заз, сараздзыстæм æй хъазæнтæй, гыркъотæй. Ахæм рæсугъд уыдзæн, ахæм…

Ванькæйы фæнды, мад цы дзуры, уымæ хъусын, фæлæ йын чидæр рæвдаугæ йе уæхсчытыл бынмæ хæцы æмæ йæ пъолыл æрхуыссын кодта. Ванькæйы нæ фæнды, фæлæ йæ бон ницы у. Мады хъæлæс æм хъуысы дард кæцæйдæр. Лæппуйы цæстытыл уайы, цыма та хъæды сты, цыма та хуыссы митыл, æмæ ницы дзуры йæ мадмæ. Æрмæст йæ сæр батилы. Диссаг – мит куыд хъарм у!

Ванькæ йæ адджын фынтæй хуыссæгхъæлдзæгæй куы вæййы, уæд айхъуысы йæ мады хъæлæс:

– Уый цавæр хуыссæг фæтых ис нæ гыццыл лæггагыл? Ехх, ацы хуыссæг, ацы!..

Ванькæ, рæдзæмæдзæгæнгæ, фæцæуы стъолмæ.

Стъолыл, тæбæгъы тæвд хъæбынтæн сæ фæздæг кæлы, фæлæ Ванькæйæн уæлдай нал у. Хæрын æм нал цæуы. Наташкæ та бынтондæр нæ комы хъал кæнын. Хинæйдзаг у уыцы рувасау. Мад æй æрдæгфынæйæ уæддæр стъолы цур сбадын кодта. Чызг æхснырсы æмæ фынæй кæнынæн стъолыл агуры дзæбæх бынат. Мад худы. Ванькæ дæр йæ мидбылты бахудт. Хæрынц.

Иуцасдæры фæстæ Ванькæ, æгæр бахордтон, зæгъгæ, йæ хæрын ныууагъта. Мады та фæнды, йæ лæппу ма ноджыдæр куы ахæрид…

Æхсæвæры фæстæ Ванькæ лæууыд йæ мады цур, æмæ, йæ сæр йæ риуыл уагъдæй, фынæй кодта.

Мады хъарм къухтæ æрзылдтой Ванькæйы: дæргъбарæн (сантиметр) æртыхсы куы йæ астæуыл, куы – йе уæхсчытыл, æмæ уыцы уаццаджы уазалæй лæппу базыр-зыр кæны.

Уый фæстæ Ванькæ схылди пецы сæрмæ æмæ, куыддæр йæ сæр базыл авæрдта, афтæ афынæй. Наташкæ дæр, йæ иу къухы хъæбын нылхъывта, афтæмæй фынæй кæны.

Ванькæ ма æрдæгфынæйæ цы хъуыста, уый уыд хуыйæн машинæйы æфсæрты къæрцц-къæрцц – райсом скъоламæ ацæудзæн ногхуыд хæдоны.

ДЕМАГОГТÆ

Хур ныгуылæнырдæм фæкъул. Рог дымгæ доныбылты кæрдæг зæхмæ фаста, къудзиты ‘хсæн хыбар-хыбур кодта. Сæ риутæ размæ, афтæмæй дуртау донмæ хаудтой денджызы бæлæттæ, стæй та-иу ногæй æмдзæхгæр стахтысты хæрдмæ, æмæ-иу уырдыгæй сæ утæхсæн хъæр райхъуыст.

Бынæй, цæхгæр фæзилæны, дон йæхи былтыл хоста æмæ, цыма чидæр йæ армытъæпæнæй кæйдæр бæгънæг буар дзæхстытæ кæны, йæ уынæр афтæ хъуысти.

Былгæрæттæ-былгæрæтты цыдысты дыууæйæ: бæрзонд, къæсхуыртæ, аив зылд, йæ карæй æрыгондæрхуыз зæронд лæг æмæ, иу-дæс азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу Петькæ.

Петькæйы сæрыхъуынтæ уыдысты къаппа-къуппайы пъакъуытау хæнт урс, æмæ афтæ зынд, цыма тынг куы радымтаид, уæд ын атахтаиккой. Зæронд лæджы уæхсчытыл уыд хус кæсагахсæн хыз. Лæппу, йæ къухтæ йæ хæлафы дзыппыты тъыст, афтæмæй арвмæ скæс-скæс кæнгæ, цыди разæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу йæ дæндæгты ‘хсæнты рачъыртт ласта.

Цыдысты, ныхæстæ кæнгæ. Зæронд лæг уæзхъус уыд, æмæ уыйадыл хъæрæй дзырдта, хатгай-ма йын-иу æгæр хъæрæй дæр рауад. Ныр дæр Петькæйæн, кæсагахсæн хызыл уæлдæр схæцгæйæ, цавæрдæр хабар кодта:

– Хъусыс, æмæ йын æз дæр афтæ зæгъын: «Хорз лæг! Ды мæнæй æртæ хатты кæстæр дæ, æмæ мемæ афтæ куыд ныхас кæныс? Ды хицауадæй дæ, уый, о!.. Фæлæ мæнæн та ды дæ ничи æмæ ницы. Æз хъахъхъæнын паддзахады исбон, æмæ мыл ды хъæртæ ма кæн, дæ хорзæхæй!»

– Æмæ уæд уый та? – фæрсы Петькæ.

– Æй?

– Цы загъта уый та?

– Уый та? Хъæр, дам дыл куынæ кæнын.

Æмæ та йæм æз ногæй дзурын: «Уый та мыл куыннæ кæныс, иугæр дæ æз хорз кæм хъусын, уым мыл дæхи цæгъдыс! Мæнмæ дзыхыдзагæй куы нæ дзурай, уæд ницы фехъусдзынæн!»

– Ха-ха-ха! – ныххудти Петькæ.

Зæронд лæг йæ къахайст фæтагъддæр кодта, Петькæйы аййæфта, æмæ йæ фæрсы, йæхæдæг дæр худы, афтæмæй:

– Цæуыл худыс?

– Цæй хинæйдзаг дæ, дада!

– Æз? Мæн исчи асайдта, зæгъгæ, уæд иу бон дæр нал фæцæрин. Æз мæхæдæг кæйфæнды дæр афæливдзынæн.

Былгæронмæ ауазæнæй рацæйленк кодта дынджыр кæсаг; дон раст суылæнтæ. Петькæ сагъдауæй аззад.

– Федтай?

Лæг дæр фæлæууæгау кодта.

– Ам кæсаг уыдзæни, – сдзырдта сабырæй. – Фæлæ дзы бынæй, дæлдон, бындзæфхæдтæ бирæ ис.

Петькæ кæлæнгондау касти донмæ.

– Мæнæ афтæ аййас уыдзæнис! – йæ кухтæ фæйнæрдæм аивæзта.

Зæронд лæг дæр донмæ кæсы.

– Ам хызæй ницы бакæндзыстæм, ныскъуыдтæ нын уыдзæн.

Ногæй та иу кæсаг æрбацæйленк кодта, æмæ та дон суылæнтæ.

– Оуу! – фæхъæр кодта Петькæ æмæ йæ ту аныхъуырдта. – Уæд та бафæлвариккам?

– Цы? Нагъ, хыз гæбазгай бауыдзæн, æндæр ницы. Æз дын æй бæлвырд зæгъын. Æз ацы бынæттæ хорз зонын. Ам иу æрыгон чызг фæдæлдон. Раджы, æз дæр ма уæд æрыгон уыдтæн.

Петькæ зæронд лæгмæ скасти.

– Куыд аныгъуылд?

– Куыд…куыд! Куы ныггæпп кодта, уæд йæ дзыккутæ уидæгтыл стыхстысты. Тынг даргъ ын уыдысты…

Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыдысты.

– Дада, æмæ адæймаджы дон куы аласы, кæнæ куы аныгъуылы, уæд кæдмæдæр бынæй куы фæвæййы, уæд æй уый фæстæ дон уæлæмæ цæмæн сласы?

– Ныддымсы æмæ уымæн, – бамбарын кодта зæронд лæг.

– Æмæ ма йæ уый фæстæ ссардтой?

– Кæй?

– Уыцы чызджы.

– Уæдæ. Аргæ йæ тагъд скодтой… Æнæхъæн хъæу фæфæдис сты, фæлæ…

Лæг иучысыл æнæдзургæйæ алæууыди, стæй æнкъардхуызæй сдзырдта:

– Рæсугъд чызг уыди… Марья Малюгина.

Петькæ касти, йæ быны уыцы тæссаг къуындзихтæ æмæ уидæгтæ кæмæн нымбæхстысты, уыцы донмæ.

– Ам хуыссыди? – Петькæ цæстæй ацамыдта былмæ.

– О, ам кæмдæр. Бæлвырд æй нал хъуыды кæнын. Раджыйы хабар у.

Петькæ ма иуцасдæр донмæ нымдзаст и.

– Тæригъæд уыд, – арф ныуулæфыд лæппу. – Донмæ хизыс æмæ ма дæ дзыккутæ та цæмæ уæгъд кæныс? Ахæм æнæрхъуыды куыд хъуамæ уай!

– Цы?

– Марьяйы кой кæнын.

– А-а. Хорз чызг уыди. Тынг рæсугъд.

Хъуыст доны уынæр, хъæдæй та – дымгæйы сыбар-сыбур. Хур дард хæхты фæстæмæ йæ фæндаг акодта æмæ доны былгæрæттæм æввахс сырх дардта. Фæсатæг. Дымгæмæ уылæнтæ дæр фæтынгдæр сты.

– Цом, Петро. Дымгæ фæтыхджындæр. Фæстæдæр бынтон стынг уыдзæн: цæгатырдыгæй радымдта.

Петькæ йæ къухтæ йæ дзыппытæй нæ систа, афтæмæй араст дарддæр.

– Цæгатаг дымгæ уазал хæссы. Афтæ нæу?

– Афтæ, афтæ.

– Уымæн æмæ дзы Ихджын фурд ис.

Зæронд лæг ницы сдзырдта лæппуйы ныхæстæм.

– Дада, æмæ йæ ды зоныс, нæ цæугæдон сæрдыгон цæмæн раивылы, уый? Иннæтæ уалдзæджы раивылынц – куыд æмбæлы, афтæ, мах дон та – сæрды тæккæ астæу. Зоныс, цæмæн?

– Нæ зонын, цæмæн?

– Уымæн, æмæ йæ гуырæн хæхты ис. Мит та, дæхæдæг æй зоныс, хæхты æрмæст сæрдыгон тайы.

– Уыдæттæ уын уæ ахуыргæнæг фæдзуры?

– Уæдæ.

– Уый уын раст амоны. Ныры адæм бирæ цыдæртæ зонынц. Хæрзаг ыл дæс æмæ ссæдз азы дæр нæма цæуы?

– Мæгъа…

– Цы?

– Нæ йæ, зæгъын, зонын!

– Æвæццæгæн ыл иу-ссæдз азы цæуы. Æмæ афтæмæй цас зоны! Раст мæ бæрц.

– Зондджын у. – Петькæ дур систа æмæ йæ донмæ фехста. – Æз та мæ къухтыл цæуын зонын! Нæма мæ федтай?

– Нæма…

Петькæ размæ азгъордта, йæ къухтыл алæууыд æмæ… йæ фæстагыл абадти.

– Фæлæуу! Иу хатт ма!

Зæронд лæг ныххудти:

– Сæрæн дæ! Хорз дын рауад.

– Фæлæуу-ма, цæй! Кæс!.. – Петькæ та ногæй азгъордта æмæ та фæфæлдæхт.

– Цæй, фаг у! Уырны мæ, кæй арæхсыс, уый.

– Иугыццыл ма мæ ацархайын хъæуы. Нырма знон сахуыр дæн. – Петькæ йæ хæлафы фадгуытæ æрцагъта. – Цæй, райсом дын æй фенын кæндзынæн.

Цæугæдон цæхгæр кæм фæзилы, уыцы ранмæ бахæццæ сты. Уым дон, йæхи дуртыл хойгæ æмæ фынккалгæ, тынг тагъд цæуы.

– Ам хариустæ ис.

Сæ дзаумæттæ раластой. Лæг райхæлдта хыз æмæ донмæ бахызт. Цæхгæр уазалæй зæронд лæджы буар сисбын абадт.

– Ух-ха! – æмæ доны уыциу бадт æркодта, цæмæй уазалыл тагъддæр ацахуыр уа.

Петькæ ныххудти.

– Æлхысчъытæ дæ кæны?

Зæронд, фурттытæгæнгæ, йæ сæр тилы, йæ иу къухæй йæ боцъо лæмары, æрдуцæгау кæны, иннæмæй хызыл хæцы.

– Цом!

Хызы дыууæрдыгæй хъæдтæ хъен ныссагътой æмæ азгъордтой, цыма уылæнты разæй фæуынмæ хъавынц. Хыз æрдынау ныкъкъæдз æмæ сæ йæ фæстæ ласы. Петькæйæн йæ къæхтæ дуртыл бырынц. Иу хатт дзыхъхъы æрныгъуылди, скаст дзы, йæ сæр ныттылдта æмæ зæронд лæджы фæзмæгау фæхъæр кодта:

– Ух-ха!

– Афтау-ма йæм! – хъæр æм кæны йæ дада.

Дон роцъойы онг æххæссы; лæппу гæппытæ æмæ тутæ кæны. Æнæнхъæлæджы сын уылæн сæ хыз æгæр дард бахаста арфдæр ранмæ, фæлæ Петькæ йæ былтæ дæндæгтæй нылхъывта æмæ йæ нæ уадзы.

– Хæц ыл, ма йæ суадз, Петро! – хъæр æм кæны йæ дада. Ныр дон дзыхмæ кæлы. Петькæ йæ фæстаг тыхтæ сæмбырд кодта.

Лæг фæныгъуылд. Хыз тынг атъæпп кодта. Петькæ фæцудыдта æмæ ахауд, фæлæ хъил йæ кухтæй не суæгъд кодта. Стыр дурыл йæхи скъуырдта, йæ зæрды йыл уыди къухæй фæхæцын, фæлæ дуры фæрстæ бырынцъаг разындысты, æмæ лæппуйы уылæн дарддæр аскъæфта.

Петькæ бафæлвæрдта йæ къæхтæ фæбыцæу кæнын, фæлæ та ногæй иннæ бырынцъаг дур йæ размæ фæци. Ацы хатт ын бантыст, хыз не суæгъд кæнгæйæ, æрлæууын.

Йæ алыварс акасти – зæронд лæг нæ зыны. Иу уысмы бæрцмæ йæ сæр доны бынæй сзынди. Йæ бон ма ныхъхъæр кæнын баци:

– Мæ къæхтæ! Тагъддæр! – æмæ та ногæй доны бын фæци.

Хыз тынг тъæппытæ куы кодта, уæд лæппу фембæрста хъуыддаг: зæронд лæджы къæхтæ хызы стыхстысты. Петькæ ныкъæдз и, йæ дæндæгтæ нылхъывта æмæ доныбылы ‘рдæм сындæггай хыз ивазы. Уылæнтæ йын йæ риу хойынц, йæ къухтæ бандзыг сты, йæ фæстаг тыхтæ лæмары, йæ цæсгом фыр тас æмæ рыстæй нынхъырдтæ, фæлæ уæддæр, къахдзæф къахдзæфы фæстæ, бырынцъаг дуртыл фæбыр-фæбыр кæнгæйæ, хыз йæ фæдыл ласгæ, былмæ хæстæгæй-хæстæгдæр кæны. Иннæ кæрон та, хыз йæ къæхтыл тыхстытæй, йæ къухтæ æнæбон тылд кодта зæронд лæг.

…Петькæ йæ донæй бæргæ раласта, фæлæ лæг бауадзыг.

– Дада! Дада!.. – дзырдта йæм лæппу, кæугæйæ. Стæй йын райдыдта йæ риу нылхъив-нылхъив кæнын. Лæг схуыфыди æмæ йæ хъæлæсæй дон кæлын райдыдта. Зæххыл хуысгæйæ, сабыргай хъæрзыди, йе уæнгтæ сисынхъом нæ уыд.

– Æгас дæ, дада, æгас дæ?! – цины хъæр кодта Петькæ.

– Цы?

Лæппу йын йæ рус йæ къухæй æрсæрфта.

– Афтæ тынг никуыма фæтарстæн, дада. Фыр тæссæй фæцæймардтæн.

Зæронд лæг йæ сæр нызмæлын кодта:

– Мæ сæр гуыв-гуыв кæны. Цы загътай?

– Ницы.

– Ох-ох, Петро, æз та загътон, æмæ мæ кæрон æрцыд.

– Фæтарстæ?

– Цы?

–Тынг фæтарстæ?

– Куыннæ стæй! Æмбаргæ дæр ницыуал бакодтон. Фæтæрсын мын нал бантыст.

Петькæ ныххудти.

– Æз та кæсын, æмæ дæ сæр зыны – стæй æвиппайды фæцыдæр.

– Нал… Афонмæ кæфтимæ хъæбысæй хæцин. Уый дын дзы хабар, гъе! Ныр мыл гуыбынниз кæй бахæцдзæн, уый бæлвырд у.

– Цы тарст фæкодтон, уый куы зонис. Ноджы ма æххуысмæ фæсидын дæр никæмæ уыдис.

– Цы?

– Ницы. – Петькæ касти йæ дадамæ, зæронд лæгæн ахæм удаист æмæ мæгуырхуыз уыди, æмæ лæппу йæ худын нал баурæдта.

Дада дæр бахудти.

– Уазал кæныс? Ныртæккæ арт акæндзыстæм!

Петькæ ауади æмæ сæ дзаумæттæ æрбадавта. Сæ уæлæ сæ скодтой. Лæппу хус къалиутæ рамбырд кодта, бандзæрста сæ, æмæ сын чысыл фæстæдæр æхсæв сæ алыварс сау къултæ ацамадта. Хус къалиутæн сæ къæрццытæ хъуыстысты, дæрдты тахтысты сырх зынджы стъæлфæнтæ. Дымгæмæ арты’взæгтæ сæхи алырдæмты раиваз-баиваз кодтой.

Зæронд лæг æмæ лæппу тæтæйраг бадт кодтой, сæ къæхтæ дзуарæвæрд скæнгæйæ, æмæ кастысты артмæ.

– Нæ фыд нæ ардæм куы ласта, – райдыдта дзурын зæронд лæг, – уæд æз нæ хæдзары цармæ сбырыдтæн æмæ хæкъуырццæй куыдтон. Уыцы афон, æвæццæгæн, иу дæ карæн уыдаин, кæд къаддæр нæ, уæд. Тынг мæ нæ фæндыди нæ хæдзар ныууадзын. Уым дæр уыд цæугæдон, уый фæстæ йæ мæ фыны арæх уыдтон.

– Куыд хуынди уый та?

– Ока.

– Æмæ дарддæр та цы уыд?

– Дарддæр та – ницы. Сахуыр дæн. Ам бирæ хуыздæр у. Ам уæртæ цас зæххытæ ис! Стæй йын йæ мæр уымы зæххимæ нæй абарæн. Ам зæхх сойджын у.

Петькæ ныххудти.

– Зæхх сойджын куыд хъуамæ уа?

– Уæдæ?

– Зæхх вæййы саумæр, змисджын, дурджын æмæ æлыгбын, – хъуыддагхуызæй æмбарын кодта Петькæ.

– Уый æз дæр зонын. Саумæр… Саумæр, уый – о, фæлæ ма сойджын дæр вæййы.

– Царв конд ыл вæййы?

– Хъус-ма! – фæхæрам и зæронд лæг. – Цæргæбонты йæ мæнæ ацы къухтæй къахтон, æууæрстон, æмæ мын æй ныр ды ʼмбарын кæныс. Ахæм зæхх дæр вæййы, кæд дæ йæ базонын фæнды, æмæ дзы уалдзæджы байтауыс хор, фæззæджы та дын – фучъи. Иннæйы та, мæ бон, рæтæнæгъдты стæвдæн зайæгхал сбырсы, уымæн æмæ сойджын у.

Петькæ æмдзæвгæ кæсын райдыдта, фæлæ йæ æрдæгыл фæуагъта:

– Дарддæр мæ ферох и.

– Зарæг у?

– Æмдзæвгæ.

– Цы?

– Зарæг зæгъын нæу, æмдзæвгæ у.

– Уыдон иу сты: Хорз фыст куы уа, йæ ныхæстæ кæрæдзиимæ фидауынц, зæгъгæ, уæд æй зарæн дæр ис.

– Дæ салам бирæ! – фесхъиудта лæппу. – Зарæг хицæн у, æмдзæвгæ та – бынтон æндæр цыдæр.

– Ох! Ох! Ахæцыди та! – зæронд лæг та цалдæр къалиуы арты баппæрста. – Демæ ныхас кæныны размæ уал фысырдæг бахæрын хъæуы.

Иуцасдæр æнæдзургæйæ абадтысты.

– Дада, æмæ зарджытæ куыд æрымысынц? – фæрсы Петькæ.

– Зарджытæ кæнгæ скæнынц, мысгæ сæ не ‘ркæнынц, – æмбарын кæны дада. – Уый, адæймагыл исты стыр уæззау хабар куы ‘рцæуы, уæд ыл скæнынц зарæг, цæмæй йын фенцондæр уа. Зæгъæм «Ой, цæууай, дæ хæдзар фехæла кæд дыл цы бон акодта!..»

«Гъей, дуаргæс, хæстмæ цæттæ у!» – та?

– Фæлæуу… Æз ныртæккæ… – Лæг фæгæпп кодта æмæ къудзитæм фезгъоры. – Цавæр дуаргæс? – афарста ма йæ.

– Зарæг ис ахæм.

– Æмæ дуаргæс та чи у?

– Мæнæ… футболæй хъазгæйæ, дуарыл чи фæлæууы, уый!..

– Нæ зонын. Уый, æвæццæгæн, исты хъæлдзæг зарæг у. Ахæмтæ дæр бирæ ис. Æз сæ нæ уарзын. Æз æцæг зарджытæ уарзын.

– Азар-ма дзы искæцы!

Лæг арты цурмæ æрбаздæхти.

– Цы зæгъыс?

– Азар-ма мын, зæгъын, зарæг!

– Зарæг? Ныхас дæр ыл нæй. Æцæг зæронд зарджытæй. Ныры зарджытæ нæ зонын.

Уыцы тæккæ афон арты рухсмæ ‘хсæвы талынгæй рахызти Петькæйы мад.

– Ныр адонæн куыд кæнгæ у?! – сдзырдта сæм хъæрæй. – Æз уым мæхицæн бынат нал арын фыр мæтæй, адон та ам æртытæ кæнынц. Рæвдз хæдзармæ! Баба, цал хатты дын лæгъстæ кодтон, бирæ ма фæстиат кæнут доны был, зæгъгæ? Тæрсгæ уын фæкæнын, уый куыннæ ‘мбарут?

Зæронд лæг æмæ лæппу сыстадысты, райдыдтой сæ хыз тухын. Мад лæууы арты цур æмæ сæм кæсы. Стæй сæ афарста:

– Æмæ уæ кæсæгтæ та кæм сты?

– Цы зæгъыс? – нæ йæ фехъуыста зæронд лæг.

– Уæ кæсæгтæ, дам, кæм сты? – хъæрæй йæм дзуры Петькæ.

– Кæсæгтæ? – кæсы Петькæмæ. – Кæсæгтæ – доны. Уæдæ ма æндæр кæм хъуамæ уой.

Мад ныххудти.

– Демагогтæ стут, демагогтæ? – дзуры сылгоймаг. – Искуы ма ныффæстиат уат афтæ æрæгмæ… Дæу та дæ фыдыл сардаудзынæн, æмæ дæхæдæг зоныс. Уый демæ æндæр хуызы аныхас кæндзæн.

Лæг ын йæ ныхæстæм ницы сдзырта. Уæззау хыз йе уæхскыл баппæрста æмæ над къахвæндагыл араст и разæй, йæ фæдыл – мад. Петькæ арт йæ къæхтæй æрнадта æмæ сæ уый дæр аййæфта.

Цыдысты æнæдзургæйæ.

Хъуыст цæугæдоны уынæргъын. Быдырты къуыззитт кодта дымгæ.

Уырыссаг æвзагæй Безаты Фаризæйы тæлмац