ХЪÆЦМÆЗТЫ Азæ

КУЫД МЫСЫН ДӔУ, НӔ КЪУЫЛДЫМ

ЗӔХХЫ КЪОРИЙӔН НЫСТУАН

Зил, мӕ тымбыл зӕхх, зил дӕ арввӕдыл,
Дард Галактикы ма фӕдзӕгъӕл у.
Худӕд хуры цӕст, худӕд д’ арӕнтыл,
Зон, дӕ орбитӕ ʻРфӕны фӕдзӕл у.

Уадз сӕ царды кой кӕной хъӕбултӕ,
Ам дӕ гауызуӕфт мады хъарм армыл.
Мачи сӕм хӕсса, ма, рӕмудзӕнтӕ,
Иу дӕлтъур исчи хӕрамзӕрдӕ уагыл.

Ды ӕрвон цинтӕй хъуамӕ бафсӕдай,
Хъуыса д’ арф къуымӕй ноггуырды цъӕхахст.
Хор – дӕ сойджын риу – макуы сафтид уа,
Уа дӕ буц хъӕбул – Ир – ӕрвон цъӕхдзӕст.

Демӕ бафсӕдӕм мах ӕрдзон хӕрзтӕй,
Цард куыннӕ курӕм кадавар-ӕфстау.
‘Нӕниздзинад нын уӕд рӕдау цӕстӕй,
Немӕ Галактикы тӕх æрвон рухсау!

Зил, мӕ тымбыл зӕхх, зил дӕ арввӕдыл,
Дард Галактикы ма фӕдзӕгъӕл у.
Худӕд хуры цӕст, худӕд д’ арӕнтыл,
Зон, дӕ орбитӕ ʻРфӕны фӕдзӕл у.

 

БАТАГЪД КӔН

Рӕстӕг сахатгай фӕтындзы,
Бонтӕ, къуыритӕ нымайгӕ.
Уый йӕ ай-гъайдӕр фӕхынцы,
Кӕй йын нӕу фӕстӕмӕ здӕхгӕ.
Банкъуысы сахат йӕ фатыг,
Дзуры: дӕ бынатӕй сызмӕл.
Асур ма де уӕнгты ӕндзыг,
Царды ронг науӕд фӕкъуымӕл.

Хурау мын алцӕуыл аххӕсс,
Сомбонӕн бантыс цырагъдар.
Рӕстӕджы ныхмӕ-иу рахӕц,
Айгӕрд ын й’ арӕн уӕрӕхдӕр.

Цардӕй хӕрзиуджытӕ ратон,
Цалхау уырынгтӕ фӕд уадзгӕ.
Поэзийы рухс къуымтӕ батон,
ʻВдадзау нӕ зӕрдӕтыл тадзгӕ.

Макуы уай сомбон бӕрзӕйкъул
Разӕй цӕуӕг удтӕй хъауджы.
Ку’атула гъе стӕй дӕ рухс хур,
Нал зӕгъдзынæ уæд: ферӕджы.

 

РАЙГУЫРӔН КЪУЫМ

Мӕ райгуырӕн къӕс баззади дзӕгъӕл,
Уӕддӕр ‘рцӕуын мӕ хъалбонтӕ мысынмӕ.
Мӕн нал фӕхъӕуы ацы ран дӕгъӕл,
Æнӕхгӕд къуымтӕ сидынц мӕм фысыммӕ.

Кӕд сызгӕ и йӕ мигӕнӕн, йӕ гарз,
Уӕддӕр ма къуымы иу авг сӕн уыдзӕни.
Уый ныр фыдӕлтау стад уыдзӕнис – карз,
Хуыпгай йӕ ронгау бануазын хъӕудзӕни.

Фӕхъӕстӕ дзы у, стӕй хъӕрӕй ныззар,
Куыд дӕ фехъусой ӕгомыг хӕхтӕ.
Ӕмӕ ды фесгуых а бӕстӕн хъазар,
Куыд нӕ уал дын уа искуыдӕм здӕхгӕ!

Фӕлӕ та уадзыс… райгуырӕн дзӕгъӕл…
Рӕстӕг иу балхӕн, ‘рцӕуынӕн, дӕхицӕй.
Цӕрдхъом-иу ӕй ды раздӕрау ӕнхъӕл –
Цӕмӕй уын ма уа, ма, фæхицӕн.

МӔ ХӔЛАР

Сӕрбӕрзонд та куыннӕ уыдаис хъуамӕ,
Сау бецыкк, узӕлгӕ, дымгӕ даудта.
Лӕг загътаид, Хуыцауӕй Уацилла и хъӕумӕ,
Хорӕйхаст байрагау арвмӕ хаудтӕ.

Рихибын дзӕнхъа дӕндӕгтӕ ‘рттывтой,
Хурау-иу куы бахудтӕ фӕлмӕн.
Цӕстытӕ-иу минцӕхӕр ыссыгътой,
Денджызы цъӕх уылӕнты кӕлӕн.

Цымӕ чи у ацы саггуырд, фарстой.
Чи та-иу йӕхи дӕ цӕстмӕ даудта.
Дӕ удыхъӕдӕй мурмӕ фау нӕ хастой,
Хур дӕр ма йӕхи дӕ уындмӕ тавта.

Кӕй нӕ рӕвдыдтай райсомы ныфсытӕй,
Де ‘взаг дӕр мӕрдтӕмфыд уыд кӕмдӕр.
Куы дӕ рацахста чызджыты фыдсылдӕр,
‘Рцыд сахсӕн баст дӕ базыртыл хъӕбӕр.

Ныр мӕнӕ гъе фӕдӕрдджын дӕ, мӕ хӕлар,
Дӕ сау бецыккыл урс халас æрбадт.
Лӕдзӕгӕнцой рахӕссыс дӕ хӕлур,
Дӕ ʻнӕфӕныкӕй хъал ахаст ʻртад.

 

НОЙ

Фыццаг къласмӕ бацӕуин фӕстӕмӕ,
М’ ахуыргӕнӕг Ной куы уаид, уӕд.
Сахуыр кӕнин иучысыл рӕстӕгмӕ,
Сырдты ‘взаг дӕр, бамбарид мӕ хъӕд.

Сау хъаймӕты цардмӕ дуг куы хӕсса,
Тугдзых сырдау куы уадза зӕххыл фӕд.
Фидӕнӕй нӕм сӕрсӕфӕн куы кӕса,
Хурӕнгӕс цард а зӕххыл к’уа сӕфт,

Рамбырд кӕнин адӕмы уӕд наумӕ,
Се ‘ппӕтыл фӕлварӕнтӕ кӕнин.
Цӕрӕгойтӕн бакӕсин сӕ уагмӕ,
Уыдон дӕр ӕрмахуыртӕй фӕрсин.

Равзарин сыгъдӕг удтӕ – зӕдӕнгӕс,
Сабитӕн фыццаджы рад дӕттин.
Иу къори та райрӕзид зӕххӕнгӕс,
Зондӕй сӕ кӕрӕдзийыл бӕттин.

Ной, мӕ хур, дывыдонӕй фӕлыгъдис,
Уымӕн уыди доны нау йӕ фаг.
Фӕлӕ абон а зӕххыл цы фыд ис,
Уымӕн цавӕр нау уыдзӕн аккаг?!

 

ФӔСИВӔДЫ КАФТ

Нырттывта арв-къӕс –
Нызгъӕлдта къӕвда,
Мӕнӕн мӕ колгӕ мемӕ нӕй.
Ныххуылыдз хӕрв дӕр –
Гӕдыйау уӕртӕ,
Мӕ фӕндаг гакъон уыд сӕрӕй.
Мӕ цыллӕ дарӕс –
Ӕндӕгъд мӕ уӕлӕ.
Мӕнмӕ ма чи кӕсдзӕни ам.
Мӕ уындмӕ бакӕс –
Цыма дӕн мӕнӕ
Ӕргъӕвст цъиу къалиуы дӕларм.
Гуыпсимд ысцырын –
Фӕнды мӕ кафын,
Мӕ уӕнгтӕй ныфс нӕ ‘вӕрын ӕз.
Цы диссаг уынын:
Куы загътон, гъа ныр
Цӕуон, нӕй ам хуыздӕр фӕрӕз,
Уӕд уадау, зилгӕ,
Цӕхӕрцӕст сиргӕ,
Сӕрӕй ӕркуывта мын ныллӕг.
Мӕ цӕнгтӕ сисгӕ,
Уӕздан симд симгӕ,
Мӕхи уӕд айстон ӕз цӕрдӕг.
Мӕ цыллӕ дарӕс
Ныссур и, бакӕс
Мӕ уӕнгты зилдухы зылдӕй.
Мӕ хонӕг-цӕргӕс,
Йӕ райгонд ӕнгас
Ӕрзилы мæнырдӕм нымдӕй.
Нӕ фидыц кафтмӕ
Ӕркасти дзыллӕ
Йӕ «бис»-ӕй нал лӕууыди зал.
Ӕхсызгон худгӕ
Мӕ разы – иннӕ
Ысхауд йӕ ерыс кафты хал.

 

ХЪЕВСЕЛТ

Ӕз мӕ хурӕнгӕс къуылдымӕй
Ирмӕ зарынмӕ хуынд дӕн.
Ӕмӕ фарны ком – Къуыдарӕй –
Рухсдӕр фидӕнмӕ цыдтӕн.

Хъевселт цъӕх фӕзтӕй фидыдта.
Хъуыст йӕ фурддоны хъӕлӕс.
Арсӕн лӕнчыты лӕгӕттӕ,
ʻМбӕрзы арвы къуырф цӕргӕс.

Хуры фӕдджитыл ӕврӕгътӕ
Мады сабитау хӕцынц.
Ӕмӕ урснымӕт къӕдзӕхтӕй
Хъал ӕхсӕрдзӕнтӕ тӕхынц.

Ам цъӕх лӕздарӕнтыл хизынц
Бӕхтӕ денджызы ‘фсургътау.
Зарӕг уадындзтӕгтыл сисынц
Ам Ацӕмӕзы ‘нгуылдзтау.

Хъевселты ӕртӕ цъӕх суарӕй,
Адӕм ʻвдадзы хос хӕссынц.
Ӕмӕ Морӕхы дзуарӕй
Ард Хуыцауы раз хӕрынц.

Ам мӕ рагфыды гӕнахӕн
Сты йӕ рухс къуымтӕ ызгъӕлд.
Ӕтт, куы ма уаид ыздахӕн
Махӕн ивгъуыд дуджы гъӕд.

Ӕз куыд мысын дӕу, нӕ къуылдым,
Хъевселт баззади дзӕгъӕл.
‘Мӕ уынгӕг комы цъӕл гуыдыр
Рӕстӕгмӕ нал кӕны дӕгъӕл…

 

ДЗӔГЪӔЛ КОМ

Нӕ комы нал и ныр цӕрӕг,
Хуыздӕр ран цардагур зылдысты.
Фӕлӕ сӕ рухс бӕллиц фӕмӕнг,
Кӕмдӕр фыййау-æххуырст цыдысты.

Сӕ фадат хохбӕсты – дӕрзӕг,
Ӕмӕ быдыр бӕстӕм лыгъдысты.
Нӕдӕр дӕсныйадӕй ӕххӕст,
Ӕмӕ фысымуатыл тыхстысты.

Тыхстӕй кӕрӕдзимӕ быцӕу
Лӕууыдысты ӕрвад ӕрвадӕн .
Уӕддӕр сӕ фыдӕбон, бецау,
Нӕ зынд йӕ сау хъуыры сӕ цардӕн.

Ныззӕронд курӕггаг хӕдон,
Уӕддӕр сӕ ныфс ӕппын нӕ састи.
Тырныдтой рухс цардмӕ бӕстон,
Хӕххон зын уавӕртӕй кӕд тарсти.

Тынуӕфтау сзынд сӕ куысты бын,
Фӕзынд сыл царддӕттӕг цъӕх уалдзӕг.
Цӕудзысты ныр, хӕсдзысты хуын ,
Дзӕгъӕл ком нал уыдзӕн ӕдзӕрӕг.