БАСИТЫ Зæлинæ

КУЫВД

Нæ вæййы цард æдзухæй дæр æнæмæт,
Нæу алкæмæ дæр хорзæхтæй рæдау.
Дæ къухты ис, дæ бæрны ис нæ хъысмæт –
Фæдзæхсын дыл мæ кæстæры, Хуыцау!

Йæ цардвæндагыл бирæтыл æмбæлдзæн,
Кæйдæр зæрдæ дзы разындзæни сау,
Кæмæдæр дзы æфсармдзинад нæ уыдзæн, –
Сæ фыдæхæй йæ баиргъæв, Хуыцау!

Фылдæртæ сты кæрæфдзинадæй ‘нгæстæ,
Кæнынц фылдæртæ хорздзинад æфстау.
æмрæнхъ сæ фарсмæ ма ‘рлæууæд мæ кæстæр,
Зæрдæхудтæй йæ бахъахъхъæн, Хуыцау!

Куы нал æм уа тыхст заманы фæкæсæг,
Йæ хъысмæт дæр куы разына уæззау,
Йæ зæрдæмæ куы ныххиза æрхæндæг, –
æнæ ныфсæй йæ ма ныууадз, Хуыцау!

æвиппайды куы асæттой йæ тыхтæ,
Куы фæдзæгъæл уа а зæххыл куырмау,
Мыййаг куы слæууа ’ппæт дуне йæ ныхмæ, –
Мæ кæстæрæй-иу ма аздæх, Хуыцау!

Зындзинæдтæй куы фемæхса йæ цæссыг,
Куы сæвæра æппæт зæхбæстыл фау,
Куы дыл фæуа æнæзондæй дызæрдыг, –
Ныббар-иу уæд, мæ кæстæрæн, Хуыцау…